Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Цы хъуамæ кæна адæймаг, цæмæй фылдæр фæцæра? (дохтыр Дзугкойты Маринæйы статья)

Орфографические и пунктуационные правила осетинского языка. Владикавказ: Ир, 2004. 2000 экз.

Ирон æвзаджы орфографи æмæ пунктуацийы æгъдæуттæ

ЦИГСИИ-йы арæзт сæрмагонд къорды уæнгтæ: ГУЫРИАТЫ ТАМЕРЛАН — филологон зонæдты доктор, профессор ТАХЪАЗТЫ ХАРУМ — филологон зонæдты доктор, профессор ГÆБÆРАТЫ НИКЪАЛА — филологон зонæдты доктор, профессор ДЗОДЗЫККАТЫ ЗÆИДÆ — филологон зонæдты доктор БОЦУАТЫ ЕВГЕН — ЦИГСИИ-йы хистæр зонадон кусæг МАЙРÆМЫХЪУАТЫ ФАТИМÆ — педагогон зонæдты кандидат КУЫДЗОЙТЫ АНЖЕЛÆ — филологон зонæдты кандидат, доцент .

Разныхас

Фыццаг ирон чиныг мыхуыры рацыд 1798 азы, æмæ уæдæй нырмæ ирон фыссынады æгъдæуттæ ивынц æвзагзонынады домæнтæм гæсгæ.

Раздæр иронау дзырдтæ фыстой, куыд хъуыстысты, афтæ, æрхæцæн нысæнттæ та æвæрдтой уырыссаг пунктуацимæ гæсгæ. Ирон æвзаджы орфографион æмæ пунктуацион æгъдæуттæ кæй нæма уыд, уымæ гæсгæ уыцы мадзæлттæй пайда кодтой суанг XX æнусы 20-æм азты онг.

Чиныджы цъар

Ирон культурæйы зындгонд архайджытæ Андрей Шёгрен, Всеволод Миллер, Хетæгкаты Къоста æмæ иннæты фæрцы хицæн дзырдты растфыссынад кæд бæстондæр кодта, уæддæр дзы иудзинад нæма уыд. «Нæй нæм нырма нывыл бæрæггонд орфографи, кæй куыд фæнды, афтæ фыссы, æмæ алчидæр йæхи фыст растдæр хоны», — тыхсти, журнал «Æфсир»-ы фыццаг номыр уадзгæйæ (1910 аз), йæ редактор Коцойты Арсен. Фæстæдæр журналтæ «Хуры тын» (1912 аз) æмæ «Чырыстон цард»-ы (1915–1916 азтæ) фæзындысты Брытъиаты Елбыздыхъо æмæ Тыбылаты Саввæйы (Микъалайы) сæрмагонд амындтытæ хицæн дзырдты растфыссынады тыххæй.

Ирон орфографи æмæ пунктуаци зонадон æгъдауæй иртасын райдыдтой æрмæст Октябры революцийы фæстæ.

1933 азы сæрмагонд къамис бацæттæ кодта растфыссынады æгъдæутты проект. Æвзаджы дæснытæ йæм бахастой ивддзинæдтæ, æмæ афтæмæй 1937 азы фидаргонд æрцыд. 1938–1943 азты ахуыргæндтæ дзæвгар фæбæлвырддæр кодтой ирон орфографи, фæлæ ма дзы уæддæр хъуагдзинæдтæ бирæ уыд. Уый хынцгæйæ, 1951 азы арæзт æрцыд орфографион ног къамис. Уый цы растфыссынады æгъдæуттæ сарæзта, уыдон фидаргонд æрцыдысты, æмæ сын сæ бындурыл Хъуылаты Гала бацæттæ кодта орфографион дзырдуат. Æгъдæуттæ æмæ дзырдуат хицæн чиныгæй рацыдысты 1956 азы. Фæлæ растфыссынады æгъдæутты æмæ дзырдуаты хъæндзинæдтæ кæй уыд, уымæ гæсгæ хаст æрцыд уынаффæ орфографион ног къамис саразыны тыххæй.

1960 азы арæзт орфографион ног къамисы размæ æвæрд æрцыд бæрнон хæс — растфыссынады æгъдæуттæ фæхуыздæр кæнын. Уый 1982 азмæ бацæттæ кодта орфографийы æгъдæутты ног проект. Проект ныхасмæ рахастой газеттæ «Рæстдзинад» æмæ «Советон Ирыстон». Æрныхас ыл кодтой канд ахуыргæндтæ нæ, фæлæ, ирон æвзаджы хъысмæтыл йæ зæрдæ кæмæн рыст, уыдонæй бирæтæ. Дзæвгар ивддзинæдтæ йæм хаст æрцыд, афтæмæй йæ 1985 азы Цæгат Ирыстоны Министрты Совет сфидар кодта.

Орфографийы ног æгъдæуттæм гæсгæ дзырдтæ фыццагау арæхдæр фыст цыдысты фонетикон принципмæ гæсгæ (æфсымæр, коммæгæс, галвæндаг), иннæтæ морфологон (фыдджын, лæгтæ) æмæ традицион (бадтæн, дзырдтон) принциптæм гæсгæ.

Ног æгъдæуттæ уыдысты æххæстдæр (сæ нымæц 82-йæ схызт 119-ы онг), бирæ дзырдты растфыссынад фæхуымæтæгдæр.

2002-æм азы Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты сарæзтой сæрмагонд къорд æмæ йын баргонд æрцыд ирон æвзаджы растфыссынады æгъдæуттæ фæбæлвырддæр æмæ фенцондæр кæнын. Ацы къорды уæнгтæ (Гуыриаты Тамерлан — сæргълæууæг, Боцуаты Евген — секретарь, Тахъазты Харум, Гæбæраты Никъала, Дзодзыккаты Зæидæ, Куыдзойты Анжелæ æмæ Майрæмыхъуаты Фатимæ) бацæттæ кодтой ирон орфографийы æгъдæутты ног редакци.

Ирон пунктуацийы æгъдæуттæ фыццагдæр мыхуыргонд æрцыдысты 1931 азы журнал «Фидиуæджы». Сарæзта сæ Тыбылты Алыксандр. 1934 азы та уагъд æрцыдысты скъолатæн арæзт ахуыргæнæн чиныджы. Пунктуацийы æгъдæутты ног проект хицæн чиныгæй рацыд 1936 азы, фæлæ фидаргонд не ’рцыд. 1957 азы Багаты Никъала ныммыхуыр кодта ирон æвзаджы пунктуацийы æгъдæуттæ, фæлæ та уыдон дæр рацыдысты æнæбафидаргæнгæйæ.

Ацы чиныджы мыхуыргонд ирон æвзаджы пунктуацийы æгъдæуттæ сарæзта Тахъазты Харум. Сфидар сæ кодтой ЦИЗИ-йы ахуыргæндты Совет æмæ ЦИПУ-йы ирон филологи æмæ иумæйаг æвзагзонынады кафедрæ. Арæзт сты, 50-æм азты ирон æвзагæн (1957 аз) æмæ уырыссаг æвзагæн (1956 аз) мыхуыры цы пунктуацион æгъдæуттæ рацыд, уыдоны бындурыл.

Пунктуацийы ног æгъдæуттæ домынц, ирон æмæ уырыссаг хъуыдыйæдты синтаксисон арæзт æмхуызон кæм у (вазыгджын хъуыдыйæдтæ, комкоммæ ныхас æ. а. д.), уым уырыссагимæ иухуызон æрхæцæн нысæнттæ æвæрын (уый зонадон æгъдауæй у раст, практикон æгъдауæй та æххуыс кæндзæн дыууæ ’взаджы пунктуаци хуыздæр базонынæн). Ирон хъуыдыйæдты арæзты æндæрхуызонæй цы ис (миногмитæ семæ баст дзырдтимæ, абарстыты хицæн хуызтæ, бавæргæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ сæ разæй æвæрд энклитикон номивджытæ æмæ хайыгтимæ æ. а. д.), уыдонæн та лæвæрд цæуынц сæхимæ гæсгæ æндæрхуызон пунктуацион æгъдæуттæ. Ног растфыссынад фыццагæй у æххæстдæр æмæ дзы у æнцондæр пайдагæнæн.

Орфографи æмæ пунктуацийы тыххæй фиппаинæгтæ æмæ фæндæттæ æрвитæн ис Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институтмæ (Дзæуджыхъæу, Сабырдзинады проспект, 10).

Сæргæндтæ:


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.