Орфографические и пунктуационные правила осетинского языка. Владикавказ: Ир, 2004. 2000 экз.
Ирон æвзаджы орфографи æмæ пунктуацийы æгъдæуттæ
VI. ÆРБАЙСГÆ ДЗЫРДТЫ РАСТФЫССЫНАД
78 §. Уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты растфыссынады тыххæй зæрдыл дарын хъæуы:
1) ирон æвзагмæ раджы цы дзырдтæ æрбацыди æмæ сæ хуыз кæмæн аивта, уыдон фыссын хъæуы, куыд ныффидар сты, афтæ: асыкк, къниаз, стъол, скъапп, пец, скъола, дохтыр, гилдз, зест, фанар, къабуска, кърандас, къантор, къамис, закъон, станцæ, булкъон, инæлар;
2) фæстæдæр æрбайсгæ дзырдтæ, уыдонимæ интернационалон дзырдтæ дæр, фыссын хъæуы, уырыссаг æвзаджы сæ куыд фыссынц, афтæ. Уыимæ, дзырдæн уырыссаг æвзаджы йæ кæроны куы уа æнæцавдон -а, уæд уый ирон æвзаджы ивд цæуы -æ-йæ; -ия кæм ис, уым æппæрст цæуы я; -ие кæм ис, уым ахауы е; дзырды кæрон -ея кæм уыд, уым та фыссын хъæуы -ей: партæ, картæ, автономи, автобиографи, классификаци, конституци, расписани, бакалей, Корей.
Фæлæ: Александрия, Византия, София, кукла, идейæ.
79 §. Уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты интернационалон суффикстæ -ал, -ар, -ист æ. æнд. фыссын хъæуы æнæивгæйæ: гуманитарон, пленарон, коллегиалон, материалон, формалон, националон (национ дæр), профессионалон, централон (центрон дæр), интернационалон.
80 §. Уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты æмхъæлæсон мырты къордтæн сæ разæй дæр æмæ се ’хсæн дæр бавæргæ хъæлæсон фыссын нæ хъæуы: скъола, скъапп, кълас, стан, студент, октябрь.
81 §. Дамгъæтæ ë, э, ю, я, ж, ш, щ фыссын хъæуы æрмæст уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты: щëткæ, юрист, бюст, полярон, элемент, жюри, жанр, шахмæттæ, Щедрин.
82 §. Æндæр адæмты минæвæртты нæмттæ, фыды нæмттæ æмæ мыггæгтæ фыссын хъæуы, уырыссаг æвзаджы куыд фыст цæуынц, афтæ: Александр Сергеевич (Сергейы фырт дæр) Пушкин, Алексей Максимович (Максимы фырт дæр) Горький, Леонардо да Винчи, Бодуэн де Куртенэ, Кëр-оглы, Измаил-бей, Аветик Саакович(Саакы фырт дæр) Исаакян, Расул Гамзатович (Гамзаты фырт дæр) Гамзатов, Махмуд Эсамбаев, Илья Григорьевич (Григорийы фырт дæр) Чавчавадзе, Кайсын Шуваевич (Шувайы фырт дæр) Кулиев, Валентинæ Николаевнæ (Николайы чызг дæр) Терешкова.
83 §. Уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдтæн сæ кæрæтты æмхъæлæсон мырты къорд кæнæ дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ куы вæййы, уæд бирæон нымæцы фæсæфтуан -т кæнæ æмхъæлæсонæй райдайгæ дзырды хай комкоммæ æфтыд æрцæуы дзырды бындурмæ: студент — студенттæ, оппонент — оппоненттæ, кадр — кадртæ, метр — метртæ, центр — центртæ, штамп — штамптæ, гунн — гуннтæ, Бонн — Боннмæ.
Фæлæ: темп — темпытæ, курс — курсытæ, лент — лентытæ.
84 §. Дамгъæтæ хъæбæры нысан (ъ) æмæ фæлмæны нысан (ь) фыссын хъæуы уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты уырыссаг æвзаджы орфографион æгъдæуттæм гæсгæ: подъезд, субъект, объект, съезд, роль, Ольгæ.
85 §. Дзырдтæн сæ кæроны куы вæййы фæлмæны нысан (ь), уæд æй фыссын хъæуы æмхъæлæсонæй райдайгæ дзырды хæйтты размæ дæр: роль, рольмæ, рольтæ, рольты æ. а. д.
Фæлæ: ролы, ролæн, ролæй.
86 §. Интернационалон бындуртæй арæзт уырыссаг мивдисджытæ ирон æвзагмæ ист цæуынц æмæ сæ фыссын хъæуы вазыгджын мивдисджыты хуызы (уыцы мивдисджытæй конд номдартæ æххуысгæнæг мивдисæг кæнын-имæ): регулировать — регулировкæ кæнын, агитировать — агитаци кæнын, редактировать — редакци кæнын, монтажировать — монтаж кæнын.
87 §. 1. Æрбайсгæ дзырдтæй ирон æвзаджы сæ кæроны хъæлæсон æ кæмæн вæййы, уыдонмæ фæсæфтуан -аг æфтаугæйæ, хъæлæсон æ баззайы, йæ фæстæ фæзыны й æмæ йæ хъæуы фыссын: европæйаг, кубæйаг, польшæйаг.
2. Сæ кæроны ирон æвзаджы и цы æрбайсгæ дзырдтæн вæййы, уыдонæй фæсæфтуанты фæрцы ног дзырдтæ аразгæйæ, хъæлæсон и фылдæр хатт баззайы æмæ йæ хъæуы фыссын: австралиаг, азиаг, болгариаг (болгайраг дæр), швециаг, испаниаг (испайнаг дæр), япониаг (япойнаг дæр), германиаг (гермайнаг дæр), географион, этнографион, полиграфион, биологион, антропологион, идеологион, терминологион, филологион (филологон дæр), философион (философон дæр), демократион (демократон дæр).
3. Уырыссаг æвзаджы сæ кæрæтты ея цы дзырдтæн вæййы, уыдоны фæсæфтуантæ -аг, -он æфтыд æрцæуынц -ей-мæ8 æмæ дзы фыссын дæр хъæуы -ей: галантерея — галантерейон, бакалея — бакалейон.
88 §. Æмхъæлæсонтæ г æмæ к-йыл цы сæрмагонд географион нæмттæ фæвæййынц, уыдоны гуырынон хауæны хъæлæсон ы-йы разæй ацы æмхъæлæсонтæ фыссæн ис дыууæ хуызы: Владивостокы — Владивосточы, Оренбургы — Оренбурджы, Петербургы — Петербурджы.
Сæргæндтæ:
ФЫЦЦАГ ХАЙ. ОРФОГРАФИ
I. ХЪÆЛÆСОНТЫ ÆМÆ ÆМХЪÆЛÆСОНТЫ РАСТФЫССЫНАД
II. НОМДАРТЫ, МИНОГОНТЫ, НЫМÆЦОНТЫ, НОМИВДЖЫТЫ ÆМÆ ФÆРСДЗЫРДТЫ РАСТФЫССЫНАД
IV. РАЗÆВÆРДТЫ, БÆТТÆГТЫ, ФÆСÆВÆРДТЫ, ХАЙЫГТЫ ÆМÆ ÆВАСТХЪÆРТЫ РАСТФЫССЫНАД
V. ВАЗЫГДЖЫН ДЗЫРДТЫ РАСТФЫССЫНАД
VI. ÆРБАЙСГÆ ДЗЫРДТЫ РАСТФЫССЫНАД