ИРОН ÆВЗАГ

 

 

САМОУЧИТЕЛЬ ОСЕТИНСКОГО ЯЗЫКА

Содержание

ЧАСТЬ I

1 2 3 4 5
6 7 8 9 10
11 12 13 14
15 16 17 18
19 20 21 22
23 24 25

ЧАСТЬ II

26 27 28 29
30 31 32 33
34 35 36 37
38 39 40 41
42

 

 

 

* К содержанию * Тексты для перевода на осетинский язык *


Т
ексты для перевода на русский язык

I. Радзырдæй скъуыддзаг

Фæци ахуыры аз. Хазби æмæ йе ‘мбæлттæ фылдæр тынг хорз нысæнттимæ каст фесты цыппæрæм кълас, æмæ сæ сæргъæвтой фæндзæммæ. Стæй цалдæр боны фæстæ та ногдзауты лагерьмæ ацыдысты. Уыдон æнæхъæн мæйы дæргъы уым сæ фæллад уагътой, хъæлдзæгæй æрвыстой сæ рæстæг, арæх цыдысты хъæдмæ, æмбырд кодтой алыхуызон зайæгойтæ æмæ халсартæ, хъазыдысты пуртийæ, цæугæдоны сæхи надтой, куы та-иу кæсæгтæ ахстой.

Бекъойты Елиоз 

 

II. Радзырдæй скъуыддзаг

Трофимæн йæ бæгънæг буар дыз-дыз æмæ фестъæлф-фестъæлф кодта, афтæмæй Мишкæйæн загъта:

Баргъæфстæ, мыййаг?

Ды та?

Æз иу чысыл суазал дæн.

Æз дæр уæдæ афтæ.

Хæрын мæм цæуы! – загъта та Трофим.

Мæнæн дæр стонджы у, – басасти Мишкæ.

Дæхиуыл хæцын фæразыс?

Уæд ды та?

Æз дыгай бонтæ фæрæзтон.

Нæ йæ фæндыд йе ‘мбалы цæсты йæхи бафтауын, уымæй цæмæй фыддæр дæн, зæгъгæ, æмæ, йæхиуыл йæ зæрдæ даргæйæ, йæ сæр ныфсджын тылд бакодта.

Неверов

 

III. Хæрæг

Хæххон лæгæн йæ хæрæг былæй ахауди, æмæ йын сыхбæстæ арфæтæ кодтой:

– Хуыцау та дын хуыздæр фостæ раттæд.

Уæд хæрæджы хицау дзуры:

– Нæ зонын, æз цы Хуыцау зонын, уый мын æнæ фынддæс сомы хæрæг радта.

Ирон хъæлдзæг ныхæстæй

 

IV. Авд хойы

Æмбырдтæ[1] цы стъалыты гуппар хонынц, уыдон кæддæр уыдысты авд хойы. Уыдонæй чи хуыздæр у, уый зæххыл ничи зыдта. Иу хатт куы уыди, уæд усгуртæ сфæнд кодтой чызджыты бафæлварын. Се ‘ппæтæн дæр радтой æмхуызон куыст æмæ сын загътой: «Йæ куыст уæ раздæр чи фæуа, уый уыдзæн уæ хуыздæр».

Чызджытæ бавнæлдтой, кæрдгæ-хуыйгæ кæнынц æмæ æхсæвæрафон уыцы иу сахат фесты сæ куыст.

Афтæмæй куы нæ сбæрæг сæ хуыздæр, уæд сæ фæрсынц:

– Уæдæ цы хуызы ис, хуыздæр уæ чи у, уымæн равзарæн?

Уыдон загътой:

– Иунæг Хуыцау зоны, хуыздæр æмæ нæ æвзæрдæр чи у, уый. Фæлæ авдæй æмсæр кæй стæм, уый тыххæй нæ цæрæнуат уæд арвыл, нæ фæлгонц нын адæм уынæнт æмæ нæ рох ма кæнæнт. Ноджы Хуыцауы уый бафæндæд, цæмæй немæ уой нæ сынтæджытæ.

Хуыцау сын сæ фæндон сæххæст кодта æмæ сын арвыл бынат радта.

Адæмон сфæлдыстадæй

 

V. Халон æмæ дзæгъындзæг[2]

Иу хъулон-мулон[3] дзæгъындзæг къалиуæй къалиумæ гæпп-гæпп кодта æмæ уыцы æнæрынцайгæйæ йæ къæр-къæр цыд. Халон та бадти чысыл дарддæр æмæ йæм æнцад хъуыста.

«Куыд ницы дзурыс, мæ лымæн саудзых[4], – загъта дзæгъындзæг, – æви дæ нæ уырнынц мæ ныхæстæ?»

«Тынг хорз мæ нæ уырнынц, мæнг дын ма зæгъон. Афтæ бирæ чи дзуры, уый, æвæццæгæн, мæнг ныхæстæ дæр фæкæны».

Адæмон сфæлдыстадæй

 

VI. Сæтти æмæ Бæтти

Сæтти æмæ Бæтти дыууæ сыхаджы уыдысты. Сæтти – магусайæ цæлуарзаг, Бæтти та – уæззау куыстæй дзæгъæлгуыстгæнаг.

Сæттийæн уыди сахъари[5] хæдзар, Бæттийæн та – кауын хæдзар. Сæттийæн йæ исбон – иу зæронд куыдз, Бæттийæн та – иу уасаг гæды. Сæтти – даргъ лæг, Бæтти – цыбыр лæг. Сæттийæн – стыр сырх зачъетæ, Бæттийæн – чысыл бур зачъетæ. Сæттийыл – урс дæлæсин[6] цухъхъа, Бæттийыл – бур уæлæсин цухъхъа. Сæттийыл – къогъодзитæ[7], Бæттийыл – æрчъитæ. Сæ райгуырынæй сæ амæлынмæ хицæн нæ кодтой, афтæмæй та иумæ æнцад цæрын нæ зыдтой. Сæтти Бæттийыл худти, Бæтти та – Сæттийыл. Иу иннæмæй адæмæн æмбисæндтæ хаста.

Адæмон сфæлдыстадæй

 

VII. Базон-базон[8]

Ахуыргæнæг бафарста сывæллæтты:

– Бæласыл бады дæс цъиуы. Чидæр сæ фехста дурæхсæнæй, æмæ сæ иу æрхауд, цал цъиуы ма баззад бæласыл?

– Фараст, – загъта сæ иу.

– Аст, – дзуапп радта дыккаг.

– Авд, – дзуапп радта æртыккаг.

– Ахъуыды кæнут дзæбæх, – ногæй сæм сдзырдта ахуыргæнæг.

Уæд Зæринæ афтæ: «Бæласыл дзы иу дæр нал баззад. Атахтысты се ‘ппæт дæр».

Цхуырбаты У.

 

VIII. Хæдзарон куыст

Зинæ стъолмæ ныггуыбыр кодта æмæ цыдæртæ фыста. Йæ мад Фаризæт æм фæцæйцыд. Чызг æй куы ауыдта, уæд йæ фыссинаг чингуыты бын атъыста.

Мад æй бафиппайдта æмæ дис байдыдта: «Ау, цы хабар у? Цы мæ сусæг кæны?» æввахсдæр æм йæхи байста æмæ йæ фæрсы:

– Цæмæн амбæхстай дæ тетрад? Цы дзы фыстай? æри-ма, фенон æй!

Зинæ фæсырх. æвæндонæй йæм радта йæ тетрад. Фаризæт кæсы Зинæйы хæдзарон куыст – «Куыд æххуыс кæнын мæ мадæн».

Мад тетрады сыф куы рафæлдæхта, уæд Зинæйæн фыр æфсæрмæй йæ цæссыгтæ æрызгъæлыдысты.

– Цæуыл кæуыс? – загъта йын йæ ныййарæг. – Фæлтау фысгæ куыд кæныс, афтæ мын æххуыс дæр кæн.

Джиоты Катя

 

IX. Сидтытæ ирон фынджы уæлхъус

Стыр Хуыцауы тыххæй

Дунедарæг кадджын Стыр Хуыцау, дæ хорзæх æмæ нæ дæ арфæ уæд. Де ‘сфæлдыст адæм стæм, æмæ нын дæ хорздзинадæй хай бакæн! Дæ хорзæх æмæ нæ дæ арфæ уæд! æнæнизæй, уарзонæй, æнæмастæй куыд цæрæм, ахæм амонд нæ уæд!

Уастырджийы тыххæй

Уастырджи! Байраг – бæхгæнæг, лæппу – лæггæнæг, фæндаггоны фарсцæуæг дæ; нæ бæлццæттæ – де ‘уазæг, бынæттонтæ – Хуыцауы уазæг, афтæмæй амондджын хъуыддæгты лæуд куыд уæм, ахæм амонд нын ратт.

Бынаты хицауы[9] тыххæй

Бынаты хицауы хорзæх нæ уæд, бынаты цы рæсугъд хъуыддæгтæ цæуы, уыдон амондджын фæуæнт, бинонтæ дзы цардæй бафсæдæнт, сæ хъуыддæгтæ рæстмæ цæуæнт кæддæриддæр!

Бæркады тыххæй

Бæркад амонд Хуыцау раттæд, хæдзары чысыл бакуысты бирæ бæркад, бирæ амонд куыд уа, ахæм арфæтæ-ма Мыкалгабыртæ, Хоры-Уацилла æмæ Фосы Фæлвæра ракæнæнт.

Къæсæрты тыххæй

Хæдзары къæсæртыл амондджын уазджытæ фæхизæнт, бинонтæй балцы чи цæуа, уый амондджын къæсæрыл ахизæд, хорз фæндæгтыл фæцæуæд æмæ дзагармæй, æнæнизæй йæ хæдзарыл сæмбæлæд!

 

X. Куывдтытæ

Чындзхасты куывд

Уæ, Хуыцау, табу дæуæн! – Оммен!

Хуыцау, дæ рафæлдисгæ адæмæн хорздзинæдтæ дæ цæст бауарзæд!

Уæ, кадджын дуне рафæлдисæг Хуыцау, абон цы дыууæ мыггаджы æмæ дыууæ кæстæры циндзинадыл кувæм, уый рæстмæ фæкæн! Кæрæдзи уарзгæйæ куыд фæцæрой, сæ хæстæгдзинад мыггагæй мыггагмæ фидар æмæ уарзон куыд уа, дыууæ кæстæры уарзонæй куыд фæцæрой æмæ дыууæ мыггаджы кæрæдзиуыл куыд бæттой! – Оммен! Хуыцау зæгъæд!

Чызгæрвысты куывд

Уæ, Хуыцау, табу дæуæн! – Оммен, Хуыцау!

Дæ рафæлдыст адæмæн хорздзинæдтæ дæ цæст бауарзæд! – Оммен!

Уæ, кадджын, дуне рафæлдисæг Хуыцау, абон цы дыууæ мыггаджы æмæ дыууæ кæстæры циндзинадыл кувæм, уый рæстмæ фæкæн!

Хъæцмæзтæ æмæ Мæргъитæн сæ хæстæгдзинад мыггагæй мыггагмæ фидар æмæ уарзон куыд уа, дыууæ кæстæры сæ фидар зонд æмæ фæллойæ адæмæн уарзон куыд уой! – Оммен!

Уастырджи, дæумæ дæр кувæм, табу дæхицæн! Байраджы – бæхгæнæг, лæппуйы – лæггæнæг, Уастырджи, ацы дыууæ æрыгон къайы рæствæндаг фæкæн! – Оммен!

Фарн ам ныууадзæнт! – Оммен!

Фарн йемæ куыд ахæсса, цы къæсæртыл бахиза, уыцы къæсæртыл амондджын къах бавæрæд!

– Оммен! Хуыцау зæгъæд!

Мамсыраты Ф.Х.
Дзуццаты Х.В.

 

XI. Нарты Сослан

Нарты адæммæ Сосланæй æхсарджындæр æмæ тыхджындæр нæ уыдис. Йе ‘хсардзинады кой айхъуыстис дард рæттæм.

Стыр куывд скодтой Сосланы кадæн нарты адæм. Сæ куывдмæ хуынд уыдысты уæларвон зæдтæ æмæ дауджытæ[10] дæр. Фæндагсар сызгъæрин базырджын Уастырджи, уæларвон Куырдалæгон[11], фосы Фæлвæра[12], Тутыр[13], Æфсати[14], Уацилла[15], рухс Реком æмæ сыгъдæг Мыкалгабыртæ[16], уæларвон Сафа[17] æмæ Галæгон[18], стæй дæтты бардуаг - Донбеттыр[19].

Куывды адæм бирæ сидтытæ фæкодтой, цæмæй сын Сосланы цæрæнбон бирæ уа, цæмæй ноджы æхсар-джындæр, ноджы тыхджындæр, ноджы хъаруджындæр уа, цæмæй нæртон лæджы ном хуыздæрæй-хуыздæр хæссын фæраза!

Зæдтæ æмæ дауджытæ дæр ын бирæ арфæтæ фæкодтой, стæй йын алчидæр исты балæвар кодта. Уастырджи Сосланæн балæвар кодта йæ номдзыд æфсургъ, Куырдалæгон та йын – йæ фæринк кард, Фæлвæра та йæ бирæ фосæй бахай кодта нартæн, æфсати та – хъæддаг сырдтæй. Хоры Уацилла, рухс Реком æмæ сыгъдæг Мыкалгабыртæ балæвар кодтой нартæн хоры гагатæ.

Нарты кадджытæй

 

XII.Æхсар æмæ Æхсæртæг

Нартæн сæ сæр æппæты фыццаг Борæтæ уыдысты. Борæтæй уыди æппæты фыццаг Æхсар æмæ Æхсæртæг. Борæтæм уыдис фæткъуы бæлас, æмæ йæм æхсæв æртæ бæ-лоны хъуызыдысты æмæ йæ хастой.

Фæткъуы бæлас хъахъхъæнын æрхауд Æхсар æмæ Æхсæртæгмæ. æмбисæхсæвмæ йæ хъахъхъæдта Æхсар, стæй Æхсæртæг хъахъхъæнын байдыдта. Бонырдæм бæ-лæттæ æрбатахтысты. Афтæмæй сæ фехста Æхсæртæг. Бæ-лæттæ атахтысты. Уалынмæ бон дæр сси. Æхсæртæг æр-каст, æмæ дзы иуæн йæ базыры æрдæг æрхауди. Систа йæ æмæ йæ йæ дзыппы сæвæрдта æмæ йе ‘фсымæрæн загъта:

– Цæй, æз цæуын йæ фæдыл. Афæдзы бонмæ мæм кæс, стæй, куы нæ зынон, уæд мæ-иу агур.

Араст. Бæлоны тугвæдыл цæуын байдыдта. Фæд доны был фесæфт. æхсæртæг дæр доны смидæг æмæ иу хæ-дзармæ бафтыди. Ус æмæ дзы дыууæ чызджы бады, къуы-мæй та хъæрзын цæуы. Уый хъæрзыд, Æхсæртæг цы бæло-ны фæцæф кодта, уый хуызы цы чызг уыди, уый. Йе сдзæ-бæх уæвын йæ базыр æмæ йæ тугтæй куы байсæрстаид, æрмæст уæд уыди. Æхсæртæг афтæ бакодта. Чызг адзæ-бæх. Чызджы ном хуынди Дзерассæ, æмæ йæ усæн радтой Æхсæртæгæн. Рæстæг уым фæцардысты, стæй йæ усимæ схызти донæй æмæ æрдузы сагдзæрмттæй халагъуд скодта, Дзерассæйы уым ныууагъта, йæхæдæг та цуаны ацыд.

Уалынмæ афæдз дæр æрцыд. æмæ йæ йе ‘фсымæр агурын байдыдта. Æхсар æрæфтыд уыцы æрдузмæ æмæ халагъудмæ бацыд. Дзерассæ йæ йæ лæг фенхъæлдта, афтæ æмхуызон уыдысты, æмæ йыл ныццин. Æхсар æм ницы сдзырдта. Дзерассæ фæтæргай æмæ æддæмæ рацыд. Тæргайхуызæй йæ куы ‘рбаййæфта Æхсæртæг, уæд афтæ æнхъæл уыд, æмæ йын йæ усы Æхсар бафхæрдта, æмæ йæ амардта. Хъуыддаг куы базыдта, уæд йæхи дæр амардта.


[1] Æмбырдтæ – Плеяды (созвездие).

[2] дзæгъындзæг – сорока.

[3] хъулон-мулон – пёстрый.

[4] саудзых – черноротый (прозвище вороны).

[5] сахъари – плетень с вертикально стоящими прутьями.

[6] дæлæсин – с пониженной талией; уæлæсин – с повышенной талией.

[7] къогъодзитæ – лапти (из воловьей кожи); æрчъитæ – из сыромятной кожи.

[8] Базон-базон – загадка.

[9] Бынаты хицау – ангел-хранитель дома, домовой.

[10] зæдтæ æмæ дауджытæ – ангелы и архангелы.

[11] Куырдалæгон – небесный кузнец.

[12] Фæлвæра – покровитель мелкого домашнего скота.

[13] Тутыр – покровитель крупного домашнего скота и волков.

[14] Æфсати – покровитель зверей.

[15] Уацилла – покровитель урожая, грома и молний.

[16] Мыкалгабыртæ – покровители изобилия.

[17] Сафа – покровитель домашнего очага.

[18] Галæгон – повелитель ветров.

[19] Донбеттыр – владыка водного царства.

 

      
 

* К содержанию * Тексты для перевода на осетинский язык *