Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Владикавказ, издательство «Ир», 2012 г. ISBN 978-5-7534-1282-9

Тексты печатаются по изданиям:
— Арсен Коцоев. Собрание сочинений в двух томах. Издательство «Ир», Орджоникидзе, 1971–1972.
— Арсен Бибоевич Коцоев. Избранные произведения (из серии «Сокровища осетинского художественного слова» на осетинском языке. Цхинвал, издательство «Иристон», 1984.

В книгу вошли наиболее значимые художественно-публицистические произведения классика осетинской литературы.

Коцойты Арсен

Уацмыстæ

СÆРГÆНДТÆ

Джыккайты Шамил. ИРОН АИВ ДЗЫРДЫ ЗÆРИНГУЫРД (Коцойты Арсены сфæлдыстадыл афæлгæст)

ПРОЗÆ

ЦУАНОНТÆ

ФЫНДДÆС АЗЫ

СÆУМÆРАЙСОМ

РÆДЫД

ÆНÆНОМ РАДЗЫРД

ХАНИФФÆ

ЦЫ УЫДЗÆН, ЦЫ?

ГИГОЙЫ КУАДЗÆН

ХÆЛÆРТТÆ

АФТÆ ДÆР ВÆЙЙЫ

ТОХЫ БОН

ФЫДБЫЛЫЗ

ЦАРДЫ ЗИЛДУХÆНЫ

ТАЗЫРÆТ

ЦЫППАР ÆМÆ ССÆДЗ БОНЫ

КУЫД МЫН АЛЫГЪДИС!

ХУС КЪÆБÆРТÆ

ЦÆУКЪА ÆМÆ ФЫРКЪА

ÆНХЪÆЛ НÆ УЫДЫСТЫ

ÆНÆХЪУС КАРУМ

ЦЫППАР ТУАЛЛАДЖЫ

ДАДОЛТЫ МÆТ

ХЪУСОЙ

ХАНИФФÆЙЫ МÆЛÆТ

ÆХЦАЙЫ ЧЫРЫН

САЛОМИ

ФЕМБÆЛДЫСТЫ

МЫРЗÆДЖЫ КАРЬЕРÆ

ДЕКРЕТ

БИМБОЛЫ КАРЬЕРÆ

ЦЫ ’РЦЫДИ ФÆЗЫХЪÆУЫ ÆМБИСÆХСÆВ

ДЫУУÆ ФЕМБÆЛДЫ

«ФЫДÆБОНЫ» ЧЫЗГ

ГАБО

СÆГЪ ÆМÆ ЧИНЫГ

ДЖАНАСПИ

КÆФХЪУЫНДАР

РАДЗЫРДТÆ СЫВÆЛЛÆТТÆН

ХЪÆДДЗАУ

ПИОНЕР ГАБО

ХÆЛÆГОЙ

ДАДА ÆМÆ ХЪÆБАТЫР БЫНДЗ

КУЫСЫФТÆГ ÆМÆ ДУРЫН

ТУЛДЗ ÆМÆ МÆЦКЪОР

ЛЕГЕНДÆТÆ

ФЫЦЦАГ ЛÆГ ÆМÆ УС

ХУР ÆМÆ МÆЙ

ПЬЕСÆТÆ

САУ МИГЪ

ФЫЦЦАГ НЫВ

ДЫККАГ НЫВ

ÆРТЫККАГ НЫВ

ЦЫППАРÆМ НЫВ

ГÆДЫЙЫ КЪАХ ЦЫБЫР У

ФЫЦЦАГ НЫВ

ДЫККАГ НЫВ

ГИГОЙЫ КУАДЗÆН

ФЫЦЦАГ НЫВ

ДЫККАГ НЫВ

ПОЭЗИ

МАДИНÆ

МÆЛÆТÆЙ ТЫХДЖЫНДÆР 182

ПУБЛИЦИСТИКÆ

<ДЫУУÆ ÆГЪДАУЫ>

НОДЖЫ МА ИРÆДЫ ТЫХХÆЙ

ХÆХХОН ПРОМЫШЛЕННОСТЫ ЗМÆЛД ИРЫСТОНЫ

<ЦЫ ЦÆУЫ, УЫЙ — ХУЫЗДÆРÆН>

<ХЪÆУУОН АФТЕКТЫ ФÆДЫЛ>

<НÆ ХЪÆУЫХИЦÆУТТÆ>

ФЫСТÆГ РЕДАКЦИМÆ

ИРОН ИНТЕЛЛИГЕНЦИЙЫ ХÆСТÆ

НÆ ФЫДБЫЛЫЗТЫ ФЫДДÆР

ХЪÆУУОН БАНЧЫТÆ

ХИЗАНТЫ ТЫХХÆЙ

<ИРОН ЧИНГУЫТÆ>

ЕЛБЫЗДЫХЪО БРЫТЪИАТЫ

КЪОСТАЙЫ ЦЫРТЫ ТЫХХÆЙ

ÆРГОМ ФЫСТÆГ ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ЦИК-мæ

БРЫТЬИАТЫ ЕЛБЫЗДЫХЪОЙЫ ТЫХХÆЙ

КЪОСТА

САУДЖЫН ÆМÆ МОЛЛО ИРОН ФОЛЬКЛОРЫ

ЧЫРЫСТИ ÆМÆ САУДЖЫН

РУВАС ÆМÆ УÆРЦЦ

САУДЖЫН ÆМÆ МОЛЛО

КОСА МОЛЛО

СЫВÆЛЛÆТТЫ ЛИТЕРАТУРÆЙЫ ТЫХХÆЙ

МÆ КУЫСТ «ПРАВДА»-йы

99 ÆВИ 100?

ДУБЛЬ ВЕ ÆМÆ ÆРТÆ ФИЛОЛОДЖЫ

ИРЫСТОНЫ НÆУÆГ ПАДДЗАХ

ЦОКЪЕ ÆМÆ ЙЕ ’МГÆРТТÆ

НИКЪО ÆМÆ МАРО

НОЙ

АРВИСТОН

<ХИСТХОР>

ЦЫ У ÆДЫЛЫДÆР?

<ТЕБО ÆМÆ ИРÆД>

ДЫУУÆ ДÆР ИУ НИЗÆЙ РЫНЧЫН

УС НАЛ КУРЫ

БИРÆГЪЫ ЦАРД ХУЫЗДÆР У

ДЫУУÆ АДВОКАТЫ

«СÆГУЫТ»

АВТОБИОГРАФИ

УÆЛÆМХАСÆН

ЦЫ ФÆЦИ АСÆХМÆТЫ ИРÆД

ГАЛИУ ХЪУЫДДАГ

ТУТЫР

ФИДИС

ХИН

АЦИН КОДТОЙ

ФИППАИНÆГТÆ

ФИППАИНÆГТЫ ЦЫБЫРГОНД НЫСÆНТТÆ

РАДЗЫРДТÆ

РАДЗЫРДТÆ СЫВÆЛЛÆТТÆН

ЛЕГЕНДÆТÆ

ПЬЕСÆТÆ

ПОЭЗИ

ПУБЛИЦИСТИКÆ

УÆЛÆМХАСÆН

РАДЗЫРДТÆ СЫВÆЛЛÆТТÆН

ХЪÆДДЗАУ

Астазыккон Черменæн йæ мады ’фсымæр ралæвар кодта хъазæн фæрæт. Чермен йæхицæй хъæддзау акодта, фæрæт йе уæхскыл авæрдта æмæ уæртæ фæцæуы. Бацыди дыргъты цæхæрадонмæ, лæппын фæткъуы бæлæстæй рæсугъддæр чи уыди, уый равзæрста æмæ йæ лыг кæныныл ныллæууыди. Акуыста Чермен дæс минуты бæрц, æмæ бæлас афæлдæхти. Уыйфæстæ та лæппу фæрæт йе уæхскыл авæрдта. Кæс, æмæ æцæг хъæддзауы хуызæн бараст ис хæдзармæ.

Дыккаг бон Чермены фыд уыди цæхæрадоны. Фæткъуы бæлас калдæй куы федта, уæд бамæсты ис æмæ хъæрæй æлгъитын байдыдта:

— Йæ къухтæ бахуыскъ уой, чи уыди ай, чи мын алыг кодта мæ бæлæсты хуыздæр? Æз æй базонон, стæй йын хорз фæуыдзынæн.

Уыцы афон Чермен уыди быруйы æдде æмæ бамбæрста, сгуыхт хъуыддаг ын кæй нæ уыдис бæласы акалд.

«Хъуамæ гæды ма зæгъон, хъуамæ мæхи ма бамбæхсон», — сдзырдта Чермен хинымæр. Фидар къахдзæфæй бараст ис цæхæрадонмæ, æрлæууыди йæ фыды раз æмæ загъта:

— Баба, æз акалдтон бæлас. Æз дæн аххосджын. Æз уыцы ран пыссадздзынæн æмæ схъомыл кæндзынæн æндæр бæлас.

Фыд ма мæсты каст кодта, фæлæ мæсты нал уыди — Чермены ныхæстæ йын ахуыссын кодтой йæ маст. «Æгайтма йæ фырт гæды нæу, æгайтма афтæ комкоммæ басасти йæ аххосыл... Сахъ лæг дзы рацæудзæн, бæлвырд».

ПИОНЕР ГАБО

Куыддæр-иу æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ фæхицæн сты, афтæ-иу пионер Габо венаг бандон рудзынджы раз авæрдта æмæ-иу чиныг дæлвæйнæгыл æрфæлдæхта. Афтæ уыди алы райсом дæр, æнцойбонтæй фæстæмæ. Габо æнæзивæг ахуыр кодта йæ уроктæ æмæ скъолайы нымад уыди отличникыл.

Рудзынг арæзт уыди уынгмæ, хурыскæсæнырдæм, æмæ-иу Габойæн æнæ фæкæсгæ нæ уыди уынджы змæлдмæ дæр, йæ бакомкоммæ дæсрудзынгджын иууæладзыг хæдзармæ дæр. Уый уыдис зæронд хæдзар, тынг цалцæг кæнын кæй хъуыд, ахæм: æмбæрзæн дуртæ ранæй-ран уыдысты сæстытæ, тигъты чъырæй сæрст æрызгъæлдтытæ кодта, трубаты сæртæй агуыритæ фæхъуыди, рудзгуыты тарвæзтæ æмæ рамкæтыл зынди, бирæ цæрæнбон сын кæй нал ис, кæрты дуар æмæ къалиткæ ныггæлиртæ сты. Йæ цæст-иу ахаста Габо уыдæттыл æмæ-иу бадис кодта хинымæры: «Цымæ сæ хæдзармæ цæуылнæ базилынц?»

Фæлæ уымæй тынгдæр цæуыл бадис кодтаид, ахæм цыдæр ма уайын байдыдта йæ цæстытыл. Уыцы «цыдæры» Габо нырыонг хъуыды дæр нæ кодта, фæлæ иу райсом, йæ уроктæ куы ацæттæ кодта, уæд æй бафиппайдта. Кæсы уынджы змæлдмæ, йæ цæст ахæссы йæ бакомкоммæ хæдзарыл дæр. Мæнæ къалиткæ байгом ис, æмæ дзы рацыди иу хъуг, хæххон сау хъуг, йæ чысыл сыкъатæ размæ арæзт. Йæ фæдыл рацыди иу ус, йæ къухы къалиу, — цы зæгъын æй хъæуы, — уый радыгъта йæ хъуджы æмæ йæ фескъæры хъоммæ — Терчы фаллаг фарсмæ. Дыууæ минуты рацыдаид, афтæ уыцы къалиткæйæ рахызти дыккаг хъуг, уый дæр хæххон сау хъуг, æмæ фæраст ис дæлæрдæм, хиды ’рдæм. Йæ фæдыл къалиткæйæ рахызти дыккаг ус, йæ къухы уымæн дæр къалиу, афтæмæй уый дæр фæцæуы дыккаг хъуджы фæдыл. Уыйфæстæ къалиткæйæ рагæпп кодта немыцаг стыр сырх хъуг, æрлæууыди дуармæ æмæ ныууасыди. Йæ фæдыл рахызти зæронд фыдцъылыз лæг, февзыста лæдзæгæй хъугмæ æмæ та йæ уый дæр фескъæры хиды ’рдæм.

Кæсы дарддæр Габо æмæ æнахуыр хъуыдытæ гуырынц йæ сæрымагъзы.

Рацыдаид иу-дыууæ минуты бæрц, афтæ къалиткæйæ рахызти цыппæрæм хъуг, хъулон хъуг, къорд мыггæгтæй чи равзæрыди, ахæм. Йæ фæдыл рахызти ус æмæ йæ уый дæр фескъæры дæлæрдæм, хиды ’рдæм.

Цы хæдзарæй загътам, уыцы хæдзары цæры къорд бинонтæ. Уыдонæй цыппармæ ис фæйнæ хъуджы. Алы райсом сæ скъæрдтой хъоммæ хицæнтæй, Терчы фаллаг фарсмæ, уырдæм та у дыууæ километры бæрц. Ноджы цыппар бинонтæй алкæмæй дæр хъуамæ алы изæр исчи цыдаид сæ хъуджы размæ.

Уыцы диссаг «цыдæр» пионер Габо бирæ хæттыты федта, фæлæ дзы йæ сæрмæ уæлдай исты хъуыды нæ цыди. Æрмæст ыл абон бадис кодта, абон райгуырди йæ сæры уыцы «цыдæры» тыххæй æнахуыр хъуыдытæ. Хъуыды кодта афтæ: «Сæдæ стурæн иу хъомгæс æгъгъæд у, донмæ дæр сæ скъæры, донæй дæр сæ здахы, хизгæ дæр сæ кæны, уæд адон — цыппар адæймаджы — райсомæй, изæрæй сæ фæйнæ стуры фæдыл цы цоппай кæнынц? Цæй æмæ сын зæгъон... Фæлæ сын куыд зæгъон? Къулыбадæг мæ схондзысты, мæ дзырдтæ сæм афтæмæй нæ бахиздзысты... Афтæ нæ... афтæ нæ... Уæдæ мæ сыл хъуамæ хорз ныххудон. Ацы ран комкоммæ амындæй худт тыхджындæр хæцæнгарз разындзæн». — Афтæ сфæнд кодта лæппу.

Уый дыккаг райсом Габо рацыди уынгмæ, æмæ цыппар хъуджы, алкæмæн йæ хицау йæ фæдыл, афтæмæй куы араст сты хиды ’рдæм, уæд йæ дзыхыдзаг ныххудти æмæ загъта:

— Дæлæ поезд фæцæуы!

Хъуццыты хицæуттæ фæкастысты фæстæмæ, фæлæ сæ цыд дарддæр кодтой.

Уый фæстæ райсом Габо ацыди хиды размæ, уырдыгæй раздæхти фæстæмæ «поезды» иувæрсты æмæ, цыма йæхицæн дзуры, уый хуызæн загъта хъæрæй:

— Мæлæты æвдæлон адæм не сты адон, алчи сæ йæ фæйнæ хъуджы фæдыл цæуы изæрæй, райсомæй, афтæмæй иу хæдзары цæрынц.

Æртыккаг райсом Габо уынгмæ нал рацыдис — æгъгъæд сын у, загъта, кæд исты бамбаринаг сты, уæд. Бады та рудзынджы фарсмæ, ахуыр кæны йæ уроктæ æмæ йæ цæст дары йæ бакомкоммæ къалиткæмæ дæр. Кæсы, æмæ къалиткæйæ фæд-фæдыл рагæппытæ кодтой цыппар хъуджы. Сæ фæстæ рахызти иу ус, къалиу йæ къухы, æмæ сæ дæлæ фескъæры хиды ’рдæм.

«Иу хорз хъуыддаг уал бакодтон», — загъта хинымæры пионер Габо æмæ зæрдиагдæр бавнæлдта йæ уроктæ ахуыр кæнынмæ.

ФÆКÆС-МА, АУЫЗБИ!

— Нæ мæ фæнды скъоламæ цæуын,— загъта Тебо, йæ чингуытæ зæхмæ аппаргæйæ. Йæ худ йæ сæрæй фелвæста æмæ уый дæр чингуытыл ныццавта. Сындæггай йæ дзыппæй сласта бапъерозты къопп, иу дзы систа æмæ йæ къухæй æууæрды. — Знон æртæ сомы æмæ æхсæз суарийы рамбылдтон... Спичкæтæ дæм нæй?

Йæ разы лæууыди йе ’мбал Ауызби æмæ цыбæл каст кодта Тебойы бапъерозмæ.

Авæр мын иу бапъероз æмæ дын ратдзынæн спичкæ. Ссыгътой дыууæ лæппуйы бапъерозтæ æмæ дымынц. Тебойыл цæуы иуæндæс азы, Ауызбийыл та дæс азы.

Мæн дæр нæ фæнды скъоламæ цæуын, — загъта Ауызби. Тебо йæ худ йæ сæрыл асагъта, чингуытæ йæ дæлармы акодта æмæ загъта:

— Цом фаллаг фарсмæ, — уым афонмæ сæ тæккæ хъазгæйæ сты æхцайæ.

Фæздæгкалгæ араст сты дыууæ лæппуйы фаллаг фарсмæ. Хидыл Тебо цыди разæй, Ауызби — йæ фæстæ.

— Мæнмæ иу капекк дæр нæй, — дзуры Ауызби размæ. Тебо фæкасти фæстæмæ.

Æз дын æхсæз суарийы ратдзынæн, сомырдæг-иу мын бафид. Фаллаг фарс уынджы тигъыл бадти куырм мæгуыргур, йæ разы йæ худ уæлгоммæ фæлдæхтæй, худы мидæг лыстæг æхцайы дзыгуыр.

— Кæс-ма, дæлæ цас æрæмбырд кодта, — сындæг сдзырдта Ауызби.

Ауызби фæлæууыд, зæххæй гыццыл дур фелвæста.

Братья, сестры родненькие, подайте слепому на пропитание! — æнæрæнцойæ хъæрæй сидтис куырм.

Ауызби ныппæрста дур худмæ æмæ дзы æхцайы дзыгъал-мыгъул ссыд.

— Спаси вас господи! — йæхиуыл дзуар афтыдта куырм.

Ауызби аййæфта йе ’мбалы.

— Федтай? — афарста Ауызби.

— Молодец! — сдзырдта Тебо. — Цом тагъддæр.

Тебо æнхъæл кæм уыди, уыцы ран æцæг бадти æртæ лæппуйы æмæ къамæй хъазыдысты. Алкæмæн дæр йæ разы уыди лыстæг æхцаты дзыгуыр. Æрбадтысты Тебо æмæ Ауызби дæр æмæ хъазын байдыдтой.

Рацыдаид иу сахаты бæрц, афтæ Тебо æмæ Ауызбимæ иу капекк дæр нал аззади. Абадтысты ма мæстæй мæлгæйæ иучысыл, стæй сыстадысты. Араст сты Буачидзейы уынджы фалæрдæм. Дæлæ иу чызг ссæуы. Лæппуты размæ куы схæццæ ис, уæд ын Тебо йæ фæдджи раивæзта.

— Хулиган!

— Сама хулиганка!

Цæуынц дарддæр.

Дæлæ уæзласæн æхситтытæгæнгæ стæхы. Ауызби иу чысыл лæппуйы худмæ фæлæбурдта æмæ йæ уæзласæны цалхы бынмæ баппæрста. Худыл цалх атылди æмæ йæ цъыфы ныссæста. Худы хицау кæугæйæ баззади.

Тебо æмæ Ауызби чъыллиппытæ кæнгæ цæуынц дарддæр.

Фæкæс-ма, Ауызби! — фæхъæр кодта Тебо æмæ трамвайы рæзты йæхи цæхгæрмæ ауагъта. Ватман тормоз фæзылдта, фæлæ байрæджы ис, — лæппуйы цъæхахст æмæ æрдиаг айхъуыстысты уынджы. Алырдыгæй адæм згъордтой, фыдбылыз кæм æрцыди, уырдæм.

ХÆЛÆГОЙ

Царди-уыди иу лæг, йæ ном Хæлæгой. Цы зæгъын æй хъæуы, уыцы ном ыл, куы райгуырд, уæд нæ сæвæрдтой, — чи сæвæрдзæн йæ сывæллоныл фидисы ном! Нæ, уый йын уыди æрæфтгæ ном, адæм ын æй саккаг кодтой, æмæ йыл фидаугæ дæр кодта, йæхæдæг дæр ыл сахуыр ис, искуы йын æндæр ном уыди, уый йæ рох дæр фæци.

Хæлæгой уыди хæлæггæнаг. Искæмæ-иу дзæбæх дзаума, дзæбæх фос куы федта, йæхимæ чи нæ уыди, ахæм, уæд-иу хæлæгæй фæцæймард æмæ-иу архайын байдыдта, исты амалæй йæхирдыгæй цæмæй фæуа, ууыл. Уый йын куы нæ æнтысти, уæд-иу æнцой нал зыдта.

Иу хатт Хæлæгой иу хъæуы федта диссаджы сираг бæх. Уымæн барæг йæ уæлæ змæлгæ нæ кодта, ихыл бырæгау тахти размæ. Хæлæгойæн дзы йæ цæстытæ баззадысты, æдзух йæ хъуыдытæ уыдысты уый тыххæй, æхсæв-иу æй фыны дæр уыдта. Йæ къух нал тасыди куыстмæ, хæринаг нал агуырдта йæ зæрдæ, дзургæ дæр нывыл никæимæуал кодта. Баихсыди лæг, цыма æгас афæдз фыднизæй фæсад, уый хуызæн сси.

Зылди Хæлæгой, амæлттæ агуырдта бæх йæхи бакæнынæн, фæлæ йын ницы æнтысти — боныгон бæхæн уæгъдæй ссарæн нæ уыди, æхсæв та йыл-иу æхгæд уыди къорд дуары. Æппынфæстаг, Хæлæгой сфæнд кодта бæхы хицауыл хинæй рацæуын. Горæтмæ цæуæн фæндагыл æрбадти йæ размæ фæндаггæрон æмæ йæхи срынчын кодта, хъæрзгæйæ зæххыл ратул-батул кæнын байдыдта. Бæхы хицау баурæдта йæ бæх, æрхызти æмæ бацыди Хæлæгоймæ.

— Цы кæныс, хорз лæг, рынчын дæ, мыййаг?

— О... фæмæлын... о... фæмæлын!..

— Цы кæныс уæддæр?

— О... фæмæлын... о... фæмæлын!

Бæхы хицау фляжкæйæ дон адардта Хæлæгойæн.

— Чердæм цыдтæ, хорз лæг?

— Горæтмæ, горæтмæ. Куы ма бахæццæ уаин.

Бæхы хицау тыхтæ-амæлттæй сыстын кодта Хæлæгойы, бакодта йæ бæхмæ.

— Саргъы гоппытыл хæцын куы бафæразис, уæд дæ сисин, бæргæ.

Хæлæгой дыдæгътæ кæны, дзæбæх нæ лæууы йæ къæхтыл, хъæрзы:

— Ых... ых... фæмæлын!

Иттæг зынæй Хæлæгой саргъы уæлæ æвæрд фæци.

Араст сты. Бæхы хицау цыди фистæгæй, йæ цæст дардта, рынчын куыд нæ рахауа, уымæ. Цæуынц... цæуынц... Иу ран Хæлæгой йæхи æрбатымбылтæ кодта, балхъывта бæхы фæрстæ, фæхъил кодта йæхи, æмæ бæх фатау атахти. Бæхы хицау йæ фæдыл кæсгæйæ баззад. Лæууы иу ран æмæ хъуыдытæ кæны — нырма йæ нæ уырныдта, ахæм хъуыддаг æрцыд, уый. Бæхы хицауы бынаты уæвгæйæ, æндæр лæг æнæмæнг тынг батыхстаид, фæтарстаид. Уымæн дæр афтæ æхсызгон кæм уыдаид, йæ бæх ын йæ бынæй кæй асайдæуыд, уыцы хъуыддаг! Фæлæ уæддæр тæрсгæ дæр æмæ тыхсгæ дæр нæ кодта. Йæ бæхы фæстæ кæсгæйæ куыддæр джихæй бахудтис, мæнæ цыма йын йæ бæх чи аласта, уый ницæйагдзинадыл, кæнæ йæхи æдылыдзинадыл хъуыды кодта. Горæтмæ фистæгæй цæуын фæнд скодта бæхы хицау æмæ æнцад, цыдæр хъуыдытимæ йæ фæндаг цыбыр кодта.

Хæлæгой та, Хæлæгой? Уый замманайы сираг бæхыл маргъау тахтис æмæ уайтагъд горæты фæмидæг. Уым ссарынæй афтæ тæссаг нæ уыдис... «Куынæг бæхтæ нæй стыр горæты»,— хъуыды кодта йæхицæн Хæлæгой æмæ гыццыл уæндондæрæй сулæфыдис. Цæуы Хæлæгой тагъдгомау йæ бæхыл. Тæрсы, исчи йæ куы базона, уымæй... Бæхы хицау уыдис зынгæ лæг, йæ бæхы дæр ын зыдтой адæм. Фæлæ адæм цыдысты æмæ дзы Хæлæгоймæ кæсгæ дæр ничи кодта. Мæнæ тагъд горæтæн йæ иннæ кæрон фæуыдзæн æмæ уæд бынтондæр æдасæй афардæг уыдзæн... Фæлæ йыл уыцы сахат иу барæг фембæлдис. Уыцы барæг уыдис бæхы хицауы зонгæ. Базыдта бæхы æмæ йæ хъуыдыйы дæр нæ фæзынд, уыцы бæхыл æндæр лæг бады, уый. Хæлæгой йæм куы нæ æрлæууыдис, уæд фæгуырысхо, йæ бæх фæстæмæ фездæхта æмæ фæцæуы Хæлæгойы фæстæ. Дзуры йæм:

— Фæлæуу-ма иунæг ныхасмæ.

Фæлæ Хæлæгой уæддæр уымæ нæ хъуыста. Уæд бæхы хицауы зонгæ фæдзырдта милицæмæ. Уыдон тагъд-тагъдæй баурæдтой Хæлæгойы...

Хæлæгой ма йæ хъару æрбамбырд кодта æмæ сыл схъæртæ кæнынмæ хъавыдис, цы уæ хъæуы мæнæй, зæгъгæ, фæлæ йе ’взаг йæ коммæ нал кастис.

Акодтой Хæлæгойы ахæстонмæ æмæ йæ бакодтой уым.

Рудзынгæй йæм кæцæйдæр гыццыл рухс цыдис. Уыдта дзы адæмы тезгъогæнгæйæ. Хъуыстис æм зарын — хъæлдзæгдзинад... уыдонимæ бæхты къæхты хъæр...

Бæхы хицауæн йæ бæх йæ къух ссардта... Чи зоны, æмæ Хæлæгойы хъустыл сираг бæхы къæхты хъæр уайы...

Фæлæ Хæлæгойы уыцы бæхы мæт нал уыдис... уый ныр хæлæгæй марди, фæтæн уынгты æмæ бæлæсты бынты уæгъдибарæй тезгъо цы адæм кодтой, уыдонмæ.

ДАДА ÆМÆ ХЪÆБАТЫР БЫНДЗ

Дадайы фæлмæцын кодтой сау бындзытæ, афтæмæй семæ тох кæнынæн ницы уыйас амал кодта. Иуæй-иу хæдзæрттæ дардтой бындзмарæн гæххæттытæ, пъолтæ фæтæгенæй сæрфтой, стъолыл хойраджы мурæй ницы уагътой, æнæуый дæр сырдтой бындзыты. Фæлæ дада ахæм амалтæй ницы кодта, дзæгъæл хъуыддаг æм кастысты. Рацæуы дада балкъонмæ, сбады æмæ куыддæр йæ зæрдæйы дзæбæхæн афæлгæсы хæхтыл, хъæдтыл, афтæ йыл амбырд вæййынц бындзытæ, чи йын йæ фындзыл абады, чи йæ русыл, чи йæ бæрзæйыл. Йæ къух бæргæ фæхъил кæны дада, фæлæ кæм æййафы бындзы — уый иу ранæй фесты æмæ æндæр ран абады. Дадайæн дæс къухы куы уыдаид, уæд, чи зоны, йæхимæ бындз не ’рбауагътаид, фæлæ йын дыууæ къухы йеддæмæ нæй, æмæ йын бындзытæ тых кæнынц. Фæлæ сыл ахуыр уыди — зыдта сын сæ гуырæн бон дæр, сæ сæфты бон дæр.

— Додой мын уæ къона,— дзырдта йæхинымæры дада,— зымæг та æрцæуы, æмæ, уыдыстут æви нæ, уый бæрæг дæр нал уыдзæн.

Уый афтæ æнхъæл уыд, æмæ бындз уыцы æлхысчъытæ йеддæмæ æндæр ницы зиан кæны адæймагæн, фæлæ йын иу бон йæ фырты фырт пионер Габо загъта:

— Дада, бындзытæ стыр знаг сты адæймагæн, уыдон хæлиу кæнынц хæцгæ низтæ, æмæ бирæ адæм цагъды кæнынц.

— Бындз бæргæ никæй фæцæгъддзæн,— бахудгæйæ загъта дада.— Гагайы йас — цы йæ бон у. Фæлæ æлхыскъ кæны, хæринаджы дæр бахауы æмæ уыдæттæй хъыгдары... Маргæ та кæй акæна! — бахудти та дада.

Афтæ нæу, дада, — загъта Габо. — Бындз æдзух ратæх-батæх кæны, алцæуыл дæр абады æмæ иу ранæй иннæмæ чъизидзинад æмæ низ хæссы.

— Ныууадз, лæппу, дæ аргъæуттæ! — загъта дада. — Бындзæй тæрса адæймаг? Мæнæ та йын зымæг æрцæуы, æмæ æрбайсæфдзæн.

Афтæ къорд хæттыты быцæу кодтой дада æмæ йæ фырты фырт пионер Габо.

Дадайы хæдзары бындзытæн хорз цард уыди, хойраджы муртæ алыран дæр бирæ, æмæ минас кодтой, хаттæй-хатт сын-иу æнтысти адæймаджы буарæй туг ацъирын дæр. Куы-иу бафсæстысты, уæд та-иу сæ зæрдæйы дзæбæхæн тезгъо кодтой царыл, пъолыл, кæнæ-иу уæтты мидæг дзæгъæлы ратæх-батæх кодтой. Хорз цард уыди бындзытæн дадайы хæдзары, фæлæ сыл-иу хаттæй-хатт æфхæрд дæр ауади.

Уыцы бындзыты æхсæн уыди иу бындз — тынг хъæбатыр æмæ ныфсхаст. Иу бон дада хордта цыдæр адджын хæринаг, вареннæ йæ хуыдтой. Уыцы хъæбатыр бындз йæхи бауагъта, æз дæр дзы акомдзаг кæнон, зæгъгæ, фæлæ йæ дада асырдта. Бындз иннæуылты æрзылди æмæ та бауагъта йæхи вареннæмæ. Ницы йын бантысти ацы хатт дæр. Æртыккаг хатт куы бауагъта йæхи, уæд æй зæронд тынг акъуырдта æмæ мæгуыр бындзæн йæ зæрдæ бахъарм ис. Куы æрчъицыдта, уæд йæ рихи аздыхта æмæ загъта йæхицæн: «Нæ дын батайдзæн ацы æфхæрд! Æз, дæуæн цы хъæуы, уый куы нæ бакæнон, уæд мæ бындзæн райгуырын нæ хъуыди».

Уыцы бонты сыхаг хæдзары амард иу лæг тæвднизæй. Баныгæдтой марды, фæлæ йæ фæстæ баззадысты чъизидзинæдтæ. Дадайы хæдзарæй бындзытæ никуыдæм тахтысты, уым сын хорз цард уыди, фæлæ хъæбатыр бындз йæхи стыр æфхæрдыл нымадта æмæ йæ маст райсыны фæнд скодта. Уый атахти сыхаг хæдзармæ, йæ къæхтæ атылдта чъизидзинæдты æмæ афтæмæй æрбатахти фæстæмæ йæ хæдзармæ. Дада уыди йæ тæккæ сихор хæргæйæ. Бындз ын абадти йæ комдзагыл. Дада бындзы асырдта æмæ комдзаг йæ дзыхы баппæрста. Бындз та иннæрдыгæй батахти æмæ та йын абадти йæ иннæ комдзагыл дæр. Дада та бындзы асырдта æмæ йæ хæрд кодта дарддæр, фæлæ йæ бындз нæ ныууагъта, цалынмæ йын иу къорд хатты йæ комдзæгтыл абадти, уæдмæ.

«Æгъгъæд ын у ныр», — загъта бындз йæхицæн æмæ атахт иуварс.

Къорд боны фæстæ дада тæвд кæнын байдыдта, йæ гуыбын æлхынцъытæ кодта...

Æгас мæй фæсади дада тæвднизæй, мæлæтæй ма тыхтæ-амæлттæй фервæзти.

— Базыдтон æй, бындз мæм низ кæй æрбахаста, уый, — дзырдта уыйфæстæ дада. — Уыцы хъавд кодта налат бындз мæ комдзагыл бадынмæ.

Кæс, æмæ та дада бындзмарæн гæххæттытæ æвæры рудзгуыты дæлвæйнæгтыл.

— Уый цы ми кæныс, дада? — хинæйдзаг худтгæнгæйæ, афæрсы пионер Габо.

— Цы ми кæнын? Мæнæ бындзытæн холлаг цæттæ кæнын.

Хъус, æмæ та дада фæзæгъы:

— Дзæбæх сыгъдæг кæнут стъолтæ, пъолтæ!

Пионер Габо дæр та хинæйдзаг худт бакæны.

КУЫСЫФТÆГ ÆМÆ ДУРЫН

Раджыма-раджыма цардысты, уыдысты дыууæ хæлары — Куысыфтæг æмæ Дурын. Иу хатт Куысыфтæг бацыди Дурынмæ æмæ йын загъта:

— Мæ хæлар Дурын, иу ран бадгæйæ схъуына уыдзыстæм, цом бæстæтыл ахæтæм.

— Нæй гæнæн, Куысыфтæг, — нæ фæндагыл стыр цæугæдон ис, ноджы ныр йæ ивылыны рæстæг у, æмæ мæ дон йæ бынмæ куы аласа, уымæй тæрсын.

— Ма тæрс, мæ хæлар, æз дын æххуыс кæндзынæн.

Дурын фæныфсджын ис, æмæ дыууæ хæлары араст сты сæ фæндагыл. Цæуынц, цæуынц æмæ бахæццæ сты стыр цæугæдонмæ — йæ фæйлауæнтæ кæрæдзийы сæрты бырстой, йæ уынæрæй хъустæ къуырма кодтой. Дурын æм куы бакасти, уæд фыртæссæй базыр-зыр кодта — хорз æм касти балцы цæуын, фæлæ йæм мæлын хорз нæ касти æмæ фæстæмæ здæхыны фæнд скодта. Куысыфтæг куы бамбæрста Дурыны хъуыдытæ, уæд æм бауади æмæ йын загъта:

— Æрбабад мæ рагъыл, æз дæ доны иннæ фарсмæ адавон.

Дурын бабадти Куысыфтæджы рагъыл, æмæ уайтагъд цæугæдоны иннæ фарс рахызтысты.

Цæуынц дыууæ хæлары дарддæр, быдыртæ æмæ хъæдты уындæй сæ зæрдæ рухс кæны, мæргъты зард сын сæ хъустæ рæвдауы.

Уалынмæ кæсынц, æмæ разæй цавæрдæр мигъ змæлы æмæ сæм хæстæгæй-хæстæгдæр кæны.

Æвиппайды Куысыфтæг фæхъæр кодта:

— Мæ сæфт æрцыди, Дурын! — Уæртæ быдыры кæрдæг судзгæ æрбацæуы æмæ мын аирвæзæн нал ис — басудздзынæн. — Цыма йыл тæфсæг бахæцыди, уыйау тæссæй зыр-зыр кодта Куысыфтæг.

— Ма тæрс, Куысыфтæг, — сабыр æй кæны Дурын. — Ницы дын уыдзæн, æз дæ фервæзын кæндзынæн.

Цалынмæ уыдон ныхас кодтой, уалынмæ сыгъд сæ уæлхъус æрбалæууыди.

Дурын Куысыфтæджы æрхуыссын кодта дзыхъхъы, йæхæдæг æй йæхицæй æрæмбæрзта.

Цыбыр рæстæгмæ сыгъд иннæ фарс фæци æмæ уæртæ фæцæуы дарддæр.

— Цы фæдæ, Куысыфтæг? Фесæфтæ? Басыгъдтæ, мыййаг? — бафарста Дурын.

Зонгæ дæр нæ бакодтон сыгъд, — дзуапп ратта Куысыфтæг. Уæдæй фæстæмæ ноджы тынгдæр схæлар сты Куысыфтæг æмæ Дурын æмæ ма абон дæр æмзæрдæ, æмудæй цæрынц.

ТУЛДЗ ÆМÆ МÆЦКЪОР

Айнæг къæдзæхау æнæ тасгæ лæууыди хъæды астæу зæронд Тулдз. Бирæ къæвдатæ æмæ хуртæ, бирæ уадтæ æмæ зилгæдымгæтæ федта уый йæ царды бонты. Уады цæфтæй йæ алыварс æндæр бæлæстæ гæбазгай фæйнæрдæм хаудтой, фæлдæхтысты бындзарæй. Уыдон-иу уайтагъд азæронд сты, ахаудтой-иу æмæ сæ бынæтты æвзæрыдысты ног талатæ. Фæлæ Тулдз лæууыди æмæ лæууыди, царди æмæ царди, кæд райгуырди, цалæм сæдæ азы йыл цыди, уый йæхæдæг дæр нал зыдта.

Иу уалдзыгон бон йæ хæд разы суади зæххæй Мæцкъор, иу къорд бонтæм ыл атыхсти æмæ уæлæмæ цæуыныл фæци.

— Кæс дæхимæ, Тулдз, фæсурын дæ! — фæхъæр кодта Мæцкъор.

Тулдз ницы сдзырдта.

Мæй дæр нæ рацыди, афтæ Мæцкъор, Тулдзыл тыхсгæйæ, йæ сæрты акасти, суади ма иучысыл æмæ йæм æркасти бынмæ.

Гъы, хъал Тулдз, исты ма зæгъыс? Нæ дæ сæййæфтон, дæ сæрты нæ акастæн? Уый æз дæн, æз — Мæцкъор!

— О æдылы къоппа! — сдзырдта Тулдз. — Дæ хуызæттæ æз бирæ федтон мæ царды бонты. Нæма ралæудзæн зымæг, афтæ, уыдтæ-нæ уыдтæ, уый бæрæг дæр нал уыдзæн.

ЛЕГЕНДÆТÆ

ФЫЦЦАГ ЛÆГ ÆМÆ УС

Хуыцау дунейы куы сфæлдыста, уæд алы фос, алы сырд, алы маргъ — иууылдæр къæйттæ-къæйттæ уыдысты. Æрмæст ма фыццаг лæгæн нæ уыди къай. Æнкъардæй рацу-бацу кодта уый дзæнæты цæхæрадоны æмæ дис кодта: «Ай алы сырд æмæ маргъ иууылдæр къæйттæ-къæйттæ куы сты, уæд мæнæн цæуылнæ ис къай?» Хуыцау ын бамбæрста йæ зæрдæйы хъуыдытæ æмæ йын æркодта ус.

— Уый дын мæнæ къай, цæрут фидыдæй, кæрæдзийы уарзгæйæ.

Иу къорд бонты фæстæ лæг усы къухыл рахæцыди æмæ йæ Хуыцаумæ бакодта.

— Мæнæ мын цы адæймаг ралæвар кодтай, уый дын фæстæмæ æрбакодтон: айс æй, нал мæ хъæуы!

— Ау, уый та куыд?! Цы дыл æрцыди?..

— Айс æй, айс, нал фæразын йемæ цæрын, нал фæразын йæ тæргæйттæй, йæ хъуыр-хъуырæй.

Цæй, хорз, зæгъгæ, загъта Хуыцау, — кæд дæ афтæ фæнды, уæд æй ныууадз ам...

Ацыди лæг иунæгæй йæ цæрæнбынатмæ.

Иу-æртæ боны фæстæ лæг мысын байдыдта усы, æппынфæстаг йæ хъуыды иууыл ус сси.

— Нæй, æнæ усæй цæрæн нæй, — загъта лæг æмæ ацыди Хуыцаумæ.

Æри мын фæстæмæ уыцы адæймаджы!

— Ау, цы та дыл æрцыди, афтæ куы загътай, нал мæ хъæуы, нал фæразын йемæ цæрын.

Лæг старсти уымæй, куынæуал ын ратта Хуыцау уыцы адæймаджы æмæ лæгъстæ кæнын райдыдта:

Ацы хатт ма мын æй ратт, бахатыр кæн, æмæ цæрдзынæн йемæ сабырæй, никуыуал æй æрбакæндзынæн.

Ракодта та лæг усы æмæ йемæ цæрын байдыдта. Фыццагæй æндæрхуызон нæ фæци ус, йæ хъуыр-хъуыр, йæ тæргæйттæ къаддæр нæ кодтой.

Тагъд та рафæлмæцыди лæг усæй, фæлæ йæ Хуыцаумæ акæнын йæ зæрдæ нал бакуымдта.

Зын у, зæгъгæ, загъта, усимæ цæрын, фæлæ æнæ усæй дæр цæрæн нæй.

Уæдæй фæстæмæ лæг æмæ ус райдыдтой иумæ цæрын, бон дæс хылы æмæ дæс фидыды кодтой, фæлæ сæ кæрæдзийæ уæддæр нал хицæн кодтой.

ХУР ÆМÆ МÆЙ

Ирон легендæ

Дуне срухс кæнынæн Хуыцау сфæлдыста дыууæ рухсдæттæг къорийы. Иу дзы хъуамæ уыдаид арвыл боныгон æмæ рухс кодтаид адæймаджы фæндаг æмæ куыст, иннæ хъуамæ сыгъдаид æхсæв æмæ хастаид адæймагæн тыхдæттæг хуыссæг. Дыууæ къорийæ алкæй дæр фæндыд боны цырагъ уæвын, уæд зæххыл уыдаид нымаддæр æмæ кадджындæр. Сæ хъаст бахастой Хуыцаумæ æмæ сын быцæу бацайдагъ. Уæд сын Хуыцау афтæ зæгъы:

— Ахсæв дыууæйæ дæр бафынæй кæнут, стæй, æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ куыд хицæн кæной, уыцы сахат уæ арвгæрон раздæр чи фæзына, уый уыдзæн боны рухсдæттæг, иннæ та — æхсæвы.

Дыууæ къоримæ Хуыцауы уынаффæ хорз фæкаст, æмæ хуыссæнты сæхи æруагътой. Сæ иу схуыссыд фæлмæн пакъуы базтыл æмæ уайтагъд афынæй ис; иннæ йæ быны сындзытæ бакодта, цæмæй ма бафынæй уа æмæ райсомæй арвыл раздæр ферттива, уый тыххæй. Уыцы къори бирæ фæхæцыд æгъатыр хуыссæджы ныхмæ, фæлæ бонырдæм йæ хъару асаст, рæдзæ-мæдзæ байдыдта æмæ уый дæр бафынæй. Фыццаг къори хуыссæгæй бафсæст, рог æмæ тыхджынæй ссыди арвыл æмæ дунейыл тауын байдыдта хъарм æмæ цардхæссæг тынтæ...

Æрæджиау райхъал иннæ къори дæр. Скасти арвмæ æмæ федта йемæ ерысгæнæджы: уый бæрзондæй сæрыстырæй фæлгæсы дунемæ æмæ уæлахизы цинæй уадзы цæхæр тынтæ. Уæд дыккаг къори фефсæрмы йæ хъысмæтæй, афæлурс æмæ йæ цæсгом нал бахъæцыд арвмæ ссæуын, йæхи равдисын. Æрмæст фыццаг къори хæхты фæстæ куы фæаууон ис, уæд уый дæр ссыди арвыл æмæ акаст дунемæ ризгæ тæссонд тынтæй...

Уæдæй фæстæмæ арвыл кæрæдзи ивынц хур æмæ мæй.

ПЬЕСÆТÆ

САУ МИГЪ

Цыппарнывон комеди хъæууон сценæйæн

АРХАЙДЖЫТÆ:

Сымси Дадолты — 40-азыккон къæсхуыр лæг.

Сæлимæт — Сымсийы ус, 30-азыккон.

Гатъи — Сымсийы хо, 34-азыккон абадгæ чызг, къæсхуыр, цыргъфындз.

Фатъи — Сымсийы хо, 32-азыккон абадгæ чызг, йæ цæсгом хæбуздзыхъхъытæ.

Сыхаг ус

Биганон — 35-азыккон ус, номдзыд дæсны.

Адæм — 4–5 усы. Сыхæгты лæппу — 15-азыккон.

ФЫЦЦАГ НЫВ

Дадолты хæдзар. Астæуæй — къона. Йæ сæрмæ ердо. Къонайы сæрмæ — рæхыс. Рæбынырдыгæй — даргъ бандон, фæсте йыл æнцойгæнæн. Иннæрдыгæй — чысыл бандæттæ æртæ-цыппар. Галиуырдыгæй къулы — дуар тыргъмæ, тыргъæй дуар фæстæмæ — кæртмæ. Къонайы фарсмæ бадынц Сæлимæт, Гатъи æмæ Фатъи — чи къуымбил пиры, чи исты хуыйы.

Гатъи. Цытæ дзурут! Тембол уыцы чызджы аккаг у? Чызг мæнæ удыгагайы хуызæн. Тембол та... йæ зылын фындзимæ?..

Фатъи. Æмæ дæу куы курид, уæд та?

Гатъи (тагъдгомау). Атъæпп мын уа йæ сæр! Уый мæтæй мæлын!..

Сыхаг ус (гом дуарæй базынди). Уæ бонтæ уæхи фæндиаг!.. Уæ тæккæ кусгæйæ куы стут!.. Зынгмæ уæм æрбауадтæн.

Сæлимæт. Зынг дæ уыйас дæр хъæуæд.

Сыхаг ус (бацыди мидæмæ). Ног хабар нæма фехъуыстат?

Гатъи. Цы хабар у?

Фатъи. Цы мыггаг хабар?

Сæлимæт. Цавæр хабар?

Сæхи хъусынмæ ацæттæ кодтой.

Сыхаг ус. Ныртæккæ Биганон нæ хъæумæ ссыди. Уæртæ Тызмæгтæм æрфысым кодта.

Гатъи. Дæсны Биганон?

Фатъи. Чи Биганон? Дæсныйæ зæгъыс?

Сæлимæт. Дæсны Биганонæй ма зæгъ?

Сыхаг ус. Уæдæ, уæдæ, йæ нывонд æрбауон! Уымæ Хуыцауæй курдиат ис. Уый зæдты æмбал у.

Дадолты æртæ сылгоймаджы æнæдзургæйæ кæрæдзимæ бакæс-бакæс кæнынц. Сыхаг ус æхсныфыл фелвæста зынгтæ æмæ дуары æдде фæци. Æртæ сылгоймаджы химæхъусæгау аззадысты.

Гатъи (æвиппайды). Ныр ма исты зæгъыс, Фатъи?

Фатъи. Æмæ ма ды исты зæгъыс, Гатъи?

Сæлимæт (йæ гуыр дыууæрдæм æнкъусы). Йæ рынтæ ахæрон Биганонæн. Уый зæдты æмбал у, зæдты æмбал!

Гатъи (фестади). Зоныс, Сæлимæт? Зоныс, Фатъи? Биганоны хуызæн дæсны æгас Ирыстоны нæй. Уый нын зæрдиагæй бафæрсæд, уыййеддæмæ 30-азыккон хъал барæг мæнмæ курæг æрбалæудзæн. Фатъимæ дæр исчи зындзæн... Дæуæн та, чындз, фырыхъулы хуызæн лæппу æрбайгуырдзæн.

Фатъи (мæстыхуызæй). Исчи зындзæн!.. (Фестади.) Дæумæ, Гатъи, 30-азыккон курæг зындзæн... Мæнмæ та курæг æрбалæудзæн 25-азыккон тæгиатаг барæг... О... мæнæ... мæнæ... уынын æй мæ разы!..

Сæлимæт (æнцад бады, йæхимæ хъусы). Æз мæ лæппуйыл цы ном æвæрдзынæн, уый зонут?

Гатъи. Цы?

Фатъи. Цавæр ном?

Сæлимæт. Алымæт. Тынг рæсугъд ном мæм кæсы.

Гатъи. Мæ мойаг хуыйны Зауырбег. Рæсугъд ном нæу? Лæппу йæхæдæг дæр — бæрзонд, хæрзконд... Раст мæнæ сымах куыд уынын, афтæ йæ уынын мæ разы.

Фатъи. Ныр цытæ дзурыс, Гатъи? Рæсугъд æмæ хæрзконд лæппу мæ мойаг куы у! Фæлæ мын Зауырбег нæ хуыйны, Хъауырбег хуыйны. Куыд хæрзконд, куыд уындджын у! Æвæццæгæн, æгас Ирыстоны дыккаг ахæм нæй.

Гатъи. Дыккаг ахæм дзы нæй, фæлæ дзы хуыздæртæ ис.

Фатъи. Зæгъыс ды дæр!.. Чи дзы ис хуыздæр?

Гатъи. Хуыздæр? Хуыздæр мæ мойаг, æндæр чи!

Фатъи (бамæсты ис, фестади). Цы дын зæгъын, Гатъи, уый зоныс?

Гатъи. Цы?

Фатъи. Зауырбег Хъауырбегæн йæ дзабыры уафсы аргъ дæр нæу.

Гатъи (фестади уый дæр). Хъауырбеджы кой дæр кæныс! Хъауырбег Зауырбегæн йæ худы хъуынтæй иуы аргъ дæр нæу!

Фатъи. Хъауырбег хуыздæр у!

Гатъи. Зауырбег хуыздæр у!

Фатъи. Нæу... нæу... нæу!..

Гатъи. У... у... у!.. Æз дæм нал хъусын. (Дыууæ æнгуылдзы йæ хъусты атъыста æмæ тыргъмæ агæпп кодта.)

Фатъи (йæ фæдыл). Уæдæ ма цы кæнай!

Сæлимæт (йæхимæ хъусы). Мæ лæппу, мæ лæппу!.. Алымæт! Мæ уды лæууæн!.. Æгас Къамады... Нæ, æгас Ирыстоны дæр уымæй дзæбæхдæр лæппу нæ уыдзæн. Æз ын тæккæ райсом цæттæ кæнын байдайдзынæн худ, цухъа æмæ æндæртæ. (Йæ цæстытæ бацъынд кодта.) Мæ хуры чысыл, Алымæт! Рауай ма ардæм, рауай!.. Дæ разы та дæ къухтæ рыджы куы счъизи кодтай!

Гатъи (æрбаздæхти фæстæмæ). Уæддæр Зауырбег хуыздæр у, хуыздæр у, хуыздæр у!

Фатъи (дыууæ æнгуылдзы йæ хъусты атъыста). Нæ хъусын! Нæ хъусын!

Уынгæй хъуысы ныхас æмæ къæхты хъæр.

Гатъи (рудзынгæй акасти). Адон, æвæццæгæн, Биганонмæ цæуынц.

Сæлимæт. Чызджытæ! Тагъд ут, ацæттæ кæнæм нæхи!

Гатъи. Фæтагъд хъæуы!

Фатъи. Уæдæй нырмæ дзæгъæлы бадæм!

Сæлимæт. Нæ зонын, рæйыныл фестут æмæ уын банцайæн нал ис.

Гатъи (алырдæм катай кæны). Тагъд ут, тагъд ут!

Фатъи. Зонут, цас хуыздæр лæвæрттæ бахæссæм Биганонæн, цас ын æхца дæр фылдæр раттæм, уыйас нын хуыздæр бафæрсдзæн.

Сæлимæт (йæхи та дыууæрдæм базмæлын кодта). Йæ нывонд æрбауон! Æз ын ницы бацауæрддзынæн.

Фатъи. Æрæвæрæм æхцайæ фæйнæ фондз сомы.

Гатъи. Бирæ дын бафæрсдзæн фондз сомыл!

Сæлимæт. Бирæ рамбулдзынæ фондз сомæй!

Гатъи. Уæд та фæйнæ туманы.

Сæлимæт. Туман хорз. Фæлæ ма йæ чысыл фæфылдæр кæнæм. Дыууадæс зæгъынæн дæр фидауы. Биганоны зæрдæйæн дæр æхсызгондæр уыдзæн. Æрмæст цы, уый зонут? Нæ лæгæн ма схъæр кæнут, уыйас раттам, зæгъгæ!

Гатъи. Æцæг, æцæг, уый хъæр кæнын нæ хъæуы... Æхца цæттæ сты, фæлæ дзауматæ дæр рахæссут! Æнæ дзаумайæ фæрсæн нæй.

Фатъи. Æмбарæм мах дæр. Дæхи цы радавыс? Æнæ дзаумайæ фæрсæн нæй, уый чидæриддæр зоны.

Сæлимæт рахаста зæлдаг кæлмæрзæн, Гатъи — батист къабайаг, Фатъи та — хæрдгæйæ арæзт дзауматæ. Æвдисынц сæ.

Сæлимæт. Ацы кæлмæрзæн йæ уæлæ куы ’ркæна, уæд ын æхсызгон нæ уыдзæн! Мæ лæвар æм тынг хорз фæкæсдзæн...

Гатъи. Уæдæ... Хорз æм цы фæкæсдзæн, уый — мæнæ ацы къабайаг. Кæсут-ма, кæсут, куыд фидаудзæн! Мæхицæн æй куадзæнмæ æвæрдтон, фæлæ... Мой мын куы уа, уæд мын къабайæгтæй фылдæр цы ’лхæндзæн!

Фатъи. Уæ дыууæйы лæвæрттæй дæр ын мæ лæвар æхсызгондæр уыдзæн. Ацы хæрдгæ дзабыртæ йæ къæхтыл куы акæна!.. Йæ рынтæ йын ахæрон! (Зæххыл сæ авæрдта.) Куыд фидауынц!

Гатъи. Æриут сæ мæнмæ, æз ацæудзынæн фæрсынмæ.

Фатъи. Куыннæ стæй! Æмæ æз нæ базондзынæн фæрсын?

Сæлимæт. Уый бæсты сымах ам лæуут, æз уæ дыууæйæ дæр хуыздæр бафæрсдзынæн.

Гатъи (йæхи цæттæ кæны). Цæй, æриут! Фæстиат кæнæм!

Фатъи. Уæдæ! Дæхицæн афæрсдзынæ. Мах кой та ма кæм уыдзæн! Уый бæсты мæнмæ æриут — æз не ’ртæйæн дæр æмхуызон бафæрсдзынæн.

Сæлимæт. Нæ, Фатъи, ды дæр дæхи хъуыддаг фæуæлдæр кæндзынæ. Фæлтау æз ацæудзынæн æмæ не ’ртæйæн дæр æмхуызон бафæрсдзынæн. Æз хъулон митæ нæ зонын.

Гатъи. Нæ зоныс! Хуыздæр хæйттæ та Сымсийæн чи авæры?

Фатъи. Нæ зоныс, уæдæ! Æдзух дæ лæгæн æвæрæнтæ кæныс.

Сæлимæт. Мæ къонайыл! Мæнæ цытæ дзурынц! Мæнæ мыл цытæ мысынц!

Æртæ сылы тагъд-тагъд дзурын байдыдтой къухтæ тилгæйæ, чи цы дзуры, уый бæрæг нæй.

Гатъи (иннæ хъæлæстæй фæтыхджындæр кодта йæ хъæлæс). Хæлттæ сæппарæм, хæлттæ!

Иннæтæ. Хæлттæ! Хæлттæ! Хæлттæ!

Æппарынц хæлттæ.

Сæлимæт. Уынут, мæ хал схаудта... Æз раст бафæрсдзынæн. Хъулон митæ æз нæ зонын.

Гатъи. Уæдæ, нæ зоныс!

Фатъи. Уæдæ, нæ зоныс!

Сæлимæт (ныхæстæм нал хъусы, фæлæ цæуынмæ йæхи цæттæ кæны). Æриут æхцатæ, лæвæрттæ. Æз цæуын!

Гатъи (алæвæрдта йæ батист къабайаг, фæлæ йæ фæурæдта). Хæлттæ раст цагъд нæ уыдысты. Ногæй сæ сцæгъдæм!

Сæлимæт. Куыд нæ уыдысты раст!

Гатъи. Нæ уыдысты раст.

Сæлимæт. Уыдысты! Уыдысты!

Фатъи (уый дæр Гатъийы фарс). Нæ уыдысты, нæ уыдысты! (Иу минуты бæрц хъусы.) Уыдысты — нæ уыдысты! Уыдысты, уыдысты! Уыдысты, уыдысты... нæ уыдысты!

Гатъи. Фæлæуут цъус! Ногæй сæппарæм хæлттæ, æндæр гæнæн нæй.

Сæлимæт. Æппарут, уæдæ, марадз! (Æрбадти. Цæгъдынц хæлттæ. Исынц.)

Гатъи. Мæ хал! Мæ хал! Мæ хал! Æриут, æз цæуын!

Фатъи. Куыннæ стæй! Ацæуай æмæ дæхицæн хуыздæр бафæрсай!

Гатъи. Æппындæр нæ.

Сæлимæт. Фатъи (иумæ). Уæдæ нæ! Æри ногæй сæппарæм хæлттæ.

Гатъи. Æз нал æппарын. Æз цæуын æмæ мæхицæн бафæрсдзынæн. (Йæхи ацæттæ кодта.) Сымах ам хæлттæ æппарут!

Иннæтæ дæр фестадысты, сæ дзауматæ фелвæстой, цæуыныл фесты. Нарæг дуары æртæ дæр баиу сты æмæ сæ хъæлæба ссыдис.

Æмбæрзæн

ДЫККАГ НЫВ

Тызмæгты хæдзар. Нывыл арæзт стыр уат. Уаты мидæггаг къулы, галиуырдыгæй кæрон — дуар, стьол, къæлæтбандæттæ. Иуæрдыгæй къулыл æнцойгонд даргъ тьахтин, гауызæй æмбæрзт. Стьолыл агуывзæ донимæ, йæ фарсмæ æрттиваг цыдæр æнгузы йас, ноджы алыхуызон гыццыл æвгтæ æмæ гыццыл хæцъилы гæбæзты цыдæртæ тыхт. Стъолы фарсмæ уаты къуымы алы дзауматæй рæдзæгъд. Стъолы фарсмæ къæлæтгондыл бады нард ус, рæсугъд дзауматы фæлыст. Худгæ былтæ. Фæлмæн цæстæнгас. Дуарæй мидæмæ бырсынц адæм. Фæзыны дзы иу къорд устытæ æд дзауматæ, æд тæбæгътæ. Чидæр сæ мидæмæ нæ уадзы.

Xъæлæс. Иугай!.. Иугай! Куыд бырсут уый?

Биганон. Хорз адæм сты ам. Æнæвгъау хæссынц алцы дæр. (Кæсы къуыммæ, дзауматæм.) Æхца дæр хорз фидынц. (Æвдисы стыр тыхтон.) Æртæ сахатæй фылдæр нæма дæн ам æмæ дыууиссæдз туманæй къаддæр нæ амбырд кодтон. Дзауматæ аласынæн мæ, æвæцæгæн, дыууæ уæрдоны æххуырсын бахъæудзæн. (Сыстади, акасти рудзынгæй.) Кæрт йæ тæккæ дзаг у адæмæй. Ноджы дæр ма цæуынц...

Дуар фæзыхъхъыр.

1-аг хъæлæс. Цы мæ тъæппытæ кæныс? Дæ сæрыхъуынтæ дын зæххы авæрдзынæн!

2-аг хъæлæс. Ауадзут нæ, мах раздæр æрбацыдыстæм!

3-аг хъæлæс. Цæугæ уæдæ!

Биганон (æрбадти бандоныл). Куыд бырсынц! Æз афтæ уарзын, гъе!

Гатъи (чидæр æй æрбасхуыста: басхъиудта мидæмæ). Æнæуаг адæм!

Фатъи (æрбагæпп кодта). Мæ къаба мын аскъуыдтой. (Уыны къаба.)

Сæлимæт (мидæмæ бырсы, чидæр æй йæ кæлмæрзæнæй уромы, баирвæзт). Æппындæр сæм уаг нæй.

Биганон. Æрбадут, уæ хорзæхæй, уæртæ уым. (Амоны тъахтинмæ.)

Уыдон лæууынц, дзурын дæр нæ уæндынц, бадын дæр.

Биганон (рæвдаугæ хъæлæсæй). Æрбадут, æрбадут æмæ зæгъут, цы уæ хъæуы. (Æрбадтысты, фæлæ ницы дзурынц.) Кæмæй стут, мæ хуры чысылтæ?

Гатъи. Дадолтæй стæм... Æз æмæ уæртæ уый хотæ стæм, мæнæ уый та нæ чындз у.

Биганон. Дадолтæ хорз мыггаг сты. Дæсныйы фæрсын тынг уарзынц. Суарыхъæуæй дæр иу къорд чидæртæ æрбауади Дадолтæй. Хорз мыггаг сты... Зæгъут, уæдæ, уæ хъуыддаг.

Гатъи. Æз æмæ уæртæ мæ хо æгæр абадтыстæм, æнхъæлдæн, æмæ... дæхæдæг зоныс... Нæ чындз та... Куы йæ æркодтам, уæдæй цæуы дæс азы, æмæ йын нырма зæнæджы мыггагæй ницы ис. Зоныс дæхæдæг...

Биганон. Куыд æвзæр сты адæм, куыд! Кæрæдзи нæ уарзынц... Ахæм хинтæ араз дæ сыхæгтæн!..

Дадолты сылгоймæгтæ кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой. Сæртылдæй æмæ цæстытæй зæгъынц кæрæдзийæн: уынут, уынут, цы тагъд æй базыдта.

Гатъи (рамбырд кодта лæвæрттæ æмæ сæ рудзынджы дæлвæйнæгыл æрæвæрынмæ хъавы). Мæнæ дын чысыл цыдæртæ æрбахастам.

Биганон. Уым нæ, мæнæ сæ мæ разы иннæ дзауматыл æрæвæрут. (Æнхъæлмæ кæсы, йæ ных — тар.) Афтид дзауматæ?!

Гатъи (фембæрста хъуыддаг, æхца исы). Дæ рынтæ бахæрæм! Зонæм, зонæм хъуыддаг.

Сæлимæт (æхца исы) Зонæм æгъдæуттæ, дæ нывонд æрбауон.

Фатъи (агуры æхца). Дæ сæрыл нæ æрхастæуа, уыдæттæ та куыд нæ зонæм!

Гатъи. Мæнæ дыууадæс сомы. (Стъолыл сæ æвæры.)

Сæлимæт. Мæнæ дæр дыууадæс сомы. (Стъолыл æвæюы.)

Фатъи. Мæнæ дæр дыууадæс сомы. (Стъолыл æвæры.)

Биганон (йæ цæсгом фæрухс ис; æхца хæмпус къухты атыхта æмæ сæ тыхтоны атъыста). Афтæ, мæ хуртæ, афтæ. Адæм нæ уарзынц кæрæдзи. Алы фыдбылызтæ аразынц. Хинтæ кæнынц. (Райста стъолæй агуывзæ донимæ, æрттиваг цыдæр дзы ныппæрста, змæнты къæцæлæй дон, хинымæры цыдæртæ дзуры иу минуты бæрц, стæй хъæрæй.) Нæ уын зæгъдзынæн, чи у, фæлæ уын уæ сыхæгтæй чидæр хин скодта. Уæ амонд у, æмæ афойнадыл фæзындыстут фæрсынмæ.

Æртæ сылгоймаджы кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой.

Гатъи. Ис нын, ис, знæгтæ!

Биганон. Ис уын знæгтæ, фæлæ сæ хинтæн та хос ис мæнмæ.

Æртæ сылгоймаджы (иумæ). Дæ рынтæ дын бахæрæм! Дæ нывонд æрбауæм! Дæ сæрыл нæ æрдавдæуа!

Биганон (бирæ фезмæста дон, рухсмæ йæм кæсы, йæ сæр æнкъусы). Сæ арт æрбауазал уа уыцы знæгтæн! Диссаджы тыхджын хин скодтой!.. Тынг зын фæрсæн уын у... Мæ ных куыд рахид кодта. (Сæрфы йæ ных.) Хъуамæ ма фæйнæ фондз сомы самал кæнат!

Æртæ сылгоймаджы. Дæ нывонд æрбауæм! Дæ рынтæ дын бахæрæм!

Æртæ дæр кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой. Бамбæрстой кæрæдзи.

Гатъи. Нæ зæдыхай, æхцайы бæсты дзаума нæ айсдзынæ?

Биганон. Дзаумамæ гæсгæ у.

Гатъи. Диссаджы морæ тын нæм ис. Афæдзы дæргъы йæ æртæйæ фæуæфтам.

Биганон. Æрбахæссут, фенæм!

Æртæ сылгоймаджы (кæрæдзимæ сындæг дзурынц). Ды ацу! Ды ацу!

Гатъи (Биганонмæ). Уæд та дын æй фарсты фæстæ æрбахæсдзыстæм.

Биганон. Уый гæнæн нæй. Дзаума мæ фарсмæ куы нæ уа, уæд фарстæн рæстмæ ацæуæн нæй.

Гатъи. Æз цæуын, фæлæ мæ фæсаууон адонæн ма афæрс! Ацы минут ам æрбалæудзынæн.

Биганон. Цу, мæ хур, цу! Мæн мæнæ хостимæ ацархайын хъæуы.

Гатъи (дуарæй фæстæмæ дзуры). Уæдæ сын ме ’рбацыдмæ ма бафæрс. (Дуары æдде фæци.)

Биганон (хостимæ архайы; дзуры ныллæуныллæугæнгæ). Фосы хин бындзарæй скъах! (Исы æндæр хос.) Æнæ зæнæгæн бирæ зæнæг ратт! Мæнæ хос, ды та цæстыгондты ирвæзын кæн фыдбылызæй. Кæлæнхалæн хос, ды ныры онгау дæ тых æвдис! Мæнæ абадгæ чызгæн моймæ фæндаг! Ды та уарзондзинад æвæр лæппуйæ чызджы æхсæн. Мæнæ æнадгæнæн хос, ды дæр дæ тых æвдис фыццагау!

Гатъи (тынимæ æрбацыдис уæззау улæфгæйæ). Афæдзы дæргъы йæ æртæйæ фæуæфтам... Нæ сын афарстай æнæ мæн?

Биганон. Нæ, мæ хур, нæ! (Хостæ фæуагъта. Уыны тын къухæй дæр, цæстæй дæр, иннæ дзауматы уæлæ йæ æрæвæрдта.) Бæззы. Гъеныр фарст хорз ацæудзæн. (Райста агуывзæ. Ацы хатт æй бирæ фезмæста, ракæс-бакæс æм фæкодта.) Æртæмæйдзыд сæныкк снывонд кæнут дæлимонтæн. Сæ бон аивгъуыдта, фæлæ уый ницы кæны. Уæхи йеддæмæ дзы æддагон адæймаг ма фæхъæстæ уæд. Иу хæрд æй бакæнут уæхæдæг иу æртыццæг æхсæв. Иу хæрдæй йын æнæ фæуæвгæ нæй, йæ сæр æмæ йæ къæхты йеддæмæ. Сæр, къæхтæ, царм æмæ стджытæ аууон ран зæххы баныгæнут. Уыдонæй дæр хъуамæ макæцы цæрæгой фæхъæстæ уа. Цы æртыццæг снысан кæнат нывонд хæссынæн, уыцы æхсæв уæм хъуамæ уазæг ма уа. Хъуамæ уæ дзауматæй, уæ мигæнæнтæй сыхæгтæм, мыййаг, мацы баззайа. Дзидза хæрын хъæуы æдзæххæй, æнæ кæрдзынæй. Сæныччы хъуамæ аргæвдат галиу къухæй. Куы сфыца, уæд скувын хъæуы Зинæн æмæ иннæ дæлимонтæн. Стæй дзидза истæй мидæг къонайы раз ныууадзут. Уæхæдæг рацæут хæдзарæй, дуар рахгæнут æмæ банхъæлмæ кæсут иу-дæс минуты бæрц. Хъуамæ дзы Зин йæхæдæг, кæнæ йæ кæстæртæй исчи ацахода. Кæд дзы дзæвгар комдзаггонд разына, уæд уæ нынонд тынг æхцон у дæлимонтæн. Кæд дзы зына-нæзына ахуыст разына, уæд дæр хорз. Ахæссут мæнæ ацы дыууæ гыццыл авджы. Мæнæ ацы нозт арæзт у бæлоны æппарæнтæй. Æлгъ ыл ма кæнут. Бæлонæй фылдæр уарзондзинад никæмæ ис. Уый хъуамæ баназой хæрды размæ дыууæ чызджы. Мæнæ ацы нозт та у арæзт хуыйы æппарæнтæй. Уымæй фылдæр цот никæмæн цæуы. Уый та баназæд чындз... Цы уын дзырдтон, уымæй мацы ферох кæнут. Исты дзы куы ферох кæнат, уæд-иу мæнæй хъаст ма ракæнут. Уæхи аххос уыдзæн. Цæут ныр, рæстмæ уæнт уæ хъуыддæгтæ!

Ацы æртæ сылгоймаджы цæуыныл куы фесты, уæд æндæртæ дуарæй мидæмæ бырсынц.

1-аг хъæлæс. Æз раздæр æрбацыдтæн!

2-аг хъæлæс. Нæ, æз раздæр æрбацыдтæн!

Æмбæрзæн

ÆРТЫККАГ НЫВ

Дадолты хæдзар (1-аг сценæйæ). Уæларт аг рæхысыл ауыгъд. Сымси бады рæбынæй даргъ бандоныл, æртæ сылгоймаджы та иннæрдыгæй.

Сымси. Хорз сарæхстыстут ацы хатт. Ницæйаг дæсныты-иу афарстат, æмæ уыдон цы саразой! Аслам фыды бас нæй. Фæлæ Биганон стыр дæсныйыл нымад у. Фæрсæггаг бирæ исы, фæлæ хъуыддаг дæр сараздзæн. Фæйнæ фондз сомы æмæ иу тын бирæ нæу.

Гатъи. Уыдон куы раттам, уæд æндæр ницыуал сдзырдта. Уайтагъд фæрсынмæ фæци.

Сымси (мидбылты худгæйæ, бапъероз тухы). Уастырджийы куы бафæндид, æмæ ацы къонайы алыварс бæгъæмзæнг сывæллæттæ рауай-бауай куы кæниккой. Гатъи æмæ Фатъи та чындзы куы афардæг уаиккой!

Сæлимæт. Бæргæ, бæргæ! Афон дæр сын у.

Гатъи. Афон дæуæн дæр у.

Фатъи. Дæс азмæ иу сывæллон дæр ма уа!

Сымси. Банцайут! Уæ кæрæдзимæ та фæут! Ахæм бон дæр нæ лæуут æнæ хыл! Æгайтма афтæ хорз бафарстам. Ныр хъуыддæгтæ рæвдз ацæудзысты.

Сæлимæт. Биганоны хуызæн дæсны кæм ис! Уый фарсты фæстæ æз æппындæр дызæрдыг ницæуылуал кæнын... О... дзидзатæ фенын хъæуы. (Бауади агмæ, уыны дзидзатæ.) Фых сты, фых... Æри, чызг, сивыр. (Ахаста аг).

Гатъи сивырмæ фæцæуы рахиз къуымы ’рдæм, аууонмæ.

Сымси. Чызджытæ, æдде уын дзаумайæ мацы баззайæд!

Фатъи. Ницы ныууагътам æддæ.

Гатъи (аууонæй хъуысы йæ ныхас.) Дæ зæрдæ ма ’хсайæд уый тыххæй.

Сæлимæт æмæ Гатъи рахастой сивыры дзидзатæ æмæ сæ Сымсийы раз æрæвæрдтой.

Сымси (йæ худ йæ сæрыл арф æркодта). Æнæзæгъинæгтæ, ацы нывонд сымахæн хаст у, æмæ йæм æргом цæстæй ракæсут! Цы хин нын арæзт ис, уый фесафут уæ тыхджын къухтæй! Мæнæ ацы бинонтæ, цæмæй хъуаг сты, уымæй сын баххуыс кæнут. Ацы къонайы алыварс сывæллæттæ разгъор-базгъор куыд кæной! Гатъи æмæ Фатъимæ æвæстиатæй курджытæ куыд фæзыной... О дæлимонтæ, ацы нывонд мах къонайыл сымах бар ныууадздзыстæм. Фæзын, тыхджын Зин, æппæт дæлимонты фæтæг, æмæ ацаход нывондæй! Кæд дæ, мыййаг, не ’вдæлы, уæд та дæ кæстæртæй искæй рарвит æмæ ацахода. Уымæй мах базондзыстæм, нæ нывонд уын æхцон кæй у.

Сымсийы куывды рæстæджы æртæ сылгоймаджы сæ къухтæ риутыл сæвæрдтой, афтæмæй сæ цæстытæ сдзагъыр-сдзагъыр кæнынц. Сымси сыстади, тыргъмæ араст ис, сылгоймæгтæ — йæ фæдыл. Сымси дуар фидар рахгæдта.

Лæууынц тыргъы æнæзмæлгæйæ, æнæдзургæйæ мидæмæ хъусынц. Рæстæгæй-рæстæгмæ куы сæ иу, куы иннæ авæры йæ хъус дуарыл.

Гатъи (æвиппайды йæ иу къахыл скафыди). Байхъусут-ма! Уынæр цæуы.

Хъусынц иууылдæр. Цин кæнынц. Сымси æнцад лæууы. Стыр æхсызгондзинад йæ цæсгомыл фыст. Æртæ сылгоймаджы сæхицæн бынат нал арынц. Куы сæ иу, куы иннæ сгæппытæ кæны, дзуццæджы абады. Ноджы æндæр ахæм худæджы змæлдтытæ.

Сымси (иу дæс минуты фæстæ йæ хъус дуарыл авæрдта). Уынæр нал хъуысы. Цæуын афон у мидæмæ. (Араст ис разæй, йæ фæдыл — иннæтæ.)

Гатъи. Ис... Ис... Ис... Куыд зыд хæрд дзы акодта!

Фатъи. Мæнæ дзы ацырдыгæй дæр ис æвнæлд!

Сæлимæт. Мæнæ дæр дæндагдзæф!

Сымси. Федтай, усай! Федтат, чызджытæ? Иу ранæй нæ, фæлæ дзы цал ранæй ацахуыста! Мæнæ дзы иу хай та зæхмæ раппæрста... Фыццаджыдæр уæ ацы фæнд кæмæ æрцыди, уый цæрæнбон уæлдай бирæ фæуæд!

Гатъи. Мæнмæ фарон дæр уыди Биганоны фæрсыны фæнд.

Фатъи. Æмæ æз æндæразæй нырмæ куы хъуыды кæнын уый тыххæй.

Сæлимæт. Дзур уæдæ! Æз ардæм чындзы куы нæма æрцыдтæн, уæддæр мæхинымæры афтæ фæнд кодтон, искуы мæ, загътон, сæр куы бахъæуа, уæд Биганоны фæрсдзынæн.

Гатъи. Æз уыдтæн, мæ фæнд уыди!

Æртæ сылгоймаджы. Æз уыдтæн! Мæ фæнд, уыди! Æз уыдтæн! Æз уыдтæн!

Сымси (йæ къухтæ тилы). Банцайут иууылдæр! Æгайтма фарст æрцыди, уыййеддæмæ чифæнды уæд... Æрбадут æмæ хæрæм.

Сивыр къонайы иу фарсмæ райстой.

Сылгоймæгтæ сæ хостæ рахастой.

Сæлимæт (лæугæйæ йæ цæстытæ бацъынд кодта). Гъе, дæлимонтæ, мæхи уе ’вджид кæнын. (Нуазы авджы хъуырæй.)

Гатъи (агуывзæ дары). Æмхуызон æй адих кæн, Фатъи! Ды дзы дæхицæн фылдæр фæуадзынмæ хъавыс.

Фатъи. Æппындæр нæ. Æз æй раст адих кæндзынæн... Кæс дзæбæх. (Адих кодтой. Нуазынц.)

Сымси. Æрбадут, цæй!

Æрбадтысты æртæйæ. Гатъи лæууы, цыдæр зæгъынмæ хъавы.

Гатъи. Фæлæуут, фæлæуут. Афтæ нæ! Дæлимоны дзыхæйдзаг хæйттæ хъуамæ æмхуызон байуарæм! Хъуамæ дзы фылдæр макæй фæуа!

Иууылдæр. Байуарæм, байуарæм!

Минуты бæрц уарыныл сты. Стæй хæрын райдыдтой. Куы сæ иу, куы иннæ сдзуры:

— Æдзæххæй дзы ад нæй.

— Æнæ кæрдзынæй нæ фидауы.

— Мæ зæрдæ дзы куы схæццæ уа, уымæй тæрсын.

Сымси. Биганон цæхх æмæ кæрдзынимæ куы бацамыдтаид, уæд бæргæ хуыздæр уыдаид. Фæлæ, æвæццæгæн, афтæ гæнæн нæ уыди.

Сæлимæт. Хæрут, хæрут. Иу хатт ахæм зын дæр бавзарын хъæуы.

Гатъи. Абон зын, стæй нæ фæндонтæ куы сæххæст уой, уæд та нын цины бонтæ уыдзæн.

Сымси. Зæрдиагæй бавналут! Сæр æмæ къæхты йеддæмæ дзы хъуамæ мацы баззайа.

Æмбæрзæн

ЦЫППАРÆМ НЫВ

Сæлимæт (пыхцылсæр, уæгъд хæдоны; рауади тыргъмæ галиу фарсы ’рдыгæй, дуарæй; хуыссæгхъæлдзæг). Нал фæразын дысон-бонмæ дыууæрдæм уайынæй... Æнæ кæрдзын. Æдзæхх! (Фæстæрдæм дуарыл ауади).

Гатъи (рауади хæдзары рахизырдыгæй къуымæй). Мæ уд нал у дыууæрдæм уайынæй! (Агæпп кодта тыргъмæ, уырдыгæй — кæртмæ.)

Фатъи (Гатъийы фæдыл). Нал фæразын. (Кæртмæ агæпп кодта.)

Сымси (рацыди тыргъы галиуы ’рдыгæй дуарæй, ронбæгъд, рынчынхуызæй). Омгæ уæддæр куы скæнин! (Ахызти кæртмæ.)

Сæлимæт (баздæхти; бацыди хæдзармæ). Уæддæр Алымæт... Алымæт! Тагъд æй куы фенин! (Йæ цæстытæ бацъынд кодта, къухтæ размæ адаргъ кодта.) Рауай-ма ардæм, рауай! Кæм та уыдтæ, мæ бон?

Гатъи (бацыди тыргъмæ). Уæддæр Зауырбег — мæ дунейы рухс! А дыууæ боны мæм хъуамæ зына. (Бацыди хæдзармæ.)

Фатъи (бахызти тыргъæй). Æвæццæгæн, Хъауырбег ног къуырийы ам уыдзæн. (Бацыди хæдзармæ.)

Сымси (æрбахызти тыргъмæ, гуыбыныл дыууæ къухæй хæцы). Хæдзары сывæллæттæ куы уа, уæд уый хорз у, кæй зæгъын æй хъæуы, фæлæ мæ гуыбын йæ рыстæй кæй нал æнцайы, уый хорз нæу. (Бацыди хæдзармæ.)

Гатъи (хæдзары къуыммæ ныккасти). Фесæфта къуым! Читт! Читт! (Фестади.) Афардæг у! (Бацыди къуыммæ, фæстæмæ ракасти.) Йæ дзыхæй кæд скалдта æрдæгæууылд дзидзатæ.

Сымси (джихæй алæууыди). Чызджытæ, дысон дуар æхгæд куы уыди, уæд цымæ гæды мидæг нæ баззади?

Сæлимæт (ахъуыды кодта). Гъе... Гъе... Æнхъæлдæн... Федтон... Федтон æй. Дысон тыргъæй мидæмæ куы цыдыстæм, уæд æз фæсте уыдтæн. Куыддæр къæсæрыл фæцæйхызтæн, афтæ гæды та хæдзарæй тыргъмæ рагæпп кодта.

Сымси. Уæдæ аходæг дæр уый уыди, уый. Дæлимон хай зæхмæ нæ раппæрстаид!

Æртæ сылгоймаджы дзыххæлиуæй лæууынц. Иу дзырд зæгъын дæр ничиуал арæхсы.

Сыхæгты лæппу (хæдзары дуарæй базынди, къæсса йæ къухты). Мæнæ уæ къæсса. Дысон мæ ферох ис æрбахæссын. (Къæсса къæсæры мидæгæй æрæппæрста. Азгъордта фæстæмæ.)

Устытæ дзыхтæ тынгдæр бахæлиу кодтой. Къухтæ — зæбул.

Сымси (мæстыйæ). Хæлиудзыхтæ! Уынут къæсса? Хорз сæххæст кодтат Биганоны амындтæ!.. Цин кæнут ныр уæ мойæгтыл, уæ сывæллæттыл!

Сæлимæт (дыууæ къухæй йæ рустæм фæлæбурдта, адæмы ’рдæм). Мæ зæлдаг кæлмæрзæн! Мæ хъалгæнæн!

Сымси (иу къахдзæф акодта Сæлимæты ’рдæм). Цы?! Цавæр?!

Сæлимæт (нæ хъусгæйæ). Мæ фынддæс сомы! Æвддæс сомы!

Гатъи (дыууæ къухæй йæ рустæм фæлæбурдта, адæмы урдæм фæзылди). Мæ батист къабайаг!

Фатъи (дыууæ къухæй йæ рустæм фæлæбурдта, адæмы ’рдæм). Мæ хæрдгæ дзабыртæ!

Гатъи. Мæ мæгуыр æхцайы муртæ!

Фатъи. Мæ æвддæс сомы!

Сæлимæт. Мæ уæздан кæлмæрзæн! Мæ хъалгæнæн.

Сымси æррайау ацы ныхæсты рæстæджы хæлиудзыхæй куы иумæ кæсы, куы — иннæмæ.

Æмбæрзæн

ГÆДЫЙЫ КЪАХ ЦЫБЫР У

Дыууæнывон пьесæ хъæууон сценæйæн

АРХАЙДЖЫТÆ:

Саламбег — хæрзуынд ирон лæг.

Михал — сауджын, 45-аздзыд, бæзджын лæг.

Диакъон — тæнтъихæг, мæгуыр арæзт лæг, 25-аздзыд.

Кафар — молло, 45-аздзыд, бæзджын лæг.

Сохтæ — тæнтъихæг, мæгуыр арæзт, 25-аздзыд.

Постоялый дворы хицау — даст тымбыл лæг.

ФЫЦЦАГ НЫВ

Сара Саламбеджы кæрты. Зынынц фæстаг къул æмæ рахиз ныхы къул.

Хырхытæ, хамуттæ æмæ æндæр хæдзары дзауматæ къулыл ауыгъд.

Саламбег (бандоныл бады, бæхы дзауматæ æмпъузы). Кæдæм лидзон адонæй, нæ зонын. Нал фæразын. Куы иу, куы иннæ... Дзæнгæда цæгъдынц, мæ дин, дам, айсут! Мæ дин, дам, айсут!.. Æнæрай фæут уæ динтæй! Кусыны бон дæр мæ дзæбæх нал ис. (Аджих.) Тæрсын... Тæрсын... Иу бон мæхи куынæуал бауромон æмæ исты фыдбылыз куы æрцæуа!

Кафары хъæлæс (йæхæдæг нæма æрбацыди). Саламбег, ам дæ, цы?

Саламбег (катай кæны). Уый та Кафар у, æнхъæлдæн... Кæдæм ма фæлидзон? (Æрæмбæхсынмæ хъавы.)

Кафар (æрбазынди галиуырдыгæй). Дæ бон хорз, Саламбег.

Саламбег. Хорзæй цæр, Кафар! Исты хъуыддаг дæ ис, æвæццæгæн, цыппар километры афтæ нæ рацыдаис.

Кафар (къодахыл æрбадти). Ам мæ кæмдæр иу чысыл хъуыддаг уыди æмæ... Æххæст, зæгъын, Саламбеджы дæр ауынон... Кусыс æдзух. Æнцад бадын нæ зоныс.

Саламбег. Кусын хъæуы. Æгуыстæй адæймагмæ никæцæй ницы æрхаудзæн.

Кафар. Раст у уый. Кусын хъæуы, Саламбег, фæлæ нын нæ мæзджыт куыд фехæлдтой!.. Ардæм куы ралыгъдтæ, уæдæй фæстæмæ дзы нал уыдтæ. Пысылмон дин дын баззади дæ фыдæлтæй æмæ йæ рох кæнын нæ хъæуы.

Саламбег (йæ сæр æрдиаггæнæджы тылд кæны). Кæс-ма, Кафар, ацы гæрзмæ, куыд бæзджын у!

Кафар. Гæрз бæзджын... Фæлæ фыдæлты дин рох кæнын нæ хъæуы.

Саламбег. Туас дзы зынæй хизы ацы гæрзы... Фен-ма, фен.

Кафар (уыны гæрз). Дæ алыварс джауыртæ цæрынц, фæлæ уыдонмæ ма кæс. Пысылмон дæ æмæ дæ дин сыгъдæгæй хæсс!

Саламбег. Бауырнæд дæ, Кафар, ацы саргъ фондз азы кусы æмæ нæма баихсыди.

Кафар. Саргъ дæр хорз... Ды дзæнæты царды тыххæй иу хатт æмæ дыууæ хатты нæ фехъуыстай... Зоныс æй хорз... Адæймаг алцæмæй æххæст. Цал дæ фæнда, уал рæсугъд чызджы æдзух дæ алыварс. Минас кæн æдзух. Цъæх нæууыл, цъæх бæлæсты аууон æрвит дæ цард рæсугъд чызджыты æхсæн. Хуыздæр ма цæмæ бабæлдзæн адæймаг!

Саламбег (мæсты кæны, йæ сæр тилы). Нал фæразын!.. Кафар, ацы саргъ ма мын фондз азы бакусдзæн, æнхъæлдæн... Ды куыд зæгъыс, нæ бакусдзæн?

Кафар. Уæлæуыл цард мæнг у. Æцæг цард дзæнæты ис...

Саламбег (тынгдæр мæсты кæны). Ацы фæрæт дæлæ Бибойы куырдадзы арæзт у... Фен-ма, хорз нæу?

Кафар. Фæрæт хорз... Дзæнæтмæ фæндаг ис æрмæст пысылмон дины руаджы... Мæхæмæт-пехуымпары руаджы. Уый ма рох кæн!.. Мæнæ джауырты астæу цæрыс... Уыдон дин мæнг дин у...

Саламбег (мæстыйæ). Æз кусгæ кæнын, Кафар, æмæ мæ ма хъыгдар. (Фестади, ноджы мæстыдæрæй.) Ныууадз мæ, Кафар! Афардæг у ардыгæй! Кæннод дын ацы фæрæтæй дæ сæр фадын!

Кафар (фестади, лидзы). Стафырæллæх, фервæзын мæ кæн!

Саламбег (аппæрста фæрæт). Кæд ма æрбацæуай! (Æрбадти.) Хæрæджы фырт! Нал мæ уадзы цæрын. Иу бон нæ цух кæны. Хæц, дам, пысылмон диныл æмæ дзæнæтмæ бацæуай... Минас... Цъæх нæуу. Рæсугъд чызджытæ дæ алыварс... Нæ цæуын дзæнæтмæ. Нæ цæуын! Нæ цæуын!.. Мæ бар мæхи нæу?! Нæ цæуын. Уым æцæг исты хорздзинадæй куы уаид — чызджытæ, минас æмæ æндæртæ, уæд Кафарæй раздæр уым чи балæууид! (Кусы туасæй). Фæлæ нæ, дзæнæтмæ иннæты æрвиты. Йæхæдæг та ам исбон æмбырд кæны. Минасæй тъæпп хауы... Хъуыстат: «Стафырæллæх, зæгъы, фервæзын мæ кæн!» Хæрæджы фырт, цæмæн дæ хъæуы ирвæзт? Бацу дæхицæн дзæнæтмæ, уым цъæх нæууыл рæсугъд чызджыты астæу дзæбæх дæ цард æрвит, минас кæн!

Михалы хъæлæс (йæхæдæг нæма зыны). Саламбег, а, Саламбег! Ам дæ цы?!

Саламбег (йæ сæр æрдиаггæнæгау тилы. Адæмы ’рдæм). Уый та иннæ хæрæджы фырт у... Ды дæ, Михал? Рацу мидæмæ!

Михал (Æрбазынди. Лæгъз хъæлæсæй). Дæ бон хорз уæд, Саламбег! Æнæ исты кусгæйæ ды цæрын нæ зоныс...

Саламбег. Куыст царды хос æмæ зæрдæйы рухс у.

Михал. Кусын хъæуы, кусын... Схъыг дæн, Саламбег, иунæгæй бадынæй æмæ, зæгъын, цон, Саламбеджы раз абадон, аныхæстæ та кæнæм истæй тыххæй.

Саламбег. Цы кæны, ныхæстæ дæр хорз.

Михал. Дис кæнын, Саламбег, иу хатт аргъуанмæ куыд не ’рцæуыс! Чырыстонхъæуы æрцардтæ, æмæ уынгæ уæддæр фæкæн. Алцы фенын дæр хорз у. Бакæс чырыстæтты куывдмæ дæр. Æз æнхъæлдæн, æмæ чырыстон дин дæ зæрдæмæ тынг фæцæудзæн. Хъыг дын ма уæд, фæлæ пысылмон дин мæнг дин у.

Саламбег. Кæс-ма, Михал, ацы гæрзмæ. Диссаджы бæзджын у, туас дзы зынæй хизы...

Михал. Адæймагæн фервæзæн ис æрмæстдæр чырыстон дины фæрцы.

Саламбег (мæсты кæны, йæ сæр æнкъусы). Ацы саргъ кусы фондз азæй фылдæр, уæддæр нæма баихсыди.

Михал. Хорз саргъ у, фæлæ чырыстон дин райс æмæ Хуыцауæн уарзонæй дæ цард æрвитдзынæ, стæй та дзæнæтмæ...

Саламбег (фестади мæстыйæ æмæ та æрбадти). Нал фæразын... Бауырнæд дæ, Михал, ацы саргъ ма фондз азы бакусдзæн. Кæс-ма мæнæ ацы гæрзмæ! Къамбецы гæрз у, æвæццæгæн. Фен-ма йæ, фен!

Михал. Хорз гæрз у, фæлæ чырыстон дин куы райсæй, уæд дын дзæнæтмæ фæндаг — цæттæ.

Саламбег (йæ сæр мæстыйæ æнкъусы). Дзæнæты мæнæ ацы гæрзæй хуыздæр гæрзытæ ис?

Михал. Гæрз та дзы цæй гæрз ис?!

Саламбег. Уæд, Михал, дзæнæты мæнæу та куыд зайы?.. Кæнæ картоф, нартхор æмæ æндæртæ?

Михал. Уым мæнæутæ-йедтæ нæ хъæуы, Саламбег. Уым адæймаг æфсæст уыдзæн Хуыцауы уындæй, зæдтæ æмæ дауджыты уындæй.

Саламбег (Сыстад. Мæсты каст кæны сауджынмæ. Адæмы ’рдæм). Кæдæм ма лидзон... Æгъгъæд у, Михал! Ныууадз мæ, Михал! (Фелвæста фæрæт.) Дæ сæр дын фадын, Михал!..

Михал (пæлæз йæ астæуыл æрбатыхта). О Чырысти, фервæзын мæ кæн! (Алыгъди.)

Саламбег. Хæрæджы фырт! Нал мæ уадзы æнæ дзæнæтмæ цæугæ. Уым исты хорздзинад куы уаид, уæд æй Михал хъæр дæр никæмæн скæнид, йæхæдæг æм сусæгæй бафардæг уаид. (Аппæрста фæрæт.)

Æмбæрзæн

ДЫККАГ НЫВ

Стыр уат постоялый дворы. Рæбинаг къулы — дуар æмæ рудзгуытæ.

Дуарæй æрбазынди хæдзары хицау, йæ фæдыл чидæртæ.

Хæдзары хицау. Мæнæ ацы уат уæгъд у. Цыппар хуыссæнæй уæ кæцытæ хъæуы, уыдон бацахсут. Сынтæджы аргъ — сомырдæг иу æхсæв.

Михал (æрбазынди, йæ хид сæрфы. Фæстæрдæм). Диакъон, æз никæдæмуал ацæудзынæн. Гостиницæ йеддæмæ постоялый дворы никуы æрлæууыдтæн, фæлæ ма цы гæнæн ис! Мæ бон нал у цæуын.

Диакъон (æрбазынди хордзентимæ). Кæдæм ма цæуæм, номертæ уæгъд куы никуы ис! Уæртæ уыцы дыууæ хуыссæны райсæм.

Фидынц æхца. Хæдзары хицау ацыди. Æрбадтысты сынтæгыл. Диакъон хордзентæ æрæвæрдта.

Михал. Нæ хъуыддæгтæ ахицæн кодтам. Исты ма нæ ферох ис, цымæ?

Диакъон. Æнхъæл нæ дæн.

Михал. Æнæ хъуыддагæй горæты бадын пайда нæу. Дзæгъæл хардз дзы бирæ хъæуы.

Диакъон. Райсом раджы араст уыдзыстæм нæхимæ, æндæр цы!

Михал. Цæудзыстæм, уæдæ цы кæндзыстæм!.. Куыд зæгъыс, диакъон, Саламбеджы бинонты пысылмон динæй чырыстонмæ куы раппарон, уæд цы уыдзæн?

Диакъон. Цы уыдзæн, цы? Бузныг дын зæгъдзæн пълагъодз32, стæй алчер дæр... Стыр бузныг дæ уыдзысты.

Михал. Æндæр ницы?

Диакъон. Нæ зонын, чи зоны ма исты уыдзæн.

Михал. Уыдзæн — нæ уыдзæн... Цы дын зæгъон, уый зоныс?

Диакъон. Цæмæй зонын, ды цы зæгъынмæ хъавыс!

Михал. Æз уый зæгъынмæ хъавын, æмæ ды дæ фындзæй æддæдæр ницы уыныс. Аст адæймаджы пысылмон динæй чырыстон динмæ куы райсон, уæд æмбойны æз мæхæдæг æрбауыдзынæн пълагъодз. Æнæуи хорзæхтæн æмæ æхцайæн та нымæц нæ уыдзæн... Уый бамбар, диакъон, гъе! Дæуæн дæр æмбойны сауджыны бынатмæ фæндаг ацараздзынæн.

Диакъон. Чырыстийы куы бафæндид!

Михал. Чырыстийы куынæ бафæнда, уæддæр æй сараздзыстæм. Афтæ уæдæ, гъе!.. Кафар алы бон дæр цæуы Саламбегмæ, пысылмон диныл æй уромы, фæлæ уымæй ницы рауайдзæн... Æз дæр къуыри раздæр иучысыл ахыл дæн Саламбегимæ. Уæдæй фæстæмæ йæм нал уыдтæн. Фæлæ уый ницы хъыгдары. Æвиппайды ахæм хъуыддаг кæм рæзы!.. Райхал-ма дæ цуры хордзентæ. Исты ахæрæм, аназæм.

Диакъон райста хордзентæ. Халы сын сæ бæттæнтæ. Къухтæ бæттæнтыл хæцгæйæ аззадысты. Сауджын дæр, диакъон дæр кæсынц дуары ’рдæм.

Хæдзары хицау (къæсæрæй æрбазынди, фæстæрдæм акасти). Мæнæ дзы дыууæ сынтæджы уæгъд ис, сæ аргъ иу æхсæв — фæйнæ сомырдæджы.

Хъæлæс (фæсте). Куыд зæгъыс, сохтæ, искуы нæ лæууын хъæуы æмæ ам æрынцайæм.

Сохтæ. Цы кæны, æрлæууæм ам. Иу æхсæв у æмæ кæмфæнды уæд. (Фидынц æхца.)

Хæдзары хицау ацыди. Къæсæрыл лæууы Кафар, йæ фæстæ — сохтæ. Зыны афтæ, цыма ног уазджытæ, сауджыны фенгæйæ, фæстæмæ фæзилынмæ хъавыдысты, фæлæ сæм æндæр хъуыды æрцыди æмæ нал ацыдысты. Сæ дыууæтæ дæр минуты бæрц æнæдзургæйæ кæрæдзимæ кæсынц.

Михал. Ацы уат мах баххуырстам.

Кафар. Мах дæр æй баххуырстам. (Бараст и мидæмæ, уæгъд сынтæджыты ’рдæм, йæ фæдыл сохтæ.)

Æрбадтысты уыдон дæр. Къорд рæстæджы дыууæтæ дæр кæрæдзимæ бакæс-бакæс кæнынц.

Михал. Сис, диакъон, исты ахæрæм, аназæм.

Диакъон. Хорз æмбæлд фестæм.

Диакъон хордзентæй цыдæртæ систа. Уыцы рæстæджы Кафар дæр йæ сохтæимæ сæхимидæг ныхас кодтой хæринаджы тыххæй. Систой кæрдзын æмæ джитъритæ. Дыууæтæ дæр байдыдтой хæрын.

Михал (сæн анызта). Диссаджы хорз сæн у. Аназ, диакъон. Ахæм сæн рагæй нал банызтон.

Диакъон. Тахынæг дæр тынг хорз у, хуыйы нард дзы бирæ ис.

Кафар (цæхгæр фæзылдис сæн æмæ хуыйы нарды коймæ, йæ дзыхы цы уыди, уыдон ракалдта пъолмæ). Сæн нуазынц! Хуыйы дзидза хæрынц мæ разы. Джауыртæ! Джауыртæ! Хуыйы дзидза чи хæры, уый йæхæдæг дæр хуы у. Сымах стут хуытæ, уæ дин дæр у хуыты дин. Фæйнæджы гæбæзтæ та — уæ хуыцæуттæ... Тфу, хуытæ!

Сохтæ. Чырыстæттæ иууылдæр хуытæ сты, уæдæ цы! Нæ хæрд нын сæнад кодтой.

Михал (фæлæууыди йæ хæрынæй). Пысылмон дин у куыйты дин. Уæхæдæг дæр стут куыйтæ. Хуыцау та уын æппындæр нæй. (Диакъоны ’рдæм). Сæ пехуымпар Мæхæмæтæн устытæ цас уыди, нæ зоныс?.. Æртæсæдæйы, раст æртæсæдæйы.

Диакъон. Ха-ха-ха... Сæдæ усы!.. Сæдæ усы... Ха-ха-ха... Уый дын, гъе!.. Сæдæ усы!..

Кафар (фестади, фæзмы). Афтæ будсудзæн атил-атил кæнут, къамбецы уаст кæнут уæ аргъуаны æмæ афтæмæй адæмы сайут! Уа... уа... уа... Жулик дæ, жулик, сауджын! Адæмы царм бастыгътай дæ гæды динæй. (Æрбадти.)

Сохтæ. Цæйдæр нывтæн аргъуаны пъатæ куы фæкæнынц, уæд ма уымæй диссагдæр цы уа! Кæнæ сæн хуыппытæ кæнынц, уый, дам, Чырыстийы туг у. Кæцæй у Чырыстийы туг? Дуканийы йæ куы балхæнынц!

Михал (сыстади). Кувгæ дзы молло куы нæ акæна! (Абадти дзуццæджы, фæзмы.) Иуырдæм, иннæрдæм акæс. Атутæ кæн. Рихитæ адау, истытæ адыгъал-дыгъул кæн. Ахæм гæдымитæй адæмы сайут... Жулик дæ, молло, жулик!.. Темболы хъуыддаг дæ ферох ис? Дæс боны дæр ыл куынæма цæуы. (Диакъоны ’рдæм.) Мæгуыр лæгæй райста уæныг æмæ æртæ туманы æхца... Сдзæбæх, дам, æй кæндзынæн. Мæнæ, дам, ын ацы чиныг йе ’фцæджы æрцауындзут æмæ уайтагъд адзæбæх уыдзæн... Уайтагъд амарди, уайтагъд. Дæ фыдгул афтæ фæуæд! Жулик дæ, жулик, молло! (Æрбадти.)

Кафар (йæ дæндæгтæ базыхъхъыр кодта). Райгуырди адæймаг — сауджынæн минас æмæ æхца. Ус æрхаста — сауджынæн минас æмæ æхца. Амарди — сауджынæн та минас æмæ æхца. Æртæ-цыппар боны размæ Рубаты идæдзæн та йæ иунæг хъуг чи байста? Сауджынæн, дам, афæдзы хъалон нæ бафыста, стæй, дам, йæ мой куы амарди, уæд аргъауæггаг ницы ратта. Ныр ус мæгуыргур зилы. Цалы бастыгътай афтæ, зæгъ-ма, сауджын?

Сохтæ. Æмæ бæрæгбоны куы азилынц хæдзæрттыл, уæд та! Æхца дæр æрæмбырд кæнынц, кæрчытæ уæд, æндæр уæд.

Михал (йæ дæндæгтæ базыхъхъыр кодта). Гъе, куыдз! Болаты суртæгæнаг чызджы хибар уатмæ куы бакодтай, уый дæ ферох ис? Сдзæбæх, дам, æй кæндзынæн. (Диакъоны ’рдæм.) Уым ыл тыххæй ныххæцыди, адзæбæх æй кодта.

Диакъон. Ха-ха-ха... Уый дзæбæхгæнæг у, гъе! Уый динамонæг у, гъе!

Кафар. Æмæ Дидоты ног чындзы фæдыл та скъæтмæ чи бацыди? Де рагъ дын цъыфæйдзаг фыййагæй куы снадтой!.. Ферох дæ ис? (Диакъоны ’рдæм.) Ногæхсад урс-урсид пæлæз сау дамгъæтæ æвæрдæй радавта.

Сохтæ. Ха-ха-ха... Уый динамонæг у, гъе! Скъæтмæ дин амонынмæ бацыди!

Михал (фырмæстæй дзурын дæр нал арæхсы). Куы-у-у-дз дæ æ-æ-мæ куы-дзы рæйд кæ-æ-æ-ныс!

Кафар (къухæй амоны). Уæртæ кæрты иу хуы фаджыстæ змæнты, уый ды дæ, ды!

Михал (тахынæг фехста Кафарыл). Куыдзы фырт, æз дын...

Кафар (фестади.) Стафырæллæх! Мæ былтæ хуыйы дзидзайæ сахуырстысты. (Фехста джитъри сауджыныл.)

Фæлæбурдтой кæрæдзимæ. Нæмынц.

Сохтæ (лæбуры сауджынмæ). Хуыйы фырт, æз дын!..

Диакъон (ацахста сохтæйы). Куыдзы фырт, æз дын!..

Цыппар дæр нæмыныл сты, сценæйы иу къуымы ’рдæм бахæццæ сты нæмгæйæ.

Хæдзары хицау (æрбазгъордта). Цæй хъæр у ай? Цы уыл æрцыди? (Иргъæвы сохтæ æмæ диакъоны).

Саламбег (æрбазгъордта). Цы ми кæнут ай, худинаг уын нæу? (Иргъæвы сауджын æмæ моллойы). Уæхи адæмæн зондамонæг куы хонут!

Нæмджытæ фæйнæрдæм алæууыдысты.

Саламбег (адæмы ’рдæм). Адонмæ кæсут?! Адон мæн сæ динтыл лæууын кæнынц! (Хылгæнджытæм.) Уæ динтæ дæр гæды, уæхæдæг дæр гæды. Жуликтæ стут æмæ адæмы сайут.

Æмбæрзæн

ГИГОЙЫ КУАДЗÆН

Иуактон пьесæ

АРХАЙДЖЫТÆ:

Гиго — зæхкусæг, 30-азыккон.

Пело — йæ ус, 27-азыккон.

Мелани — сæ чызг, 9-азыккон.

Сауджын Иосеб — 40-азыккон.

Диакъон — 25-азыккон.

Сыхаг ус

2-аг сыхаг ус

Сыхаг лæг — Иликъо.

Хæххон хæдзар. Астæуæй — къона. Къонайы сæрмæ рæхыс ауыгъд. Къонайæн йæ иу фарсырдыгæй даргъ бандон — дадайы бандон. Иннæрдыгæй — ныллæг табурет. Рæбынæй уæлвæйнæгыл, тæрхæджытыл — тæбæгътæ, къустæ æмæ æнд. Къулыл ауыгъд сасир æмæ æндæр дзауматæ.

ФЫЦЦАГ НЫВ

Фыццаг фæзынд

Гиго иунæгæй бады дадайы бандоныл.

Гиго. Кæддæра цы зæгъид Пело? Дисæй амæлдзæн, æндæр цы! Чысылгай йын æй зæгъон æви йын æвиппайды зæгъон? Цæй æмæ йын æй æвиппайды зæгъон, хæлиудзыхæй куыд аззайа, афтæ...

Афтæ хуыздæр уыдзæн!.. Фæлæ сыхæгтæм куы айхъуыса ацы хабар, иууыл диссаг уæд уыдзæн. Æвæццæгæн, хæлæгæй тъæппытæ хаудзысты... Хæрзаг зæгъынц, æмæ æз дæр уыдонау куадзæнбоны афтид фынджы фарсмæ æрбаддзынæн! Нæ, уый нæй... Æз Гиго дæн, Гиго, уый зонæнт. (Ахъуыды кодта.) Уæвгæ фарон мæнæн дæр мæ куадзæны фынгыл уыди æрмæст дзул, цæхх æмæ æртæ айчы... Æртæ стæм æмæ нæ фæйнæ айчы фæци... Æвзæр аз уыди фарон. Хъыбыл цыди фиддонтæн... Карк цыди фиддонтæн, айк цыди фиддонтæн... Æвзæр аз уыди фарон. (Ауыгъта йæ къух.) Ферох кæнын æй хъæуы.

Дыккаг фæзынд

Гиго æмæ Пело.

Пело (бацыдис). Цы хъуыр-хъуыр кæныс уый?

Гиго. Куы ницы хъуыр-хъуыр кæнын, мæнæ мæхицæн æнцад бадын...

Пело. Бадыс æнцад! Уæдæ цы дзурыс уый, ферох æй кæнын хъæуы, зæгъгæ? (Цыдæртæ архайы.)

Гиго. Ферох кæнын хъæуы, зæгъын, фароны куадзæн.

Пело. Бын бауай! Æмæ рох нæу фароны куадзæн? Чи ма кæны йæ кой?

Гиго. Æз кæнын йæ кой. Хъуыды ма кæныс, усай, нæ фынгыл цытæ уыди, уый?

Пело. Цæуылнæ хъуыды кæнын: дзул, цæхх æмæ æртæ айчы.

Гиго. Дзул, цæхх æмæ æртæ айчы. Дæс айчы ма дзы куы уыдаид, уæд бæргæ, фæлæ æртæ айчы! Гигойæн уый худинаг у!

Пело. Æмæ дæлæ нæ фарсмæ Гогийы фынгыл дыууæ айчы йеддæмæ куы нæ уыди, уый дæр нартхоры кæрдзынимæ.

Гиго. Æмæ уый Гоги у, æз та Гиго дæн, Гиго... Хъуамæ мæ куадзæны фынгыл ацы аз уа (паузæ)... цы, уый зоныс?

Пело. Цæмæй йæ зонын? Зæгъ æй, æмæ йæ уæд базондзынæн.

Гиго. Зæгъон дын æй?

Пело. Зæгъ-ма, зæгъ!

Гиго. Зæгъон дын æй?

Пело. Зæгъ, зæгъ, кæдмæ йыл ауæрдыс!

Гиго. Нæ куадзæны фынгыл уыдзæн (паузæ)... хæсгæ хъыбыл. (Гиго кæсы йæ усы цæсгоммæ. Ус не ’мбарæгау джихтæ кæны.)

Пело. Æмæ дын кæм уыдзæн уыцы хæсгæ хъыбыл? Уæртæ дын, æвæццæгæн, не ’лдар йæ хæсгæ хъыбылтæй ратдзæн!

Гиго. Æлдар мын нæ ратдзæн, фæлæ æз мæхæдæг мæхицæн ратдзынæн.

Пело. Гъы, дæ хорзæхæй, куыд уæддæр?

Гиго. Æртæ хъыбылы нæм ис? Ис. Уæдæ уыдонæн сæ тæккæ хуыздæры схæсдзыстæм, æмæ уый уыдзæн нæ куадзæны фынгыл.

Пело. Æзынма æцæг дзурыс... Мæстæймарæн ныхæстæ кæныс.

Гиго. Æппындæр нæ!

Пело. Бын бауай, æмæ уый куы акъæмс кæнæм, уæд уыйфæстæ цытæ кæндзыстæм? Нырма паддзахы хъалон фыст нæу. Нырма æлдарæн йæ зæххы аргъ нæма раттам. Хъыбылтæ дæр, кæрчытæ дæр нысангонд куы сты, уæд цытæ дзурыс? Афтæ мæстæй марыны тыххæй дзурыс?

Гиго. Нæ дæ марын мæстæй, Пело. Ма мын тæрс, ма. Уыцы хæрдзтæ дæр истæмæйты хицæн кæндзыстæм. Исты амалтæ кæндзыстæм уыдонæн дæр. Фæлæ ацы аз нæ фынгыл хъуамæ уа хæсгæ хъыбыл. Нæ фароны мæстытæ дæр хъуамæ ацы аз сисæм.

Пело. Нæ зонын...

Гиго. Цы зонын æй хъæуы... Хорз куадзæн хъуамæ саразæм.

Пело. Хорз куадзæнæй хуыздæр та цы ис, фæлæ мæнæ сывæллонæн дæр куадзæнмæ иу хæдоны гæбаз æлхæнын куы хъæуы, сыхаг сывæллæттæм хæлæг куыд нæ кæна, афтæ.

Гиго. Хæдонæй, хæлафæй Гиго цы нæ балхæндзæн, ахæм нæй.

Пело. Гъы, уæддæр Меланийæн хæдон цæмæй балхæндзынæ?

Гиго. Цæмæй?.. Фараст карчы дæм ис, Пело?

Пело. О. Хорз, ис мæм фараст карчы...

Гиго. Уыдонæй дыууæ ауæй кæндзыстæм, — æмæ дын уый Меланийæн хæдон.

Пело. О... лæгай! Хæдон йеддæмæ ма бирæ цыдæртæ хъæуы. Кæм — сапон, кæм — æндæхтæ, кæм — фæтæген æлхæнын хъæуы... Кæм цы, кæм цы. Гъе, Гиго, хæдзарæн бирæ цыдæртæ хъæуы.

Гиго. Ма тæрс, нæ фесæфдзыстæм, исты амалтæ кæндзыстæм. Фæлæ ацы аз нал ис гæнæн æнæ хорз куадзæн саразгæ!

Пело. Хорз куадзæнæй хуыздæр та цы ис, фæлæ...

Гиго. «Фæлæ», «фæлæ» мауал кæн, — куыд зæгъын, афтæ уыдзæн. Цон, æз сбæрæг кæнон, кæцы хъыбыл хуыздæр уыдзæн куадзæнæн, уый. Хицæнæй йæ тæсчъы бын бакæндзынæн. (Гиго ацыди.)

Æртыккаг фæзынд

Пело. Кæйдæр хъæлæс. Гигойы хъæлæс.

Пело хæдзары зилæнтæ кæны.

Кæйдæр хъæлæс (уынгæй). Гъе, дæ бон хорз, Гиго!

Гигойы хъæлæс (кæртæй). Хорз цæрай, Иликъо!

Иликъойы хъæлæс. Цы ми кæныс уый, Гиго, нартхорласæн кауимæ? Уалдзæг куы у, æви дæ нартхор æфснайд нæма фæци?

Гигойы хъæлæс. Цы ми кæнын, уый куы зонис, Иликъо, уæд дисæй амæлис.

Иликъойы хъæлæс. Уагæры цавæр у?

Гигойы хъæлæс. Мæнæ нартхорласæн кау сарайы æрцараздзынæн, мæ хъыбылты хуыздæры дзы бакæндзынæн æмæ йæ ардыгæй куадзæнмæ снард кæндзынæн.

Пело. Гъе... гъе! Афтæ йæ амæстæй мар Иликъойы.

Иликъойы хъæлæс. Æй, дæ бон ныссихай, Гиго. Æнхъæлдæн, æмæ минас кæныны фæнд скодтай куадзæнбоны.

Гигойы хъæлæс. Æмæ цæуылнæ скæнон минасы фæнд? Нæй мæм, цы? Æз Гиго дæн, Гиго, — чи мын æнхъæл дæ?

Иликъойы хъæлæс. Гиго дæ, уый та куыд нæ зонæм, фæлæ махмæ дæр уыдзæн, — дæумæ хæлæг нæ кæндзыстæм куадзæны. Цæй, рæстмæ у, фæлæ зон, мах дæр дæм нæ бахæлæг кæндзыстæм. Уыдзæн нæм. Рæстмæ у, рæстмæ!

Гигойы хъæлæс. Рæстмæ дæ Хуыцау уадзæд!

Пело (æхсызгон худт бакодта). Хорз æй амæстæй мардта. Цы кæны, цы кæны! Афтæ дæр хорз. Кæннод кус... кус æмæ мацы уын! Хус кæрдзын æууил æдзух! (Фæхъус ис.) Нæ сыхæгтæй чидæртæ мæстæй ныммæлдзысты... куадзæны хъыбыл хæссæм, уый куы базоной, уæд... Ныммæлдзысты хæлæгæй, уæдæ цы кæндзысты! Уæртæ зылындзаст Марикъойæн хæрзаг хъыг уыдзæн. Айфыццаг мæ нал уагъта, мах, дам, æхсæвæрæн карк аргæвстам... Мæстæй мæ мардта... Фæлæуу... Чысыл фæстæдæр æз истæй æфсон уыцырдæм бацæудзынæн æмæ йын базонын кæндзынæн, хъыбыл кæй хæссæм куадзæнмæ, уый. Кæсдзынæн ын йæ цæсгоммæ, кæддæра йын куыд ныттар уаид. Хъуамæ мæстæй йæ иннæ цæст дæр фæзылын уыдзæн... Æниу Къати нæ амæлдзæн мæстæй? Æниу Сонайæн æхсызгон уыдзæн? Мæ мæрдтыстæн, уый фынæй дæр нал кæндзæн мæстæй. Æниу...

Цыппæрæм фæзынд

Мелани æмæ Пело.

Мелани (базгъордта). Нана, нана... Ахуыргæнæг мын загъта «молодец», хорз, дам, ахуыр кæныс.

Пело (чызджы йæ хъæбысы акодта). Хорз, нанайы къона, æвзæр куы ахуыр кæнай, уæд дын æз хъыбылы дзидза нæ ратдзынæн.

Мелани. Кæм ис хъыбылы дзидза, нана?

Пело. Хъыбылы дзидза нæм уыдзæн куадзæны.

Мелани. Æмæ кæд уыдзæн куадзæн?

Пело. Куадзæн æрцæуы, æрцæуы. Æртæ къуырийы ма йæм ис. Уæдмæ хъыбыл снард уыдзæн. Акусарт æй кæндзыстæм, æмæ къæмс кæндзынæ хъыбылы дзидза.

Мелани. Æмæ раздæр нæ уыдзæн куадзæн? Æртæ къуырийы дард у, нана.

Пело. Æртæ къуырийы дард у? Гъе, мæ чызг, æртæ къуырийы уайтагъд агæпп кæндзысты, æмæ хъыбылы дзидза къæмс кæндзынæ. Ноджы дын куадзæнмæ балхæндзыстæм ног хæдон.

Мелани. Хæдон? Сырх хъулæттæ хæдон мын балхæнут, дидинджытæ йыл куыд уа, афтæ. Дæлæ Надяйыл дæр ахæм хæдон ис...

Фæндзæм фæзынд

Гиго, Пело æмæ Мелани.

Гиго (бацыд). Йæ къæдзил сау кæмæн у, уыцы хъыбылы равзæрстон,— уый иннæтæй уындджындæр у. Нартхорласæн кау ыл æрфæлдæхтон. Йæ разы йын нывæрдтон нæ гыццыл бæлæгъ æмæ уал ын уым чысыл цыдæртæ авæрдтон. Гъеныр мауал ауæрдут, хæссут ын алцы дæр, куадзæны сабатмæ уæныджы йас куыд суа, афтæ. Цы зæгъыс, чызг, хъыбыл уæныджы йас суыдзæн куадзæнмæ?

Мелани. Æмæ уæныг мæнæй дæр бæрзонддæр куы у. Хуы та ныллæг вæййы.

Гиго. Æмæ, чызг, æз Гиго дæн, Гиго, æмæ Гигойы хъыбыл суыдзæн уæныджы йас.

Мелани. Æмæ йæ стæй аргæвддзыстæм, нæ?

Гиго. Куадзæны фынгыл æвæрд уыдзæн æмæ йын ды йæ дзидза хæрдзынæ.

Пело. Йæ дзидза йын къæмс кæндзæни Мелани.

Мелани. Йæ фæрсчы дзидза адджын вæййы.

Пело. Æмæ иннæ дзидзайæ нæ бахæрдзынæ?

Мелани. Цæуылнæ? Фæрсчытæ хæрд куы фæуой, уæд та иннæ дзидзайæ хæрдзынæн.

Пело. Уæдæ къæбæртæ-æндæртæ æмбырд кæн æмæ сæ хъыбылы раз бæлæгъы æппар.

Мелани. Æз ын ныртæккæ дæр... (Рамбырд кодта цыдæр къæбæртæ æмæ азгъордта хæдзарæй.)

Æхсæзæм фæзынд

Гиго æмæ Пело.

Гиго. Цы зæгъыс, Пело, хъыбылы кусарт нæ куадзæны фынгыл уыдзæн, и?

Пело. Уыдзæн, уæдæ цы кæндзæн!

Гиго. Уæдæ, æз Гиго дæн, Гиго, уый зон! (Йæ риу бахоста.)

Пело. Æз ын ныртæккæ картофы цъæрттæ афыцдзынæн.

Гиго. Ды йын фыц, цы дæ фæнды, уый, фæлæ йын æз æндæр фæнд кæнын.

Пело. Цы фæнд?

Гиго. Цы фæнд, куы зæгъай, уæд-ма голлаг радав ардæм, дæ разы æмпъызтытæ чи у, уыцы голлаг, æз ын хъæдæй хуыскъæлтæ æрхæссон.

Пело. Де ’ккойы дын зын нæ уыдзæн?

Гиго. Зын уæд. Æнæ зынæй ницы ис. Æз ын уыйфæстæ дæр хæсдзынæн. Кæд æй нард кæнæм, уæд ахъаззаг... Æз Гиго дæн, Гиго, уый зон.

Пело. Гиго кæй дæ, уый æз ныр аст азы дæргъы зонын...

Гиго. Уæдæ йæ зон! (Йæ риу хойы.)

Пело рахаста голлаг, Гиго фæцæуы.

Æмбæрзæн

ДЫККАГ НЫВ

Уыцы сценæ, куыд уыди, афтæмæй. Уæларт аг ауыгъд.

Фыццаг фæзынд

Пело æмæ Мелани.

Мелани. Кæд уыдзæн, нана, куадзæн, кæд? Цæй æрæгмæ цæуы?

Пело. Райсом у, мæ къона, куадзæн, райсом. Æрхæццæ ис.

Мелани (цины змæлдтытæ кæны). Куадзæн æрцыди! Куадзæн æрцыди! Махмæ хъыбыл ис! Махмæ хъыбыл ис! (Азгъордта хæдзарæй.)

Дыккаг фæзынд

Пело.

Пело. Мæгуырæг, цы цин кæны! Азгъордзæн æмæ йæ йе ’мбæлттæн дзурдзæн... Кæдæй-уæдæй хъыбыл! Цæуылнæ? Кæннод кус æмæ кус æмæ мацы уын!

Æртыккаг фæзынд

Пело.

Xъæлæс (дуары æддейæ). Кыс... кыс... Пело, ам дæ, цы?

Пело. Ам дæн, ам. Чи дæ? Мидæмæ!

Цыппæрæм фæзынд

Пело æмæ сыхаг ус.

Сыхаг ус (дуарæй базынди). Дæ бон хорз уæд!

Пело. Кæй бон у, уый хорзæх дæ уæд!

Сыхаг ус. Сасирмæ дæм æрбауадтæн. Бæрæгбон у æмæ, æндæр ницы, фæлæ чъиритæ уæддæр ракæнон... Уый дын нæ куадзæн! Сымах та... Хуыцау уын раттæд ноджыдæр... Хæсгæ хъыбыл уыдзæн уæ куадзæны фынгыл. Сыхæгтæ уый кой йеддæмæ æндæр ницыуал кæнынц. Æнахуыр нард, дам, сси. Куы зониккат, куыд уæм хæлæг кæнынц чидæртæ.

Пело. Снард ис. Тынг снард ис... Хæдæгай, нæ рæсугъд хъулон дурын нын куы зыдтай... Нал ис.

Сыхаг ус. Цы уын фæци?

Пело. Цы фæци, куы зæгъай, уæд ныммур ис.

Сыхаг ус. Куыд уæддæр?

Пело. Куыд, куы зæгъай, уæд ахæм хабар æрцыди. Хуымæтæджы нард, мыййаг, не сси нæ куадзæны хъыбыл — æнæгъдау нард сси æмæ сфыдуаг ис. Фыдуаг дæр афтæ сси, æмæ нартхорласæн кау... О... о, нартхорласæн кауы мидæг æй дарæм. Æмæ кау йæ сæрыл рахæссы... Йæ зæрдæ фырнардæй бухъ у æмæ, цы акæца, уый нæ зоны... Кау иуварс аппары æмæ раирвæзы. Куы раирвæзы, уæд кæрты æмæ хæдзары къуымты æртæ зылды æркæны. Ныр ыл цыппар-фондз боны цæуы, афтæ та раирвæзти æмæ хæдзары смидæг и. Дурын уæртæ ныллæг тæрхæгыл æвæрд уыди. Раппæрста йæ æмæ батæгæлтæ ис...

Сыхаг ус. Æвгъау уыди. Æвæджиау дурын!

Пело. Уæдæ... Уæдæ! Тынг хъыг ыл фæкодтам. Чызг дæр æй бирæ уарзта,— куы асасти, уæд ыл куыдта.

Сыхаг ус. Мæ къонайыл! Нæ мæ æвдæлы, афтæмæй дзурыныл схæцыдтæн... Цæй, авæр мын сасир æмæ цæуон. Фæссихор уын æй æрбадавдзынæн.

Пело (дæтты сасир). Ма йæ ферох кæ, хъæудзæн нæ.

Сыхаг ус. Цавæр рох у? (Ацыди.)

Фæндзæм фæзынд

Пело иунæгæй.

Пело. Хъусыс уымæ, хæлæг, дам, уæм, кæнынц чидæртæ! Æмæ йæхæдæг та, йæхæдæг? Йæ цæстæнгас афтæ куы зæгъы: «Ма уын бантыса. Уæ хъуыры фæбада! Низ уын...»

Æхсæзæм фæзынд

Пело. Хъæлæс дуары æддейæ.

Xъæлæс. Кыс... кыс... Пело, ам дæ, цы?

Пело. Чи дæ? (Акасти дуарæй.) Рацу мидæмæ!

Xъæлæс. Уыйас мæ не ’вдæлы... Цæй, хорз.

Æвдæм фæзынд

2-аг сыхаг ус æмæ Пело.

2-аг сыхаг ус (бацыдис хæдзармæ). Куыдтæ стут? Рагæй дæ нал федтон.

Пело. Цæрæм чысылгай, бонæй-бон æддæдæр кæнæм... Уæхæдæг куыдтæ стут?

2-аг сыхаг ус. Æнæниз стæм, уый æцæг у, фæлæ сомбон куадзæн у, куадзæн! Æмæ нæ ком цæмæй суадзæм, уый нæй. Уæвгæ, цæй комуагъд у, нæ зонын... Æдзух дæр мархо куы дарæм!.. Афтæ уæддæр... Æгъдау æххæст кæнын хъæуы... Цы чындæуа — карк дæр нал баззад — фæуæй сæ кодтам нæ хъуæгтыл. Карк нæй æмæ айк дæр нæй.

Пело. Мæ боныл, æна... Мæ боныл, æна! Зын цæрæн сси, зын.

2-аг сыхаг ус. Куыннæ у зын цæрæн! Ныр нæ ком суадзынæн, æндæр ницы, фæлæ иу-дæс айчы дæр ма уа! Сымахмæ хæлæг кæнынц иууылдæр, — хæсгæ хъыбыл, дам, уыдзæн сæ куадзæны фынгыл.

Пело. Уыдзæн бæгуыдæр. Алы аз къухы кæм æфты, фæлæ нæм ныр ис... Æмæ куыд снард ис, куыд, уый куы зонис. Диссаджы нард!.. Нæ рæсугъд хъулон дурын ын нæ зыдтай?

2-аг сыхаг ус. Куыннæ йæ зыдтон!

Пело. Уæдæ нал ис уыцы дурын.

2-аг сыхаг ус. Цы уын фæци?

Пело. Цы фæци, куы зæгъай, уæд æрцыди ахæм хабар. Хуымæтæджы нард, мыййаг, не сси нæ куадзæны хъыбыл,— æнæгъдау нард сси æмæ сфыдуаг ис. Фыдуаг дæр афтæ сси, æмæ нартхорласæн кау... О... о... нартхорласæн кауы мидæг æй дарæм. Æмæ кау йæ сæрыл рахæссы, йæ зæрдæ фырнæрдæй бухъ у æмæ, цы акæна, уый нæ зоны. Кау иуварс аппары æмæ раирвæзы, куы раирвæзы, уæд кæрты æмæ хæдзары къуымты æртæ зылды æркæны. Ныр ыл цыппар-фондз боны цæуы, афтæ та раирвæзти æмæ хæдзары смидæг ис. Дурын уæртæ ныллæг тæрхæгыл æвæрд уыди. Раппæрста йæ, æмæ æвæджиау дурын батæгæлтæ ис...

2-аг сыхаг ус. Рæсугъд дурын уыди,— æз æй хорз хъуыды кæнын... Цæмæн дæм æрбауадтæн, уый дын зæгъон. Нæ ком уæддæр истæмæй суадзын хъæуы, æмæ нæм ницы ис. Авæр нын, дæ хорзæхæй, иу-дæс айчы. Къуырийы æмгъуыдмæ дын сæ ахицæн кæндзынæн.

Пело. Цытæ дзурыс? Нырма кæрчытæ æфтаугæ дæр куы нæ кæнынц. Цы хуызæн уазал хæссы, уый уыныс. Нæй... нæй, мæ хур... æндæра нæ бацауæрдин.

2-аг Сыхаг ус. Зонын æй, зонын... Куы нæ уа, уæд цы гæнæн ис!.. Цон, æндæр исты амал кæнын хъæуы... Дæ бон дæхи фæндиаг уæд.

Пело. Зæрдырай фæу, зæрдырай!

2-аг сыхаг ус ацыди.

Æстæм фæзынд

Пело иунæгæй.

Пело. Ратт уымæн æйчытæ... Уæвгæ кæм ис, фæлæ... Къуырийы фæстæ дын сæ ахицæн кæндзæн! Цæмæй? Иу карк дæр æм куы нæ ис! Йæхæдæг æрæфтаудзæн? Кæй асайдæуа, уыцы чызг нæ дæн æз дæр.

Фарæстæм фæзынд

Гиго æмæ Пело.

Гиго (бацыди). Гъы, Пело, кæм ис дæ чызг? Æдзух куадзæн, куадзæн кодта. Æрхæццæ йын ис ныр. Хæрзаг цин кæндзæн!

Пело. Æнхъæлмæ кæсынæй, мæгуыр, нал фæрæзта. Ныртæккæ йын куы загътон, куадзæн райсом у, зæгъгæ, уæд, фырцинæй цы акодтаид, уый нал зыдта. Азгъордта уынгмæ, æвæццæгæн, йе ’мбæлттæн дзурдзæн, куадзæнæн нæм хæсгæ хъыбыл ис, зæгъгæ.

Гиго (æрбадти дадайы бандоныл, фæстæмæ йæхи ауагъта) Гъы, Пело, цы зæгъыс? Куыд у нæ хъыбыл? Нард у?

Пело. Нард у, уæдæ цы у! Цы дзы загъдæуа! Фæлæ æз Калачы куы уыдтæн, уæд дзы нарддæртæ федтон.

Гиго. Нæ, Пело, федтаис дзы, уый зонын, фæлæ уæддæр ахæмтæ нæ уыдаиккой. Махонæн йæ нард цармæй æддæмæ бырсгæ кæны, бырсгæ!

Пело. Нард у, лæгай, цы дзы загъдæуа!

Гиго. Уæдæ дын æз цы зæгъон, Пело, уый зоныс?

Пело. Цæмæй йæ зонын?

Гиго. Йæ нард цармæй æддæмæ бырсгæ кæны, бырсгæ.

Пело. Уый фехъуыстон. Загътай йæ.

Гиго. Æмæ йæ ноджыдæр фехъус, дæ сæрымагъзы куыд ныффидар уа, афтæ... Йæ нард цармæй æддæмæ бырсгæ кæны, бырсгæ.

Пело. Бырсы, бырсы, уæдæ цы кæна?

Гиго. Уæдæ дын æз цы зæгъын, Пело, уый зоныс?

Пело. Цæмæй йæ зонын?

Гиго. Бауырнæд дæ, Пело, мах хъыбыл Гиго æмæ Пелойы фынгыл нæ, фæлæ дæлæ нæ кънйазы фынгыл дæр сфидаудзæн.

Пело. Сфидаудзæн, лæгай, сфидаудзæн, — цæуылнæ сфидауа?

Гиго. Уæдæ дын æз цы зæгъын, Пело, уый зоныс?

Пело. Цæмæй йæ зонын?

Гиго. Нæ кънйазы фынгыл нæ, фæлæ суанг паддзахы фынгыл дæр сфидаудзæн.

Пело. Сфидаудзæн, лæгай, сфидаудзæн, цæуылнæ сфидауа?

Гиго. Уæдæ, цæй...

Дæсæм фæзынд

Мелани, Гиго æмæ Пело.

Мелани (базгъордта). Райсом куадзæн!.. Райсом куадзæн!

Пело. О... о..., мæ къона. Райсом куадзæн у, æмæ ды хъыбылы дзидза къæмс кæндзынæ.

Мелани. Куадзæн æрцыди, куадзæн æрцыди! (Цин кæны.)

Гиго. Фен, Пело, лыстæг кард, тæбæгътæ, æндæртæ, æмæ цом сарамæ. Афон у ныр. Афснайæм нæ хъыбылы. О... о... Дон ахъарм кæнын хъæуы.

Пело. Дон ис уæларт.

Иуæндæсæм фæзынд

Мелани, Гиго, Пело. Хъæлæс кæртæй. Сауджын, диакъон.

Куыдзы рæйын — кæртæй.

Xъæлæс кæртæй. Гъе, Гиго, ам дæ, цы?

Гиго, Пело æмæ Мелани фæджих сты.

Гиго (дуарæй акасти). Уый Иосеб куы дæ! Рацæут мидæмæ. Уæхи артмæ атавут. Уазал бон у.

Хъæлæс кæртæй. Цæй, диакъон, бауайæм, иучысыл абадæм.

Дуарæй базынди сауджын Иосебы хытъынджын, цæсгом — сырх.

Йæ фæдыл диакъон.

Дыууадæсæм фæзынд

Гиго, Пело, Мелани, сауджын æмæ диакъон.

Сауджын. Æвæджиау хорз бон скодта, æмæ мæнæ диакъонимæ рараст стæм афтæ уæнгтæ айвазынмæ, рæууон уæлдæфæй аулæфынмæ.

Гиго. Цы кæны,— хи аирхæфсын хорз у... Сбадут.

Сауджын сбадти. Диакъон лæууы.

Диакъон. Æз лæугæ дæр акæндзынæн.

Гиго. Бафæлладаиккат æгас мархойы дæргъы аргъауынæй.

Сауджын. Хуыцауæн кусæм... Хуыцауæн кусæм... Æмæ куы фæллайæм, уæддæр хъуамæ «фæллайæм» ма зæгъæм. Куыдтæ стут, цы стут, уæдæ, Гиго, Пело? Уæ сывæллон та куыд у? О... о, мæнæ куы ис! Скъолайы ахуыр кæны?.. Ацы аз бацыди, нæ? Ахуыр кæнын хорз у. Хуыцауы диныл ахуыр кæнын хъæуы.

Пело. Нæ чызг ахуыр кæныныл нæ ауæрды. Æрæджы æрбазгъордта æмæ афтæ: «Ахуыргæнæг мын абон загъта: „Молодец“. Хорз, дам, ахуыр кæныс».

Мелани. О... о... ахуыргæнæг мын загъта «молодец».

Сауджын. Ахуыр кæнын хорз у, чызг... Куыд у йæ ном уæ чызгæн?..

Пело. Мела.

Гиго. Мелани хуыйны, Мелани.

Сауджын. Мелани, рауай-ма! (Йæ сæрыл ын къух æрхаста.) Зивæг ма кæн. Хорз ахуыр кæн. Тынгдæр ахуыр кæн, æз уын цытæ амонын, уыдон — дины хъуыддæгтæ. (Фæзылди Гиго æмое Пеломæ.) Æгæр рог дарæс ис уæ чызгыл... Нырма уазал у...

Гиго. Исты амæлттæ йын кæндзыстæм.

Пело. Балхæндзыстæм ын исты.

Сауджын (афæлгæсыди хæдзары къуымтыл). Бавдæл, Гиго, æмæ æндæр хæдзар сараз. Хорз хæдзар. Стыр рудзгуытæ дзы скæн. Цæрæнбынат хъуамæ рухс уа. Ахæм къонайы бæсты та дзы швейцайраг пец самайын кæн. Уый бирæ хъарм дæтты.

Гиго. Кæм ис уыдæтты фаг?

Пело. Дæлæ дуканийы хицау хорз пец самадта йæ хæдзары. Хъарм у, рухс у. Афтæ куы уаид махмæ дæр, бæргæ, æмæ кæм ис уый?

Диакъон. Уый ахæм пец у, гъе, швейцайраг.

Сауджын (уыдонмæ нæ хъусгæйæ). Цардæн бирæ хорз амæлттæ ис æмæ сæ зонын хъæуы. Хом дон нуазын зиан у. Уым алы æвзæр микробтæ вæййы æмæ адæймагыл низтæ æфтауынц. Уыдонæй хи хъахъхъæнын хъæуы. Адæймаджы æнæниздзинады тыххæй хорз у алы бон хи найын, кæнæ та хиуыл душ æруадзын.

Гиго. Уый та цы мыггаг у — душ?

Пело. Уый та цы мыггаг у — душ?

Сауджын. Уый у ахæм дзаума — ис дзы лыстæг хуынчъытæ бирæ. Арæзт вæййы цары бын. Дæхи сбæгънæг кæн æмæ къран фездух. Уарынау дыл æркалдзæн дон æмæ дæ дæ сæрæй дæ къæхæм æрæхсдзæн.

Диакъон (къухæй амоны). Æркæлдзæн, афтæ, гъе.

Сауджын. Уыйфæстæ, цыма, цъæтæй конд дæ, уый хуызæн хъæддых кæсдзынæ дæхимæ, рог æмæ хъæлдзæг уыдзынæ.

Гиго. О Иосеб, ахæм дзауматæ та мах къухты кæцæй æфты?

Сауджын. Мæнмæ ис, — бирæ йын нæ хъæуы. Афтæ зынаргъ, мыййаг, нæу.

Гиго. Нæ, уæддæр мах бон уый нæ бауыдзæн.

Пело. Дæлæ дуканийы хицаумæ дæр федтон иу ахæм цыдæр. Уый у, æвæццæгæн, душ.

Сауджын. Иу хъуыддаг ма ис, — нæ адæм æгæр фæллайын кæнынц сæхи куыстæй æмæ уый зиан кæны адæймаджы æнæниздзинадæн... Бакус нывыл æмæ та баулæф. Афтæ хъæуы, уæдæ цы! Алкæмæн дæр æмбæлы уыдæттæ зонын.

Гиго. Алкæй къухы не ’фты уыдæттæ æххæст кæнын.

Паузæ. Сауджын æмæ диакъон кæрæдзимæ бакастысты.

Сауджын. Раст куы зæгъæм, Гиго, уæд уæм иучысыл хъуыддаджы тыххæй æрбацыдыстæм. Уæ дуæрттыл фæцæйцыдыстæм, æмæ мæ зæрдыл æрбалæууыди. Чысыл цыдæр ма нæ дардтат... Загътам, цом бауайæм Гигомæ. Уыдон, зæгъын, Хуыцауы уарзон адæм сты. Уыдонмæ, зæгъын, кæддæриддæр бауайын æмбæлы.

Паузæ. Гиго аджих ис, кæсы Пеломæ.

Пело (фæхъуыды кодта). Рох нæу, сауджын, уый. Цы уæ дарæм, уый ахицæн кæндзыстæм.

Гиго. Нæ хъуыды кæнын, Пело, цавæр хæс ныл баззади?

Сауджын. Фарон уæ лæппу куы амарди, рухсаг уæд, уæд нын æхцайæ сомырдæг йеддæмæ нæ раттат, нæ уæм уыди, æмæ афтæ загътат, мæнæ, дам, нæм хъыбылтæ куы рацæуа, уæд уын дзы иу ратдзыстæм.

Паузæ. Гиго æмæ Пело æнкъардæй кæрæдзимæ кæсынц.

Тынг æвзæр рæстæг скодта. Никæцæйуал нæм ницы хауы, йе чындзыл аргъуыд нæй, йе æндæр исты нæй, æмæ афтæмæй фыдæбæттæ кæнæм.

Гиго æмæ Пело æдзæмæй лæууынц.

Цæй, ацаразут нæ, æмæ мах цæуæм. Тынг æхсызгон нæ хъæуы. Дарддæр æмгъуыдгæнæн нал ис.

Пело. Цу, Гиго, хъуæгтæ стæм, фæлæ цы гæнæн ис?.. Сау хъулон хъыбыл... Уый хуыздæр уыдзæн...

Гиго къæсæрæй куыддæр ахызти, афтæ тыргъæй хъыбылы хъыллистытæ ссыди. Гиго хъыбылы суры кæртмæ, уый нæ комы. Сауджын фестади, йæ фæдыл диакъон.

Сауджын (тыргъмæ кæсы). Уый хъыбыл у, гъе!

Диакъон. Уый хъыбыл у, гъе!

Сауджын. Куадзæйнаг хъуамæ ахæм уа, гъе!.. Гиго, Пело, хъуамæ мын ацы хъыбыл раттат! Куы зониккат, куыд бузныг уæ фæуыдзæн не ’фсин! Тынг бузныг, тынг... Акæсут-ма: стъолæн йæ иу кæроныл гогыз, иннæ кæроныл уæрыкк, а хъыбыл та астæуæй.

Диакъон. Сырх айк йæ дзыхы...

Сауджын. Сырх айк йæ дзыхы... Тынг хорз фидаудзысты!

Пауза. Гиго æмæ Пело æдзæмæй лæууынц.

Пело. Уæдæ куыд вæййы,— хъыбыл уæ дарæм, Иосеб, æмæ уын æй ратдзыстæм. Ацы хъыбыл уа, æндæр уа, уæддæр уын ратдзыстæм... Æз ныртæккæ... (Ус дуары ’рдæм фæраст ис. Сауджын æй фæурæдта).

Сауджын. Фæлæуу, Пело, мæнæ ацы хъыбыл, ацы! Æмæ куы зониккат, куыд бузныг уæ фæуыдзæн не ’фсин! Тынг бузныг, тынг!

Пело. Иннæ уымæй æвзæрдæр нæу. Æз æй ныртæккæ...

Сауджын. Марадз, диакъон, рацахс хъыбылы. Пело, аххуыс ын кæн ды дæр!

Диакъон (худы). Цæй æххуыс мæ хъæуы? фыццаг хатт, мыййаг, куы нæ ахсын!.. Æз ахæмтæ бирæ рацахстон.

Ауади тыргъмæ. Тыргъæй хъыбылы хъыллистытæ ссыди.

Сауджын. Пело, æххæст нын голлаг авæр, цæм æй ахæссæм! Ныртæккæ уын æй фæстæмæ æрбарвитдзынæн.

Пело ратта голлаг. Диакъон хъыбылы голладжы авæрдта æмæ йæ йе ’ккойы баппæрста. Ацыди. Хъуысынц хъыбылы хъыллистытæ.

Сауджын. Бузныг, Пело, Гиго! Не ’фсин дæр уæ тынг бузныг фæуыдзæн. (Йæхи æрбатыхта кæрцы æмæ къæсæры æдде фæци.)

Мелани уæды онг ницы æмбарæгау касти. Ныр ныцъцъæхахст кодта æмæ азгъордта хæдзарæй.

Меланийы хъæлæс. Кæдæм нын хæссут нæ куадзæны хъыбылы? Æриут нын æй!

Сауджыны хъæлæс. Цæмæн рауагътат сывæллоны бæгъæввадæй, бæгъæмсарæй? Акæнут æй, — фæпрастуд уыдзæн!..

Гиго æмæ Пело цавддуртау лæугæйæ баззадысты, кæрæдзимæ бакæсын дæр нæ уæндынц. Мелани кæугæйæ бауади, пъолыл йæхи æрæппæрста æмæ дзыназы.

Æмбæрзæн

ПОЭЗИ

МАДИНÆ

Поэмæ

Кæд уыди, — нæй зонæг, —

Кæд æрцыд, кæд айхъуыст

Хабæрттæй æбуалгъдæр

Нæ хæххон бæстæтыл.

Уæлладжыры хæхты,

Цыбыр тар фæскомы,

Чысыл хъæу уæд царди.

Уыди дзы хæдзæрттæ

Æдæппæт æхсæрдæс, —

Куыд мæргъты цæрæнтæ

Зындысты дæрддзæфмæ.

Кæрдæгæй сæрдыгон

Мæгуыр хъæу нæ уыди,

Йæ хор дæр-иу зади

Бæллиццаг тыллæгæй.

Йæ дзугтæ хызтысты

Цъæх-цъæхид къуыппытыл.

Зымæгон нæ зынди

Хъæу миты хъæпæнтæй.

Зæбултæй йæ сæрмæ

Къуыппытыл, бæрзæндтыл,

Æмбырдтæ-иу кодта

Мит, зæйты рæдзæгъдтæй.

Уым царди æвзонг чызг,

Рæсугъд чызг Мадинæ.

Йæ сæнт сау цæстытæ

Зæрдæйы сæхимæ

Æнауæрдон ластой.

Йæ бæрзонд æрфгуытæ

Йæ фидауц цæсгомыл

Къæлæттау зындысты.

Уыд нарæг йæ астæу,

Йæ цыд-иу нæ зынди.

Йæ кафт та уыд ленкау.

Йæ худт-иу æрттывта

Раст хуры фæзындау.

Уыди, уыд, Мадинæ

Æвзонгæн зæрдæхор,

Зæрондæн цæстæнцой,

Кæмæн та мæстæй мар.

Цыдысты йæм курæг

Хæрзæгдæр лæппутæ.

Цыдысты Тæгиатæй,

Цыдысты Дыгурæй,

Цыдысты Кæсæгæй,

Цыдысты Асыйæ,—

Сæ иуæн «разы дæн»

Нæ дзырдта Мадинæ.

Уыди ма йæ курæг

Сæ сыхаг лæппу дæр,

Хуынди уый Бесæгъуыр;

Уыди уый куыстуарзаг,

Уыди уый æнцон лæг,

Хыл кæнын нæ уарзта,

Æвзæртæ нæ дзырдта,

Къæрных дæр нæ уыди,

Уындæй та, уæвгæйæ,

Нæ уыди бæллиццаг.

Сабыр уыд Бесæгъуыр,

Æфсармджын, æгъдауджын,

Нæ уæндыд йæ зæрдæ

Æргом кæнын чызгæн,

Тæрсгæ дæр дзы кодта:

Разы йын куы нæ суа,

Мыййаг ыл куы схуда,

Къæйных æй куы схона,

Йæ уарзæг зæрдæ йын

Куы асæтта «нæ»-йæ.

Уæддæр ын йæ фæндтæ

Куы загъта уый хъазты:

«Нæ дæн æз хъæздыг лæг,

Нæ дæн æз уæздан лæг,

Куыстæн мын ис къухтæ,

Зæрдæ та — дæу уарзтæн.

Фыдæбон кæнгæйæ,

Цæрдзыстæм <мах> искуыд».

Мадинæ ныххудти

Бесæгъуырыл хъазты, —

Æппæт дæр æй хъуыстой,

Чъылдым æм фæзылдта.

Хъыггæнгæ Бесæгъуыр

Сæхимæ фæцыди...

Мадинæйы зæрдæ

Куы уыди ахст рагæй, —

Йæ бæллиц <уæд> чи уыд, —

Нæ дзырдта æппындæр.

Йæ бæллиц та царди

Гъе, уыцы хъæубæсты.

Уыди уый лæппулæг,

Йæ ном уыд Саугуди —

Уындджын лæг, хæрзконд лæг.

Хуыдтой йæ æнæгъдау

Æппæт дæр хъæубæсты,

Хуыдтой йæ къæйных лæг,

Хуыдтой йæ æдзæсгом.

Уыди уый сæрыстыр,

Сæрыстыр æнæбон...

Йæхæдæг дæр лæппу

Мадинæйы уарзта,

Æнæхуыссæг арæх

Æхсæв-иу уый кодта,

Куы рысти йæ зæрдæ,

Дзæгъæлтæ куы кодтой

Йæ хъуыдытæ арæх.

***

Уыд Рекомы стыр бон.

Хъæубæсты æппæт дæр

Бæрæгбон карз кодтой.

Хæдзарæй хæдзармæ

Хъæубæсты зæрæдтæ

Цыдысты къæрдгæйттæй.

Хæрд-нозтæй сæ фынгтæ

Æмыдзаг уыдысты.

Рæгъытæ фæд-фæдыл

Æдзухæй цыдысты.

Дзуар-дауæг нæ баззад

Æппындæр фæсвæды,—

Сæ алкæй ном ардтой

Хъæубæсты зæрæдтæ.

...........................

...........................

Уæд хъæуы æддейы,

Сæ хъазæн тъæпæныл,

Æрцарæзтой стыр хъазт

Æнхъæлцау фæсивæд —

Лæппутæ, чызджытæ...

Фæндыры рæсугъд цагъд,

Уæд къухты æмдзæгъд дæр,

Уæд фæйнæгыл цагъд дæр,

Уæд кафджыты хъæртæ —

Куы хъуыстысты дардмæ.

Тымбыл кафты бацыд

Лæппулæг Саугуди

Йæ уарзон чызгимæ,—

Сæ уарзон зæрдæтæ

Æнæ дзырдтæй загътой

Кæрæдзийæн «уарзын».

Уæд мæнæ ыстыхджын

Симд — къухтылхæцгæ кафт.

Йæ уарзон чызгыл та

Ныххæцыд Саугуди,

Фæцæуы фыццаг зылд

(Нæй дзурæнтæ рæнхъы),

Фæхицæн сты рæнхъæй,—

Уæд ризгæ хъæлæсæй

Лæппулæг Саугуди

Мадинæйæн дзуры:

— Мæ цардæй фылдæр дæ

Æз рагæй куы уарзын,

Мæ зæрдæ æдзухдæр

Куы дзуры дæуимæ...

Æнцой мын бон нал ис,

Хуыссæг та — æхсæвы,

Мæ цард мæ æнæ дæу

Æппындæр нæ хъæуы.

Разы мын куы зæгъис,

Цæриккам уæд иумæ.

Хæссин дæ мæ къухтыл...

Даритæ — дæ дарæс.

Дæ комдзаг — æвзаргæ...

«Ды цæрай» куы кæнин

Мæ дунейы бонты.

...........................

...........................

Цæуы симд йæ уагыл.

Фæзилы дыккаг рæнхъ.

Саугуди, Мадинæ

Фæхицæн сты рæнхъæй.

Йæ сæнт сау цæстытæ

Мадинæ æруагъта,

Æфсармджын хъæлæсæй

Æнцадæй ысдзырдта:

— Æз уарзын дæу рагæй...

Мæ боны хъуыдытæ,

Æхсæвы сæнттæ дæр

Уыдысты дæу тыххæй.

Ныр дын æз зæгъдзынæн:

Мæ цард æз ныфсджынæй

Дæ цардыл ысбæттин.

Ныуулæфыд лæппу,

Цыма дзы ыстыр уаргъ

Йæ рагъæй æрхаудта...

Сæ кафт ныр æдзæмæй

Кæронмæ цыд дарддæр.

Æдзæмæй сæ алчи

Хъуыдыты ныгъуылди.

***

Æгъдауæй фыдæлтæм

Лæппу ’мæ чызджы ’хсæн

Æргомæй æмбæлдæн

Гæнæнтæ нæ уыди...

Фæсаууæтты, къуымты

Сæ цинтæ, сæ сагъæс

Кæрæдзийæн кодтой.

Саугуди ыссардта

Йæ уарзон чызгимæ

Æмбæлынæн хорз къуым —

Сæ хъæумæ дæрддзæф ран,

Æрдзæй уыд лæгæтгонд.

Кæддæр æй Саугуди

Æнæнхъæлæй ссардта,

Бæлондзуан кæнгæйæ,

Йæ чысылы бонты,—

Фынæй дæр дзы баци.

Ныр ын уый ысбæззыд

Ыстырдæр хъуыддагæн.

***

Æрцыд та зымæг дæр,

Мит хæхтыл æруарыд,

Æрæмбæрзта бæстæ,

Æрмæст ма фæз рæттæ

Æнæхгæд уыдысты...

Сæлынæн уыд раджы,

Фæхъарм та фæстæмæ,

Мит хурвæрсты тайы.

Сæ бæрæг лæгæты

Куы бадынц дыууæйæ —

Саугуди, Мадинæ, —

Сæ уарзон ныхæстæн,

Сæ рæвдауæн митæн,

Зæрдæбын узæлдтæн

Кæрон дæр нæ уыди...

Æвиппайды айхъуыст

Гуыр-гуыр-гуыр сæ сæрмæ.

Фæззыгон зæй рауад,

Сыджыт æмæ дуртæ

Æрхаста уый йемæ,

Æрæмбæрзта лæгæт.

Цыма йыл уæззау дуар

Æвиппайды банцад,

Раст уый хуызæн лæгæт

Æрызади туттæй, —

Æдзæм æмæ талынг.

Æрмæст ма дзы цъус хуынкъ

Рухс кодта бæрзондæй...

Мадинæ фæтарсти,

Йæ цъæхахст фæцыди.

— Тæрсгæ мын ды ма кæн,

Мæ уарзон Мадинæ, —

Ысдзырдта Саугуди. —

Амæлттæ кæндзыстæм!..

Фæлæбурдта цæндмæ,

Йæ къухтæй йæ къахы.

Йæ къухтæ æргъæвсын

Куы байдыдтой уайтагъд,

Уæд чызгмæ уый дзуры:

— Дзæгъæл у мæ фæллой, —

Ныры зæй бæзджын у...

Цæудзысты нæм адæм,

Мæт кæнын нæ хъæуы...

Кæнынц та ныхæстæ

Сæ фидæны цардыл...

Сæ мадæлтæ, уæвгæ,

Нæ кодтой сын аккаг,

Куыд баиу уой уыдон,

Куыд æрцæрой къайæ...

Фæстагмæ сæтдзысты —

Гæнæн сын цы уыдзæн?

Гъе, ууыл ныртæккæ

Æнæмæтæй дзурынц, —

Рæхджы сæ æгъдауæй

Куыд баиу кæндзысты;

Сæ хъæуы фæсивæд

Куыд кафдзысты хъазты;

Куыд хъæлдзæг уыдзысты

Чындзæхсæвы адæм;

Парахат куыд уыдзæн

Æнхъизгæ бæгæны;

Æнæвгъау куыд кæлдзæн

Нæ ирон цъæх арахъ;

Куыд цæудзысты адæм

Æхсæвæй сæхимæ, —

Чи кафгæ, чи заргæ,

Чи расыгæй чиугæ.

...........................

...........................

Сындæгæй-сындæгдæр

Цыд ахстытыл рæстæг.

Сындæгæй-сындæгдæр

Куы кодта сæ ныхас...

Сæ ныфс та куы састи

Тыхджынæй-тыхджындæр, —

Æрæгмæ зындысты

Сæ къахынмæ адæм.

...........................

...........................

Рухс нал зынди хуынкъæй...

Уæд ахстытæ федтой,

Æхсæв сыл кæй æрцыд,

Ингæнау сæ лæгæт

Хæрз талынг æрызад.

Æхсæв сыл куыд ацыд,

Нæй уымæн, нæй зонæн, —

Æрмæст сæ рухс федта,

Ныккæсгæйæ раджы,

Фæйнæ къуымы бадгæ.

Мадинæ ыслæмæгъ,

Ыстонгæй фæлмæцыд,

Æфхæрдта йæ уазал,

Йæ дæндæгтæ хостой

Æнæнцой кæрæдзи.

Йæ дзыхæй дзырд нал хауд.

Саугуди йæм бацыд,

Къуызгæйæ йын загъта:

— Мæ уарзон Мадинæ,

Тæрсгæ мын ды ма кæн, —

Цæудзысты нæм абон!

Саугуди йæ дзырдтыл

Гуырысхо тынг кодта, —

Уыдысты рæвдауæн.

Мадинæ æмбæрста,

Æууæнк сыл кæй нæ ис...

Цæрынхъуаг уæвгæйæ,

Цæрын æй фæндыди,

Ныр мæнæ цæрдудæй

Ингæнмæ ныххаудта.

Фæцæуы та рæстæг,

Фæхæстæг изæрмæ, —

Сæ рудзынг сæ сæрмæ

Куы кæны та тардæр.

Саугуди, Мадинæ

Æнадæй-æнаддæр

Кæрæдзийæн кодтой.

Дзырд нал уыди се ’хсæн,

Фæйнæ къуымы бадынц, —

<Уым> дойны ’мæ стонгæй

Сæ дыууæ дæр сæфынц.

Æвæццæгæн, райсом

Дыууæйæ дæр мардæй

Къæйдурыл лæудзысты.

***

Цы фæци хъæубæстæ?

Сæ дыууæ хъæбулы

Цæрынхъуагæй сæфынц...

Цæуылнæ фæзынынц?

Цæуылнæ сæ скъахынц?..

Хъæубæстæ æмбæрстой,

Саугуди, Мадинæ

Сæхи фæнд кæй тардтой.

Хъæубæстæ æнхъæлдтой

Фæлыгъдысты уыдон —

Сæ амонд сæхæдæг

Фæндонæй куыд кæной.

...........................

...........................

Æртыккаг бон раджы

Хъæддзау лæг Бесæгъуыр

Йæ куысты фæндагæй

Фæдисы ызгъордта

Йæ уарзон хъæубæстæм.

— Фæд лæгæтмæ ссардтон,

Дзырдта сын уый тарстæй. —

Тагъд зæйы цæнд къахут!

Фыййæгтæ ’мæ белтæм

Фæлæбурдтой адæм,

Фæдисы ызгъорынц.

Йæ белимæ разæй

Бесæгъуыр ызгъоры,

Къуыппытæ, дзыхъхъытæ

Бесæгъуыр нæ зоны.

***

Æркасти йæ хуынкъæй

Сæумæ рухс хъæлдзæгæй,

Æркаст æмæ федта:

Мадинæ тымбылæй

Къæйдурыл нындæгъди,

Ызмæлгæ нæ кæны,

Ысризы ма хатгай.

Саугуди дæр къуымы

Хъæрзы ’мæ дзыназы.

Йæ рустæ ныххаудтой,

Хуызы цъыртт дзы нал ис.

Йæ цæстытæ хатгай

Æнахуыр æрттивынц...

Кæс... Рабадт сындæггай,

Мадинæмæ ’дзынæг

Хæрамдзаст ныддардта.

Хæрамдзаст нæ уыди,

Куы уыди ыстонгдзаст.

Йæ уарзт дзы æрбайрох,

Йæ адæймаг фесæфт,

Хъæддаг сырд дзы райхъал.

Йæ цыппарыл сыстад,

Фæбыры... фæбыры

Мадинæйы цурмæ,

Дæндæгтæ ныссагъта

Йæ уарзоны агъды.

Ныр комдзаг ыстонон,

Куыд загъта йæхицæн,

Хъæр афтæ фæцыди:

— Фæцæуæм... фæкъахæм —

Фæлæуут цъус фидар!

Саугудийæн тугæй

Йæ былтæ нæ зынынц,

Агъд афтæмæй ф’ уагъта...

Фæбыры... фæбыры

Фæстæмæ йæ къуыммæ...

Цы цæстытæ дардзæн

Мадинæмæ сомбон?

Цытæ дзы зæгъдзысты

Йæ хъæууон æмгæрттæ?

...........................

...........................

Дуар лæгæтмæ фегом.

Фæдисæн сæ разæй

Бесæгъуыр уыд къахæг.

Цæфтæ йыл æруади

Кæм ихтæй, кæм дуртæй.

Йæ туг дæр æркалди

Йæ уадул, йæ сæрæй.

Йæ цæфтæ Бесæгъуыр

Хъуыды дæр нæ кæны, —

Æппæтæн сæ разæй

Уый лæгæты фестад,

Мадинæйы систа,

Хæссы йæ æддæмæ.

Уæд чызджы фыд дзуры:

— Бесæгъуыр, хæсгæ йæ,

Дæуæн у уый аккаг!

Æхсызгон цæстæнгас

Уæд чызджы цæсгомыл

Æргомæй фæзынди.

***

Дыккаг бон хъæубæстæ

Ыстыр куывды бадынц.

Дыууæ цин-хабары

Æрцыди хъæубæстыл:

Сæ сæфтыты ссардтой;

Мадинæ, Бесæгъуыр

Чындзæхсæв ыскодтой.

Сæ цинæн кæрон дæр

Нæ зонынц хъæубæстæ.

Зын у, зын, зæгъынæн,

Куыд хъæлдзæг уыдысты

Дывæр куывды адæм.

Æргæвст дзы куы уыди

Фырытæ ’мæ галтæ,

Парахат куы калди

Æнхъизгæ бæгæны,

Æвгъау дзы куы нæ уыд

Нæ ирон цъæх арахъ.

Æнхъæлцау фæсивæд —

Лæппутæ, чызджытæ —

Æрцарæзтой стыр хъазт.

Фæндыры рæсугъд цагъд,

Уæд къухты æмдзæгъд дæр,

Уæд фæйнæгыл цагъд дæр,

Уæд кафджыты хъæртæ —

Куы хъуыстысты дардмæ...

Кæм ис уæд Саугуди?

Цæуылнæ ис хъазты?

Цæуылнæ ис куывды?

Кæмдæр уый арф бамбæхст,

Нæ уæнды йæ цæсгом

Куывд-хъазтмæ æвдисын.

...........................

...........................

Ныр дæр ма куы мысынц

Нæ Ныхæсты адæм

Хабæрттæй æбуалгъдæр

Нæ хæххон бæстæты.

Бесæгъуыры стауынц,

Саугудийы фауынц,—

Йæ кой йын æлгъитынц,

Кæнынц ыл-иу тутæ.

МÆЛÆТÆЙ ТЫХДЖЫНДÆР

Легендæ

Дыгуры хæхты, тар комы бæрзондæй

Сау дардта иучысыл хъæугонд,—

Хæдзæрттæ дзы дыууадæс уыд нымадæй,

Æппæт къæдзæхдурæй уыдысты конд,


Æдзух уым адæм кодтой тох адæмимæ,

Æнусты ’рвыстой мамæлайы цард...

Хъæд нæй — уым иууылдæр гæмæхтæ...

Куыд нæ кæна зæрдæ, мæгуыр, æнкъард?


Нæ... уым дæр зарын хъуыст, уыди дзы кафт дæр...

Цард у æцæг кæмдæриддæр зынаргъ.

Уым хаста иунæг ус йæ фырты фырты,

Хуыцауæй йын цæрæнбон домдта даргъ.

***

Хæмæт Гыццийы бар чысылæй баззад.

Ус сидзæр сабимæ æнувыд каст, —

Йæ комдзаг иста уый тыххæй йæ дзыхæй,

Æппындæр ыл нæ уагъта ницы маст.


— Дæ рын дын ахæрон, Хæмæт, мæ иунæг!

Мæ цæстырухс, æрбамæлон дын æз!

Мæ зæрдæйы таг, айрæз мын ды, айрæз!

Мæ цард мын у дæ сæрыл раттын хæс! —


Гыцци-иу афтæ тынг арæх фæдзырдта:

Хæмæт ын уыд йæ царды цин, йæ мæт.

Кæд афтæ буцæй арвыста йæ уалдзæг,

Уæддæр фыдуаг нæ рацыди Хæмæт.


Уыди æдзух уый коммæгæс Гыццийæн,

Уыди сабыр, æгъдауджын, уарзта куыст.

Хæрзконд, уындджын, хъаруджынæй уый рæзыд...

Сахъатæй, исты низæй дæр уыд хызт.


Йæ кафт, йæ бæхыл хъазт уыдысты диссаг.

Йæ ехсы ’рдзæхстæй зæлыди уæлдæф,

Хъæбысхæстæй йыл ничи уыд уæлахиз,

Уыди йæ нæмыг æхстыты рæстдзæф.


Уæддæр — сабыр, бæрзонд йæхи нæ кодта,

Фæлæ йæхицæн аргъ зыдта, æцæг,

Сæрæнгуырд æй хуыдтой хъæубæсты,

Æмгæрттæ йæм уыдысты ’дзух бæллæг.


Уæздан цыдæй куы фæцæйцыди уынгты,—

Кæцы чызг-иу нæ ныуулæфыд арф?

Кæцы чызг æм нæ фæцыдаид моймæ?..

Фæлæ йæхæдæг уый нæ кодта тагъд.


Гыцци йæм байдыдта уæд арæх хатын:

— Хæмæт, мæ цæстæгасæй ракур ус!

Мæ царды рухс, мæ зæрдæйы фæлæууæн,

Фæрæвдау мын мæ фæстаг бонтæ цъус!


Хæмæт хъуыдытæ кодта,— ус нæ куырдта,

Æнæ усæй ма йæ цæрын фæндыд.

Гыцци йыл ардыдта æдзухдæр алкæй,—

Хæстæг, æмгарæй,— алчи дæр æм цыд.


Нæма скаст хур, Æрмæст арв хъулон кодта...

Нæ бæрзонд цъитиджын къæдзæхтыл дард

Фæзынд йæ тын æмæ фæцæуы дарддæр,

Гæзæмæ зæлыд бæстыл мæргъты зард.


Сæ фынæйтæй хъал кодтой кусæг адæм,

Хæмæт йæ бæхыл авæрдта уæд саргъ,

Бæтты йæ, фидар æй кæны биноныг,—

Куыннæ — йæ фæндаг у Хæмæтæн даргъ...


Фæсхохы иу хъæуы, дам, ис рæсугъд чызг,

Йæ ныхæй хуртæ-мæйтæ, дам, кæсынц.

Гъе, уырдæм араст и Хæмæт ныртæккæ, —

Уый зоны, курджытæ ма йæм цæуынц...


Йæ амонд хъуамæ бавзара уæндонæй, —

Цæуы Хæмæт ныр бон æмæ дыккаг.

Уæд хъæуæй разынд тардзæсгом лæппулæг, —

Йæ дарæс — сау, йæ бæх дæр — сау мыггаг.


Фæлæууыд сау лæппу, Хæмæтæн загъта:

— Куыд амоны нæ фыдæлты æгъдау,

Гъе, афтæ здæхын æз фæстæмæ демæ.

Цæмæй мæм, уазæг, ма æрхæссай фау...


Нæ хъæуы дын лæггадгæнæг уыдзынæн!

Йæ уæздандзинад, йе ’гъдауы тыххæй

Хæмæт ын ракодта зæрдиаг арфæ:

— Мæ хæрзæмбæлæг, бузныг дæн дæуæй,


Фæлæ мæн тыххæй ма здæх ды фæстæмæ, —

Мæхæдæг а хъæу зонын тынг хорз æз!

Уæд сау барæг йæ фæндагыл фæраст ис, —

«Кæнæд уæдæ йæхæдæг ныр фæрæз».


Куыддæр Хæмæт уым хъæуы уынджы бахызт, —

Дзыхъурæд уыцы ран фæкодта бæх...

— Æз дæн ам аххосджын тынг: уыцы барæг

Йæхи уæзданæй равдыста дзæбæх.


Æз та... Куы нæ йæ бакодтон фæрсгæ дæр,

Кæцæй у, цавæр у, куыд у йæ ном?

Нæ цæрæнбонты ма куы фенæм искуы, —

Нæ кæрæдзийæн хъуамæ зонгæ уæм!»


Хæмæт фæзылдта уæд йæ бæх фæстæмæ,

Æрсырдта лæджы, иувæрсты цæуы.

— Æз дæ хъыгдарын, хорз бæлццон, ныббар мын!

Кæцæй дæ, чи дæ? — зонын мæ фæнды.


Цы загъдæуа, куы ма фембæлæм искуы? —

Æрфарста афтæ сау лæджы Хæмæт.

Уый загъта: Ма мæ фæрс, фæсмон кæндзынæ,—

Уыдзæн дын цард æнад, хæрдзæн дæ мæт.


Уый бахауд сагъæсы, хъуыдытæ кодта:

«Нæ зонын туджджын, нæй мæнæн ызнаг...

Уæдæ цæмæй тæрсон, цы у, нæ зонын?» —

Зæгъы уый бæлццонæн æппынфæстаг:


— Цы у, цы хабар у, уый хъуамæ зонон...

Æппын мæнæн, цæмæй тæрсон, уый нæй!

— Æз дæн дæ удхæссæг, дæ цардыскъуынæг, —

Кæд нал ис мын гæнæн, зæгъын дын æй!


Фæтар Хæмæтæн уайтагъд уæд йæ цæсгом,

Цыма раст арвы ирдыл абадт мигъ,

Рызти фæсмонæй, бауынгæг йæ зæрдæ,

Фæзылдта уайтагъд дзурæгмæ йæ тигъ.


Тындзгæ фæцæуы уый фæстæмæ, хъæумæ,

Фæлæ та фездæхт... «Афтæ у æгад —

Кæд уыдзæни мæ мæлæт, хъуамæ зонон, —

Мæ зæрдæ уæд мæнæн уыдзæн æнцад...»


Æрцавта ехсæй бæхы, суры лæджы,

Куы баййæфта, уæд ын зæгъы йæ мæт:

— Фæнды мæ рагацау æй æз куы зонин,

Цы ’мгъуыдыл мæм фæзындзæни мæлæт,


Кæд фæхицæн уыдзæн мæ уд мæ буарæй?

Уæд сау лæг банкъуыста æнкъард йæ сæр:

— Дæ зæрдæ афтæмæй æнцад нæ уыдзæн,

Фæлтау, зæххон, æнæзонгæйæ цæр!


— Зæгъ мын æй, зæгъ — æз зонынæй нæ тæрсын,

Кæд мын хъыгаг у, гъе, уæддæр æй цæв!

Уæд удхæссæг мæсты хъæлæсæй загъта:

— «Зындзæн мæлæт дæ усхасты æхсæв».


Хæмæт йæ бæх æвиппайды фæзылдта, —

Йæ мæлæт зонынæй æрци æнкъард.

Хъынцъымæй уайтагъд байдзаг и йæ зæрдæ,

Йæ цæсты ницыуал уыди йæ цард.


Цæй æфсон ма цæуа фæсхохы хъæумæ?

Рæсугъд чызджытæй ма цы кæна ныр?

Фыдбылызау, куы ракура дзы искæй,

Æрыхгæндзæн æй ингæн уæд æмыр.


Фæцыд Хæмæт йæ хæдзармæ фæстæмæ,

Сыбыртт нæ кодта сау лæджы тыххæй.

Гыццийы фарстæн загъта дзуаппæн афтæ:

— Ныууадз уал мæ, — нырма мын курæн нæй!


Гыцци йæ нал уадзы, хъæбæр æй ’фхæры:

— Цæй, ракур, фена ног чындзы мæ цæст!

Уæдæ кæд уыдзæн, ингæнмæ куы кæсын?

Æдзух æм кодта афтæ ’фхæрæн хæст.


Хæмæт цæрынхъуагæй цард бирæ уарзта,

Хъуыдытæ кодта ирвæзæн амал.

Мæстыйæ баздæхт иу бон уый Гыццимæ:

— Гыцци, æфхæрдтытæ мыл мауал кал!


Æрхæсдзынæн æз ус чысыл фæстæдæр,

Нырма мæнæн нæма æрцыд мæ рад...

Йæ мады дзидзи чи нæма ныууагъта,

Йæ авдæны нырма кæй узы мад,


Тæккæ сом дæр мын ахæм чызджы ракур! —

Гыццимæ дис нæ каст Хæмæты дзырд:

Кæддæр нæ фыдæлтæн уыдис æгъдауы

Чызджыты рагацау чысылæй куырд.


Фæлæ рæхджы кæй нæ фендзæн йæ чындзы,

Гыццийæн ууыл уыд йæ мæт, йæ хъыг.

Æппын æфхæргæ нал кодта Хæмæты,

Фæлæ æдзухæй калд йæ цæстысыг.


Йæ мæлæты æмгъуыд Хæмæтæн адард:

Фынддæс азы æнæмæнг уый цæрдзæн...

Дзырдта йæхинымæр: «Нæ мæлын абон, —

Хуыцау цы зæгъа, дарддæр уый уыдзæн».

***

Аз азы фæстæ цыд. Хæмæт чысылгай

Рох кодта удхæссæджы карз ныхас.

Чысылгай байдыдта та хъазын, худын,

Фæлыгъди дзы, фæлыгъд, мæлæты тас.


Йæ зæрдæ та фæйлыдта хъæлдзæг цардæй,

Йæ усагмæ — Донамæ — дардта цæст.

Уый рæзыд, диссаджы рæсугъд чызг кодта...

Хæмæтыл цин æфтыдта чызджы рæзт.


Хуыдтой йæ саурæсугъд æппæт хъæубæстæ.

Уыди уый саулагъз, сауцæст, сауæрфыг.

Æндæр нæ разындаид удæй ахæм

Зæрдæхорз, — никæуыл дзы уыди хъыг.


Хæмæт æй бауарзта, йæ уд дзы баззад,

Дона дæр уарзта уый йæ уды йас.

Уыдтой сæ дыууæ сусæгæй кæрæдзи, —

Сæ хъысмæт уыдон ныр хуыдтой æдас.


Фæлтæрд цæст сæм Гыцци æнувыд дардта,

Сæ уарзондзинадыл уый кодта цин.

Хæмæтæн загъта: «Афон у ныр, афон!»

Чындзæхсæвæн Гыцци нæ уыд æлгъин:


Арахъ, бæгæны, физонæг, уæливых,

Лывзæ, хæбизджын — алцы фаг уыдис.

Кæрон кæм уыди хъазтæн, зардæн, кафтæн?

Хъæубæстæ кодтой чындзæхсæвыл дис.

***

Фыццаг кæркуасæн аивгъуыдта раджы,

Уæд алы уазæг агуырдта хæдзар,—

Цыдысты уыдон алырдæм хъæлдзæгæй,

Æвзæрст уым нал уыд ном кæнæ та кар.


Ныр лæппу чызгимæ уыдысты хибар...

Нæма рцыд се ’хсæны ныхас нывмæ,

Раст афтæ къуымы иу лæппу фæзынди,

Бынтон сау иудадзыг сæрæй бынмæ.


Хæмæт фæмæсты, фелвæста йæ хъама:

— Зæгъ, цавæр дæ, цы дæ? Кæннод цæвын!

— Æз дæн дæ удхæссæг. Уæлдай у хъама...

Дæу ферох дæн... Ныр дын дæ уд хæссын.


Хæмæт æй базыдта, йæ сæр ныххоста:

— Мæ хæдзар байхæлд!.. Мæнæ судзгæ фыд!.

Мæ удхæссæг, нырма æз цард нæ федтон,

Нырма нæ федтон уарзоны рæвдыд...


Куы раттис мын æмгъуыд æрмæст дæс азы, —

Æгæрон бузныг уаин æз дæуæй!

Æлхынцъæрфыгæй удхæссæг ысдзырдта:

— Уый зон, зæххон, мæ дзырдæн ивæн нæй!


Мæгуыр Хæмæт зæрдæбынæй ныккæрзыд:

— Уæд та мын фондз азы æмгъуыд æрис,

Гъе, уыйас дæр мæнмæ æгъгъæд фæкæсид!

— Дзæгъæл фæстиат мæ куынæ кæнис!


— Уæд та мын иу аз, иунæг аз куы раттис!

— Нæ ратдзынæн дын иу аз дæр, цæхгæр.

— Уæд та мын иу мæй, иунæг мæй куы раттис!

— Нæ ратдзынæн æз иу мæй дæр, цæхгæр.


— Уæд та мын иу æхсæв ратт... Иунæг, иунæг!

— Цæхгæр, нæ уыдзæн уымæн дæр гæнæн...

Ныртæккæ дын дæ уд хæссын... Æгъгъæд дзур.

Рæстæг дзæгъæлы сафæн нæй мæнæн!


Дона йæ сынтæджы раз къуымы ризы,

Тæлфы гæды бæласы урс сыфау,

Йæ дæндæгтæ кæрæдзийыл нæ хæцынц,

Цыдæр зæгъы — йæ дзырд дæр нæу дзырдау.


Хæмæт йæ къухтæ авæрдта йæ ныхыл.

Фæкодта сонт хъæр: — Ссардзынæн æндæр...

Хæрз зæронд — иу къахæй лæууы ингæны...

Нывондæн мыл хæссы æдзух йæ сæр...


— Кæд дын ис ахæм,— загъта афтæ саулæг, —

Уæд баззайдзынæ ды, бæлвырд, æгас.

Мæнæн æппындæр хъауджыдæр нæй удтæй.

Дæу уа, кæй уа, нæ мын у иуæн тас.

***

Гыццийы азтæ нал сты дард сæдæмæ,

Йæ дадалиты иу хал нал ис сау.

Йæ цæсгом хъулæттæ зыны æнцъылдтæй

Фæззыгæнд хуымыл гутоны фæдау.


Йæ хауд былтæ лæууынц æдзух æлхъывдæй,

Йæ дзыхы нал баззад æппын дæндаг, —

Ныхас куы кæны, уæд цæуы йæ цъæм-цъæм,

Хæргæ дæр ма кæм фæкæна йæ фаг!


Йæ къæхтыл нал лæууы, цæуы гуыбырæй,

Йæ къухтæй нал кæны йæ лæдзæг цух...

Æппын йæ цардæй нал у рухс йæ зæрдæ,

Мæлæт... Мæлæты кой кæны æдзух.


— Хæмæт мын ацæра, йæ нывонд фестон!

Куы æрхæссид уый тагъддæр... тагъддæр ус,

Мæ зæронд цæст ма уыцы хорз куы фенид, —

Уæд ингæнмæ æз адарин мæ хъус! —


Дзырдта-иу афтæ зæронд ус æппæтæн...

Хæмæт æрхаста ус, ’мæ цин кæны Гыцци...

Фæлæ уыди чындзæхсæвæй фæлмæцыд, —

Йæ хуыссæны уый тарф фынæй ныцци.


Дыккаг хатт уасæг уасыд. Мад фестъæлфыд.

— Æз дæн, Гыцци, æз, — дзуры йæм Хæмæт, —

Фыдбылыз нæм æрцыд, тагъд сыст уæлæмæ! —

Гыццийы ных фæтар, фæзынд ыл мæт.


— Гыцци дын амæла, цы у, цы кæныс?

Цы фæдис у? Дæ хуыз цæмæй фæлыгъд?

Хæмæт æргомæй радзырдта йæ хабар,

Кæронмæ загъта, куыд æмæ цы хъуыд.


— Гыцци! Дæ цард фæстаджырдæм æлгъыстай,

Æнæхъуаджы уæззау уаргъ æй хуыдтай,

Куы фервæзис дзы, уымæ ды бæллыдтæ,

Дæ рис, дæ фæнд-иу алкæмæн дзырдтай.


Дæхи мæ сæрыл ды нывондæн хастай...

Кæд дæ фæнды, æз баззайон æгас,

Уæд бахъуыдтæ, гъе, ныр, — дæ уд куы раттай,

Мæлæтæй мын уæд нал уыдзæни тас.


Хæфцæст цæстытæ акалдтой цæхæртæ,

Æмпылд былтæ æнæбыхсгæ тæлфынц,

Æмрызтæй ризынц, нал арынц кæрæдзи,

Зыны — цыдæр зæгъыны фæнд кæнынц.


— Æнаккаг, фесæф, цу! Мæ цуры амæл! —

Æрсæм-сæм кодта зæрондæн йæ дзых.

Ус лæдзæг фелвæста, Хæмæты ’рцавта, —

Кæцæй ма разынд уымæ уыцы тых?!


Хæмæты уадулæн йæ туг æркалди.

Фæзылди лæппу, лидзынмæ фæцис...

Йæ уатмæ бацыд... Сау барæг лæууыди

Фыццагау, ноджы саудæр ма зындис.


Хæмæт Донамæ иунæг каст фæкодта, —

Уыди йæ ныхыл чызгæн катай фыст...

Уынгæг кæрзтæй Хæмæт уæззау ныккæрзыд,

Æгæрон тарф рыстæй йæ зæрдæ срыст.


Æрхауд нымæтыл, удхæссæгмæ дзуры:

— Æнæхатыр мæлæт, мæ уд мын айс!

Уæд фестъæлфыди чызг, хи райста размæ:

— Мæлæт, ныууадз ды уый, мæ уд мын айс!


Хæмæт уæд рахъил, удхæссæгæн загъта:

— Хæс дарын æз æмæ йæ фидын æз!

Быцæу сæ дыууæйы æхсæн ыстыхджын,

Йæхимæ иста алчи дæр уæд хæс.


Фæлæ Дона зæрдæбындæр кæй дзырдта,

Фæстæмæ кастæй йæм кæй ницы уыд,

Йæ уарзоныл кæй хаста хи нывондæн,

Уый сау лæгæн уæлдай нымайын хъуыд.


Дыууæ цæссыджы ферттывтой йæ рустыл...

— Дона, дæ уарзонадæн нæй кæрон, —

Мæ зæрдæ нал комы дæ уд ысласын...

Цæрут! Уыдзæни даргъ уæ царды бон!


Куы загъта афтæ, уæд цыдæр æрбаци,

Цыдæр куы ’рбаци, уæд сæ маст æрбайсæфт...

Æнцад-æнцойæ царды кой кæнынц, —

Фæрнæй, дзæбæхæй абон дæр цæрынц.

ПУБЛИЦИСТИКÆ

<ДЫУУÆ ÆГЪДАУЫ>

1-æм январы изæрæй Джызæлы сылгоймæгты скъолайы Дзахсораты ахуыргæнæджы хъæппæрисæй скъоладзаутæн арæзт æрцыд Ног азы наз. Уырдæм хуынд æрцыдысты чызджыты ныййарджытæ æмæ æндæр уазджытæ. Уыдон зæрдиагæй цин кодтой æмæ уыдтой, сæ сывæллæттæ куыд хъазыдысты æмæ куыд хъæлдзæг уыдысты, уый. Изæр райдыдта ирон хъазтæй, кафыдысты дзы суанг æппæты къаннæг скъоладзаутæ дæр, 8–10 азы кæуыл цæуы, ахæм чызджытæ. Уыйфæстæ хистæр чызджытæ кастысты æмдзæвгæтæ, фылдæр та Крыловы æмбисæндтæ. Уæлдай хорз бакастысты æртæ чызджы «Бирæгъ æмæ уæрыкк», адæм сын æмдзæгъд кодтой. Ногæй та фæсивæд бавдæлдысты кафын æмæ æндæр хъæзтытæм, уазджытæн та арæзт æрцыди фынг. Изæр байгом 5 сахатыл æмæ ахицæн 11 сахат æмæ æрдæгыл. Ацыд тынг хъæлдзæгæй. Чи дзы уыд, уыдон скъоладзауты пайдайæн æрæмбырд кодтой дыууæ туманы бæрц. Уыцы изæр тынг фæцыд ныййарджыты зæрдæтæм, æмæ арфæтæ кодтой йæ саразджытæн.

Уыдис æндæрхуызон хабар дæр. 3-æм январы сæумæцъæхæй иу кæртæй ратахт 25–30 барæджы. Иу дзы йæ рахиз къухæй хæцыд, æгъдæнцоймæ фидаргонд чи уыд, ахæм чысыл наз бæласыл. Наз уыдис хъæздыг фæлыст, ауыгъд ыл уыд алыхуызон адджинæгтæ æмæ рæвдауæнтæ. Иннæйы къухы уыд тынг егъау зонтик, уый бæзджын æмбæрзт уыд алы мыггаг къафеттæй. Барæг æй дардта йæ сæрмæ, афтæмæй тахт. Цалдæр лæгыл уыди стыр хъулон худтæ, иннæтыл та згъæр хæдæттау æрттывтой æмæ хъулон дардтой æнгузтæ, æхсæртæ, дыргътæ, къафеттæ æмæ æндæр адджинæгтæ. Иу та дзы йæ уæхскыл хаста даргъ хъил, кæрæй-кæронмæ адджинæгтæй æхгæд чи уыд, ахæм. Барджытæй иу-æхсæз ифтонг уыдысты лæдзджытæй. Уыцы бардз тахт уынгты æмæ уайтагъд дыууæ зылды æркодта æгас хъæуыл. Дыккаг зылды, лæдзджытæ цы барджытæм уыд, уыдон цæвын байдыдтой се ’мбæлтты худтæ æмæ дзаумæттæ. Уыцы цæфтæй згъæлдысты зæхмæ алыхуызон адджинæгтæ. Сывæллæттæ хъæрахстгæнгæ згъордтой сæ фæдыл, бырынцъаг фæндагыл-иу фæкалдысты, афтæмæй, æмæ уыгътой рæвдауæнтæ. Уый фæстæ барджытæ аскъæрдтой уæлмæрдтæм æмæ уым се ’хсæн байуæрстой хæринæгтæ...

Ацы æгъдау хуыйны «æлæмтæ» æмæ йæ фæкæнынц, лæгæй чи амæлы, уыдон тыххæй. Ацы аз уый уыд иунæг æлæм. Æрæджы дæр ма, ивгъуыд азы нæлгоймаг кæмæй амардаид, уыдонæй алы хæдзар дæр йæ хæсыл нымадта Ногазы фæстæ фыццаг къуырисæры æлæм скæнын.

НОДЖЫ МА ИРÆДЫ ТЫХХÆЙ

Ирыстоны рагæй баззад æмæ ныффидар чызг уæй кæнын æмæ æлхæныны зианхæссæг æгъдау. Европæйы цивилизаци куыд æввахсдæр кæны, афтæ, ирæттæй ахуырад чи райста, уыдон чысылгай æмбарын байдыдтой, ирæд фыдбылыз кæй у, уый. Фыццаджыдæр ацы æгъдау сафыныл бафæлвæрдта Владикавказы æфсæддон окруджы хицау Куындыхаты Муссæ. Уый фæдзæхстæй ирæдисын æхгæд æрцыд 1886-æм азы ирон адæмæн сæхи фæндæй æмæ фидаргонд æрцыд 80-æм азты æхсæнадон уагæвæрдæй. Фæлæ уыцы хъуыддаг æрцыд æрмæст формалон хуызы; æцæгæй та ирæд баззад йæ тыхы æмæ ноджы сындæггай рæзыди. Хицауад дæр æнцад нæ бадт æмæ мысыд алыхуызон фæрæзтæ уыцы фыдбылызы ныхмæ, фæзынд цалдæр ног уагæвæрды — аххосджынты ахстой, хастой сæ, ивар сæ кодтой. Иу заманы та уынаффæ рахастой, ирæд дæс туманæй уæлдæр куыд нæ хиза, уый фæдыл; сауджын-иу чызг æмæ лæппуйыл куы аргъуыдта, уæд-иу сын ард хæрын кодта, ирæд 10 туманæй фылдæр ист кæй не ’рцыд, уый тыххæй. Уыцы фæрæзтæй ирæд нæ фесæфт, фæлæ бынтон дзæгъæлы дæр нæ фесты: ирон адæмы бахъуыд ахæм æгъдауыл ахъуыды кæнын. Иннæрдыгæй та, ирæды бындур нынкъуыстой райдайæн ахуырад æмæ ахуыргонд ирæтты фæзминаг архайд. Уыдонмæ гæсгæ адæм чысылгай хатын байдыдтой ирæды зиан. Ныртæккæ иу æмæ дыууæ æнахуыр иронæй нæ фехъусдзынæ ахæм ныхæстæ: «Уæй кæнæм нæ чызджытæ æмæ нæ хоты, æмæ уый уæздандзинад нæу, уый тæригъæд хъуыддаг у Хуыцауы раз». Фæлæ ирæд уæддæр нæ цуды. Æххуыс ын кæны, адæм фидар кæуыл хæцынц, ахæм ныхас: «Фыдæлты æгъдæутты рох кæнын нæ хъæуы». Дыууæ мыггаджы æхсæн хъуыддаг ирæдмæ куы ’рцæуы, уæд чызджы бинонтæ æрымысынц сæ хъæубæсты æмсæр адæмты æмæ фæзæгъынц: «Уый цас райста ирæд, мах дæр уыйбæрц райсын хъæуы, науæд нын худинаг уыдзæн». Афтæмæй æнахуыр ирон адæмæй ирæды зиан чысылтæ чи æмбары, уый дæр иннæтæм гæсгæ йæ ныфс нæ хæссы йе ’мсæр адæмæй раздæр фыдæлты æгъдауыл йæ къух сисынмæ. Кæд афтæ у, уæддæр фæстаг рæстæджы иу къорд хæдзары, бынтон æнахуыр бинонтæ нал райстой ирæд. Гуырысхойаг нæу, раджы уа — æрæджы уа, уæддæр ирæдæн æнæ фесæфгæ нæй; фæлæ цалынмæ уа, уæдмæ бирæ фыдбылызтæ хæсдзæн ирон адæмæн, халдзæн сын сæ цард. Бирæ лæппутæ æмæ чызджытæ зæронд кæнынц, сæфынц сæ хуыздæр азтæ; лæппуты сæрæндæртæ аскъæфынц чызджыты, уый та фылдæр хатт æркæны кæуинаг фæстиуджытæм; бирæтæ æрцæуынц хæдзары хæлдмæ. Афтæ æнхъæл дæн, æмæ ныртæккæ ирæттæй давыны куыст чи кæны, уыдон сты æрыгон, æнæус лæппутæ. Уыдон ахæм уавæрмæ æрцæуынц æмæ нал февзарынц, ирæд тагъддæр цæмæй ахицæн кæной, уый фæрæзтæ. Ахæмтæн сæ фылдæр ус ракурыны фæстæ свæййынц сабыр цæрæг адæм. Фæлæ афтæ дæр рауайы, æмæ дзы бирæтæм давын кæсын байдайы пайдайаг куыст æмæ афтæмæй сæ дæсныйад свæййы хуыснæг цæуын.

Иуæй-иутæм афтæ кæсы, æмæ æфхæрæн фæрæзтæ хорз ахъаз фæуыдзысты ирæд фесафынæн. Бафæлвæрдтой сæ, фæлæ сын, куыд федтам, афтæмæй ницы бантыст. Кæй нæ сахадыдтой, уый аххос, мæнмæ гæсгæ, агурын хъæуы ахæм хъуыддаджы: уыцы фæрæзтæ куы фæлвæрдтой, мыхуыры ирæды зианыл хицæуттæ æмæ ахуыр ирæттæ афтæ бирæ куы дзырдтой, уæд, æнхъæл дæн, æмæ уый тыххæй æнахуыр ирон лæгæн йæхицæн ничи ницы загъта. Суанг, чызг æмæ лæппуйы ард цы сауджын хæрын кодта, уый дæр иу ныхас нæ загъта, уыцы хъуыддаг хицæутты уынаффæ раст æххæст кæныны тыххæй кæй нæ у, фæлæ сæхи пайдайæн кæй у, ирæд фыдбылыз æмæ гуымиры æгъдау кæй у, æмæ йæ сафын кæй хъæуы, уыдæттыл. Талынг адæммæ афтæ каст, цыма уыцы хъуыддæгтæ æрымысыдысты хицæуттæ сæ хъалæй æмæ уымæ гæсгæ хъуыды кодтой алы хиндзинæдтæ сæхи æгъдау кæнынæн. Ирæды зиан чи нæ æмбæрста, уыцы ирон лæг-иу æфхæрд куы ’рцыди, уæд-иу дыккаг хатт архайдта ууыл, цæмæй «рæдыд» мауал æруадза, мауал бафта хицауады цæсты. Афтæмæй сусæгæй фидардæр хæцыд йе ’гъдауыл.

Уыцы рæстæг ныр фæци, æмæ æнахуыр ирæттæй разынд, йæ чызгæн ирæд чи нæ исы, йемæ ма йын дæтгæ дæр чи кæны, ахæмтæ. Уыдоны тыхæй ничи домдта, сæхæдæг бамбæрстой, бинонтæй искæй уæй кæнын æцæгдæр хъæддаг ми æмæ æнæуæздан æгъдау кæй у, уый. Уыцы хъуыдымæ та, æнæмæнг, æрцыдысты ахуыргонд ирæтты фæрцы: алкæмæн дæр ис ахуыргонд хæстæджытæ æмæ зонгæтæ, кæимæ цæрынц æмæ æмбæлынц, ахæмтæ. Уыцы адæмты æхсæн ирæд фесæфт æмæ никуыуал сног уыдзæн. Дзæгъæлы нæ фæдзурынц, фæлмæн ныхасæй цы бакæнай, уый тызмæгæй нæ сараздзынæ, зæгъгæ. Зæрдыл дарын хъæуы уый, æмæ ирæд кæй у адæмон æгъдау, уымæ та кæддæриддæр баст вæййынц алыхуызон уырнынадтæ. Æфхæрæн фæрæзтæй нæй æгъдау фесафæн, цалынмæ адæмы зонды нæ фесæфа, уæдмæ. Уымæ гæсгæ, цæмæй ирæды уидæгтæ къахт æрцæуой, уый тыххæй адæмæн бæстон бамбарын кæнын хъæуы, зиан кæй у, уый; ирæды зиан цы адæймаг бамбара, уый йæхæдæг сыстдзæн йæ ныхмæ бинонты æхсæн дæр æмæ хæстæджыты æхсæн дæр.

Ирæд скуынæг кæнын къухы цæмæй бафта, ууыл зæрдиагдæр æмæ хъуыддагджындæрæй бакусын хъæуы ахуыргонд ирæтты, уæлдайдæр сауджынтæ æмæ ахуыргæнджыты — уыдон хæстæгдæр сты сæ æнахуыр æфсымæртæм. Мæнмæ гæсгæ, уыцы нысаны тыхæй спайдагæнæн ис, внебогослужебные собеседования, кæй хонынц, уыдонæй. Уыдон фæзындысты 1895 азы æмæ уæдæй нырмæ цæуынц ирон хъæуты. Уыцы ныхæстæн сæ хæс у адæмы дин æмæ хорз æгъдæуттыл ахуыр кæнын. Разамынд сын дæттынц сауджынтæ æмæ ахуыргæнджытæ. Уыдон ма адæмæн æххæст сафинаг æгъдæуттыл дæр куы дзуриккой, уæд уый сæ комкоммæ нысанæй иуварс нæ хизид, фæлæ сын ахъаз кæнид сæ хъуыддагæн — аразид ын, хъуаг кæмæй у, уыцы ахсджиаг фарста. Хъыгагæн, уыцы ныхæстæ иуæй-иу хъæуты цæуынц тынг æвзæр, кæмдæрты та æрмæст фæтчыгъæдæн. Мах уырны, сауджынтæ æмæ ахуыргæнджытæ нæ банымайдзысты сæхицæн стыр зыныл сæ ныхæсты программæтæм адæмæн зианхæссæг æгъдæутты фарстатæ бахæссын. Сæ зæрдыл дарæнт, уымæй феххуыс уаиккой, талынджы хъизæмар чи кæны, уыцы æфсымæртæн рухсмæ рацæуынæн.

Амынд ныхæстыл ма ахæм фарстатæ куы бафта æмæ сын нывыл разамынд куы уа, уæд, фидарæй зæгъæн ис, чызджы уæй кæнын æмæ æлхæныны æгъдау, æфхæрæн фæрæзты руаджы нæ, фæлæ уымæй сæфт æрцæудзæн тагъддæр æмæ бæлвырддæр.

ХÆХХОН ПРОМЫШЛЕННОСТЫ ЗМÆЛД ИРЫСТОНЫ

И железная лопата

В каменную грудь,

Добывая медь и злато,

Врежет страшный путь.

Цытджын Лермонтовы ацы ныхæстæ цæуын байдыдтой пехуымпары дзырдау. Кавказы сæрыстыр хæхтæ, æрмæст дымгæтæ æмæ цæргæстæ кæм кодтой паддзахиуæг, уыдон сæ сæртæ æркъул кодтой адæймаджы хинæйдзаг зонды раз. Адæймаг ныфсхаст къахдзæфтæй цæуы хæхты æрфытæм, цæмæй адава уырдыгæй, дæсгай æнусты йæ цæстытæй æмбæхст чи уыд, уыцы хæзнатæ.

Тынгæй-тынгдæр рæзы хæххон промышленникты нымæц, уыдон æмбырд кæнынц нæ хъæздыг зæхмæ стыр Уæрæсейы алы кæрæттæй æмæ суанг фæсарæнтæй дæр. Нæ сæ ферох сты нæ Иры хæхтæ дæр. Суанг 40-æм азтæй зындгонд уыдысты Садоны æвзист æмæ здыйы æрзæткъахæнтæ, куыста сæ къазна. 1896-æм азы онг æрзæткъахæнты хъуыддаг рæстмæ никæцæй зынди, ницы йын æнтыст, хатгай йæ хæрдзтæ фылдæр уыдысты йе ’фтиæгтæй.

Фæлæ 1896-æм азы нæ хæхты фæзынд бельгиаг хæххон промышленносты æмæ химийы æхсæнад «Алагир». Уый къазнайæ хаццон (аренды) райста уыцы æрзæткъахæнтæ æмæ ифтонгæй бавнæлдта куыстмæ. Хъуыддаг ацыд æндæр уагыл. Арæзт æрцыд æмæ рæзынц заводтæ æмæ фабриктæ, лæгъз æмæ уæрæх кæнынц фæндæгтæ, проект арæзт цæуы æфсæнвæндагæн дæр. Уыцы æхсæнады фæстæ фæзындысты æндæртæ дæр — «Терчы хæххон промышленносты æмæ акционерон æхсæнад», стæй æхсæнад «Виейль-Монтань». Хъуыддаджы бацыдысты бынæттон кулактæ дæр. Алы къуымты кæнынц сгарæн куыстытæ, аразынц бадзырдтæ... Æмæ абоны онг, æрзæт кæм ис, Ирыстоны хæхты æппæт уыцы бынæттæ æлхæд фесты хæххон промышленниктæн. Æрмæст иунæг Терчы æхсæнадæн йæ къухы бафтыд 9–10 ахæм бынаты. Цæрджытæ æхсызгонæй сразы вæййынц хæххон промышленникты фæндоныл; æхцайы кой куы фехъусынц, уæд хъуыды дæр нæ акæнынц, афтæмæй уæй кæнынц канд сæ хуымзæхх æмæ уыгæрдæнтæ нæ, фæлæ сæ цæхæрадæттæ дæр. Иуæрдыгæй, хъуыддаджы бынæттон кулактæ кæй бацæуынц, иннæрдыгæй, адæм хабарæн дæсны кæй не сты, уыйадыл хæхты цæрджыты зæххытæ хæрз лæварæй бахауынц промышленникты къухтæм. Афтæмæй æнæбахынцгæ нæй ахæм уавæрæн, æмæ куы иу, куы иннæ хъæуы цæрджытæ, промышленниктимæ бадзырд куы саразынц, уыйфæстæ байдайынц æмбарын, кæнынц оххытæ, сæхи ма дыууæрдæм раппар-баппар сисынц, афтæ, дам, нæ рауад нæ базар, æнæ къæбæрæй баззадыстæм. Сæ цæстытæй бæргæ ракæсынц, сайæн ныхæсты фæлм бæргæ атайы сæ разы, фæлæ байрæджы вæййы...

Куыдфæнды уа, уæддæр промышленниктæ разæй уынынц мулчы денджызтæ æмæ ницæуыл ауæрдынц, афтæмæй кæнынц сæ хъуыддаг. Дидинæг æфтаудзæн нæ зæххыл хæххон промышленность; пайда исыны æнæфсис хуыцау скæндзæн йæхицæн кувæндæттæ æрдзы сæрибар фыртты ахстæтты, æмæ ралæудзæн æвзисты паддзахиуæг. Йæ фæздæг къæсы, йæ мæгуыр фынджы уæлхъус бадын чи уарзы, чи цин кæны, «уæрæйдæ» чи зары, гутоны фæстæ æхситгæнгæ чи цæуы хъугомы, хæхты бæрзæндты йæ фосы фæдыл чи хæты, уыцы хæххон лæг бавзардзæн ног цард: уый ныууадздзæн йæ гутон дæр, фос дæр, зарджытæ дæр, йæхи ратондзæн æрдзы хъæбысæй æмæ сæрзилæн тахтæй уайдзæн фабриктæ æмæ заводтæм. Уæд рацæудзæн урсбоцъо зæронд лæг йæ фæндыримæ, æрбаддзæн дурыл, æруадздзæн къухтæ фæндыры тæнтыл, фæлæ йæм ничиуал æрцæудзæн, ничиуал хъусдзæн хуымæтæг таурæгътæ ныййарæг зæххы кадджын хъæбатырты тыххæй.

Æнæмæнг æрцæудзæн зынгæ ивддзинæдтæ хæххон ирон адæмы царды промышленнон змæлды руаджы. Нæ оптимисттæ цин кæнынц уыцы змæлдыл æмæ табу кæнынц йæ аххосджынтæн. «Сæ амонд уыдзæн, хæххон хъуыддæгтæ исты хуызы кæмæ хæццæ кæной, уыцы хъæутæн»,— афтæ иу æмæ дыууæ ирон интеллигенты нæ дзурынц, мыййаг. Уыдонимæ мах дæр уырны: фæхуыздæр уыдзысты фæндæгтæ, фæфылдæр уыдзæн адæмы хъæздыг, æдзæрæг хæхты бæрзæндтыл фæзындзæн ресторантæ æмæ уазæгдонтæ, ныры хохаг ирæтты байзæддаг цæрдзæн æндæр цардæй, æндæр æрттиваг уавæрты, йæ хæдзары уаг, йæ дарæс, йæ хæрд — æппæт дæр аивдзæн. Ахæм хæрзтимæ, йæ хуымтæ æмæ йæ уыгæрдæнтæ бынтон асламæй кæмæн æлхæнынц, уыцы хохаг лæджы бар-æнæбары бахъæудзæн гутон æмæ æхсырф ныууадзын, бахъæудзæн æй æндæр куыст агурын, куыст та уыдзæн йæ фарсмæ — фабрикты æмæ заводты. Уый сахуыр уыдзæн уыцы куыстыл, бауарздзæн æй æмæ йæ цоты дæр араздзæн уырдæм, йæ зæрдæ дардзæн, уыдон дæр ын кæй бакусдзысты, тынг зынаргъ ын чи у, уыцы капекк. Афтæмæй æнæхъæн фæлтæртæ цæрдзысты фабриктæ æмæ заводты талынг æмæ уæззау уавæрты... Цас зын бамбарæн у, 7–10-аздзыдæй фабричы царды чи бахауа, уымæй дарддæр чи ницы фена æмæ зона, уыцы адæймаг зонд æмæ æгъдауæй куыд хъуамæ сырæза, уый? Мæн та фæнды хæххон промышленнон змæлды уыцы æнæзынгæ фарстмæ хъус æрдарын. Уыцы хъуыддагæн та æнæ уæвгæ нæй, уымæн æмæ материализмы рæзты аххосаг бонæй-бонмæ ары фылдæр фарсхæцджытæ, рæзы алырдæм, æмæ йын фадат цас уа, уыйас агурдзæн йæхицæн хойраг денджызы бын дæр æмæ хæхты мидæг дæр, йæ бон куы суа, уæд та ноджы дарддæр.

<ЦЫ ЦÆУЫ, УЫЙ — ХУЫЗДÆРÆН>

А фæстаг рæстæджы акцизон хицауад тынгæй-тынгдæр архайы ирон арахъ уадзыны ныхмæ. Аххосджынты дæттынц тæрхондонмæ, кæнынц сæ стыр ивартæ, æхгæнынц сыл ахæстоны дуæрттæ... Иу дзырдæй, абон уа — райсом, уæддæр арахъæн нæй æнæсæфгæ.

Цы цæуы, уый — хуыздæрæн...

Ирон арахъ уагъд цæуы иттæг примитивон фæрæзтæй. Уыцы тæфгæнаг æмæ цырвджын тæнгъæды бирæ ис хъæстæгæнæг сойæгтæ, ис дзы бирæ марг æмæ уымæй сафы адæймаджы зонд. Бæлвырд у, цавæр стыр зиан хæссы, чи йæ нуазы, уыдоны буарæн.

Дарддæр зæгъын хъæуы уый, æмæ арахъ кæй вæййы сæйрагдæр нуæзт, адæмы гæвзыкк æмæ раууатмæ чи тæры, уыцы ирон хистыты. Арахъ куынæуал уа, уæд хæрнæджытæ дæр афтæ стыр нал уыдзысты. Ныр ирæттæ æнæвгъау дæттынц, сылгоймæгты — æнæбар кусджыты — уæззау куыст æмæ æнæниздзинады аргъæй кæй амал кæнынц, уыцы арахъ, фæлæ йæ сыгъдæг æвзистæй æлхæнын куы бахъæуа, уæд ма чи сразы уыдзæн, 300–400 хæдзары кæм ис, уыцы хъæуæн сæ фаг уырыссаг арахъ балхæныныл.

Цас у сылгоймæгты фыдæбон та! Сæ царды æмбис арвитынц арахъ кæныныл нæргæ арты фарсмæ фæздæгджын скъæтты! Фæлмæцынц, ихсийынц, рынчын кæнынц; арахъ рауагътой, уæд цалдæр боны сæ цæстыты сырх нал ссæуы. Уыцы уæззау куыст кæнынц 2–3 къуырийы иу хатт, æмæ истæй тыххæй куы уаид, фæлæ алы хатт дæр 2–3 чысыл дурыны тыххæй... Афтæмæй ма сылгоймæгтæ куыд кæной хæдзарады куыст, кæд хъомыл кæной сæ сывæллæтты, кæд зилой æмæ æфснайой сæ хæдзæрттæ, кæд кæсой сыгъдæгдзинадмæ? Арахъуадзын æхгæд куы ’рцæуа, уæд та сын уыдзæн бирæ уæгъд рæстæг уыцы хъуыддæгтæн. Бафиппайын хъæуы уый дæр, æмæ ма быдыры хъæуты фæздæгджын хæдзæрттæ ис æрмæст арахъ кæныны тыххæй, æндæр сæ раджы аивтаиккой æнæфæздæг, рухс æмæ, фæзилæн кæм уа, ахæм агъуыстытæй. Æппынфæстаг, арахъ уадзыныл цас рæстæг, фæллой æмæ куыст хардз цæуы, уый куы нымайæм, уæд нæ бауырндзæн, нæ маргджын тæфгæнаг арахъ кæй слæууы зынаргъдæр, зиан къаддæр чи хæссы, йæ хъæд бирæ хуыздæр кæмæн у, уыцы уырыссаг арахъæй...

Махæн хъуамæ арфæйаг уа, нæ арахъ бынтон кæд фесæфа, уыцы бон.

<ХЪÆУУОН АФТЕКТЫ ФÆДЫЛ>

Адæмы низтæ æмæ фыдбылызтæн хосгæнæг махмæ фылдæр сты моллотæ æмæ дæснытæ — Хуыцауы «минæвæрттæ». Æнахуыр талынг адæмы ’хсæн сын ахæм кад ис æмсс сын æууæндынц сæ алы ныхасыл дæр. Æмæ уыцы эскулаптæ дзурынц адæмæн, зæгъгæ, Хуыцауы фæндон уыдон дзыхæй чи нæ фехъуса, афтæмæй медицинæйы æххуыс чи агура, уый баййафдзæн зæдтæ æмæ дауджыты фыдæх.

Ныронг дæсныты нæ хъуыд уыцы «æцæг хабар» дзурын, уымæн æмæ талынг адæмæй медицинон æххуысæн йæ кой дæр ничи зыдта, фæлæ ныр афæдз, кæнæ дыууæ азы иу хатт хицæн хъæуты фæзыны зылды дохтыр æмæ рынчынтæн амоны алыхуызон хостæ. Уыцы хъуыддагæй сæ маст фыцы эскулаптæ-дæснытæн æмæ алы мадзæлттæй адæмы ардауынц, сæ цæстысындз чи у, уыцы медицинæйы ныхмæ... Цæуы тох æмæ, хъыгагæн, уæлахиз вæййы моллотæ æмæ дæсныты ’рдыгæй. Уыдон сæ дæсныфæрсæнтæ æмæ сæ арфæтимæ æдзухдæр цæттæ æмæ æввахс лæууынц, медицинæйы æххуысмæ та цæуын хъæуы горæтмæ, 20–50 версты бæрц. Дæснытæ æмæ моллотæ сæ армы бын дарынц талынг адæмы зонд, мур пайда йын нæ хæссынц, афтæмæй нæ ауæрдынц стигъыныл. Æмæ сын фидгæ та цас кæнынц! Фидынц сын, зæгъæм, ахæм уынаффæтæн: тæфсæгæй рынчын дæ, уæд исты амынд нысайнаг дæ хъуыры бакæн, кæнæ дыццæг æхсæвы, йе æртыццæг æхсæвы аргæвд зылынцæст урс сæныкк, кæнæ йæ сæры астæу урс стъæлф кæмæн уа, ахæм урскъах сау уæрыкк... Ахсæнæй чи хъæрзы, кæнæ æндæр хуылфыдзаумæттæй хъыгдард чи у, уый хъуамæ куывды ацæуа искæцы дзуармæ, æртæ кæрдзыны, физонæг, нуæзт, бæмбæджы бындзыг, хæрдгæ-æвзист æндæхтæ йемæ айса, афтæмæй... Кæд æмæ низ уæззаудæр уа, уæд йæ рецепт дæр уыдзæн вазыгджындæр... Уæд бахъæуынц алæмæты цыкурайы фæрдыг, урс уасæг, сау карк, Сафайы рæхысы сæг, æхсæв, бон — æмæ цынæ диссаг æрымысынц молло æмæ дæсны!..

Фидарæй зæгъæн ис уый, æмæ уыцы сафинаг митæ уыдзысты, цалынмæ адæмæн медицинон æххуысы хъуыддаджы хуыздæр уавæртæ арæзт не ’рцæуа, уæдмæ.

Быдыры ирон хъæутæй иу-дыууæйы, чысыл афтектæ кæм ис, зылды дохтыртæ кæм цæрынц, уыдоны адæм æнæууæнк кæнынц дæсныты «хостыл» æмæ арæхдæр агурынц медицинон æххуыс.

Тагъд уыдзæн, æвæццæгæн, ахæм рæстæг, æмæ уыцы хъæутæй сæхи айсдзысты дæснытæ... Иннæ хъæутæн ницы пайда ис фельдшертæй, бирæтæ сæ уынгæ дæр никуы фæкодтой. Афтæмæй тынг æхсызгон хъæуы, медицинæйы æххуыс къухы цæмæй æфта, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы, алы хъæуы бон нæу йæхи фельдшер æмæ афтек дарын, фæлæ уый хыгъд, махмæ гæсгæ, быдыры хъæутæй алкæмæн дæр, стæй хохы алы комæн дæр (астæуккаг хъæуы) сæ бон уаид чысыл афтектæ саразын, æппæты хъæугæдæр хостæ кæм уа, стæй бирæ дæсныйад кæмæн нæ хъæуа, ахæмтæ. Хуыздæр уаид афтектæ скъолаты байгом кæнын (скъолатæ та ис алы хъæу æмæ комы дæр) æмæ сæ ахуыргæнджыты бæрны раттын, уыдон адæмы тыххæй сæхи нæ атигъ кæндзысты ахæм куыстыл.

Хъæууон афтектæ аразынц бардарæг хицауады фæндонæй, æнахуыр адæм та, ныр цы уавæры сты, уымæ гæсгæ сæхæдæг не ’рхъуыды кæндзысты уыдон радомын. Хорз уаид, хъæуты æмбаргæтæ уыцы хæс сæхимæ куы райсиккой, уæд... Афтек саразынæн фаг уаид 100–150 сомы, стæй æрвылаз ног хостæ æлхæнынæн та — 50 сомы, — уый хъæуы цæрджытæн тынг зын нæ уыдзæн, афтæмæй сырæздзæн ахсджиаг хъуыддаг.

<НÆ ХЪÆУЫХИЦÆУТТÆ>

Нæ хъæуты æхсæнадты цы бирæ хорз хъуыддæгтæм бавналинаг сты, цы бирæпайдайаг уынаффæтæ кæнынц, уыдоныл фæлдæхт æрцæуы рохуаты дур — кæнæ бынтондæр, кæнæ дард æмгъуыдмæ. Уый уымæн афтæ у, æмæ, кæнæ хъæууон буржуазийы бæлвырд нысантæн ахъаз не сты, кæнæ та истæмæй нæ цæуынц хъæуыхицауы зæрдæмæ.

Æгæр стыр бартæ райста йæхимæ хъæуыхицау... Йæ зæрдæ йæм афтæ дзуры, æмæ æппæтæй дæр хъæуæн уый у йæ хицау — æмæ æцæгдæр, фæцайдагъ ис йæхи кæнонтæ кæныныл. Фæнды йæ дины кусджыты дæр, ахуыргæнджыты дæр йæ армы бын дарын, фæнды йæ, цæмæй хъæуы тæрхондон йæхимæ гæсгæ ма кæна тæрхон, фæлæ хицауы амындмæ гæсгæ — æмæ æппæт уыдæттыл закъон æмæ æнæзакъонæй æвзары йæ бархъомыс.

Уæлдай хъыгаг уый у, æмæ хъæуыхицау йæхи кæй тъыссы æхсæнады хæдзарадон хъуыддæгты дæр. Уый сысты, æхсæнадæн пайда цы раттид, ахæм райдайæны ныхмæ æмæ йын æхгæны йæ фæндаг, кæнæ тыхæй аразы, адæм разы цæуыл не сты, ахæм хъуыддæгтæ, æмæ йын уый арæх æнтысгæ дæр кæны. Суанг, йæ фæнд хæрз æнæсæрфат у, уый куы базона, уæддæр æй нæ ныууадздзæн æнæ атæргæ, нæ йæ ныууадздзæн уымæн, æмæ тых йæ къухы ис, тых та раст вæййы. Уыцы хуызы сæфт æмæ стъæлдмæ кæны адæмы, æрæджы Терчы облæсты иу хъæуы куыд рауад, афтæ («Терские ведомости», № 91). Хъæуыхицауы бафæндыд йе ’ххуысгæнджытимæ, хæдзарадон куыст кæй бæрны ис, уыдон æвастæй уыгæрдæнтæ хъæуы цæрджытыл байуарын. Афтæ сæ байуæрста æмæ æхсæнады æртыццаг хай баззад бынтондæр æнæ хосæй... Уый дын йæ пайда!..

Хъæуыхицæутты не ’ндавы æхсæнады пайда, куы сæ æндавид, уæддæр æй аразиккой сæхирдæм. Нæ хъæуыхицæуттæ сты схъæл æмæ гуымирытæ, ницы æмбарынц æфхæрын æмæ хъалонтæ исынæй дарддæр. Уый та уæлдай сагъæссаг у!

Иу-дыууæ азы размæ Джызæлы Ныхас растыл банымадта, хъалон хæдзæрттыл дих кæнын кæй нæ хъæуы, фæлæ, чи цас зæхх ахсы, уымæ гæсгæ, хуымгæнд æмæ фосы нымæцмæ гæсгæ...

Ахæм уагæвæрд уыдаид раст. Ис ахæм хæдзæрттæ, æмæ йæ агъуыст æд цæхæрадон ахсы, къазнайы зæххы нымадæй, дæсæтин æмæ æрдæг, ис æм дыргъдон, хуымтæ, æнæхъæн бæхрæгъау, хъомрæгъау, 6–7 сæдæйы фыстæ, мыдыбындзытæ æмæ а. д. Йæ фарсмæ та къаннæг зæххы гæппæлыл æрынцад, æрмæст иунæг бæх, иунæг хъуг æмæ род кæмæ ис, ахæм хæдзар. Æмæ уыцы иу бæхы хицау дæр фиды, æхсæнады зæххы æппæт сойтæ чи цъиры, уыйбæрц! Алы хъæууон дæр хъуамæ фида, æхсæнады зæххæй цас пайда кæны, уымæ гæсгæ.

Бирæ фæтох кодта Джызæлы æхсæнад буржуазиимæ, уыдон та хъуыддагæн цæлхдуртæ æвæрдтой хъæуыхицауы æххуысæй. Хъæуыхицау æнæхъæн дыууæ азы урæдта хъуыддаг, архайдта уый бынтондæр бамынæг кæныныл. Æрмæст ацы хатт буржуази æмæ хъæуыхицауы куыстæн нал бантыст адæмы змæлд бауромын. Æхсæнад уынаффæ балæвæрдта облæсты уæлдæр хицауадмæ, уым æй растыл банымадтой æмæ йæ æххæст кæнынмæ фæстæмæ рарвыстой хъæуыхицаумæ. Фæлæ уымæн йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд уынаффæ æххæст кæнын...

Рацæуы уый йæ писыр æмæ йæ хъузæттимæ, æрзилы адæмыл, цыма зæхх бары æмæ фос нымайы, афтæ, æмæ та ууыл хъуыддаг ахицæн. Иуафон та йын хъæу æрхæссынц сæ уынаффæйы кой. Уый та рацæуы ног, куыд загътам, афтæ та æрзилы, адæм та сæ куыстыты бацæуынц — æмæ та хъуыддаг ферох ис. Æппынфæстаг, адæм сфæлмæцыдысты сæ хъæуыхицауы иугъæдон хъена-моцъойæ æмæ йæ ныхъхъуытты уагътой. Уый æмæ буржуази дæр ма хуыздæр цæмæ бæллыдысты!

Уыдис ма ахæм хабар дæр. Г-йы хъæуы æхсæнад сфæнд кодта дыргъдæттæн зæххы иу хай хæдзæрттыл байуарын, алкæмæ дæр дзы æрдæг хæдзарадон дæсæтин куыд æрхаудтаид, афтæ. Æвзæрст лæгтæ байуæрстой зæхх, кодтой ауæдзтæ æмæ хæлттæ æппарынмæ куыд хъавыдысты, афтæ та буржуйтæ фæзындысты æмæ хъуыддаг фехæлдтой. Уыдон бадомдтой, цæмæй сын раттой иннæтæй егъаудæр æмæ нарддæр хæйттæ, уымæн æмæ, дам, мах нæхæдæг дæр егъаудæр æмæ нарддæр стæм, цавæрдæр Габойы бон, дам, нæ бауыдзæн дæсæтины æрдæг бакусын дæр, уыдон та аххæсдзысты къордгай дæсæтинтыл дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, «тыхджынты» нæ фæндыд, Габо кæнæ Хъæрæсе дæр уыдонау æхсæнадæн хæстæ кæй фидынц, уый зонын. Адæм сæ хъаст бахастой хъæуыхицаумæ, æнæфсис буржуйтæй сæ цæмæй бахиза, уый тыххæй. Фæлæ уый хуыздæрыл банымадта хъуыддаг бауромын «тыхджынты» æнæраст домæнты ныхмæ сдзурыны бæсты. Æмæ та хорз хъуыддаг бамынæг йæ гуырдзы. Афтæ вæййы сæ хъысмæт æндæр хорз уынаффæтæн дæр.

Алыран дæр хъæуыхицæуттæ æмæ буржуйтæ кæнынц æмдзæхдон... Ног нысангонд хъæуыхицау йæ куыстмæ нæма бавналы, афтæ йæхи ласын байдайы бонджынтæм. Æмæ куыннæ! Хъæуыхицауæн пайда у хъæздгуытæ æмæ тыхджынты фарс хæцын, уæд ын æнцондæр уыдзæн иннæты рохтыл хæцын, тыхджынты фарс куы нæ лæууа, уæд та зын нæу æнæ бынатæй баззайын дæр. Буржуйтæн дæр хорз у хъæуы хицауадимæ хъæрмудæй цæрын, мæгуыр лæджы рагъыл сæ бадт æнцойдæр цæмæй уа, уый тыххæй.

ФЫСТÆГ РЕДАКЦИМÆ

Г. редактор! Зæрдиагæй курын, газет «Тифлисский Листок»-ы кусæгыл дарддæр мæхи кæй нал нымайын, уый уæ газеты хæстæгдæр номеры фехъусын кæнын.

Ар. К. (Ар. Коцойты).

P.S. Цыппар мæйы размæ «Тифлисский Листок»-ы кусын куы байдыдтон, уæд æй æз газет æнхъæлдтон, уымæй дæр прогрессивон газет. Фæлæ мын уайтагъд сæнад и. Кæсын, æмæ мæ уацхъуыдтæй дæрзæг æмæ судзаг чи нæ у, уыдон æхсызгонæй мыхуыр цæуынц, арæх фæзынынц фыццаг фарсыл зынгæ бынаты, фæлæ чысыл нæ рæстæджы риссаг фарстытæм кæм февналын, уыцы уацхъуыдтыл «оххытæ» æмæ «аххытæ» кæнын байдайынц, гъемæ сæ æвзæрыл банымайынц. Æркæсын газеты иннæ кусджыты фыстытæм — æнæпайда æмæ æнæсæрфат дзæнгæда... Дарддæр мæ уырнын байдыдта, «Тиф. Лист.» кæй у хуымæтæджы армукъа, уымæй Дæр, сайæн барæнтæй алыхуызон зыгъуыммæфæлдæхт æмæ æмбыд базайрæгтæ кæм уæй кæнынц, ахæм...

Æгуыдзæг газеты здæхт удуæлдайæ аразы йæ астæуккаг цæджындз господин Норд; иууыл диссагдæр та уый у, æмæ ахæм адæймаг журналисты ном кæй хæссы. Цыппар мæйы Калачы дæн æмæ нырма Нордмæ нæ федтон иу хъуыддаджы статья, сæ иу ын вæййы иннæмæй афтиддæр. Æмæ уый æрмæст мæнмæ гæсгæ афтæ нæу. Калачы ахуыр адæмæй дын иу æмæ дыууæ нæ зæгъдзысты, Норды фыстыты æппындæр кæй ничи кæсы, уый. Æмæ уыцы тыхжурналист разамынд дæтты газетæн! «Газеты» разамонæджы бынатмæ Норд кæй бафтыди, уый æппындæр æнæнхъæлæджы нæу: фыццаджыдæр, æз куыд бафиппайдтон, афтæмæй уый у хин æмæ хæйрæг, зоны рувасау цæстмæмитæ, дыккаджы та, редактор къупец у, ницæмæн æй хъæуы газеты, кæнæ литературон куыст хорз æмбарын, фæлæ уый хыгъд иттæг тынг арæхсы йæхи хуызæттæ ссарынмæ...

Æмæ 12 азæй фылдæр сæйраг сахары, стæй кавказаг журналтæ æмæ газетты чи мыхуыр кæны, уымæн Норды хуызæн тыхжурналист афтæ куы дзура, дæ куыст лæмæгъ у, нæ рацæудзæн, зæгъгæ, уæд æм уый хъуамæ куыд кæса?..

Базар кæнут, базар, «Листок»-ы хъузæттæ! Нырма уын ис, иттæг домаг чи нæ у, ахæм æлхæнджытæ: нырма газеткæсджытæ фаг нæ сахуыр сты алы фæливæн фыстытæй сæхи хъахъхъæнын.

ИРОН ИНТЕЛЛИГЕНЦИЙЫ ХÆСТÆ

I

Владикавказы цæуы, зонынадæй мæгуырау чи у, ахæм сыф «Хабар». Уый адæмы размæ æрхаста ирон литературæ, равдыста йæ афтæ, æмæ лæг нæ зоны, цæуыл тынгдæр дис кæна,— фысджытæ бирæ кæй сты, ууыл, æви уацмысты хъæздыгыл, æви, нардуатæй фысджытæ æмæ уацмыстыл цы стауæн ныхæстæ калынц, уыдоныл... Йæ ныхасы кæрон «критик» кæны патетикон хъæр: «Кæй бон у уыдон се ’ппæт фæнымайын?!»

Нал ис ирон литературæйы иунæг уæйыг — Къоста, æмæ алы дзиглотæ сивæзтой сæ къубæлттæ, сдардтой сæ сæртæ,— алырдыгæй алы хъæлæстæй дзурын байдыдтой:

— Æз драматург дæн!

— Æз беллетрист дæн!

— Æз — поэт!

Æмæ уыцы дзиглотæ æхсæнады тæрхонмæ цыфæнды рахæссæнт, алцæуыл дæр сын æмбæлынц æхсызгонæй, арфæтæй. Мадæлон литературæйы тыххæй домаг хъуыды зæгъын сын нæу фæндиаг, былдауæн æмæ козбау ныхæстæй та æфсæрмы ничи кæны.

Цы хуызы æмæ цæуыл цин кæнынц нæ мадæлон литературæ уарзджытæ?

Ис махмæ Третьяковтæ: Байы-фырт, Къубалы-фырт, Æлборы-фырт æмæ уыдоны хуызæттæ. Сæ хид калынц, афтæмæй иу æмдзæвгæ иннæйы фæдыл хъулон кæнынц. Ис нæм драматург Хъоцыйы-фырт, уымæн та йæ пьесæтæ æнæмæнг разынынц æмхуызон, æндæр автортæн раздæр чи рацыд, ахæм уацмыстимæ. Ис ма ноджыдæр драматург Брытъиайы-фырт, уый та йæхи афтæ тынг уарзы, æмæ йæ уыцы уарзт нæ уадзы рæстмæ исты ныффыссын, æцæг литературон уацмыс сфæлдисын... Æцæгдæр, бæргæ ис драматургтæ дæр, беллетристтæ дæр, фæлæ дзы йæ куыстмæ зæрдæбынæй ничи кæсы... Æмæ фæзынынц къæрис чиныггæндтæ, сæ мидис нын æрымысы, Мæскуыйы базарты цы ницæйаг (лубочные) фыстытæ уæй кæнынц, уыдоны. Цы йыл дзурæм, суанг адæмы сфæлдыст уацмыстæм дæр нæ мидæгдонæй хаст фысджыты къух куы фæирвæзы, уæд уыдон дæр свæййынц æнæхъуаджы фæзынд. Къубалы-фырт бавдæлд адæмон стырдæр эпопейæтæй иу — Нарты кадджытæ гæххæттыл фыссынмæ æмæ сæ афтæ скæрдæнтæ кодта, æмæ сæ рауад ницæйаг, æппындæр бамбарæн кæмæн нæй, ахæм дзæнгæда. Афтæмæй сыл йæхæдæг бафыста: «Собрал и обработал присяжный поверенный такой-то». Æрмæст иунæг уыцы фыст дæр æвдисы, цавæр стыр нывгæнæг у Къубалы-фырт, уый.

Нæ литературæ рæдыд фæндагыл кæй цæуы, литературæ æмæ йæ хæстæм раст цæстæнгас кæй нæ дарынц махмæ, уымæн æвдисæн у, «Хабар»-ы хуызæн газет нæм кæй ис, уый дæр. Ууыл дзурæг у уый дæр, æмæ суанг хуыздæр автортæ дæр, зæгъæм, Брытъиаты Елбыздыхъо, рауадзынц рухсмæ сæ уацмыстæ æнæхсæстæй. Цардмæ уæрæх бавнæлд ис уыцы авторы пьесæ «Дыууæ хойы», у тынг афойнадыл фыст, фæлæ йыл нæй кæронмæ бæстон куыст, фаг цæттæ нæу сценæйы уавæртæн. Бæрæг у, автор йæ уацмысыл лыстæг бакусын уæлдай хъуыддагыл кæй нымадта, уый. Æмæ цæуыл тыхса, кæд æй афтæ дæр хонынц «иттæг курдиатджын», «зындгонд драматург», кæд ын йæ алы уацмысæй дæр æмхъæлæсæй фæзæгъынц «хорз»?!

Театр йæхæдæг дæр арæх вæййы балаган. Æрæджы Бакуйы уыдтæн ирон спектаклы. Æвдыстой драмæ «Хазби», рæстæмбис пьесæ, растдæр зæгъгæйæ та, æвзæргомау, архайджытæ дзы афтæ хъазыдысты, æмæ къултæ дæр фæсырх уыдаиккой. Дисгæнæн уыд, бакуйаг театрдзаутæ цас быхстой, суанг спектаклы райдайæны æхситты хай куыннæ фæкодтой пьесæйы дæр æмæ архайджыты дæр, уыдæттыл.

Æмæ исчи загъта æвронг хъуыды?

Исчи загъта уайдзæфы ныхас, театрæй хынджылæгдон кæнын кæй нæ бæззы, уый тыххæй?

Абабау.

Æртыккаг бон бынæттон газетты кæсын, пьесæйы дæр æмæ архайджыты дæр уæлæуæз чи исы, ахæм рецензи. Уацмысы автор йæхæдæг сæйраг ролы хъазыд æппæтæй æвзæрдæр, æмæ уый тыххæй та загъд уыд: «Йæ роль ахъазыд разæнгардæй»...

Уыцы хуызы, ирон литературæ «дидинæг нæ ракалдта, афтæмæй руайы»...

Æмæ уый не ’мбарынц нæ мæнг патриоттæ. Æрмæст фысджытæ æмæ сæ уацмысты бирæйыл дис кæнгæйæ, уæлмонцæй хъæр кæнынц: «Кæй бон у, уыдон се ’ппæты фæнымайын?!»

Кæд ирон интеллигенцийы фæнды, мадæлон литературæйы рæзт дзыхы ныхæстæй нæ, фæлæ æцæг хъуыддагæй уа, уый, уæд æм хъуамæ æркæса æндæр цæстæй, аргъ ын кæна критикон æгъдауæй, «нæхи у, уæд хорз у», зæгъгæ, уыцы хъуыды аппара, афтæмæй.

Æхсæнад бæстондæр куы ’взара хъуыддаг, уæд автортæ сæхæдæг дæр куыдфæндыйæ нал кæсдзысты мыхуырон дзырдмæ.

II

Исчи барæй куы сфæнд кæнид, кæсын æмæ фыссынæн æппæты зындæр æмæ æнарæхстдæр чи уа, ахæм абетæ саразын, уæддæр ын, гъада-гъа, бантысид ирон дамгъæтæй фыддæртæ æрымысын... Стыр оригинал уыд ирон дамгъæуат скæнæг, — райста уырыссаг æмæ латинаг алфавиты зынархайддæр дамгъæтæ, баныхæста сыл къæдзилтæ, хъустæ, къæхтæ, къухтæ æмæ æндæр ахæм фидауцы нысæнттæ æмæ загъта:

— Адон уæнт ирон дамгъæтæ!..

Уæлдай ничи ницы сдзырдта, æмæ афтæ рауад.

Уайтагъд джиппы уагъд æрцыдысты дыууæ-æртæ чиныджы. Алчи дæр федта уæд, иронау кæсын зын кæй у, уымæй зындæр та фыссын кæй у, уый.

Уæдæй ардæм хицæн адæймæгтæ æмæ æнæхъæн къордтæ хъуыды кæнынц æмæ дзурынц ног, æнцондæр архайд чи уа, ахæм дамгъæтæ саразыныл, фæлæ — дон хиды бынты. Иу-дыууæ хатты уый тыххæй арæзт æрцыд сæрмагонд æмбырдтæ дæр. Фæлæ-иу сыстад Байаты Гаппо йе ’мдзæхдонтимæ æмæ-иу загъта:

— Уыйбæрц зынаргъ куыстытæ рауагътам джиппы, æмæ ма ныр куыд ивæм нæ дамгъæтæ?!

Уый дæр дын оригинал. Цыма æрмæст уыцы дыууæ чиныджы тыххæй уыдысты фыдæбæттæ! Цыма уыдон нал бахъæудзысты æмæ сын ног нал уыдзæн мыхуыр кæнæн! Стæй нæ цыма дарддæр уыдонæй ноджы зынаргъдæр куыстытæ уадзын нæ бахъæудзæн.

Фæлæ уæд Байы-фыртæн йæ ныхасы уыди уæз, æмæ, йæ худинагæн, алы мадзæлттæй къуылымпы кæны, ирон интеллигенци æмæ адæмы уынаффæджынтæ цы фыццаг æхсæнады сæмбырд сты, уый хъуыддæгтæ.

Раст зондыл хæст чи у, уыдонæй алчи дæр хъуамæ уына: Ирыстон æгæр чысыл у æртæ рауагъдадон æхсæнады дарынæн, фæлæ фаг стыр у иуæн, суанг егъау рауагъдадæн дæр. Æртæ æхсæнады куы баиу уаиккой, уæд, æнæмæнг, хъуыддаг фæрæстмæ уаид... Абон бирæтæ дызæрдыг кæнынц, æртæ æхсæнады хицæнтæй исты саразой, ууыл, сæ гуырысхо æнæ бындур нæу, æмæ уымæ гæсгæ нæ цæуынц сæ иумæ дæр, нæ сын æххуыс кæнынц. Фæлæ алчи дæр куы базона, æртæ æхсæнады баиу сты æмæ нырæй фæстæмæ уыдзæн æрмæст иу рауагъдадон æхсæнад, уæд ыл, бæлвырд, аудиккой æппæт ирæттæ дæр.

Иу æхсæнадæн йæ бон уаид газеттæ уадзын дæр, журналтæ дæр, чингуытæ дæр, уымæй уæлдай йын гæнæн уаид уыдон адæмæн аслам аргъыл дæттын, кæнæ хаттæй-хатт суанг лæвар дæттын дæр. Уый та фыццаг рæстæджы уаид ахъаззаг хъуыддаг. Ахæм уавæрты адæм фæцахуыр уаиккой чиныгыл, бамбариккой, æхсызгон сæ кæй хъæуы, уый, æмæ афтæмæй тагъддæр ралæууид, чиныг æмæ газет сæ хæрдзтæ уæлдайджынтæй кæд æхгæндзысты, уыцы рæстæг...

Æхсæнадты баиу кæнын кæй хъæуы, уый хъуамæ æмбара алчи дæр. Калачы фыццаг æхсæнад иу рæстæджы сдзырдта ацы хъуыддагыл, фæлæ дзы ницы рауад. Хорз уаид, дыккаг хатт ыл хъæддыхдæрæй куы зæгъид, уæд.

Дарддæр, дыууæ ныхасы, ирон спектакльтæ пайда кæй нæ дæттынц, уый тыххæй. Уым диссагæй ницы ис — æндæр гæнæн дзы нæй, æмæ йыл цы хардз æрцæуы, уый куы ’мбæрза, уæд ууыл цин хъæуы. Искуы фылдæр хардз куы дома спектакль, уæд уый дæр хъуамæ макæй баурома — интеллигенцийæн æмбæлы сæхицæн уыцы зын скæнын.

Æндæр хъуыддаг у, спектакль йæхæдæг куы нæ фæбæзза, уæд. Театр хъазæндон (балаган) куы суа, уæд ын адæмы цæсты аргъ нал уыдзæн, уымæй та, гæнæн æмæ амал уæвгæйæ, хи бахизын хъæуы. Абон уал хæцынц фæйнæрдæм, хъуыддаджы бацæуынц æвæлтæрд адæм, театры куыст чи нæ зоны, суанг ахæмтæ дæр. Махмæ афтæ кæсы, æмæ æгъгъæд уаид, зæрдæ дарæн кæуыл уа, дыууæ ахæм драмкъорды саразын, иу Цæгат Ирыстоны, иннæ — Хуссары. Ныртæккæ та ис дыууæ нæ, фæлæ дыууæ æмæ ссæдз драмкъорды, æмæ уыдонæн сæ фылдæр адæмæн æнад кæнынц театр.

III

Дзæуджыхъæуы ирон æвзагыл цыди журнал «Зонд» — нæ йын бантыст, æртыккаг æви цыппæрæм номерыл ахицæн; цыдис дзы «Ирон газет» дæр, уый дæр æхгæд æрцыд иу-фондз мæйы фæстæ; цыди Калачы газет «Ног цард» — 6–7 мæйы фæстæ уый дæр уыдон хал баййæфта; цæуынц чингуытæ — æлхæнæг нæй! Æвæрд цæуынц спектакльтæ, уыдон дæр тыххæй-æнæбары амæлттæ кæнынц...

— Уый цавæр æмбисонд у? — фæрсынц бирæтæ.

Æмбисонд та зын æмбарæн нæу. Чысыл ис Ирыстоны ахæм адæм, театрмæ чи бæлла, чингуытæ æмæ газеттæ кæрдзынау æхсызгон кæй хъæуой. Æмæ, дæ хорзæхæй, æнахуыр ирон лæг цæмæн æлхæна газет кæнæ чиныг, кæд æмæ уыдон ницы дæттынц нæдæр зондæн, нæдæр зæрдæйæн, нæдæр гуыбынæн?

Культурон адæймаг чиныг æмæ газетыл хардз кæны, уæлдай йын чи нæ у, уыцы æхца дæр, культурон чи нæ у, уый та йæ Уæлдай суари дæр ратдзæн цæуылфæнды, æрмæст дзы нæ балхæндзæн газет, уымæн æмæ йæ æппындæр ницæмæн хъæуы...

Уыцы хъуыддагмæ хъус дарын у ирон интеллигенцийы хæс. Кæд æй фæнды уый, æмæ газеттæ æмæ журналтæ уой, чингуытæ уæйгонд цæуой, спектакльтæ пайда дæттой, уæд хъуамæ хъомыл кæна адæмы, цæттæ йæ кæна культурæ æмбарынмæ. Ахæм куыстæн йе ’нтысты сæйраг уавæр ис уый мидæг, æмæ интеллигенци хъуамæ дард ма лæууа дзыллæтæй, йæ къух хъуамæ æххæсса адæмы къухмæ.

Амынд фæндагыл ирон интеллигенци нæ фæлвæрдта æмæ нæ куыста, зæгъгæ, уымæй йæм фау æрхæссæн нæй, фæлæ йæ куысты нæй иудзинад, æмзæрдæ архайд, æмæ йын уый сафы йæ фæллæйттæ. Крыловы æмбисонды хърихъупп, хæфс æмæ кæф куыд фыдæбон кодтой, уый та никæй хъæуы... Уыцы æмбисонд та æнæмæнг нæ зæрдыл æрбалæууы, ирон интеллигенци иугæйттæй дæр æмæ къордтæй дæр куыд кусы, уымæ кæсгæйæ.

Райсæм ма чиныгуадзæн куыст — ирон адæмы культурон царды сæйраг фæрæз. Уый нырма Ирыстоны тынг лæмæгъ у. Хицæн адæймаг хъуыддаг йæхимæ райса, уый гæнæн нæма ис, сразæнгард æм уыдзæн æрмæстдæр уæд, æмæ куы зона, йæ пайда бæрæг æмæ бирæ рауайдзæн, уый. Ныртæккæ та ахæм пайдайæн фадæттæ нæй. Æрмæст интеллигенцийы бон у хъуыддагмæ ныфсджынæй, мулк рамбулынмæ æнхъæлмæ ма кæс, афтæмæй бавналын. Æмæ тох кæны, фæлæ, хъыгагæн, йæ куысты зыны фæйнæрдæм хæцын.

Иу рауагъдадон æхсæнад ис Дзæуджыхъæуы, дыууæ та — Калачы... Уыдонæй адæмы мыггаг у æрмæст фыццаг, Калачыуæттæ та гæххæттыл цы сты, æндæр хъуыддаджы никæцæй зынынц...

Æртæ æхсæнады дæр, фæрæзтæ сæм кæй нæ ис, уыйадыл ницы уыйас архайынц. Дзæуджыхъæуы чи ис, уый æнæбары кусы, уадзы цыдæртæ рæстæгæй-рæстæгмæ, Калачы чи ис, уыдон та хъуыддаджы куыстмæ нæ арæхсынц, фæлæ кæрæдзи ратон-батон кæнынц — уый дын сæ куыст. Уым аххосджын у æхсæнад «Рухс». Раздæр Калачы уыд иу æхсæнад, куыста, уагъта газет «Ног цард». Чи зоны, дарддæр дæр йæ бон уыдаид æнтыстджынæй кусын, фæлæ йæ уæнгтæй 2–3 зианхæссæджы ацыдысты, арф чи нæ хъуыды кæны, ахæмтæй сæхицæн хъузæттæ ссардтой æмæ сарæзтой ног æхсæнад «Рухс». Ныры онг уал сæ куыст у уый, æмæ æрæмбырд вæййынц, ницы саразынц, афтæмæй та фæйнæрдæм фæцæуынц.

Уыцы æмбырдтæй ницы рауайдзæн, уый куы бамбæрстой, уæд, ирон æвзагыл чи фыссы, уыдонæй алчи дæр хицæнæй йæхирдыгонау аразын байдыдта дамгъæуат. Ныр иу райсы фылдæр уырыссаг дамгъæтæ, иннæ — латинаг, ивынц сын бархийæ сæ къæдзилтæ, сæ хъустæ æмæ æндæр нысæнттæ...

Афтæмæй иронау кæсын раздæрæй ноджы фæзындæр ис. Æрмæст автортæн сæхи бон у сæ фыстытæ æдæрсгæ кæсын, иннæты та бахъæуы, дамгъæты æвзаргæйæ, фыдæбон кæнын. Æрæджы федтон иу чиныг — латинаг дамгъæтæй фыст, фæлæ уырыссæгтæй хъулон дардта. Бадис кодтон, цымæ цы ’взагыл уа ай? Загътон — иронау. Афæлвæрдтон кæсыныл æмæ дзы ницы равзæрстон.

Ахæм уавæрты нæ мадæлон фыссынад бирæ пайда не ’рхæсдзæн адæмæн; цасфæнды ма фысс хорз чингуытæ — уæддæр сæ кæсæг нæ уыдзæн. Уый нæй, уæд гæнæн уаид адæмæн фаг хъæууон хæдзарады, гигиенæ æмæ æндæр чингуытæ уадзынæн.

Ныр, зынархайд фыстæй дыууæ-æртæ нæ, фæлæ æртæ хатты æртын чиныджы уагъд куы ’рцыд, уæддæр ног, иухуызон, æнцонархайд фыссынады фарст лæууы ирон интеллигенцийы раз, æнусы æмбисы размæ куыд лæууыди, афтæ. Æмæ йæ хæс у тагъддæр уыцы æнамонд хъуыддаг алыг кæнын... Ацы аз уалдзæджы ныхас цыд, зæгъгæ, уыцы фарсты тыххæй æмбырд уыдзæн Дзæуджыхъæуы кæнæ Калачы, фæлæ та ныр ницыуал хъуысы. Æхсызгонæй батагъд кæнын хъæуы уыцы æмбырдыл. Йæ барæвдзы хæс йæхимæ райсын йæ бон бауид, зæгъæм, Калачы ирон чиныгуадзæн æхсæнадæн.

НÆ ФЫДБЫЛЫЗТЫ ФЫДДÆР

Иугай ахуыргонд адæмтæ нæм куы фæзынди, уæдæй фæстæмæ дзурæм ирæды тыххæй, дзурæм, уый нæ фыдбылызты фыддæр кæй у. Æнахуыргонд адæмтæй дæр бирæтæм ирæд рагæй æвзæр æгъдау кæсы. 1860-æм азтæй фæстæмæ Цæгат Иры алы кæрæттæй æвзæрст лæгтæ къорд хæттыты æрæмбырд сты ирæд фехалыны тыххæй, алыг-иу кодтой ирæд куы 10, куы 20 туманыл — уымæй фылдæр чи фыстаид, ууыл-иу фиддон сæвæрдтой, ард хæрын кодтой, æвдисæнты фарстой...

Фæлæ-иу афæдз-дыууæ афæдзы фæстæ ирæд йæ фыццаг бынаты абадти.

Ныр та Цæгаты Ир ноджыдæр бадзырдтой ирæдыл...

Цы адавдзæни уыцы дзырд, уый уындзыстæм. Фæлæ нын ныр иу-дыууæ дзырды æнæ зæгъгæ нæй ацы æнамонд æгъдауы тыххæй.

Ирæды тыххæй усгур лæппутæ æнæ устытæй бадынц 30–40 азмæ; ирæды тыххæй бирæ чызджытæ æнæкуырдæй баззайынц 30 æмæ фылдæр азты онг, бирæ дзы куырдуаты дæр фæбады дæсгай азтæ. Афтæмæй аивгъуыйы фæсивæдæн сæ тæккæ хъаруджын, сæ тæккæ царддзаг афон.

Сæ хъару куы асæтты, сæ туг куы фехæлы, алы æвзæр низтæй куы ныррынчынтæ вæййынц, уæд нæм курынц лæппутæ ус, уæд нæм цæуынц чызджытæ чындзы.

Афтæмæй, цы сывæллæттæ гуыры, уыдон сæ мады гуыбынæй рынчынæй, удхъуагæй æмæ сæрхъæнтæй цæуынц — бирæтæ дзы иу къорд азты йеддæмæ нæ ацæрынц, фылдæр дзы чи ахæссы, уыдон Дæр ницы æнхъæлцау вæййынц.

Ирæды тыххæй сабыр кусæг лæппу сысты, бæхыл саргъ сæвæры æмæ давынмæ ацæуы, афтæмæй хуыснæгадыл фæцахуыр вæййы æмæ ус æрхæссыны фæстæ дæр йе ’гъдау нал уадзы.

Ирæды тыххæй лæппу чызг скъæфынмæ бацæуы, æмæ дзы йе фыдбылызтæ æрцæуы, йе та чызджы бинонтæ лæппуйы хæдзары иу афтид акæнынц.

Ирæды тыххæй ныл нæ алыварс адæмтæ худынц, æддагон адæмыл нæ нымайынц.

Уый уын нæ ирæд!.. Хуымæтæджы нæ дзурынц йæ фехалыныл нæ æмбаргæдæр адæмтæ... Дзурынц, бæргæ, фæлæ мах афтæ æнхъæл стæм, æмæ нырæй фæстæмæ дæр фиддонæй, ард хæрынæй æмæ дзырд дæттынæй куы сурой ирæд, уæд дзæгъæлы уыдзæн сæ фæллой, — фыдæлты æгъдауæн афтæмæй сурæн нæй...

Ныр нæм фæзынди иугай лæгтæ, кæцытæ нал исынц сæ чызджытæй ирæд. Уыдон æй фиддоны æмæ ард хæрыны тыххæй нæ ныууагътой, фæлæ æрæмбæрстой, ирæд фыдбылыз æмæ æгад æгъдау кæй у.

Иу хатт æмæ дыууæ хатты æвæрд куынæ уыди ирæды тыххæй фиддон, кæнæ ард хæрын, æмæ та-иу уæддæр ирæд фæстæмæ йæ бынаты куы абадти! Афтæ уыдзæн нырæй фæстæмæ дæр, цалынмæ адæм сæхуыдтæг æрæмбарой ирæды æвзæрдзинад æмæ æгаддзинад.

Адæймаг дзырд дæтгæйæ æмæ фиддонæй тæрсгæйæ, цы æгъдау ныууадза, уый фадат-бон фыццагæй цырддæрæй бакæндзæн, фæлæ æрæмбаргæйæ цы хъуыддаг ныууадза, уый та бынтон, бындзарæй уагъд у.

Æппынфæстаг, тыхы æгъдау хъуамæ хорз макæмæ кæса. Иу лæджы иннæмæн æхца раттын куы фæнда, уæд кæй цы хъуыддаг ис, цæмæн æй уромут? Лæппумæ æгад куы кæса лæвар, кæнæ æгæр аслам ус æрхæссын, чызгмæ та æнæ ирæдæй кæнæ чысыл ирæдыл чындзы ацæуын, уæд кæй къухы ис уыдон бауромын?

Фæлтау, ирæды тагъддæр фехæлд кæй фæнды, уыдон ныууадзæнт сæ фиддонтæ æмæ ард хæрынтæ æмæ æмбарын кæнæнт адæмæн, цас зиан æмæ фыдбылыз хæссы ирæд ирон адæмæн, куыд æгад у бинонтæн сæ чызджы стурау уæй кæнын, куыд æгад у чызгæн дæр æмæ лæппуйæн дæр уæй æмæ æлхæды уагыл иумæ цæрын.

ХЪÆУУОН БАНЧЫТÆ

I

Дуне куыд рагон у, афтæ рагон у «пайда» дæр. Уыди æмæ ис ахæм адæмтæ, тыхсты бон чи баххуыс кæны лæгæн, æппын пайдайы мæт нæ кæнгæйæ. Уыди æмæ ис ахæм адæмтæ дæр, пайдамæ куынæ æнхъæлмæ кæса, уæд судзины йас æххуыс чи нæ фæуыдзæн тыхст лæгæн. Рагон библиаг таурæгъ афтæ зæгъы: дыууæ æфсымæрæй хистæр цуанæй стонгæй æрцыди æмæ кæстæрмæ хъæдурфых æрæййæфта.

— Авæр мын дæ хъæдурæй, — куырдта хистæр.

Кæстæр загъта:

Ратдзынæн, фæлæ мын ууыл ды дæ хистæрдзинад ратт.

Уый стонгæй марди æмæ ауæлдай кодта йæ хистæрдзинад, афтæмæй уыцы рæстæджы хистæрдзинады бирæ тых, кад æмæ аргъ уыди.

Фæлæ рагон заманы, адæмтæ ма мыггаггай куы цардысты, сæ царды уаг æхцайыл арæзт куы нæма уыди, уæд цъаммар «пайдагæнджытæн» цыбыр уыди сæ фæндаг.

Фыццаджы пайдайы æгъдау уыди афтæ:

— Мæнæ дын 5 барæны хор — фæззæджы мын сæ 8 барæнæй ратдзынæ.

— Мæнæ дын 30 æлмæрины тын — афæдзы фæстæ мын сæ 50 æлмæринæй бафиддзынæ.

— Æртæ боны дын хуым кæнын — фæззæджы мын ды цыппар боны бахуым кæн.

Афтæмæй дард ацæуæн нæ уыди пайдагæнджытæн.

Фæлæ æхца куы фæзынди, адæмтæ мыггаггай куынæуал цæрынц æмæ фыдæлты æгъдæуттæ рох кæнын куы байдыдтой, уæд фæндæгтæ байгом сты цъаммар пайдагæнджытæн.

Æппынæрæджы дæр ма нæ хæхбæсты нæ зыдтой, цы у вексель, распискæ — адæм фылдæр дзырдæй æууæндыдысты кæрæдзийыл, кæнæ-иу лæдзæгыл уыгард кодтой. Ныр та ма æнæ вексель, æнæ распискæ чи ауадздзæн йæ къухæй æхца? Кæнæ ма бирæ разындзæн ахæм адæмтæ, æнæ пайдамæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, тыхст лæгæн чи баххуыс кæна?

Афтæ алцæмæй дæр: культурæ æмæ ахуырады хорздзинæдтæй æвзæрдзинæдтæ раздæр хæццæ кæнынц адæммæ.

Адæймагмæ иу-дæс туманы уæгъд æхца куы бамбырд вæййы, уæд сæ пайдайыл ауадзы.

Куыд пайда?

Закъон сомæй процент 12 капеккæй фылдæр исын нæ уадзы, махмæ та сомæй 30 капеччы аслам процент хонынц.

30 процентыл куы уаид хъуыддаг, уæд ма ницы кæнид, фæлæ цъаммар пайдагæнджытæ процент схæццæ кæнынц 100–200-мæ.

Мах нæхуыдтæг федтам ахæм хабар. Дуканигæс сусæгæй тыхст адæмæн æхца пайдайыл лæвæрдта, вексель иу ныффыссын кодта афæдзы ’рдæгмæ 100 сомыл, æхца та-иу ратта 50 сомы. Иуæй-иу пайдагæнæг та афтæ кæны: ныффыссы вексель дыууæ хатты фылдæрыл æмæ тыхст лæгæн зæгъы:

— Кæд мын æмгъуыдыл бафидай ме ’хца, уæд дæ туманæн æртæ сомы йеддæмæ нæ райсдзынæн, куы нæ бафидай æмгъуыдмæ, уæд та мæ-иу ма рахъаст кæн — ацы вексельмæ гæсгæ дæ дыууæ хатты фылдæр райсдзынæн.

Фæлæ ма æууæнк кæм ис — хæсджын æмгъуыдыл куы æрхæссы æхца, уæддæр пайдагæнæг йæ дзырдыл нал басæтты æмæ дзы æххæстæй, вексельмæ гæсгæ бацагуры.

Вæййы ноджы афтæ:

Хæсджынæн æмгъуыдыл бафидын йæ бон куы нæ вæййы, бахъастæй та тæрсгæ куы кæны, уæд пайдагæнæг йæхи сцъаммар кæны æмæ йæ чысылгай цъирын байдайы.

Къуырийæ-къуыримæ, мæйæ-мæймæ сæ астæу вæййы ахæм ныхас:

— Æри мын ме ’хца, кæннод дыл судмæ бадæтдзынæн.

— Ма мыл бахъаст кæн, мæ хъуыддæгтæ, мæ фæндтæ фæдзæгъæл уыдзысты.

— Хорз, нæ та дыл бахъаст кæндзынæн, фæлæ мын æмгъуыд æддæдæргæнæггаг иу-дыууæ туманы æри.

Цы гæнæн вæййы — бафиды.

Иу мæйы фæстæ ноджыдæр афтæ, стæй та ноджыдæр.

Ахæм фиддонтæй хæсджын хаттæй-хатт йæ хæсы бæрц бафиды, уæддæр векселы фиддон — разæй, хицæнæй.

Афтæмæй мæгуыр лæг йæ фæстаг хæдон ласынмæ æрцæуы.

II

Ацы рæстæджы пайдагæнджытæ мæтыхау сбирæ сты æмæ раст кусæг адæмы стигъынц, заууатмæ сæ тæрынц.

Нæ æмбаргæдæр адæмтæ рагæй æрдиаг кæнынц ацы фыдбылызы хъуыддагыл, хъуыды кæнынц, куыд фервæзын кæной расткусæг адæмы пайдагæнджыты ныхтæй.

Бахъуаджы бон æхца æнæ пайдайæ, кæнæ чысыл процентыл кæцæй райса, ахæм бынат куы уа тыхст лæгæн, уæд æй æндæр ницы хъæуы, уæд ирвæзт у пайдагæнджыты ныхтæй.

Фæлæ уый кæм ис!..

Ис банчытæ, паддзахады банк æмæ æндæртæ дæр, фæлæ уырдыгæй дæттынц æхца æрмæст уыдонæн, зæххытæ, хæдзæрттæ кæмæ ис, мæгуыр расткусæг лæгыл та кæм æууæндынц!

Уымæ гæсгæйæ нæ æмбаргæдæр адæмтæ рагæй хъуыды кæнынц æмæ сæхи хъарынц хъæуты мæгуыр кусæг адæмы фаг банчытæ аразыныл.

1877-æм азы Æрыдон сарæзтой се ’хсæн ахæм банк (общественная касса). Фыццаг дзы æрæвæрдтой æрмæст 300 сомы, фæлæ йын адæм йæ хорздзинад куы бамбæрстой, уæд æй фылдæрæй-фылдæр кæнын байдыдтой æмæ йæ 15 мины онг схæццæ кодтой.

Алы æрыдойнагæн дæр йæ бон уыди уырдыгæй бахъуаджы бон æхца исын 9 туманы онг 10 процентыл афæдзмæ.

Уыйфæстæ ахæм банк фæзынди Уæлгинскæйы дæр — йæ аразæг уыди Байаты Гаппо.

Бирæ фæхъардта йæхи Байы-фырт ууыл, цæмæй алы хъæуы дæр ахæм банчытæ сараза, æмæ кæд комкоммæ йæхицæн нæ бантысти банчытæ бирæ рæтты саразын, уæддæр уый дзыхæй бирæ адæм бамбæрстой хъæууон чысыл банчыты пайдадзинад...

Уалынмæ фæзынди 1904 азы закъон хъæууон банчыты тыххæй.

III

Ныр дæр ма хаттæй-хатт æрыхъуысы ныхас: ницæмæн, дам, хъæуынц нæ хъæууон адæмæн банчытæ. Ацы ныхас зæрдæмæ уæд цæуид, адæмты цард æхцайыл арæзт куы нæ уаид, пайдагæнджытæ расткусæг адæмы фæллоймæ гæппæввонгæй куы нæ бадиккой.

Кусæг лæгмæ бахъуаджы бон æхца куы уаид, уæд йæ алы куыст дæр рæвдз цæуид, уæд йæ алы базайраг дæр афойнадыл уæй кæнид æмæ дзы хорз аргъ исид. Кæнæ хаттæй-хатт исты куыст, исты хъуыддаг райдайынæн нæ вæййы æхца, æмæ лæг æнцад бады...

Нæй... Æнæ æхцайæ цæрæн нал ис, æмæ кæд хъæздыджытæн, сæудæджер адæмæн ис стыр банчытæ, уæд хъуамæ уыдон ныхмæ хъæууон кусæг адæмæн дæр сæхи фаг банчытæ уа...

Фæлæ ма иу ныхас та афтæ кæнынц, хъæууон банчытæ, дам, уымæн нæ хъæуынц, æмæ æххуыс кæнынц лыстæг, къухæй куыстытæн, кæцытæ, дам, фесæфинаг сты æмæ цас тагъддæр фесæфой, уыйас хуыздæр у. Бæлвырд, ис ахæм куыстытæ, бынтондæр фабрикты къухтæм чи бацыди, ис ахæмтæ дæр, æмæ фабрикты дæр сты, хъæуты дæр, фæлæ уыдон дæр цас тагъддæр ахицæн уой фабриктæм, уыйас хуыздæр. Иу цъухъайы фаг тын бауафыныл дыууæ-æртæ мæйы фæкусдзынæ, афтæмæй фабричы куыст сгæллад, хуыздæр æмæ рæсугъддæр, 4–5 сомы аргъ йеддæмæ нæу. Цы зæгъын æй хъæуы, ахæм къухæй куыст æнæпайда куыст у æмæ, фæлтау бынтон куы ферох уа, уæд хуыздæр у.

Фæлæ къухæй куыстытæй ис бирæ ахæмтæ дæр, нырма фабричы дуарæй дæр чи нæ бакасти, кæнæ та фабриктыл тыхджындæр чи кæны. Гауызты хуыздæртæ æмæ зынаргъдæртæ къухæй æлвыст сты, æнхъæл стæм, æмæ нырæй фæстæмæ дæр афтæ уыдзæни — машинæйы куыст гауызтæ къухæй куыстыты нæ амбулдзысты. Кæнæ, зæгъæм, зæрингуырды куыст. Фабрикæ йæхи хъары ацы куыст йæхимæ айсыныл, фæлæ, куыд уынæм, афтæмæй йын ныронг ницы æнтысы. Уæд уисæй чыргъæдтæ, чырынтæ бийыны куыст та куыд цæуын кæнут машинæйы къухмæ!.. Ис ма ноджы бирæ ахæм куыстытæ, æмæ уыдонæн ахъаз кæнын цæмæй æвзæр у?

Уый фæстæ у зæххы куыст. Алы халсар дæр чысылгай биноныгкуыст зæххыл куыд æрзайа, афтæ никуы æрзайдзæн. Мах уынæм, æмæ уыцы бирæ зæххытæ иу конд, иу тыд кæм цæуынц, уым алцы дæр æвзæр зайы. Æнæуи дæр зæххы куысты машинæтæ фабриктæ æмæ заводты хуызæн не сты — цыбыркъух адæмæн дæр сæ бон у уыдон æлхæнын, иуæн кæм нæ уа, уым та къордæй иумæ æлхæндзысты...

Ахæм зæххыкуыстгæнæг адæмæн бахъуаджы бон, æхца æфстау æнæзивæгæй кæцæй исой, ахæм банчытæ куы уа, уæд уый цæмæй æвзæр у? Кæнæ цæмæй æвзæр у бындзы куыст, кæнæ дыргъыкуыстгæнджытæн бахъуаджы бон æхца æнцон ссарæн куы уа?.. Нæ, хъæууон банчытæ нæ хъæуынц, чи зæгъы, уыдон рæдийынц. Расткусæг лæг бахъуаджы бон пайдагæнджыты ныхтæм куы хауа, уæд уый хъуамæ хорз макæмæ кæса...

Хъæууон банчытæ хъæуынц æмæ, цæмæй сарæх уой, ууыл хъуамæ алчи дæр йæхи хъара.

Ныронг ранæй-рæтты земство æмæ иугай лæгтæ лæууыдысты ацы хъуыддагыл, фæлæ сæм æхца фаг нæ уыди æмæ сын бирæ ницы бантысти...

Фæлæ 1904-æм азæй фæстæмæ хъæууон банчытæ аразыныл ныллæууыди паддзахады банк. Æмæ уæд загътой иууылдæр:

Ныр, Хуыцауы фæндæй, иу къорд азты фæстæ алы хъæуы дæр уыдзæни банк, æмæ пайдагæнджыты уæззау арм фыццагау нал уыдзæни æвæрд расткусæг адæмы бæрзæйыл. Фæлæ хъуыддаг афтæ нæ ацыди. Æхсæз азы рацыди уæдæй, æмæ нырма æгас Уæрæсейы æртæ мины бæрц йеддæмæ банчытæ арæзт нæма æрцыди.

Паддзахады банк фæнд хорз скодта, æхца йæм ис йæ сæххæст кæныны фаг, фæлæ йæ уæддæр хорз сæххæст кæнын нæ фæразы.

Фæнд афтæ уыди, æмæ банчытæ хъуамæ тынгдæр цыбыркъух кусæг адæмæн æххуыс кодтаиккой, фæлæ закъон афтæ фыст æрцыди, æмæ та хъæууон адæмæй дæр дзагармдæр чи у, уыдон къухтæм бахауынц банчытæ, бирæ мæгуыр кусæг адæмæн та сæм бацæуæн дæр нæй...

Мах къорд хæттыты æрыхъуыстам, бонджындæр хъæууон адæмтæй бирæтæ кæй райсынц банчытæй æхца чысыл пайдайыл æмæ сæ мæгуыр адæмæн стыр пайдайыл кæй фæдæттынц.

Афтæмæй та хъæууон банчытæ дæр мæгуыр кусæг адæмæн æххуысы бæсты пайдагæнджытæн фылдæр æххуыс кæнынц.

Уæрæсейы ахæм диссæгтæ бирæ æрцæуы — хорзы тыххæй дзы цы аразынц, уый дæр æвзæрырдæм фæвæййы.

Закъоны 14-æм статья сæхгæдта банчытæм фæндаг мæгуыр лæгæн, цыфæнды æууæнкджын уа, цыфæнды куыстуарзаг уа, уæддæр. Иугæр банк 4–5 бонджын лæджы къухты куы бафта, уæд уыдоны бон у иу мæгуыр лæг дæр уырдæм нæ бауадзын. Кæд хъæууон банчытæ мæгуыр кусæг адæмы тыххæй сты, уæд цæмæн бахъуыди 14-æм статья? На уый нæй, æмæ цъаммар пайдагæнджытæн æххуысы тыххæй кæд сты, уæд та йæ афтæ зæгъын хъæуы.

Нæ, мах афтæ æнхъæл не стæм, æмæ 1904-æм азы закъон пайдагæнджытæн æххуысы тыххæй у.

Уый у цыбыркъух кусæг адæмы пайдайы тыххæй æмæ сын цæмæй æцæг пайда уа, уый тыххæй йæ саразын хъæуы афтæ, мæгуыр кусæг лæгæн бахъуаджы бон банчытæй æнцонæй æхца райсæн куыд уа.

Уыйфæстæ у, æмæ хъæууон банкæн йæ аразын æгæр зын у — сфæнд кæнынæй йæ сæххæст кæнынмæ бирæ мæйтæ аивгъуыйы. Цæмæн хъæуы Петербургимæ рафысс-бафысс, æгъгъæд цæуылнæ у ам бынæттон паддзахады банчытæй бар исын?

Иннæ у, æмæ банчытæн сæхимидæг æгæр бирæ гæххæтт фыст цæуы — дзæгъæл фыст... Гæххæтт æхцайы аргъ у, йæ фыссын дæр афтæ, афон ыл бирæ сæфы, æнæуи дæр дзæгъæлы рафысс-бафысс хъуыддæгтæн цæлхдур у, æндæр ницы.

Ноджы ма уый зæгъæм, æмæ хъæууон банчытæ дæр æгæр бирæ пайда (процент) исынц мæгуыр адæмæй — сомæй пайда 10–12 капекмæ схæццæ вæййы. Паддзахады банк йæхæдæг дæр æгæр исы, рентæ йын сомæн 4 капеччы йеддæмæ нæ дæтты, ам та сомæй 6 капеччы исы... Афтæ чи зæгъы, ацы хъæууон банчытæ дæр паддзахады банк йæхи пайдайæн скодта, уыдон дæр, æвæццæгæн, уыйас мæнг нæ дзурынц.

Фæлæ мах ныр æппæт уыдæтты тыххæй хъуамæ ма фæхъуыды кæнæм, хъуамæ ма сбадæм æнхъæлмæ кæсыныл, цалынмæ 1904-æм азы закъон аразой, фæлæ цы кæнæм, уый нæхæдæг...

Хъæууон банчытæ хорз арæзт куы уой, уæд мæгуыр адæмæн стыр пайда кæй сты, уый зонын хъæуы. Æмæ хорз уаид, алы хъæу дæр, куыд сын æнцондæр у, куыд сæм хуыздæр кæсы, афтæ сæхуыдтæг куы аразиккой æхсæны банчытæ.

Хъæу йæхæдæг куы нæ арæхса, уæд та — æппыннæйы бæсты 1904-æм азы закъонмæ гæсгæ банк дæр хорз.

Фæлæ искæмæ æнхъæлмæ кæсынæй пайда нæй... Афтæ куы зæгъæм, мæнæ нæм хицæуттæ æрбацæудзысты, банчытæ нын сараздзысты, нæ иннæ хъуыддæгтæ дæр, уæд фæрæдидзыстæм.

Фæлтау, цы кæнæм, уый нæхæдæг.

ХИЗАНТЫ ТЫХХÆЙ

«Æфсир»-ы номерты фыст уыди Дзауыкомæй, уым, дам, иу къорд хизантæн сæ зæхх æлдар цъунайраг бонджын лæгтæн ауæй кодта. Нæ фыссæг æмбал Гулиты Ефим æрдиаг кæны ацы хабарыл, дис кæны, ног закъон, дам, рацыди æви цы?! Дзæгъæлы дис кæны нæ фыссæг æмбал...

Кæд уыди раст закъонтæ Уæрæсейы? Кæнæ дзы цы закъонтæ ис, уыдон æххæстгæнæг кæм ис?

Рагæй нырмæ хизантæ удхары цард æрвитынц. Уыдон царды æгъдæуттæй зындæр ма кæм уа, фæлæ сæ чи уадзы афтæмæй дæр цæрын! Куы иуæрдыгæй æрыхъуысы, куы иннæрдыгæй: мæнæ та æлдар уæлдай фиддон сæвæрдта, мæнæ та æнæгъдауæй æфхæры...

Уыцы æфхæрдтæн, æнæгъдау фиддонтæн кæрон нæ уыдзæн, цалынмæ хизантæ æлдæрттæй хæрз хицæн нæ ауой. Æндæраз Кавказы наместник бæргæ фæнд кодта, цæмæй хизантæн, цы зæххытыл цæрынц, уыдон лæвар баззайой, æлдæрттæн та къазнайæ фыст куыд æрцыдаид сæ зæххыты аргъ, фæлæ уыцы фæндыл Петербурджы стыр хицæуттæ не сразы сты...

Æмæ хизантæ сæ фыдæвзарæны цард кæдмæ æрвитдзысты, бæрæг нæу...

Чи сты хизантæ, куыд фыст уыдысты, куыд æндæрхуызон кодтой хизанты закъонтæ, уый сæхицæй дæр бирæтæ нæ зонынц.

Æз афтæ æнхъæл дæн, æмæ ам уыдоны тыххæй иу-дыууæ ныхасы зæгъын æмбæлы.

Раджы, нæ хæхбæсты адæмтæ уыцы змæст куы уыдысты, кæрæдзи цæрын куынæ уагътой, тынгдæр та Цæгат Кавказы ’рдыгæй, уæд ирон адæмæй бирæтæ, сабыр царды фадат агургæйæ, лыгъдысты Хуссар Кавказмæ, Гуырдзыстонмæ. Гуырдзиаг æлдæрттæ уыдонæн лæвæрдтой цæрынæн сæ æвзæр зæххытæ. Уыдон уыдысты фылдæр дурджын, пыхсджын, цъыфдзаст зæххытæ æмæ йе хуымæн нæ бæззыдысты, йе уыгæрдæнæн. Фæлæ æрцæуæггæгтæн кæм уыди хорзæй æвзарæн — æрцардысты-иу уыцы æвзæр зæххытыл.

Дыууæтæ-иу бадзырдтой: æрцæуæггæгтæ æлдарæн исты пайда куыд лæвæрдтаиккой йе хорæй, йе æндæрæй, æлдар та уыцы зæххытыл цæрыны бар уыдон йеддæмæ æндæр адæмæн куыннæ лæвæрдтаид.

Стыр фыдæбæттимæ æрцæуæггæгтæ (хизантæ) уыцы æвзæр зæххытæй хорз хуымтæ, хорз уыгæрдæнтæ скодтой æмæ афтæмæй æлдæрттæн стыр пайда лæвæрдтой. Уыдон ма ноджы уымæй пайда уыдысты æлдæрттæн, æмæ сын уыцы тас рæстæджы сæ ис, сæ бон хъахъхъæдтой.

Дыууæтæм дæр пайда кастысты ацы царды æгъдæуттæ æмæ фидыдæй цардысты.

Фæлæ 60-æм азты, кусджытæ паддзахы манифестæй куы рауæгъд сты, уæд сæхицæн цæрæн зæххытæ агуырдтой, æмæ афтæмæй зæххы аргъ æвиппайды фылдæр кæнын байдыдта.

Зæххагурджытæ куы сарæх сты, уæд æлдæрттæ ферох кодтой, хизантимæ рагæй-æрæгмæ цы æгъдæуттыл цардысты, уыдон æмæ сыл фылдæрæй-фылдæр фиддонтæ æвæрдтой, кæннод та сæ иудадзыг сæ бынæттæй стын кодтой. Куыдфæстæмæ æлдæрттæ æрцæуæггæгты афтæ æфхæрын байдыдтой, афтæ бирæ хъаугъатæ цыди сæ астæу, æмæ сæм хицæуттæн дæр нал уыди æнæ æркæсгæ.

1891-æм азы рацыди «хизанты закъон». Фæлæ уыцы закъон афтæ фыст уыди, æмæ та уый дæр нæ бафæрæзта хизанты æмæ æлдæртты сæ хъаугъайæ фæуромын.

Тынг галиутæ фыст у уыцы закъон — чердæм дзуры, цавæр у, ничи йын ницы бамбардзæн.

Закъоны 2-аг статья афтæ зæгъы: «Хæдзаруатæй, хуымгæндæй, уыгæрдæнæй, дыргъдонæй — цыдæриддæр хизанты къухы уыди ацы закъон рахъæры онг, уыдон нырæй фæстæмæ дæр сæ къухы куыд уой, ныронджы аргъыл, ныронджы фиддонтыл».

Ацы статья бакæсгæйæ, хизан загътаид:

— Уæ цæрæнбон бирæ уа, махæн нæ бартæ закъонæй чи ныффидар кодта — ныр нын тас нал у, æлдæрттæ нæм уæлдай æвнæлд нал æрбакæндзысты.

Фæлæ чысыл æддæдæр 5-æм статья 2-аджы дзæбæх фæндтæ ницæмæ æртардта.

5-æм статья афтæ зæгъы: «Æлдары бон у хизаны йæ зæххæй сыстын кæнын, æрмæст ын хъуамæ афæдз раздæр йæ фæнд базонын кæна».

Æлдары бон уый куы уа, уæд æй цы фæнда, уый кæндзæн. Йæ зæххы аргъ фæфылдæр кæнын æй куы фæнда, уæд зæгъдзæн хизанæн:

Бафид мын уыйас! Кæд нæ фидыс, уæд дæхи лидзынмæ цæттæ кæн, афæдзмæ хъуамæ ахицæн кæнай дæхи.

Кæнæ æлдарæн æндæр исчи фылдæр аргъ куы фида йæ зæххæн, уæд-иу зæгъдзæн:

— Мæ зæхх мæхи хъæуы, афæдзы онг дæхи асыгъдæг кæн ардыгæй.

Бæргæ ма дзы уыди уыцы закъоны иу статья — 7-æм, кæцы чысыл хæцы хизанты фарс, афтæ зæгъы: «Æлдар хизаны йæ зæххæй куы сура, уæд ын хъуамæ йæ хæдзæрттæн, йæ бакуыст дыргъдæттæ-йедтæн дыууæ аргъы бафида».

Фæлæ 7-æм статья дæр ницы у, æлдарæн бирæ фылдæр æхца куы лæвæрдæуа, уæд дыууæ аргъы дæр æнцонæй бафиддзæн. Уыцы хуызæнæй 7-æм статья дæр ницы бæрæг феххуыс уыдаид хизантæн...

Уæддæр æлдæрттæ уыцы 7-æм статьяйы тыххæй иууылдæр сæ гæрзтæ рабастой. Хъаст хъасты фæдыл хæссын байдыдтой Петербургмæ, фервæзын, дам, нæ кæнут ацы дыууæ аргъы фидынæй, кæннод сæфæм.

Цы зæгъын æй хъæуы, Петербурджы стыр хицæуттæ дæр та æлдæртты фарс фесты: 1910-æм азы рауагътой ног закъон, кæцы фехæлдта дыууæ аргъы фиддон хизанты хæдзæрттæ-йедтæн, æнæуи куыстытæн та æппын ницыуал саккаг кодта.

Афтæмæй фервæзтысты æлдæрттæ 7-æм статьяйæ æмæ фыццагæй уæндондæрæй бавнæлдтой хизантыл ног фиддонтæ æвæрынмæ æмæ сæ сæ зæххытæй сурынмæ.

Цы ма хъæуы æлдары, цасдæриддæр æй фæнда, уыйас фиддон сæвæры æрцæуæггæгтыл, куынæ фида, уæд та йæ сургæ кæны.

Уыцы хуызæнæй 1900-æм азæй фæстæмæ хизанты фыдæвзарæнтæ стыхджын сты: æлдæрттæ сын сæ туг банызтой æмæ сын «макæ» зæгъæг нал ис — закъон уыдоны фарс фæци...

А фæстаг афонты Кавказы дæр æмæ Петербурджы дæр дзурын райдыдтой хизанты цардæн исты æгъдау саразыны тыххæй, фæлæ нырма ницы бæрæг ис.

Æнхъæл стæм, æмæ ныр цы закъонтæ фыст æрцæуой, уыдонмæ гæсгæ хизантæн, цы зæххытыл цæрынц, уыдон балхæныны бар къазнайы фæрцы уæддæр ратдзысты.

Æппынфæстаг, Дзауыком нæ цæмæй фæрсынц, уымæн дзуапп дæттæм:

Æлдар хизанæн афæдз раздæр куы базонын кæна йæ фæнд æмæ йын йæ лидзæн бон йæ хæдзæрттæ-йедты аргъ куы фида, уæд ныры закъонтæй йæ бон у уый асурын, кæннод нæу, æмæ æфхæрдтытæ уæд сæ хъаст хæццæ кæнæнт Калакмæ.

<ИРОН ЧИНГУЫТÆ>

Библиографи

I. Къоста, «Ирон фæндыр». Рацыди Берлины 4-æм рауагъдæй. Чиныг хорз гæххæттыл рæсугъд шрифтæй мыхуыргонд у, фæлæ йæм дыууæ аиппы ис. Иу у, æмæ йæ рауадзæг Гутнаты Елбыздыхъо æрæвæрдта чиныджы сæр, зынгæ ран, йæхи ном: «Æз райгуырдтæн хохы, Дзывгъисы...» æмæ афтæ дарддæр.

Дыккаг аипп уый у, æмæ чиныджы раздзырд æнæхъола фыст у. Фыста йæ Байаты Гаппо. Биографи дæр у истори æмæ йæ историау фыссын хъæуы. Байат та, истори цы у, уый, æвæццæгæн, не ’мбары. Историйы не ’мбæлынц ахæм ныхæстæ: «О нæ Хурзæрин; о не стъалы» æмæ уый хуызæттæ. Ахæм бæрзонд ныхæстæ уæлдай сты.

Уый ма зæгъын хъæуы, æмæ ацы чиныгæн Хуссар Ирыстоны бынат нæй, уый тыххæй æмæ мыхуыргонд у зæронд, уырыссагхæццæ шрифтæй, мах та лæуд стæм латинаг шрифтыл, зæрондыл нывыл кæсын дæр ничи зоны.

II. «Песня об Алгузе». Рауагъта уый дæр Гутнаты Е. Берлины уырыссаг æвзагыл. Зæронд гуырдзиаг æвзагæй йæ раивта уырыссаг æвзагмæ проф. Джанашвили. Зарæг у ирон паддзах Æлгъуызы тыххæй, йæ хъæбатырдзинад æмæ йе сгуыхтдзинæдты тыххæй. Дзуры зарæг, Æлгъуыз сыхаг паддзахадтимæ куыд хæцыд æмæ Иры паддзахад дардыл куыд æрзылдта. Чиныг нын æргом кæны рагон заманы царды уавæртæ æмæ æгъдæуттæ.

Ацы чиныгæн дæр раздзырд ныффыста Г. Байаты — уый дæр та Гаппойы æнæхъуаджы бæрзонд ныхасæй цух нæу.

Хорз уаид, ацы чиныг ирон æвзагыл дæр куы рацæуид.

III. «Нарты Батырадз». Фыссæг Æмбалты Цоцко, рауадзæг Е. Гутнаты. Кадæггæнæг куыд дзырдта, афтæ фыста, æвæццæгæн, Æмбалты Цоцко, æмæ уымæй хорз бакодта — зæронд ныхасы арæзтытæ дзы æнагайдæй баззадысты. Ам дæр та иу диссаг ис: чиныг рауадзæг Гутнат дæр йæ ном фæтъыста Цоцкойы номимæ. Ссардзыстут дзы ахæм фыст: «Цоцко æмæ Елбыздыхъо хæлар кæнынц ацы чиныг ирон адæмæн».

Æвæццæгæн, «Æз дæн» у сыгъдæг ирон низ.

ЕЛБЫЗДЫХЪО БРЫТЪИАТЫ

Ацы сæрды, сентябры 25 бон, Ирыстоны фæллойгæнæг адæмыл æрцыди стыр зиан — Дзæуджыхъæуы амарди номдзыд ирон драматург Елбыздыхъо Брытъиаты.

Ирон фысджыты хъысмæты æвæрд, æвæццæгæн, афтæ у: сæ чысыл бонтæй фæстæмæ зындзинæдты бын фæвæййынц æмæ æнафоны фесæфынц — сæ хъару æххæстæй равдисын дæр нал бафæразынц.

Сидзæр, æвæгæсæг уæвгæйæ, Елбыздыхъо царды фæндаг йæхæдæг гæрста. Стыр зындзинæдтимæ реалон скъола каст фæци. Ууыл ныллæууын йæ зæрды нæ уыди. Ахызти Петербурджы Психоневрологон институтмæ, фæлæ уый ахицæн кæнын йæ бон нал сси — кæрдзыны къæбæр агурæг рахаудта уырдыгæй æмæ бынаты ныллæууыди æфсæйнаг фæндæгты Департаменты. Уым бирæ азты йæ талант рохæй аззади — драмæты бæсты æнæхъуаджы гæххæттытæ фыста. Фæлæ йын цъус фадат куы фæци (1913 азы), уæд рауагъта журнал «Хуры тын». Уыцы хъуыддагæн дæр та йын нæ бантысти йæ тых æххæстæй раттын — хъуагдзинæдтæ та йæ фæбынæй кодтой — журналæй рацыди æрмæст æртæ номеры.

Хæсты рæстæджы Елбыздыхъо йæхи раппæрста Дзæуджыхъæумæ æмæ уым, стыр фыдæбæттæ, стыр хъуагдзинæдтæ æвзаргæйæ, фæцарди йæ амæлæты бонмæ.

Чи зоны, фæзындзæни фæстæдæр Елбыздыхъойæ тыхджындæр драматургтæ, фæлæ уый ном уæддæр мыггагмæ баззайдзæн Ирыстоны æмæ ирвæдæны, куыд ирон драмæйæн, ирон театрæн сæрæвæрæг.

Елбыздыхъойы уацмыстæн сæ зынгæдæр сты æртæ драмæйы: «Дыууæ хойы», «Хазби» æмæ «Амыран». Фыццаг дыууæ бирæ хæттыты æвдыст уыдысты театры — Калачы, Дзæуджыхъæуы, суанг Бакуйы дæр, фæлæ «Амыранæн» декораци зын аразæн кæй у, уый тыххæй театры æвдыст нæма ’рцыди. Чи байхъуыста «Амыранмæ», уыдон æмдзыхæй дзурынц, куыд ацы драмæ европæйаг сценæты равдисынæн бæззы.

Елбыздыхъо ацыди махæй, фæлæ кæй кой кæнынц, уый мард нæу — мыггагмæ цæрæд йæ ном ирон зæрдæты.

КЪОСТАЙЫ ЦЫРТЫ ТЫХХÆЙ

«Къоста уыди Ирыстоны ахсджиагдæр хъæбул»,— афтæ дзурынц æппæт ирон адæм. «Къостайы ном æвæринаг у, цырт ын аразын хъæуы»,— дзурынц рагæй дæр нæ раздзæуджытæ. Фæлæ хъуыддаг ныронг йæ бынатæй нæ фенкъуысти.

1920–21 азты Ирон Историон-филологон къорд зæрдиагæй райдыдта уыцы хъуыддаджы тыххæй дзурын. Расидти цырты тыххæй конкурс дæр. Иу-дыууæ стыр æмбырды фесæфтысты цыртæн бынат агурыныл дæр. Иутæ æвзæрстой театры разы фæз, иутæ — Ирыхъæуы дæллаг фарс, хиды разы фæз, æртыккæгтæ дзырдтой: «Къостайæн цырт аразын хъæуы Ирыхъæуы уæллаг фарс — къуыбырыл».

Уыцы æмбырдтæм, уыцы фæндтæм хъусгæйæ, адæймаг загътаид: «Æвæццæгæн, конкурсæн дæр æхца цæттæ сты, цырт амайынæн дæр, йæ бынат рæсугъдтæ кæнынæн дæр æвæрд ис искуы æхца».

Рацыди уæдæй фондз азы, конкурсы кой дæр нал ис, цырты кой дæр нал ис, бынат дæр ын ничиуал агуры.

Æвæццæгæн, Къостайæн цырт аразыны тыххæй иу ранæй фаг æхца райсыны фадат не ’рцæудзæн. Советон Цæдисы къазнайæ дæр уый фадат не ’рцæудзæн, нæхи, бынæттон, бюджетæй дæр нæ уыдзæн фаг райсæн. Бæлвырд, аразын ын хъæуы цырт. Къоста йæхи нывондæн хаста адæмы тыххæй, йæ цæрæнбонты уый фыдæбæттæ æрвыста адæмы сæрыл. Кæд-иу ахæстæтты бадти, кæд-иу сырд æрцыди йæ райгуырæн бæстæй, уæд æрмæст адæмы сæрыл.

Уæдæ йын хъуамæ адæм сæхæдæг саразой цырт!

Аразгæ дæр ын скæндзысты цырт, æрмæст искæй фæлæууын хъæуы хъуыддагæн сæрæвæрæг.

Æз афтæ æнхъæл дæн, æмæ уыцы сæрæвæрæджы ном тынгдæр сфидаудзæн нæ Бæстæзонæн институтыл.

Хъуамæ Бæстæзонæн институт бацæттæ кæна æмбырдгæнæн гæххæттытæ (подписные листы) æмæ сæ номертæ æвæрдæй арвита алы хъæутæм, Хуссар Ирмæ дæр.

Къостайы ном зындгонд у суанг хохы цъасты дæр æмæ арф æвæрд у ирон зæрдæйы. Къостайæн цырт аразыны тыххæй йæ хай чи нæ бахæсдзæн, æвæццæгæн, ахæм ирон адæймæгтæ нæ разындзæн.

Уæдæ хъуамæ Бæстæзонæн институт æвæстиатæй бавнала ацы хъуыддагмæ. Æрмæст 1920-æм азы фæндагыл хъуамæ ма ацæуа хъуыддаг. Фыццаг бамбырд кæнын хъæуы æхца, стæй уæд дзурын хъæудзæн конкурсыл дæр æмæ цырты бынатыл дæр.

Ныронг цы æхца æмбырдгонд æрцыди цырты тыххæй, уыдон дæр хъуамæ сбæрæг кæна институт. Куыд зонæм, афтæмæй бирæ квитанцион чингуытæй дæр, хъазтизæртæй дæр æмбырд цыди æхца, иугай адæймæгтæ дæр-иу лæвар кодтой æхца. Уыдон иууылдæр сбæлвырд кæнын хъæуы æмæ банчы хицæн текущий счет байгом кæнын хъæуы цырты фондæн.

ÆРГОМ ФЫСТÆГ ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ЦИК-мæ

«Тогда в будущность народа я поверю, когда оценит он гения своего»...

1895–7 азты Дзæуджыхъæуы зынын байдыдта ирон фыссæг Цæголты Георги Михалы фырт. Уый фыста Дзæуджыхъæуы газетты, Калачы газетты æмæ æндæрты адæмы фарс, адæмæн пайдайы хъуыддæгты тыххæй. Паддзахы хицæуттæй-иу нæ хæххон адæмыл исты æфхæрд куы цыди, уæд-иу Цæголы-фырт уæндон фыста уый тыххæй. Ныхкъуырæн ныхас кодта Цæголы-фырт нæ «уæздæттæн» дæр. Бирæ хæттыты нæ фыссæг æфхæрд дæр æййæфта йæ уæндон ныхасы тыххæй хицæутты æмæ æлдæртты ныхмæ, фæлæ уый уæддæр йæ куыст нæ уагъта.

1898 азы, сæрды, Дзæуджыхъæумæ ссыди сусæгæй (Дзæуджыхъæумæ ссæуыны бар ын нæ уыди) нæ номдзыд фыссæг Къоста. Уымæн цыт скæныны тыххæй Ирыстоны ахуыргонд адæм сарæзтой стыр банкет. Къоста банкеты хистæрæй ракуырдта дзырды бар æмæ расидти гаджидау Цæголты Георгийы цæрæнбоны тыххæй. Йæ ныхасы Къоста уый дзырдта, æмæ Цæголы-фырт зынаргъ лæг у, зæгъгæ, Ирыстонæн, куыд мæгуыр адæмы фарсхæцæг, куыд хæххон цард аив литературæйы æвдисæг. Дзырдта ноджы Къоста, Цæголы-фырты куыстмæ кæсгæйæ, йæ зæрдæ куыд рухс кæны, куыд ныфсджын кæны.

Афтæ аргъ кодта Къоста дæр Цæголты Георгийæн.

Ныр уыцы зынаргъ адæймаг йæ зæронды бонты, рынчын уæвгæйæ, статистикæйы куыстыл лæуд у Цæгат Ирыстоны. Хуызы цъыртт нал ис адæймаджы, тыххæй ма йæ къæхтыл лæууы, афтæмæй кусы,— цы кæна уæдæ, цалынмæ цæст кæса, уалынмæ йæ хæрын хъæуы.

Æз афтæ æмбарын хъуыддаг, æмæ Цæголы-фырты суæгъд кæнын хъæуы йæ куыстæй æмæ йын исты æххуыс раттын хъæуы.

Кæмæндæрты дæттынц пенси, чи зоны, ахæмтæн дæр, Цæголы-фыртæй къаддæр аккаг чи у. Цæголы-фырт, æвæццæгæн, йæхæдæг никæд скæндзæн пенсийы кой, фæлæ хицауадыл æмбæлы ацы хъуыддагмæ æркæсын.

Цæгат Ирыстоны ЦИК, сидæм дæумæ, баххуыс кæн ацы адæймагæн йæ зæронды бонты!

БРЫТЬИАТЫ ЕЛБЫЗДЫХЪОЙЫ ТЫХХÆЙ

Мысинæгтæ

1898-æм азы уыдтæн ахуыргæнæг хохы Дæргъæвсы. Хъæздыг хъæутæй нæ уыдис Дæргъæвс, фæлæ йæ адæм уыдысты цардхуыз, сырхуадул, æнæниз. Афтæ уыдис, æвæццæгæн, хуры ультрафиолетон тынты æмæ сыгъдæг хæххон уæлдæфы руаджы. Хуымæтæджы рæстæджы адæм æууылдтой хъæбæрхоры кæнæ нартхоры кæрдзын донимæ, æхсыримæ, кæнæ цыхтимæ, дзидза та уыдтой æрмæст хистыты, куывдты, чындзæхсæвты. Фæлæ бæрæгбон ралæууыдис, уæд-иу алы хæдзары дæр — кусарт, бæгæны, арахъ, хъазт, худт, зард, фæндырдзагъд, куывдтæ, хуындтытæ — сыскъуыйæн сын-иу нал уыдис. Уæддæр афæнд кодтам æртæйæ — æз, хъæуыхицау Саламаты Хъазыбег æмæ сауджын Илйа Гахокидзе (йæ мыггаг гуырдзиаг, фæлæ гуырдзиагау нæ зыдта — ам райгуырдис),— афæнд кодтам куадзæны къуырисæры искæдæм дардмæ фæцæуын. Бæхтыл сбадтыстæм æмæ араст стæм Куырттатæм — Дæллагхъæуы уыдис хæлæрттæ, зонгæтæ не ’ртæйæн дæр. Æрфысым кодтам сауджын Дзаххоты Муссæмæ. Уырдыгæй нæ рахон-бахон байдыдтой: ахуыргæнæг Гуыриаты Хаджумар, Церекаты Дзамболат æмæ æндæртæ.

Дыккаг бон аходæнафон цæрдæг æрбауадис Дзаххоты хæдзармæ иу лæппу реалон скъолайы формæйы, уындмæ гæсгæ йыл цыдаид 14–15 азы (æцæг та йыл цыдис æвддæс азы). Бауадис цæрдæг, фæлæ æвиппайды фефсæрмы ис æмæ, сындæг цыдæр сдзургæйæ, уазджыты къухтæ райста, стæй дуары раз æрлæууыдис. Дзаххоты Муссæ нын ацамыдта, уый, дам, у Брытъиаты лæппу, Елбыздыхъо ном, ахуыр, дам, кæны Дзæуджыхъæуы реалон скъолайы. Æз аныхæстæ кодтон йемæ, ахуыргæнæг ахуыргæнинагимæ куыд ныхас кæна, афтæ — бæрзондæй ныллæгмæ йæ дзуаппытæ уыдысты цырд, фæлæ æфсæрмджын. Уый æнхъæл та чи уыдис, æмæ мæнæ ам лæууы фидæны ирон драмæйы фыд. Нæ фæстæмæ цæуыны сахат дæр Елбыздыхъо уыдис нæ разы, фæкастис бæхтæ ифтонг кæнынмæ, кæмæндæр æгъдæнцойыл дæр фæхæцыдис.

Дыккаг хатт фембæлдтæн Елбыздыхъойыл Петербурджы 1908 азы. Уæдмæ Петербурджы цæрæг ирон адæмæн зындгонд уыди Елбыздыхъойы ном, бирæтæн зындгонд уыдысты йæ драмон уацмыстæ дæр. Елбыздыхъойæн йæ пьесæты тыххæй хъуыстон раздæр — студенттæ-иу арæх дзырдтой хицæн гæбæзтæ «Уæрæседзау»-æй æмæ «Худинаджы бæсты — мæлæт»-æй, кæмæдæр «Уæрæседзау» æххæстæй фыст дæр уыдис. Нымадтам иууылдæр Елбыздыхъойы тынг æнхъæлцау драматургыл.

Йæ революцион куысты тыххæй дæр уæд базыдтон. Куыд дзырдтой йе ’мбæлттæ, афтæмæй Дзæуджыхъæуы бирæ чидæртæ лæуд уыдысты революцион куыстыл: Брытъиаты Елбыздыхъо, Мамсыраты Саханджери, Тæкъоты Симон, Æндиаты Вано, Туаты Хъамболат, Хъараты Сослæмбег, Дзагуырты Тембол æмæ æндæртæ. Уыдон нымад уыдысты социал-демократтыл, фæлæ сæ иу — Мамсыраты Саханджери — уыдис большевик, Брытъиаты Елбыздыхъо та кæд социал-демократыл нымад уыдис, уæддæр йæ куыстмæ, йæ хъуыдыты ахастмæ гæсгæ хæстæгдæр лæууыдис социал-революционертæм. Уыцы æмбæлттæ зылдысты хъæутыл æмæ агитаци кодтой, хæлиу кодтой адæмы æхсæн революцион идейæтæ. Дзагуырты Тембол уыдис сæ мыхуыры хицау, рæсугъд аккуратон почеркæй фыста уый гектографион ахорæнтæй прокламацитæ æмæ сæ гектографыл мыхуыр кодтой. Горæты цæрджытæй бирæтæ райсомæй раджы сæ посты лагъзыты ардтой прокламацитæ æмæ-иу дис кодтой, зæгъгæ, почтальонтæ æрра сысты æви цы — революцийы фæндагыл куы ныллæууыдысты! Прокламацитæ хæлиугонд цыдысты хъæуты дæр. Уыцы æмбæлттæ æвзæрстой агитаци кæныныл горæты фабрик-заводон кусджыты æхсæн дæр, фæлæ аивæй — цæстдарæг сæм бирæ уыдис. Йæ революцион куысты тыххæй Елбыздыхъо ахст æрцыдис 1907-æм азы æмæ афæдзы бæрц фæбадтис Назыраны фидары, уыйфæстæ, 1908-æм азы, æрвыст æрцыдис административон уагæй Бакумæ.

Ахуырхъуаг кæй у, уый хорз æмбæрста Елбыздыхъо æмæ 1908 азы бацыдис Петербурджы Психоневрологон ннститутмæ. Уырдæм барвæндонæй цæугæйæ, уый нымадта афтæ, æмæ йæ литературон куыстæн уыцы ахуыр стыр æххуыс уыдзæн. Уыцы рæстæджы арæх æмбæлдыстæм Елбыздыхъоимæ Петербурджы, æмæ æз афтæ æмбæрстон хъуыддаг, цыма йæ ахуыр Психоневрологон институты рæвдз нæ цыдис. Университеты кой арæх кæнын байдыдта фæстаджырдæм, фæлæ йын уый дуæрттæ æхгæд уыдысты — латинаг æвзаг нæ зыдта.

1909-æм азы, сæрды, æз цыдтæн Калакæй Петербургмæ æмæ мæ афæстиат хъуыдис Бакуйы. Æрлæууыдтæн мæ рагон скъолайон æмбал — скульптор Адеты Барысбимæ. Уым фембæлдтæн Брытъиаты Елбыздыхъойыл дæр, базыдтон, дыккаг хатт административон уагæй æрвыст кæй æрцыдис Бакумæ. Уым Бакуйы цæрæг адæм фендтытæ кодтой кæрæдзийы, баныхас кодтой æмæ бауынаффæ кодтой Елбыздыхъойæн исты амалтæй материалон æххуыс раттын, йæ ахуыры хъуыддаг дарддæр куыд ахæсса, афтæ. Фæлæ куыд æмæ цы амалтæй баххуыс чындæуыдаид? Загътам: «Ирон адæм ам бирæ ис, æмæ сæвæрын хъæуы Елбыздыхъойы пьесæ «Хазби» — Тугъанты Азджери, Галазты Гатæ, Хъараты Сослæнбег, Адеты Барысби, Тугъанты Аслæнбег, дохтыр Цæлыккаты Дæхцыхъо, Хъуыбадты Умар, — се ’ппæты нал хъуыды кæнын, цæрдæг фæлæууыдысты пьесæ æвæрынмæ. Тугъанты Азджери йæхимæ райста хъуыддаджы раздæры хæрдзтæ, йæ хойы — Лези-Ханумы бар бакодта цытджын билеттæ уæй кæнын. Нефтгуырæнты кусджыты æхсæн билеттæ хæлиу кæныны хъуыддаг айстой сæхимæ иу къорд кусджытæ. Пьесæйæн ног декорацитæ цы хъуыдис, уыдон дæр нæхæдæг афыстам. Елбыздыхъойыл исты æфхæрд куы ауайа, зæгъгæ, спектакль уый номыл æвæрд нæ цыди, фæлæ хъуаг ирон студентты номыл. Пьесæ цæттæгонд фæци 15–16 бонмæ. Хазбийы роль хъуамæ хъазыдаид Тугъанты Аслæнбег, фæлæ йæ фæстагмæ айста автор йæхæдæг.

Кæмдæриддæр ирон спектаклы тыххæй рецензи фенай, уым уыдзæн афтæ: «Хорз хъазыдысты артисттæ», «диссаджы хорз ацыдис снектакль», «театр йæ тæккæ дзаг уыдис адæмæй» æмæ ноджыдæр уыдонмæ гæсгæ æппæлæн ныхæстæ. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ уыцы æнæхъуаджы æппæлд пайда нæ, фæлæ зиан у. Зындгонд у уый, æмæ стыр театрты артисттæ — æцæг артисттæ — исты пьесæ куы райсынц æвæрынмæ, уæд æй фæцæттæ кæнынц къорд мæйты, афæдзы æрдæг æмæ фылдæр. Уæд æвæлтæрд, ног фæлварæг адæймæгтæ куы райсой ног пьесæ æмæ йæ 15 боны куы фæцæттæ кæной, уæд уыцы спектакль куыд хъуамæ рауайа хорз? Уæддæр спектаклы фæстæ Хъуыбадты Умары къухæй газет «Каспий»-ы фыст уыдис афтæ:

«Театр адæмæй йæ тæккæ дзаг уыдис. Диссаджы хорз хъазыдысты артистытæ. Сæйраг роль хъазыдис автор йæхæдæг æмæ йæ сæрæй-кæронмæ ахаста стыр энтузиазмимæ».

Дзæвгар рæстæг рацыдис уæдæй, æмæ рæстдзинад зæгъын уæлдай нæ уыдзæн. Театры бандæттæн се ’мбисæй фылдæр уыдысты уæгъд. Артистыты хъазт ацыдис æмтъерыйæ, æдзæлгъæд рауай-бауайæ. Тугъанты Аслæнбеджы æмæ Адеты Барысбийы йеддæмæ иннæтæ артистау дзурын нæ зыдтой æмæ сæ ныхæсты фылдæр адæммæ нæ хæццæ кодта. Авторы (Хазби), æвæццæгæн, фæндыдис энтузиазмимæ схъазын æмæ салдæттæн иуы æнгуылдз æхсаргардæй фæлыг кодта. Мах Елбыздыхъомæ кæсæм куыд драматургмæ, æмæ хорз артист нæ разындис, зæгъгæ, уый йæ номыл ницы лаз æвæры.

Уæддæр спектакль нымайын хъæуы пайдаджыныл. Иу пайда уый у, æмæ Бакуйы ирон кусæг адæмы сорганизаци кодта, иннæмæй та — хорз материалон æххуыс нæ драмæйы фыд Елбыздыхъойæн.

Хæрдзтæ æппæт æмбæрзт куы фесты, уæд дзы сыгъдæг æхцайæ æрызадис 1.300 сомы бæрц. Уыдонæй 400 сомы бæрц лæвæрд æрцыдис иу къорд хъуагдæр студенттæн, иннæ æхца иууылдæр къамис ратта Елбыздыхъойæн æмæ йын загъта:

— Цу ныр, адон дын каст фæуыны фаг сты!

Раст уыцы рæстæджы Бакуйы газет «Каспий»-ы рацыдис Елбыздыхъойы статья «Прометейы тыххæй». Ацы ской мæм уæлдай нæ кæсы. Уæлдай уый тыххæй нæу, æмæ бирæтæ афтæ æнхъæлынц, æмæ трагеди «Амыран» ныффыссын Елбыздыхъойы зæрдыл æрлæууыдис 1911-æм азы, Хиряковы «Стыр тох» журнал «Хуры тын»-ы куы рацыдис, уæд. Газет «Каспий»-ы цы статья уыдис 1908 азы, уымæ гæсгæ зæгъæн ис, æмæ Елбыздыхъо бирæ раздæр хъуыды кодта Прометейы — Амыраны тыххæй исты ныффыссын.

Ацыдис Елбыздыхъо Бакуйæ Петербургмæ æмæ та ахуыр кæнын байдыдта Психоневрологон институты. Бакастис ма дзы æрмæст иу аз — æдæппæт дыууæ азы. Ныууагъта институт. Уæдмæ йе ’хцайæн дæр кæрон æрцыдис æмæ кæм нардуат куыстытæ иста, кæм уырыссагау фыссыныл æвзæрста. Службæйы бынат агурыныл ссис Елбыздыхъо æмæ дзæвгар рæстæджыты йæ къухы не ’фтыдис. Уыцы рæстæджы — 1910 азы — Елбыздыхъо ракуырдта Хъазыбегаты Олгайы. Уыйфæстæ 1911 азы службæйы дæр ныллæууыдис Æфсæнвæндæгты Департаменты. Къахæнцайæн ын куы фæцис, уæд та литературæмæ раздæхт — сфæнд кодта ирон æвзагыл журнал рауадзын. Уыдысты цыппар-фондз æмбалы, бамбырд кодтой иучысыл æхца æмæ рауагътой журнал «Хуры тын» (1912 азы). Æххуыс æнхъæл уыдис Елбыздыхъо искæцæй, искæмæй, фæлæ æххуыс нæ фæзындис, æмæ журнал æртыккаг номерыл ныллæууыд.

Елбыздыхъо Æфсæнвæндæгты Департаменты кусгæйæ баззадис æмæ фæнд кæнын байдыдта университетмæ бацæуын.

1920-æм аз. Дзæуджыхъæу. Советон хицауад æрфидар ис. Ирон Ахуырады хайады цур арæзт уыдис ЛИТО — литературæйы хайад. Уыдис дзы 12 уæнджы, сæ иу — Брытъиаты Елбыздыхъо. ЛИТО-йы сæрдар Æлборты Барысби арæх æмбырд кодта ЛИТО-йы уæнгты. Æмбырдты ныхас фылдæр цыдис журнал рауадзыны тыххæй, цытæ дзы фыст уыдзæн, уый тыххæй. Куыст, хъуыддагæн сæ кой дæр нæй. Афтæ аивгъуыдта афæдзы бæрц.

Уымæй уæлдай Лито-йы ницы кæнæн ис, зæгъгæ, уый куы сбæрæг ис, уæд Лито-йы уæнгтæй чидæртæ, семæ Брытъиаты Елбыздыхъо дæр, сфæнд кодтой æнæхъуаджы ныхæстæй хъуыддагмæ ахизын. Бамбырд сты иу-дыууадæс адæймаджы — уыдис дзы партионтæ дæр, æнæпартионтæ дæр — æмæ сарæзтой литературон æхсæнад «Ирон литературон къорд». Йæ уагæвæрд æмæ программæ фидаргонд æрцыдысты ВЧК-йы. Къорды раз уыдис хæс — рæстæгæй-рæстæгмæ литературон æмбырдгæндтæ уадзын — альманах. Ном «Малусæг» ын ратта Брытъиаты Елбыздыхъо. Къорды сæрдарæн æвзæрст æрцыдис Бекойты Дзипка. Уый тынг зæрдиагæй бавнæлдта хъуыддаг рæвдз кæнынмæ. Уайтагъд материал æмбырдгонд фæцис «Малусæджы» фыццаг номерæн. Цы сфæлдыстадтæ рацыдис уыцы чиныджы, уыдон иууылдæр фыст уыдысты революцийы агъоммæ. 1921-æм азæй фæстæмæ ирон литературæ зынуырнæн бæрзонд сырæзыдис, фæлæ нæм уæд уыцы фыстытæ йеддæмæ ницы уыдис æмæ аппаринаг нæ уыдысты, рауадзинаг уыдысты, æмæ сæ рауагъта «Ирон литературон къорд» йæ альманах «Малусæджы». Уыцы къордæн йæ саразджыты зынгæдæртæй иу уыдис Брытъиаты Елбыздыхъо. Абон ын, йæ амæлынæй иуæндæсæм азы бон, мысæм йæ ном æмæ йын хъуамæ æрмæст йæ рæсугъд пьесæты тыххæй нæ, фæлæ йæ уыцы куысты тыххæй дæр зæгъæм бузныг.

«Малусæджы» рæстæджы æппын нæ фехъуыстон Елбыздыхъойæн йæхицæй дæр, æндæр искæмæй дæр, зæгъгæ, малярийæ рынчын у, фæлæ йæ бæлвырд хъыгдардта коклюшы хуызæн хуыфæг. Иу хатт æй не ’мбырдтæй иуы уыцы хуыфæг куы стыхсын кодта, уæд Бекойты Дзипка хъазæгау загъта:

— Елбыздыхъойыл сывæллоны хуыфæг бахæцыдис.

1921-æм азы, фæззæджырдæм, иу уазал хъуынтъыз боны, иу къорд чидæртæ лæууыдысты Ирон зылды парткомы раз. Кæсæм, æмæ Елбыздыхъо хъæдæй бæхуæрдоны мидæг суг æрласы, цæуы разæй, бæхы рохыл хæцгæйæ, лæхъир цъыф йæ хъæдын уæфстæй змæнтгæйæ. Бæлвырд, уыдон уыдысты хъæдын уæфстæ къæхтæм гæрзытæй бастæй. Цыдæр хъазæн ныхæстæ скодтой лæуджытæ Елбыздыхъомæ. Хъуыды ма йæ кæнын — æз кæмæдæр сдзырдтон:

— Ацы ацыд ын аслам куынæ рауайа, уымæй тас у, — кæсыс, куыд ныцъцъæх ис!

— Йæхи æппындæр нæ хъахъхъæны, — уыдис дзуапп.

1922-æм азы уалдзæджы æмæ сæрды арæх уыдтон Елбыздыхъойы зымæгон пъалтойы мидæг хурмæ бадгæ. Бадтис, йæ чъылдым сыгъта хурмæ, фæлæ малярийы маргæй æфхæрд туг нал тæфстис хуры тæвдæй. Рынчын уæвгæйæ, Елбыздыхъо фыста трагеди «Амыран»-ы фæстаг акт.

Иу хатт æм бацыдыстæм рынчынфæрсæг — æз æмæ Бекойты Дзипка. Йæ рустæ бахаудысты, йæ къубал слыстæг ис. Бамбæрстам, Елбыздыхъо цæрæццаг кæй нал у.

Уымæй чысыл раздæр Хæххон Республикæйы совнарком ратта Елбыздыхъойæн бæрнон кусæджы мызд. Уый руаджы ацыдис Куырттаты хæхтæм.

КЪОСТА

Мæ мысинæгтæй

Фыццаг хатт Хетæгкаты Къостайы кой мæ хъустыл æрцыд 1889–90-æм азты, Æрыдоны дины скъолайы ахуыр кодтон, афтæмæй. Йæ кой афтæ кодтой, адæмы сæрыл, дам, хицæуттимæ тох кæны, Стъарапойлаг газет «Северный Кавказ»-ы, дам, кусы æмæ дзы фыссы хицæутты ныхмæ. Махæн нæ уыди газет рафыссыны бар, — рафыссыны бар нæ,— фæлæ-иу джигулы рæстæджы газеты гæбаз дæр кæмæ ссардтаиккой, ууыл-иу стыр æфхæрд уади. Иу хатт ахуыргæнинаг Хетæгкаты Михакъайы чырыны разынд газет «Казбек»-ы номер, æмæ йæ тæккæ уыцы бон асырдтой скъолайæ. Уæддæр нæм хаттæй-хатт æфтыдысты «Северный Кавказ»-ы иуæй-иу номертæ, Æрыдоны хъæуы æмæ Салыгæрдæны чидæртæ истой «Северный Кавказ» æмæ нæм уыдонæй, къухæй-къухмæ цæугæйæ, хæццæ кодтой газеты номертæ. Цæхæрадоны къуымты-иу бамбæхстыстæм æмæ афтæмæй кастыстæм Къостайы фыстытæ. Иу хатт иу-фондзæй цæхæрадоны дарддæр къуымы æрныгъуылдыстæм æмæ кастыстæм «Северный Кавказ»-ы номер. Хъуыстам кæсæгмæ æнувыдæй æмæ нæ базыдтам, знаг нæм куыд æрбахъуызыди, уый. Уыцы знаг уыди æрмгуысты ахуыргæнæг Гуыдиаты Мæцыхъо. Уый уыди хицæуттæм дзырдхæссæг. Мах разæй тындзгæ куы ацыди, æрмæст æй уæд æрхъуыды кодтам. Базыдтам, Гуыдийы-фырт комкоммæ ректормæ кæй араст ис, уый, æфхæрд ныл кæй уайдзæн, уый дæр хорз æмбæрстам. Нæ иу æмбал айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ быруйы сæрты иннæрдæм агæпп кодта, газет дуры бын авæрдта æмæ фæстæмæ æрбагæпп кодта. Нæхи уроктæ ахуыргæнæг акодтам æмæ дзырд раттам кæрæдзийæн, куы нæ фæрсой, уæд куыд ничи басæтта, афтæ. Уайтагъд дежурон ахуыргæнинаг нæ уæлхъус æрбалæууыди, ректор, дам, уæм дзуры. Ацыдыстæм. Бафарста нæ:

— Цавæр газет кастыстут?

— Газет нæ кастыстæм, фæлæ нæ уроктæ ахуыр кодтам.

— Ныртæккæ уæ фендæуыди,— кастыстут газет.

Мах хъæбæр ныллæууыдыстæм, куыд газет нæ кастыстæм, фæлæ ахуыр кодтам нæ уроктæ.

Бирæ радзур-бадзур фæкодта ректор, фæлæ йын нæ басастыстæм. Бартхъирæн нæм кодта, загъта æппынфæстаг:

— Газеты ’рдæм йæ хъус чи дара, уымæн скъолайы ныууадзæн нæй, уый уæ рох ма кæнæд!

Афтæ рогæй ахицæн уыдзæн хъуыддаг, мах уый æнхъæл нæ уыдыстæм, æвæццæгæн, ректор нæ баууæндыди Гуыдийы-фырты ныхасыл.

Къоста Некрасовы фæзмгæйæ цы æмдзæвгæ ныффыста — «Хъæлдзæг цард кæмæн ис», уый куы фæзынди «Северный Кавказ»-ы, уæд æй иу ахуыргæнинаг дæр æнæ бакæсгæ нæ фæци; Терчы облæсты хицæуттыл фыст кæй уыди, уый сын тынг æхсызгон уыди.

Уалынмæ нæм Къостайæн йæ ирон æмдзæвгæтæ дæр æфтын байдыдтой — «Додой», «Салдат», «Æвсати» æмæ æндæртæ. Мах сæ кæрæдзийæ фыстам, наизустъ сæ ахуыр кодтам æмæ сæ, цæхæрадоны фæндæгтыл рацу-бацу кæнгæйæ, дзырдтам кæнæ зарыдыстæм. Афтæмæй уыйас тынг нæ тарстыстæм — цы дзырдтон, цы зарыдтæн, ацу æмæ йæ равзар. Нæ ректор уыди Терчы облæсты хицауы — инæлар Кахановы хæлар æмæ, Кахановæн знаг чи уыди, уый уымæн дæр знаг уыди. Ректор куы базыдтаид, мæнæ, зæгъгæ, ахуыргæнинæгтæй исчи «Северный Кавказ» кæсы, кæнæ Къостайы æдзæвгæтæ декламаци кæны, кæнæ зары, кæнæ та йын йæ искæцы æмдзæвгæтæ фыстæй искæмæ куы ссардтаид, уæд, æвæццæгæн, ахæм ахуыргæнинаг æрмæст асырдыл нæ баззадаид, фæлæ йын стырдæр æфхæрд æрхъуыды кодтаид.

Къоста Терчы облæстæй æрвыст куы нæма уыди æмæ Дзæуджыхъæуы куы царди, уæд æм иу хатт Æрыдоны скъолайы ахуыргæнинæгтæй иу-дæс ссыдысты базонынмæ, йемæ аныхас кæнынмæ. Райсомæй раджы рацыдысты фистæгæй æмæ аходæнафон схæццæ сты горæтмæ. Сæ цыд дзæгъæлы нæ фæци. Бульварыл уæлæмæ араст сты æмæ Къостайы федтой фæзмæ æввахс иунæгæй бадгæ, дард æрлæууыдысты æмæ йæм фыццаг сæ ныфс нæ хастой бацæуын, стæй сæ иу йæхи фæхъæбатыр кодта æмæ йæм бацыд. Уæд æм иннæтæ дæр бараст сты, «бон хорз» ын загътой, йæ къух ын райстой.

Стæй сæ хистæр чи уыди, уый загъта:

— Бахатыр кæн, Къоста, мах Æрыдоны скъолайæ ссыдыстæм, базонгæ уæм демæ, зæгъгæ, уый тыххæй.

Сæ иутæ сбадтысты, иннæтæ лæууыдысты. Ныхас бацайдагъ ис. Къоста сæ фарста скъолайы царды тыххæй, сæ ахуыры тыххæй, ахуыргæнджыты тыххæй. Уыдон дæр æй фарстой алы хъуыддæгтæй, йæ фыстыты тыххæй дæр. Фæныхас кодтой иу сахаты бæрц, стæй Къоста хатыр ракуырдта, Ирыхъæумæ йæ цæуын хъæуы, зæгъгæ, æмæ сыстади. Йæ фæстаг ныхас уыди афтæ:

Æгæр бирæ рæстæг уæ сæфы кувынтыл æмæ дины чингуытæ ахуыр кæныныл, фæлæ ницы кæны... Ахуыр кæнут зæрдиагæй... Æидæр скъолатæ дæр нæм фæзындзæн. (Æндæр скъолатæ фæзындысты æрмæст советон хицауады рæстæджы. — А. К.). Цæй, æз цæуын. Искуы та фендзыстæм æмæ аныхас кæндзыстæм.

Араст ис Ирыхъæуы ’рдæм.

Мах ма уыцы бандоныл дзæвгар абадтыстæм, Къостайы фыстыты тыххæй, йæхи тыххæй ныхас кæнгæйæ, стæй араст стæм базары ’рдæм.

1898 азы, июлы мæйы, æз ма уыдтæн ахуыргæнæг Дæргъæвсы, афтæ Терчы облæсты хъæууон ахуыргæнджытæн байгом ис мæйæмгъуыдмæ съезд Дзæуджыхъæуы. Ахуыргæнджытæ дзы уыди æдæппæт сæдæ адæймаджы бæрц. Сæ фылдæр уыдысты уырыссæгтæ, ирæттæ дзы уыди, куыд хъуыды кæнын, афтæмæй 30 адæймаджы. Уыди дзы иу кæсгон дæр, йæ мыггаг Албануков — уыцы рæстæджы Кæсæджы иунæг скъолайы ахуыргæнæг. Иннæ хæххон адæмтæй дзы ничи уыди, — нæма сæм уыдис уæд скъолатæ. Съезд куыста сылгоймæгты епархиалон скъолайы хæдзары, Стрелковы уынджы.

Иу сабат бон съездмæ фæзынди дзæуджыхъæуккаг ирæттæй иу чидæр, фæсидти ирон ахуыргæнджытæй кæмæдæр, хъус-хъусæй йын цыдæр адзырдта æмæ уайтагъд фæстæмæ ацыди. Разынди ахæм хабар — сусæгæй йе ’рвысты бынатæй ссыди Дзæуджыхъæумæ ирон адæмон поэт Хетæгкаты Къоста. Йемæ ссыди йе ’рвад — петербургаг дохтыр Хетæгкаты Андухъапар — уый дæр рагæй нæ уыди йæ райгуырæн бæсты. Дзæуджыхъæуы ирон интеллигенци сфæнд кодтой Къостайы ссыды тыххæй банкет саразын, фæсидтысты съезды ирон ахуыргæнджытæм дæр. 30 ахуыргæнæгæй банкеты уыди 20 адæймаджы бæрц, ацы рæнхъытæ фыссæг дæр семæ. Ахуыдтой семæ кæсгон ахуыргæнæджы дæр. Æдæппæт банкеты уыди иу-65 адæймаджы. Нысангонд афоны банкетмæ хуынд адæм чысыл къордгæйттæй (дзырдгонд куыд уыдысты, афтæ) араст сты Сапицкий будкæмæ. Банкетæн хорз бынат æвзæрст уыди — рæсугъд æрдуз, алырдыгæй æхгæд бæлæстæй æмæ къудзитæй. Нæ бацыдмæ банкетæн уагдæтджытæ æрдузы иу къуымы æрæфтауц кодтой, банкетæн цыдæриддæр хъуыди, уыдон æппæт: коньяк, арахъ, сæны лалымтæ æмæ алы хæринæгтæ, уæрыччытæ сыгъдæггонд фесты, æмæ артмæ физонджыты цъыс-цъыс цыди. Æрдузы хорз аууон ран арæзтой фынгтæ æмæ бадæнтæ (фæйнæджытæй). Æрдузыл ахæлиу сты адæм къордгæйттæй æмæ ныхас кодтой, æбыхсгæ æнхъæлмæ кастысты уазджыты фæзындмæ.

Уалынмæ æрдузæн йæ цæгатырдыгæй базындысты æртæ адæймаджы. Къоста цыди лæдзæджы æнцæйтты, иучысыл чиугæйæ, йæ уæлæ уыди европæйаг дарæс, йæ сæрыл фетрæй фæлмæн худ. Андухъапар цыди астæуæй, æгасæй дæр сау — цæсгом, рихитæ, дарæс. Байаты Гаппо цыди рахизæрдыгæй фарс æнахуыр дарæсы мидæг — куырæт, цухъа, урс нымæтхуд йæ сæрыл. Ахæм дарæс уыди Гаппойæн æцæг æнахуыр, никуы йæ дардта,— дардта европæйаг хорз дарæс, йæ сæрыл — цилиндр. Бирæтæ æмбæрстой, цæмæн афтæ йæхи фендæрхуызон кодта, уый — хицæуттæ йæ, революционеримæ — Хетæгкаты Къостаимæ цæугæ куы феной, уымæй тарсти. Æнæ ацæугæ дæр ын нæ уыди — цы загътаиккой адæм, Къоста зынаргъ кæмæн у æмæ Гаппо йæ дзыпмæ кæй æхцатæ ссивы, уыцы адæм?

Къоста цæрдæг æмæ хъæлдзæг адæймаг уыди, фæлæ ныр уыди æнкъард, йæ азмæлд уæззау, — уыйфæстæ куыд дзырдта, уымæ гæсгæ йæ низ тынг хъыгдардта — стджыты туберкулез, — йæ ныхасмæ гæсгæ йын дохтыртæ йæ агъдæй ралыг кодтой фыд æртæ джиранкайы бæрц.

Æгъдаумæ гæсгæ саламтæ зæгъыны фæстæ фотограф Дзанайты Садуллæ аразын байдыдта хуызисæн аппарат. Ам дæр та дардмæкæсæг адæймæгтæ разынди — нæ сæ бафæндыди революционер Къостаимæ иу нывы рацæуын — аивæй сæхи иувæрстæм айстой, бæлæсты, къудзиты аууон фесты... Стæй, фотограф йæ куыст куы фæци, уæд се ’мбæхсæнтæй рацыдысты. Чысыл ма аныхæстæ кодтой адæм — тынгдæр æмбырд кодтой Къостайы алыварс, ныхас дæр уæлдай цырын уыди уый раз. Уалынмæ уагдæтджытæ фæхуыдтой адæмы фынгтæм, æрбадтысты иууылдæр хистæрмæ гæсгæ. Тамада уыди зæронд адвокат Шанаты Дзантемыр, уый уыди карæй уым уæвджытæн се ’ппæты хистæр. Уый æххæст кодта тамададзинад тынг рæвдз, гаджидæуттæ кæрæдзи фæдыл цыдысты Терчы фæйлауæнты хуызæн, фæлæ уыдон иууылдæр уыдысты цæрæнбоны нуазæнтæ. Уалынмæ дзырды бар райста Къоста. Уый æвзæр оратор нæ уыди æмæ загъта сыгъдæг политикон гаджидау. Йæ ныхасы сæр цыди уымæ, æмæ хæдхæцæг паддзахы æфсондзы бын хъæрзынц нæ паддзахады æппæт адæмтæ, уырыс сæхæдæг дæр, фæлæ уæддæр хæххон адæмтæ, æрæджы чи фæци састы, уыдон се ’ппæтæй зындæр ран сты: хъуамæ хæххон адæмтæ цæрой сæ кæрæдзиимæ фидыдæй æмæ æмзæрдæйæ, сæхи цæттæ кæной хæдхæцæг паддзахимæ тох кæнынмæ...

— Æз, — дзырдта Къоста,— цæрын уырысы æхсæн, æз хорз зонын уырысы раздзог интеллигенцийы — уыдон иууылдæр сты хæдхæцæг паддзахы ныхмæ, æмæ фæллойгæнæг уырыссаг адæм дæр рæхджы райхъал уыдзысты се ’нусон политикон фынæйæ æмæ бамбардзысты, се знæгтæ «инородец»-тæ кæй не сты, фæлæ хæдхæцæг паддзах кæй у се знаг йæ хицауадгæнджытæ се ’ппæтимæ. Бамбардзысты уый уырыссаг адæм æмæ уæд «инородец»-тимæ иумæ сыстдзысты æфхæрджыты ныхмæ æмæ сæ ныппырх кæндзысты.

Къостайы ныхасмæ адæм байхъуыстой тынг æнувыдæй æмæ æхсызгонæй. Уыйфæстæ сыстад дагъистайнаг уазæг Башир Далгат (адвокат) æмæ райста ныхасы бар. Уый разы уыди Къостайы ныхасыл æгасæйдæр, фæлæ ма ской кодта паддзахы сатрапты провокацион политикæйы тыххæй, кæцытæ, загъта, ардауынц хæххон адæмты кæрæдзиуыл. Далгат сидти хæххон адæмтæм, цæмæй хъахъхъæной сæхи паддзахы сатрапты провокацион куыстæй. Йæ ныхас ахицæн кодта Далгат ирон адæмон поэт, сæрибардзинадыл тохгæнæг, Къостайы цæрæнбоны тыххæй гаджидауæй.

(Уый уыди Къостайы тыххæй дыккаг гаджидау).

Гаджидæутты æхсæн бацайдагъ ис ныхас сылгоймæгты ахуырдзинады тыххæй. Байаты Гаппо уыцы ран равдыста йе ’цæг цæсгом, дзурын байдыдта сылгоймæгты ахуырдзинады ныхмæ. Уый дзырдта, зæгъгæ, ахуырдзинад сафы сылгоймаджы æфсарм, къæйных æй кæны, æнæуагдзинады ’рдæм æй здахы. Алырдыгæй ныккалдтой Гаппойыл, зæгъгæ, уый реакцион ныхас у. Мæ зæрдыл дзы лæууынц горæтаг скъолайы ахуыргæнæг Тыбылаты Саввæйы дзырдтæ — уый баздæхт Гаппомæ æмæ йын загъта:

— Цы дын зæгъын, Гаппо, уый зоныс, дæуæн дæ мад ахуыргонд куы уыдаид, уæд ныр ахæм æдылы ныхæстæ нæ кæнис.

Къоста йæ рихиты бынæй сарказмы худт кодта. Уый дзурын дзы нал хъуыди, æнæуи дæр хорз уайдзæфтæ баппæрстой Гаппомæ. Йæ хъуыддаг нæ ацыди, уый куы бамбæрста Байы-фырт, уæд ныхас æндæрырдæм фездæхта. Тамада дæр йæ хъæлæс фæбæрзонд кодта æмæ басабыр кодта дзурджыты. Дарддæр та банкет лæгъз цæуын байдыдта. Иу чидæр сыстади йæ бынатæй, бацыди хистæры ’рдыгæй æмæ бæзджын баритонæй азарыди Къостайы æмдзæвгæ «Додой».

Банкет цыди дарддæр æмæ ахастаид, чи зоны, суанг изæры онг, фæлæ иу чидæр фæдисы уайæгау суади горæтæй æмæ базонын кодта æмбырдæн, Каханов (Терчы облæсты хицау), дам, базыдта, Къоста ам кæй ис, уый æмæ, дам, ратта приказ, куыд æй ссарой æмæ йæ куыд æрцахсой, афтæ. Кахановæн уыди барвæндонæй дзырдхæсджытæ — фæдагур куыйтæ — уыдон зылдысты, агуырдтой алыран æмæ-иу истæмæ сæ зæрдæ куы фехсайдта, уæд-иу æй уайтагъд Кахановæн фехъусын кодтой. Фæстæдæр куыд сбæрæг ис, афтæмæй ацы хатт дзырдхæссæг фæци гимназы ахуыргæнæг Б. Т. Къоста тас раны хаудта, æмæ уымæ гæсгæ банкет цыбыргонд æрцыди. Адæм, уæлæмæ куыд цыдысты чысыл къордгæйттæй, афтæ рацыдысты фæстæмæ горæтмæ дæр. Къостайæн йæ хæлæрттæ ссардтой æдас ран æмæ уым арвыста 2–3 боны. Тас ын тынг кæй уыди, уый фæбæрæг ис дыккаг бон сæумæрайсом ахуыргæнджыты съезды. Куысты афон куы ралæууыди, уæд куысты бæсты съезды райдыдтой слест кæнын банкеты тыххæй. Жандармтæ æхсæв-бонмæ джигул кодтой Къостайы хæлæрттæм, сæ зæрдæ кæмæ æхсайдта, уыдонмæ куы ницы ссардтой, уæд ма æнхъæл уыдысты, зæгъгæ, ахуыргæнджыты фæрцы исты сæ къухы бафтдзæн, ссардзысты Къостайы фæд. Ахуыргæнджытæ уайтагъд бамбæрстой хъуыддаг æмæ сфæнд кодтой, Къостайы кой куыд ничи скæна, афтæ. Сидтысты сæм мидæмæ — слестгæнæн уатмæ — иугай æмæ сæ биноныг фарст кодтой. Ахуыргæнджытæ иууылдæр æмхуызон загътой, зæгъгæ, петербургаг дохтыр Хетæгкаты Андухъапар рагæй нæ уыди, йæ райгуырæн бæсты æмæ, дам, уый номыл сарæзтой банкет йæ хæлæрттæ, йæ зонгæтæ. Афтæмæй слестгæнджытæ уыцы хъуыдыимæ баззадысты, зæгъгæ, иу чидæр, хъуыддаг дзæбæх нæ равзаргæйæ, дзæгъæлы батыхсын кодта хицæутты.

Ахуыргæнджыты съезды уыдысты иннæтимæ дыууæ ус-ахуыргæнæджы — Юлия æмæ Аннæ — Цæлыккаты Алыксандры чызджытæ. Юлия уыди ацæргæ чызг, Аннæ дæр уыйас æвзонг чызг нæ уыди, — цыдаид ыл 28 азы. Уыдоныл иу къорд хæттыты фембæлдтæн Коцойты Афæхъойы (реалон скъолайы письмоводитель) хæдзары, æнхъæл дæн, цыдæр хæстæг æййæфтой. Уым æз фехъуыстон, Къоста, дам, Цæлыккаты Аннæйы куры, фæлæ, дам, ын нæ комы. Ныр Къостайæн йæ писмотæм гæсгæ бæрæг кæны, уыцы кой раст кæй нæ уыди. Аннæ Къостайæн куымдта, фæлæ уыцы дзырдæй, Къоста куыд ныууадза йе ’хсæнадон æмæ литературон куыст æмæ хи царды сагъæсыл куыд ныллæууа; Къоста та йын уый дзырдта, зæгъгæ, æхсæнадон æмæ литературон куыстæн ныууадзæн нæй. Гъе, æрмæст уымæ гæсгæ не сбастой уыцы дыууæ адæймаджы сæ цард иумæ.

1902 азы сæрды æз цыбыр рæстæг акуыстон петербургаг газет «Петербургские ведомости»-йы. Иу бон мæм басидти редактор æмæ мæ фæрсы, Хетæгкаты Къостайы, дам, нæ зоныс? Зонын, зæгъгæ йын куы загътон, уæд мæ афæрстытæ кодта Къостайы тыххæй, стæй загъта:

Нæ газеты уыди Хетæджы-фырты статья ирон æлдæртты ныхмæ (цыбырæй мын радзырдта, цавæр статья уыди, уый). Ныр æлдæрттæ æрбарвыстой статья Хетæджы-фырты статьяйы ныхмæ. Куыд кæсы сымахмæ, чи сæ у раст? Æз дзуапп раттон, зæгъгæ, Къостайы статья раст дзуры.

Æз ныццыдтæн Петербургмæ сæрды, статья та рацыди, æвæццæгæн, раздæр, азы райдайæны, мыййаг, æмæ йæ æз нæ бакастæн, агургæ дæр æй нал бакодтон. Фæлæ ахæм статья кæй уыди уыцы газеты, уый нымайын хъæуы æцæгыл, — редактор дæр загъта афтæ, стæй Петербурджы цæрæг ирон адæмæй дæр кæмæйдæрты фехъуыстон, уыди, дам, ахæм статья. Уыцы статья ссарын зын нæу, — газеты комплекттæ æвæрд сты Ленинград æмæ Мæскуыйы библиотекæты æмæ йæ бацагурын хъæуы. Бацагурын æй уый тыххæй хъæуы, æмæ ныр дæр ма, Къостайы ном чъизи кæныны тыххæй, чидæртæ дзурынц, уый, дам, æлдæртты фарс уыди; уæд «Дæ фыдæлтæ рухсаг, дæхæдæг мын бæзз!» та чи ныффыста?

Адæм Къостайы уый тыххæй бирæ уарзтой, æмæ уый уыди адæмы сæрыл тохгæнæг æлдæрттимæ, хицæуттимæ æмæ æндæр алы мыггаг тугцъиртимæ. Куыд дардыл хъуыстгонд уыди Къостайы ном, уый тыххæй æз зæгъдзынæн иу хабар. 1901 азы, ахуыргæнæг ма куы уыдтæн Хуссар Ирыстоны, уæд мæ мызд райсынмæ бацыдтæн горæт Душетмæ. Уым фембæлдтæн дыууæ ироныл, æвæццæгæн, Душеты чи куыста, ахæмтæ уыдысты. Ныхас кодтой Къостайы тыххæй, уый, дам, йæхи нывондæн хæссы мæгуыр адæмы сæрыл, тох кæны æдзух хицæуттимæ, æмæ дзы æнаккагдæр чи вæййы, уыдон уайтагъд сæ бынæттæй фелвасы. Уыцы дыууæ ироны дзырдтой Къостайæн йæ æмдзæвгæтæй скъуыддзæгтæ, легендæгонд хабæрттæ дæр дзырдтой Къостайы тыххæй. Иу хабар афтæ ракодтой, англисæгтæ, дам, нæ паддзахады сызгъæринтæ фæцæйдавтой æмæ, дам, Къоста куы нæ уыдаид, уæд сæ арæнæй федде кодтаиккой, фæлæ сæ Къоста базыдта æмæ уый фæрцы фæстæмæ ист æрцыдысты. Уый та сын уыцырдæм æмбарын хъæуы, æмæ Къоста тох кодта æнаккаг хицæуттимæ, фæлæ паддзахады та хъахъхъæнгæ кодта.

1905-æм азы Петербурджы газеттæй иуы бакастæн æндæр газеттæй ист статьяйы скъуыддзаг Къостайы тыххæй. Уым фыст уыди афтæ, зæгъгæ, Лабæйы, хъæу Георгиевскы, цæры ирон адæмон поэт Хетæгкаты Къоста, йæ зондæй, дам, фæцух ис æмæ тынг æвзæр царды уавæртæм æрхаудта. Ирыстоныл, дам, æмбæлы Къостайæн исты æххуыс раттын. Уыцы статьяйы скъуыддзагмæ гæсгæ газет йæхи номæй загъта афтæ:

«Ирыстон нæй, фæлæ уырыссаг фысджыты литературон фондыл æмбæлы Хетæджы-фыртæн йæ зыны бонты баххуыс кæнын».

Ницы æххуыс рахаудта Къостамæ уыцы литературон фондæй дæр.

Афтæ уыди фысджыты уавæр паддзахы рæстæджы. Афтæ уыди, фæлæ ныр афтæ нал у. Советон хицауад æрæвæрдта фысджытæн аккаг уавæртæ сæ цардæн, сæ куыстæн. Ирыстон «нæ уыди», уыди æрмæст Дзæуджыхъæуы округ. Ныр ис, Коммунистон партийы, Советон хицауады фæрцы, Ирон Автономон Социалистон Советон Республикæ æмæ дзы ис советон фысджыты цæдис, цæдисы цур та ис литературон фонд, кæцы дæтты æххуыс фыссæгæн йæ куысты бон, йæ рынчын, йæ зианы сахаты.

1906-æм азы уалдзæджы нæм ныхъхъуысти Петербургмæ хабар — Къоста, дам, амарди. Гъе, уæд нæ зæрдыл æрлæууыди, Къоста кæй царди, кæй куыста, мæгуыр адæмы сæрыл цырагъау кæй сыгъди, уый. Цыдыстæм кæрæдзимæ Петербурджы ирон адæм, тæфæрфæс кодтам кæрæдзийæн, мысыдыстæм Къостайы цард, йæ хъуыддæгтæ, йæ фыстытæ. Чысыл фæстæдæр нæм ныхъхъуысти, Къостайы мард, дам, сластой Дзæуджыхъæумæ æмæ йæ баныгæдтой стыр кадимæ ирон аргъуаны кæрты. Ныгæдтой Къостайы Дзæуджыхъæуы адæмтæ æппæт дæр: ир, уырыс, сомих, гуырдзы, дзуттытæ, мæхъæл æмæ æндæртæ, — сæ алчи дæр йе ’гъдаумæ гæсгæ цыт ратта мардæн. Веноктæ хастой иттæг бирæ — хицæн адæймæгтæй дæр, организацитæй дæр. Бæлвырддæр, Къоста уыди зынаргъ æфхæрд адæмтæн се ’ппæтæн дæр æмæ мыггагмæ цæрдзæн сæ зæрдæты.

САУДЖЫН ÆМÆ МОЛЛО ИРОН ФОЛЬКЛОРЫ

Рын цагъта — æмæ сауджынæн.

Сауджыны цæст — æнæфсис.

Гуыргæ ракæнай, мæлгæ акæнай — — сауджынæн пайда.

Моллойы æвзаг дур дæр халы.

Моллойы чиныг фыдбылыз хæссы.

(Ирон æмбисæндтæ).

Сауджын æмæ молло рох не сты ирон фольклорæй, æвдисы сæ цъаммарæй, æдзæсгомæй, дыдзæсгомæй, исуарзагæй, æнæбафсис, зыдæй, æвæры сæ æгад æмæ æнаккаг уавæрты.

Æнæнымæц бирæ сты сауджынтæ æмæ моллоты тыххæй æмбисæндтæ, аргъæуттæ, анекдоттæ. Æз дзы ацы ран æрхæсдзынæн цыбырæй иу къорд.

ЧЫРЫСТИ ÆМÆ САУДЖЫН

Иу бон Чырыстийы бафæндыди зæхмæ æрцæуын, атезгъо кæнын, адæмы фенын. Æрцыди, уæдæ цы уыдаид, адæймаджы хуызы. Цæуы, цæуы æмæ фембæлди сауджыныл.

— Дæ фæндаг раст, сауджын!

— Дæ хъуыддаг раст, бæлццон!

— Кæдæм балц кæныс, горæтмæ, мыййаг?

— Горæтмæ.

— Цом уæдæ иумæ, æз дæр уырдæм цæуын.

Бацыдысты горæтмæ. Цæуынц, цæуынц уынгты, кæсынц адæмы змæлдмæ дæр, хæдзæрттæм дæр. Бахæццæ сты иу рæсугъд аргъуанмæ.

Æрлæууыдысты йæ разы. Аргъуыд кæронмæ фæцæйхæццæ кодта. Бацыдысты иучысыл бакувынмæ. Сауджын, йæ къух дард хæсгæйæ, йæхиуыл дзуæрттæ æфтыдта, афтæмæй баздæхти Чырыстимæ:

— Куыд дæм кæсы, фæйнæ просфорайы (аргъуыд дзул) нæ къухты куы бафтид, уæд?

— Хорз уаид, æндæр мæм куыд кæсы.

Сауджын фæсидти аргъуаны лæггадгæнæг лæппумæ æмæ йын загъта:

— Бауай сауджынмæ æмæ зæгъ: лæууынц динамонæг æмæ-иу зынгæ бæлццон.

Райстой фæйнæ просфорайы æмæ ацыдысты дарддæр.

Цæуынц, цæуынц, æмæ сауджын фæндагыл куыддæр амæлттæй адавта Чырыстийы просфора. Чырысти, просфорайы сæфт куы фæфиппайдта, уæд фæрсы йе ’мбалы:

— Мæ просфора нæ федтай?

— На, на, ницы федтон.

— Кæд мын æй адавтай, мыййаг?

Сауджын Чырыстийæ ныссомы кодта, ницы федтон, ницы адавтон, зæгъгæ. Цæуынц дарддæр.

— Цы бакæнæм, уый зоныс? — дзуры Чырысти. — Куыд вæййы, цы вæййы, фæндагыл исты куы ссарæм, мыййаг, уæд æй хъуамæ кæнæм дыууæ æмбисы.

Сауджын сразы ис Чырыстийы фæндоныл.

Ацыдысты бæлццæттæ дарддæр æмæ иу ран ссардтой голлаг сызгъæрин æхцайæ йæ тæккæ дзаг.

Чырысти бавнæлдта уарынмæ æмæ æхцатæ æртæ дихы бакодта.

Уый фенгæйæ, сауджын фæтарсти, кæд, зæгъгæ, йе ’мбал æртыккаг хай дæр йæхицæн исы æмæ бафарста:

— Æртыккаг хай та кæмæн у?

— Æртыккаг хай, мæ просфора мын чи адавта, уымæн.

Сауджын бацин кодта.

— Дæ просфора дын æз адавтон æмæ дын æй барæй не схъæр кодтон.

— Гæды зæгъыс.

— Кæцæй зæгъын гæды, мæнæ уый дæ просфора нæу,— сласта просфора йæ дзыппæй.

Уæд Чырысти йæхи сызгъæрины хай дæр ратта сауджынæн æмæ, нытту кæнгæйæ, загъта:

— Дæ цæрæнбонты дын бафсæдæн мацæмæй уæд!

Афтæ куы загъта, уæд ацыди дарддæр иунæгæй.

Сауджын Чырыстийæн йæ ту дæр, йæ уайдзæф дæр ницæмæ æрдардта, фæлæбурдта æхцатæм æмæ сæ нымайын байдыдта.

РУВАС ÆМÆ УÆРЦЦ

Рувас æмæ уæрцц уыдысты адджын хæлæрттæ. Уæрцц гуыххæл кæм нæу æмæ-иу чысыл истæмæйты дæр йæхи афсæста, фæлæ рувас зынæфсисдæр у æмæ йæ хæрын бирæ хъуыди, ноджы хуымæтæджы хæринæгтыл дæр не ’рвæссыди — æвзаргæ, адджын хæринæгтæ уарзта. Иу хатт рувас тынг сыстонг, йе ’мбалимæ æгас бон фæхаттысты æмæ никуы ницы ссардтой. Сæ изæр хъæугæронмæ бахастой. Уым рувас дзуры уæрцмæ:

— Мæ хæлар, хорз мæ фен карчы фыдæй, сойыфыхтæй æмæ æндæр ахæмтæй — уыдонæн ссарæн ис хъæуы мидæг.

— Мæ бон цы уа, уый бакæндзынæн, иучысыл ам афæстиат уæм.

Чысыл абадтысты уым, афтæ кæсынц, æмæ уæртæ устыты къорд сабатизæры рацæуы, сæ къухты, сæ дæлæрмтты алы хæринæгтæ, алы нуазинæгтæ.

— Нæ хъуыддаг цæуы, — загъта уæрцц. — Уæртæ уал кауы рæбын æрæмбæхс. Устытæ мæн ахсынмæ куы фæуой, уæд — дæ хъару æмæ дæхæдæг.

Уæрцц йæхи скъуылых кодта æмæ устыты рæзты йæхи ауагъта.

— Уæртæ къуылых уæрцц, тæхын дæр нæ фæразы! — фæхъæр кодта иу ус.

— Уæртæ мæ сывæллæттæн хъазæн! — загъта æндæр ус.

Уæд иууылдæр сæ хæринæгтæ, сæ нуазинæгтæ зæххыл авæрдтой æмæ уæрцц ахсыныл сысты. Уæрцц сæ дарддæрæй-дарддæр сайы.

Уыцы рæстæджы рувас фелвæста хæринæгтæй, цас æй хъуыди, уыйас æмæ сæ къудзиты фæстæмæ бадавта. Уæрцц дæр уæд атахти.

— Хорз мæ федтай, мæ хæлар, — загъта рувас. — Æххæст ма мæ ныр худын дæр куы фæкæнис.

— Уый дын мæ быгъдуан. Уæртæ уым, къудзиты фæстæ æрæмбæхс æмæ кæс фæндагмæ.

Фæндагыл фæцæйцыдысты сауджын æмæ молло,— уыдон рагæй дæр знаг сты, кæрæдзимæ æмгæрон нæ цæуынц, ныр дæр цæуынц хицæнтæй, молло разæй.

Уæрцц рауагъта йæхи æмæ моллойы худыл æрбадти.

— Ацы уæрцц дæр истæмæн сбæззид,— загъта хинымæры сауджын, бахъуызыди фæстейы æмæ лæдзæгæй æрцавта уæрццы. Уæрцц атахти, æмæ цæф æруади моллойы сæрыл. Молло фæзылди фæстæмæ æмæ æрцавта сауджыны. Уыдон кæрæдзи хойынц, рувас та фырхудæгæй йæ рагъыл ратул-батул кæны.

САУДЖЫН ÆМÆ МОЛЛО

Рабарæг ис Уастырджи зæхмæ — афæлгæса бæстæтыл, фена адæмты, куыдтæ цæрынц, цытæ цæрынц. Цæуы иу стыр фæндагыл æмæ фембæлди сауджыныл.

— Дæ фæндаг раст, сауджын!

— Дæ хъуыддаг раст, хорз бæлццон!

— Зæгъ-ма, сауджын, цымæ куыд уыдзæн абон, уардзæн æви нæ уардзæн? Динамонæг дæ, ахуыргонд дæ, — æнæзонгæ дын нæ уыдзæн уый.

Сауджын афæлгæсыди арвыл æмæ загъта:

— Æнæ æруаргæ йын нæй абон.

Уастырджи загъта:

— Кæд мæнг зæгъыс, уæд нæл хæрæг фест!

Сауджын фестади нæл хæрæг.

Уастырджи йæ аскъæрдта йæ разæй. Цæуы, цæуы æмæ фембæлди моллойыл.

— Дæ фæндаг раст, эффенды!

— Дæ хъуыддаг раст, хорз бæлццон!

— Зæгъ-ма, эффенды, цымæ абон уардзæн æви нæ. Динамонæг дæ, ахуыргонд дæ, æмæ дын æнæзонгæ нæ уыдзæн уый.

Молло афæлгæсыди арвыл æмæ загъта:

— Æппын ын абон æнæ æруаргæ нæй.

— Кæд мæнг зæгъыс, уæд сыл хæрæг фест, — загъта моллойæн Уастырджи.

Молло фестад сыл хæрæг.

Ахъæр кодта ууыл дæр Уастырджи йæ разæй. Цæуы, цæуы, æмæ мæнæ иу хæххон дзигло æмпъызт дарæсы рацæуы, йæ дæларм дыууæ къæссайы.

— Дæ фæндаг раст!

— Дæ хъуыддаг раст!

— Кæй онг, хæххон? — фæрсы Уастырджи.

— Кæй онг, кæ, хорхъуаг стæм æмæ кæд искуы иучысыл нартхор балхæнин.

— Æмæ цæуыл ахæсдзынæ, куы балхæнай, уæддæр?

— Цæуыл, цæ, — кæд æххуырстмæ бæх кæнæ хæрæг ссарон, уæд мæ хъуыддаг хорз. Кæд не ссарон, уæд та мæхæдæг, цас афæразон, уый ахæсдзынæн.

— Уæдæ-ма, зæгъ, хорз лæг, абон цымæ æруардзæн æви нæ?

— Æмæ уымæн та æз цы зонын — уый Хуыцауы хъуыддаг у — куы йæ бафæнда, уæд рауардзæн, куы нæ йæ бафæнда, уæд нæ уыдзæн уарын.

Уыцы дзуапп Уастырджийы зæрдæмæ фæцыди æмæ загъта:

— Афтæ бакæнæм, хорз лæг. Æз тынг æнæвдæлон дæн. Мæнæ мæ ацы хæрджытæ хъыгдарынц. Акæн сæ, ахæсс сыл дæ хор, кус сыл, цас фæразыс, уыйас афæдзы дæргъы, дæ сыхæгтæн дæр сæ дæтт, кусæнт сыл уыдон дæр, цас фæразынц, уыйас. Афæдзы бонмæ хæрджыты ацы ранмæ æмбæлын кæн.

Хæххон дзигло цинæй амарди, хор балхæдта, дзаг къæссатæ хæрджытыл бавæрдта æмæ, зарджытæгæнгæ, бафардæг ис сæхимæ. Хæрджытыл фæкуыста афæдзы дæргъы, цас фæрæзта, уыйас, сыхæгтæн дæр сæ лæвæрдта кусынæн. Афæдзы бон сæ, дзырдмæ гæсгæ, сæмбæлын кодта амынд бынатмæ. Йæ бацыдмæ уым æнхъæлмæ касти Уастырджи.

Дыууæ лæджы салам загътой кæрæдзийæн.

Уастырджи фæрсы:

— Уый та дын цы у — æртыккаг, сыл хæрæджы фæстæ?

— Уый та дын уæлæмхасæн — ныззади дæ хæрæг, дыууæ мæйы йыл цæуы, афтæ.

Уæдæ дын цы зæгъын, уый зоныс? Мæн хæрджытæм нæма æвдæлы. Бакус-ма сыл иу афæдз, æмæ сæ фидæн абон ацы ранмæ хæццæ кæн.

Афæдзы фæстæ та хæххон дзигло амынд ранмæ хæрджыты æрхæццæ кодта — ацы хатт уыдысты цыппар: дыккаг лæппын къæлæу та згъордта йæ мады фæстæ.

Уастырджи та æнхъæлмæ касти йæ бынаты.

— Ныр дæм дыууæ къæлæуы ис, — загъта Уастырджи — сыл æмæ нæл. Акæн сæ дæхицæн æмæ фæрнæй цæр.

Хæххон дзигло арфæ ракодта Уастырджийæн æмæ, зарджытæгæнгæ, дыууæ къæлæуы атардта йæ хæдзармæ. Уастырджи дæр йæ дыууæ хæрæгыл ахъæр кодта æмæ ацыди йæ фæндагыл. Иу ран пыхсытæм куы бахæццæ ис, уæд ехсæй æрцавта нæл хæрæджы æмæ уый сауджын фестади.

— Уастырджи кæй дæ, уый бæргæ базыдтон, фæлæ мын ферæджы ис... Хуыцау дын ма ныббарæд,— дыууæ азы дæргъы мын хæххон дзигло мæ рагъ фæхоста, сыхæгты дæр ма мыл кусын кодта.

— Хæрæгæн хæрæджы ми хъæуы, — загъта Уастырджи æмæ йæ иннæ хæрæгыл ахъæр кодта дарддæр.

Иу аууон ранмæ та куы бахæццæ ис, уæд хæрæджы æрцавта ехсæй æмæ уый моллойæ агæпп ласта.

— Æрæджиау бæргæ базыдтон, — загъта молло, — Уастырджи кæй дæ, уый, фæлæ ма цы гæнæн уыди, æгæр мæ бафхæрын кодтай — Хуыцау дын ма ныббарæд!

— Хæрæгæн хæрæджы ми хъæуы, — загъта Уастырджи æмæ цыдæр æрбаци.

КОСА МОЛЛО

Коса моллойæн марди йæ ус. Мæнæ ныр йæ удисыны сахат æрхæстæг, зæгъгæ, уæд басидтис йæ лæгмæ æмæ йын загъта:

— Мæ мæлæты фæстæ ракур ахæм сылгоймаг, мæ чындздзон дарæс æмæ рон кæмæн бæззой.

Ус амарди. Молло фæхъыг кодта иу къорд рæстæджы, стæй айста йемæ йæ усы чындздзон дарæс æмæ рон æмæ ацыди йæхицæн дыккаг ус агурынмæ. Бирæ фæагуырдта молло, йæ усы чындздзон дарæс æмæ рон кæмæн бæззыдаиккой, ахæм сылгоймаг, фæлæ не ссардта æмæ афтæмæй æрыздæхти фæстæмæ. Иу бон куы уыди, уæд йæ чызг йæ уæлæ акодта йæ мады чындздзон дарæс æмæ рон, æмæ йын тынг бæззон разындысты; фыд æм фæкомкоммæ ис, йæ сæрымагъзы æнаккаг хъуыдытæ аленк кодтой, æмæ чызгæн радзырдта йæ мард усы фæдзæхст.

Æнæ баиу нын хос нæй,— загъта молло, — ды мæнæн нывгонд дæ.

Чызг куы бамбæрста, молло йæ фæнд кæй нæ ныууадздзæн, уæд дзы ракуырдта къуыри æмгъуыд, æз дын, зæгъгæ, ссардзынæн усаг. Фæцагуырдта уый дæр бирæ, фæлæ не ссардта.

Молло баздæхти уæд чызгмæ, зæгъгæ, дын æнæ сразы хос нал ис. Чызг сразы ис, фæлæ ма дзы ноджыдæр иу къуыри æмгъуыд ракуырдта. Уыцы æмгъуыды рæстæджы чызг фæлыгъди дард бæстæм. Уым фембæлди цуанонтыл. Цуанонты хистæр разынди паддзахы фырт. Уымæн чызг йæ зæрдæмæ фæцыди æмæ йæ ракуырдта, фæлæ молло æррайау сси, йæ чызг дзы кæй аирвæзти, уый тыххæй æмæ йæ агурын байдыдта. Ссардта йæ æмæ йын алы фыдбылызтæ арæзта. Æппын æй куынæуал уагъта уæд паддзах дзырд ратта, цæмæй моллойы бабæттой æнæбадт бæхы къæдзилыл æмæ йæ афтæмæй быдырты куыд аскъæрой.

СЫВÆЛЛÆТТЫ ЛИТЕРАТУРÆЙЫ ТЫХХÆЙ

Сывæллæтты литературæ у педагогон процессы иу къабаз. Тынг егъау у аив литературæйы ахадындзинад сывæллæтты зондахаст аразыны æмæ йе ’мбудындзинæдты рæзыны хъуыддаджы.

Революцийы агъоммæ сывæллæтты литературæ уыдис дворянон æмæ буржуазон интересты æмæ идейæты тæваджы бын. Уыцы литературæ сывæллæтты зондахаст арæзта диныл хæцынмæ, Хуыцауыл æууæндынмæ, шовинизммæ, хи цардыуаг, иннæты хъауджыдæр, бæрзонд къæпхæнтæм исынмæ. Афтæ уыдис паддзахы Уæрæсейы, афтæ у ныртæккæ буржуазон бæстæты.

Махмæ, социализмы дуджы, сывæллæтты хъомыл кæныны хъуыддаг хъуамæ цæуа æндæр фæндæгтыл. Уыцы фæндæгтæ сты: æхсæнадон цард бæрзонд къæпхæнмæ исын, шовинизмы ныхмæ тох кæнын, коллективизм, адæмты хæлардзинад фидар кæнын, коммунизм æмæ дунемæ фæдфæдон материалистон цæстæнгас дарын, куыстуарзондзинад, хъæбатырдзинад, социалистон паддзахад уарзын æмæ йæ хъахъхъæнын алы знæгтæй æмæ фыдгæнджытæй.

Уымæ гæсгæ, тынг архайгæйæ, хъавгæйæ æмæ æвзаргæйæ, дæттын хъæуы сывæллæттæн кæсыны æрмæг. Уыцы æрмæг дæттын хъæуы сывæллæттæн сæ кармæ гæсгæ. Скъолайы агъоммæ карæнтæн хъæуы иу æрмæг, 10–12-азыкконтæн та æндæр æрмæг. Уыдонæн сæ хъуыдытæ, се ’мбарындзинад алыхуызон сты. 5–6-азыккон сывæллонæн фантастикон диссæгтæ куы ’вдисай, куы кæсын кæнай, уæд сæ æцæг хондзæн, уæд ын йæ зонд дзæгъæл кæндзысты — уымæн йæ зонд нæма иртасы æцæг фæзынд мæнг фæзындæй, реалон æнæреалонæй. Фæлæ уыцы диссæгтæ хистæр сывæллæттæн куы æвдисай, куы кæсын кæнай, уæд уыдон зонд нæ дзæгъæл кæндзæн. Уымæ гæсгæ кæстæр сывæллæттæн æппындæр нæ бæззынц фантастикон диссæгтæ. Уыдон тынг уарзынц æмæ сын дæттын дæр хъæуы æрмæг æрдзы æцæг фæзындтытæй æмæ цæрæгойты цардæй. Хистæр сывæллæтты зæрдæтæм цæуын байдайынц диссаджы балцытæ, балцытæ зындзинæдтимæ, æмæ æвирхъау цауты тыххæй радзырдтæ. Хистæр кълæсты ахуыргæнинæгтæ уарзынц, балцытæ æмæ цаутæй фæстæмæ, техникон диссæгтæ æмæ æрхъуыдытæ. Уыдæттæм гæсгæ аразын хъæуы сывæллæтты литературæ.

Зын у сывæллæттæн литературæ фыссын, æмæ йыл фысджытæй бирæтæ кусгæ дæр нæ кодтой — иутæ йæ зындзинады тыххæй, иннæтæ та йыл æрвæсгæ дæр нæ кодтой, æгад сæм касти «чысыл» литературæйыл кусын. Æндæр цæстæй кастысты æмæ кæсынц сывæллæтты литературæмæ номдзыд фысджытæ. Лев Толстой стыр æхсызгондзинад иста, сывæллæттæн цы кæсыны æрмæг фыста, уыдонæй. Хетæгкаты Къоста иттæг уарзондзинадимæ ралæвар кодта сывæллæттæн дзæвгар фыстытæ. Нæ рæстæджы стырдæр фысджытæй бирæтæ — Алексей Толстой, В. Катаев, П. Павленко, К. Тренев, М. Светлов æмæ æндæртæ кусынц сывæллæтты литературæйыл æмæ сæм стыр кад кæсы уыцы куыст. Раст зæгъгæйæ, алкæцы фыссæг нæ сарæхсдзæн сывæллæттæн кæсыны æрмæг фыссынмæ,— стыр психолог хъæуы сывæллоны æмбарындзинад зонынæн. Фыссæг сывæллоны зондахаст куынæ æмбара, уæд йæ фыстытæ сывæллоны сæрмæ нæ хæццæ кæндзысты, йæ зæрдæйыл не ’мбæлдзысты.

Кæсыны æрмæгæн æрмæст йæ аивдзинад æгъгъæд нæу,— хъуамæ дзы уа сюжет. Æрмæджы сюжет куынæ уа, уæд уый сывæллонæн ницы ратдзæн, йæ сæры дзы ницы баззайдзæн, уый уыдзæн æрмæст дзæгъæлы дзæнгæда. Æрмæгæн йæ сюжет диссаг куынæ уа, уæд уый сывæллон кæсдзæн æвæндонæй, кæнæ йæ кæронмæ дæр нæ хæццæ кæндзæн. Æрмæгæн йæ сюжет идейон куынæ уа, уæд уый та хъæугæ дæр ницæмæн кæны. Идейæйы тыххæй уый зæгъын хъæуы, æмæ уый хъуамæ нейтралон ма уа, фæлæ тох кæна нæ цардарæзты сæрыл æмæ хъуамæ сывæллоны зæрдæмæ хæццæгонд цæуа тынг аив фыстæй. Аив фыст уымæй хъауджыдæр у академион фыстæй, æмæ йæ кæсæг исы сæрызондæй нæ, фæлæ зæрдæйæ, æмбудындзинадæй, афтæмæй уый хуыздæр фидар кæны сæрымагъзы дæр. Кæсыны æрмæг хъуамæ тенденцион ма уа, — тенденцион æрмæг зæрдæмæ нæ хизы æмæ сæры дæр фидар нæ бады. Уымæ гæсгæ, сывæллæттæн литературæ чи фысса, уый хъуамæ йæхи хъара йæ фыст æцæг аив кæныныл.

Ирон сывæллæттæ тынг хъуаг сты уыцы литературæйæ, афтæмæй йыл нæ фысджытæй зæрдиагæй кусгæ дæр ничи кæны. Нæй нæм сывæллæттæн хицæн чингуытæ, журнал «Пионер»-ы цы æрмæг вæййы, уый фаг нæу, стæй йæ хъæдмæ гæсгæ хуыздæр хъуаг у.

Цæуыннæ кусынц нæ фысджытæ сывæллæтты литературæйыл? Мах афтæ æмбарæм хъуыддаг, æмæ йæм иуæй-иутæ сæ ныфс нæ хæссынц, чи бафæразид фыссын, уыдон та сæхиуыл хæцынц, уый тыххæй хæцынц сæхиуыл, æмæ нæ республикæйы сывæллæтты литературæйы автортæн сæ фæллойæн, куыд æмбæлы, ахæм аргъгонд нæ цæуы. Сывæллæтты литературæ æнæуи литературæйæ зындæр фыссæн у, æмæ дзы бирæ ныффыссæн дæр нæй, — уымæ гæсгæ хъуамæ авторты куыстæн материалон æгъдауæй цæуа фылдæр аргъгонд. Æмæ, æцæгдæр, нæ Цæдисы æндæр рæтты уыцы хъуыддаг у афтæ æвæрд. Æрмæст махмæ, Цæгат Ирыстоны, уыцы хъуыддагмæ нырыонг, куыд æмбæлы, ахæм цæстæнгас нæма ис.

Фæлæ нæ фысджыты хæс у, æнæ уыцы хъуыддагмæ кæсгæйæ дæр, сывæллæтты литературæмæ фылдæр æргом аздахын. Æрмæст радзырдтæ æмæ æмдзæвгæтыл хъуамæ ма хицæн кæна хъуыддаг — фыссын хъæуы сывæллæтты аккаг пьесæтæ дæр.

МÆ КУЫСТ «ПРАВДА»-йы

Мысинæгтæй

Тынг æхсызгонæй мысын, газет «Правда»-йы куы куыстон, уыцы рæстæг. 1912 азы апрелы мæйы астæуккаг бонты фембæлдтæн Петербурджы газетты кусджытæй кæуылдæр — уыдис, куыд ма хъуыды кæнын, афтæмæй Андрей Дикий. Уый мын загъта, рæхджы, дам, рацæудзæн ног газет «Правда» — кусджыты газет. Корректор, дам, нæ хъæуы æмæ рацу уырдæм кусынмæ.

Æз та уыцы рæстæджы хæст уыдтæн чингуыты корректурæйыл. Ныллæууыдтæн «Правда»-йы корректорæй. Апрелы 22 боны (ног нымадæй 4-æм май) мæм изæрырдæм типографи дæттын байдыдта газеты гранкæтæ. Дыккаг бон сæумæрайсом газет уæйгæнджытæ скъæфтой уæй кæнынмæ «Правда»-йы фыццаг номеры экземпляртæ.

«Правда»-йæн йæ хæстæгдæр кусджытæ уыдысты: Молотов, Ольминский, Артем. Уыди дзы «бадæг-редактортæ», сæ алкæмæн дæр газет рауадзыны бар — йæ къухы. Иуæн йæ газеты ном уыдаид «Петербургская правда», иннæмæн «Рабочая правда», æртыккагæн «Северная правда» æмæ афтæ дарддæр. Рады разæй чи уыди, уый-иу æрфыста йæ къух газеты мыхуыр кæныны тыххæй. «Правда»-йы-иу хицауады ныхмæ исты дæрзæг ран куы разындаид, уæд пъæлицæйы раз дзуапдæттæг уыдаид уыцы къухæрфыссæг. Ахæстоны куы сбадтаид æмæ газет урæд куы ’рцыдаид, уæддæр «Правда» дыккаг бон рацыдаид ног редакторы номæй.

Петербурджы фабрикæтæ æмæ заводты кусджытæ барвæндонæй сæхиуыл æрæвæрдтой фиддон — фæйнæ 5 суарийы мæй. Фылдæр чи лæвæрдта, ахæмтæ дæр дзы уыди. Сæ номхыгъдтæ мыхуыргонд цыдысты газеты. Уый уыди газетæн йæ фыццагдæр материалон бындур. Уыйфæстæ йæм уыди æхца рафысты аргъæй, экземпляртæ уæй кæнынæй æмæ хъусинæгтæй. Уæддæр «Правда» материалон уагæй иннæ газеттæй мæгуырдæр уыди. Иннæ газетты редактортæ истой мызд мингай сомтæ мæй, «Правда»-йы редактор та иста 10 туманы, иннæ æмгусджытæ та уымæй дæр къаддæр, фæлæ ам куыст æхца исыны сæрыл нæ уыди,— уыди идейон куыст, пролетариаты иу кæныны куыст, йæ хиæмбарындзинад бæрзонд кæныны куыст, фидæны рухс цардмæ фæндаг кæныны куыст.

Цæуын байдыдтой мæйтæ мæйты фæстæ. Газеты сæдæйæм номер куы рацыди, уæд редакци сфæнд кодта уыцы бон иучысыл æндæрхуызонæй арвитын, сарæзта куывд æхсæвон редакцийы бынаты. Хъуыды ма йæ кæнын, иу рæстæг Молотов байгом кодта рудзынг «Русское знамя»-йы ’рдæм æмæ йæ дзыхы дзаг ныззарыд «Вставай, поднимайся, рабочий народ». Иу цъусдуг уыди иунæг, стæй иннæтæ дæр зарын байдыдтой. Æвæццæгæн, уыцы хæдзары фыццаг хатт айхъуыст ахæм зарæг. Æз афтæ æнхъæл уыдтæн, æмæ нæ сыхæгтæ уыцы сахат фæсиддзысты пъæлицæмæ, фæлæ ахæм хъуыддагæй ницы бакодтой, æрмæст сæ рудзынгтæ ахгæдтой. Хъæлдзæгæй арвыстой «Правда»-йы кусджытæ уыцы зынгæ бон. Уый ма зæгъын хъæуы, æмæ газетæн йæ сæдæйæм номеры рацыды охыл редакци райста Ленинæй арфæйы телеграммæ.

Уыйфæстæ та арæнхъ сты æнувыд куысты бонтæ. Æз фæлмæцын байдыдтон мæ куыстæй. Иннæ редакциты корректортæ уыдис дыгæйттæ, æртыгæйттæ æмæ фылдæр, сæ куыст та уыди бонцухæй. Æз та уыдтæн иу-дыууæ мæйы бæрц хæрз иунæг, ивæг мæ нæ уыди. Уыйфæстæ мын раттой æххуысгæнæг, фæлæ растфыссындзинадæй уыйас фидар нæ уыди, æмæ та куысты уæз мæ уæхсчытыл баззад. Тынгдæр фæлмæцыдтæн, мæ фынæйы афон бонмæ кæй хаудта, уымæй — æхсæв кусгæ, бон та фынæй кæнын нæ фæрæзтон.

Æхсæз-авд мæйы бæрц куы фæкуыстон, уæд мæ хъус адардтон æндæр ранмæ, æнцойдæр куыстмæ. Раст уыцы рæстæджы Мæскуыйы байгом ис ног æфсæнвæндæгты хъуыддагуат æмæ уырдæм истой службæгæнджыты. Æз дæр уырдæм бацыдтæн æмæ, раст зæгъгæйæ, мæ улæфт суагътон. Редакцийы кусджытæ мын дзырдтой: «Хъусыс, дæ фыссыны хъуыддаг ма ныууадз, дæ радзырдтæ хорз сты, нæ газетыл дæр дæ къух ма сис». Фæлæ æз дзæвгар рæстæгмæ ферох кодтон мæ фыссыны хъуыддаг. Лыстæг фыстытæй фæстæмæ мын «Правда»-йы мыхуыргонд æрцыдысты дыууæ радзырды: «Товарищи» æмæ «Помечтали», — сæ нæмттæ сын уый фæстæ скодтон «Хæлæрттæ» æмæ «Цуанонтæ».

99 ÆВИ 100?

Чысыл фельетон

Мæгуыр æмæ тæригъæддаг сты уыцы адæмтæ, иу литературон æвзаг йеддæмæ кæмæн нæй.

Нæ сыхаг гуырдзы 5–6 æвзаджыхъæдыл дзурынц, чиныджы æвзаг та сын иу ис æрмæст. Немыц 10 æвзаджыхъæдыл дзурынц, чиныджы æвзаг та сын иу ис æрмæст... Афтæ Итали дæр, Франц дæр, Англис дæр... Чи банымайдзæн се ’ппæты!..

Уæд махмæ та?

Доктор Муха авд æмбалы ссардта æмæ хицæн литературон æвзаг сарæзтой.

Марк, евангели чи ныффыста, уый нæ, фæлæ иннæ — саурихиджын, фараст æмбалы ссардта æмæ уыдонимæ замманайы литературон æвзаг сыздыхтой.

Уæртæ Урстуалты дыууæ сыхаджы, Тедо æмæ Пидо, дыууæйæ ахæм чиныджы æвзаг сарæзтой, æмæ сæ сæ бинонтæ дæр нал æмбарынц.

Афтæ алы хъæуæн, алы комæн, ранæй-ран алы сыхæн — хицæн чиныджы æвзаг.

Уымæй рæсугъддæр, уымæй дзæбæхдæр ма цы ис?!

Фæлæ замана...

Æрæджы æмбырд уыди литературон æвзаджы тыххæй, уым бирæ зæрдæрухсгæнæн ныхæстæ дæр фехъуыстам, иу чидæр дзы суанг афтæ дæр загъта:

— Ирон адæм хъуамæ 99 æвзагыл фыссой чингуытæ!..

Куыд æхсызгон уыди уый æмбырдæн!.. Бирæтæн фырцинæй сæ цæссыг дæр калди.

Фæлæ кæм нæ разындзæни галиу адæм!.. Дыууæ-æртæ лæджы сыстадысты æмæ расидтысты:

Бирæ æвзæгтыл фыссыныл куы схæцæм, уæд сæ иу дæр нæ ацæудзæн. Мах чысыл адæм стæм æмæ иуы фаг йеддæмæ не суыдзыстæм. Иу чиныджы æвзагыл ныллæууæм æмæ йæ æмдыхæй размæ атæрдзыстæм!

Алырдыгæй сæхситт кодтой уыцы ныхæстæ дзурджытыл.

Афтæ сын хъуыди — адæм зæрдæйæн æхсызгон ныхæстæ кæнынц, уыдон та... пуй, налат!..

Æз дæр, раст зæгъгæйæ, разы нæ дæн 99 æвзагыл. Æз хæссын æмбырдмæ ног ныхас: мах хъæуы 100 æвзаджы. Æнæ 100 æвзаджы махæн цæрæн нал ис. 100... 100!.. Уымæн йæ уæз бирæ у!

Мах уый тыххæй хъæуы 100 литературон æвзаджы, цæмæй Франц, Немыц, Англис æмæ æндæртæ фырхæлæгæй нытътъæпп кæной!..

ДУБЛЬ ВЕ ÆМÆ ÆРТÆ ФИЛОЛОДЖЫ

Чысыл фельетон

Дуне арæзт фæци. Хуыцау йæ фæллад уадзыны фæнд кодта. «Исты ма куы ацаразин», — загъта — æмæ бавнæлдта йæ верстакмæ (мастерская). Фæхæст и тынг æвзæр фæрæтыл — фыдкъуымых æмæ дзыхъхъытæ. Æрцæфтæ кодта фæрæтæй зыкъуыртæ бæласы, æмæ дзы æртæ филолоджы агæпп ласта. Бакасти сæм Хуыцау æмæ йæ зæрдæ барухс и, загъта: «Нæмæнт адон дæр зæхх!»

— Уæдæ ма ноджы исты акæнон,— загъта Хуыцау. Уыцы къуымых фæрæтæй та æрцæфтæ кодта зыкъуыртæ бæласы, æмæ дзы Дубль Ве агæпп кодта — цæнкуылтæ æмæ пакахъус.

Æртæ филолоджы сагъдау баззадысты, уый фенгæйæ. Уайтагъд æй базыдтой, уый се ’фсымæр кæй у — сæ туг-се стæг, раст сæхи хуызæн — фыд-зыкъуыр, фыд-зонд.

Æртæйæн дæр фырцинæй сæ цæстысыгтæ парахатæй калдысты. Нал баурæдта йæхи Дубль Ве дæр — йæ цæстысыгтæ æркалдысты уарынау.

Бацыдысты йæм. Иу ын йæ иу къухыл ныххæцыди, аннæ — иннæ къухыл, æртыккаг та йын, фæстейæ цæугæйæ, иу къухæй йæ сæрмæ хураууон дардта, цæмæй йæ хур ма судза, иннæ къухæй та йын йæ фæдджитыл уæлæмæ хæцыди, цæмæй ма чъизи кæной.

Араст сты бульварыл. Наркомпросы смидæг сты æмæ сæ уарзон Дубль Ве ирон дамгъæты æхсæн фидар æрбадын кодтой. Уый та мæнæ йæ портрет: W.

ИРЫСТОНЫ НÆУÆГ ПАДДЗАХ

Чысыл фельетон

«Значит» райгуырди стыр Уæрæсейы, схъомыл ис æгæрон тыгъд быдырты, рахаста рагæй фæстæмæ дзæгъæлдзу æмæ къæйных. Æппын скæс никæй уагъта: кæм хъуыди, кæм нæ хъуыди, размæ-иу рагæпп кодта.

Фæлæ Уæрæсейы тыгъд быдыртæ къуындæг фæкастысты Значитмæ, стæй йын йæ фæндоны бæрц фæндæгтæ дæр нæ уыдис, ныхкъуырд арæх æййæфта.

Иу хатт Значит фæкомкоммæ ис Кавказы хæхтæм æмæ рабæлццон ис уырдæм. Бафтыдис Ирыстонмæ.

Ир рагæй дæр уазæгуарзаг уыдысты, искæцæй æрæфтгæ исчи сæм кадджын уыди. Тынг сбуц кодтой ир Значиты, зылдысты йæм, кæстæриуæг ын кодтой.

Значитмæ бæстæ дæр хорз фæкасти, йæ адæм дæр, æмæ сфæнд кодта уым æрбынат кæнын. Фæлæ иунæгæй хъыг кодта, стæй йын йæ фæндтæ æххæст кæныны тыххæй æххуысгæнджытæ хъуыди. Уый тыххæй Значит фæситти йæ хæлæрттæм, йæхи хуызæн дзæгъæлдзу æмæ къæйных чи уыди. Уайтагъд æрбалæууыдысты йæ разы: Неужели, Ей-богу, Ничего, Курит, Гулиат æмæ æндæртæ.

Уæд фæзæрдæджын ис Значит æмæ расидти декрет: «Ирон адæм! Абонæй фæстæмæ æз дæн сымахæн паддзах, мæ министртæ та адон (уæлдæр сæ ранымадтам). Коммæгæс ут, æххæст кæнут мæ фæндон.

Ирыстоны паддзах Значит»

Ацы декрет куы бакастысты ирон адæм, уæд цинæй амардысты. Рагæй дæр уыдон кæстæриуæг кæнын уарзтой. Æндæр гæнæн-иу куы нал уыди, уæд-иу дардмæ дæр фæцыдысты, кæмæн кæстæриуæг кодтаиккой, ахæм адæймаг агурынмæ. Ныр куыд нæ бацин кодтаиккой: Значит сæм йæхæдæг æрцыди.

Уæдæй фæстæмæ æмбырдты, куывдты, хистыты, хæдзары, фæндагыл Значиты сæ зæрдыл дарынц, æдзух йæ кой кæнынц.

Нæхи ирон «Цæвиттон» схæцынмæ хъавыди Значитимæ, фæлæ адæм уайтагъд æцæгæлоны фарс куы фесты, уæд фæлыгъди æмæ кæмыты æмбæхсы, уый абон дæр бæрæг нæу.

Бирæтæ æнхъæл уыдысты, æмæ Хуссар Ирыстон нæ бахаудзæн Значиты къухты: афтæ æнхъæл уыдысты, æмæ хæхтæ æнцонæй бауромдзысты Значиты æфсæдты. Фæлæ хъуыддаг афтæ нæ рауадис.

Цæгат Иры фæрцы Значит бабырста Хуссар Ирыстонмæ. Йæ бацыдмæ уым æлдариуæг кодтой гуырдзиаг æлдæрттæ: Равици æмæ Арвици (фаззæттæ), Рогорц, Унда, Шеничъириме, Генацвале, Холот, дзæгъæлзад Къи æмæ ноджыдæр ахæм чидæртæ.

Адон иууылдæр схæцыны фæнд скодтой Значитимæ. Рабастой сæ хæцæнгæрзтæ. Фæдзырдтой сæ адæммæ дæр, ирон адæммæ.

Фæлæ ирон адæм ницæмæ бадардтой ацы бабырст, сæрдыгон уарынæй уæлдай сæм нæ каст. Дисгæнæгау бакастысты адæм æлдæрттæм æмæ загътой:

— Хæцгæ?! Кæимæ æмæ цæмæн? Мах сымахæн кад-радæй кæстæриуæг кæнæм... Цы уæ хъæуы æндæр? Рацæуæнт уыдон дæр, уыдон фаг дæр уыдзыстæм! Нæ фыдæй нын кæстæриуæг кæнын куы баззади!

Уыцы ран дзурджыты уæлхъус æрбалæууыди цæхæрцæст Значит, ракæс-бакæс акодта æмæ загъта:

Чи куыдз, чи хæрæг, ам æлдариуæг кæнын чи уæнды?.. Рогорцтæ æмæ Ундатæ! Кæд уæ цæрын фæнды, уæд дзæбæхæй сразы ут, æз уын цы бынæттæ раттон, уыдоныл, кæннод уын уæ уд уæ хъуырæй фелвасдзынæн!

Равици æмæ Арвици рагæй дæр хъæбатыр уыдысты, фелвæстой, бæргæ, дамбацатæ, фæлæ сæ Шеничъириме æмæ Унда басабыр кодтой.

Уыцы хуызæнæй Значит Хуссар Иры дæр ныббырста æмæ ныр хуыйны æгас Ирыстоны паддзах. Уый кад, уый цыты хуызæн иу паддзахæн дæр нæма уыди. Бирæ уарзы ирон адæймаг Значиты, цæугæйæ дæр, хæргæйæ дæр, нуазгæйæ дæр, кусгæйæ дæр, Значиты кой ма кæна ирон лæг, абабау! Бирæ, тынг бирæ уарзынц ирон адæм Значиты...

ЦОКЪЕ ÆМÆ ЙЕ ’МГÆРТТÆ

— Цокъе, дæ каистæм ма нæ сиахсыцыды акæн!

— Ард уæ хæдзарыл æрцæуæд, куынæ мæ акæнын кæнат! Æз мæхæдæг мæнæ мæстæй мæлын, сымах та ма мын мæ мастыл цæхх кæнут!

— Ау, цы кодтай, æгæр рæсугъд чызг ракуырдтай?

— Цы кодтон, уый уын зæгъон: фæхудинаг дæн — мæ усы мын байстой мæ каистæ, нал мын æй дæттынц.

— Куыд уый та?

— Афтæ зæгъынц: дæ фыдæн, дам, йæ мад кæвдæсард хæрæфырт уыди.

НИКЪО ÆМÆ МАРО

Чысайнаг таурæгъ

Царди-уыди Чысангомы сахъ лæппулæг Никъо. Куыддæр йæ дзыхъынног усæн, Маройæн, фырыхъулы хуызæн лæппу райгуырди, афтæ лæг усы къабазыл рахæцыди.

— Цы кæныс, кæдæм мæ кæныс?

— Цом Калакмæ æмæ уым «дзидза» (сывæллонгæс) ныллæуу!

Бирæ фæхъуырдухæн кодта ус,— йæ сывæллонæй йæ къах нæ хаста, фæлæ Никъо фæнд æрдæгыл кæм ныууагътаид!

Æрцыдысты Калакмæ. Ус бынаты ныллæууыди. Лæг фæстæмæ хъæумæ ацыди.

Маро тынг хъыг кæнын байдыдта Калачы, йæ сывæллонмæ йæ зæрдæ тынг æхсайдта. Тынг тæригъæд ын кодта æмæ æхсæвæй-бонæй йæ хъуыды иууылдæр уыди йæ фырыхъулы хуызæн лæппуимæ... Ус хъуыды кодта: «Ам кæйдæр сывæллоны мæ дзидзийыл хæссын, мæхи сывæллон та уым, хъæуы, дзæгъæлæй баззади. Цы кæндзæн уым мæ мæгуыр сывæллон — иу боны йеддæмæ мæ риуы æхсырæй куынæ фæхъæстæ? Чи йæ æфсаддзæн, цæуыл лæудзæн йæ чысыл уд?»

Æппынфæстаг йæ зæрдæ нал фæлæууыди æмæ-иу мæйы фæстæ хъæуы балæууыди.

Лæг хорз нæмæн уис ракодта бæласæй æмæ Маройы нæмгæ-нæмгæ фæстæмæ Калачы балæууын кодта.

Ныллæууыди та Маро бынаты.

Лæг та фæстæмæ хъæумæ бафардæг и.

Магуса лæг уыди рагæй дæр Никъо, фæлæ ныр, йæ ус бынаты куы ныллæууыди, уæд æппындæр нал куыста, къах иннæ къахыл сæвæрдта, афтæмæй бадти æнцад авдæны раз, лулæ дымдта æмæ хъуыдытæ кодта:

«Дыууæ мæйæ дыууæ мæймæ Калакмæ иу хатт цæудзынæн, уырдыгæй æхца æмпъухдзынæн æмæ æлдары цардæй цæрдзынæн».



Сывæллон-иу йæ разы куы бахъынцъым кодта, уæд-иу авдæн æнæзивæгæй ауызта. Нæ æмæ кæуын райдыдта сывæллон æмæ нал æнцади, уæд-иу Никъо сæгъы æхсырæй сывæдæг æрыдзаг кодта æмæ, хорз мад куыд базила йæ сывæллонмæ, афтæ-иу уый дæр йæ фырыхъулы хуызæн лæппуйы барæвдыдта.



Дыууæ мæйы фæстæ Никъо бафардæг и Калакмæ Маройы фенынмæ æмæ дзы æхца райсынмæ. Бацыди, Маройы цы хæдзары ныуурæдта, уый размæ æмæ æнхъæлмæ кæсын байдыдта, кæд дзы, ома, исчи ракæсид.



Дыууæ-æртæ сахаты куы алæууыди, уæд дзы иу лæппу рагæпп кодта.

Никъо йæм баздæхти:

Хорз лæг, Маромæ-ма мын бадзур!..

— Цæй Маромæ?

— Маромæ, Маромæ, Никъойы усмæ... Дыууæ мæйы размæ ам бынаты кæй ныууагътон, уымæ.

— Ам ахæм нæй, хъусгæ дæр никуы фæкодтон.

— Ам ис, ам... рæсугъд ус, сауцæст, сауæрфыг... Бадзур мын æм, дæ хорзæхæй!..

Лæппу фæмæсты.

— Ам ахæм нæй, æмæ дын кæмæ бадзурон! Афардæг у ардыгæй!

Никъо æнхъæлмæ кæсын байдыдта, зæгъгæ, кæд дзы æндæр исчи разынид.



Зынгæ дзы ракодта бирæтæ, фæлæ иууылдæр дзырдтой:

— Ам ахæм нæй.

Уæд та ус йæхæдæг куы фæзынид, зæгъгæ, лæг ноджы æнхъæлмæ кæсын байдыдта, минутæй-минутмæ уæлæмæ, рудзынгтæм кæсгæйæ.

Нæй, рудзынгтæй дæр ничи зынди, афтæмæй Никъо, уæлæмæ скæс-скæс кæнгæйæ, лæууыди авд боны æмæ авд æхсæвы дыууæуæладзыгон хæдзары раз...

Иу райсом Никъо кæсы уæлæмæ, æмæ рудзынг байгом и.

Сауцæст, сауæрфыг рæсугъд дзы ракасти, фæлæ уый Маро куыд уыдаид — æгæр рæсугъд уыди, рæсугъд æрттиваг дарæсты, йæ сæрыхъуынтæ диссаджы æнахуыр фаст.

Кæсы ноджы лæг... Базыдта йæ — Маро уыди...

Бацин кодта.

Куыддæр, сдзурон æм, зæгъгæ, йæ дзых бахæлиу кодта, афтæ ус йæхæдæг æрдзырдта:

— Мошорди акедан, шен дзагъло!

Лæджы зæрдæ фехсайдта: «Ай Маро куынæ у, гуырдзиаг ус куы у».



Фæлæ уыцы минутыл йæ хъустыл ауади ирон дзырдтæ дæр:

— Афардæг у, зæгъын, ардыгæй, кæннод дæ ахæстоны бакæнын кæндзынæн.

Лæг иу-дыууæ минуты джихæй лæууыди, стæй сдзырдта:

— Маро, мæ хуры чысыл...

Фæлæ йæ ныхас кæронмæ нал ахæццæ кодта. Дыууæ лæппуйы дуарæй рагæпп кодтой æмæ йæ, чи къухæй, чи лæдзæгæй, нæмын райдыдтой...

Маро та рудзынгæй, мидбылты худгæйæ, дзырдта:

— Цæвут æй, хорз æй фенут!..

Дзауматæ ныппырх сты, дæндæгтæй дыууæ асасти, фæрсчытæй — æртæ, сæр æртæ раны фæхъæнтæ ис,— афтæмæй Никъо фæстæмæ хъæумæ бафардæг и æмæ абон дæр ма иунæгæй, йæ сауцæст, сауæрфыг усы мысгæйæ, цæры.

НОЙ

Æртæ азы дæргъы Ной хуыссæг нал федта. Йæ зæрдыл лæууыди йæ райгуырæн бæстæ, йæ зынаргъ Гуырдзыстон. Йæ зæрдыл лæууыдысты бур физонæг æмæ къахетаг сырх сæн. Йæ зæрдыл лæууыдысты сæрдыгон ирхæфсæн бынæттæ, Боржомтæ æмæ æндæртæ.

Уæд-иу автомобилы проспектыл йæхи куы ауагъта, куыд цыт ын кодтой адæм — ныллæууыдысты-иу сæ цыдæй, худтæ-иу тылдтой æмæ-иу хъæр кодтой: «Ваша... ваша!», æмæ-иу уыцы хъæрæй хæхтæ нæрыдысты.

Ныр мæнæ ам бады, ацы сæфты Парижы, куыдзы кад дæр дзы нæй, хъуыды дæр æй ничи кæны.

Сфæлмæцыди Ной.

Нал фæразы Ной ахæм цардæй цæрын.

Фæдзырдта йæ хæлæрттæм, арвыста Калакмæ, йæ фæсдзутæм:

«Гуырдзыстон сæфы. Цъаммар коммунисттæ хынджылæг кæнынц нæ райгуырæн бæстæй... Æгъгъæд у æнхъæлмæ кæсынæн! Сыстут æмæ цæвут уыцы налæтты! Ссæрибар кæнут нæ зынаргъ Гуырдзыстон!»

Сызмæлыдысты тауадитæ æмæ азнауыритæ, сауджынтæ æмæ беритæ, афицертæ æмæ алы мулкджынтæ. Сæ къухтæ æууæрстой æмæ дзырдтой:

— Мæнæ та æрцæуы нæ фыццаджы æвæлмон цард! Сыстадысты Советон хицауадыл. Фæсурдзыстæм æй, загътой, раст æртæ бонмæ! Æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы Ной æнхъæлмæ касти Гуырдзыстонæй хабармæ. Йæ дзауматæ баста, чумæдантæ æхгæдта, цæттæ кодта йæхи цæуынмæ.

Æртыккаг æхсæвы фæстæ сæумæрайсом дуар бахостæуыди.

— Ной, батъоно! Тел дæм æрбацыди.

Ной фæлæбурдта гæххæтмæ.

Ной сæныкк, мыййаг, нæу, фæлæ у адæмы мыггагæй, афтæмæй сæныккау фырцинæй нычъчъыллиппытæ кодта.

Гæххæтты фыст уыди афтæ: «Сачхер æмæ Чъиатур уал нæ къухы сты!»

Бон-изæрмæ Ной йæ парижаг зонгæтыл зылди, хæрзбон сын дзырдта, райсом, дам, цæуын Гуырдзыстонмæ.

Æгас æртæ азы Ной уыцы æхсæв йеддæмæ никуы бафынæй ис.

Райсом раджы йæ дзауматæ скодта, æнхъæлмæ касти машинæйы цæуын афонмæ. Дуар бахостæуыди.

— Ной, батъоно! Тел та дæм æрбацыди.

«Æвæццæгæн, Калак дæр ист фæци!» — фæхъуыды кодта Ной.

Райста гæххæтт, бакасти йæ, ныззыр-зыр кодта æмæ æрхаудта зæхмæ. Уым æнæзмæлгæйæ фæлæууыди дыууæ сахаты æмæ æрдæг. Стæй бабырыди къуыммæ, лæдзæг райста, æрæнцой йыл кодта æмæ ныккуыдта, сæрдиаг кодта:

— Оу, мæ хæдзар цæй хæлд фæкодта! Куынæуал дæ фендзынæн, мæ райгуырæн бæстæ! Куынæуал фендзынæн бур физонæг æмæ къахетаг сырх сæн! Куынæуал ауадздзынæн мæхи автомобилы Калачы уынгты! Куынæуал фендзынæн цыт æмæ кад! Дзæгъæл куыдзау ралли-балли куы кæндзынæн ам, Парижы уынгты! Стæй дзæгъæл куыдзау искуы фаджысы рагъыл куы ныммæлдзынæн!

Кæуы, æрдиаг кæны Ной æмæ та æркæсы гæххæтмæ. Уым та фыст уыди афтæ: «Хъуыддаг бынтон сæфт фæци. Адæм нæ фарс нæ фæхæцыдысты. Нæ хæцæг æфсад цагъды фæци, æрмæст ма дзы 4–5 лæджы цæфтæй æмæ хъæнтæй аирвæзти фæсарæнмæ».

АРВИСТОН

<ХИСТХОР>

— Йе, Алмахсит, уый дæ рон дæ къухы куы хæссыс, цæуылнæ йæ бæттыс?

— Нал мыл æххæссы.

— Æмæ дыл цы ’рцыди?

— Хисты уыдтæн.

ЦЫ У ÆДЫЛЫДÆР?

Хъæуккаг бацыди сахармæ гутон æлхæнынмæ. Кæсы, æмæ дзы иу æнахуыр машинæ дыууæ цалхыл — цæлхытæ фæдыл-фæдыл (уæд велосипед ног фæзынгæ уыди).

— Ай та цы у? — бафарста хъæуккаг магазины хицауы.

— Уый хæдтулгæ, абад ыл æмæ афардæг уыдзынæ.

— Æмæ йæ аргъ та цас у?

— Фынддæс туманы.

— Ай та дын диссаг, æмæ фынддæс туманæй фондз хъуджы куы балхæндзынæн.

— Балхæндзынæ, фæлæ хъугыл нæ абаддзынæ æмæ балцы нæ ацæудзынæ — уый æдылыдзинад уаид.

— Раст зæгъыс, фæлæ велосипедæй æхсыр дуцыныл куы сбадин, уæд уый та тынгдæр æдылыдзинад уаид.

<ТЕБО ÆМÆ ИРÆД>

— Йæ, Тебо, кæд курыс ус?

— Ирæд куынæуал уа, уæд.

— Æмæ ирæд кæд нал уыдзæнис?

— Æз куынæуал уон, уæд.

ДЫУУÆ ДÆР ИУ НИЗÆЙ РЫНЧЫН

— Дæ хорзæхæй, Цопан, цы дыл æрцыди, æгас Хуссарыхъæуы дæуæй хъæздыгдæр куы нæ уыди, ныр мæгуырты æмрæгъ куы ’рлæууыдтæ?

— Æз дыууæ хисты скодтон, фæлæ, Йесе, дæуыл та цы ’рцыди?

— Æз та мæ фырты тыххæй ирæд бафыстон.

УС НАЛ КУРЫ

Ног сиахсы тынг фæндыди йæ усаджы фенын. Фæлæ йæ куыд федтаид: сиахсы цыд нæма ныккодта æмæ йын нæ уыди йæ каистæм цæуæн. Рахъуыды-бахъуыды фæкодта æмæ сфæнд кодта æхсæвыгон ныхъхъуызын, бинонты хуыссын афон. Ныхъхъуызыди. Афтæ æнхъæлдта, æмæ ма сылтæ баддзысты, фæлæ хъыпп-сыпп никуыцæйуал цыди, иууылдæр хуыссыдысты.

Уæддæр афтæмæй нал фæцæудзынæн ардыгæй, — загъта йæхинымæры ног сиахс æмæ кæрты иу кæрон талынджы æрæмбæхсти, зæгъгæ, кæд кæстæртæй исчи фæзынид. Уалынмæ уарын райдыдта, æмæ ног сиахс, иучысыл куы æрхуылыдз, уæд загъта:

— Цæй, цæуон, гæнæн нæй.— Куыддæр акъахдзæф кæнынмæ хъавыди, афтæ дуары хъæр фæцыди. Кæсы, æмæ чызджы фыд топпимæ рацæуы фос бæрæг кæнынмæ.

Æйтт, мæ хæдзарыл, зæгъгæ, загъта ног сиахс, — куы мæ фена, уæд стыр худинаг кæнын.

Æрæмбæхсти арфдæр.

Йе ’намондæн уарын дæр стыхджын. Цалынмæ чызджы фыд скъæттæ-йедтыл зылди, уалынмæ ног сиахсæй иу æндахы мур дæр хус нал уыди, фæлæ йын цы гæнæн уыди — бадти, улæфын дæр нал уæндыди.

Æххæст ма кæрты дуар дæр куы абæрæг кодтаин, зæгъгæ, чызджы фыд бараст и дуары ’рдæм.

Æйтт, мæ хæдзары бын, ацырдæм куы æрбацæуы, цæй худинаг фæдæн, цæй,— зæгъгæ, та адзырдта ног сиахс йæхинымæр æмæ лидзынырдæм фæци. Куыддæр кауыл фæцæйгæпп кодта, афтæ йыл куыдз йæхи ауагъта, цухъа æмæ куырæты фæдджитыл æмæ хæлафы бæттæнтыл иумæ фæхæст и æмæ æртæйæн дæр се ’мбистæ зæххы авæрдта.

Чызджы фыд дæр æй уыцы сахат ауыдта æмæ топп фергъæвта.

— Цы дæ уый, цæвын дæ!

Ног сиахс кæм сдзырдтаид фæстæмæ!.. Топпы хъæр фæцыди, æмæ сиахсы худ атахти кæдæмдæр.

Фæстæмæ ма кæм фæкасти сиахс, къæхтæ йыл базад æмæ лидзынтæ систа донластæй, æрдæг цухъайы, æрдæг куырæты, æрдæг хæлафы æмæ æнæ худæй.

Нал ныууæндыди уыйфæстæ йæ каистæм, ныууагъта чызджы æмæ хъæбæр ныссомы кодта:

— Урс куыдз æмæ цъæх хæрæг мæ Хуыцау фестын кæнæд, æз ма искуы ус куы ракурон.

Кæд æм нырæй фæстæмæ исты хъуыды æрцæуа, уыййеддæмæ абон дæр ма уыцы лæппу афтæ бады, йæ дзырдыл хъæбæр хæцы.

БИРÆГЪЫ ЦАРД ХУЫЗДÆР У

— Æппын дæ, Темболат, суг ласгæ куы никуыуал федтон, æнæ сугæй цæрыс æви цы?

— Куыд ма цæуон суг ласынмæ, нæ зонын. Иу бон куы ацæуын æмæ сомырдæджы аргъ куы ракæнын, уæд къаддæр фондз боны мировоймæ фæцæуын, ууыл бирæ афон фесафын, стæй уæддæр ноджы ныффидын къаддæр иу туман. Фæлтау, мæ хæлар, бирæгъау мæ хæринаг хомæй куы хæрон, уæд хуыздæр у.

ДЫУУÆ АДВОКАТЫ

Заманы нæ фæдæн, Уырызмæг, хъуыддаг бакæнын, æмæ мын йе æххæстæй нал раттынц, йе та мын æппындæр ницыуал раттынц.

Уæдæ мæныл ахæм ми никæд æрцæудзæн. Исчи мæм куы ’рбацæуы, уæд ын фыццаджыдæр зæгъын: «Де ’ртæ сомы рахæсс, стæй уæд уыйфæстæ ныхас кæндзыстæм!» Нæ, Гуыргъохъо, ма тæрс, ме ’хцайæ иу грош дæр никæмæ баззайдзæн.

«СÆГУЫТ»

Суд æвзæрста цуанон æмæ хосдзауы хъуыддаг. Суд фæрсы цуаноны:

— Цæмæн фæцæф кодтай ацы лæджы?

— Хуыцауыстæн, барæй йæ нæ фæцæф кодтон, сæгуыт æй фенхъæлдтон.

Суд цуаноны ныхасмæ байхъуыста æмæ, барæй кæй нæ уыди, уый тыххæй йæ сраст кæнынмæ хъавыди.

Уæд хосдзау размæ ралæууыди æмæ загъта:

— Раст тæрхон нæ кæныс, суд, <лæджы> хуызæн сæгуыт ма искуы федтай?..

АВТОБИОГРАФИ

Æз райгуырдтæн 1872-æм азы, январы 3-аг бон, Джызæлы хъæуы, Терчы облæсты. Мæ фыд Коцойты Бибо (Барис) уыдис мæгуыр хæххон зæхкусæг, мæ мад та — Ханбечыр — уыдис Бæтæхъойыхъæуæй, цæрæг хæдзар Бæцæзаты чызг. Куыд хъуыстон, афтæ радзурон мæ сывæллоны бонты тыххæй. Куы райгуырдтæн, уæд уыдис хъызт рæстæг. Мæ мад фæрынчын ис æмæ бирæ фæсадис. Æхсыр æм нæ уыдис. Сыхæгты устытæй дæр никæмæ уыдис æхсыр. Æндæр сыхмæ мæ хастой бон иу-дыууæ хатты дзидзи дæйынмæ. Æхсырæй хъуаг æййафгæйæ, рæстæг фылдæр кæугæйæ æрвыстон. Фервæзын æнхъæл мын нæ уыдысты. Рынчын кæй хастон, уый тыххæй мыл донаргъуыд дæр скодтой стырæй, 1876-æм азы. Нæ рæзыдтæн, йе цæргæ нæ кодтон, йе мæлгæ, 6–7 азы мыл куы ацыди, уæд ме ’мгæртты раз зындтæн 3–4-азыкконы хуызæн.

9–10 азы мыл куы цыди, уæд мæ раттой хъæуы скъоламæ. Ахуыр хорз кодтон, фæлæ тынг фæндонæй нæ цыдтæн скъоламæ, æрмæст æз афтæ нæ уыдтæн, фæлæ ахуыргæнинæгтæ æппæт дæр. Бирæтæ-иу скъоламæ цæуыны æфсон рацыдысты сæ хæдзæрттæй æмæ-иу быдырты фæсвæдты æрвыстой сæ рæстæг, стæй-иу скъолайæ рацæуыны афон сæ хæдзæрттæм бацыдысты. Афтæ уымæн уыдис, æмæ ахуыргæнæг тынг æфхæрдта сывæллæтты, линейкæйæ сын сæ къухтæ надта, сæрыхъуынтæ тыдта, хъустæ ивæзта, къурупайы нæмгуытыл лæууын кодта æмæ аф. д. Мæ зæрдыл лæууы, иу хатт скъоламæ нæ ацыдтæн, æмæ мæ мæ хистæр æфсымæр нæмгæ-нæмгæ бæгъæввадæй ногуард митыл скъоламæ бахæццæ кодта.

Ахуыргæнджытæй иу — Таболты Музабег — нæмын йеддæмæ, хорз чи ахуыр кодта, уыдонæн зæрдæлхæнæн кæнын дæр зыдта, лæвæрдта-иу гæххæтты сыфтæ, тетрæдтæ, чингуытæ. Æз арæх рынчын кодтон, æмæ мæ ахуыр цыдис цухтæгæнгæ. Иу хатт, рынчын уæвгæйæ, айхъуыстон, ме ’мбæлттæй, дам, æртæйæн, хуыздæр чи ахуыр кæны, уыдонæн ахуыргæнæг ратта цавæрдæр хорз чингуытæ; иу, дам, дзы мæнæн нысангонд уыдис, фæлæ, дам, æгæр рынчын кæй хæссын, уымæ гæсгæ мын бацæуын æнхъæл нал уыдысты æмæ чиныг мæ бæсты æндæрæн раттой. Æз ссыгътæн. Мæ низ нал æрхъуыды кодтон, фæлæ дыккаг бон бацыдтæн скъоламæ. Бацин мыл кодтой ахуыргæнæг дæр, ме ’мбæлттæ дæр. Ахуыргæнæг райста чиныг, мæ бæсты кæмæн лæвæрд уыдис, уымæй æмæ йæ мæнæн ратта. Фæлæ уыцы лæппуйæн йæ цæссыгтæ куы æркалдысты, уæд ын ахуыргæнæг цыдæр рæвдауæн ныхæстæ загъта æмæ йын ралæвар кодта æндæр чиныг. Мах лæвар уыдис «Новый завет» — стыр чиныг рæсугъд цъары мидæг.

Æрыдоны скъолайы не ’рвадæлтæй ахуыр кодтой дыууæ лæппуйы. Уыдонæй иу, Дæдзо йæ ном, каникулты рæстæджы цæттæ кодта ахуыргæнинæгты уæлдæр скъолатæм, кæнæ æнæуый дæр. Уый мæ иннæтимæ бацæттæ кодта лæвар Æрыдоны скъоламæ. Уый куы нæ уыдаид, уæд, æвæццæгæн, дарддæр нал ахуыр кодтаин, уый тыххæй, æмæ мæ фыд уыдис цыбыркъух, æхца бафидын йæ бон нæ бацадаид; экзаменты æз бацахстон дыккаг бынат æмæ баззадтæн уым ахуыр кæнынмæ. Уæд уыцы скъола хуынди духовное училище, семинар сси æртæ-цыппар азы фæстæ. Литературæ, теория словесности ахуыр кæнын куы байдыдтам, уæд фæцалх дæн æмдзæвгæтæ фыссыныл, уыдис, æвæццæгæн, 1888-æм азты. Исты уацмыс фыссинаг нын-иу куы раттой æмгъуыдмæ кæнæ уым къласы мидæг экспромтæй афыссынæн, уæд мæ не ’мбæлттæй ничи æййæфта, мæ балл кæддæриддæр уыдис 5 кæнæ 5—.

Загътон, æмдзæвгæтæ фыстон, зæгъгæ, прозæйыл не ’рвæссыдтæн. Иу хатт мæм хистæр къласы ахуыргæнинæгтæй чидæр фæдзырдта: «Тургенев, ног фыст дæм ницы ма ис?» Зæгъæн дæр нæй, куыд хъыг мын уыдис фарст. Æз æмдзæвгæтæ фыссын, мæхицæй Пушкин кæнын, уый та мæ цавæрдæр прозаикимæ бары. Уалынмæ рæуджыты судзагæй фæрынчын дæн — «крупозное воспаление легких» — афтæ уыдис дохтырты диагноз. Бирæ фæсадтæн, фæлæ та нæ амардтæн, æрмæст мын ахуыр ныууадзын кодтой. Афæдзы фæстæ, куы фæфидар дæн, уæд та бацыдтæн фæстæмæ, фæлæ та уайтагъд ныууагътон мæ ахуыр — фæрынчын та дæн. Иумæйаг ахуыры кълæстæ ахицæн кодтон, афтæмæй рацыдтæн иудадзыг дæр. Баззадысты мын дзы «Богословские классы», нæ мæ хъуыдысты, мæ зæрдæ сыл нæ рысти — сауджын ныллæууыны фæнд мæм нæ уыдис.

Æрцардтæн Джызæлы, куы фæдзæбæх уон, уæд дарддæр исты фæндтæ кæндзынæн, зæгъгæ. Адаргъ мыл сты удхары къорд азтæ. Скъола иудадзыг ныууагътон, зæгъгæ, уый куы базыдтой мæ фыд, ме ’фсымæртæ, мæ хотæ (мæ мад амардис 1891-æм азы халерæй), уæд мæм знаджы цæстæй ракастысты, сыхбæсты дæр æппын нымад нал уыдтæн, афтæмæй мæ-иу уый размæ рахон-бахон кодтой, «махмæ рацу, махмæ рацу», зæгъгæ. Æнцон бамбарæн у, уый мæ психикæйыл куыд аудыдта, уый. Цы хæрын, кæм хуыссын, куыд у ме ’нæниздзинад, уый мæт ма кæй уыдис! Зындон мын фестадысты нæ хæдзар, нæ сыхбæстæ, нæ хъæу.

Уыдис 1895-æм аз, афтæ корреспонденцитæ æрвитын байдыдтон Дзæуджыхъæуы газеттæм — «Терские ведомости» æмæ «Казбекмæ». Псевдоним мын уыдис «Хабос», «Ботас», «А. К.», æххæст мыггаг дæр-иу фыстон. Хъæуы цæргæйæ, бамбæрстон, куыд зиан сты адæмæн фыдæлты æгъдæуттæй бирæтæ, бамбæрстон, тох кæнын кæй хъæуы семæ. Ныллæууыдтæн роман фыссыныл — «Фыдæлты æгъдæутты нывæндтæ». Æнаккаг æгъдæуттæ фесæфой, зæгъгæ, æрмæст уый тыххæй нæ фыстон, уыдис мæ æндæр мæт дæр: нал фæрæзтон нæ хæдзары цæрын æмæ мæ фæндыдис иучысыл æхца акусын æмæ искуыдæм мæхи айсын. Куыстон боныцъæхæй изæры онг, афтæмæй йæ фæдæн иу къорд мæйтæм. Ацыдтæн горæтмæ, раттон мæ роман Байаты Гаппомæ, — «Рауагъдады æхсæнад»-æн кæд сæрдар нæ уыдис, уæддæр йæ зынгæдæр уæнгтæй уыдис, — уымæ мæ сардыдтой. Æмгъуыд мын ратта. Æмгъуыдыл æм бацыдтæн. Загъта мын: «Бакастыстæм æй, хорз фыст у, рауадздзыстæм æй фæстæдæр, ныртæккæ нæм æхца нæй». Нæ мын æй лæвæрдта, фæлæ йæ ахастон фæстæмæ нæхимæ.

Ирон æвзагыл мыхуыр кæнынæн амал нæй, зæгъгæ, ныллæууыдтæн уырыссагау повесть фыссыныл. Уырыссаг литературон æвзаг хорз зыдтон, чингуытæ кæсыныл фæцалх дæн чысылæй, Джызæлы скъолайы ахуыр кæнгæйæ. Нæ ахуыргæнджытæй иу — Таболты Хъудæ — сарæзта скъолайæн библиотекæ, чингуытæн сæ фылдæр уыдысты сыгъдæджыты царды тыххæй. Махæй дæр, æвæццæгæн, сыгъдæджытæ цæттæ кæнынмæ хъавыдис, — фылдæр нын кæсынæн уыцы чингуытæ лæвæрдта. Æз сæ тынг зæрдиагæй кастæн æмæ уырыссаг æвзаг хорз базыдтон, — уый æххуыс мын фесты. Уыйфæстæ Æрыдоны скъолайы дæр бирæ кастæн уырыссаг æмæ æндæрбæстон классикты æмæ афтæмæй хорз базыдтон уырыссаг литературон æвзаг. Ныр мын уый феххуыс ис.

Хорз та фæтухи кодтон æмæ иу къорд мæйты фæстæ повесть ирон цардæй «Кто виноват?» цæттæ уыдис. Бахастон æй «Казбек»-ы редакцимæ. Æмгъуыд мын скодтой. Бацыдтæн æмгъуыдыл. Редакцийы баййæфтон рауагъдады хицау Казаровы. Фæрсын æй. Загъта мын: «„Кто виноват?“ нæ зæрдæмæ фæцыдис, иннæ къуыри йæ мыхуыр кæнын байдайдзыстæм». Афарстон гонорары тыххæй. Загъта: «Гонорар нæй, мæгуыр газет у, фæлæ уын газет æмæ журнал арвитдзыстæм. Уынут, журнал цы хуызæн хорз гæххæттыл цæудзæн». Дæттынмæ йæ нал хъавыдис фæстæмæ, бакуыстам, дам, ыл, мыхуырмæ йæ бацæттæ кодтам. Нæ йæ ныууадздзынæн, уый куы бамбæрста, уæд мæ сардыдта мæ хæлар П. С.-мæ, газеты аивадон хайад уый къухы уыдис. Бацыдтæн йæ хæдзармæ. Дзырдта йæ хицауы фарс, ныууадз, дам, æй æнæ гонорарæй, газет мæгуыр у. Ном дзы, зæгъы, скæндзынæ, æмæ уый дæр хорз. Мæн уыцы сахат æхца хъуыдис, ном мæ нæ хъуыдис, æмæ рахастон мæ повесть.

Ныууадзын мæ хъуыдис фыссыны хъуыддаг æмæ йæ ныууагътон, фæлæ мæ æндæр исты амал кæнын хъуыдис, куыд нæ амардаин, уый тыххæй. Куыд нæ мардтæн, ууыл иууылдæр дис кодтой — царм æмæ, дам, стджытæ, фыд æмæ туг нæ уыдис,— афтæ дзырдтой. Абон нæ фыссæг Къубалты Алыксандры зæрдыл лæууы, куы, дам, бакастыстæм «Фыдæлты æгъдæутты нывæндтæ», уæд, дам, Гаппо загъта: «Талант æм ис, фæлæ нæ фæцæрдзæн. Æвгъау у амæлынæн». Фæлæ Гаппойы пехуымпардзинад мæнг разындис — нæ бакуымдтон мæлын. Цы ахуырдзинад мæм уыдис, уый мын лæвæрдта бар ахуыргæнæджы бынаты ныллæууынæн æмæ, мæ сæрæн нæ уæвгæйæ, 1897-æм азы æнæбары байдыдтон ахуыргæнæджы куыст кæнын. 1899-æм азы ахуыргæнджыты съезды базонгæ дæн нæ цытджын поэт Хетæгкаты Къостаимæ, кæцы уæд сусæгæй уыди Дзæуджыхъæуы. Бакуыстон Хъæдгæроны, Дæргъæвсы, Уыналы. Уыналы куыст мын нæ фæрæстмæ ис. Сауджын Бицъоты Хъæвдын сусæг хъаст æрвыста скъолаты хицаумæ, мæнæ, дам, ахуыргæнинæгты аргъуанмæ цæуын нæ уадзы. Иу бон скъолаты хицау иу æндæр кæимæдæр Уыналы балæууыдысты. Фыццаг бацыдысты скъоламæ, сывæллæттæ цас ахуыр сты, уый бæрæг кæнынмæ. Сæ ахуыр æвзæр нæ разындис, фæлæ «ревизорты» ахуыры мæт уыйас нæ уыдис. Сауджын куыд бавдыста, нæ сæ уадзы аргъуанмæ, зæгъгæ, хъуыддаг слесты афтæ разынди. Цæут аргъуанмæ, зæгъгæ, дæр нæ дзырдтон, ма цæут дæр нæ дзырдтон, загътон-иу: «Кæй фæнды, уый цæуæд, кæй нæ фæнды, уый лæууæд». Æз мæхæдæг иу хатт фенынмæ ацыдтæн æмæ дзы уый фæстæ никуыуал уыдтæн. Иу къорд бонты фæстæ ссыди гæххæтт, мæ бынатæй мæ ацух кодтой, скъола та сауджынмæ раттын кодтой, цалынмæ ног ахуыргæнæг цыдаид, уæдмæ.

Уæддæр мын ахуыргæнæгæй акуыст феххуыс ис. Фыссыны хъуыддаг ферох кодтон, фæлæ мæхимæ базылдтæн æмæ ме ’нæниздзинад фæфидар ис. Нæ хæдзары дæр мæм хуыздæр цæстæй кæсын байдыдтой, æвæццæгæн, тынгдæр уымæ гæсгæ, æмæ сын æхца авæрдтытæ кодтон. Фæлæ ахуыргæнæджы бынатæй цухгонд куы æрцыдтæн, уæд та уавæр æвзæр кæнын байдыдта æмæ уайтагъд йæ фыццаг бынаты æрбадтис. Иу хъуыддагæй фæрæдыдтæн — искуыдæм ацæуынæн фæндаггаг нæ бавæрдтон, фæлæ уый чи зыдта, æмæ афтæ тагъд цухгонд æрцæудзынæн ахуыргæнæджы бынатæй? Фыссын та байдыдтон корреспонденцитæ, стæй æгæр куы стыхстæн нæ хæдзары цæрынæй, уæд бацыдтæн горæтмæ, Гæдиаты Секъайы хæдзары (Калачы уынджы) баххуырстон цыппар сомæй иу уатгонд æмæ байдыдтон фыссын æмæ фæндаггаг æмбырд кæнын.

1900-æм азы балæууыдтæн Калачы. Фыссын иуварс фæуагътон, уыцы куыстæй, зæгъын, цæрæн нæй, фæлæ бацыдтæн комкоммæ адæмон скъолаты Дирекцимæ. Разындис ахуыргæнæджы бынат Чысангомы ирон скъолайы. Уым фыццаг хатт базыдтон, цас зын уавæры уыдысты уымы ирон адæм — хизантæ. Хуссары Ир 1861-æм азы «уæгъдгонд» æрцыдысты хъазайраджы барадæй æппын æнæ зæххæй: хуымы зæхх, уыгæрдæн, сæрвæттæ нæ, фæлæ ма сæ цæрæнбынæттæ дæр æлдæртты къухы баззадысты. Дæ фæдджитæ дæ фæсрон асадз æмæ ацу, кæдæм дæ фæнды, уырдæм, уыцы бар сын ратта 1861-æм азы февралы 19-æм бон.

Хизанты цардмæ гæсгæ фыст æрцыдис мæ радзырд «Цуанонтæ». Чысангомæй Калачы газеттæм æрвыстон корреспонденцитæ. Уырыссаг æвзагыл уыцы рæстæджы ныммыхуыр кодтон газет «Кавказ»-ы мæ фыццаг радзырд «Фидис», 1901–02 азты газет «Новое обозрение»-йы ныммыхуыр кодтон радзырд «Къæсса æмæ цъæх гæды».

1902 азы сентябры мæйы ацыдтæн Петербургмæ, авзарон, загътон, мæ тыхтæ, цард фыцгæ кæм кæны, уым. Уым мæ хуызæн ницæйаг фысджытæ зынгæ дæр нæ кодтой. Чысыл цыдæртæ афыстон газет «Петербургские ведомости»-йы, журнал «Новь»-ы ныммыхуыр кодтон, нал хъуыды кæнын, 2–3 радзырды. Лыстæг цыдæр фыстытæ ныммыхуыр кодтон «Биржевые ведомости»-йы дæр. Кæм службæ, кæм фысгæ, афтæмæй дзы ацардтæн иу къорд азтæ. Куыд æнхъæл уыдтæн, афтæ нæ ацыдысты мæ фæндтæ æмæ та фæстæмæ Калачы балæууыдтæн. Куы — куыстджын, куы — æгуыст, куы — стонг, куы — æфсæст, афтæмæй та дзы ацардтæн цасдæр рæстæг. 1910-æм азы Калачы «Ирон культурæ æмæ рауагъдады æхсæнад» рауагъта журнал «Æфсир». Редакторæн равзæрстой мæн. Журнал цыдис къуыри иу хатт. Рацыдис дзы 14 номеры æмæ бахуыссыдис. Фæстæдæр та Петербургмæ ацыдтæн, аивадон фыстытæ ферох кодтон, фæлæ куы чингуытæ, куы газеттæ корректурæ кодтон æмæ уымæй цардтæн.

1912-æм азы райдайæны газет «Правда» рауадзыны хъуыддаг куы сбæрæг ис, уæд мын дзы йæ кусджытæй зонгæтæ уыдис æмæ афтæмæй, æнæпартион уæвгæйæ, бацыдтæн уырдæм кусынмæ, йæ фыццаг номерæй фæстæмæ йын уыдтæн æхсæз мæйы бæрц иунæг, æнæивгæ корректор. Чысыл статьятæ-иу дзы афыстон, радзырдтæ та дзы ныммыхуыр кодтон дыууæ — «Помечтали» æмæ «Товарищи». Бафæлмæцыдтæн та уыцы рæстæджы куыстæй дæр.

«Мæскуы — Казаны æфсæнвæндаджы» правлени уыцы рæстæджы организаци кодта Мæскуыйы «Ног фæндæгтæ аразыны управлени» — æмбырд кодтой службæгæнджытæ, æмæ æз дæр фæлæбурдтон уыцы фадатмæ, бамбæрстон, рахау-бахау цардæй æрулæфыны тыххæй мын хорз кæй уыдзæн, уый. Ныллæууыдтæн дзы хистæр конторщикы бынаты. Ферох кодтон мæ фыссыны куыст суанг 20-æм азы астæуы онг, ома Дзæуджыхъæумæ куы ссыдтæн, уæды онг.

Ирон мыхуыр рæзынæн уæрæх бынат куы байгом ис, уæд фыссын байдыдтон æрмæст иронау. Мæскуыйы ма уæвгæйæ, куы базыдтон, Наркомпросы цур хæххон адæмты хайад байгом ис, уæд æфсæнвæндæгты управленийæ уырдæм бацыдтæн кусынмæ — уыдтæн дзы инструктор æмæ хæххон адæмты хайады сæргълæууæг. 1920-æм азы августы мæйы рацыдтæн Дзæуджыхъæумæ командировкæйы æмæ ам баззадтæн — ирон наробраз ракуырдта Наркомпросæй, ам мæ куыд ныууадзой кусынмæ, афтæ. Типографи куы саразиккам, зæгъгæ, загътой, æмæ йын йæ аразыны хъуыддаг мæ бар бакодтой. Машинæтæ æмæ типографийы æндæр ифтонгдзинæдтæ æмбырд кæныныл уыдыстæм, афтæ Хæххон республикæйы Наркомпрос сфæнд кодта иу типографи саразын — Ир, Мæхъæл æмæ Цæцæнæн. Мæ бар мын бакодтой йæ саразыны хъуыддаг. Уæдмæ ног графикæйы фарст дæр лыггонд фæци.

1922-æм азы дыккаг кæроны райдыдтон типографи ифтонг кæнын æмæ 19 (23)-æм азы уалдзæгмæ сцæттæ ис. Типографи кусын байдыдта. Уæдмæ Хуссар Ирыстонæй дыккаг гæххæтт райстон: хуыдтой мæ уым типографи срæвдз кæнын æмæ газет рауадзыны тыххæй. Типографи разылдис, æмæ 1924-æм азы январы 1-аг бон рацыдис газет «Хурзæрин»-ы 1-аг номер. 1925 азы мыхуыргонд æрцыдис мæ радзырдты 1-аг æмбырдгонд. 1926-æм азы уыдтæн Мæскуыйы. Уым федтон — Центриздат къаннæг адæмты æвзæгтыл уагъта 14 литературон, æхсæнадон-политикон журналы. Баныхас кодтон Центриздаты сæйраг редакторимæ ирон æвзагыл дæр журнал рауадзыны тыххæй. Рауадздзыстæм, зæгъгæ, загъта, æрмæст хъæуы разыдзинад уæ разамынддæттæг организацитæй. Нæ облæсты номæй дзурæгимæ ныффыстам доклад. Раласта йæ Дзæуджыхъæумæ номæй дзурæджы хæдивæг, Вохов æй хуыдтой. Ам æм фаг хъусдарæг нæ фæцис æмæ фæстæмæ ныццыдис. Уым мын Наркомпрос айста мæ радзырдтæ рауадзыны тыххæй, — чиныг рацыди 1927-æм азы.

Журнал рауадзын Мæскуыйы куы нæ бантыст, уæд раздæхтæн Калакмæ. Цыдис дзы национ æвзæгтыл, æнхъæлдæн, дыууæ журналы. Аныхас кодтон Госиздатимæ æмæ Наркомпросимæ. Ис журнал рауадзæн, зæгъгæ, загътой, æрмæст организацийы номæй. Калачы ирон адæм уыдис бирæ. Ирон скъолайы цур цыдæр культурон организаци уыдис, йæ ном ын нал хъуыды кæнын, уыимæ зилын байдыдтам хъуыддагыл. Фыццаг æмбырд куы сарæзтам, уæд уым уыдис Хуссар Ирыстоны ЦИК-ы сæрдар Дзадтиаты А. Уый загъта, зæгъгæ, журнал рауадзын хъæуы, фæлæ ам нæ — уымæн йæ бынат хъуамæ уа Цхинвалы.

Дзырд ратта, куыд тæккæ райсом дæр ратдзæн уыцы хъуыддагæн 8 мин сомы. Уый уыдис 1926-æм азы дыккаг æрдæджы. Дзадтиайы-фырт 8 мины нæ, фæлæ иу мин дæр нæ ратта журналæн, хъуыддаг сырæзыдис тынгдæр æхсæнады руаджы, журнал иу аз куы фæцыдис, уæд æй бахастой сметæмæ.

Журнал «Фидиуæджы» 1-аг номер рацыдис 1927-æм азы райдайæны. Хъуыддаг йæхæдæг йæхи нæ кæндзæн, зæгъгæ, редакцийы цумагусæн рахæссын кодтон 1-аг номеры экземпляртæй æмæ азылдыстæм хъуыддагуæттæ æппæтыл — кусджытæ æмæ службæгæнджытæй бирæ нал баззадис, журнал чи нæ рафыста, ахæмтæ. Уалынмæ йæ районтæ дæр исын байдыдтой. Журналæн æз уыдтæн бæрнон секретарь, фактон уагæй та редактор дæр. Фæкуыстон журналы 1929-æм азы æмбисмæ. Ныммыхуыр дзы кодтон иу къорд радзырды æмæ чысыл пьесæйы хъæууон сценæйæн. Цхинвалæй рацыдтæн Дзæуджыхъæумæ æмæ абоны онг ам дæн.

УÆЛÆМХАСÆН

ЦЫ ФÆЦИ АСÆХМÆТЫ ИРÆД

Æгас мæйы дæргъы хъæубæстæ Асæхмæты кой йеддæмæ ницыуал кодтой — иутæ худæгæй мардысты, иннæтæ та, сæ сæртæ æнкъусгæйæ, дзырдтой:

— Ахæм ми ма искæуыл æрцæудзæн, ахæм диссаджы хиндзинад ма æрхъуыды чындæуыдзæн!

Асæхмæт йæхæдæг та, æрдиаг кæнгæйæ, рустæ уæлæмæ тыдта.

Куыннæ æрдиаг кодтаид, æхсæрдæс азы чызг фæхаста! Цин кæнгæйæ-иу йæхинымæры дзырдта: «Ацы чызджы ирæдæй мæ хæдзары хъуæгтæ бампъуздзынæн!»

Исгæ дæр дзы ракодта стыр ирæд, дзаджджын ирæд. Райста дыууæ галы, дыууæ хъуджы, иу бæх æмæ æхцайæ дыууиссæдз туманы.

Уыцы æхца, уыцы фос хæдзармæ иу æфтыд куы бакæной, уæд ыл куыннæ фæзындзысты!

Фæлæ Асæхмæт дис ууыл кодта, æмæ ирæд райсыны фæстæ хæдзар фыццагæй афтиддæр аззади.

Æрмæст а дыууæ боны бамбæрста уый йæ ирæды хабар.

Сиахсæн фырыхъулы хуызæн лæппу куы райгуырди, уæд æрбалæууыди Асæхмæты хæдзары æмæ раныхас кодта афтæ:

— Ныр уæ чызгæн лæппу райгуырди, æмæ уæ нал тæрсын, кæд уæ фæнды — фæстæмæ дæр æй ракæнут... Фаронæй нырмæ сымах дис кæнут: «А ирæд куы райстам, дзаджджын ирæд, уæд нын кæм ис?» Ныр уын радзурдзынæн æз, цы ма уæ фыдæбонæй марон...

Ды, Асæхмæт, мæнæн дæ чызджы нæ лæвæрдтай æнæ дыууиссæдз туманы, дыууæ галы, дыууæ хъуджы æмæ мадырвады бæх.

Кæцæй дын æрхастаин уыйас æхца, уыйас фос? Куы мæ уыдтай, æмæ мæм куы ницы уыди, уæд мæ стигъын фæнд цæмæн скодтай?..

Ды стыр ирæдыл хъæбæр куы лæууыдтæ, уæд æз дæр мæхинымæры хъæбæр дзырд раттон: «Хорз, Асæхмæт, æз дын уыцы ирæд æххæстæй бафиддзынæн, фæлæ дыл дзы ницы бахæцдзæн». Æцæг афтæ не ’рцыди? Фæзынди дыл, мыййаг?..

Уый уыди афтæ.

Фыццаг дын дæ цыппар бæхы адавдæуыди. Йæ хæдфæд дæм æнахуыр лæг бацыди æмæ дын загъта:

— Кæд дæ дæ бæхтæ хъæуынц, уæд нырма дард нæма сты... Бафид аст туманы, æмæ дын сæ фæстæмæ ратдзысты. Куы нæ бафидай, уæд сæ абон аласдзысты.

Уый уыдтæн æз.

Уыцы ныхæстæм Асæхмæт йæ дзых бахæлиу кодта æмæ цыдæр сдзурынмæ хъавыди, фæлæ сиахс загъта:

Байхъус мæм, æз дын радзурон хабæрттæ кæронмæ, стæй та дæ бар фæуæд... Аст туманы куы райстон, уæд цыппар туманы мæ дзыппы нывæрдтон, цыппарæй та дын хуын ныххастон. Хорз хуын уыди, æнхъæлдæн, æгас хъæубæстæ йыл дис куы кодтой.

Уыйфæстæ дын адавдæуыди де ’хсæз галы. Уыдоныл дæр та бафыстай фараст туманы. Уый дæр та уыдтæн æз.

Фараст туманы æмæ цыппар туманы баиу кодтон æмæ дын сæ ирæды нымæцмæ ныххастон. Ды мæ стыр бузныг фæдæ, дæ тыхсты бон дын кæй баххуыс кодтон, уымæй.

Уыйфæстæ та ноджыдæр дæ бæхтæм бахъавыдтæн, фæлæ се ’ппæтыл нал фæхæст дæн,— аластон дзы дыууæ æмæ та дын сæ цыппар туманыл ауæй кодтон. Уыйфæстæ дын дæ галтæй æртæ адавтон æмæ сæ Дзæуджыхъæуы фыдуæйгæнджытæн ныууæй кодтон. Афтæмæйты æхца ахицæн кодтон, баззадысты ма дыууæ галы, дыууæ хъуджы æмæ-иу бæх. Аластон дын дæхиуонты, баивтон сæ кæмдæрты æмæ дын уыдон дæр бафыстон. Чындзæхсæвты-йедты тыххæй ма мæ хъуыди æхца, æмæ та дын дæ иу бæх адавтон æмæ дын æй фæстæмæ ауæй кодтон.

Уый дын мæ хабæрттæ. Афтæ æнхъæл дæн, æмæ ныр хъаугъа кæныныл нал схæцдзынæ.

Асæхмæт ацы ныхæстæм хъамайы сæрыл фæхæцыди.

— Ацу, хæрæджы фырт, кæннод дæ ацы ран марын.

— Нал мæ амардзынæ, Асæхмæт, нал. Æз дæ сиахс дæн. Дæ уарзон хъæбул мæнмæ ис. Мæн куы амарай, уæд уый дæр мард у, уæдæ цы у! Фæлтау, уæртæ лæппуйы тыххæй куывд кæнæм, æмæ рацу уырдæм æмæ заманайы бæгæнытæ-йедтæ баназай!..

Цы гæнæн ма уыди Асæхмæтæн! Хъыг ын бæргæ уыди ацы сайды æмæ хины хабар, бирæ фæхъуыр-хъуыр кодта, стæй æппынфæстагмæ загъта йæхинымæры: «Хъаруджын лæппу у, фæндджын лæппу, мæ сиахс».

ГАЛИУ ХЪУЫДДАГ

Радзырды хуызæн

I

Хаттæй-хатт цард нæ разы ахæм диссæгтæ æрæвæры, æмæ сыл баууæндын дæр зын вæййы. Ам цы хабары тыххæй цæуы ныхас, уый тыххæй дæр исчи зæгъдзæн, мæнæ, дам, æрымысæггаг у, фæлæ уый зонæд, æмæ æрымысæггагæй ам æрдуйы йас дæр ницы ис.

Хъуыддаг æрцыд Цæгат Ирыстоны. Хъуыддаг срæгъæд ис дыууæ хъæуы мидæг, йæ кæрон та æрцыдис сахар Дзæуджыхъæуы.

Хъæутæй — иу пысылмон, иннæ та — чырыстон. Сæ астæу ис æрмæст æхсæз версты. Пысылмон хъæуы куыста молло Кафар, чырыстон хъæуы та сауджын уыди Михал.

Ацы дыууæ адæймаджы кæрæдзийæн марг фестадысты. Молло сауджыны фæндиаг куы фæцадаид, уæд æрбафæнык уыдаид æмæ йæ дымгæ алырдæм фæхастаид. Сауджын та моллойы фæндиаг куы фæцадаид, уæд ууыл дæр ахæм исты фыдбылыз сæмбæлдаид. Истæй тыххæй куы сæнад уыдаиккой кæрæдзийæн, уæд ма зæрдæмæ цыдаид, фæлæ ницæй тыххæй.

Чырыстон хъæуы æрцарди иу пысылмон хæдзар — зæронд лæг æмæ ус æртæ фыртимæ æмæ æртæ чызгимæ. Уыдон азæй-азмæ пысылмон дин рох кæнын байдыдтой, мæзджыт та сæ цæстæй дæр нал уыдтой. Сауджын Михал арæх æфтын байдыдта уыцы хæдзармæ æмæ архайдта, цæмæй бинонтæ раздæхой чырыстон динмæ. Уыцы хабар ауади Кафары хъустыл, æмæ уый дæр цæуын байдыдта Саламбеджы (афтæ хуыдтой зæронд лæджы) хæдзармæ æмæ йæ фидар кодта пысылмон диныл. Сауджын æппæлыди чырыстон динæй, фаудта пысылмон дин, молло та æппæлыди пысылмон динæй, фаудта чырыстон дин. Саламбег хъуыста иуы ныхæстæм дæр, иннæйы ныхæстæм дæр, фæлæ иу динмæ дæр йæ зæрдæ нæ ради. Йæхинымæры-иу дзырдта: «куы мæ ныууадзиккат уæ дыууæ дæр!»

Фæлæ кæм ис, кæрæдзимæ гæсгæйæ, ноджы арæхæй-арæхдæр цыдысты Кафар æмæ Михал Саламбеджы хæдзармæ. Кусгæ кодтаид, цы кодтаид, — уæгъд æй нал уагътой иу минут дæр. Кæй зæгъынæй хъæуы, иу иннæйы раз нæ цыди, — кæрæдзи уынд сын марг уыди.

Бафæлмæцыди Саламбег, йæ уд йæ хъуырмæ схæццæ ис.

Бацыди та иу бон Саламбегмæ Кафар æмæ та байдыдта дзурын пысылмон дины дзæбæхдзинæдты тыххæй.

— Ацы дунейы пысылмон динæй хуыздæр кæй ницы ис, уый æз зонын, — загъта Саламбег, — фæлæ мæн ныууадз, мауал мæм цу! Абонæй фæстæмæ ма дæ куы фенон, уæд дын мæнæ ацы фæрæтæй дæ сæр афаддзынæн.

Бацыди та Саламбегмæ сауджын дæр. Бахæлиу кодта йæ дзых, райдайынмæ хъавыди дзурын чырыстон дины дзæбæхдзинæдты тыххæй, фæлæ Саламбег фæрæт фелвæста.

— Хорз у, хорз, чырыстон дин, — загъта Саламбег, — фæлæ дын ныртæккæ мæнæ ацы фæрæтæй дæ сæр фадын.

Цы ма кодтаид мæгуыр Михал, пæлæз йæ астæуыл атыхта æмæ дæлæ фæтæхы.

II

Галиу у хъысмæт. Иуæй-иу хатт ахæм галиудзинæдтæ æрхъуыды кæны, æмæ адæймаг дисæй амæлдзæн. Стыр галиу хъуыддаг сарæзта уый Кафар æмæ Михалæн, ахæм стыр фыдбылыз, æмæ сын чидæриддæр фæтæригъæд кæндзæн.

Иу сæрдыгон бон сауджын йæ диакъонимæ бафардæг ис Дзæуджыхъæумæ цавæрдæр хъуыддаджы тыххæй. Хъуыддæгтæ арæзт куы фесты, уæд дыууæ лæджы æхсæвиуат агурыныл фесты. Азылдысты номертыл, — иу уат дæр нæ разынди уæгъд. Цы гæнæн уыди, уынджы лæууыны бæсты бацыдысты постояли двормæ. Уым разынди иу уæгъд уат цыппар сынтæгимæ. Чъизи фæкасти уат сауджын æмæ диакъонмæ, фæлæ дзы æрлæууыдысты, дыууæ сынтæджы дзы бацахстой.

Иучысыл сæ улæфт куы суагътой, куы аныхæстæ кодтой, уæд сауджын фездæхти диакъонмæ:

— Цæй, исты аууилæм æмæ аназæм, райхал дæ хордзентæ!

Диакъон райхæлдта хордзентæ, фæлæ йæ къухтæ бæттæнтыл хæцгæйæ аззадысты.

Дуарæй æрбазынди хæдзары хицау æмæ, фæстæмæ фæзилгæйæ, загъта:

— Мæнæ дзы дыууæ сынтæджы уæгъд ис, сæ аргъ фæйнæ 50 к.

— Исæм сæ, исæм! — æрбайхъуысти кæйдæр дзурын фæстейæ.

Хæдзары хицау ацыди.

Къæсæрæй æрбазынди бæзджын лæг, даргърихиджын, йæ фæдыл бæрзонд æндæр чидæр. Цыма фæстæмæ фæзилынмæ хъавыдысты, уыйау уыди фыццаг, фæлæ сæм, æвæццæгæн, æндæр хъуыды æрцыди. Лæууынц къæсæрыл, сауджын æмæ диакъонмæ кæсынц. Адон дæр сæм кæсынц æнæ дзургæйæ.

Аивгъуыдта афтæмæй минуты бæрц.

— Ацы уат мах систам,— загъта сауджын.

Мах дæр æй систам,— загъта къæсæрыл лæууæг æмæ бараст и уæгъд сынтæджы ’рдæм.

Йæ фæдыл бацыди йе ’мбал.

Æрбадтысты сынтæджытыл æмæ сæхимидæг цыдæр дзурынц, афтæмæй зулмæ фæкæс-фæкæс кæнынц сæ сыхæгтæм.

Уыдон уыдысты молло Кафар йæ сохтæимæ.

Аивгъуыдта иу къорд минуты афтæ æнцадæй.

— Сис, исты ахæрæм, аназæм! — загъта сауджын йæ диакъонæн.

Диакъон сласта хордзентæй сæны авг æмæ йæ рудзынджы дæлвæйнæгыл æрæвæрдта, йæ фæдыл систа кæрдзын æмæ хуыйы дзидзайæ тахынæг.

Кафар æмæ йæ сохтæ дæр сæхинымæры цыдæртæ аныхас кодтой, систой дзул, цæхх æмæ джитъритæ æмæ хæрын байдыдтой, иннæтæм нал кастысты. Фæлæ Кафар нæ фæлæууыди, иу каст фæкодта сауджыны ’рдæм. Уыны тахынæг æмæ сæн. Йе ’фсæртæ фæлæууыдысты æууилынæй. Джитъри йæ дзыхмæ æрдæг хастæй баззади.

«Уый та куыд? — хъуыды кæны молло.— Мæ разы ацы джауыр хуыйы дзидза хæра æмæ сæн нуаза!» Смæсты ис молло. Йæ дзыхы цы комдзаг уыди, уый астæрдмæ ракалдта æмæ загъта:

Чырыстон дин хуыты дин у. Уæхæдæг дæр хуытæ стут. Фæйнæджы гæбæзтæ — уæ хуыцæуттæ... Ды дæ жулик. Будсудзæны атил-атилæй æмæ гæды дыгъал-дыгъулæй адæмы сайыс!

Сауджын хъуыста, хъуыста, стæй, йæ къухты цы хæринæгтæ уыди, уыдон фæстæмæ дæлвæйнæгыл æрæвæрдта æмæ сабырæй загъта:

— Пысылмон дин у куыйты дин. Уæхæдæг дæр куыйтæ стут. Рихитæ иуырдæм адаут, иннæрдæм, — уый та уæ куывд... Жуликтæ стут, моллотæ, жуликтæ! Хуыцау дæр уын нæй, афтæмæй адæмы царм бастыгътат.

Молло дзæбæх æрбадт сынтæгыл æмæ дзуры:

— Райгуырди адæймаг — сауджынæн минас æмæ æхца. Ус ракуырдта — сауджынæн минас æмæ æхца. Амарди — сауджынæн та минас æмæ æхца. Бастыгътат, сауджынтæ, адæмы!

Сауджын фырмæстæй дзурын дæр нал арæхсти, йе ’фсæртæ кæрæдзиуыл нал бадтысты.

Молло та йæ дæндæгтæ базыхъхъыр кодта æмæ загъта:

— Уæртæ кæрты иу хуы фаджыстæ змæнты. Уый ды дæ, ды, сауджын!

Кафарæн ацы дзырдтæ куыддæр йæ дзыхæй схаудтой, афтæ йæ былтыл цæйдæр тъæпп фæцыдис. Æркасти молло — æмæ хуыйы тахынæг... Ахæм æфхæрд! Йæ цæрæнбонты хуыйы дзидза йæхимæ æмгæрон не ’руагъта, ныр дзы мæнæ йæ былтæ сахуырстысты... Уый бæсты фæлтау топпы нæмыг йæ риуыл куы сæмбæлдаид! Фелвæста йæ разæй дзабыры йас джитъри æмæ йæ сауджыныл суагъта. Михалы риуыл сау пæлæз хъулон адардта джитърийы æппытæй.

Дыууæ лæджы, уæйгуыты хуызæн, фæлæбурдтой кæрæдзимæ. Цыппар тымбыл къухы зæрдиагæй райдыдтой кусын.

Сохтæ нал баурæдта йæхи æмæ баппæрста йæхи сауджыныл. Нæ йæм бахæццæ ис — æрдæг фæндагыл æй диакъон ацахста.

Дæс минуты бæрц аст тымбыл къухы æнауæрдонæй састой уадултæ, æфсæртæ æмæ фындзтæ.

Городовойтæ куы ’рбауадысты, уæд федтой ахæм ныв: цыппар лæджы уаты астæрдыл ратул-батул кодтой, куы иутæ бынæй кодтой, куы иннæтæ.

Акодтой сæ участокмæ.

Уыцы æнамонд уат æфснайгæйæ, кусæг чызджы бирæ фыдæбон кæнын бахъуыди туджы пырхытæ æхсыныл. Уаты астæрдыл дзæвгар разынди сæры хъуынты æмæ рихиты бындзгуытæ, дæндæгтæ та дзы уыди нымадæй æртындæс.

Хуыцауы уарзон цыппар адæймаджы ницæй тыххæй афтæ ныппырх кодтой кæрæдзи, æмæ сæ иу дæр нал фервæзти, фæд-фæдыл иу къуырийы дæргъы амардысты.

Саламбег та баззад æнæ динæй, нæ Чырыстийы фæдон баци, нæ — Мæхæмæты, æмæ абон дæр царды дзæбæхæй цæры.

ТУТЫР

(Радзырд ирон цардæй)

Уыд стыр мархойы фыццаг бон — Тутыры бæрæгбон. Хъæумæ æввахс иучысыл æрдуз адæмæй æмызмæлд кодта. Уыди дзы, лæдзджыты æххуысæй тыхтæй-амæлттæй чи цыд, ахæм зæронд лæгтæ, уыдысты дзы сагсур фæсивæд, хъæуы фидауц æмæ йæ сæрыстырдзинад, ноджы къутæрты бынты æнæмæтæй ратæх-батæх кодтой сывæллæттæ. Æрдузы иу кæрон ногуард митыл байтыдтой хос, скодтой дзы къæлæты хуызæн. Хъæуы зæрæдтæ дыууæ рæгъæй рабадтысты хосыл куыдхистæрæй, фæсивæд та къордтæй лæууыдысты фæзы. Æрдузы астæу хосы уæлæ лæууыд стыр тъæпæнæг (цæхгæр), æмбæрзт уыди фысдзæрмттæй, сæ хъуын æддæмæ, афтæмæй. Тъæпæнæджы æнхъызти нозт — махсымæ арахъимæ хæццæйæ. Бæрæгбоны размæ хъæуы алы хæдзар дæр уыцы тъæпæнæджы ауагъта иу дурын махсымæ æмæ-иу авджыдзаг та арахъ. Тъæпæнæджы алыварс æвæрд уыдысты бирæ хъæдын тæбæгътæ хæринæгтимæ, стæй иу цалдæр къаннæг дурынгонды.

Адæм цæмæдæр æнхъæлмæ кастысты æмæ-иу дард кæдæмдæр акастысты. Иуæй-иутæ æрхъæцмæ нал хъæцыдысты æмæ хъаст кодтой: «Цымæ цæуылнæ цæуы, кæм фесæфтаид?» Уалынмæ райхъуыстысты цины хъæртæ: «Хъæрæсе æрбацæуы, Хъæрæсе æрбацæуы!» Иу лæппуимæ йæ лæдзæджы æнцæйтты æмбырдмæ цыдис гуыбыр, æнæбон зæронд лæг. Хъæрæсе уыд хъæубæсты хистæр, æмæ æнæ уый нæ цыд иунæг бæрæгбон дæр.

Зæронд лæг куы ’рбаввахс, уæд иууылдæр сыстадысты.

— Фарн уæ куывды æмæ уæ бæрæгбоны хорзæуæд,— арфæ ракодта Хъæрæсе æмæ сбадт хистæры бынаты.

Иннæтæ дæр æрбадтысты сæ бынæтты. Цалдæр лæджы сын сæ разы авæрдтой дзаг тæбæгътæ, иу лæг та слæууыд тъæпæнæджы раз, хъæдын куысийæ байдыдта нозт æвгæнын æмæ йæ уагъта дзæбидыры сыкъаты. Хъæрæсе сыстад æмæ скуывта сыгъдæг Тутырмæ, цæмæй сæ бахиза йæ азарæй æмæ сын æвыдæй уадза сæ фос. Адæм сæ худтæ систой æмæ зæронды алы ныхасы фæстæ дæр дзырдтой: «Аммен!» Хъæрæсе йæ кувын фæци, æмæ куывд райдыдта. «Дзæбидыртæ» рæвдз зылдысты куывддонтыл æмæ ерысæй афтид кодтой. Иууылдæр нуæзтой æнæ дзургæйæ. Æхсæзæм хатт æрзылд «дзæбидыр» уазджытыл. Сæрты цæуын байдыдта, æмæ æрдуз базмæлыд. «Дзæбидыр» æрзылд фарæстæм, дæсæм хатт. Æрдуз зынын байдыдта знæт денджызы хуызæн. Ныхас, хъæр, зарджытæ сиу сты иу æнæкæрон уынæры...

Уæд бадты астæуæй сыстад иу гуыбыр зæронд лæг — йæ боцъо цыбыр æлвыд, йæ фындз гуылмыз тъæпæн, йæ ныхыл дæргъæй-дæргъмæ нос — сыстад, йæ къухтæ хæрдмæ фæхъил кодта æмæ кафын байдыдта. Бафæзмыдтой йæ ноджы иу цалдæрæй. Алырдыгæй сын æмдзæгъд кæнынц. Сыстадысты та æндæртæ дæр, æмæ æнæхъæн æрдуз кафт сси. Гуыбыр зæронд лæг гæппытæгæнгæ бауад тъæпæнæгмæ æмæ, худæджы кафт кæнгæйæ, зилын байдыдта йæ алыварс. «Ардæм, ардæм рацæут, ам æркафæм!» — сидт иннæтæм. Иу цалдæр зæронды йæм фæзындысты, кæрæдзийы къухтыл æрхæцыдысты, сæ галиу къæхтæ систой æмæ райдыдтой тъæпæнæджы алыварс зилын, хъæрæй зарыдысты, афтæмæй. Сæ зарджыты табу кодтой Тутырæн, фæлæ дзы хъуыст кады ныхæстæ тъæпæнæджы номыл дæр:

Кад дын кæнæм, нæ тъæпæнæг, Дæ бæркад у æвидигæ! Æртæ боны дæ нуаздзыстæм, уæддæр дын нæй афтидгæнæн!

— Цæй, уæдæ февналæм тъæпæнæгмæ, сисæм æй уæлæмæ æмæ афтæмæй æркафæм.

— Дæ цæрæнбон бирæ, дæ цæрæнбон! — фехъуыстысты разыйы хъæртæ.

Иу-фынддæс лæгæй йын февнæлдтой йæ бинаг былтæм, фелвæстой йæ æмæ кафгæ фæцæуынц.

Уалынмæ æрдузыл æвиппайды айхъуыст «Æллах!», зæгъгæ, æмæ бæстæ басабыр... Тъæпæнæджы бын сæмбæлд зæххыл, кафджыты къухты та аззадысты афтид къултæ. Нозт асуадæттæ кодта æмæ миты бын афардæг, æрмæст ма ранæй-рæтты аззад цæдтæ-цæдтæй. Иуæй-иутæ айтæ-уыйтæ нал акодтой, фæлæ цæдтыл фæдæлгом сты æмæ райдыдтой нуазын...

О Тутыр, Тутыр! Цы стыр бæллæх ныл æруагътай дæ цины бон! — хъыгзæрдæйæ ныдздзынæзта Хъæрæсе, йæ бынаты бадгæйæ баззад, афтæмæй.

ФИДИС

(Радзырд ирон цардæй)

Фæззыгон арвау хъуынтъыз æмæ æрхæндæг у Таймураз; ницыуал ын дæтты зæрдæйы рухс, ницыуал æй æндавы. Сæнад ын сты райгуырæн хæхтæ, хъæдтæ æмæ кæмттæ, сæнад ын ис Ныхас дæр — бон-изæрмæ-иу хъæуы зæрæдтимæ сæ лæппуйы сгуыхт бонтæ кæм мысыдысты, сæ ныхæстæ æмæ сæ таурæгъты, фыдыбæсты кадджын хъæбатыртыл кæм дзырдтой, уыцы Ныхас. Таймураз йæ къух ауыгъта суанг цардыл дæр. «О Хуыцау, мæ бонтæ мын фæцыбыр кæн!» — кувы æппынæдзух.

Сæвæрдта кулдуары фарсмæ бадынæн дур æмæ йыл æрвиты иунæгæй йæ боны фылдæр, æлыг сурдымæнæй фæздæг уадзы, афтæмæй. Хатгай, йæ фырты сурæт бæлвырдæй йæ цæстытыл куы ауайы, уæд цæстысыгтæ суадæттæй æрцæуынц æнцъылдтæ рустыл... Йæ хистæр уарзон фырт цæрынхъуагæй кæй амард, ууыл нæ уыд Таймуразы хъыг, — ныр ыл фондз азы цæуы æмæ йын афон у ферохæн дæр. Хъыг æмæ додой кæны Таймураз, йæ лæппу искæй къухæй кæй фæмард, йæ туг нырмæ æнæист кæй у, уый тыххæй. Ныррахæн ис Таймураз, цæуын байдыдта лæдзæджы æххуысæй, фæлæ, йæ фырт Бибойы туг кæй райсдзæн, уыцы ныфс нæ саст йæ зæрдæйы. Уыцы ныфс дзы уыд, йæ дыккаг фырт Хъасбол уæдмæ байрæзыд, æмæ уымæй дæр.

Хъæубæсты хæрзæджытæ рагæй уынаффæ кодтой, цы хуызы бафидауын кæной туджджынты, ууыл. Ныхас кодтой дыууæ мыггагимæ дæр. Бибойы марæг Сослан разы уыд тæрхоны лæгты цавæрфæнды домæнтыл дæр, æрмæст фидыд æрцæуæд. Куыд дзырдтой, афтæмæй Таймураз дæр цæхгæр нæ ныллæууыдаид адæмы фæндоны раз, афтæмæй æхсæны лæгтæм уыд хъуыддаг рæстмæ саразыны ныфс.

Иуахæмы уалдзыгон рæсугъд бон Ныхасы бæлæсты бын æрæмбырд бирæ адæм. Нал баурæдта йæхи Таймураз дæр, æрфæндыд æй йæ зæронд æмгæрттимæ абадын, йæхи аирхæфсын, ног хабæрттæм байхъусын. Хъæлдзæгæй арвыста йæ рæстæг Ныхасы. Хур æрныгуылд, афтæ сыстад æмæ, хæдзармæ ацæуон куыд загъта, афтæ йын æнæнхъæлæджы загъд асайдта, рагæй йæм хæрам чи хаста, ахæм сыхагимæ. Загъд асайдта хылмæ. Дыууæрдыгæй дæр фехъуыст æлгъыстытæ.

— Ды та кæимæ уæндыс дзурын, æнаккаг! — фæхъæр кодта Таймуразы сыхаг. — Цæй лæг дæ ды? Дæ фырт кæйдæр къухæй куыдзы мард ныккодта, æмæ йын йæ туг райстай, мыййаг? Нæй дæ фыртæн бынат мæрдты ’хсæн, æнаккагæй рахау-бахау кæны æхсæвæй, бонæй, агуры æнцой æмæ йæ нæ ары... Дæ худинаг ныхъхъæр, афтæмæй куыд рацæуыс Ныхасмæ? Æнаккаг цыдæр, сылгоймаджы кæрдæн ныккодтай æмæ ноджы мемæ ныхас кæныс!..

Таймуразы туг рафыхт, ныццавта сæрмæ. Хъамайæ балæбурдта, æгас Ныхасы раз æй чи фæхудинаг кодта, уыцы сыхагмæ. Адæм сыл амбырд сты æмæ сæ баиргъæвтой. Таймураз ма йæм бахъæвдтытæ кодта, фæлæ куы базыдта, адæм æй нæ бауадздзысты, уый, уæд сæргуыбырæй, йæ цард æлгъитгæйæ, араст сæ хæдзармæ. Хæдзармæ куы ’рцыд Таймураз, уæд йæ фыдæлты бандоныл йæхи æруагъта æмæ ризгæ хъæлæсæй сдзырдта:

— О Таймураз, Таймураз! Фегад дæ фыдæлты хæхты раз, фæхудинаг дæ зæронд сæр! Сыст æмæ райс дæ маст, ныхс дæ худинаг де знаджы тугæй, бахиз дæ ном æмæ дæ фæстагæтты æнусон фидисæй.— Уыцы ныхæсты фæстæ йæм афтæ каст, цыма та йæ уæнгты бацыд тых æмæ йæ бон бауыдзæн йæ хæс райсын, нæ йæ бахъæудзæн йæ фырты æххуыс дæр. Фæлæ уыцы уавæры бирæ нæ фæци, æмæ лæг æруатон ис.

Уыцы афон Хъасбол æрцыди куыстæй. Таймураз æм фæдзырдта æмæ йын загъта:

Лæппу, ныр фондз азы рацыд, де ’фсымæр фыдгулы къухæй мæрдтæм куы бацыд, уыцы æнамонд бонæй æмæ йын йæ туг нæма райстам. Абон мын æй Ныхасы адæмы раз иу цъаммар бафидис кодта. Уый зон, лæппу, æмæ нæ туг куы нæ райсæм, уæд ды дæр æмæ дæ цот дæр уыдзыстут фидиссаг... Уыныс, æз ныззæронд дæн, æнæ лæдзæг мæ бон къахдзæф акæнын нал у, абоны æфхæрдæй та мæ тых бынтон асаст. Мæныл зæрдæ дарæн нал ис... Фæлæ ды равдис дæ лæджыхъæд, фыртæн сбæзз зæронд Таймуразæн! Ныууадз æппæт дæр, хæдзар æмæ куыстыл мауал батыхс... Худинаджы цардæй мæлæт хуыздæр у. Ацу æмæ райс нæ туг, не ’хсаргардыл сбадт худинаджы згæ æмæ йæ сахор нæ фыдгулы тугæй, бахиз дæхи дæр æмæ дæ цоты дæр фидистæй. Уæд дæ мæгуыр æфсымæрæн дæр байгом уыдзысты дзæнæты дуæрттæ æмæ йæ уд æрæнцой уыдзæн. Уæд мæ зæронд зæрдæ, фондз азы маст кæй æвдæрзы, уыцы зæрдæ сæндидздзæн, ныккæсдзæн æм хуры рухс, æмæ та бавзардзынæн царды цин. Уæд, цардæй разы, дæуæй бузныг, афтæмæй бацæудзынæн талынг ингæнмæ. Ратт удæнцой мастæфхæрд фыдæн æмæ дын Хуыцау арфæ ракæна. Цæугæ, уæдæ, æмæ равдис, лæг дæ, уый!..

Хъасбол хъуыста сæркъулæй. Фыд йæ ныхас куы фæци, уæд лæппу æнæ дзургæйæ рацыд уатæй.

Таймураз иунæгæй куы баззад, уæд йæ цæстытæ сæхгæдта æмæ рæдзæ-мæдзæ байдыдта. Æмбисæхсæв æваст йæ хуыссæны рабадт, иу ранмæ нымдзаст æмæ æрхæндæг саст хъæлæсæй загъта:

— Цы диссаг уа ай, ныр мæм æртыккаг хатт фæзынд ме ’намонд лæппу. Йæ риу — рæхуыст, йæ цонг — лыг, раст йæ марды бон куыд уыди, афтæ тугхъулон. Тæригъæддаг — йæ уынд... Æртæ хатты мæм фæзыны æмæ дзуры: «Мæ фыд! Цæмæн мæ ферох кодтай? Æви дын фаг аргъ нæ кодтон, æви дын дæ цард рогдæр нæ кодтон, æви цæттæ нæ уыдтæн дæ сæрвæлтау мæхи нывонд æрхæссынмæ? Ныр ды ферох кодтай мæн, ферох дæ, мæ туг исын хъæуы, уый; æз æхсæвæй-бонæй дзæнæты алыварс кæй рахау-бахау кæнын, нæй йæм бацæуæн, йæ дуæрттæ æхгæд сты мæнæн, — ферох дæ уый дæр. Иннæ мæрдтæ мæм къухæй амонынц æмæ нæй удæнцой де ’намонд фыртæн... Мæ фыд, фæтæригъæд мын кæн, райс мын мæ туг æмæ мын байгом уой дзæнæты дуæрттæ!..»

Таймураз нынкъуыста йæ зæронд урс сæр, йæ риуыл æй æрæппæрста æмæ ныхъхъус и.

— О хуыцæутты Хуыцау! — сдзырдта та æрæджиау. — Ацы тох æмæ фæлварæн бон цы фæци мæ тых, цы мын бабаста мæ къабæзтæ? Ау, иунæг бон мæм уæддæр нал æрцæудзæн мæ хъару?! — цудтытæгæнгæ зæронд лæг растад йæ хуыссæнæй, фæлæ æнæбонæй йæхи фæстæмæ æруагъта æмæ, богал хæсты куы басæтта, уый хуызæн мæстæй уынæргъыдта.


Рацыд бон, фæлæ Хъасбол нæ зыны; нæ фæзынд дыккаг бон дæр. Таймураз тайы æнхъæлмæ кæсынæй, фæнды йæ, лæппу цы фæци, уый тагъддæр базонын. Фæсахсæвæр зæронд лæг æрфынæй, афтæ Хъасбол бацыд йæ уатмæ æмæ къуымы бандоныл йæхи æруагъта. Лæг райхъал æмæ лæппуйы куы ауыдта, уæд рæвдз рабадт йæ хуыссæны.

— Цæй, куыд, — ризгæйæ афарста лæг, — райстай нæ туг? Ныссагътай хъама фыдгулы зæрдæйы æмæ йын йæ тугæй ныхсадтай нæ худинаг?.. Дзур: амардтай? Дзур: адæм зæгъдзысты — уый Таймуразы хорз фырт у?

Хъасбол йæ сæр æруагъта æмæ ницы дзуры.

— Зæгъ тагъддæр, зæгъ: амардтай æви нæ?..

Хъасбол йæ сæрыл æнæбары схæцыд æмæ загъта:

— Дыууæ боны... нæ бафтыд... фæлæ ныр базыдтон, сугтæ...

— Нæ райста туг! — ныддодой кодта Таймураз.— Æнаккаг фырт, куыд ма мæм равдыстай афтæмæй дæхи?! Ды лæг нæ дæ, æлгъыст тæппуд!.. О арв, ныккал дæ судзгæ цæхæр тæппуды сæрыл!.. Ам ма дæ — фесæф мæ разæй! Ды мæнæн фырт нал дæ, лидзгæ кæн, мæ цæст дæ куыннæуал фена... Фесæф, фесæф!..

Зæронд лæг æрхаудта йæ хуыссæны æмæ баззад уадзыггондæй.

Райста Хъасбол йæ фыды хъримаг, хъама æмæ ацыд хæдзарæй. «Кæнæ мæ хæс, кæнæ мæлæт! Кæнæ мæ хæс, кæнæ мæлæт!» — дзырдта йæхинымæры. Уый базыдта, Сослан йе ’фсымæртимæ иу комы суг кæндзæн, базыдта, райсомæй кæцы фæндагыл цæудзысты, уый дæр, æмæ сæ размæ бабадт.

Уыд мæйдар æхсæв. Сау мигътæ цæгатырдыгæй цыдысты уæззаугай. Бæстæ уыд æдзæм сабыр. Æрмæст-иу хатгай цъиуы змæлдæй фæцыд сыфтæрты сыф-сыф. Фæлæ та цъиу дзæбæх æрбады къалиуыл æмæ кæны рæдзæ-мæдзæ. Ног та басабыр вæййы бæстæ. Хъасбол хуыссы кæрдæджы, кæны рафт-бафт æмæ оффытæ. Бæрæг уыд, йæ зæрдæйы цыдæр уæззау тох кæй цыди, уый. Уалынмæ йыл фæллад æмæ хуыссæг фæтых сты, райдыдта рæдзæ-мæдзæ...

Бон нæма ’рбацъæх, афтæ байдыдта лыстæг уарын. Хъасбол фехъал æмæ фестади. «Ма мын аирвæзой? — февзæрд æм æваст хъуыды.— Фæлæ уæддæр райсдзынæн мæ туг, райсдзынæн, райсдзынæн!» — дзырдта фидарæй æмæ хуырджын фæндагыл дыууæрдæм рацу-бацу кæны катайхуызæй.

Хатгай-иу æркъул кодта зæхмæ æмæ-иу айхъуыста, нæма зынынц, зæгъгæ, стæй-иу ног систа рацу-бацу.

Бон цъæхтæ байдыдта. Мæргътæ райхъал сты æмæ зæлыдысты сæ диссаджы рæсугъд зарджытæ.

Хъасбол та йæ хъус зæххыл авæрдта æмæ фехъуыста цæлхыты уынæр. Йæ зæрдæ йын цыдæр риссаг æрбалвæста. Æрысгæрста топп æмæ сласта хъама. Йæ зæрдæ æнхъæлмæ каст цыдæр фыдбылызмæ. Мæнæ схæццæ кæнынц... Æртæ уæрдоны... Æртæ ’фсымæры... Хъасбол æрбадт къутæры фæстæ, сæргъæвта топп æмæ æнхъæлмæ кæсы йе знæгтæм. Уыны, раззаг уæрдоны бады хистæр æфсымæр Чермен, уый фæстæ кæстæр æфсымæр Кафар цæуы уæрдоны фарсмæ, Сослан та — фæстаг уæрдонимæ. Хъасбол цæттæ уыд. Æрхъавыд Черменмæ. Фæцыд гæрах æмæ нæмыг ахызт Чермены риуы, уый æдзæмæй рафæлдæхт уæззау куырисау æмæ адаргъ цæлхыты раз. Галтæ æрлæууыдысты.

Кафар, йæ фæстæ та Сослан, сæхи аппæрстой, æхст кæцæй фæцыд, уыцырдæм. Кафар хæрхæмбæлд фæци Хъасболыл. Хъасбол хъамайы цæфтæй æрфæлдæхта Кафары, уый ма бафæрæзта æрмæст иу хъæр: «Сослан! Амардта мæ!» Сослан уыцы сахат февзæрд йæ цуры æмæ хъамайæ къуыхтæ кодта Хъасболы. Лæппу нал фæцарæхст йе ’фсымæры марæгмæ, йæ бон нал баци иу цæф ныккæнын дæр æмæ мардæй æрхаудта Чермен æмæ Кафары фарсмæ.

Ныкасти Сослан йæ мард æфсымæртæм æмæ нырдиаг кодта цæф сырдау. Февнæлдта Хъасболы мардмæ, иуварс æй аласта йæ къахæй æмæ дзы райдыдта хынджылæг кæнын. Ракодта йын йæ цæнгтæ æмæ сæ йæхицæй дард фехста, стæй йын хъама йæ хъуыры фæцавта æмæ йæ здухын байдыдта. Йæ фыдтæ фæзгъæрæй калдысты æмæ сыл Сослан кафыд йæ цъыф къæхтæй. Ныккаст та йе ’фсымæртæм, йæ сæр ныттылдта, стæй дугъæй фæтæхы хъæумæ.

Уайтагъд хъæуыл айхъуыст: сæумæцъæхæй, Таймуразы бинонтæ ма фынæй уыдысты, афтæ зæронды уатмæ балæбурдта Сослан æмæ йæ сæргæвста. Марыны размæ ма йын загъта мæстæймарæн ныхас, йæ фырт фæндагыл къуыхтæй кæй баззад, уый тыххæй. Айхъуыст ноджыдæр: æртæ марды — Сосланы дыууæ æфсымæры æмæ Хъасбол, Таймуразы фырт — лæууынц фæндагыл.

Ныккæрзыдтой сæ зæрдæтæ хъæубæсты адæмæн, уæлдайдæр æхсæны лæгтæн, знон дæр ма туджджынты бафидауыны ныфс кæмæ уыд, уыдонæн. Дис кодтой уыдон, дыууæ мыггаджы фидауыныл куы уыдысты, уæд уыйбæрц фыдбылызтæ цæмæн скодтой, зæгъгæ. Фæлæ сæ зæрдыл æрбалæууыд, æртæ боны размæ Ныхасы хъаугъа кæй рауад, Таймуразæн йæ сыхаг фидис кæй бакодта, уый, æмæ æруагътой сæ сæртæ, хъынцъым кодтой судзаджы мæрдтыл.

ХИН

(Ирон цардæй)

Хъасболат, фæсномыгæй йæ хуыдтой «Къуылых», уыд Хуссарыхъæуы æппæты бонджындæр цæрæг. Йæ скъæтты стуртæ уыд иу-дæс æмæ ссæдзы бæрц, цалдæр бæхы, йæ фысвос та сæдæгæйттæй нымад цыдысты. Хъасболатæн уыд бирæ бинонтæ, æмæ хъæубæстæ куыд нымадтой, афтæмæй уыдысты, фæрныг хæдзар, хохаг бинонты амондæн цы хъæуы, уыдтой сæ æххæст уыдæттæй. Хъасболатæн уыд æртæ фырты, æмæ цоты цот, цардысты хæлар æмæ æнгомæй, адджынæй цардысты хъæубæстимæ дæр — Хъасболат искæимæ фæхъаугъа, уый дзы ничи фехъуыста. Нымад æмæ уарзон уыдысты адæмæн Хъасболаты бинонтæ. Фæлæ хъæубæстæ уæлдай аргъ кодтой Хъасболаты усæн, зæронд Гыццийæн, уый уыд хæларзæрдæ æмæ рæдау сылгоймаг, ницæмæй райстаид мæгуырты зæрдæхудт.

Уалдзæг хаста къæвдаджын. Мигътæ бæзджынæй бадтысты хæхтæ æмæ хъæдтыл. Æнæрæнцойæ сæлфынæг кодта, æмæ цыд уымæлы тæф. Стыхстысты адæм, сфæлмæцыдысты фос дæр. Уыцы уалдзæг Хъасболатыл æрцыд æнамонд хабар — цагъды кодтой йæ хъомвос; ахæм бон нæ уыдаид, хъуг, гал кæнæ дзы рæуæд кæд нæ фæхъуыдаид. Лæг скатай. Бинонтæ дæр дис кодтой: цы уа, цы фыдбылыз уа? Хъомрын уа, æмæ уæд иннæты хъомыл куыннæ зынид?

Иуахæмы, æхсæвæры фæстæ, бинонтæ нæма схуыссыдысты, афтæ сын Гыцци загъта ахæм хабар, æмæ сæм гуырысхойæ ницыуал баззад.

— Мæ хуртæ! — баздæхт Гыцци йæ фырттæ æмæ сæ цотмæ. — Сымах дис кæнут, нæ хъом цæмæй скъуыйынц, ууыл. Зонут, ам фыдгулты цæст æмæ хæлæг сты аххосджын. Æз æй тынг хорз зонын... Мæ мæрдтыстæн, чидæр нын хæлæгæй аразы фыдбылыз.

Гыццийы ныхæстæ иууылдæр айстой сæ зæрдæмæ, уæлдайдæр Хъасболат. Уый йæ бынаты базмæлыд, йæ цæстытæ ферттывтой. Зæронд ус бинонтыл ахаста йæ цæстæнгас, цыма, йæ ныхæстæ сæм куыд фæкастысты, уый бакæсынмæ хъавыд сæ цæсгæмттыл. Сæ хистæр фырт Сосе æнæ дзургæйæ раздæр бабадт, систа, артдзæстæй цы ’хсидав рахауд, уый æмæ йæ фæстæмæ арты баппæрста. Бакаст йе ’фсымæртæм æмæ куы федта, æдзæмæй бадынц, уый, уæд сабыр, йæхинымæры дзурæгау, загъта:

— Цæмæн, цæй тыххæй?.. Фыдæх куы никæимæ стæм, æвзæр куы никæмæн фестæм... Чи уыдаид, чи?!

— Хæлæг, хæлæг! — загъта та зæронд ус.

Хъасболат сурдымæн йæ дзыхæй райста, йæ сæрыл схæцыд æмæ дзуры йæ фырттæм:

— Лæппутæ, гуырысхо дзы нал и — хæлæг у аххоссаг. Мæ цæрæнбонты бирæ федтон ахæм хъуыддæгтæ... Ард хæрын нæ Сафайы рæхысæй, — лæг къухæй ацамыдта артдзæсты сæрмæ ауыгъд рæхысмæ, — нæхи сыхæгтæй нын чидæр скодта хин: æндæр хъæуæй нæм чи æрцыдаид, чи нæ зоны æмæ кæй хъæуы нæ байсæфт?..

— Чи уыдзæни? Чи нын сарæзта уыцы фыдбылыз?.. Чи? — фарстой лæппутæ. Иннæ бинонтæ хъуыстой æнæ дзургæйæ.

— Ныхас дæр ыл нæй, нæ фос сæфынц хинæй,— загъта Хъасболаты астæуккаг фырт Тезей. — Хъуыды ма кæнут, фарон Битарты фос хинæй куыд сыскъуыдысты, уый? Дæсны дæр загъта, хин уыд, уый.

— Æмæ базыдтой, хин сын чи скодта, уый?— афарста Тезейы йæ кæстæр æфсымæр Сабан.

Цы базыдтой! Дзурынц дæсныйæн, дам, æхца нæ раттой æмæ сын не схъæр кодта сæ фыдгулы. Сæ хин фесафынæн дæр сын ницы сарæзта.

— Ард хæрын мæнæ ацы æвзистæй, — тызмæг хъæлæсæй сдзырдта Сабан æмæ æрхоста хъамайы фистон,— æз афтæ нæ ныуагътаин фыдгулы... Фысы æргæвст æй акодтаин. — Сабаны цæстытæ сыгъдысты цæхæрау, уыцы сахат йæ цæсгом æвдыста тæссаг хуыз. — Аргæвстаин æй цыргъ кардæй нæ, фæлæ къуымыхæй, йæ хъуыр куыд лыг цæуы, æмæ йæ фыдтæ къæртгай куыд кæлынц, уый куыд æнкъара, афтæ...

Сабаны ныхæстæй иннæтæ дæр фæразæнгард сты. Хъуысын байдыдтой æртхъирæнтæ æмæ æлгъыстытæ.

— Цæмæн, цæй тыххæй нын счындæуыд хин? — хъæр кодта Хъасболат, йæ маст тынгæй-тынгдæр æхсыст, афтæмæй. — Уый куы базонин, уæд ма мæ зæронд къух ныццæвын бафæразид, бæргæ...

Сосе æмæ Тезей кастысты зæхмæ æмæ æнæ дзургæйæ здыхтой сæ рихитæ, фæлæ Сабан фырмæстæй рафт-бафт систа, куы-иу фестад йæ бынатæй, куы та-иу фæстæмæ æрбадт æмæ дзырдта:

— Базондзынæн, базондзынæн æй æз æмæ дзы райсдзынæн нæ маст!..

Цавæр хин у уый æппынфæстаг? — ризгæ хъæлæсæй сабыргай сдзырдта Сосейы æстдæсаздзыд фырт Элберд. Лæппу ахуыр кодта Стъараполы гимназы æмæ куадзæнмæ ссыд бинонты уынæг.

Цыппæрæм къласæй фæстæмæ Элберд æдзух дæр дзырдта, хинтæ æмæ диныл æууæндын кæй нæ хъæуы, уый тыххæй. Уырнын сын кодта йæ хъуыдытæ æмбаргæ ныхасæй, фæлæ йæм бинонтæ мæсты кодтой уæддæр æмæ алы хуызты архайдтой, йæ зонд кæмæн фæцыд, уыцы лæппуйы раст фæндагмæ раздахыныл. Фæлæ Элберд тынгæй-тынгдæр дзырдта æдылы зæронд æгъдæуттæ æмæ мæнг уырнындзинады ныхмæ, арæх-иу худт бинонтыл.

Хæдзаронтæ тарстысты, Хуыцау сыл уый тыххæй йæ азар куы ныккала, уымæй æмæ-иу мæстыйæ домдтой, цæмæй лæппу ныууадза йæ митæ æмæ йæ ныхæстæ, ма чъизи кæна Хуыцауы сконд æгъдæуттæ. Фæстагмæ йæм афтæ сфыдæх сты æмæ йæм зулмæ кæсын райдыдтой, хистæртæм гæсгæ йыл сæхи тигъ кодтой сывæллæттæ дæр. Гыцци та йæм дзыхæй дæр нал дзырдта. Иу хатт æй Сосе ахæм над скодта æмæ ма йæ цъæхтæ къуырийы фæстæ дæр зындысты. Элбердыл ма иузæрдион уыд йæ къаннæг æфсымæр. Уый нады ныв куы федта, уæд нырдиаг кодта æмæ хъæр систа: «Нана!.. Нана!..» Иннæ бинонтæ растыл банымадтой уыцы хъуыддаг æмæ дзырдтой:

— Хорз ын фæци, ныр нал кæндзæн Хуыцауы кой, нал худдзæн бинонтыл.

Уыцы бонæй фæстæмæ Элберды зæрдæ фæхъæбæр йæ фыдмæ, кæсын æм байдыдта æцæгæлоны цæстæй, фæлæ йæ хъуыддаг нæ ныууагъта, æрмæст ныр архайдта арæхстгайдæр. Уыцы изæр дæр, хин æмæ дæсныйы кой куы рацыд, уæд æй, загъды хай цæмæй нæ фæуа, уый тыххæй фæндыд хæдзарæй æддæмæ рацæуын, фæлæ йæ фæндыд байхъусын дæр æмæ баззад хæдзары. Кæсы æмæ, хъуыддаг фыдбылызмæ сайы, уый куы бамбæрста, уæд йæхи нал баурæдта æмæ сын айста сæ ныхас:

— Цæй хин у уый!.. Хъомдон ахæм ранмæ ахастат æмæ дзы фос æнæниз ницы хуызы уыдзæн. Ныллæг, уымæл, цъыф — æмæ куыннæ скъуыйой уæ хъом! Хус бынаты саразут хъомдон, сыгъдæг æй дарут, хорз зилут фосмæ æмæ æнæниз уыдзысты... Æндæр дзы цæй хин ис?!

Сосейы маст рафыхт, туг сæрмæ ныццавта, ныррызт.

— Дæ хъуыддаг нæу! Дæ дзыхыл хæц... ныммардзынæн дæ!

Иууылдæр ныссабыр сты. Къултæ ныррызтысты лæджы хъæрæй, ердойы сæгтæ æрызгъæлдысты артдзæстмæ, Тезейы æртæаздзыд лæппу фесхъиудта æмæ тæссæй йæхи нылвæста йæ мады риумæ.

Элберд сыстад æмæ рацыд хæдзарæй. Уыцы изæр ацыд Дзæуджыхъæумæ, уырдыгæй та райсомы поездыл — Стъараполмæ.

Уыд æрхæндæг, хъуынтъыз бон. Кодта сæлфынæг, мигътæ уæззау æрынцадысты хъæдтæ æмæ хæхтыл. Алырдыгæй хаста уымæлы тæф.

Райсомæй раджы Фæзыхъæуы иу хæдзары раз адæм æмбырдтæ кодтой. Кæрты хъуыддагхуызæй рауай-бауай кодтой устытæ, зынди дзы лæгтæ дæр. Уынджы кулдуары раз амбырд иу къорд сылгоймаджы æмæ цæуылдæр зæрдиагæй уынаффæ кодтой; доны был дондзау сылгоймæгтæ дæр фæкъордтæ сты æмæ кæрæдзийæн æхсызгонæй цыдæртæ дзырдтой; иннæ бонты хъауджыдæр, фыййаумæ фос цы лæппутæ ратардтой, уыдон дæр æрлæуу-æрлæуу кодтой фæндагыл æмæ-иу сын ныхас бацайдагъ.

Уыцы афон, комы фахсыл Фæзыхъæумæ къæдз-мæдзытæй цы нарæг къахвæндаг цыд, ууыл æрцæйцыд мæллæг, ихсыд зæронд ус. Йæ хуызыл зынд, бирæ зынтæ æмæ фыдæбонтæ кæй бавзæрста, уый. Йæ урс дадалитæ æмæ, алыхуызон хъуымацы гæппæлтæй æмпъузæнтæ кæуыл уыд, уыцы зæронд къаба дардтой бурбын, — бæрæг уыд, ус фæздæгджын агъуысты бирæ рæстæг кæй æрвиты, уый.

Усæн йæ дæларм уыд æнæхсад кæрдæнæй æмбæрзт стыр хъæдын тæбæгъ. Йæ фæдыл уад, иу-дыууадæс азы кæуыл цыдаид, ахæм чызг, йæ къухы — цыдæр тыхтон. Чызг-иу фæсте куы аззад, уæд ус мæсты кодта æмæ æнæдæндаг дзыхæй дыгъалдыгъулгæнæгау хъæр кодта:

— Зæли, къæхтæ дыл нæй æви, тагъддæр уай!

Чызг-иу баййæфта усы, фæлæ та-иу ног фæсте аззади.

— Сбон ныл ис, — йæ цыд фæтагъддæр кæнгæйæ хъуыр-хъуыр кодта зæронд ус. — Байрæджы мын... Ай мын Сабаны бæллæх у, æз, дам, ацæудзынæн, æз, дам, хуыздæр бафæрсдзынæн... Бирæ æмбарынц нæлгоймæгтæ уыцы хъуыддæгты! Цы зонынц — уый хъыгдарын...

Уый уыд Гыцци.

Айхъуыст æгас комыл, Фæзыхъæумæ, дам, æрцыд номдзыд дæсны Айсæт. Уый царди дард, æндæр комы, фæлæ йæ кой дæрдтыл хъуыст, зыдтой йæ алы кæмтты, алы къуымты.

Бирæ хабæрттæ цыди адæмы ’хсæн Айсæты тыххæй. Дзырдтой, æрыгон чызгæй, дам, æй зæдтæ ахастой, нал уыд йæ кой æнæхъæн мæй, стæй фæзынд сæ хæдзармæ, æцæг хуымæтæг сылгоймагæй нæ, фæлæ дæсныйæ. Дзырдтой, зæгъгæ, дам æм ис цыкурайы фæрдыг, арвæй йын кæй æрхастой, ахæм, æмæ дзы дзæбæх кæны рынчынты. Дзырдтой, Айсæт, дам, дзыхæй-дзыхмæ фæныхас кæны зæдтæ æмæ дзуæрттимæ... Æмæ цавæр таурæгътæ нæ дзырдтой адæм Айсæты тыххæй!.. Ус искæцы хъæумæ фæзынди, уæд уый стыр хъуыддагыл нымад уыд; ныхасы уа, хæдзары уа — æндæр кой-иу нал уыд; куы-иу ацыд, уæддæр-иу бирæ рæстæг мысыдысты æмбисонды дæсныйы. Æрымысыдысты-иу, ахæм æмæ ахæм рынчын куыд сдзæбæх ис, Айсæты къухæй конд мысайнаг йæ хъуырыл куы бабаста, уæд; æрымысыдысты-иу, ахæм æмæ ахæм чызджы зæрдæ Айсæт ахæм æмæ ахæм лæппуйы уацар куыд фæкодта, æмæ ноджы бирæ цыдæртæ.

Айсæт Фæзыхъæуы ис, уый Хуссармæ куы байхъуыст, уæд Хъасболаты бинонтæ бацин кодтой. Бауынаффæ кодтой æвæстиатæй искæй лæвæрттæ æмæ хæринæгтимæ Фæзыхъæумæ арвитын æмæ дæсныйы, сæ хъом цæмæй мæлынц, уымæй бафæрсын. Сабаны фæндыд ацæуын, фæлæ зæронд ус загъта, зæгъгæ, хуыздæр уыдзæн, йæхæдæг куы ацæуа, уæд.

Дæсны кæм уыд, уыцы хæдзармæ куы баввахс Гыцци, уæд федта, адæм æгæр бирæ кæй æрæмбырд, уый æмæ бахъынцъым кодта. «Цæй, ницы кæны, исты хуызты йæм бабырсдзынæн»,— ныфсытæ авæрдта йæхицæн. Кулдуары раз иу цъус алæууыд, стæй чызджы къухыл ахæцыд æмæ кæртмæ бацыд.

— Дæсны та кæм и? — афарста ус.

Мидæгæй, уаты, — раттой йын дзуапп.

Гыцци тæбæгъ хæринæгтимæ барвыста хæдзармæ, йæхæдæг бараст дæсныйы уатмæ. Къæсæрыл куыд бахызт, афтæ сагъдау аззади. Гыцци дæсныйы никуы федта, фæлæ устытæй Айсæт кæцы уыдзæн, уый уайтагъддæр базыдта. Ахæм сылгоймаг Гыцци йæ цæрæнбонты никуыма федта: тæрхæгыл æвæрд уыд баз, æмæ йыл бадт бынтон стыртæ ус. Йæ уадултæ æрзæбултæ сты фырнæрдæй æмæ сойæ æрттывтой; йæ бæрзæй нæ зынди æппындæр, цыма сæр гуырыл цæрдæвæрд уыди, уыйау; йæ гыццыл сау цæстытæ ма гæзæмæ зындысты. Ахæм фыдджын уыд, æмæ йыл дыууæ лæджы не ’рбаххæссыдаиккой. Уыдис ыл æвзист рон æмæ йын уый бæлвырдæй æвдыста йæ астæуы ставд. Дæсныйы улæфт уыд тагъд-тагъд æмæ цыбыр; йæ ных хид кодта æмæ усы æнæрæнцойæ хъуыд уый сæрфын, уый тыххæй дардта бирæ фындзы кæлмæрзæнтæ æмæ сæ минутæн ивд кодта.

Уаты цы устытæ уыд, уыдонæй дæсныйы фарсмæ бадт æрмæст хæдзары æфсин — урссæр зæронд ус. Уый уыд цола, фæлахс æмæ дæсныйы фарсмæ зынд хъазæн чындзау. Иннæ сылгоймæгтæ лæууыдысты къуымы æмæ, диссагмæ кæсæгау, сæ цæстытæ нæ истой дæсныйæ.

Гыцци ахæм сылгоймаджы раз йæхимæ афтæ ницæйаг фæкаст, æмæ фырдисæй йæ бон зæгъын дæр ницыуал сси, арфæ дæр нæ ракодта, афтæмæй къæсæргæрон слæууыд æмæ касти Айсæтмæ.

— Æгас цу, хорз ус! — сдзырдта, Гыццимæ кæсгæйæ, дæсныйы фарсмæ бадæг мæллæг ус.

Зæрдæрухс у æмæ дæ Хуыцауы арфæ уæд! — загъта, къæзгæйæ, Гыцци, хæдзары æфсинмæ йæ тыхтон ратта æмæ бафтыдта: — Айс ацы лæвæрттæ, æз дæсны фæрсынмæ æрцыдтæн. — Гыцци слæууыд къуымы иннæ устытимæ. Æфсин райхæлдта тыхтон æмæ æркаст лæвæрттæм.

— Уый уал къабайаг, уыдон кæрдæнтæ, уый кæлмæрзæн,— дзырдта æфсин, алыхуызон дзаумæттæ æмæ уæлæдарæсæйдзаг чи уыд, ахæм стыр чырынмæ лæвæрттæ калдта, афтæмæй. Ставд ус иу каст фæкодта тыхтонмæ, стæй та фæстæмæ азылд æмæ бады æнцад.

— Тыхтонимæ æндæр ницы ’рхастай? — фæрсы æфсин Гыццийы.

— Хæринæгты тыххæй зæгъыс? — Куыннæ, æрхастон æмæ сæ хæдзармæ балæвæрдтон, — сæрбæрзондæй загъта Гыцци. — Сывæллон, мыййаг, куы нæ дæн, уыцы æгъдæуттæ мын æнæзонгæ не сты.

Æфсин, дæсны дзуапп кæмæн ратта, уыцы устытæн бамбарын кодта, æмæ иууылдæр ацыдысты.

— Цæй, цы зæгъдзынæ, хорз ус? — бафарста ставд ус фæсус, нæлгоймаджы хъæлæсæй.

— Ныр дыккаг къуыри нæ хъом скъуыйынц, — райдыдта Гыцци. — Æгас хъæуы рæуæд дæр никæмæн фæрынчын, махæй та дæс стуры фæхъуыд. Ды дæ нæ ирвæзынгæнæг, нæ Хуыцауы минæвар, æмæ дæ курæм æххуыс: фервæзын нæ кæн æлгъысты тыхæй, нæ фос нын чи цæгъды, уыцы рынæй!

Хуыцауæй та куыннæ тæрсынц, Хуыцауæй, фыд-зæрдæ адæм, кæнæ цы фос фæкæнынц искæй æнамондæй?! — сдзырдта дæсны, йæ сæр банкъуыста, стæй йæ гыццыл цæстытæ ныццавта дуармæ.

Уыцы ныхæстæм Гыцци дисы бахауд... «Куыд æй базыдта æвиппайды?» — ахъуыды кодта уый.

Фервæзын нæ кæн знаджы къухæй, нæ Хуыцауыхай, — лæгъстæ кæны Гыцци, йæ гыццыл сæр æркъул кодта, афтæмæй. Йæ цæстыты бын ферттывтой цæссыгтæ, ферттывтой æмæ æртылдысты æнцъылдтæ уадултыл. Хъавгæ схъил кодта йæ къабайы фæдджи, асæрфта дзы йæ цæстытæ æмæ та райдыдта: — Фыд-зæрдæ знаджы фæндиаг нæ ма бауадз, нæ фарс фæу æмæ нæ фервæзын кæн!..

Зæронд усы цæстыты та фæзындысты цæссыгтæ.

Йæ цæссыгтæ æмæ йæ тæригъæддаг сабырхуыз бахъардтой Айсæты зæрдæмæ, бамбæрста усы æнамонд æмæ маст. Йæ цæсгом фæтызмæг, æрфгуытæ ныттар сты, цæстытæ та бынтондæр бамбæхстысты, æрмæст ма дыууæ æрттиваг стъæлфæны æнæбары зындысты стыр хъуынджын æрфгуыты бынæй.

— Охх, цæй зын фæрсæн у хины тыххæй! — загъта дæсны æмæ фæрсæджы каст ныккодта Гыццимæ.

Афтæ у, афтæ, мæ бон, тынг зын у, — дзуапп ратта Гыцци.

Дæсныйы зæрдæмæ фæцыд ус, дзæбæх цæстæй йæм ракаст æмæ та загъта:

Хуыцау дын йæ хорзæх раттæд, хорз ус. Бæрæг у, æмбаргæ кæй дæ, уый. Ис ахæмтæ дæр, уæлдайдæр лæгтæй, æмæ мур дæр ницы зонынц дæсны фæрсыны æгъдæуттæн.

Гыцци дæр бузныгæй баззад, дæсны йæ æмбаргæ кæй схуыдта, уый тыххæй.

Уæдæ афтæ, — дарддæр кодта йæ ныхас Айсæт, — уый стыр хъуыддаг у... Хъуамæ мын раттай иу туман, дæсны фæрсынæн та хъуамæ уæ фосæй рауæлдай кæнат иу сæр, æз кæмæй зæгъон, уый... Рæуæд уæм ис, нæ?

— Ис нæм рæуæдтæ, ис...

— Сау дзы ис, нæ?

— Ис дзы сау, йæ гуыбын урс, ахæм.

— А-гъа, уый мæ хъæуы, уый; æрмæст мæнмæ афтæ фæкаст, цыма бынтондæр сау у...

Гыццийы зæрдæ ныссæххæтт кодта... «Уый та куыд! — хъуыдыты ацыд зæронд ус. — Дæсны нæ хъæуы никуы уыд, афтæмæй нæм сау рæуæд ис, уый кæцæй зоны?»

— Раст уыцы рæуæд бахъæудзæн дæсны фæрсынæн. Райсом æй æркæнут æмæ уæд базондзыстут хабар.

Гыцци разыйæ баззад. «Дыууæ-æртæ сæры суæлдайгæнæн ис, — хъуыды кодта уый, — æрмæст иннæтæ аирвæзæнт».

Уатмæ бацыд гыццыл чызг.

— Иу ус æрцыди, — загъта чызг æмæ дуарæн æдде фæци. Уыцы ныхæстæй дæсныйы гыццыл цæстытæ ферттывтой æмæ дыууæрдæм рауай-бауай систой, мыст цы гæды ауыны, уый цæстытау. Архайын райдыдта, Гыцци тагъддæр цæмæй ацæуа, ууыл, райста дзы туман æмæ йын загъта:

— Афтæ уæдæ, райсом æркæндзыстут рæуæд, æмæ уын ратдзынæн дзуапп.

Зæронд ус тыхст, дæсны фæрсыны æгъдæуттæй дзы куыд ницы ферох уа, ууыл æмæ бафарста:

— Æндæр нæ ницы хъæуы?

— Куыд ницы, куыд, хæринæгтæ дæр хъæуы, гуыдын æмæ двайнойы авг.

— Æндæр ницы?

— Ноджы иу цыхт.

Фæстаг лæвар хъуамæ уыдаид фысымты, æмæ дæсныйы ныхæстæй æфсины цæсгом барухс, цинæй йæ мидбылты бахудти.

— Хорз, хорз, мæ бон, æппæт дæр æрхæсдзыстæм, — загъта Гыцци æмæ, арфæтæ кæнгæйæ, уатæй ахызти.

Зæронд ус кулдуармæ куы ахæццæ, уæд æй гыццыл чызг аййæфта æмæ йын загъта:

— Айсæт афтæ, ноджы ма, дам, гогыз дæр хъæуы, физонæгфыхæй.

Хорз, хорз, мæ къона, — дзуапп ратта Гыцци. Стыр ныфс дзы бацыд, дæсны йын хорз кæй бафæрсдзæн æмæ сæ хин кæй фесæфдзæн, уыцы хъуыдыйæ æмæ атындзыдта сæхимæ нарæг къахвæндагыл.

— Афтæ уæдæ, хорз ус, уæ фос фæнизджын æмæ скъуыйы хиндзинадæй,— дзырдта дæсны дыккаг бон Гыццийæн. Уый йæм сæумæцъæхæй æрхæццæ лæвæрттæ æмæ хæринæгтимæ. — Хин иу ран ныгæд нæу, — дзырдта дарддæр Айсæт, — пырхгонд æрцыд æгас хъомдоныл, уымæ гæсгæ йын ссарæн нæй... Арæхстджын уыдысты, ахæм тыхджын хин цы къухтæ скодтой, уыдон... Фæлæ Айсæт цы нæ базондзæн, цæмæн не схос кæндзæн!.. Уый зонут, æмæ уыцы бынат нал бæззы фос дарынæн, скæнут æндæр ран скъæттæ... Зæронд куыдз æртæ хатты æрзилын кæнут æнамонд бынаты алыварс, стæй æртæ азы фæд-фæдыл, гутоныл-иу сифтындзут æртæ цæды хъуццытæ, афтæмæй йæ хуым кæнут, æрмæст дзы цыппæрæм азы онг таугæ мацы бакæнут.

Гыцци æгасæй дæр хъустæ фестади.

— Мæнæ ацы авджы ис дон, æз дзы ауагътон мæ цыкурайы фæрдыг, — дзырдта дарддæр дæсны. — Баназут æй уæ хæдзары, бинонтæй алкæмæн дæр куыд сфаг уа, афтæ, æмæ уæд цæрæнбонты дæр ирвæзт уыдзыстут хинтæй.

Цалынмæ дæсны йæ уынаффæтæ дзырдта, уæдмæ Гыцци лæууыди сагъдауæй, куы фæци, уæд æй лæгъстæ кæнæгау бафарста:

— Чи уыд, чи? Чи нын фехæлдта нæ хæдзар?

— Цæмæн дæ хъæуы, уый зонын,— куыд дын бацамыдтон, афтæ бакæн, мацы дзы ферох кæн, мацы сæм бафтау, — æмæ та уæм амонд фæстæмæ æрцæудзæн.

О нæ ирвæзынгæнæг, нæ зæдыхай, дæ хорз дын цæмæй бафидæм, уый нæм нæй, фæлæ, дæ мæрдтыстæн, зæдтæ æмæ дзуæрттыстæн, ма мæ бамбæхс нæ фыдгулы, никæмæн æй схъæр кæндзынæн. Зæгъ мын йæ ном, Хуыцауы хатырæй!..

Айсæтмæ лæгъстæгæнæджы каст бакодта хæдзары æфсин дæр, æмæ уæд дæсны ахъуыды кодта: «Цæй, искæмæ йын бацамонон».

— Хорз ус! — баздæхт Гыццимæ, — фæуæд дæ фæнд: хин уын чи скодта, уый цæры уæ фарсмæ, рахизырдыгæй.

— Рахизырдыгæй ничи цæры, — сдзырдта ус.

Æцæг, æцæг, æцæг... Иннæрдыгæй, иннæрдыгæй... Дæсны куы фарстон, уæд мæнæ афтæ лæууыдтæн æмæ мæм афтæ дæр уымæн фæкаст, — уыцы ныхæстæ кæнгæйæ, Айсæты стыр сæр иуварсырдæм азылд æнæбары.

Галиуырдыгæй, уæдæ, нæ, мæнæ афтæ, нæ? — афарста Гыцци, дуары ’рдæм амонгæйæ.

Айсæт сразы, æмæ уæд Гыццийы цæсгом æваст фæтар æмæ нырхæндæг.

Дæсны бафиппайдта, усы цæсгом йæхи куыд аивта, уый æмæ фæтарст, кæд та йæ дыккаг амынд дæр нæ фæрæстмæ, зæгъгæ, фæлæ йæ Гыцци йæхæдæг фервæзын кодта йæ зын уавæрæй.

— Мæнæ цытæ кæнынц, мæнæ, нæ хуыздæр лымæнтæ! — ризгæ хъæлæсæй сдзырдта зæронд ус.

Дæсны бамбæрста хъуыддаг æмæ загъта:

— Ау, æмæ никуы фехъуыстай æмбисонд: разæй дæм худы, фæсте та дын де счъилы нуæрттæ лыг кæны? Сымахыл дæр уыцы æмбисонд æрцыд.

— Ныр байгом сты мæ цæстытæ! — фæхъæр кодта Гыцци æмæ, хæрзбон дæр нал загъта, афтæмæй тагъд-тагъд цæуыныл фæци.

Уыцы бон æгас комыл айхъуыст æнамонд хабар: Хуссарыхъæуы æрцыд стыр фыдбылыз. Къуылых Хъасболаты фырттæ фæхыл сты сæ сыхæгтæ Дадиатимæ, хылы фæмард Хъасболаты фырт Сабан æмæ уæззау цæфтæ фесты Дадиаты дыууæ æфсымæры...

Нарæг къахвæндæгтыл Хуссармæ чыртæ-чыртæй цæуынц адæм. Зæронд лæгтæ, сæ сæртæ æруагътой, афтæмæй лæдзæджы æнцæйтты, сабыр цыдысты размæ. Сæ цæсгæмттæ — æрхæндæг...

Адæм хъыг кодтой Сабаны мардыл — уый канд сæ хъæуы нæ, фæлæ æгас комы дæр нымад уыд сахъдæр гуырдыл; хъыг кодтой, адæмимæ хæларæй чи цард, уыцы Дадиаты æфсымæртыл. Хъыг кодтой зианджынты хæстæджытæ æмæ хæлæрттæ, сæ хъарджытæм æрыхъуыстой хæхтæ.

Бирæ адæм æрцыд Хуссармæ. Иутæ лæууыдысты цавддуртау, æрæнцой кодтой сæ лæдзджытыл æмæ кастысты зæхмæ; иннæтæ джис-къус кодтой æмæ дзырдтой кæрæдзийæн:

— Диссаг та куыд нæ у, куыд æрæгмæ базоны лæг, знаг ын чи у, æмæ йын æрдхорд чи у, уый!.. Æмæ куыд арæх рæдийæм! Уый та дын ног цæвиттон. Афтæ зынд, цыма ацы дыууæ хæдзарæй адджындæр ничи цард... Фæлæ нын зæды хуызæн дæсны байгом кодта нæ цæстытæ...

Уыцы афон уарыд æмæ уарыд. Мылазон мигътæ уæззау æнцадысты хъæдтæ æмæ хæхтыл, алырдыгæй хаста уымæлы тæф...

АЦИН КОДТОЙ

(Радзырд Фæскавказы зæхкусджыты цардæй)

Тедо цæуы иу лæдзæджы æнцой, Пидо та æнæ дыууæ лæдзæджы къахдзæф дæр нæ кæны.

Зæронд лæгтæ цæрынц фæрсæй-фæрстæм чысылæй фæстæмæ... Сæ фыдæлтæ, чи зоны, сæхи ныййарджытæ дæр, раздæр цардысты кæмдæр хæхты фæстæ, сæ цæгатварсырдыгæй.

Хистæрты ныхæстæй зонынц, кæддæр, тынг раджы, æфцæджы фæстæ хæххон адæм кæрæдзи куы цагътой, мыггаг мыггаджы ныхмæ куы стад, алы хъæу дæр хæстон фидары хуызæн куы уыд, йæ кæрæтты бæрзонд мæсгуытæ, афтæмæй, — уæд бирæтæ ралыгъдысты ардæм, Гуырдзыстонмæ... Ам æрцардысты, сабыр цардмæ чи бæллыд, кæнæ йæ туджджынтæй чи лыгъд, ахæмтæ. Æрбынат кодтой гуырдзыйы æлдæртты зæххытыл æмæ сæрибар адæм систы хъазайраг зæхкусджытæ — хизантæ33.

Скодтой бирæ хъæутæ. Æлдæрттæ сын лæвæрдтой æнæпайда зæххытæ — æрхытæ, змисбынтæ, гæмæх бынæттæ, къæдзæхтæ — æмæ сын дзырдтой: «Мæнæ уын зæхх, кæд уæ зæрдæмæ цæуы, уæд ыл æрынцайут, цæрут ыл, æмæ уый хыгъдмæ фидут уыйбæрц æмæ уыйбæрц, уыдзæн уыл ахæм æмæ ахæм хæстæ».

Тедо æмæ Пидо хорз зонынц, ахæм ран æрбынат кæнын цы у, уый!.. Искуы къæйфарс лæбырдыл хъавыс хуымзæхх скæнынмæ... Æргъомæй йæм сыджыт хæссыс, хæссыс æй тынг дардæй. Кусыс, дæ хид калыс мæй, дыууæ мæйы, зæгъыс, срæвдз и. Йæ кæрæтты йын садзыс дуртæ, къæйтæ, цæмæй йæ сыджыт ма ралæбыра, уый тыххæй. Иу райсом ацыдтæ дæ хуыммæ, кæсыс æмæ йæ бынаты уыныс афтид къæдзæх: æхсæвы йæ ныхсадта къæвдайы дон... Райдай та ногæй, фæлæ та уарын дæр йæ куыст бакæндзæн...

Зæронд лæгты царды уыди рухс бонтæ дæр. Раджы, æрыгæттæ ма куы уыдысты, уæд æрцыд ахæм хабар, зæгъгæ, адæм нал уыдзысты æлдæртты дæлбар, уыдзæн сын сæхи зæхх æмæ йын нæ хъæудзæн хъалон фидын. Куыд цин кодтой уæд Пидо æмæ Тедо! Цин кодтой æппæт хизантæ дæр... Фæлæ дзæгъæлы. Суæгъд кодтой быдыры цæрæг зæхкусджыты, раттой сын зæхх дæр... Хизантæ та... куыд уыдысты, афтæмæй баззадысты. Æрæджы дæр ма, иу æхсæз-авд азы размæ, фæсивæд цæуылдæр æууæндыдысты, кафыдысты фырцинæй.

— Ныууадзут, — дзырдтой сын зæрæдтæ, — ницæмæн хъæуы дзæгъæлы дзæнгæда! Нæ хъæуы знæт кæнын! Куыд уыди, афтæ уыдзæн!

Уæддæр та зæрæдты зæрдæтæм ныккаст ныфсы дыдзырухс... фæлæ та дзы ницы рауад. Æмæ сæ къух ауыгътой алцæуыл дæр, фæсивæды ныхæстæм хъусгæ дæр нал кодтой... «Куыд уыди, афтæ уыдзæн» — алыг кодтой зæрæдтæ, ныууагътой æппæт хъуыддæгтæ дæр æмæ афтæмæй цыбыр кодтой сæ бонтæ.

Тедо йæ хæдзары раз йæхицæн бадæн скодта хъæды лыггагæй, Пидо та сарæзта йæ хæдзары дуармæ бадæн дуртæй.

Райсомæй изæрмæ сæ рæстæг æрвитынц иумæ. Кæд Тедо рацæуы раздæр йæ бынатмæ, уæд æй Пидо дардæй ауыны, йæхи йæм баласы сындæггай æмæ йæ фарсмæ йæхи æруадзы истæй æнцой. Кæд æмæ Пидо фæзыны раздæр йæ бынаты, уæд æм йæхи байсы Тедо æмæ йæ фарсмæ æрынцайы.

— Цæй куыд, зæронд, куыд бафынæй дæ? — райдайы сæ иу. — Æхсæнчъытæ дæ тынг хъыгдардтой?

— Мæ хур акæн!.. Суанг кæркуасæнтæм нæ бафынæй дæн, æрцъынд мæ нæ бауагътой, хæрæджы сæр бахæрой.

— Уæдæ мæн дæр нæ бауагътой фынæй кæнын, раст куыйтау хæцыдысты.

Тедо ма хаттæй-хатт бафтауы:

— Æмæ куыд æмбисонды рæвдз сты æхсæнчъытæ, æрцахсдзынæ йæ, уый йæхи радав-бадав сисдзæн, архайдзæн йæхи фæтылиф кæныныл!..

— Гъе, æмæ куыд, аирвæзынц дын?

— Аирвæзы дзы.

— Мæнæй дзы бæргæ нæ аирвæздзæн, æз сын базонын кодтон, Пидо чи у, уый!

Уыйфæстæ сæ ныхас рахизы æндæр истæмæ. Кæд сæ исчи фын фены æмæ йæ бадары йæ зæрдыл, уæд æй рахабар кæны.

Ныхасы рæстæджы Тедо сисы сурдымæн æмæ дымы, уадзы фæздæджы къуыбылæйттæ. Пидо та тамако æууилы. Сæ ныхас фæтынгдæр вæййы, исчи сæ æлдар Леуан Батуридзейы куы ’рымысы, уæд. Пидо уый цардæй зоны иу æмбисонды хабар æмæ йæ арæх ракой кæны йæ хæларæн, уый дæр æм æдзух фæхъусы уыцы цымыдисæй.

— Æлдар Леуан уыд уазæгуаты паддзахмæ, — райдайы Пидо.

— Уый Леуан нæ уыд, фæлæ Луарсаб уыд, — нæ разы кæны Тедо.

— Нæ, уый æнæмæнг Леуан уыди... Цавæрдæр фæсарæйнаг ралæвар кодта паддзахæн цъæтджын сызгъæрин уæрдон æртæ бæхимæ. Паддзахы зæрдæмæ фæцыди уæрдон æмæ дзы афæнд кодта абадын, фæлæ йæ Леуан фæурæдта: «Паддзах, ма дзы сбад, раздæр уал æй авзарæм!»

Паддзах æлдармæ байхъуыста æмæ фæсарæйнагæн йæхи сбадын кодта уæрдоны. Уый йæ сæр бæргæ нынкъуыста, фæлæ йын цы хос уыд, паддзахы фæнд тыхджын у. Сбадт уæрдоны æмæ бæхтæ фезмæлыдысты, тахтысты дымгæйау. Уалынмæ уæрдон ныггуыпп кодта... цыма арв ныннæрыд! Уæрдон бæхтæ æмæ тæрæгимæ хæрдмæ фæхауд æмæ ныррыг сты.

— Уый дын, гъе! — фæзæгъы Тедо æмæ та йæ сурдымæны æрнæмы тамако.

Бакасти паддзах Леуанмæ.

— Мæ паддзахады æмбис дын дæттын ацы хъуыддаджы тыххæй!

— Нæ, нæ райсдзынæн, паддзах, — загъта Леуан.— Уый æз хæлардзинады тыххæй бакодтон.

— Æмæ уæдæ нæ райста паддзахады æмбис?

— Ай-гъай, нæ райста. Цы дзы кæна? Йæхæдæг дæр паддзахы хуызæн куы у! Цы нæ йæм ис?

— Афтæ у, Пидо раст зæгъы. Дзурынц, æлдармæ, дам, ис æвзист чырын, уый цъупдзаг у сызгъæрин æхцайæ... Йæ сæр æхгæнын дæр нæ комы, фæстæмæ асхъиуы.

— Гъе, уый дын гæды ныхас... Чырын хъуамæ æхгæнгæ кæна, науæд æхцатæ давд фæуыдзысты.

Æмæ сæ чи фæдавдзæн? Хæстæг бацæуын дæр æм ничи бауæнддзæн... Йæ алыварс ис æхсаргæрдтæ æмæ хъаматæ. Уыдон ахæмтæ сты, æмæ дзы искæмæй мæнæ ацы хъæд куы ныххафай, уæд хъæд дыууæ дихы фæхаудзæн. Уыцы кæрдтæ сæхæдæг цæвынц, æлдарæй фæстæмæ чырынмæ чи бацæуа, уый, æлдармæ не ’вналынц.

— Уæд гæнæн ис... Уæд, ай-гъай, гæнæн ис, æмæ чырын æхгæнгæ ма кæна.

— Уый ма уадиссаг нæу, фæлæ дын цы радзурынмæ хъавын, уый зоныс?..

Æмæ Тедо ракой кæны, Леуаны фыййæуттæй иу æлдары фосæй уæрыччытæ куыд давта, уыцы хабар. — «Цы фæвæййынц уæрыччытæ? Ау, фос афтæ чысыл цот кæнынц?» — фарста Леуан. — «О ме ’лдар, афтæ чысыл... Бирæ дзы амæлы». Æлдар дзуры: «Кæд раст зæгъыс, уæд дын Хуыцау баххуыс кæнæд, кæд мæ сайыс, уæд та цавддур фест дæ бынаты!» Æмæ фыййау æвиппайды дур фестад.

— Уанцон нæу! — зæгъы Пидо дис кæнгæйæ. — Æцæг фестад дур?

— Уæдæ дын гæды дзурын, цы! Ныр дæр ма дур лæууы уыцы ран.

Зæрæдтæ арæх æрымысынц сæ лæппуйы бонтæ дæр. Тедо дзуры, зæгъгæ, уыди сахъ лæппу, Пидо дæр йæхи æвдисы уыцы хуызы.

Пидо зæгъы:

— Æз æцæг бæдæйнаг уыдтæн! Суанг-иу Цæцæнæй ратардтон бæхтæ æмæ сæ уæй кодтон Калак æмæ Гуры. Æмæ цы ’нхъæлыс? Фæстейæ дæр мæ никуы расырдтой!

— Цы, уый зоныс, Пидо?

— Цы?

— Ацу æмæ уыдæттæ дæ фырты сывæллæттæн радзур. Æз дын дæ аргъæуттыл баууæндон?! Æз æй куы зонын, æмæ ды æфцæгæй фалæмæ дæ къах дæр куы никуы авæрдтай... фæлæ æз... Æз Цæцæны дæр, Быдыры Иры дæр æмæ...

— Фæлæуу... фæлæуу! Кæд, цымæ? Сывæллæттæ дæр дзы æдасæй цæуын куы байдыдтой, уæд... Ныр дзы дæлæ Уано дæр ацæудзæн, ахиздзæн æфцæгыл, æмæ йыл бындз дæр нæ фæхæцдзæн.

Сгуыхтдзинады кой куы æрцæуы зæронд лæгтæм, уæд сын арæх асайы загъдмæ æмæ уæд сахатгай нал фæдзурынц. Фæлæ изæрмæ алкæд дæр бафидауынц. Афтæ цæуынц зæрæдтæн сæ сабыр бонтæ.

***

Иу хатт Тедо хæдзарæй куы рацæйцыди, уæд йæ къухы райста нартхоры æфсир. Иу карк йæ фæдыл рауад æмæ, лæг йæ бадæныл йæхи куы ’руагъта, уæд ын йæ къухтæм сгæпп-сгæпп байдыдта. Фыццаг æй атæрыныл бафæлвæрдта, стæй куы бамбæрста, нартхормæ æвналы, уый, уæд ын нæмгуытæ азгъæлдта.

— Цы кусыс уый, Цыппурсмæ нард кæныс дæ карчы? — фæрсы Пидо йæ цурмæ бацæугæйæ. Æрбадт йæ фарсмæ.

Тедо ахъуыды кодта: «Цæй, æцæг æм базилон... снард уыдзæн æмæ йæ хуыздæр аргъыл ауæй чындæуыдзæн».

Уæд цæуылнæ? — загъта йæ сыхагæн. Фæндыд æй, ныр дыууæ азы иу бæрæгбоны дæр карк дæр кæмæ нæ уыд, уыцы Пидойы амæстæй марын. — Цæуылнæ Цыппурсмæ дæр? — æхсызгонæй дзуры Тедо. — Æви нын æнахуыр хъуыддаг у бæрæгбонмæ карк æргæвдын, кæнæ хъыбыл æргæвдын дæр?! Огъо-гъо... Куадзæнмæ хъыбыл куы аргæвстам, уæд та?.. Цæудзæн ыл ныр... ныр ыл æртыккаг аз цæуы... Лæппу ныллæууыд, ауæй, дам, æй кæнæм. Нæ, зæгъын, аргæвдæм æй бæрæгбоны. Не ’фсин дæр дын ме ’вварс фæци. Æмæ цы ’нхъæлыс, Пидо, и? Акалдтам хъыбылы, уæдæ цы!..

Дзурæг сæрыстырæй кæсы сыхаджы цæстытæм, уый та йæм хæлæг кæны.

— Хъуыддаг уыд изæрæй, — дзуры дарддæр Тедо. — Уыд сабыр, мæйрухс изæр. Нæ лæппу йæ фыртимæ хъыбыл æфснайдтой, æз та пыхсытæм ауадтæн уæхстагтæ кæнынмæ. Сыхæгтæ дæр куыннæ базыдтой, Тедо хъыбыл аргæвста, уый. Æвæццæгæн, афтæ æнхъæлынц, æмæ Тедо дæр уыдон хуызæн æнæ дзидзайæ цæры!.. Уистæ рахастон æмæ бацыдтæн хæдзармæ. Дисæй куыннæ амардтæн: йæ нард уыди раст мæнæ уый бæзджынæн, уыныс?..

Тедо æвдисы йæ армы тъæпæн æмæ йæ хистæр æнгуылдз.

— Уымæй мæнг зæгъыс, æвæдза! Хъыбыл афтæ нард никуы уыдзæн!

Пидо ницыуал загъта. Тедо ма бирæ фæдзырдта хъыбылы тыххæй æмæ каркæн æппæрста иугай нæмгуытæ.

Пидо сыстад æмæ æнæдзургæйæ араст йæ хæдзармæ.

— Фæцæуыс, цы, Пидо?

Уый фæстæмæ нал ракаст æмæ ницы сдзырдта. Тедо бахъыг кодта йæ сыхаджы ацыдыл. Исты ма йын куы радзырдтаид, бæргæ, фæлæ æвиппайды...

Уалынмæ Пидо фæзынд. Йæ къухы хаста нартхоры æфсир, æрлæууыд-иу, йæ фæстæ цыд бабыз, æмæ йын згъæлдта нæмгуытæ. Бабыз-иу рауыгъта нæмгуытæ, Пидо-иу ын ног æрызгъæлдта æмæ йæм сидт: «Цип-цип». Æппынфæстаг æрбадт йæ раздæры бынаты æмæ зынæрвæссонæй дзуры сыхаджы ’рдæм:

— Ацы бабыз æз хæссын куадзæнмæ.

— Куыннæ стæй, куадзæнмæ!.. Æз æй уæддæр Цыппурсмæ хæссын.

Афтæ дзырдтой дыууæ зæронды, фæлæ сæ фæндтæй исты рауайа, уый сæ зынæй уырныдта. Хорз загътой, хъуыддаг уыдонæй аразгæ кæй нæ у, фæлæ, хæдзар кæй уæхсчытыл æнцайы, уыцы бинонтæй — бинонтæн та, чи зоны, карк дæр æмæ бабыз дæр æндæр истæмæн нысангонд сты: кæм хъалон фидынæн, кæм æлдары хаццоны аргъмæ, кæнæ бинонтæй искæмæн исты дзаума æлхæнынæн...

Куыдфæнды уа, уæддæр уыцы бонæй фæстæмæ дыууæ зæронды зæрдиагæй бавнæлдтой карк æмæ бабызмæ зилын, фæхъæлдзæгдæр сты, уыди сын ныр, сæхи цæуыл ирхæфсой, уый.

— Мæ карк уынддагдæр уыдзæн... Кæс-ма йæм, куыд стымбыл, куыд! — дзырдта Тедо.

— Нæ, Тедо, мæ бабыз уынддагдæр уыдзæн, — йæ бон фырнæрдæй цæуын дæр нал у.

Цыфæнды зæгъай, уæддæр бабыз карчы цур ницы у. Бабыз та цæййаг у, бабыз?.. Не ’лдар карчы фыдæй фылдæр ницы уарзы, бабызы фыд та хæргæ дæр нæ кæны.

— Цы зæгъыс, цы? — фесты Пидо, йæ армы тъæпæнæй йæ цæстытæ ахгæны æмæ, дис кæнгæйæ, кæсы йæ сыхагмæ.

— Æмæ цы?

— Куыд цы?! Дæ карчы мæ бабызыл барыс? Карк та цы у? Нæ иуырдæм, нæ иннæрдæм... Паддзах йæхæдæг уарзы бабызы фыд, карчы фыд йæхимæ æввахс дæр нæ уадзы.

Изæры-иу зæрæдтæ сæ хæдзæрттæм куы цыдысты, уæд-иу Пидо æрдæгвæндагыл фæстæмæ фæкаст æмæ дзырдта:

— Кæс-ма, кæс, мæ бабыз атæлфын дæр нал фæразы.

Тедо дæр-иу фæзылд æмæ дзырдта:

— Æмæ ды мæ карчы нæ уыныс, йæ къах айсын дæр нал фæразы.

Уыцы бонæй дыууæ мæйы рацыд, афтæ хъæдгæронæй фæзынд цалдæр барæджы. Сæ фæндаг дардтой хъæумæ. Дыууæ зæронды сæ суыдтой.

— Уый хъæуыхицау уыдзæн йе стражниктимæ, — загъта Пидо, дардмæ кæсгæйæ, йæ къухæй аууон акодта, афтæмæй... — фæлæ йæ кæд исты хъуыддаг ис, уæд фæрæдыд: зæрæдтæ æмæ сабитæй уæлдай никæй ссардзæн... Нæ зоны, куыстафон у, уый?!

— Хъæуыхицау нæу, фæлæ сты цавæрдæр цуанонтæ.

— Фендзыстæм, кæд хъæуыхицау нæ уа, уæд.

— Фендзыстæм, кæддæра цуанонтæ нæ уой... Тагъд сæ ардæм хъæуы.

Барджытæ-иу фæаууон сты кæнæ бæлæсты фæстæ, кæнæ æрхмæ ныххизгæйæ. Фæлæ уайтагъд зæрæдты комкоммæ къуылдымыл фæзынд цуанон куыдз æмæ срæйдта, йæ фæстæ æндæр... Разындысты барджытæ дæр.

Уый не ’лдар Леуан у, — загъта Тедо æмæ сыстад йæ бынатæй. Сыстад Пидо дæр æмæ, йæ лæдзджытыл æрæнцой кæнгæйæ, ныггуыбыр.

Уый уыд æлдар Леуан Батуридзе йе ’хсæрдæсаздзыд фырт Миха æмæ дыууæ фæсдзæуинимæ.

Леуан у ацæргæ лæг, фæлæ нырма йæ тых йæ мидæг ис, нырма уарзы хъазты скафын. Йæ тымбыл цæсгом æрттивы фырнæрдæй, тугау дары сырх-сырхид, йæ цæстыты йын нæрдтæ афтæ æрбалхъывтой, æмæ ма зынынц дыууæ сау стъæлфæй. Æлдар ахуыр никуы кодта, фæлæ йæ ном æмæ йæ мыггаг фыссын зоны.

Йæ фырт Миха æртæ азы гимназы фæцахуыр кодта уыцы иу къласы, стæй йæ фыдæн загъта, ахуыр кæнын мæ нал фæнды, зæгъгæ, æмæ иудадзыг хæдзары баззад.

Зылды адæм иууылдæр зонынц, Леуан æнæ сæн цæрын кæй нæ зоны, уый. Кæмфæнды уа, фынгыл сæн нæй, уæд хæрынмæ нæ бавналдзæн. Сæнæй уæлдай ма уарзы цуан кæнын — фæцайдагъ ыл æрыгонæй. Ныр дæр здæхти цуанæй.

Худ сæры иу фахсыл конд, афтæмæй цыд хъалæй йæ бæхыл, йæ фæстæ та йæ фæсдзæуинтæ, уыдонæй иуы саргъыл ауыгъд уыд фæндаггон аг, сæны лалым æмæ æндæр ахæмтæ, иннæйы саргъыл уыд дзæкъул — уым зындысты мæргъты мæрдтæ. Æлдары лæппу хъазыд йæ бæхыл, скъæрдта йæ куы иуырдæм, куы иннæрдæм.

Барджытæ æрлæууыдысты зæронд лæгтæм хæстæг. Фæсдзæуинтæ Леуанæн аххуыс кодтой бæхæй рахизын, Миха та йæхæдæг æргæпп ласта æмæ рохтæ авæрдта лæггадгæнæгмæ.

Алыранæй сыхъуыст куыйты рæйын. Сывæллæттæ рыгты сæ хъазын фæуагътой æмæ кастысты уазджытæм.

Пидо æмæ Тедо систой сæ худтæ æмæ сæ сæртæй акуывтой. Дзуапп сын ничи ратта.

— Тагъддæр хæринаг арæвдз кæнут, лæппутæ! — загъта æлдар лæггадгæнджытæн, йæхæдæг йæ къухтæ йæ синтыл сæвæрдта æмæ схызт къаннæг обаумæ, уырдыгæй зындысты йæ зæххытæ.

Æлдары лæппу бацыд зæронд лæгтæм æмæ райдыдта семæ «хъазæн» ныхæстæ кæнын.

Дыууæ лæдзæджы дæм цæмæн ис? — дзуры Пидомæ. — Бæхы фæзмыс? Цыппар къахыл æнцондæр цæуæн у? Мæнæ дæуæн та дæ боцъо цы хуызæн у — сæджы тæф кæны, мæнæ дзы хъæмпы хæлттæ дæр! — æлдары лæппу райвæзта Тедойы боцъо æмæ кæл-кæлæй ныххудт.

— Михакъо, а Михакъо! — обауæй æрцæйцæугæйæ дзуры æлдар йæ фыртмæ. — Цы ми кæныс уым, зæронд лæгтимæ зонгæ кæныс?

Лæппу ныууагъта зæрæдты æмæ араст йæ фыды ’рдæм.

— Æй, Михакъо, Михакъо, цæй цуанон ис дæуæй, куыд ницы амардтай уæддæр.

— Хорз фадат мын нæ фæци, баба, æдзух дæр мæ дардæй æхсын хъуыд... фæлæ иннæ хатт фендзыстæм.

Леуанæн обаурæбын стыр бæласы аууон нымæт æрытыдтой æмæ йыл йæхи æруагъта.

— Фендзыстæм, иннæ хатт дæр дард нæу... Кæсыс, Миха, цы диссаджы зæххытæ мын ис! Адон сæ хуыздæртæй сты... Рæсугъд бынат, мæр хъæздыг... Фæлæ мын маст у...

— Цы дын у маст?

— Акæс-ма, цас зæххытæ ис! Ацырдæм, уыцырдæм — иууылдæр мах сты. Уартæ хъæд уыныс? Уый дæр мах у. Афтæмæй сæ пайда та — ницыгомау.

Михакъо цыма йæ фыдмæ хъусы, афтæ дардта йæхи, фæлæ йæ хъуыдытæ ам кæй нæ уыдысты, уый бæрæг уыд йæ фезмæлдтытæй, алырдæм ракæс-бакæс кæй кодта, уымæй.

Леуан уый нæ фиппайдта æмæ дарддæр дзырдта:

Бирæтæ афоныл сæ хъуыддаг нывыл сæвæрдтой æмæ сæ чысыл зæххæй исынц бирæ æфтиаг... фæлæ æз дæр райдайдзынæн... Ног азæй фæстæмæ хаццоны аргъ фæдывæр кæндзынæн... Хизантæ сразы уыдзысты, æндæр сыл цы бон уыдзæн уæдæ... Æмæ уæд...

Михакъо йæ фыдæй адард.

— Сывæллонæй уæлдай нæу! — хъыгзæрдæйæ загъта Леуан æмæ æрхуыссыд нымæтыл, фæндыд æй, цалынмæ хæринаг рæвдз кæна, уæдмæ афынæй кæнын. Йæ цæстытæ нæма æрцъынд сты, афтæ фæцыд топпы хъæр. Схæцыд йæ сæрыл.

Алырдыгæй та ратахтысты куыйтæ æмæ рæйын систой, сывæллæттæ та лидзынмæ фесты.

— Кæс-ма, кæс, баба, æвзæр топпæхсæг дæн? — худгæйæ дзырдта æлдары фырт.

Йæхицæй цалдæр къахдзæфы æддæдæр уæлгоммæ хаудæй карк йæ гæндзæхтæ цагъта.

Тедо иу къахдзæф акодта размæ æмæ уыцы уагыл лæугæйæ баззади. Йæ цæстæнгас, æнæ исты æвдисгæйæ, куы æлдары худæг фыртыл æнцад, куы тыбыртæцæгъдæг каркыл.

— Фыдуаг дæ, Миха, фыдуаг! — йæ мидбылты гæзæмæ бахудгæйæ, сдзырдта æлдар Леуан. — Цæй, уый цæмæн хъуыд?..

Æрбацыд фæсдзæуинтæй иу.

— Зæгъ-ма, Габо, — дзуры йæм Михакъо, — исты æвзæр топпæхсæг дæн æз? — Ахæсс æмæ йæ сфизонæг кæн.

Фæсдзæуин ахаста амæттаг.

Габо, Габо! Тагъддæр-ма рауай ардæм! — уый хъæр кодта Михакъо.

— Искуы ма ахæм бабыз федтай?! — амыдта, дард сæм чи лæууыд, уыцы бабызмæ. — Æрцахс уый дæр æмæ йæ сфизонæг кæн хъæдындз æмæ цывзыимæ, баба куыд уарзы, афтæ!..

Габо фæрæвдз бардзырд æххæст кæнынмæ. Уæзбын, хаст бабызы рацахсын — уымæн цас диссаг уыд!

Бабыз фæсдзæуины къухты куы сбаб-бабб кодта, уæд æлдар Леуан йæ сæр уайдзæфгæнæгау батылдта æмæ загъта:

— Фыдуаг!.. Тынг фыдуаг дæ, ацы лæппу!

ФИППАИНÆГТÆ

Коцойты Арсены уацмыстæ ацы рауагъды цæуынц æппæты æххæстдæр æмбырдгондæй. Фæлæ, фыссæгæн йæ архив абоны онг кæй нæма разынд, уымæ гæсгæ зын у чиныг æххæст æмбырдгонд схонын. Дыууиссæдз азæй фылдæр Арсены уацмыстæ мыхуыр цыдысты алыхуызон газеттæ æмæ журналты Калачы, Бетъырбухы, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, стæй æндæр рæтты дæр, уыимæ арæх зындысты фæсномыгæй (зындгонд сты Арсены фæсномыгтæ: Арсен Дарьяльский, Хабос, Иунæг, Габойты Габо, Ар. К., К.). Уыйадыл, кæд дзæвгар библиографион куыст бакодтой йæ иртасджытæ, уæддæр кæронмæ бæлвырдгонд нæма сты йæ фыстытæ.

Арсен йæ фыццаг уацмыстæ фыста, кæнæ тæлмац кодта уырыссаг æвзагмæ, афтæмæй уыдтой рухс. Æрмæст ын цалдæр радзырды бантыст рауадзын йæхи æвзагыл журнал «Æфсир»-ы. Советон дуджы дæр фыссæджы куыстытæ, арæхдæр зындысты периодикон мыхуыры, фæлæ цалдæр хатты рауагъта Арсен хицæн чингуытæ дæр. Уыдоны сæйрагдæртæ сты: 1). А. Коцойты. Радзырдтæ. Рауадзæг — Хуссар Ирыстоны Ахуырады Комиссарад, 1924 аз; 2). Арсен Коцойты. Радзырдтæ. Рауагъд II-аг, Мæскуы, 1927 аз; 3) Коцойты Арсен. Равзаргæ радзырдтæ, Цхинвал, 1929; 4). Коцойты Арсен. Радзырдты æмбырдгонд. Фыццаг чиныг, Орджоникидзе, 1934 аз; 5) Коцойты Арсен. «Фыдбылыз», «Цæукъа æмæ фыркъа», «Ханиффæйы мæлæт», «Джанаспи». Орджоникидзе, 1940 аз; 6). Коцойты Арсен. Уацмыстæ, фыццаг том, Дзæуджыхъæу, 1949 аз. (Ацы чиныг рацыд фыссæджы амæлæты фæстæ, бацæттæ йæ кодтой Ардасенты Хадзыбатыр, Епхиты Тæтæри æмæ Хъазыбегты Хъазыбег, раздзырд ын ныффыста Епхиты Тæтæри). Чингуытæй рацыдысты Арсены уацмыстæ уырыссаг æвзагыл дæр.

Хицæн рауагъдтæ абаргæйæ куыд зыны, афтæмæй фыссæг йæхæдæг дæр, йæ редактортæ æмæ йæ рауадзджытæ дæр нæ арæзтой чиныг исты бæлвырд принципты бындурыл; уацмыстæ фæд-фæдыл æвæрд не сты нæдæр сæ ныффысты рæстæгмæ гæсгæ, нæдæр сæ темæтæм гæсгæ. Зæгъæм, 1-аг рауагъды «Сæумæрайсом» ис «Саломи»-йы фæстæ, афтæмæй «Сæумæрайсом», иуæй, раздæр фыст уыд, иннæмæй, æвдисгæ дæр, раздæр чи уыд, ахæм хъуыддæгтæ кæны. Уый зæгъæн ис, Арсен йæхæдæг кæй арæзта, уыцы чингуытæн се ’ппæтæй дæр. Æрмæст 1949 азы рауагъды уынæм уацмысты сæ фысты рæстæгмæ гæсгæ равæрды фæлварæн. Къухфыст-æрмæг сæм кæй нæ уыд, уый азарæй чиныг аразджытæ, зæгъæн ис, ницы сбæлвырддæр кодтой фыссæджы сфæлдыстады хронологийæ; архайдтой, Арсен йæхæдæг цы рæстæг амыдта, уымæй. Афтæмæй зын бафиппайæн нæу, Арсены амынд азтæй бирæ гуырысхойаг кæй у, уый, йæхæдæг дæр сæ арæх ивта. Зæгъæм: «Фынддæс азыл» иу ран нысан кæны 1901 аз, иннæ ран — 1915 аз. Бæрæг у, йæ радзырдтыл, куы сæ ныффыста, уымæй дæсгай азты фæстæ зæрдаивæй кæй æвæрдта азты хыгъд, уымæ гæсгæ уыд фæрæдийæн дæр. Бæрæг у уый дæр, æмæ хаттæй-хатт радзырдты мидис комдзог цæуы амынд рæстæгыл: радзырд «Куыд мын алыгъдис»-ы фыссæг дзуры мидхæст, урс инæлæрттæ æмæ контрреволюцийы æфсæдты тыххæй, йæ фæстæ та æвæры: «1917 аз, Октябры агъоммæ».

Ацы рауагъды пайдагонд цæуы 1949 азы æмбырдгонды фæлтæрддзинадæй, стæй Арсены иннæ чингуыты арæзты традицийæ. Фæлæ уымæй уæлдай хыгъд сты, фыссæджы сфæлдыстад цы цаутæ æмæ историон замантæ æвдисы, уыдоны афонтæ дæр. Иуæрдыгæй, уацмысты равæрд у сæ фысты рæстæгмæ гæсгæ, иннæрдыгæй — сæ мидисмæ гæсгæ, афтæмæй чиныджы бæлвырддæр зыны, Арсен йæ рæстæджы историон рæзт æмæ цард куыд æвдыста, уый. Чи зоны, иуæй-иу уацмыстæ фыст уыдысты, цы бынаты сты, уымæй раздæр кæнæ фæстæдæр, фæлæ сæ раны сты иу царды уæрæх ныв ирддæрæй равдисыны тыххæй.

Чиныджы ис цалдæр радзырды, Арсен фæстæдæр кæуыл бакуыста, ног уацмыстæ кæмæй сарæзта, ахæмтæ. Уыдон сты варианттæ, фæлæ сын ис сæрмагонд радзырдты нысаниуæг дæр, сты хицæн æххæст уацмыстæ æмæ хаст цæуынц «Уæлæмхасæн», зæгъгæ, уыцы хаймæ. Уырдæм бацыдысты, мыхуыры уырыссагау чи фæзынд, ахæм радзырдтæ дæр ирон æвзагмæ тæлмацæй.

Арсены уацмыстæн нæ баззад къухфыстытæ-автографтæ, æнæ уыдон та бæстон текстологон куыстæн бакæнæн нæй, зын раиртасæн сты, фыссæг йæ уацмысты стиль æмæ æвзагыл куыд æмæ цы хуызы куыста, уыцы фарстатæ. Иу кæнæ иннæ уацмысы мыхуырты зыны чысыл ивдтытæ — уыдон фылдæр хатт вæййынц иугай дзырдтæ кæнæ хъуыдыйæдтæ, стæмдæр хатт — ныв æмæ бынæттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон, фыццаджыдæр, Арсен йæхæдæг ивта. Фæлæ дзы кæд редакторты фæллой дæр ис, уæд та? Цалынмæ Арсены сфæлдыстады текстологтæ ацы хъуыддаг сбæлвырд кæной, уæдмæ наукон бындур нæ уыдзæн дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдты варианттæ æвдисынæн. Ивдтытæ æвдыст цæуынц 1949 азы рауагъды, стæй Епхиты Тæтæрийы монографийы (Епхиты Т. «Коцойты Арсен», Орджоникидзе, 1955). Ам сæ нал фыссæм. Варианттæй хæссæм, уацмысы конфликт æндæр хуызы кæм ахицæн вæййы, кæнæ йын йæ мидис чи ивы, æрмæст ахæм бынæттæ.

Чиныг райдайы прозæйæ фыст уацмыстæй — уыдон сты Арсены сфæлдыстады сæйрагдæр хуыз. Радзырдтæ, повесть «Джанаспи». Роман «Кæфхъуындар» кæд раздæр æрцыд фыст æмæ мыхуыр, уæддæр, æнæхъæн уацмыс кæй нæ у, уый тыххæй лæууы повесты фæстæ. Афтæмæй æвæрд не сты хронологимæ гæсгæ. Чиныгмæ хаст æрцыдысты Арсенæн йæ пьесæтæ дæр. Уыдонæй алкæмæн дæр ис прозæйæ фыст вариант, фæлæ драмон варианттæ сты æххæст æмæ сæрмагонд аивадон уацмыстæ, уымæ гæсгæ хаст цæуынц оригиналон уацмысты хуызæн.

Поэзийы жанры Арсен ныууагъта цалдæр уацмысы, се ’ппæт ифтонг не сты аивадон æгъдауæй, рæвдздæр сты поэмæтæ «Мадинæ» æмæ «Мæлæтæй тыхджындæр» æмæ бацыдысты чиныгмæ.

Хъæздыг æмæ бирæвæрсыг у Арсены публицистикæ, дзуры алыхуызон æхсæнадон, этикон æмæ культурон фарстытыл. Уымæй уæлдай Коцойы-фырт бирæ азты дæргъы газеттæм фыста алыхуызон лыстæг хабæрттæ æмæ уацхъуыдтæ, пропагандæ кодта наукæ æмæ техникæйы ногдзинæдтæ, ирон æвзагмæ ивта, мыхуыр кодта, хæдзарады рæзтæн ахъаз чи у, ахæм уынаффæйы фыстытæ, истори æмæ дунезонæн уацтæ. Утæппæт куыстытæй чиныгмæ хаст цæуынц, фыссæджы æхсæнадон-политикон, этикон æмæ культурон домæнтæ искæцырдыгæй чи æвдисы, æрмæст ахæмтæ. Уацмыстæ кæрæдзи фæдыл æвæрд сты, иуæй, сæ темæтæм гæсгæ, иннæмæй, сæ фысты рæстæгмæ гæсгæ, афтæмæй аразынц хицæн циклгæндтæ.

Уацмыстæн нæй къухфыстытæ — уыцы фиппаинаг хицæнæй амынд нал цæудзæн. Бæрæг нæу, кæд сæ фыста, уыцы рæстæг, уымæ гæсгæ амынд цæуы, æрмæст мыхуыры сæ чи кæд рацыд, уыцы рæстæг.

ФИППАИНÆГТЫ ЦЫБЫРГОНД НЫСÆНТТÆ

ХИ — 24. — А. Коцоев. Радзырдтæ. Рауадзæг — Хуссар Ирыстоны ахуырады комиссарад, 1924.

М — 27. — Арсен Коцойты. Радзырдтæ. Мæскуы, 1927.

ЦХ — 29. — Коцойты Арсен. Равзаргæ радзырдтæ, Цхинвал, 1929.

РÆ — 34. — Коцойты Арсен. Радзырдты æмбырдгонд, 1-аг чиныг, Орджоникидзе, 1934.

КА — 40. — Коцойты Арсен. «Фыдбылыз» æмæ æнд., Орджоникидзе, 1940.

«Уацмыстæ» — Коцойты Арсен. Уацмыстæ, фыццаг том, Дзæуджыхъæу, 1949.

ЦФ — 59. — Коцойты Арсен. Цæукъа æмæ фыркъа, радзырдтæ сывæллæттæн, Орджоникидзе, 1958.


Коцойты Арсены уацмыстæ мыхуыр цыдысты периодикон мыхуыры куыд Цытджын Октябры социалистон революцийы агъоммæ, афтæ йæ фæстæ дæр.

Хицæн чингуытæй та рацыдысты советон дуджы:

А. Коцойты. Радзырдтæ. Рауадзæг — Хуссар Ирыстоны ахуырады комиссарад. 1924.

Арсен Коцойты. Радзырдтæ. Рауагъд II-аг, Мæскуы, 1927.

Коцойты Арсен. Равзаргæ радзырдтæ. Цхинвал, 1929.

Коцойты Арсен. Радзырдты æмбырдгонд. Фыццаг чиныг. Орджоникидзе, 1934.

Коцойты Арсен. «Фыдбылыз», «Цæукъа æмæ фыркъа», «Ханиффæйы мæлæт», «Джанаспи». Орджоникидзе, 1940.

Коцойты Арсен. Хъусой. Радзырдтæ сывæллæттæн. Орджоникидзе, 1940.

Коцойты Арсен. Уацмыстæ. Фыццаг том, Дзæуджыхъæу, 1949.

Коцойты Арсен. «Уацмыстæ». 2 томæй, 1-аг том. Сталинир, 1951.

Коцойты Арсен. «Гигойы куадзæн». Иуактон пьесæ, Орджоникидзе, 1957.

Коцойты Арсен. «Цæукъа æмæ фыркъа». Радзырдтæ æмæ аргъæуттæ сывæллæттæн. Орджоникидзе, 1958.

Коцойты Арсен. «Хъусой». Радзырд сывæллæттæн. Орджоникидзе, 1959.

Коцойты Арсен. «Уацмыстæ». Дыууæ томæй. I-аг том. Орджоникидзе, 1971.

Коцойты Арсен. «Уацмыстæ». Дыууæ томæй. II-аг том. Орджоникидзе, 1972.


Мыхуыр цæуынц:

1. Радзырд «Цыппар туалладжы» журнал «Фидиуæджы» № 1, 1927 аз) мыхуыры куыд рацыд, афтæмæй.

2. Иннæ радзырдтæ æмæ уацау «Джанаспи» чиныг «Уацмыстæй» (1949 аз).

Уыцы чиныджы та мыхуыр уыдысты:

а) Авторæн йæ фæстаг редакцимæ гæсгæ: «Цуанонтæ», «Рæдыд», «Хæлæрттæ», «Афтæ дæр вæййы», «Тохы бон», «Фынддæс азы», «Тазырæт», «Хъусой», «Фембæлдысты», «Æнхъæл нæ уыдысты»;

æ) 1934-æм азы Орджоникидзейы рауагъд «Радзырдты æмбырдгонд»мæ гæсгæ: «Сæумæрайсом», «Æнамонд радзырд», «Ханиффæ», «Гигойы куадзæн», «Царды зилдухæны», «Цыппар æмæ ссæдз боны», «Æхцайы чырын», «Саломи», «Мырзæджы карьерæ», «Декрет», «Æнæхъус Карум» æмæ «Дадолты мæт».

б) 1940-æм азы рауагъды тексттæм гæсгæ (Цæгат Ирыстоны паддзахадон рауагъдад): «Цæукъа æмæ фыркъа», «Ханиффæйы мæлæт» æмæ уацау «Джанаспи».


Тексттæ мыхуыр цæуынц абоны растфыссынады æгъдæуттæм гæсгæ, уымæй уæлдай сæм æвнæлд ницы хуызы ис. Арæх сæ æмбæлы варваризмтæ (æндæр æвзагæй ист дзырдтæ), стæй, ирон æвзагыл чи нæ фидауы, ахæм уырыссаг хъуыдыйæдты арæзт. Уыдон баззадысты, фыссæгæн йе стилы хиæдтæ цæмæй нæ фехæлой, уый тыххæй, йæхимæ куыд сты, афтæмæй.

Зынæмбарæн бынæттæ, æндæр æвзагæй ист дзырдтæ æмæ, нæ рæстæджы стæм хатт чи æмбæлы, уыцы ирон дзырдтæ амынд цæуынц хицæнæй алы радзырдмæ, уацмысы фæд-фæдыл куыд сты, афтæ.

РАДЗЫРДТÆ34

Цуанонтæ (3-æм фарс)

Мыхуыр цæуы «Уацмысты» текстмæ гæсгæ. Фыццаг хатт авторæн йæхи тæлмацæй уыд газет «Правда»-йы 1912 азы, «Помечтали», зæгъгæ, ахæм сæргондимæ. Уыдис ыл фыссæджы фæсномыг — Арсен Дарьяльский. Иронау раздæр рацыд альманах «Малусæджы» 1922 азы, йæ быны дыууæ дамгъæйы — А. К., стæй уыд Арсены чингуыты се ’ппæты дæр. Авторæн йæхи нысанмæ гæсгæ фыст æрцыд 1902 азы35. «Малусæджы» текст æмæ фæстаг редакциты ’хсæн ис чысыл ивдтытæ.

Автор йæ фиппаинæгты амоны дыууæ гуырдзиаг дзырды нысан:

1) хъочах — сахъ, 2) чапартæ — æлдары фæддзутæ.

Лечъы бæстæ — афтæ хуыдтой ирон адæм Дагъистаны.

рæсугъд къæлæсы уæрдон — файтон.

... йæ нард уыди... цыппар æнгуылдзы — нард барст цыди æнгуылдзты уæрхæй.

Фынддæс азы (35-æм фарс)

Ист у «Уацмыстæй». Фыццаг мыхуыр уыд газет «Рæстдзинады», №6, 1923 аз, йæ сæргонд уыд «Ныр цы?», авторы фæсномыг — Габойты Габо. Уыйфæстæ бацыд — ХИ — 24, æмæ фыссæджы иннæ чингуытæм дæр. Фæстаг редакцийы ис чысыл ивдтытæ.

«Уациллайы бон» æмæ «Сойгæнæн бонтæ» — дины бæрæгбонтæ.

Сæумæрайсом (41-æм фарс)

Мыхуыр цæуы «Уацмысты» текстмæ гæсгæ. Фыццаг хатт рацыд газет «Рæстдзинады», № 22, 1923 аз, уыдис ыл авторы фæсномыг — Габойты Габо. Уыд: ХИ-24, уыйфæстæ — амынд чингуыты се ’ппæты дæр. Йæ вариант «Фидис» уырыссагау авторы тæлмацæй уыд газет «Кавказ»-ы 1901 азы. Фыст æрцыд 1902 азы.

Рæдыд (46-æм фарс)

Ист у «Уацмыстæй». Фыццаг мыхуыр уыд альманах «Малусæджы», æвæрд ыл уыд Арсены фæсномыг — Габойты Габо, бацыд фыссæджы радзырдты æппæт æмбырдгæндтæм дæр. Фыст æрцыд 1903 азы.

Æнæном радзырд (51-æм фарс)

Ист у «Уацмыстæй». Фыццаг хатт уыд — РÆ-34. У 1903 азы фыст.

миравоймæ прасенæ афыссын хъæуы — тæрхоны лæгмæ куырдиат афыссын хъæуы.

гонорар — куысты мызд æхцайæ (журналист, фыссæг, нывгæнæг æмæ æндæртæн).

джиранка — уæзы барст, 400 граммы.

Ханиффæ (57-æм фарс)

Мыхуыр цæуы «Уацмысты» текстмæ гæсгæ. Радзырды 1-аг вариант рацыд «Æфсир»-ы (№ 10, 1–11 фæрстæ), йæ сæргонд — «Ганиффæ», авторы ном нысан уыд — Ар. К. — Фæстæдæр ыл — кæд, уый бæрæг нæу — бакуыста ногæй, æмæ ацы вариант фæзынд — М-27, РÆ-34. Дыууæ варианты æхсæн ис зынгæ хицæндзинæдтæ. Фæстаг редакцийы, иуæй, йе ’взаг фæаивдæр, иннæмæй, бынтон æндæр хуызы æвдыст æрцыд хъайтарты архайд, æмæ сын уымæй автор бæрзонд систа сæ уæздандзинад, сæ лæджыхъæд, сæ удты рæсугъддзинад.

Чысыл ивдтытæ бахаста Арсен хъайтарты нæмттæм: Ганиффæ — Ханиффæ, Дзаххотт — Дзанхот; Тега фыццаг варианты уыд Уæлладжыры комæй, дыккаджы — Дæргъæвсæй. Цымыдисаг у мæнæ ацы ивд дæр: «Тега бæхыл лæмæгъ хыссæйы куклайы хуызæн фидауы!» — «Тега бæхыл зыгуымы голлагау фидауы!» (Цас аивдæр у æрымысгæ фæлгонцæй адæмон хуызджын ныхас!) Фæлæ сæйрагдæр ивæнтæ сты, уацмысы мидис æндæрхуызон чи кæны, уыцы бынæттæ. Мæнæ, Тега æмæ Ханиффæйы ’хсæн цы ’рцыд, уый æвдисæнтæ:

1-аг вариант

Бæхыл хæцæг цырагъы рухсмæ ауыдта иу усы худгæ цæсгом.

Уазæг бацыди. Дуар ныггуыпп кодта. Иу сахаты бæрц рацыдаид, уæд та дуар байгом и, æмæ уазæг рацыди æддæмæ, йæ фæдыл та уыцы ус, худгæйæ, рухсцæсгомæй.

2-аг вариант

Бæхыл хæцæг цырагъы рухсмæ ауыдта усы тарст цæсгом.

Уазæг бацыди. Дуар ныггуыпп кодта. Минуты бæрц рацыди, æндæр нæ, уæд та.., æмæ а. д.

Бынтон æндæрхуызон у 1-аг варианты кæрон. Ам æй мыхуыр кæнæм:

Æмæ радзырдта Ганиффæ, хабар куыд уыди, цы уыди — сæрæйбынмæ.

— Зæгъут мын сымах ныр, æндæр исты гæнæн ма мын уыди?

Афтæ фæци Ганиффæ йæ ныхас.

Къорд минуттæ уаты хъыпп-сыпп нал ссыди, æртæ дæр æнæ дзургæйæ, æнæзмæлгæйæ, лæууыдысты.

— Бæлвырд, æндæр хуыздæр гæнæн ын нал уыди, — сдзырдта зæронд лæг.

— Æндæр гæнæн ын нал уыди, — загъта йæ фæдыл Тасолтан дæр. — Фæлæ æфхæрд тугæй æхсинаг у.

— Ай-гъай, æфхæрд тугæй æхсинаг у, — загъта зæронд лæг æмæ сыстади бандонæй.

Дыууæ дæр рацыдысты.

***

Уыцы æхсæв Тега дис кодта, цæмæн æрæнкъард и фысым, цæмæн фендæрхуызон йæ ныхас,— фæлæ йæ бæхыл куы абадти, бузныг æмæ хæрзæхсæв куы загъта фысымæн, уæд йæ зæрдæ фехсайдта, кæд, зæгъгæ, ай Тасолтан йæхæдæг у.

— Уæдæ мæ ай маст исынмæ агурдзæн, — загъта йæхинымæры Тега, — агурдзæни, æмæ йын мæхи куы нæ бацамонон, уæд мæ кæм ссардзæни?.. Хъуамæ ма бамбæхсон. Бамбæхсын Тегайæн худинаг у.

Гъе, уый тыххæй схъæр кодта Тега йæ ном, уый тыххæй загъта фысымæн:

— Сæр дæ куы бахъæуа, уæд бæрæг кæн Уæлладжыры коммæ Тогойты Тегамæ.

Йæ хæдзармæ куы ’рцыди Тега, уæд æрхъуыды кодта йæ балцы хабар æмæ загъта йæхинымæры:

— Бæлвырд уый уыди Тасолтан йæхæдæг.

Тега æнæ хъусгæ нæ уыди Тасолтаны хъæбатырдзинады тыххæй, æмбæрста, уыимæ йæ зæрдиаг хæст кæй хъæудзæни, æмæ цæттæ дардта йæхи.

Тасолтан та æцæг зилын райдыдта Тегайыл. Уый афтæ загъта: «Æз нал æркæндзынæн бынат, нал бацæудзынæн мæ усы уатмæ, цалынмæ уыцы уæлладжырон зæххыл цæуа!..»

Иу бон Уæлладжыры фæдис фæцыди: чидæр аскъæфта фондзаздзыд сывæллоны.

Фæдисонты æппæты разæй фатау тахти йæ диссаджы араббаг бæхыл Тогойты Тега...

Мæнæ, мæнæ дыууæ-æртæ минуты ма, æмæ скъæфæджы баййафдзæни æмæ сывæллоны байсдзæн. Тега топп æргъæвдæй дардта, фæлæ йын багæрах гæнæн нæ уыди: сывæллоны ныццæвынæй тарсти. Æвиппайды скъæфæг сывæллоны зæхмæ æрæппæрста, æргæпп кодта йæхæдæг дæр æмæ сывæллоны аууонæй топп фæдардта Тегамæ.

Уый уыди Тасолтан. Тегаимæ ком-коммæ схæцынмæ йæ ныфс нæ хаста æмæ йыл хинæй рацыди. Уый хъуыста Тегайы хъæбатырдзинады тыххæй, хъуыста, фæдисы кæддæриддæр йæ араббаг бæхыл разæй кæй вæййы, æмæ сфæнд кодта бон сихорафон сывæллоны раскъæфын.

Ныр Тега топпы дзых йæхимæ арæзтæй куы федта, уæд бамбæрста Тасолтаны хиндзинад, бамбæрста, фæлæ уæддæр багæрах кæнын нæма уæндыди, сывæллонæн тæрсгæйæ.

Уалынмæ топпы хъæр фæцыди...

Диссаджы топпæхсæг уыди Тасолтан: ныхмæ хъавыди Тегайæн æмæ ныхы астæу ныццавта.

Хъыпп-сыпп нал сфæрæзта Тега.

Базгъордта йæм Тасолтан, йæ сæр ын хордзены авæрдта, багæпп кодта бæхыл, æмæ йæ цæст дæр нал ауыдта.

Уый æртыккаг бон Тасолтан, йæ сæр бæрзæндты хæсгæйæ, сæ хъæумæ куы фæцæйцыди, уæд адæм загътой:

— Худинагæй нæ баззади Тасолтан, йе ’фхæрд знаджы тугæй цæхсадта.

Цы уыдзæн, цы? (64-æм фарс)

Мыхуыр цæуы — РÆ-34 текстмæ гæсгæ. Фыццаг хатт фæзынд «Малусæджы», 1922 азы, нысан ыл уыд авторы фæсномыг — Габойты Габо, радзырды æххæст сæргонд уыд «Цы уыдзæни, цы?.. Цы уыдзæни?» Уыйфæстæ ма бацыд Арсены чингуытæм: ХИ-24, М-27. Ныффыста йæ 1904 азы.

Кусеткæ (уырыссаг — кушеткæ) — къаннæг, нывæрзæнджын дивангонд; тæрхæг.

Гигойы куадзæн (69-æм фарс)

Ист у «Уацмыстæй». Фыццаг хатт рацыд «Æфсир»-ы, (№ 10, 1910 аз). Уыд — РÆ-34, фæстæдæр дзы фыссæг сарæзта иуактон пьесæ, æмæ 1940 азы рацыд хицæн чиныгæй. Пьесæ Æппæтцæднсон конкурсы райста преми. Фыст æрцыд 1910 азы.

Хæлæрттæ (73-æм фарс)

Ист у «Уацмыстæй». Фыццаг мыхуыр уыди уырыссагау авторæн йæхи тæлмацæй газет «Правда»-йы 1912 азы. «Æмбæлттæ», зæгъгæ, ахæм сæргондимæ фæзынд «Рæстдзинады», № 56, 1926 аз; уыд: М-27, ЦХ-29, РÆ-34. Фыст æрцыд 1912 азы.

денщик — революцийы агъоммæ: афицеры æххуысгæнæг (лæггадгæнæг) салдат.

магазинкæ — ам: хæцæнгарз.

Ваше высокоблагородие! — сидæн, афтæ паддзахы æфсады дзырдтой афицертæм, хистæр æфсæддон цинтæм.

Афтæ дæр вæййы (78-æм фарс)

Мыхуыр у «Уацмысты» текстмæ гæсгæ. Фыццаг хатт рацыд «Рæстдзинады», № 62, 1926 аз; уыд газет «Хурзæрины», № 3, 1927 аз; альманах «Зиуы» 1927 азы. Бацыд авторы чингуытæм: ЦХ-29, РÆ-34. Фыст æрцыд 1913 азы.

Тохы бон (83-æм фарс)

Ист у «Уацмыстæй». Мыхуыр уыд журнал «Фидиуæджы», № 1112, 1927 аз. Бацыд — РÆ-34.

Хицæн редакциты æхсæн ис ивдтытæ, фыссæг систа, мидис раргом кæнын æмæ фæлгонц аразынæн бæлвырд ахъаз чи нæ уыд, уыцы афыстытæ. Фыст æрцыд 1915 азы.

рацъон фæрæт — фæтæнком фæрæт, Ирыстонмæ æфтыд Рацъæй, ныгуылæн Гуырдзыстоны районæй.

адыли — дæргъбарæн, уыд 0,71 метры бæрц.

гололобый — ахæм æфхæрæн номæй хуыдтой Уæрæсейы колонизатортæ æмæ шовинисттæ кавказæгты.

городовой — паддзахы Уæрæсейы: горæты пъæлицæйы дæлдæр бынаты кусæг.

Фыдбылыз (86-æм фарс)

Ист у «Уацмыстæй». Фыццаг хатт рацыд — «Мах дуг», № 34, 1935. Уыд — КА-40. Фыст кæд æрцыд, уый бæрæг нæу.

Ацы хабар Къостайы царды уыди æви нæ уыди, стæй радзырды иннæ архайджытæ чи уыдысты, уый сбæлвырд кæнын нæма бантысти.

Курскаг слабодкæ — Дзæуджыхъæуы иу хай, венаг бандон — зындгонд уыд горæт Венæйы конд хъæдын дзаума.

баритон — нæлгоймаг зарæггæнæджы хъæлæс,

реалон скъолайы надзиратель — ам: скъолайы хъахъхъæнæг.

самовар — донфыцæн згъæр мигæнæн, тæвд кæны, йæ мидæг ын зынджытæ бавæрынц, афтæмæй.

Йе ’фсымæр облæстон газетты редактор куы... — Ам ныхас цæуы газет «Терские ведомости» æмæ йæ æнæофициалон хайы редактор Г. В. Вертеповыл. Къоста 1899 азы Херсонмæ хаст куы уыд, уæд Цæлыккаты Аннæмæ фыста газетты тыххæй: «Надо бы и владикавказскую газету, да не знаю какую. Казбек я не люблю, а Терские ведомости — ненавижу, а между тем, первую придется просить даром, обещав посылать им что-нибудь, а Терские ведомости — выписывать из-за приказов Каханова и передовиц Вертепова. Как бы ни было, но мне надо быть всегда в курсе событий в Терской области» (т. V. С. 89).

Царды зилдухæны (92-æм фарс)

Ист у «Уацмыстæй». Мыхуыр уыд «Фидиуæджы», № 5–6, 1927, стæй — РÆ-34. Фыст æрцыд 1914 азы.

рессин æмæ ресфедер — нывтæ, хуызæгтæ аразæн кусæнгæрзтæ, инструменттæ.

тузуркæ (уырыссаг — тужурка) — хæдзары мидæг уæлæдарæн дзаума.

картæ — ам: хæринæгты номхыгъд сæ æргътимæ.

Тазырæт (100-æм фарс)

Ист у «Уацмыстæй». Мыхуыр уыдис «Фидиуæджы», № 3–4, 1927 аз, стæй — РÆ-34. Фыст кæд æрцыд, уый бæрæг нæу. Мыхуырты йыл автор йæхæдæг цы рæстæгтæ нысан кæны, уыдон раст не сты. Радзырды тексты ис ахæм ныхæстæ: «1916 азы, æрæгвæззæджы, Тазырæт рараст ис...» Афтæмæй бæрæг у, уацмыс 1916 азæй раздæр фыст кæй нæ уыдаид, уый.

Млет — хъæу Гуырдзыстоны, Арвыкомы фæндагыл.

акцизон чиновник — паддзахы Уæрæсейы: адæмæй хъалонтæ исæн куыстуаты кусæг.

артельщик — æмгуысты тыххæй чи баиу вæййы, ахæм къорды уæнг. Ам: нефтгуырæнты хицæуттæй иу.

Нобелы нефтгуырæнтæ — революцийы размæ Бакуйы нефтгуырæнтæ уыдысты фæсарæйнаг капиталистты къухы.

патрультæ — æфсæддонтæ, кæнæ пъæлицæйы кусджытæ.

браунинг — хæдæхсгæ дамбаца.

ливор — дамбаца.

инфлуэнцæ (итайлаг) — улæфæнты рог простудæ.

Цыппар æмæ ссæдз боны (108-æм фарс)

Мыхуыр цæуы «Уацмысты» текстмæ гæсгæ. Фыццаг хатт рацыд «Мах дуджы», № 2, 1934 аз, стæй — РÆ-34.

апати (бердзенаг, апатия) — адæймаджы æппындæр куы ницыуал фендавы, ахæм уавæр; æрхæндæг, уæнгмард.

инертад (латинаг) — адæймагмæ архайын, истæмæ тырнын куынæуал фæцæуы, ахæм уавæр. рясæ — сауджыны пæлæз.

Куыд мын алыгъдис! (115-æм фарс)

Мыхуыр цæуы — РÆ-34 текстмæ гæсгæ. Фыццаг хатт рацыд газет «Хурзæрины», № 18, 1926 аз. Автор ын йæ ныффысты рæстæг амоны — 1917 аз. Октябры агъоммæ — фæлæ уый раст нæу. Радзырды ныхас цæуы контрреволюцийы рæстæгыл, уымæ гæсгæ йын ныффыссæн нæ уыд Октябры агъоммæ.

Газеты текстæн уыд ахæм бацæуæн: «Мæскуыйы 1918 азы царды нывтæй. Ахæм зындзинæдты Уæрæсе бахаудис паддзах æмæ стыр хæсты аххосæй. Уыцы зындзинæдтæй йæ фервæзын кодта Советон хицауад».

Хус къæбæртæ (117-æм фарс)

Мыхуыр цæуы «Уацмысты» текстмæ гæсгæ. Уыд — ЦХ-29, РÆ-34. У 1917 азы фыст.

Паддзахы галуаны æрцарди æмæ ма мах мæт кæны! — ныхас цæуы Рæстæгмæ хицауады сæргълæууæг Керенскийы тыххæй.

анархи — æнæзакъон æмæ æнæгъдаудзинад куы сиу вæййынц, ахæм хæццæ рæстæг.

пресня — Мæскуыйы район.

Цæукъа æмæ фыркъа (120-æм фарс)

Ист у «Уацмыстæй». Фыццаг хатт фæзынд журнал «Пионер»-ы, №1, 1940; уыйфæстæ — КА-40. Арсены иннæ чингуыты нæ уыд. Фыссæг ыл нысан кодта 1913 аз. Фадат ын уыд, афтæмæй уацмыс 1940 азы онг мыхуыры кæй нæ фæзынд, уый гуырысхойаг кæны уыцы рæстæг. Фæлæ кæд фæнды фыст уæд, уæддæр йæ идейон-аивадон ахадын къаддæр нæ кæны.

«Пионер»-ы тексты ма йæ кæроны уыд: «Зыд цæстæнгасæй афæлгæсыди йæ цæрæнуатыл æмæ дзы ауыдта йæхи хуызæн цæрæгойты. Æмæ йыл мæнæ æмбырдтæ кæнын байдыдтой сæгуыттæ, сычъитæ, дзæбидыртæ, цин кæнгæйæ рауын-бауын кодтой сæ ног уазæджы æмæ дзырдтой кæрæдзийæн:

— Нæхи у. Цæрæд немæ сæрибары цардæй нæ уæгъды бæрзæндтыл».

Æнхъæл нæ уыдысты (123-æм фарс)

Мыхуыр цæуы «Уацмысты» текстмæ гæсгæ. Бацыд Арсены чингуытæм: М-27, ЦХ-29, РÆ-34.

Автор ыл цы рæстæг нысан кæны, уымæ гæсгæ фыст æрцыд 1928 азы. Фæлæ уый раст нæу. Радзырд ис, 1927 азы фыссæгæн Мæскуыйы цы чиныг рацыд, уым. Афтæмæй 1927 азæй фæстæдæр фыст не ’рцыдаид.

фуражкæ кокардæимæ — формæйы худ бæрæгдарæн значокимæ.

хизантæ — Чысаны ирон адæм.

Къаспийы станцæ — цæрæнуат Гуырдзыстоны.

прейскурант — ам: хæринæгтæ æмæ сæ æргъты номхыгъд.

«Цæрæнбоны зарæг» — гуырдзиаг адæмон зарæг «Мравалжамиер».

Захъор — хъæу Хуссар Ирыстоны, Ленингоры районы.

Ахалгур — ныры Ленингор, цардысты дзы Чысаны Ерыстау æлдæрттæ.

аукцион — базар; уæййаг дзаума кæнæ фос балхæндзæн, аргъ фылдæр чи дæтта, уый.

Душет — хъæу Гуырдзыстоны.

Æнæхъус Карум (135-æм фарс)

Мыхуыр цæуы «Уацмысты» текстмæ гæсгæ. Фыццаг хатт фæзынд «Фидиуæджы», № 5–6, 1927 аз, бацыд — ЦХ-29, РÆ-34. Кæцы азы фыст у, уый бæрæг нæу.

къоходзитæ — къахыдарæс, рæхсæнтæй быд æрчъитæ. чуститæ — сылгоймаджы дзабыртæ. духантæ — ам: хæрæндонтæ.

мамадзагълотæ — гуырдзиаг æлгъыст (куыдзы фырт).

толма, дзехви, хашлама — гуырдзиаг хæринæгтæ.

манети (гуырдзиаг) — сом.

тамада — куывды (бадты) хистæр.

къацо (гуырдзиаг) — лæгай.

шени чъири ме (гуырдзиаг) — дæ низтæ мæн уæнт.

шен генацвале — рæвдауæн дзырдтæ гуырдзиагау.

ицоцхле (гуырдзиаг) — бузныг.

шен мамадзагъли, шен дедас... (гуырдзиаг) — æнæфсарм æлгъыстытæ.

Ахалгур — кæс фипп. 508 фарсыл.

Душет — кæс фипп. 508 фарсыл.

Цыппар туалладжы (148-æм фарс)

Фыццаг хатт рацыд «Фидиуæджы», N° 1, 1927 аз. Авторы ном нысан уыд — Ар. К. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. Нæ бацыд Арсены чингуытæм. Кæцы азы фыст у, уый бæрæг нæу.

Тексты мидисмæ гæсгæ цыппар æмбалы «туаллæгтæ» не сты, фæлæ сты Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ.

«Собрание æркæсæд, постановлени рахæссæд, доложит æй скæнæд»... æмæ дарддæр — ам радзырды дыууæ архайæджы фæзмынц æмæ худынц, иронау дзургæйæ уырыссаг æмæ гуырдзиаг дзырдтæй æвзаг æнæхъуаджы чи хæццæ кæны, уыдоныл. Арсен стыр аргъ кодта æндæр адæмты æвзæгтæн, йæхæдæг иттæг хорз зыдта уырыссаг æвзаг (хуымæтæджы нæ куыста Ленины «Правда»-йы корректорæй!), кæм хъуыд æмæ æмбæлд, уым дзы пайда кодта, фæлæ нæ быхста æвзаг арвистон кæнын. Куыста æмæ архайдта ирон литературон æвзаджы сыгъдæгдзинадыл. Ныффыста сæрмагонд фельетон «Ирыстоны нæуæг паддзах» (газет «Хурзæрин», № 21, 1927 аз), уым цыргъзонд æмæ рæстдзæвин ныхæстæй фæхудт, æцæгæлон дзырдтæй æвзаджы фидауц чи халы, уыдоныл.

Радзырды Арсен хъæлдзæг юморы фæрцы худы хицæн адæймæгты хъæнтыл; кæд цалдæр хабары æрхаста, уæддæр гуырысхойаг нæ кæны ирон æгъдæуттæ уазæг хынцыны тыххæй. Уымæн æвдисæн фæстаг хабар.

Дадолты мæт (155-æм фарс)

Мыхуыр цæуы «Уацмысты» текстмæ гæсгæ. Фыццаг хатт рацыд «Хурзæрины», № 2, 1928 аз, йæ сæргонд — «Хæддзутæ». Ног сæргондимæ фыццаг хатт бацыд — ЦХ-29. Кæд фыст у, уый бæрæг нæу. Радзырдæй Арсен сарæзта пьесæ «Сау мигъ».

Бафиппаинаг у, дæсны Биганоны сурæт тынг хæстæг кæй у радзырд

«Хины» архайæг дæсны Айсæты сурæтмæ; фæстаг уацмыс мыхуыр уыд 1901 азы.

тæгиаг (тæгиан) — Тæгиатæй, Иры уæздæттæй (ивгъуыд заманы).

хæрдгæйæ арæзт дзабыртæ — сызгъæринытылд æндæхтæй нывæфтыдтимæ.

батист къабайаг — тæнæг хуызджын хъуымацы мыггаг.

зин — дæлимон, хæйрæг.

æнæзæгъинæгтæ — хæйрæджытæ.

сивыр — хуынчъытæ кæм и, ахæм арынг.

Хъусой (163-æм фарс)

Мыхуыр цæуы «Уацмысты» текстмæ гæсгæ. Фыццаг хатт рацыд — РÆ-34. Ныффыста йæ 1920 азы.

Ханиффæйы мæлæт (170-æм фарс)

Мыхуыр цæуы «Уацмысты» текстмæ гæсгæ. Фыццаг хатт рацыд «Мах дуджы», № 4, 1934 аз, йæ сæргонд уыд «Куыд амард Ханиффæ». Ног сæргондимæ фæзынд — КА-40. Кæд æй ныффыста, уый бæрæг нæу.

трефты дамæ — хъазæн къамты, сау цыппæрдигъон нысан кæуыл ис, уый.

фæхеры кæнын — фæхъеллау кæнын.

Æхцайы чырын (179-æм фарс)

Ист у «Уацмыстæй». Фыццаг мыхуыр уыд «Фидиуæджы», № 9–10, 1927 аз. Бацыд чингуытæм — ЦХ-29, РÆ-34. Фыст æрцыд 1920 азы.

Саломи (184-æм фарс)

Ист у «Уацмыстæй». Фыццаг хатт фæзынд «Рæстдзинады», № 2, 1923 аз, бацыд чингуытæм: ХИ-24, М-27, ЦХ-29, РÆ-34. Фыстæрцыд 1921 азы.

Фембæлдысты (186-æм фарс)

Ист у «Уацмыстæй». Фыццаг мыхуыр уыд «Фидиуæджы», № 1, 1928 аз. Ис чингуыты: ЦХ-29, РÆ-34. Фыст æрцыд 1921 азы.

... Инæлары ус... цыди фыццаг къласы, хицæн купейы... — революцийы агъоммæ вагæттæ дих цыдысты цалдæр къласыл, уæздæттæ æмæ хъæздгуытæ цыдысты 1-аг къласы.

Ахалкалак — цæрæнуат Гуырдзыстоны.

Мырзæджы карьерæ (195-æм фарс)

Мыхуыр цæуы «Уацмысты» текстмæ гæсгæ. Фыццаг хатт уыд — РÆ-34. У 1922 азы фыст.

приказчик — дуканийы æххуырст кусæг, уæйгæнæг.

оппортунист — йæхи пайдайæн уавæртæм гæсгæ чи ивы, адæмы хъуыддагыл гадзрахатæй чи рацæуы, ахæм адæймаг.

бюрократ — зæронд фæрæзтæй чи кусы, хъуыддагæн йæ рæзтыл чи нæ архайы, æрмæст ын йæ æддаг хуыз чи кæны, ахæм кусæг.

агуиан — иу агæй цы арахъ рацæуы, уый.

Декрет (202-æм фарс)

Мыхуыр цæуы «Уацмысты» текстмæ гæсгæ. Фыццаг хатт уыд — РÆ-34. Фыст æрцыд 1924 азы.

Требæтæ (требæ) — дингæнæг адæмæн сæхи фæндонмæ гæсгæ сауджынтæ цы дины æгъдæуттæ кодтой (дзуар æфтауын, аргъауын), уыдон.

крест — аргъауæн дзуар.

скуфиа (скуфья) — чырыстон дины кусджыты хъæдабæ цъупхуд.

Бимболы карьерæ (207-æм фарс)

Ист у «Уацмыстæй». Фыццаг хатт уыд — РÆ-34. Фыст æрцыд 1922 азы.

юнкерты скъола — паддзахы Уæрæсейы: æфсæддон скъола, подпоручик — паддзахы æфсады афицеры цин.

цурыд кæрчытæ — царвы физонæггонд кæрчытæ.

малаканты слабодкæ — Дзæуджыхъæуы иу хай.

Æрхондон — къаннæг дон станицæ Къардонмæ æввахс.

оратортæ — ам: æмбырды чи ныхас кодта, уыдон.

керменисттæ — Цæгат Ирыстоны революцион парти «Кермен»-ы уæнгтæ.

Цы ’рцыди Фæзыхъæуы æмбисæхсæв (215-æм фарс)

Рацыд «Фидиуæджы», № 3–4, 1927 аз. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. Фыссæджы чингуыты никуы уыд. Кæцы азы фыст у, уый бæрæг нæу.

женотделтæ — сылгоймæгты хъуыддæгтæм чи каст, ахæм куыстуæттæ.

муниципализаци — паддзахад хицæн адæймæгты бар куы байсы зæхх æмæ æндæр исбонæй æмæ йæ горæт кæнæ хъæуы хиæвзæрст хицауадæн куы ратты, уæд уый.

национализаци — бонджынты исбон (зæхх, банчытæ, заводтæ) райсын æмæ йæ паддзахады исбон скæнын. Пролетарон национализаци у адæмы пайдайæн, социалистон цардæвæрды бындур.

Тъбет — Хъæу Хуссар Ирыстоны, Цхинвалмæ хæстæг.

Дыууæ фембæлды (224-æм фарс)

Мыхуыр цæуы «Уацмысты» текстмæ гæсгæ. Уыдис ма «Мах дуджы», № 34, 1934 азы. Йæ фысты рæстæг бæрæг нæу. Радзырд хæстæг лæууы аивадон очеркмæ, æгæр идеализаци кæны йæ рæстæджы колхозты цард.

батрак — зæхджын æмæ кулакмæ æххуырст кусæг.

æрцæуæггæгтæ — хохæй быдырмæ ралидзæг мæгуыр адæм.

саботаж — куыст къуылымпы кæнынæн мадзæлттæ аразын.

«Фыдæбоны» чызг (235-æм фарс)

Ист у «Уацмыстæй». Мыхуыр ма уыд «Мах дуджы». Фыст æрцыд 1940 азы. Фыццаг хатт сæргонды бынмæ къæлæтты фыст уыд — «радзырд», фæлæ йæ автор ахахх кодта йæхæдæг. Уыдта, æвæццæгæн, уацмыс аивады æууæлтæй æххæст кæй нæ у, радзырдæй очеркмæ хæстæгдæр кæй у, уый.

кавалер — чызгимæ чи кафы, хъазт кæнæ æндæр æхсæнадон бынаты йæм хъус чи дары, ахæм лæппу.

Ферганы канал — зындгонд канал Узбекистаны, арæзт æрцыд советон дуджы.

каналы трассæ — канал кæуылты цæудзæн, уый бæрæггонд хахх зæххыл кæнæ картæйыл.

шурф — зæххы исты сгарыны тыххæй бынмæ цы нарæг уæрм ныкъкъахынц, уый.

æвдисæгтæ — куысты æнтысты бæрæггæнæнтæ.

дæлджинæг — бæрзонд былæй арф æрхмæ хауæн.

æндæуæгъ — æмерысгæнæг (уарзты).

Габо (241-æм фарс)

Ист у «Уацмыстæй». Уыдис чиныг «Мæлæт немыцаг оккупанттæн»-ы 1942 азы.

Радзырд хæстæг у очеркмæ, æвдисы цалдæр нывы Советон Цæдисы Хъайтар, инæлар Хетæгкаты Георгийы æвзонджы бонтæй.

Цымийы хъæу — ис Зæрæмæджы зылды.

гамхуд — адæмон сфæлдыстады: уыцы худ чи ныккæна, уый ничиуал уындзæн, йæхæдæг та уындзæн алцы дæр.

Сæгъ æмæ чиныг (245-æм фарс)

Рацыд газет «Хурзæрины», № 30, 1927 аз. Фыст дæр æрцыдаид уыцы аз. Ам мыхуыр цæуы «Хурзæрин»-ы текстмæ гæсгæ. Фыссæджы чингуыты никуы уыд.

Сæргонды бын къæлæтты фыст ис — «Индиаг таурæгъ». Уый æрмæстдæр у аивадон фæрæз, æцæгæй та таурæгъ у Арсены оригиналон уацмыс. Фыссæг æмбисонды хуызы дзуапп дæтты, 20-æм азты ирон литературон æвзаджы тыххæй быцæутæ цы фарстаты фæдыл цыдис, уыдонæн. Уыди дыууæ фæндоны: иуæрдыгæй, Тыбылты Алыксандыр фыста, цæмæй ирон национ литературæ арæзт цæуа иу диалектыл — Темырболат, Къоста, Секъа, Елбыздыхъо, Цомахъы æвзаджы бындурыл; иннæрдыгæй, Къосирати Сæрмæт домдта, цæмæй дыгурон диалектыл дæр цæуа хицæн литературæ. Историон æгъдауæй Тыбылы-фырты хъуыды уыд растдæр, уымæн æмæ иу адæмы национ литературæйы æвзагæн нæй диалекттыл хицæнтæгæнæн. Арсен дæр хæцыд Тыбылы-фырты хъуыдыйыл, ныффыста цалдæр уацы, уыдоны æвдисы, фæйнæрдæм хæцгæйæ нæ, фæлæ æмдыхæй аразын кæй хъæуы иу литературæ иу диалекты бындурыл. Таурæгъ ирдæй æвдисы, сæ зонд иу чи нæ кæна, уыдон рухс æмæ хорздзинадыл куыд нæ фæхæст уыдзысты, уыцы хъуыды.

Буддæ — Инди æмæ æндæр скæсæйнаг бæстæты чи ныффидар, уыцы дины ахуырад буддизмы мифон бындурæвæрæг, æвдыст цæуы Хуыцауы хуызы.

Джанаспи (247-æм фарс)

Повесть фыццаг хатт рацыд — КА-40. Мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. Уыди ма «Уацмысты».

арендыхаццон (зæхх æххуырсын).

вексыл (вексель) — бæрæг афоныл æхцайы хæс бафидыны гæххæтт.

йоркшираг хуы — Англисы Йоркширы районы кæй хастой, ахæм нардгæнаг хуыйы мыггаг.

Ахæм пъарадкæтæ æрæвæрдтой, æмæ æвзалы йеддæмæ ницыуал баззад сæ хæдзæрттæй,— ам ныхас цæуы, Гуырдзы меньшевикты æфсад Хуссар Ирыстоны куы басыгъта, уыцы хабæрттыл.

Малаканты слабодкæ — Дзæуджыхъæуы иу район, Терчы галиу фарс.

æрвæдзæг — бæндæны æлхынцъ, æлвасæн.

пикантон хабар — цымыдисаг, адæм сæхи цæуыл ирхæфсой, ахæм диссаг.

Кæфхъуындар (323-æм фарс)

Романæй баззад æрмæст скъуыддзæгтæ. Мыхуыргонд уыдысты 1923 азы «Рæстдзинад»-ы 11–17 номерты. Романыл æвæрд уыд Арсены фæсномыг — Габойты Габо. Фыццаг скъуыддзаджы бын уыд редакцийы фиппаинаг: «Ацы роман рæхджы рацæудзæн хицæн чиныгæй, фæлæ уал дзы мах иу къорд гæбазы мыхуыр кæнæм». Кæройнаджы фæстæ та уыд ахæм фиппаинаг: «Рæстдзинад»-ы 12-æм номеры (12-æмы нæ, фæлæ 11-æмы. — Ш. Дж.) куыд загътам, уымæ гæсгæ ацы романæй æрмæст хицæн гæбæзтæ мыхуыр кодтам. Ам æй скъуыддзаг кæнæм. Æххæстæй рацæудзæн хицæн чиныгæй».

Роман нæ рацыд хицæн чиныгæй, — йæ аххос бæрæг нæу. Арсен æй нæ бахаста йæ иннæ чингуытæм дæр.

боа — сылгоймаджы хъуырбæттæн зынаргъ сырддзармæй.

муфтæ — сылгоймаджы дарæсы хай, сырддзармæй къухтæхъармгæнæн.

РАДЗЫРДТÆ СЫВÆЛЛÆТТÆН

Хъæддзау (339-æм фарс)

Фыццаг хатт уыд журнал «Пионер»-ы, № 2, 1939. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. Уыдис ма — ЦФ-58.

Пионер Габо (339-æм фарс)

Рацыд «Пионер»-ы, № 12, 1939. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. Уыдис ма — ЦФ — 58.

Фæкæс-ма, Ауызби! (341-æм фарс)

Рацыд «Пионер»-ы, № 4, 1940. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. Арсены чингуыты никуы уыд.

Хæлæгой (342-æм фарс)

Фыццаг хатт фæзынд «Пионер»-ы, № 11, 1940. Ам цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. Уыдис ма — ЦФ-58.

Дада æмæ хъæбатыр бындз (344-æм фарс)

Рацыд «Пионер»-ы, № 12, 1940. Ам цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. Уыдис ма — ЦФ-58.

Куысыфтæг æмæ дурын (346-æм фарс)

Мыхуыр уыд «Пионер»-ы, № 1, 1939. Ам цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. Уыдис ма — ЦФ-58.

Йæ сæргонды бын къæлæтты уыд — «Адæмон аргъæуттæй».

Тулдз æмæ мæцкъор (347-æм фарс)

Мыхуыр уыд «Пионер»-ы, № 4, 1940. Ам цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. Тексты бын фыст уыди — «Немыцаг æвзагæй йæ раивта Коцойты Арсен». Уацмыс æцæг тæлмац у æви мистификаци у, уый нæма рабæрæг.

ЛЕГЕНДÆТÆ

Фыццаг лæг æмæ ус (348-æм фарс)

Мыхуыр уыд «Æфсир»-ы, № 2, 1910 аз, 15–16 фæрстæ. Рацыд, авторы ном ыл нæй, афтæмæй. Гуырысхойаг нæу, Арсены фыст кæй у, уый. Легендæ 1902 азы уырыссаг æвзагыл фæзынд газет «Кавказ»-ы 184-æм номеры. Уыдис ыл Арсены фæсномыг — А. К-в. Уырыссаг варианты хуынди «Адам и Ева (Персидская легенда)». Дыууæ сюжеты зынгæ хицæндзинадæй ницы ис.

Хур æмæ мæй (349-æм фарс)

Рацыд уырыссаг æвзагыл газет «Кавказ»-ы 1902 азы 103-æм номеры, «Кавказские заметки», зæгъгæ, ахæм рубрикæйы бын. Сæргонды бын фыст уыд — Ирон легендæ. Авторы ном — А. К-в.

ПЬЕСÆТÆ

Сау мигъ (350-æм фарс)

Мыхуыр цæуы — РÆ-34 текстмæ гæсгæ. Фыццаг хатт рацыд «Фидиуæджы», № 1, 1929. Авторы иннæ чингуыты нæ уыд. Ис ын прозаикон вариант — «Дадолты мæт», уымæн та йæ фыццаг вариант «В поисках за счастьем» рацыд уырыссагау газет «Новое обозрение»-йы, № 6069, 1902 азы.

Гæдыйы къах цыбыр у (361-æм фарс)

Мыхуыр цæуы — РÆ-34 текстмæ гæсгæ. Авторы иннæ чингуыты нæ уыд. Ис ын прозæйæ фыст вариант — «Галиу хъуыддаг». Фыццаг хатт мыхуыры фæзынд «Фидиуæджы» 1929 азы 2-аг номеры.

Гигойы куадзæн (367-æм фарс)

Ам цæуы йæ фыццаг мыхуыры текстмæ гæсгæ — Коцойты Арсен, Гигойы куадзæн, иуактон пьесæ, Орджоникидзе, 1940. Йæ титулон сыфыл фыст уыди: «Преми лæвæрд ын æрцыд Æппæтцæдисон конкурсы». Ис ын æмном прозаикон вариант.

ПОЭЗИ

Мадинæ (379-æм фарс)

Мыхуыр уыд «Мах дуджы», № 1, 1940. Ам цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. Авторы чингуытæм никуы бахауд. Йæ кæроны нысангонд уыд, фыст кæд æрцыд, уыцы рæстæг — 1896 аз. Бæлвырдгонд нæу.

Мæлæтæй тыхджындæр (389-æм фарс)

Мыхуыр уыд «Фидиуæджы», № 4, 1940. Ам цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. Фыст кæд æрцыд, уый бæрæг нæу.

ПУБЛИЦИСТИКÆ

<Дыууæ æгъдауы> (398-æм фарс)

Мыхуыр уыд уырыссаг æвзагыл газет «Терские ведомости»-йы, №5, 1900 азы, Корреспонденциты хайы, Джызæлæй, зæгъгæ, ахæм сæргондимæ. Уыдис ыл авторы фæсномыг — Хабос.

Ноджы ма ирæды тыххæй (399-æм фарс)

Мыхуыр уыд уырыссагау газет «Терские ведомости»-йы, № 13, 1900 азы. Авторы ном — Хабос.

Хæххон промышленносты змæлд Ирыстоны (401-æм фарс)

Мыхуыр уыд уырыссагау газет «Терские ведомости»-йы, № 32, 1900 азы. Авторы ном — Хабос. Лермонтовы рæнхъытæ ист сты йæ зындгонд æмдзæвгæ «Спор»-æй.

<Цы цæуы, уый — хуыздæрæн> (403-æм фарс)

Мыхуыр уыд уырыссагау газет «Кавказ»-ы, № 228, 1901 азы. Сæргонды бæсты йыл уыд: Цæгат Ирыстонæй. («Кавказ»-ы уацхъуыд).

<Хъæууон афтекты фæдыл> (404-æм фарс)

Мыхуыр уыд уырыссагау газет «Кавказ»-ы, № 261, 1901 азы. Сæргонды бæсты йыл уыд: Цæгат Ирыстонæй. («Кавказ»-ы уацхъуыд). Авторы ном — А. К-в.

Иронау фыццаг хатт Ардасенты Хадзыбатыры тæлмацæй рацыд 1954 азы «Мах дуджы» 2-аг номеры.

эскулап — (рагон бердзенаг мифологийы низтæм зилыны бардуаг Асклепий) — афтæ худæджы хуызы фæхонынц дохтырты.

<Нæ хъæуыхицæуттæ> (405-æм фарс)

Мыхуыр уыд уырыссагау газет «Кавказ»-ы, № 215, 1901 азы. Сæргонды бæсты йыл уыд: Цæгат Ирыстонæй. («Кавказ»-ы уацхъуыд).

Иронау рацыд 1954 азы «Мах дуджы» 2-аг номеры.

Фыстæг редакцимæ (407-æм фарс)

Мыхуыр уыд уырыссагау газет «Закавказье»-йы, № 148, 1909 азы.

Ирон интеллигенцийы хæстæ (408-æм фарс)

Мыхуыр уыд уырыссагау газет «Закавказье»-йы 1909 азы ноябры номерты — 220, 224, 226.

Арсен ацы статьяйы дзуры ирон культурæйы рæзтыл, тох кæны бæрзонд аивадыл, фæлæ бафиппайын хъæуы, иуæй-иу культурон фæзындтæ æмæ фысджытæн раст аргъ кæй нæ кæны, уый. Зæгъæм, Брытъиаты Елбыздыхъойы сфæлдыстадæн, йæ хицæн уацмыстæн.

Нæ фыдбылызты фыддæр (413-æм фарс)

Мыхуыр уыд «Æфсир»-ы, № 4, 1910 азы. Авторы ном ыл уыд Ар. К.

Ацы статья уæрæхдæрæй уыд газет «Терские ведомости»-йы 1900 азы (кæс: «Ноджы ма ирæды тыххæй»).

Хъæууон банчытæ (414-æм фарс)

Мыхуыр уыд «Æфсир»-ы 5 æмæ 7 номерты. Авторы ном — Ар. К.

Хизанты тыххæй (419-æм фарс)

Мыхуыр уыд «Æфсир»-ы, № 12. Авторы ном — К.

хизантæ — афтæ хуыдтой, Гуырдзыйы æлдæртты зæххыл цы ирон адæм цард, уыдоны.

цъунайрагЦъунар — хъæу Хуссар Ирыстоны.

<Ирон чингуытæ> Библиографи (421-æм фарс)

Мыхуыр уыд газет «Хурзæрин»-ы, 1924 азы 2-аг номеры. Уыдис ыл авторы фæсномыг — Иунæг.

Байат, Гутнат — ирон мыггæгтæй ахæм формæйы Коцойты Арсен арæх пайда кодта 20-æм азты (Æлборты — Æлборат, Æмбалты — Æмбалат æмæ а. д.).

Елбыздыхъо Брытъиаты (422-æм фарс)

Мыхуыр уыдис, куыд некролог, афтæ газет «Хурзæрин»-ы, № 1, 1924 азы. Авторы ном ыл уыд Арсены фæсномыг — Иунæг. Газет рацыд 1-æм январы, некролог та фыст æрцыдаид 1923 азы, Елбыздыхъойы амæлæты фæстæ.

Елбыздыхъойы тыххæй Арсенмæ уыд ныхмæвæрд хъуыдытæ.

Иуæй йын стыр кад æмæ аргъ кодта, иннæмæй та йын йе сфæлдыстады уыдта æнæхъуаджы лæмæгъдзинæдтæ æмæ политикон гуымиры рæдыдтæ. Арсен 1934 азы ныффыста сæрмагонд критикон-биографион куыст драматурджы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй (кæс: Архив СОНИИ, фонд № 13, опись 1, ед. хр. № 37). Куыст у тынг тенденциозон, фыст у гуымиры социологизмы фæрæзтæй, йедзаг у вульгарон хъуыдытæ æмæ рæдыд хатдзæгтæй, уымæ гæсгæ хаст не ’рцыд чиныгмæ.

Къостайы цырты тыххæй (423-æм фарс)

Мыхуыр уыд газет «Рæстдзинад»-ы, № 72, 1926 азы. Авторы ном — Ар. К.

Æргом фыстæг Цæгат Ирыстоны ЦИК-м æ (424-æм фарс)

Мыхуыр уыд газет «Хурзæрин»-ы, № 35, 1927 азы. Фæстейы 2-аг абзацы ныхæстæ «йæхæдæг никæд скæндзæн пенсийы кой, фæлæ хицауадыл æмбæлы ацы хъуыддагмæ æркæсын» уыдысты бæзджын фыст, авторы бахахгонд. Эпиграф чысыл ивдгондæй ист у Къостайы зындгонд æмдзæвгæ «Памяти П. И. Чайковского», зæгъгæ, уымæй:

Тогда лишь в будущность народа я поверю,

Когда он гения оплачет своего.

Брытъиаты Елбыздыхъойы тыххæй (425-æм фарс)

(Мысинæгтæ)

Мыхуыр уыд «Мах дуджы», 1934 азы, № 5–6. Уацмыс у, æвæццæгæн, мыхуыр чи не ’рцыд, Арсены уыцы критикон-биографион очеркы иу хай.

Къоста (429-æм фарс)

(Мæ мысинæгтæй)

Уыдис «Мах дуджы», № 7–8, 1939 аз. Ацы мысинæгтæ ма чысыл ивддзинæдтимæ мыхуыр уыдысты «Мах дуджы» 1935 азы 3–4-æм номырты дæр, стæй æндæр рæтты дæр.

Сауджын æмæ молло ирон фольклоры (436-æм фарс)

Мыхуыр уыдис «Мах дуджы», № 3, 1940 аз.

Чысыл аргъау «Рувас æмæ уæрцц» ма хицæн уацмысæй уыдис журнал «Пионер»-ы, № 7, 1939 азы. Авторы ном ыл нысангонд уыди — К. Гуырысхойаг нæу, Арсен хицæн аргъæуттæ кæд адæмон сфæлдыстадæй райста, уæддæр сыл йæхæдæг кæй бакуыста, уый.

просфора — аргъуыд дзул, дингæнджыты уырнындзинадмæ гæсгæ, цыма Чырыстийы буарæй у, æмæ дзы чи фæхъæстæ уа, уый ссыгъдæг уыдзæн йæ тæригъæдтæй.

эффенды (туркаг дзырд) — афтæ пысылмон адæм фæдзурынц нымад лæгмæ.

Сывæллæтты литературæйы тыххæй (441-æм фарс)

Уыдис газет «Рæстдзинад»-ы, № 135, 1940 азы 10 июны.

Мæ куыст «Правда»-йы (443-æм фарс)

Мыхуыр уыд газет «Æрыгон большевик, № 54, 1941 азы 5 майы.

99 æви 100? (444-æм фарс)

Мыхуыр уыд «Рæстдзинад»-ы, № 8, 1923 аз. Уыдис ыл æвæрд Арсены фæсномыг — Гауарда.

Доктор Муха, Марк, Тедо æмæ Пидо сты æрымысгæ нæмттæ, аивадон персонажтæ. Арсен худы, иу литературон æвзаджы ныхмæ чи уыд, хицæн диалекттыл иу литературæ аразынвæнд чи кодта, уыдоныл.

Ацы хъуыддагыл ма Арсен ныффыста цалдæр уацы: «Нæ сæфты хъаугъа» (газет «Хурзæрин», № 27, 1927 азы 30 июль), «Ноджы ма нæ сæфты хъаугъайы тыххæй» («Хурзæрин», № 30, 1927 аз), «Ноджыдæр æмæ ноджыдæр национализацийы тыххæй» («Хурзæрин», № 37, 1927 аз), «Иугæйттæй... хицæнтæй» («Хурзæрин», № 10, 1928 аз).

Дубль Ве æмæ æртæ филолоджы (445-æм фарс)

Уыдис «Рæстдзинад»-ы, № 14, 1923 аз. Авторы фæсномыг — Гауарда. Уыцы аз газеты 12-æм номеры уыд Габойты Габойы (Арсены) уац «Ирон ног дамгъæты тыххæй». Уым комкоммæ дзуры филологтæ — Дзагуырты Гуыбады, Æлборты Барис æмæ Тыбылты Алыксандры тыххæй. Фельетоны æндæр вариант некролоджы хуызы уыд газет «Хурзæрин»-ы, № 2, 1924 аз. Ам æй æрхæсдзыстæм цыбыргондæй.

«Цхинвалы, Хуссар Ирыстоны сæйраг сахары, ацы аз, ацы мæй, стыр Ногбоны æмбисæхсæв, амарди Дубль Ве. Бирæ фыдæбæттæ федта уый цæрæнбонты, бирæ мæстытæ йын басыгътой йæ зæрдæ. Никæй зæрдæмæ цыди æппын. Æппæт æй æлгъыстой, æппæт æй фаудтой. Чи йæ къахæй схуыста, чи къухæй, чи йыл дур цавта, чи — лæдзæг.

Ныр амарди, æрынцади йæ фыдæбæттæй — рацыди Ирон газет ног алфавитыл æнæ Дубль Ве.

Дубль Ве амарди.

Йæ цæссыг ничи æркалдта Цхинвалы сахары марды уæлхъус. Ныгæд æрцыди куыдзы мардау.

Дубль Вейæн æрмæст иу æфсымæр уыди Дзæуджыхъæуы — Æлборты Барысби. Телеграм арвыста уымæ зианы тыххæй «Хурзæрин»-ы редакци.

Сæрдиаг кодта, ныббогъ-богъ кодта Æлборат, райста ставд цым лæдзæг æмæ дзы йæ пака ных нæмы.

Сау цæссыгтæ сау зæххыл парахатæй кæлынц, кæуыны уынæр Дзæуджыхъæуæй Калакмæ хъуысы.

Кæуы, æрдиаг кæны Æлборат æмæ дзуры:

— О мæ зынаргъ Дубль Ве! Мæ ныфс, мæ æнхъæлцау, мæ фæхæцæг ды куы уыдтæ!.. Дæ фæрцы æз хъуамæ фегад кодтаин латинаг дамгъæтæ ирон адæмы цæсты æмæ афтæмæй хъуамæ мæхи дамгъæты проект ацæуын кодтаин... Ныр та ма цы кæндзынæн!.. Цæй дзæгъæлæй мæ ныууагътай!.. О мæ зынаргъ Дубль Ве, цы ма кæндзынæн!

О Дубль Ве!

Куыд ма цæрдзынæн — ды кæмæн уыдтæ æмæ ды кæмæн нал дæ?! Æрдиаг кæны Æлбораты Барысби, йæ æрдиаджы уынæр Дзæуджыхъæуæй Калакмæ хъуысы. Йæ фæйнæфарс бакъул кодтой сæхи йæ компанионтæ — Гуыбады æмæ Давид, æмæ хæкъуырццæгæй кæуынц. Зианджынты маст цъус цæмæй фæсабыр уа, уый тыххæй «Хурзæрин»-ы редакци сарæзта рæсугъд быру Дубль Вейы ингæны алыварс — æркæсæнт зианджынтæ «Хурзæрин»-ы цыппæрæм цъармæ».

Ирыстоны нæуæг паддзах (446-æм фарс)

Фельетон мыхуыр уыд «Хурзæрин»-ы, № 21, 1927 аз. Авторы ном ыл уыд — Ар. К.

Фыссæг худы, мадæлон æвзаг алыхуызон хæддзу дзырдтæй æнæхъуаджы арвистон чи кæны, уыдоныл. Арсен йæхæдæг арæх пайда кодта уырыссаг дзырдтæй, фæлæ сын зыдта бынат, нысан æмæ бæрц.

равици (гуырдз.) — цы йын зонын, цæмæй зонын.

арвици (гуырдз.) — нæ зонын.

рогорц (гуырдз.)— куыд.

унда (гуырдз.) — хъуамæ.

шени чъири ме (гуырдз.) — дæ низтæ мæн (уæнт).

генацвале (гуырдз.) — рæвдауæн ныхас (дæ рынтæ ахæрон).

холот (мхолот) (гуырдз.) — афтæ.

къи (гуырдз.) — о.

Цокъе æмæ йе ’мгæрттæ (447-æм фарс)

Мыхуыр уыд «Æфсир»-ы, № 7, 1910 аз. Уыдис ыл Арсены фæсномыг — Иунæг.

Никъо æмæ Маро (448-æм фарс)

Мыхуыр уыд «Æфсир»-ы, МЬ 12. Рацыд анонимæй, фæлæ йын Арсен йæхæдæг 5 нывы кæй скодта, уымæ гæсгæ, стæй йæ стильмæ гæсгæ дæр æнæмæнг у Арсены фыст.

Мошорди акедан, шен дзагъло (гуырдз.) — адде у ардыгæй, куыдз!

дзидза (гуырдз.) — дыджызæ, дзидзидарæг.

Ной (451-æм фарс)

Мыхуыр уыд «Хурзæрин»-ы, № 27, 1924 аз. Рацыд, «Чысыл фельетон», зæгъгæ, ахæм рубрикæйы. Авторы ном ыл уыд — Иунæг. Арсен текстмæ гæсгæ сарæзта дыууæ нывы: 1) Ной цин кæны; 2) Ной æрдиаг кæны.

Ной — Ной Жордания, Гуырдзыстоны меньшевикты разамонæг, 1918 азæй 1921 азы февральмæ — сæ хицауады сæргълæууæг, фæстæдæр — эмигрант, лыгъд адæмæй фæсарæнты арæзта «ног хицауад» Советон республикæйы ныхмæ. Йæ партион хъузæттæ систы шпионтæ, фашизм æмæ империализмы агенттæ.

ваша, ваша (гуырдз.) — ура, цины хъæр.

тавади æмæ азнаури — гуырдзыйы æлдæрттæ æмæ уæздæттæ.

батъоно (гуырдз.) — æлдар. Ме ’лдар, зæгъгæ, гуырдзы буцæн фæдзурынц хистæрмæ, хицаумæ.

Сачхер æмæ Чъиатур — цæрæнбынæттæ Гуырдзыстоны.

Арвистон (452-æм фарс)

Ацы чысыл хабæрттæ мыхуыр цыдысты «Æфсир»-ы, Арвистон, зæгъгæ, ахæм рубрикæйы бын. «Хистхор», «Цы у æдылыдæр?», «Тебо æмæ ирæд», «Дыууæ дæр иу низæй рынчын» уыдысты 1-аг номеры; «Ус нал куры» уыд 3-аг номеры; «Бирæгъы цард хуыздæр у» — 4-æмы; «Дыууæ адвокаты» — 8-æмы æмæ «Сæгуыт» — 9-æмы. Иууылдæр рацыдысты æнæ авторы номæй. Афтæ-иу арæх фæзындысты Арсены уацмыстæ «Æфсир»-ы. Сæ темæтæ æмæ се стиль фыссæгæн хицон кæй сты, стæй журнал æнæном мыхуыры кæй нæ уагъта йæ карикатурæты фарсмæ, уыйадыл сæ хæссæм Арсены сфæлдыстадмæ, фæлæ дарддæр уыдзысты бæлвырддæр кæнинаг.

Карикатурæтæ (455-æм фарс)36

Коцойты Арсен уыд иттæг дæсны карикатурæтæ аразынмæ. Бæрзонд эстетикон æмбарынад æм кæй уыд, ууыл нын дзуры «Æфсир»-ы аивадон фæлыст — уым Арсен ирон адæммæ хæццæ кодта дунеон аивады уацмыстæ, ахуыр сæ кодта рæсугъдзинад æнкъарыныл. Фæлæ эстетикон домæнты фарсмæ Арсен арæхстгай æвæрдта политикон фарстытæ, æвнæлдта рæстæг æмæ ирон адæмы царды ахсджиаг хъуыддæгтæм. Карикатурæтæн цы политикон нысаниуæг уыд, уый ирдæй зыны, паддзахы цензурæ сæ ныхмæ куыд тох кодта, уымæй. «Æфсир»-ы кæсæм: «Редакци 8-æм номеры «Арвистонæн» нывтæ сцæттæ кодта, фæлæ сыл мыхуыр кæныны размæ цензурæ йæ арсы дзæмбы æрхаста, — уый тыххæй ацы № æнæ нывтæй баззади» (№8, 15 фарс). Тох цыди дарддæр. Иннæ хатт редакци фыссы: «Арвистонæн» ацы хатт æвæджиау хорз нывтæ бацæттæ кодтам, фæлæ та «цæйдæр» аххосæй мыхуыргонд не ’рцыдысты...

Цæй аххосæй? Уæрæсейы цæрæг адæм сæхуыдтæг куыннæ зондзысты, чингуытæ æмæ газеттæм цы дзуар, цы дуаг дары бар».

Арсены карикатурæтæ фыццагæй ссæдзæмы онг ист сты «Æфсир»-ы номертæй. Фæстаг цыппар та газет «Хурзæрин»-æй (№1, 1924 аз. Иунæджы карикатурæтæ; №9, 1924 аз). Газеты ма Арсен рауагъта иу къорд карикатурæйы, фæлæ æвзæр кæй зынынц, уымæ гæсгæ нæ бацыдысты чиныгмæ. Ам дзы мыхуыр кæнæм цалдæры фыстытæ.

1) Иунæджы æнæхъола хъулæттæ

1-аг ныв (сауджын æмæ молло мæгуыр лæджы ратон-батон кæнынц) Сауджын. Рацу махмæ — чырыстон дин хуыздæр у!

Молло. Рацу махмæ — пысылмон дин хуыздæр у! Хæххон дзигло. Фæдис! Удæгасæй мæ хæрынц!

2-аг ныв (Сырхæфсæддон сауджын æмæ моллойы кæрæдзиуыл цæвы).

Фæдисон (Советон хицауад). Цæй, æмæ уын уæ ныхтæ кæрæдзиуыл ныццæвон!

2) Иунæджы карикатурæтæ.

1-аг ныв. Аргъуаны.

Сауджын (адæмæн). Ма бæллут мæнг дунейы дзæбæхдзинæдтæм! Бæллут уæларвон рухс дзæнæтмæ!

2-аг ныв. Хæдзары.

Сауджын. Карчы фыд æмæ сырх сæн иумæ диссаджы хорз не сты! («Хурзæрин», №11, 1924 аз).

3) Иунæджы карикатурæтæ.

Цæгат æмæ Хуссар

Бимбол. Æгас куадзæнтæ дыл цæуæнт, Тедо! Тедо. Бæрæгбоны хорзæх дæ уæд, Бимбол! Дæ къух мæм авæр. Æйтт, чысыл ма сиваз дæхи! Тедо. Нæ, Бимбол, ивазынæй ницыуал, фæлæ фæндаг къæртт кæнын хъæуы ацы æлгъыст хæхты! («Хурзæрин», №12, 1924 аз).

4) Иунæджы карикатурæтæ.

Цыппар азы фæстæ

1-аг ныв (Гæмæхсæр лæг æхсæвыгон бæлæгъы æрбаленк кæны.) Жорданиа. Цон, ныр афон у æмæ та президенты бандоныл æрбадон.

2-аг ныв (Уыцы лæг тарстхуызæй, лидзгæйæ).

Жорданиа. Уæртæ ма уым сты фыдбылызы большевиктæ. Цон, лидзон, кæннод мын мæ фæрсчытæ ныссæтдзысты!.. («Хурзæрин», №17, 1927 аз).

Автобиографи (466-æм фарс)

Мыхуыры цæуы фыццаг хатт. (Цыбыргондæй ма рацыд 1954 азы «Мах дуджы», № 2). Машинкæйæ фыстæй ис ЦИНИИ-йы архивы (Архив СОНИИ, ОРФ, фонд № 13, опись I, ед. хр. 3). Фыст æрцыдаид 30-æм азты.

Ардасенты Хадзыбатыр куыд зæгъы (кæс: «Мах дуг», 1954 аз, № 2, 81 фарс), афтæмæй Арсен йæ автобиографи ныффыста 1935 азы Цæгат Ирыстоны наукон-иртасæг институты аспиранттæй иуы куырдиатмæ гæсгæ — уый хъавыд Арсены сфæлдыстадыл диссертаци фыссынмæ.

Роман «Фыдæлты æгъдæутты нывæндтæ» æмæ повесть «Кто виноват?» нæ баззадысты. Радзырд «Къæсса æмæ цъæх гæды», стæй, журнал «Нов»-ы цы уацмыстæ рауагъта, уыдон бæрæг æмæ æмбырдгонд нæма сты. Радзырд, æвæццæгæн, у «Дадолты мæты» варианттæй иу.

1925 азы мыхуыргонд æрцыди мæ радзырдты 1-аг æмбырдгонд... — чиныг рацыд 1925 азы нæ, фæлæ 1924 азы.

УÆЛÆМХАСÆН

Цы фæци Асæхмæты ирæд (472-æм фарс)

Фыццаг хатт фæзынд 1910 азы «Æфсир»-ы (№7, 14–16 фæрстæ), фыссæджы чингуытæм хаст никуы уыд. Ам мыхуыр цæуы «Æфсир»-ы текстмæ гæсгæ. Бæрæг нæу йæ ныффысты рæстæг.

Радзырды мидис æмæ йæ хъайтары хъысмæт дард сты æцæгдзинадæй. Уый æмбæрста Арсен йæхæдæг дæр æмæ фæстæдæр ног хуызы равæрдта уацмысы сюжет. Фыццаг варианты хъæлдзæг анекдотау цы хабар радзырдта, уый дыккаджы («Афтæ дæр вæййы») сси цардæй ист карз реалистон ныв.

Галиу хъуыддаг (473-æм фарс)

Ист у газет «Хурзæринæй», фæзынд дзы 1929 азы 1-аг номыры, авторы ном йæ быны нысан уыд иу дамгъæйæ — К. Сæргонды бынмæ къæлæтты фыст уыд: «Радзырды хуызæн». Ацы фиппаинаг, чи зоны, йæ жанрмæ нæ хауы, фæлæ фыссæг зæгъынмæ хъавы, хабар царды æцæг кæй уыдис, уый. Фæстæдæр ацы сюжетæй Арсен сарæзта пьесæ «Гæдыйы къах цыбыр у», кæс...

мæзджыт — пысылмæтты кувæндон.

постояли двор (постоялый двор) — бæлццæттæн æхсæвиуатгæнæн кæм уыд, стæй сæ бæхтæн бынат, ахæм кæрт.

хордзентæ — æмхæст дыууæ егъау хызыны.

сохтæ — моллойы æххуысгæнæг.

тахынæг — къалбас.

фæйнæджы гæбæзтæ — иконæтæ.

будсудзæн — буд кæм фæсудзынц æмæ сауджын кувгæ-кувын ахъеллаугæнæгау кæй фæкæны, уыцы дзаума.

городовой — пъæлицæйы кæстæр кусæг.

участок — ам: пъæлицæйы хайад.

Тутыр (477-æм фарс)

Мыхуыр уыд уырыссаг æвзагыл газет «Кавказ»-ы, № 236, 1901 аз. Сæргонды бын къæлæтты ис — «Радзырд ирон цардæй». Автор йæ фиппаинæгты уырыссагау æмбарын кæны дыууæ дзырды — «арахъ» æмæ «Тутыр». Тутыр хоны «бирæгъты бардуаг». Радзырд æвдисы дзуары бæрæгбоны æгъдау, адæмы нæрæмон зæрдæйы уаг. Цы зарæг дзы ис, уый автор хоны «стишки по адресу кадушки»:

Слава и нашей кадушке,

Кадушке неисчерпаемой...

Три дня будем пить, —

Три дня не истощится.

Уый, æнæмæнг, уыдаид адæмон зарæг, иронау куыд зæлыдаид, уый та зын раиртасæн у ныр ахæм уырыссаг тæлмацæй.

Фидис (478-æм фарс)

Мыхуыр уыд уырыссагау газет «Кавказ»-ы, № 211, 1901 аз, йæ сæргонд уыд иронау, автор æй йæ бафиппаинаджы тæлмац кæны — «Злая насмешка». Сæргонды бын къæлæтты — «Радзырд ирон цардæй». Уацмыс у радзырд «Сæумæрайсом»-ы 1-аг вариант. Сæ мидисы зынгæ ивддзинæдтæ нæй, фæлæ хицæн нывтæ, афыстытæ, архайдтытæ кæрæдзийæ дард кæй сты, уыйадыл æй уадзæм æнæхъæнæй.

Хин (482-æм фарс)

Мыхуыр уыд уырыссагау газет «Кавказ»-ы, № 231, 1901 аз, йæ сæргонд — иронау, йæ бынмæ къæлæтты — «Радзырд ирон цардæй». «Хины» нысан уырыссагау Арсен æмбарын кæны тексты мидæг, хатгай йæ ивы уырыссаг дзырд «колдовство»-йæ дæр. Фыссæг йæ фиппаинæгты амоны цалдæр дзырды: «Сафа» — артдзæст æмæ рæхысы бардуаг; «ердо» — артдзæсты сæрмæ фæздæгдзæуæн; «фæрдыг» (æвæццæгæн «Цыкурайы фæрдыг») — æрттиваг дурæй конд тымбылæг, æмæ «двайно» — дыууæ хатты уагъд ирон арахъ.

Ацин кодтой (490-æм фарс)

Мыхуыр уыд уырыссагау газет «Правда»-йы 1912 азы 159–161 номерты. У «Цуанонты» вариант. Хуссар Иры зæхкусджыты уавæрыл ма Арсенмæ ис уац «Хизанты тыххæй», кæс 419 фарс.

... æрцыд ахæм хабар, зæгъгæ, адæм нал уыдзысты æлдæртты дæлбар... — ам ис 1861-æм азы реформæйы кой.

... иу æхсæз-авд азы размæ, фæсивæд цæуылдæр æууæндыдысты... — ам ныхас цæуы 1905 азы революцийыл.

32 Пълагъодз (благъоц) — благочинный.

33 Хизантæ абоны онг дæр сты æрдæг хъазары уавæрты. (Автор).

34 Радзырдтæн нæй автографтæ, уымæ гæсгæ хицæнтæй нысан нæ цæудзæн уыцы фиппаинаг.

35 Арсен йæ уацмыстыл, кæд сæ ныффыста, уый нысан кæнын райдыдта æрмæст 1934 азы уагъд чиныджы. Ам амынд цæуынц фыссæгæн йæхи нысангонд азтæ.

36 Файлмæ карикæтурæтæ хаст не ’рцыдысты. Фенæн сæ ис дежавю-файлы.


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.