Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Коцойты Арсен

ГИГОЙЫ КУАДЗÆН

Гиго сфæнд кодта ацы аз хъæздыг куадзæн саразын. Иннæ азты дæр йæ сыхæгтæм хæлæг ницæмæй кодта, йæ фынгыл-иу куадзæн бон уыди куы бабыз, куы хъаз, фæлæ ныр цы сфæнд кодта, уый йын никуыма бантыстис.

Куадзæнмæ ма дыууæ мæйы уыди, афтæ Гиго æмæ йæ ус Пело æрнымадтой сæ ис-сæ бон каркæй, бабызæй, хъыбылæй æмæ загътой:

— Табу Хуыцауæн, ис та нæм. Хъалонтæ-йедтæ куы ахицæн кæнæм, уæд ма нæм уæлдай зайы фондз карчы æмæ æртæ хъыбылы.

Афтæ бирæ уæлдай сæм никуы уыди, æмæ тынг фæцин кодтой лæг æмæ ус.

Лæг загъта:

— Мæн цы фæнды, уый зоныс?

— Цы?

— Куадзæн хорз саразæм ацы хатт, афтæ хорз, æмæ нæм сыхæгтæ хæлæг куыд кæной.

— Саразæм, — загъта ус, — хорз куадзæнæй хуыздæр та цы ис, фæлæ мæнæ сывæллоны дæр рох кæнын нæ хъæуы, хъуамæ йын бæрæгбонмæ исты балхæнæм, иннæ сывæллæттæм хæлæг куыд нæ кæна, афтæ.

Уымæн иу-дыууæ каркæй фылдæр нæ бахъæудзæн, фæлæ æз цы зæгъын, уый зоныс?

— Цы?

— Æппындæр цы нæма æрцыди, уый зæгъынмæ хъавын.

— Цы уæддæр?

— Иу хъыбыл ауæлдай кæнæм куадзæнæн.

Пелойы зæрдæмæ фæцыди Гигойы фæнд, фæлæ уæддæр загъта:

Бын бауай, æмæ уый куы акъæмс кæнæм, уæд уый фæстæ та цы кæндзыстæм!

— Ницы та нын уыдзæн. Бон цæуы æмæ фарн хæссы.

Уыцы бонæй фæстæмæ Гиго æмæ Пело сбæрæг кодтой иу хъыбыл æмæ йæ хæссын байдыдтой.

Тынг зæрдиагæй йæм зылди ус, фæлæ-иу Гиго дæр, куыстæй æрцæугæйæ, хæрын дæр айрох кодта, фæлæ-иу хъыбылмæ зилынмæ фæци. Иу сывæллон сын уыди — Мела — æппын уæгъд та уый нал уагъта хъыбылы. Алцыппæтæй йæ æфсæста, йæхи хæйттæ дæр ма йын лæвæрдта.

Хъыбыл дæр мæтæй марди, — бонæй-бонмæ зынгæ нарддæр кодта.

— Уыныс, Пело, куыд нæрсы нæ куадзæйнаг!

— Нæрсы, уæдæ цы! — загъта-иу Пело дæр.

Уæд-иу сывæллон дæр рагæпп кодта:

— Кæд уыдзæн, кæд, куадзæн, тагъд нæма уыдзæн?

— Тагъд уыдзæн, тагъд, мæ къона!

Афтæмæй бинонтæ сæхи рæвдыдтой.

Пело-иу сыхæгты устытимæ куы фембæлди, уæд сын-иу исты æгъдауæй хъыбылы кой æркодта.

— Уæртæ куадзæнмæ цы хъыбыл хæссæм, уымæй зæгъын... Уæвгæ та цæй нардгæнаг у хъыбыл, нырма йæ ныр базыдтон.

Уæд та æфсонæн исты æрымысыдаид:

— Хæдæгай, нæ дзæбæх хъулон дурын куы асасти...

— Ау, цы йыл æрцыди? — бафарстаид сыхаг.

— Цы куы зæгъай, уæд æй нæ куадзæйнаг хъыбыл тæрхæгæй раппæрста... Диссаджы нард сси æмæ сфыдуаг ис.

Гиго йæхæдæг дæр, ныхасмæ ацæугæйæ, исты æфсонæй куадзæны хъыбылы кой ракодтаид, æмæ-иу куы бамбæрста, сыхæгтæй иуæй-иутæ хæлæг кæй кæнынц, уæд-иу хъыбылы нарды койæ нал фæллади. Цыфæнды зын куысты уыдаид Гиго, кæнæ цыфæнды хъыгдзинад æрбадтаид йæ зæрдæйыл, уæддæр-иу хъыбыл йæ зæрдыл куы æрбалæууыд, уæд та-иу йæ маст айрох ис, куыст дæр-иу дарддæр рогдæрæй хаста. Хъæубæстæ иууылдæр зыдтой Гигойы хъыбылы тыххæй.

— Йæ бонæй уа Гиго, цардæй тъæпп хауы, цы хъыбыл та хæссы куадзæнмæ.

Ахæм ныхæстæ арæх фехъуыстæуыдаид хъæубæсты.

***

Куадзæны размæ сабаты хъæуы уынгты зынгæ фылдæр адæм рауай-бауай кодтой — алчи дæр йæхи бæрæгбонмæ цæттæ кодта.

Гиго рахæцыди Пелойы къухыл.

— Кæдæм мæ кæныс?

— Рацу-ма, рацу!

Бакодта йæ сарамæ.

— Кæс-ма, усай, искуы ахæм хъыбыл федтай? Афтæ ныннæрсгæ ма искуы æрцыди?

Хъыбыл тынг нард касти Пеломæ дæр, фæлæ уый уæддæр загъта:

— Нард у, цы дзы загъдæуа, фæлæ æз Калачы куы уыдтæн, уæд дзы нарддæртæ федтон.

— Нæ, Пело, федтаис дзы, уый зонын, фæлæ уæддæр ахæмтæ нæ уыдаиккой... Кæс-ма, кæс, йæ нард цармæй æддæмæ куыд бырсы!

— Хорз у, лæгай, цы дзы зæгъæм.

— Уæдæ дын æз цы зæгъын, Пело?

— Цы?

— Кæс-ма, кæс, уый нардмæ... Бауырнæд дæ, ацы хъыбыл Гиго æмæ Пелойы фынгыл нæ, фæлæ дæлæ нæ кънйазы фынгыл дæр сфидаудзæн... — Уый дæр нæ, — раст паддзахы фынгыл дæр сфидаудзæн... Цом, уæдæ, цæттæ кæнæм нæхи райсоммæ.

Рацыдысты. Чызг сæ размæ рагæпп кодта.

— Куадзæн кæд у, куадзæн нæма æрцыди?

Мад æй йæ хъæбысмæ фелвæста.

— Райсом у, райсом, нанайы къона. Райсом хъыбылы дзидза къæмс кæндзынæ.

Чызг æргæпп кодта зæхмæ æмæ «лайсом куадзæн, лайсом куадзæн» хъæргæнгæйæ, хъыбылы раз балæууыди.

Лæг æмæ ус бацæттæ кодтой дзаумæттæ хъыбыл æфснайынмæ.

— Цом, æз хъыбылы рахæссон, — зæгъгæ, Гиго хæдзарæй куыд рараст, афтæ куыдзы рæйын ссыди.

Гиго ракасти.

Сауджын æмæ диакъон дуармæ лæууынц.

— Æгас цæут, хæстæгдæр нæм цæуылнæ цæут?

— Æгъгъæд хæстæг нæу? Æвæджиау бон скодта, æмæ мæнæ диакъонимæ рараст стæм, афтæ нæ уæнгтæ айвазынмæ.

— Цы кæны, хи аирхæфсын дæр бæззы. Бафæлладаиккат аргъауынæй æгас мархойы.

— Хуыцауæн кусæм æмæ куы фæллайæм, уæддæр хъуамæ «фæллайæм» ма загъæм.

Гиго бахъынцъым кодта, дуармæ кæй лæууынц, ууыл æмæ загъта:

— Цомут мидæмæ, чысыл нæм абадут!

Сауджын æмæ диакъон кæрæдзимæ бакастысты æмæ Гигойы фæдыл хæдзармæ бараст сты.

Сауджын Иосебы чи нæ зоны æгас комы! Йæ рустæ фырнæрдæй æддæмæ ратонынц, дардмæ æрттивынц, йæ гуыбын, авд мæйы сывæрджын цы ус вæййы, уый гуыбынæй стырдæр. Адæм ма ныхасы дæр ракæнынц Иосебы гуыбыны кой, фæзæгъынц: раст уæртæ Иосебы гуыбыны йас, зæгъгæ. Иосеб тынг уарзы карчы фыд, уарзы хуыйы фыд дæр, фæлæ уæддæр карчы базыртæм æмæ сгуытæм куыд æмхиц у, афтæ ницæмæ у. Искуы, хисты кæнæ куывды уæвгæйæ, комкоммæ фæзæгъы: сгуытæ æмæ базырты ардæм рахæссут!

Куыддæр сæ йæ разы ауыны, афтæ йæ дыстæ мидæмæ батулы æмæ дыууæ къухæй зæрдиагæй бавналы.

Иосеб йæ хъæубæсты адæмимæ дзæбæх, æнгомæй цæры, алы хæдзармæ дæр раст йæхи хæдзары хуызæн бараст вæййы æмæ бафæрсы: «Куыд стут, цы стут?» Уыйфæстæ ноджы афæрсы: «Уæд аууилинаг æмæ аназинагæй та куыд стут?» Афтæ гъе! Зынæрвæссондзинадæй йæм ницы ис, мæгуырдæр цы хæдзар у, уырдæм æй куы хонынц, уæддæр æнæзивæг ацæуы æмæ хорз хæргæ дæр бакæны, нуазгæ дæр.

Уый ма ницы у, фæлæ йæ хъæубæсты адæмæн алы хорздзинæдтæ амонын куы байдайы, уæд æм куы байхъусиккат! Дзуры-иу: «Хæдзар бæрзонд амайын хъæуы, стыр рудзгуытимæ, рухс парахат куыд уа, фыд фаг хæрын хъæуы, хом дон ма нуазут... Ноджы адæймаг алы бон йæхи куы найа, уæд уый дæр тынг хорз у. Куыстæй хи æгæр фæллайын кæнын дæр нæ бæззы». Ахæмтæ æмæ ноджы хуыздæр уынаффæтæ фæкæны Иосеб адæмæн.

Тынг уарзы Иосеб адæмы, тынг мæт сыл кæны. Ныр дæр мæнæ куыддæр Гигойы хæдзармæ бацыди, афтæ фæрсыныл фæци:

— Куыдтæ стут, цы стут? Уæ сывæллон та куыд у? Хор та куыд æрцыди? — æмæ æндæр ахæмтæ.

Абадтысты, аныхас кодтой фысымтæ æмæ уазджытæ иучысыл. Стæй сауджын бакасти диакъонмæ æмæ загъта:

— Иу чысыл хъуыддагмæ уæм æрбауадыстæм, Гиго. Уæ дуæртты фæцæйцыдыстæм æмæ мæ зæрдыл æрбалæууыди... Чысыл цыдæр ма нæ дардтат... Æмæ загътам: «Цом бауайæм Гигомæ. Уый Хуыцауы уарзон лæг у. Уымæ кæддæриддæр бауайын æмбæлы».

Гиго аджих ис, цы дары цымæ? Нал хъуыды кодта, цы дары, уый, æмæ усмæ бакасти.

Ус уайтагъд фæхъуыды кодта æмæ загъта:

— Рох нæу, сауджын, уый. Цы дæ дарæм, уый ахицæн кæндзыстæм.

Гиго уæддæр ницыма æмбæрста.

Сауджын æм баздæхти:

Фарон уæ лæппу куы амарди, рухсаг уæд, уæд мын сомы ’рдæг йеддæмæ æхцайæ нæ раттат, афтæ загътат, мæнæ, дам, нæм хъыбылтæ куы рацæуа, уæд дын дзы иу ратдзыстæм.

Гиго ныр æрхъуыды кодта хъуыддаг æмæ æрæнкъард ис, дзурын дæр ницыуал сфæрæзта.

Ус дæр ныхъхъус ис.

Сауджын райдыдта:

— Тынг æвзæр рæстæг скодта, никæцæйуал нæм ницы цæуы: йе чындзыл аргъуыд нæй, йе æндæр, æмæ афтæмæй фыдæбæттæ кæнæм.

Иу цъус ахъус сты иууылдæр.

Сауджын бакасти Пеломæ, стæй Гигомæ æмæ загъта:

— Цæй, ацаразут нæ, æмæ цом! Тынг æхсызгон нæ хъæуы... Дарддæр æмгъуыдгæнæн нал ис.

Лæг æмæ ус кæрæдзимæ бакастысты æмæ, æнæсдзургæйæ, бамбæрстой кæрæдзи, сфæнд кодтой хъыбылтæн сæ цауддæр раттын сауджынæн.

Усæн хъуыдыгонд уыди цауддæр хъыбыл æмæ йæм араст ис, раттон æй, зæгъгæ.

Куыддæр дуар фегом кодта, афтæ куадзæйнаг хъыбыл хæдзары смидæг ис.

Сауджын хъыбылы кой фехъуыста раздæр, фæлæ йын афтæ нард æнхъæл нæ уыди. Ныр фырдисæй йæ дзых бахæлиу кодта æмæ хъыбылмæ кæсгæйæ баззади. Æппынфæстаг сдзырдта:

Уый хъыбыл у, уый! Куадзæйнаг ахæм куы нæ уа, уæд иннæтæ цы сты! Пело, хъуамæ мын ацы хъыбыл раттат!.. Куы зониккат, куыд бузныг уæ фæуыдзæн не ’фсин! Тынг бузныг, тынг... Акæсут-ма, стъолæн иу кæроны гогыз, иннæ кæроны уæрыккк, а хъыбыл та астæуæй... Тынг хорз фидаудзысты!

Гиго æмæ Пело джихæй лæууыдысты.

Æппынфæстаг Пело сдзырдта:

— Уæдæ куыд вæййы, хъыбыл дæ дарæм æмæ дын ратдзыстæм, ацы хъыбыл уа, æндæр уа, уæддæр... Æз ныртæккæ æрбадавдзынæн.

Ацы дзырдтимæ ус дуары ’рдæм фæраст ис, фæлæ йæ Иосеб фæурæдта:

— Фæлæуу, Пело, мæнæ ацы хъыбыл, ацы! Æмæ куы зониккат, куыд бузныг уæ фæуыдзæн не ’фсин! Тынг бузныг, тынг!

Ус ма цыдæр зæгъынмæ хъавыди, фæлæ сауджын фæраздæр ис:

— Марадз, диакъон, аххуыс кæн Пелойæн, рацахсут хъыбыл!

Диакъон фестади æмæ æнæ Пелойы æххуысæй цæстыфæныкъуылдмæ рацахста хъыбылы, ахуыр уыди ахæм архайдыл, йæ службæйы дуджы иу æмæ дыууæ хъыбылы нæ рацахста.

Хæдзар байдзаг ис хъыбылы хъыллистæй.

— Пело, æххæст нын голлаг авæрут, цæм æй ахæссæм! Ныртæккæ уын æй фæстæмæ æрбарвитдзынæн.

Хъыбыл, хъыллистгæнгæйæ, голладжы куы стæлфыди, уæд сауджын сыстади æмæ загъта:

— Бузныг, не ’фсин дæр уæ тынг бузныг фæуыдзæн!

Чысыл сывæллон Мела уæдæй нырмæ æнцад бадти, ныхæстæм хъуыста, фæлæ сæ хорз не ’мбæрста. Ныр, диакъон хъыбылы голладжы куы атъыста æмæ йæ йе ’ккой куы баппæрста, уæд бамбæрста чызг хъуыддаг, ныккуыдта æмæ ныхъхъæр кодта:

— Кæдæм нын хæссут нæ куадзæны хъыбыл? Æриут нын æй!

Сауджын фæстæмæ фæкасти æмæ сдзырдта:

— Гиго, Пело, цæмæн рауагътат сывæллоны бæгъæввадæй, бæгъæмсарæй, акæнут æй мидæмæ, фæпрастуд уыдзæн!

ФИППАИНÆГТÆ

Ист у «Уацмыстæй». Фыццаг хатт рацыд «Æфсир»-ы, (№ 10, 1910 аз). Уыд — РÆ-34, фæстæдæр дзы фыссæг сарæзта иуактон пьесæ, æмæ 1940 азы рацыд хицæн чиныгæй. Пьесæ Æппæтцæднсон конкурсы райста преми. Фыст æрцыд 1910 азы.

Уацмысты номхыгъдмæ »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.