Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Цы хъуамæ кæна адæймаг, цæмæй фылдæр фæцæра? (дохтыр Дзугкойты Маринæйы статья)

Орфографические и пунктуационные правила осетинского языка. Владикавказ: Ир, 2004. 2000 экз.

Ирон æвзаджы орфографи æмæ пунктуацийы æгъдæуттæ

III. МИВДИСДЖЫТЫ РАСТФЫССЫНАД

40 §. Мивдисджыты ивгъуыд афоны кæрæтты фыссын хъæуы т, кæд бæлвырд нæ фæхъуысы, уæддæр: цыд-тæн, хорд-тон, зарыд-тæн, æхсад-тон, нымад-тон, хорд-таин, æхсад-таин, нымад-таин.

Фæлæ: цыдаин, зарыдаин, кафыдаин.

41 §. Мивдисджыты ивгъуыд афоны бындур -вд кæнæ -гъ-йыл куы фæвæййы, уæд ивгъуыд афоны цæсгомон кæрæтты разæй д ахауы æмæ йæ фыссын нæ хъæуы: сыгътон, дыгътон, ивтон, хыгътон, сыгътаин, сыгътæн, дыгътаин, ивтаин.

42 §. Мивдисджыты ивгъуыд афоны бындурты фæсæфтуантæ -т кæнæ -ст куы вæййы æмæ сæм ивгъуыд афоны цæсгомон кæрæттæ æфтыд куы æрцæуы (фыст-тон), уæд бындуры æмæ кæроны т-тæй иу ахауы æмæ фыссын хъæуы иу т: фыстон, марзтон, карстон, къахтон, тахтæн, фыстаин, хастаин, марзтаин, карстаин.

43 §. Фæсæфтуан -д-йы фæрцы арæзт хицæн дзырдты бирæон нымæцы формæйы -тæ-йы бæсты арæх фæхъуысы æмæ фыссын дæр хъæуы -тытæ: конд — кæдтытæ, сыгъд — сыгъдтытæ, сагъд — сæгъдтытæ, тынд — тындтытæ, архайд — архæйдтытæ, æвнæлд — æвнæлдтытæ.

44 §. Вазыгджын мивдисджыты æмæ мивдисджыты вазыгджын формæты ивгæ хай — æххуысгæнæг мивдисæг — фыссын хъæуы хицæнæй: хуым кæнын, æнхъæлмæ кæсын, цæугæ кæнын, кæрдгæ кæнын, фæгæпп ласын, хъыг дарын, сдзæбæх уæвын.

45 §. Æххуысгæнæг мивдисæг уæвын-ы фæрцы арæзт вазыгджын мивдисджытæ æргомон здæхæны ивгъуыд афоны иууон нымæцы 3-аг цæсгомы фыссæн ис æртæ хуызы: æрхæццæ — æрхæццæ и — æрхæццæ ис; æризæр — æризæр и — æризæр ис; æрбабон — æрбабон и — æрбабон ис.

46 §. Æххуысгæнæг мивдисæг уæвын мивдисджыты æнæцæсгомон формæты фыссын хъæуы æмхæстæй: дзырдæуы, дзырдæуыди, чындæуы, æхсадæуы.

47 §. Мивдисджыты 3-аг цæсгомы æмæ æнæцæсгомон формæтæн иууон нымæцы æргомон здæхæны ивгъуыд æмæ суинаг афонты фыссæн ис æртæ хуызы: цыд — цыди — цыдис; цæудзæн — цæудзæни — цæудзæнис; дзырдæуыд — дзырдæуыди — дзырдæуыдис.

48 §. Разæфтуантæ мивдисджытимæ фыссын хъæуы æмхæстæй: ацæуын, æрцæуын, бацæуын, ныццæуын, фæцæуын, ссæуын.

Фæлæ: разæфтуанæй мивдисæджы æхсæн исты дзырд куы вæййы, уæд сæ фыссын хъæуы хицæнтæй: рацæй йæм цыди, æрбацæй та-иу æм цыди.

49 §. 1. Разæфтуан ны- æфтыд куы æрцæуы хъæлæсон а-йæ райдайгæ мивдисджытæм, уæд разæфтуанæй дзырды æхсæн фæзынынц дæргъвæтин й кæнæ дæргъвæтин ц æмæ сæ фыссын хъæуы: арын — ныййарын, аразын — ныццаразын, амайын — ныццамайын.

2. Разæфтуан ны- æфтыд куы æрцæуы у-йæ райдайгæ мивдисджытæм, уæд разæфтуанæй дзырды æхсæн фæзыны æмхъæлæсон у æмæ йæ хъæуы фыссын: улæфын — ныуулæфын, уромын — ныууромын, удайын — ныуудайын.

3. Разæфтуан ны- æфтыд куы æрцæуы æмхъæлæсонтæй райдайгæ мивдисджытæм, уæд дзырды райдайæны æмхъæлæсонтæ фæдæргъвæтин вæййынц æмæ сæ фыссын хъæуы дывæргондæй: худын — ныххудын, фыцын — ныффыцын, сæлын — ныссæлын, калын — ныккалын, уасын — ныууасын, уарын — ныууарын, дзурын — ныдздзурын, риуыгъын — нырриуыгъын, хъусын — ныхъхъусын, къахын — ныкъкъахын.

4. Разæфтуан ны- æфтыд куы æрцæуы хъæлæсон и-йæ райдайгæ мивдисджытæм, уæд разæфтуанæй дзырды æхсæн фæзыны й æмæ йæ фыссын хъæуы æнæдывæргондæй: исын — ныйисын, ивазын — ныйивазын, ирвæзын — ныйирвæзын, ихсийын — ныйихсийын.

5. Мивдисæг æмхъæлæсонты къордæй кæнæ дæргъвæтин æмхъæлæсонæй куы райдайы, уæд разæфтуан ны-йы фæстæ æмхъæлæсон дывæргонд нæ цæуы: здухын — ныздухын, змæнтын — нызмæнтын, схойын — нысхойын, скъæрын — ныскъæрын, скъуыйын — ныскъуыйын, ссæндын — ныссæндын.

50 §. 1. Разæфтуан фæ- æфтыд куы æрцæуы хъæлæсон æ-йæ райдайгæ дзырдтæм, уæд дыууæ хъæлæсоны æлвæст æрцæуынц æмæ дзы фыссын хъæуы е: æвналын — февналын, æмбарын — фембарын, æфснайын — фефснайын.

2. Разæфтуан фæ- æфтыд куы æрцæуы æмхъæлæсонты къордæй кæнæ дæргъвæтин æмхъæлæсонæй райдайгæ дзырдтæм, йе та, кæддæр йæ райдайæны хъæлæсон мыр кæмæн уыди, ахæм дзырдтæм, уæд разæфтуаны æ арæх рахизы е-мæ, æмæ фыссын хъæуы фе-: фезмæлын, фездухын, фестъæлфын, фескъуынын, фестын, фесхойын, фессивын, фессæндын, фехалын, фесафын, фегом кæнын, фехъусын, фегæрдын.

51 §. Разæфтуантæ а-, ра-, ба-, æрба-, ны- æфтыд куы æрцæуынц хъæлæсон æ-йæ райдайгæ мивдисджытæм, уæд хъæлæсон æ ахауы æмæ йæ фыссын нæ хъæуы: æвналын — авналын, бавналын, æрбавналын, равналын, нывналын; æмбарын — амбарын, бамбарын; æвæрын — авæрын, æрбавæрын, равæрын, нывæрын.

52 §. 1. Разæфтуантæ æр-, с- æфтыд куы æрцæуынц æ-йæ райдайгæ мивдисджытæм, уæд æ-йы бæсты арæх фæхъуысы ы, фæлæ фыссын хъæуы æ: æрæвæрын, сæвæрын, æрæхгæнын, æрæххæссын, сæххæссын, æрæвгæнын, сæвгæнын.

2. Разæфтуантæ æр-, с- æфтыд куы æрцæуынц æмхъæлæсонты къордæй кæнæ дæргъвæтин с-йæ райдайгæ мивдисджытæм, стæй, кæддæр сæ райдайæны хъæлæсон кæмæн уыди, уыцы дзырдтæм, уæд разæфтуаны фæстæ фæзыны ы æмæ йæ фыссын хъæуы: здæхын — æрыздæхын, сыздæхын; ссын — æрыссын; ссивын — æрыссивын; мысын — æрымысын; хъуысын — æрыхъуысын, сыхъуысын; хъусын — æрыхъусын.

53 §. Вазыгджын мивдисджытæй арæзт номдартæ, миногонтæ, миногмитæ æмæ фæрссагмитæ фыссын хъæуы, кæд æххуысгæнæг мивдисæг æнæ разæфтуан уа, уæд æмхæстæй, кæд разæфтуанимæ уа, уæд та — хицæнтæй: хъыг дарын — хъыгдарæг, хъыгдаргæйæ; хуым кæнын — хуымгæнæг, хуымгæнгæйæ, хуым бакæнæг, хуым бакæнгæйæ; хъæр кæнын — хъæргæнæг, хъæргæнгæйæ, хъæр ныккæнгæйæ.

54 §. Мивдисæджы уидаг хъæлæсон и-йыл куы фæвæййы, уæд, уыцы мивдисæгæй фæсæфтуантæ -æг, -аг, -æн-ы фæрцы миногонтæ æмæ миногмитæ аразгæйæ, уидагæй фæсæфтуаны æхсæн фæзыны й æмæ йæ хъæуы фыссын: рæдийын — рæдийаг, рæдийæг; бийын — бийæг, бийæн; æмбийын — æмбийаг, æмбийæнтæ.

55 §. Мивдисæджы бындур куы фæвæййы дæргъвæтин æмхъæлæсоныл æмæ йæм æфтыд куы æрцæуынц æмхъæлæсонæй райдайгæ дзырды хæйттæ, уæд дæргъвæтин мыр фæцыбыр вæййы æмæ йæ фыссын хъæуы æнæ дывæргондæй: фыссын — фыст, фыстон, фысдзынæн, фыстæг, фысгæйæ; сæттын — сæтдзынæн, сæтгæйæ; лæууын — лæудзынæн, лæуд, лæугæйæ.

56  §. Мивдисджыты цæсгомон кæрæтты бæллиццаг здæхæны бирæон нымæцы фыссын хъæуы кк: бадиккам, бадиккат, бадиккой; фыссиккам, фыссиккат, фыссиккой; бадтаиккам, бадтаиккат, бадтаиккой; фыстаиккам, фыстаиккат, фыстаиккой; кæнын — кодтаиккой.

57 §. Мивдисæджы уидаг æмхъæлæсон у-йыл куы фæвæййы, уæд æргомон æмæ фæдзæхстон здæхæнты бирæон нымæцы 2-аг цæсгомы фыссын хъæуы иу у: стау-ын — стаут, фау-ын — фаут, хау-ын — хаут.

58 §. Æмхъæлæсон й-йыл цы мивдисджыты бындуртæ фæвæййынц, уыдоны бæллиццаг здæхæны, стæй фæсæфтуан — инаг-ы разæй й фыссын нæ хъæуы: нымайын — нымаин, нымаис, нымаид, нымаиккам, нымаиккат, нымаиккой, нымаинаг; фиппайын — фиппаин, фиппаис, фиппаид, фиппаиккам, фиппаиккат, фиппаиккой, фиппаинаг.

59  §. Дзырдты исын, ивазын, ивæзын-ы разæфтуантæ а-, ра-, ба-, æрба-йы фæстæ хъæлæсон и свæййы й æмæ йæ фыссын хъæуы: айсын, байсын, æрбайсын, айвазын, райвазын.

60 §. Разæфтуантæ а-, ра-, ба-, æрба- æфтыд куы æрцæуынц, раздæр сæ райдайæны хъæлæсон мыр кæмæн уыди, ахæм мивдисджытæм, уæд разæфтуанæй дзырды æхсæн фæзыны й æмæ йæ хъæуы фыссын: айхъусын, айхъуысын, райхъуысын; æрбаймысын, байгæрдын, айтауын, райхалын.

Сæргæндтæ:


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.