Орфографические и пунктуационные правила осетинского языка. Владикавказ: Ир, 2004. 2000 экз.
Ирон æвзаджы орфографи æмæ пунктуацийы æгъдæуттæ
IV. РАЗÆВÆРДТЫ, БÆТТÆГТЫ, ФÆСÆВÆРДТЫ, ХАЙЫГТЫ ÆМÆ ÆВАСТХЪÆРТЫ РАСТФЫССЫНАД
61 §. Разæвæрдтæ æд æмæ æнæ сæ фæстæ лæууæг дзырдтимæ фыссын хъæуы хицæнтæй: Лæппу æнæ худæй æрбацыди. Æнæ чиныгæй ахуыргæнæн нæй. Сабитæ æд чингуытæ фæцæуынц скъоламæ.
Фæлæ: æд æмæ æнæ сæ фæстæ лæууæг дзырдтимæ миногонтæ куы аразой, уæд сæ фыссын хъæуы æмхæстæй: æдгæрзтæ быцæу; æдсаргъ, æдидон бæх; æнæмаст адæймаг; æнæкæрон нымæц.
62 §. Фæсæвæрдтæ сæ разæй æвæрд дзырдты куы домой фæрссаг хауæнты, уæд сæ фыссын хъæуы хицæнтæй: хæдзары ’рдæм, хæдзары ’рдыгæй, уыдоны ’рдæм, бæласы цур, хъæуы фарсмæ, стъолы сæрмæ, адæмы астæу, хъæумæ хæстæг, хæдзармæ æввахс, хъæуæй уæлæмæ, махæй фæстæмæ, уый тыххæй, уымæ гæсгæ, уымæй фæстæмæ, уымæй размæ, амæй фæстæмæ, амæй размæ, уый размæ, ардыгæй фæстæмæ, уæдæй нырмæ, уæдæй фæстæмæ, уый бæрц, ай бæрц, дæу æрдыгæй, мæн æрдæм.
Фæлæ: фæсæвæрдтæ сæ разæй æвæрд дзырдты фæрссаг хауæны куы нæ домой, уæд сæ фыссын хъæуы æмхæстæй: бонæрдæм (бонырдæм дæр), цæгатæрдыгæй (цæгатырдыгæй дæр) фалæрдæм, фалæрдыгæй, кæцырдæм, кæцырдыгæй, дыууæрдæм, дыууæрдыгæй, иннæрдæм, алырдæм, галиуæрдыгæй (галиуырдыгæй дæр), иуæрдыгæй (иуырдыгæй дæр), иухуызон, махæрдыгон (махырдыгон дæр), куыдфæстæмæ.
63 §. Хайыг гъе фыссын хъæуы хицæнæй: гъе уый, гъе афтæ, гъе уымæн, гъе уырдæм, гъе уый тыххæй, гъе ахæм, гъе ныр, гъе уæд.
64 §. Æппæрццæг хайыг нæ фыссын хъæуы хицæнæй: куы нæ ацæуон, цы нæ зонын, куы нæ уыди.
Фæлæ: цæуыннæ (цæуыл+нæ-йæ), куыннæ (куыд+нæ-йæ).
Миногмитимæ æппæрццæг хайыг нæ фыссын хъæуы æмхæстæй: нæдзурæг скодта йæхи, нæзонæджы къух нæ риссы.
65 §. Хайыг уал фыссын хъæуы хицæнæй: сбад уал, зæгъ уал, исчи уал.
Фæлæ: хайыг уал æппæрццæгтæ нæ æмæ ма-имæ, стæй æппæрццæг номивджытæ æмæ фæрсдзырдтимæ фыссын хъæуы æмхæстæй: мауал, нал, ничиуал, ницыуал, никæйуал, никуыуал, никæдæмуал, никæмуал, мачиуал, мацыуал, макæдæмуал.
66 §. Хайыгтæ хæд æмæ хæрз дзырд тæккæ-йы æмнысан куы вæййынц, уæд сæ фыссын хъæуы сæ фæстæ лæууæг дзырдтимæ хицæнæй: йæ хæрз сыхаг у; бæласы хæд фарсмæ æрбадти.
Фæлæ: хæд æмæ хæрз сæ фæстæ лæууæг дзырдтимæ миногон кæнæ номдар куы аразой, уæд сæ фыссын хъæуы æмхæстæй: хæрзарæхст, хæдæфсарм, хæдхæцæгад.
67 §. Та вæййы бæттæг дæр æмæ хайыг дæр. Фыссын æй хъæуы кæддæриддæр хицæнæй: Æз та дæм зындзынæн. Куы та йæм бацæуон, уæд та йын зæгъдзынæн. Ды та кæм уыдтæ?
68 §. Ма вæййы æппæрццæг хайыг, тыхджындæргæнæг хайыг æмæ фæдзæхст лæмæгъдæргæнæг хайыг.
1. Æппæрццæг хайыг ма йæ фæстæ лæууæг дзырдтимæ фыссын хъæуы хицæнæй: ма ацу, ма йæм дзур, ма ку, ма йыл хъæр кæн, ам ма лæуу, мæсты йæм ма кæн, ма йæм дзурон, ма дæм лæууон.
Фиппаинаг. Æппæрццæг хайыг ма æппæрццæг номивджыты, фæрсдзырдты æмæ бæттæгты фыссын хъæуы æмхæстæй: магуса, мадзура, мамæла, мачи, макæдæм, мадæр — мадæр, нæма, нырма, мама.
2. Тыхджындæргæнæг хайыг ма фыссын хъæуы хицæнæй: Æз ма дæм бацæуинаг уыдтæн. Ды та ма йын арфæтæ кодтай. Фæлæ: нæма, нырма, мама.
3. Фæдзæхст лæмæгъдæргæнæг хайыг ма йæ разæй лæууæг дзырдтимæ фыссын хъæуы дефисæй хицæнгæнгæйæ: Æри-ма чиныг. Къус-ма рахæсс. Рауай-ма ардæм. Ам-ма лæуу.
69 §. Бирæхаттон хайыг иу йæ разæй лæууæг дзырдтимæ фыссын хъæуы дефисæй хицæнгæнгæйæ: Бадзырдтон-иу æм. Рацу-бацу-иу кодтон. Æрбауади-иу мæм.
70 §. Вазыгджын æвастхъæртæ фыссын хъæуы, кæрæдзийæ дефисæй хицæнгæнгæйæ: оххай-гъе, ай-гъай, гъæйдæ-гъа, гъæй-джиди.
Сæргæндтæ:
ФЫЦЦАГ ХАЙ. ОРФОГРАФИ
I. ХЪÆЛÆСОНТЫ ÆМÆ ÆМХЪÆЛÆСОНТЫ РАСТФЫССЫНАД
II. НОМДАРТЫ, МИНОГОНТЫ, НЫМÆЦОНТЫ, НОМИВДЖЫТЫ ÆМÆ ФÆРСДЗЫРДТЫ РАСТФЫССЫНАД
IV. РАЗÆВÆРДТЫ, БÆТТÆГТЫ, ФÆСÆВÆРДТЫ, ХАЙЫГТЫ ÆМÆ ÆВАСТХЪÆРТЫ РАСТФЫССЫНАД
V. ВАЗЫГДЖЫН ДЗЫРДТЫ РАСТФЫССЫНАД
VI. ÆРБАЙСГÆ ДЗЫРДТЫ РАСТФЫССЫНАД