Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Коцойты Арсен

ХУС КЪÆБÆРТÆ

Абонæй раздæр никуы сыстади йæ хуыссæнæй студент-медик Тембол.

— Сæфын, сæфын! — дзырдта хинымæры. — Сæфын æцæгæлон адæмы æхсæн! Нал фендзынæн мæ райгуырæн хæхтæ, мæ ныййарджыты, мæ хæстæджыты!

Темболатæн йæ зæрдæйыл лæууыди зноны бон. Дыууæ раны очередты фæлæууыди æмæ куы бамбæрста, уыдон сомбонмæ дæр кæй нæ ахицæн уыдзысты, уæд сæ ныууагъта. Æртыккаг ран бахæццæ ис бæргæ кæрдзынуæйгæнæн дуканийы хуылфмæ, фæлæ дзы къæбæр дæр нал баййæфта.

Рацыди дуканийæ æмæ хинымæры сдзырдта:

— Æй-джиди, иу нартхоры кæрдзын!

Кæрдзын æлхæнын кæй къухы нæ бафтыди, уыдон, æлгъитгæйæ, хъуырхъуыргæнгæйæ, фæйнæрдæм цыдысты.

Алырдыгæй хъуысти ныхас:

— Паддзахы галуаны æрцарди æмæ ма мах мæт кæны!

— Уый жулик у, жулик!

— Адæм анархийы бын фесты, сæфтмæ æрцыдысты!

Хъуыста Тембол уыцы ныхæстæм, фæлæ сæ йæ зæрдæмæ арф нæ иста, — абон цы бахæра, уый тыххæй уыди йæ зæрдиагдæр хъуыды.

Ницы ссардта зноны бон. Стонгæй схуыссыди.

Ныр, йæ хуыссæнæй куы сыстади, уæд йæ хъуыды уыди афтæ: «Абон ма куы ницы ссарон, уæд, æвæццæгæн, райсом хæринаг агурынмæ ацæуын дæр нал бафæраздзынæн».

Æнæ ссаргæ нæй! Æнæ ссаргæ нæй! — дзырдта Тембол, керенкæты12 тыхтон йæ дзыппы тъысгæйæ.

Рацыди хæдзарæй. Æрæгвæззæджы уазал ын йæ былтæ ныццавта.

— Зындзинадыл ног зындзинад! — сдзырдта Тембол, — Зымæг дæр та мæнæ куы ис!

Ауагъта Тембол йæхи уынджы, алырдæм ракæс-бакæс кæны — кæд исты хæринаг уæййаг ссарид.

Адæм уынгты алырдæм цыдысты. Цæсгæмттæ фæлурс, уадултæ мидæмæ хауд, цæстытæ стонг æрттывд кæнынц. Иуæй-иутæ фырыстонгæй, фырæдыхæй, æрбад-æрбад кодтой тротуарты былтыл. Уыдис дзы ахæмтæ, тротуартыл-иу чи æрхауди æмæ уым фæлдæхтæй чи баззади. Ахæмтæм иу фæкæсæг нæ уыди, алчи йæ цыд кодта.

Уыцы адæм иууыл уыдысты иу хъуыдыйы бын: искуы исты хæринаг куы ссариккой.

Картоф, кæрдзын, къабуска, ссад æмæ бахæрды кой йеддæмæ æндæр дзырд никæй дзыхæй хауди. Цæуджытæй кæмæндæрты сæ фæсонтыл зындысты стыр голлаггæндтæ, уæхсчытæм фидаргонд. Уыдон уыдысты ахæмтæ, дард хъæутæм чи цыди хорагур.

Темболæн хъæутæм цæуыны фадат нæ уыди — æнæ зонгæйæ хъæуты аргæ дæр цы скодтаид.

Цæуы базары ’рдæм. Уырдæм нæма бахæццæ ис, афтæ иу чидæр, салдаты дзауматы, йæ иувæрсты ауади æмæ сындæг сдзырдта:

— Ис хус къæбæртæ.

Тембол æвиппайды нæ бафæрæзта сдзурын, фæлæ уæддæр фездæхти фæстæмæ æмæ аййæфта салдаты. Сындæг æй фæрсы:

— Кæм дын сты?

— Мæ фатеры.

— Цас сты?

— 10 джиранкайы бæрц.

«Æвзарыны фадат нæй, цы ис, уый исын хъæуы». — Афтæ хъуыды кодта Тембол æмæ загъта:

— Цом, кæм цæрыс? — Аргъæй нæ фарста. Цасфæнды аргъ уæнт — керенкæтæ йæм фаг ис.

Дард цардис салдат, горæты кæрон, Пресняйы.

Уырдæм авд верстæй къаддæр нæ уыди. Фæлæ Тембол дард нæ нымадта, æнæзивæг фæраст ис салдаты фæдыл. Салдат æркалдта голлагæй хус къæбæртæ. Уыдысты чъизи, цъыфæйдзæгтæ, æвæццæгæн, бирæ ракал-бакал фесты. Тембол чъизийы мæт дæр нал кодта, йæ мæт уый уыди æрмæст, йæ къухы цæмæй бафтой.

Сбарстой къæбæртæ, разындысты аст джиранкайы.

***

Стонг, фæллад ферох сты Темболæй, 7 версты та йæ фæстæмæ цæуын хъæуы, уый хъуыды дæр нæ кодта.

Цингæнгæйæ, рараст ис Тембол йæ хæдзармæ.

Дзæкъул хаста галиу къухы, рахизæй чысылгай иста къæбæртæ æмæ мыртт-мыртт кодта. Куы-иу æрхæцыди къæбæрыл, уæд-иу æхсæры хъæр кодта.

Тембол æмбæрста, цæуджытæ йæм хæлæджы цæстæй кæй кæсынц æмæ-иу барæй тынгдæр къæрццытæ кодта.

Афтæмæй, хæргæйæ, иу-дыууæ сыхы бæрц ауади Тембол æмæ уым фæхъуыды кодта: «Ай цы кæнын, ай? Куы сæ ахæрон, уæд ма уыйфæстæ та цы кæндзынæн?»

Нал хордта Тембол, йæ цыд дæр фæсындæгдæр кодта.

Æвиппайды фæстæрдыгæй йæ хъустыл ныхас ауади: Пъалто дæр хорз у, фæлæ йе ’фцæггот диссаг у!

Æндæр хъæлæс сдзырдта:

— Адæм дзы бирæ ис... Хъайла дзы бæргæ акæниккам!

Фыццаг хъæлæс ыл афтыдта:

— Иу авг арахъ дæр самал кæниккам!

Тембол бамбæрста, ныхас уый тыххæй кæй у. Змæлд тынг уыди уынджы æмæ тæрсгæ уыйас нæ фæкодта, фæлæ уæддæр тагъддæр акъахдзæфтæ кодта, аййæфта раздæр цæуджыты æмæ уыдонимæ цыди. Уый хъуыста, ныр стигъджытæ тынг кæй сарæх сты, фæсвæд уынгты æмбисбон дæр кæй стигъынц цæуджыты. Уыцы хъуыдыты фæдыл Темболы зæрдыл æрлæууыдысты йæ райгуырæн хæхтæ, йæ хæстæджытæ, йæ хъæубæстæ, йе ’мгæрттæ. Хъуыдытæ кодта хинымæры: «Цымæ ныр уым дæр афтæ хæлд у цард? Мæскуыйы хуызæн анархи уым дæр уыдзæн! Уæд уырдæм цæуынæй дæр цы пайда ис?.. Иу сæрхъæн æппæрст æрцыди паддзахы бандонæй æмæ дзы æндæр уый хуызæн æрбадти! Хъуыддагæй ницы æвдисы, афтæмæй йæхи паддзахады сæр хоны, министрты къамтау райс-байс кæны. Ныр дæр та ардыгæй кæмæдæрты асидти».

Тембол Керенскиймæ хаттæй-хатт афтæ мæсты кодта, æмæ йыл хибар ран амбæлгæйæ, уæд ыл марынæй нæ бацауæрстаид.

***

Цæуы Тембол. Хъуыдытæ кæны.

Ныр æртыккаг бон къултыл арæхæй-арæхдæр кæнынц большевикты плакаттæ: «Фидыддзинад æмæ кæрдзын!», «Фесæфæд империалистон хæст», «Фабриктæ æмæ заводтæ — кусджытæн, зæхх — гутондартæн!»

Темболы хъустыл знонæй нырмæ уайы, Петрограды цыдæр хъуыддæгтæ кæй цæуы, ам дæр большевиктæ сæхи кæй цæттæ кæнынц хицауад райсынмæ. Хуыздæр разындзысты большевиктæ æви æвзæрдæр, уымæн та — хæйрæг йæ зонæг...

Цæуы Тембол, хъуыдытæ кæны Керенскийы тыххæй, большевикты тыххæй, фæлæ йæ дзæкъул дæр сæрæй нæ хицæн кæны. Уайтагъд та йæ схъил кæны уæлæмæ æмæ йæм бакæсы.

Цин кæны йæ хус къæбæртыл, дзуры хинымæры: «Къуырийы фаг сæ скæндзынæн, уалынмæ та кæд исты амал кæнин».

Мæнæ фæхæццæ кæны йæ хæдзармæ, иу цæхгæрмæ уынгыл ма йæ ауайын хъæуы.

Æвиппайды йæ размæ фегуырдысты дыууæ лæджы милиционеры дзауматы.

— Стой! — фæхъæр кодта сæ иу.

Темболæн йæ цæстытæ атартæ сты. Цы хабар у, уымæн ницы æмбæрста.

— Цы хæссыс? — бафарста милиционертæй иу.

— Мæнæ иучысыл хус къæбæртæ балхæдтон. Иннæ милиционер сдзырдта:

— Балхæдта! Адæм стонгæй мæлынц, ай та голладжы дзаг фæхæссы. Цом участокмæ!

Тембол бамбæрста хъуыддаг, йæ зæрдæ ныхъхъынцъым кодта, йæ уæнгтæ æрызгъæлдысты.

Иу милиционер райста дзæкъул æмæ æртæ дæр араст сты. Ауадысты иучысыл, афтæ иу милиционер дзуры иннæмæ:

— Цæй, йæхи йын ауадзæм, цæмæн æй сафæм!

— Ауадзæм, цæуæд! Тæригъæд у! — загъта иннæ. Уынджы лæугæйæ баззади Тембол.

Фылдæр ма дзы уæддæр куы ахордтаин!— дзырдта хинымæры. Лæууы зæхмæ кæсгæйæ, иуырдæм дæр нал цæуы. Афтæ зынди, цыма лæугæйæ фынæй баци.

Алæууыди 2–3 минуты, афтæ фестъæлфыди. Иуварсæрдыгæй æрбайхъуысти пулеметы къæр-къæр, фехъуысти ноджы иу къорд топпы гæрæхтæ. Уалынмæ сармадзаны гæрах фæцыди æмæ нæмыг, нæргæйæ, уæлдæф айгæрста, йæ фæдыл дыккаг, æртыккаг. Стæй алырдыгæй топпы гæрах æмæ сармадзанты нæрынæн кæрон нал уыди.

Лæууы Тембол. Цы хабар у, уый тыххæй йæхицæн дзуапп дæттын нæ фæразы.

Алырдæм адæм тагъд-тагъд уайын байдыдтой. Сæ иугай ныхæстæй Тембол бамбæрста, большевиктæ кæй сыстадысты, æмæ ахъуыды кодта: «Цыфæнды уæд, цыфæнды уæд!.. Керенскийы дугæй хуыздæр йеддæмæ фыддæр нæ уыдзæн!»

Цæвут пулеметтæ! Цæвут сармадзантæ! Цардæн уаг скæнут! Афтæ сдзырдта Тембол хъæрæй æмæ уæд фенкъуысти йæ бынатæй.

ФИППАИНÆГТÆ

Мыхуыр цæуы «Уацмысты» текстмæ гæсгæ. Уыд — ЦХ-29, РÆ-34. У 1917 азы фыст.

Паддзахы галуаны æрцарди æмæ ма мах мæт кæны! — ныхас цæуы Рæстæгмæ хицауады сæргълæууæг Керенскийы тыххæй.

анархи — æнæзакъон æмæ æнæгъдаудзинад куы сиу вæййынц, ахæм хæццæ рæстæг.

пресня — Мæскуыйы район.

12 Керенскийы рæстæджы рауагъд гæххæттын æхца.

Уацмысты номхыгъдмæ »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.