ИРОН ÆВЗАГ |
|
|||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
САМОУЧИТЕЛЬ ОСЕТИНСКОГО ЯЗЫКА |
||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
ЧАСТЬ I 1
2
3 4
5 ЧАСТЬ II 26
27
28
29
|
* Предыдущий урок * К содержанию * Следующий урок * Урок 41Фразеологизмы
1. Переведите предложения с фразеологизмами на осетинский язык. 1) Дайте мне честное слово, что всё это останется между нами (А.Пушкин). 2) Будь поосторожнее с этим господином. Держи язык за зубами (А.Чехов). 3) Держи язык за зубами! Тишину, молчание соблюдай! (А.Авдеенко). 4) Более двух лет прожили в одной комнате и жили, что называется, душа в душу (С.Бабаевский). 5) Гусары! Возьмите его! Да сказать нашему лекарю, чтобы он перевязал ему рану и берёг его как зеницу ока (А.Пушкин). 2. Переведите предложения с фразеологизмами на русский язык. 1) Райсом, бауырнæд дæ, аст сахатыл ам уыдзынæн æнæмæнг. 2) Бамбæрстон мæ рæдыд, æмæ дæ бауырнæд, никуыуал бакæндзынæн афтæ! 3) æцæг зæгъын, афтæ уыди! Бауырнæд дæ, мæхи цæстытæй йæ федтон. 4) Знон кæсаг ахстон, æмæ дæ бауырнæд, цыппар килæйы чи ласта, ахæм кæсаг æрцахстон. 3. Переведите предложения на русский язык. Определите, где словосочетание дзыхыл хæцын является фразеологизмом, а где нет. 1) Дæ дзыхыл хæц, æмæ дзидза хæрай! 2) Йæ худын нал урæдта æмæ йæ къухæй йæ дзыхыл ныххæцыд. 3) Ра-джы худгæйæ дæндæгтæ æвдисын худинаг уыд, уымæ гæс-гæ та-иу сæ дзыхыл ныххæцыдысты сæ къухæй. 4) Бирæ дзураг æххормагæй баззайы, дзыхыл хæцаг та йæхи бафсады. 5) Кæм цы дзурын хъæуы, уый куы нæ зонай æмæ дæ дзыхыл куы нæ хæцай, уæд де ‘знæгтæ сбирæ уыдзысты. 4. Текст НЫХАС Ирыстоны алы хъæуы дæр уыди ныхас. Ныхас арæхдæр арæзтой хъæуы астæу. Хатгай цалдæр хъæуæн дæр уыди иумæйаг ныхас. Иумæйаг ныхас арæзтой кæнæ искæцы хъæумæ æввахс, кæнæ хъæуæй дæрддзæфгомау зынгæ бынаты. Ныхасмæ-иу æдзухдæр рамбырд сты нæлгоймæгтæ. Бадыны бар уыди æрмæст хистæртæн. Кæстæр фæсивæд та хъуыстой лæугæйæ. Уыдонæн, цалынмæ сын хистæр бар радтаид, уæдмæ дзурын сæ бон нæ уыди. Ныхас ирон адæмæн уыди сæ фæлладуадзæн бынат. Уым-иу æппынæдзух сарæзтой алыхуызон хъæзтытæ, уым-иу хъуыстой таурæгъгæнджыты цымыдиссаг нарты кад-джытæ, аргъæуттæ æмæ фыдæлты таурæгътæ. æхсæнадон фарстатæ дæр-иу уым цыдысты æвзæрст.
Ныхасы цы уынаффæ рахастой, уымæн æнæ сæххæст кæнгæ нæ уыди.
Чи-иу не сæххæст кодта ныхасы уынаф-фæ, уый та кæнæ фæивар
кодтой, кæнæ йыл хъоды бакод-той. Ирыстоны зындгонддæр ныхастæ
сты Мадизæн (Дагомы хъæуы), Поты фæз, Зилахар (Нары хъæуы),
Мæцутæ (Дыгургомы), Мадзаскæ (Стыр-Дыгуры хъæуы). Пояснения к тексту
Работа над текстом а) Прочитайте текст внимательно. б) Выделите незнакомые вам слова и переведите их на русский язык. в) Разбейте текст на несколько частей и расскажите своими словами каждую из них в отдельности. г) Дайте полные ответы на вопросы:
-
Ирыстоны алы хъæуы дæр цы уыди? 5. Текстмæ гæсгæ ратæлмац кæнут лæвæрд хъуыды-йæдтæ ирон æвзагмæ. 1) На нихас, как правило, собирались мужчины. 2) В каждом селе имелся свой нихас. 3) Решения, которые выносились на нихасе, нельзя было не выполнить. 4) Молодёжь не имела право без разрешения старших принимать участие в беседе. 5) Там постоянно устраивали различные игры, слушали удивительные повествования сказителей о нартах, сказках и легендах предков. 6. Переведите предложения на русский язык. Обратите внимание на употребление слова ныхас. 1) Нæлгоймагыл козбау ныхас нæ фидауы. 2) Дæ бар-джын ныхас ма зæгъ. 3) Нæ ныхас нæма фестæм. 4) Ныхас цæуы, æмæ, дам, дæ институтæй ацух кодтой? Запомните значения слова ныхас речь (козбау ныхас льстивая речь); слово (барджын ныхас веское слово); разговор, беседа (ныхас кæнын разговаривать, вести беседу); молва (ныхас цæуы идет молва).
ЛЕКСИЧЕСКАЯ РАБОТА Многозначные слова Как переводить слово «ласын» на русский язык: а. как возить, перевозить, свозить, увозить, отвозить; транспортировать;
-
Машинæйæ сугтæ ласын возить на машине дрова. б. как тащить; тянуть, волочить;
-
Валерик йæ фæстæ цыдæр уæззау тыхтона ласта Валерик
тащил за собой какой-то тяжёлый свёрток. в. как снимать; - Дæ пъалто ралас æмæ йæ рагъæныл æрцауындз сними своё пальто и повесь его на вешалку. г. как весить; - Ацы харбыз цал килæйы ласы? сколько весит этот арбуз? д. как уносить (водой);
-
Терчы дон йемæ хохæй быдырмæ ласы тыгуылдуртæ река
Терек выносит с собой из гор на равнину булыжники; е. как извлекать, вытаскивать; - Фæйнæгæй зæгæл сласын мæ бон нæ уыди я не мог извлечь (вытащить) из доски гвоздь.
7. Лæвæрд хъуыдыйæдтæ ратæлмац кæнут уырыссаг æвзагмæ. 1) Дуканимæ дзул нæма ‘рбаластой. 2) Райсом нæ пианино цалцæг кæнынмæ ласын. 3) Хæдзармæ куы ‘рбацæуай, уæд-иу дæ къахыдарæс ралас! 4) Терчы доны не ‘мбæлы найын: цыфæнды найæджы дæр аласдзæн. 5) Мæ къухы сындз нынныхст, æмæ йæ тыхамæлттæй сластон. 8. Лæвæрд хъуыдыйæдтæ ратæлмац кæнут ирон æв-загмæ. 1) Когда привезут хлеб в магазин? 2) Ты не можешь вытащить этот гвоздь? 3) Сколько килограммов весит вот этот арбуз? 4) Чёрная речка такая маленькая, что не унесёт даже ребёнка. 5) Что ты меня тянешь за собой? 6) Не волочи портфель по земле! 7) Увези его отсюда! 9. Переведите предложения на русский язык. Обратите внимание на словообразование от глагола ласын. 1) Рувас кæркдонæй кæрчытæ ласаг у. 2) Дур лас-джытæ тынг бафæлладысты. 3) Йæхи пъалто ласæг скодта. 4) Ласæггаг дын цæйбæрц авæрон? 5) Васо кусы адæм ла-сæн машинæйыл. 6) Гæды сгæпп ласта бæласмæ. 7) Æваст йе ‘мбалы уæхск ныххафт ласта æмæ алыгъд. Запомните значения слов
ПОЧИТАНИЕ СТАРШЕГО О степени воспитанности человека в осетинском обществе принято было судить прежде всего по его отношению к старшим; воспитанный человек относился к ним с большим уважением и предупредительностью. При этом высокое уважение к старшему выражалось независимо от его социального положения, национальной принадлежности. Встречаясь со старшим, младший обязательно должен был поздороваться с ним первым. Всякий уважающий себя осетин считал себя обязанным встать при появлении старшего, независимо от того, знает он его или нет. В присутствии старшего младшие должны были слушать его молча, не следовало начинать разговор раньше него, вставлять своё слово в разговор старших, прерывать речь старшего. Когда младший идёт со старшим, он непременно должен был держаться с левой стороны. Пояснения к тексту
11. Тест №13 Из двух вариантов выберите наиболее правильный перевод: 1. Встречаясь со старшим, младший обязательно должен был поздороваться с ним первым.
а)
Фембæлгæйæ хистæримæ, кæстæр æнæмæнг хъуамæ салам радтаид йемæ
фыццаг. 2. В присутствии старшего младшие должны были слушать его молча, не следовало начинать разговор раньше него, вставлять своё слово в разговор старших, прерывать речь старшего.
а)
Хистæрмæ кæстæртæ хъуамæ хъуыстаиккой æнæ дзур-гæйæ, не ‘мбæлыди
уый разæй райдайын дзурын, дзырд баппарын хистæрты ныхасмæ,
хистæры ныхасы рæзты цæуын. 3. При этом высокое уважение к старшему выражалось независимо от его социального положения, национальной принадлежности.
а)
Уыимæ хистæрæн стыр цыт кæнын æмбæлыди йæ социалон уавæр æмæ
национ ахаст нæ хынцгæйæ. К данному тесту имеется ключ. Упражнения 12. Лæвæрд хъуыдыйæдтæ ратæлмац кæнут уырыссаг æвзагмæ текстæй пайда кæнгæйæ. 1) Хистæрмæ цы ахаст дардта кæстæр, уымæй-иу рабæрæг, цы æгъдау æм уыд, уый дæр. 2) Йæхицæн аргъ кæнын цы кæстæр зыдта, уый йæ хæсыл нымадта, хистæр куы ‘рбацыдаид, уæд уымæн фестын, зонгæ куы нæ уыдаид, уæд дæр. 3) Æгъдауджын лæг хистæрмæ цытлæвæрд æмæ лæггадæргом ахаст дардта. 4) Кæстæр хистæримæ куы цæуа, уæд хъуамæ йæ галиу фарс лæууа. 13. Прочитайте и переведите пословицы. Постарайтесь запомнить их. 1) Хистæрæн – хистæры ран, кæстæрæн – кæстæры ран. 2) Хистæр дзуры, кæстæр хъусы. 3) Хистæр – зонд-амонæг, кæстæр – æгъдаухæссæг. 4) Хистæрмæ цы кæстæр нæ хъусы, уый йæхицæн фыдбылыз у. 5) Кæстæры лæггад – хистæрæн зæрдæрухс. 14. Переведите предложения. Обратите внимание на перевод слова уважать на осетинский язык. 1) Уважать старшего – уважать свою старость. 2) Не будешь сегодня уважать старшего, завтра тебе самому твои младшие окажут ещё меньшее уважение. 3) Оказывать уважение другому – оказывать уважение самому себе. 4) Чтобы уважали твоё мнение, необходимо прежде всего уважать мнение других.
цыт кæнын, цыт дæттын, аргъ кæнын, кад кæнын
Беседы 15. Перед Вами несколько вариантов бесед из повседневной жизни. Постарайтесь перевести их и запомнить. I. Урочы. На уроке.
II. Фæсуроктæ. После уроков.
–
Урок ма нæм ис? Самодиктант Цытлæвæрд æмæ лæггадæргом; хæрзæгъдаудзинады бæрц; æгъдауджын; хæрзæгъдау; хæдæгъдау; салам раттын.
|
|||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||