Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Коцойты Арсен

ДАДОЛТЫ МÆТ

Къамады чи нæ уыди, уый хъуамæ йæхицæй ма раппæла, зæгъгæ, æз Ирыстон зонын мæ къухты хуызæн.

Хорз хъæу у Къамад, æнахуыр хъæу. Хæдзæрттæ дзы уыйас бирæ нæй, æрмæст 21, æвæрд сты тынг бæрзонд, кæмдæр æврæгъты бын. Дзоныгъ, кæнæ уæрдон кæд аэроплан схæсса Къамадмæ, уыййеддæмæ сын ссæуæн нæй. Уырдæм фæндаг ис æрмæст базырджын мæргътæн, кæнæ ахæм цæрæгойтæн, къахæй цæуын хорз чи зоны: хæрæг, адæймаг, куыдз æмæ æндæр ахæмтæн.

Уым Ныхасы фендзынæ, сæдæ азы кæуыл цæуы, ахæм зæрæдты, горæт цы у, уый нæ зонынц. Кæцæй горæт та! Сæ быны, дæлвæзы стыр хъæумæ дæр никуы æруагътой сæхи.

Хуыцау дæ ма срæдийын кæнæд уыдоны раз, зæгъгæ, ис ахæм уæрдон, æврæгъты æмвæз чи тæхы, кæнæ, зæгъгæ, сæдæ верстмæ дыууæ адæймаджы, æнцад дзургæйæ, кæрæдзи хъусынц. Куы срæдиай, уæд сæ цæсты ницыуал уыдзынæ, гæдыйы ном дыл сбаддзæн.

Къамады адæм тынг уарзынц «Тутыры нозт». Бæзджын къуымæл æмæ арахъ хæццæйæ къуырийы бæрц нывыл æмбæрзтæй куы фенхъизой, уæд уый у «Тутыры нозт». Уазæгæн дæр буц нуазинагæн уый радавынц, æмæ дзы хъæзын къусæй иу куы акъахы, уæд дыккаг нал фæкомы.

Афтæ у Къамады хъæу.

***

Къамады цæгатгæрон царди хибаргомау Дадолты Сымси, дыууиссæдзазыккон, бурхил æмæ гуыбырфындз лæг. Дæс азы рацыдис, афтæ Сымси ус æрхаста, фæлæ йын зæнæгæй ницы ис. Йемæ ма цæрынц йæ дыууæ абадгæ хойы. Иуыл дзы цæуы 32 азы, иннæуыл 34. Хистæр хуыйны Гатъи, кæстæр — Фатъи.

Сымсийы бинонтæ сыхæгтæй æвзæрдæр, мыййаг, нæ цæрынц, кусынц, амалтæ кæнынц.

Фæлæ мæнæ ацы æнамонддзинад...

Тынг галиутæ конд у дуне.

Иуæй-иуæн йæ сывæллæтæ афтæ сбирæ вæййынц, æмæ сæ йæ уд йæ хъуырмæ свæййы. Сымсийæн та ныр дæсæм аз иу сывæллон дæр нæма ис. Иуæй-иу чызгыл курджытæ ныккæлынц æмæ æдзух «нæ», «нæ» кæны, Гатъи æмæ Фатъийыл та сæ цæрæнбонты иу сдзурæг дæр нæма уыди.

Гъе, уастæн, дæлæмæ фæуайа уыцы хъысмæт, кæд куыд галиу у!

Иу зымæгон хъуынтъыз боны, Сымси суг ласынмæ куы уыди, чындз æмæ дыууæ чызджы къонайы фарсмæ къуымбил куы пырдтой, уæд хæдзармæ бауади сыхæгты ус зынгагур.

— Ног хабар нæ фехъуыстат?

Уыдон сæ хъустæ ацæттæ кодтой хъусынмæ.

— Цавæр хабар?

— Ныртæккæ Биганон уæртæ Тызмæгатæм æрфысым кодта.

Æртæ сылгоймаджы æмдзырд скодтой:

— Дæсны Биганон?

— Уæдæ, йæ нывонд æрбауон!.. Уымæ Хуыцауæй курдиат ис. Уый зæдты æмбал у.

Æртæ сылгоймаджы æнæ дзургæйæ, бирæ ракæс-бакæс фæкодтой кæрæдзимæ æмæ бамбæрстой кæрæдзи хъуыдытæ.

Куыддæр сыхаг æхсныфы уæлæ зынджытæ фелвæста æмæ дуары æдде фæцис, афтæ хæдзар байдзаг цины ныхас, цины уынæрæй.

— Гъеныр ма исты зæгъыс, Гатъи?

— Æмæ ма ды исты зæгъыс, Фатъи?

— Йæ рынтæ йын ахæрон Биганонæн. Уый зæдты æмбал у, зæдты æмбал, — загъта чындз, йæ гуыр дыууæрдæм æнкъусгæйæ.

Гатъи сыстади, йæ цыргъ фындз размæ адардта æмæ загъта:

Биганонæй дæсныдæр æгас Ирыстоны нæй. Уый нын зæрдиагæй бафæрсæд, уыййеддæмæ 30-азыккон хъал барæг мæнмæ курæг æрбалæудзæн. Фатъимæ дæр исчи зындзæн. Дæуæн та, чындз, фыры хъулы хуызæн лæппу æрбайгуырдзæн.

Фатъийæн хъыг уыди Гатъийы дзырд «исчи зындзæн». Сыстади уый дæр.

— Дæумæ, Гатъи, 30-азыккон курæг зындзæн. Мæнмæ та... мæнæ йæ уынын мæ разы... Мæнмæ та курæг æрбалæудзæн 25-азыккон тæгиаг барæг... О... о... мæнæ, уынын æй мæ разы.

Чындз йæ ходыгъды ныхæстæм уыйбæрц нæ хъуыста. Уымæн йæ сæрымагъзы фæйлыдтой æндæр хъуыдытæ. Бирæ фæлæууыди, йæхимæ хъусгæйæ, стæй сдзырдта:

— Æз мæ лæппуйыл цы ном сæвæрдзынæн, уый зонут?

— Цы?

Алымæт. Тынг рæсугъд ном мæм кæсы.

Фæлæ ходыгъдтæй дæр алчи йæхи тыххæй хъуыды кодта. Гатъи загъта:

— Мæ мойаг хуыйны Зауырбег... Рæсугъд ном нæу?.. Бæрзонд, хæрзконд лæппу. Раст мæнæ сымах куыд уынын, афтæ йæ уынын мæ разы.

Фатъийæн та хъыг уыдысты Гатъийы ныхæстæ.

— Ныр цытæ дзурыс, Гатъи? Бæрзонд, хæрзконд лæппу мæ мойаг куы у! Фæлæ мын Зауырбег нæ хуыйны, Хъауырбег хуыйны. Куыд хæрзконд, куыд уындджын у! Æвæццæгæн, æгас Ирыстоны ахæм нæй!

Чындз та йæ гуыр дыууæрдæм æнкъусын байдыдта. Бæрæг уыди, цыдæр зæгъынмæ та кæй хъавы. Хинымæр дзурæгау райдыдта:

— Мæ лæппу... мæ лæппу! Алымæт, мæ уды гага... Цы хуызæн дзæбæх лæппу уыдзæни... Æгас Къамады... Нæ, æгас Ирыстоны уымæй дзæбæхдæр лæппу нæ уыдзæн. Æз ын тæккæ райсом цæттæ кæнын райдайдзынæн худ, цухъа æмæ æндæртæ.

Чындз йæ цæстытæ бацъынд кодта.

— Мæ хуры чысыл, Алымæт, рауай-ма ардæм, рауай!.. Дæ разы та дæ къухтæ рыджы куы счъизи кодтай!

Афтæ цас фæдзырдтой чындз æмæ дыууæ ходыгъды, уый бæрæг нæ уыди, фæлæ сын иу цыдæр сæ хъуыдытæ æндæрырдæм фæцарæзта: уынгæй айхъуысти цæуджыты уынæр. Гатъи цæрдæг фестади æмæ акасти рудзынгæй.

Бамбæрстой чындз æмæ йæ ходыгъдтæ, адæм дæснымæ кæй фæцæуынц, æмæ сæхи цæттæ кæныныл фесты.

Алкæмæ дæр сæ разынди æвæрд æхца, тынтæй, цъындатæй кæй бакуыстой, фæлæ ма сæ æхцайы йеддæмæ алкæй дæр хъуыди исты дзаума — æнæ дзаумайæ фæрсæн нæй.

Гатъи загъта:

Зонут, цас хуыздæр лæвæрттæ ракæнæм Биганонæн, цас ын æхца дæр фылдæр раттæм, уыйас нын хуыздæр бафæрсдзæн.

Чындз та йæхи базмæлын кодта.

— Йæ нывонд æрбауон, æз ын ницы бацауæрддзынæн, æрмæст мын Алымæты фенын кæнæд!

Æртæ сылгоймаджы æрæвæрдтой фæйнæ дыууадæс сомы æхца. Лæварæн чындз рахаста зæлдаг кæлмæрзæн. Гатъи рахаста хæрдгæйæ арæзт дзабыртæ. Фатъи та раласта кæцæйдæр батист къабайаг. Йæхицæн æй æвæрдта куадзæнмæ, фæлæ цы гæнæн ис, мой ын куы уа, уæд ын къабатæй фылдæр цы æлхæндзæн!

Æхца дæр, дзауматæ дæр цæттæ уыдысты фæрсынæн, фæлæ хъуыддаг ууыл нæма ахицæн ис.

Æртæ дæр дзырдтой:

— Æз цæуын! Æз цæуын!

Бирæ фæхъаугъа кодтой. Чысыл ма бахъæуа, кæрæдзи дзыккуты сæ къухтæ асадзой.

Æппæрстой хæлттæ дæр. Кæй хал-иу схаудта, уый-иу цæуыныл куы фæци, уæд та-иу ыл иннæтæ ныххæцыдысты, ды, дам, дæхицæн хуыздæр бафæрсдзынæ. Ногæй та-иу бахъуыди хæлттæ исын. Æппынфæстаг æртæ дæр иумæ ацыдысты.

Дадолты æртæ сылгоймаджы кæд уыйас нæ бафæстиат сты, уæддæр бирæ адæм баййæфтой Тызмæгатæм. Хæдзары тыргъ дзаг уыди адæмæй — иууыл устытæ. Кæмæн йæ дæлармы зынди хъуымацы гæбаз, кæмæн исты дзаума — иуæй-иутæ æрбадавтой семæ хæбизджынтæ, физонæггонд кæрчытæ двайноимæ, наливкæимæ — уыдон та дæсныйæн уæлдай зæрдæлхæнæн. Диссаг уыди, афтæ тагъд куыд ацæттæ кодтой уыцы хæринæгтæ, æвæццæгæн, уыдонæн раздæр зындгонд уыди Биганоны ссыды бон, фæлæ йæ иннæ адæмæй æмбæхстой.

Хъæр, цъæхахст, æлгъыст æмæ алыхуызон уынæр хъуысти тыргъæй. Алчидæр йæхи хъардта Биганонмæ раздæр бахæццæйыл. Устытæ, размæ бырсгæйæ, кæрæдзи схуыстытæ æмæ тъæппытæ кодтой. Иу ус æгæр куы бырста размæ, уæд ын иу æндæр йæ тæбæгъæй физонæггонд карк фелвæста æмæ йæ кæртмæ фехста. Карчы хицау ма йæ фæдыл рауади, фæлæ йæ нал раййæфта — дыууæ куыдзы йыл сæхи ныццавтой æмæ йæ ратон-батон кодтой. Уыцы тохы мидæг кæмæндæрты сæ цæсгæмттæ фæцъæррæмыхстытæ сты. Иу усæн та йæ дзыккутæй бындзыг атындæуыди æмæ йæ ныр йæ къухы тымбылтæй дардта.

Дадолты æртæ сылгоймаджы куы бацыдысты тыргъмæ, уæд уыдис æмбисбон, хур къæдзæхты аууон фæци, афтæ сын стыр зынæй бантысти Биганоны уатмæ бацæуын.

***

Дари æмæ зæлдаджы фæлыстæй бадти къæлæт бандоныл Биганон. Къæлæт бандон ахæм уыди, æмæ йыл нывыл адæймæгтæй дыууæ уæгъдæй æрбадтаиккой, фæлæ дзы Биганон цыма тыхтъыст уыди, уый хуызæн бадти. Сæвджын ус у Биганон. Æвæццæгæн, Дадолты чындз æмæ дыууæ чызджы, иумæ æрбадгæйæ, уыйас нæ аййафиккой.

Биганонæн бæрзæй нæ уыди æппындæр, кæд ын уыди бæрзæй, уæддæр дзы æддæмæ ницы зынди: сæр цæрдæвæрдау зынди гуырыл. Чи зоны, исчи уыдаид Беслæныхъæуы æмæ федтаид фæззыгон цæттæ настæ. Вæййы дзы сырхбын бур настæ, афтæ дыууæ путмæ æввахс сæ уæз. Уыдонæй иу æрæвæр хосы мæкъуылы сæр, уæд уый дардæй бакæсгæйæ уыдзæн Биганоны хуызæн. Биганонæн ис худгæ гыццыл цæстытæ. Чи зоны, уыцы цæстытæ фыццаг афтæ гыццыл нæ уыдысты, фæлæ сæ нард алырдыгæй куы балхъывта, уæд ма сæ зынди уынгæг дыууæ хуынчъы. Былтæ дæр уыдысты нарст фырнæрдæй æмæ сыл æдзух бадти æмхуызон мидбылты худт.

Дадолты æртæ сылгоймаджы дуары мидæг куы фесты, уæд сагъды хуызæнæй баззадысты, фезмæлын дæр нал уæндыдысты, дзурын дæр — никуыма федтой уыдон ахæм хæрзуынд сылгоймаг. Куыддæр тæрсæгау дæр кодтой: æнцон нæу, зæдтимæ уынаффæ чи кæны, уый раз лæууын.

— Æрбадут уæртæ бандоныл, уæ хорзæхæй! — рæвдаугæ хъæлæсæй сдзырдта Биганон.

Къулы рæбын иуварсæрдыгæй æвæрд уыди даргъ бандон, ууыл рæнхъæй рабадтысты Дадолты æртæ сылгоймаджы.

— Цы зæгъут, мæ хуры чысылтæ? — фæлмæн хъæлæсæй сæ бафарста Биганон.

Æвиппайды сæ ничи сарæхсти дзурын, фæлæ æрæджиау Гатъи фæхъæбатыр æмæ загъта:

Æз æмæ уæртæ уый, мæ хо, æгæр абадтыстæм, æнхъæлдæн, æмæ дæхæдæг зоныс... Уæртæ фаллаг та нæ чындз у. Куы йæ æрхастам, уæдæй цæуы дæс азы, æмæ йын зæнæгæй ницы ис... Зоныс дæхæдæг...

Биганон арф ныуулæфыдис, йæ сæр дыууæрдæм батылдта.

— Куыд æвзæр сты адæм, куыд! Куыд хæлæг сты! Кæрæдзи куыд нæ уарзынц! Ахæм хинтæ араз дæ сыхæгтæн?!

Ацы дзырдтæм хъусгæйæ, Дадолты сылгоймæгтæй алчидæр хинымæр ахъуыды кодта: «Диссаг нæу, цы тагъд базыдта хъуыддаг!»

Гатъи рамбырд кодта лæвæрттæ æмæ сæ рудзынджы дæлвæйнæгыл æрæвæрынмæ хъавыди, фæлæ йæ Биганон фæурæдта:

— Уым нæ, мæнæ сæ мæ разы къуымы æрæвæр!

Къуым дзаг уыди алымыггаг дзауматæй, сæ цæнд стъолæй фæбæрзонддæр ис. Уыдон уæлæ æвæрд æрцыдысты Дадолты дзауматæ дæр.

Биганон афтæ æнхъæл уыди, æмæ фæрсджытæм æндæр ницы ис фæрсæггаг æмæ йæ цæсгом тар дардта. Гатъи фæхъуыды кодта хъуыддаг, райста æмбæлттæй æхца æмæ загъта:

— Дæ рынтæ дын бахæрон, зонæм, зонæм, цытæ хъæуы, уыдон иууылдæр... Мæнæ фæйнæ дыууадæс сомы...

Биганоны тар, пух цæсгом фæрухс ис. Хæмпус къухты ассæста æхца æмæ сæ йæ дзыппы афснайдта.

— Афтæ, мæ хуртæ, афтæ, — загъта Биганон. — Адæм нæ уарзынц кæрæдзи... Алы фыдбылызтæ аразынц, хинтæ кæнынц...

Адаргъ кодта Биганон йæ къух стъолы сæрты донæйдзаг агуывзæмæ, ныппæрста дзы æрттиваг цыдæр, æнгузы йас æмæ дон змæнтын байдыдта къæцæлæй... Йæхæдæг цыдæр æнахуыр дзырдтæ кодта рæстæгæй-рæстæгмæ. Чындз æмæ дыууæ чызджы тарстхуызæй кастысты дæсныйы змæлдмæ. Рацыдаид æртæ минуты бæрц, афтæ Биганон бакасти фæрсджытæм æмæ сындæггай сдзырдта:

— Нæ уын зæгъдзынæн чи у, фæлæ уын уæ сыхæгтæй чидæр хин скодта. Уæ амонд у, æмæ афойнадыл фæзындыстут фæрсынмæ.

Æртæ сылгоймаджы кæрæдзимæ бакастысты.

— Ис нын, ис, знæгтæ, — сдзырдта Гатъи.

— Ис уын знæгтæ, фæлæ сæ хинтæн та хос ис мæнмæ.

Биганон тынгдæр сызмæста дон агуывзæйы æмæ йæм рухсмæ бирæ фæкастис. Ацы хатт бирæ фенкъуыста йæ сæр. Йæхинымæр та хъуыды кодта: «Адонæй ма исты ратонын бантысид, чи зоны».

— Сæ арт бауазал уа уыцы знæгтæн! — загъта Биганон. — Диссаджы тыхджын хин нæ сарæзтой! Тынг зын фæрсæн уын у, æмæ ма хъуамæ фæйнæ фондз сомы самал кæнат.

Ныхас кæрæдзи дзыхæй исгæйæ, æртæ сылгоймаджы сдзырдтой:

— Дæ нывонд æрбауæм!..

Дæ фæхъау фæуæм!..

— Дæ рынтæ дын ахæрæм!..

— Нæ амонды тыххæй цы бацауæрддзыстæм!

Кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой æртæ сылгоймаджы æмæ та бамбæрстой кæрæдзи: «Æхца ма уыйас кæм ис, фæлæ йын нæ морæ тын раттæм!»

— Нæ зæдыхай, — загъта Гатъи, — æхцайы бæсты дзаума нæ айсдзынæ?

— Дзаумамæ гæсгæ у.

— Диссаджы морæ тын нæм ис. Афæдзы дæргъы йæ æртæйæ фæуæфтам.

Биганон сразы ис тын исыныл, фæлæ æртæ сылгоймагæй иуы дæр нæ фæндыди тын хæссынмæ цæуын: алчи дæр сæ тарстис, зæгъгæ, уый фæсаууон дæсны иннæтæн хуыздæр куы афæрса.

— Уæд та дын æй фарсты фæстæ æрбахæсдзыстæм! — сарæхсти зæгъынмæ чындз.

Биганон банкъуыста йæ сæр.

— Нæй уый гæнæн. Дзаума мæ разы куы нæ уа, уæд фарстæн нæй рæстмæ ацæуæн.

Ницыуал гæнæн уыди, æмæ Гатъи ауади тынмæ. Цас цæуын æй хъуыди — дыууæрдæм иу-дæс минуты.

Биганон тын къухæй ауыдта æмæ йæ йæ фарсмæ æрæвæрдта — бæрæг уыдис, йæ зæрдæмæ кæй фæцыди.

Райста та дæсны агуывзæ æмæ йæ æртыккаг хатт тынг бирæ фезмæста, бирæ йæм фæракæс-бакæс кодта, стæй загъта:

— Æртæмæйдзыд хъулон сæныкк снывонд кæнут дæлимонтæн... Сæ бон аивгъуыдта, фæлæ уый ницы кæны. Уæхи йеддæмæ дзы æддагон адæймаг ма фæхъæстæ уæд. Иу хæрд æй бакæнут уæхæдæг æртыццæг æхсæв. Йæ уæлдæйттæ, йæ царм æмæ йе стджытæ йын аууон ран баныгæнут, уыдонæй дæр куыд ничи фæхъæстæ уа, афтæ. Цы æхсæв снысан кæнат, уыцы æхсæв уæм хъуамæ уазæг ма уа, хъуамæ уæ дзауматæй сыхæгтæм, мыййаг, мацы баззайа. Дзидза хæрын хъæудзæн æдзæххæй, æнæ кæрдзынæй.

Ныр уын зæгъон иннæ ’гъдæуттæ. Сæныкк æргæвдын хъæуы галиу къухæй. Куы сфыца, уæд скувын хъæуы зинæн27 æмæ кæстæр дæлимонтæн æппæтæн. Стæй дзидзатæ сивыры28 мидæг къонайы раз ныууадзут, уæхæдæг рацæут хæдзарæй, дуар рахгæнут æмæ банхъæлмæ кæсут сахатырдæджы бæрц. Хъуамæ дзы зин йæхæдæг, кæнæ йæ кæстæр æнæзæгъинæгтæй исчи ацахода. Кæд дзы дзæвгар комдзаггонд разына, уæд уæ куывд тынг æхцон у дæлимонтæн, кæд дзы зына-нæзына ахуыст разына, уæд дæр хорз. Ахæссут ацы дыууæ гыццыл авджы. Мæнæ ацы нозт арæзт у бæлоны æппарæнтæй. Æлгъ ыл, мыййаг, ма кæнут... Бæлонæй фылдæр уарзондзинад никæмæ ис... Уый хъуамæ баназой хæрды размæ дыууæ чызджы. Мæнæ ацы нозт та у арæзт хуыйы æппарæнтæй. Уымæй фылдæр цотникæмæн цæуы. Уыйта хъуамæ баназа чындз... Цæут ныр! Дæлимонтæ уын уæ фæндтæ сæххæст кæнæнт!.. Цы уын дзырдтон, уымæй мацы ферох кæнут. Исты дзы куы ферох кæнат, уæд-иу мæнæй хъаст ма ракæнут. Уæхи аххос уыдзæн!

Сæ къæхтæ зæххыл цыма нал хæцыдысты, уыйау цыдысты æртæ сылгоймаджы сæ хæдзармæ. Изæры, Сымси куыстæй куы æрцыди, уæд ын радзырдтой хабар, радзырдтой, кæд æмæ куыд аразын хъæуы сусæг куывд дæлимонтæн, æрмæст не схъæр кодтой, фæрсæггаг фæйнæ дыууадæс сомы æхца кæй раттой, уый.

Иу тын ницы кæны... Зынаргъ нын нæ бафарста, — загъта Сымси. Уымæн æхсызгон уыдис, афтæ кæй сарæхстысты йæ бинойнаг æмæ йæ хотæ. Биганон хуымæтæджы дæсны нæу, бирæ фехъуыста уый тыххæй Сымси. Уастырджийы куы бафæндид, æмæ ацы къонайы фарсмæ бæгъæмзæнг сывæллæттæ рауай-бауай куы кæниккой.

Гатъийы æмæ Фатъийы тæригъæддаг бадтмæ дæр куы нал кæсид!

***

Фарсты бонæй фæстæмæ лæг дæр, æртæ сылгоймаджы дæр зынгæ фæхъæлдзæгдæр сты. Фыццаг тызмæг ныхас æмæ бустæй фылдæр цы хъуыстис ацы хæдзары. Ныр æдзух сабыр ныхас, рæвдауæн ныхас. Æрмæст ма-иу лæг куыстмæ куы ацыдис, уæд-иу хаттæй-хатт Гатъи æмæ Фатъи абыцæу сты, сæ мойæгты тыххæй дзургæйæ. Алчи дæр сæ йæхионы хуыдта хуыздæр, рæсугъддæр, хъаруджындæр. Ахæм быцæу дæр-иу бирæ нæ ахаста, уайтагъд-иу айрох ис.

***

Сымси рагацау бацагуырдта æртæмæйдзыд сæныкк. Бинонтæ йæ хæдзары къуымы бастæй хастой, алчи йын йæ комдзаг йæ дзыхæй æвгъау нæ кодта.

Мартъийы мæйы, фыццаг æртыццæг æхсæв, хъæубæсты уынæр куы никæцæйуал хъуысти, алчи, æвæццæгæн, йæ фыццаг фынæйы куы бацыди, уæд Сымсийы сæныкк дæр, къуыдыр фыхæй, сивыры æвæрд фæцис.

Æвæццæгæн, сæ цæрæнбонты Дадолтæ нырæй зæрдиагдæр никуы скуывтой Хуыцауæн дæр, зæдтæ, дауджытæн дæр. Зæрдæйы бынæй цыдысты Сымсийы куывды ныхæстæ, зæрдæйы бынæй æртæ сылгоймаджы дæр æрвыстой сæ фæндонтæ дæлимонтæм, фæдзæхстой сæхи.

Сымси систа сивыр æмæ йæ къонамæ хæстæг æрæвæрдта. Цыппарæй дæр рацыдысты тыргъмæ, хæдзары дуар фидар бахгæдтой.

Лæууынц Дадолтæ тыргъы. Улæфын дæр сæ дзæбæх ничиуал уæнды, афтæмæй хъусынц мидæмæ. Рæстæгæй-рæстæгмæ куы сæ иу, куы иннæ авæры йæ хъус дуарыл.

Æвиппайды Гатъи йæ иу къахыл скафыди, æнæдзургæйæ къухæй амоны, зæгъгæ, сымах дæр байхъусут. Цыппар дæр сæ хъустæ Дуарыл авæрдтой, цыппар дæр къухтæй æмæ цæстытæй кæрæдзийæн æмбарын кæнынц, ис, дам, ис. Цин кæнын байдыдтой иууылдæр. Стыр æхсызгондзинад фыст уыдис Сымсийы цæсгомыл, фæлæ уый йæхиуыл хæцыди, иннæтау уæлдай змæлдтытæ нæ кодта.

Иннæтæ сæхицæн бынат нал ардтой, куы-иу сæ иу сгæппытæ кодта, куы иннæ. Зæххыл дæр-иу абадтысты фырцинæй. Рацыдаид иу-ссæдз минуты бæрц, афтæ та Сымси йæ хъус авæрдта дуарыл, ныхъхъуыста, стæй загъта:

— Нал хъуысы уынæр. Афон у мидæмæ цæуынæн!

Сымси разæй, иннæтæ йæ фæстæ, афтæмæй бацыдысты хæдзармæ, сæ цæстытæ сивырмæ ныццавтой.

Сивырмæ æххæст нæма бахæццæ сты, афтæмæй ауыдтой, дзидзатæ сæ æвæрдыл кæй нал сты, æмæ, цингæнгæйæ, сивыры алыварс абадтысты дзуццæджы.

— Куыд зыд хæрд дзы акодта! — сдис кодта Гатъи. — Кæсут-ма, мæнæ дзы иу хай та зæхмæ раппæрста.

— Фыртагъдæй, æвæццæгæн, — сындæг сдзырдта Сымси.

— Мæнæ дзы ацырдыгæй дæр ис æвнæлд!

— Мæнæ дæр дæндагдзæф!

Афтæ æмдзырд кодтой цыппар адæймаджы, сивыры алыварс фырцинæй тæлфгæйæ, цæстытæ сивырыл зилгæйæ.

Дадолтæ сæ цинæй чысыл куы фæсабыр сты, уæд æрхъуыды кодтой, афойнадыл хæрын дæр кæй хъæуы.

Сылгоймæгтæ рахастой сæ нуазинæгтæ. Чындз йæ нуазинаг базмæста æмæ йæ уайтагъд авджы хъуырæй ацъырдта, фæлæ дыууæ чызджы дзæвгар абыцæу кодтой, сæ нуазинаг уаргæйæ сæ алкæй дæр фæндыди хосæй фылдæр аназын.

Æрбадтысты бинонтæ сивыры алыварс хæрынæввонг.

— Афтæ нæ, — загъта Гатъи. — Хъуамæ ахуыст хæйттæ æмхуызон байуарæм!

— Байуарæм, байуарæм! — сдзырдтой иннæтæ дæр.

Бавнæлдтой бинонтæ хæрынмæ, æмæ-иу сахатмæ сивыры аззадис æрмæст къæхтæ æмæ сæр. Уыдон бахæрынæн ницыуал бафæрæзтой бинонтæ æмæ сæ кæрты, къулы рæбын, баныгæдтой.

Фырæфсæстæй, уæззау улæфгæйæ, ацыдысты бинонтæ сæ хуыссæнтæм.

Уыцы сахат кæрчытæ дæр фыццаг уаст ныккодтой.

Æрæгмæ сыстадысты райсомæй Дадолтæ. Хур хæхты сæр бæрзонд ссыди, афтæ бинонтæ бамбырд сты къонайы алыварс.

Афтид æмæ æдзæхх дзидзайæ фырхæрд, æвæццæгæн, бинонтыл афтæ рогæй нæ ауади — рынчынты хуызæн уыдысты иууылдæр. Дзургæ дæр нывыл нæ кодтой кæрæдзимæ.

Чындз цæмæдæр фæкомкоммæ ис къуыммæ.

Иннæтæ дæр фæкастысты уырдæм.

Гатъи фестади. Хъæр кæны:

— Фесæфта къуым... Читт! читт! афардæг у!

Гæды дуарæй агæпп кодта.

Гатъи къуыммæ лыстæг кæсы.

— Кæд скалдта йæ дзыхæй æнæууылд дзидзайы комдзæгтæ!

Лæджы зæрдæ фæгуырысхо ис: «Нæфæтчиаджы дзидзайæ ма бахæрæд!.. Уæдæ æндæр кæм бахордтаид?..»

Дзуры иннæтæм:

— Чызджытæ, дысон дуар æхгæд куы уыди, уæд цымæ гæды мидæг нæ баззади?

Цыппарæн дæр фыдхъуыдытæ сæ сæрты абадтысты.

Чындзæн йæ зæрдыл ныр æрбалæууыди: дысон мидæмæ куы фæцæйцыдысты, уæд уый уыди фæстейæ æмæ, куыддæр къæсæрыл бакъахдзæф кодта, афтæ йæ цæстытыл ауади, гæды куыд рагæпп кодта тыргъы ’рдæм.

— Уæдæ уый уыди аходæг дæр, уый! — æрдиаггæнæджы æнкъуыст бакодта Сымси йæ сæр. — Дæлимон афтæ дзæгъæл æппæрст нæ ракодтаид дзидзаты зæхмæ.

Хъыпп-сыпп нал хъуысти хæдзары иу-дыууæ минуты бæрц. Дадолтæ цыппарæй дæр сагъдау аззадысты хæдзары астæу.

— Мæнæ уæ къæсса! — бадзырдта къæсæрæй сыхæгты гыццыл лæппу. — Дысон мæ ферох ис æрбадавын.

Къæсса къæсæры мидæгæй æрхаудта, лæппу азгъордта фæстæмæ.

Æвæццæгæн, ирд боны арвдзæфыл афтæ нæ фæдис кодтаиккой ацы цыппар адæймаджы, ныр къæссайыл куыд фæдис кодтой. «Цæй сæфты рох сæ фæцис уый æрхæссын?! Куыд никæй зæрдыл æрлæууыди, сæ иу дзаума æддæ кæй баззади, уый?!»

Фыццаджыдæр лæгæн æрцыди йæ зæрдæ йе ’муд.

— Хæлиудзыхтæ! — мæсты хъæр фæкодта Сымси. — Хорз сæххæст кодтат Биганоны амындтæ! Цин кæнут ныр уæ мойæгтыл æмæ уæ сывæллæттыл!

Уæззау къахдзæфтæй рацыди Сымси хæдзарæй, фæлæ уайтагъд фездæхти фæстæмæ æмæ бадзырдта къæсæрæй:

Уæртæ æххæст фенут сæныччы уæлдæйттæ дæр. Куыдз сæ ракъахта, бафсæста йæхи æмæ дзыхъхъы фарсмæ хуыссы.

Æртæ сылгоймагæй хъыпп-сыпп йæ дзыхæй никæмæнуал хауди, фæлæ сæ алчи дæр хинымæр хъуыды кодта ног фарсты тыххæй: хъуамæ та бацæттæ кæной ног фарстæн æхца дæр, исты лæвæрттæ дæр.

ФИППАИНÆГТÆ

Мыхуыр цæуы «Уацмысты» текстмæ гæсгæ. Фыццаг хатт рацыд «Хурзæрины», № 2, 1928 аз, йæ сæргонд — «Хæддзутæ». Ног сæргондимæ фыццаг хатт бацыд — ЦХ-29. Кæд фыст у, уый бæрæг нæу. Радзырдæй Арсен сарæзта пьесæ «Сау мигъ».

Бафиппаинаг у, дæсны Биганоны сурæт тынг хæстæг кæй у радзырд

«Хины» архайæг дæсны Айсæты сурæтмæ; фæстаг уацмыс мыхуыр уыд 1901 азы.

тæгиаг (тæгиан) — Тæгиатæй, Иры уæздæттæй (ивгъуыд заманы).

хæрдгæйæ арæзт дзабыртæ — сызгъæринытылд æндæхтæй нывæфтыдтимæ.

батист къабайаг — тæнæг хуызджын хъуымацы мыггаг.

зин — дæлимон, хæйрæг.

æнæзæгъинæгтæ — хæйрæджытæ.

сивыр — хуынчъытæ кæм и, ахæм арынг.

27 Зин — дæлимон, хæйрæг, æнæзæгъинаг.

28 Сивыр — хъæдын къаннæг арынг, йæ кæрæтты хуынчъытæ.

Уацмысты номхыгъдмæ »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.