Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Очерк истории осетинского языка (Т. Т. Камболов, Вл-з, «Ир», 2006) доступен для скачивания в формате DjVu. Узнайте новейшие данные науки об историческом прошлом осетинского языка.

Журнал «Мах дуг», 2001, №9

Хаджеты Таймуразы тæлмацтæ

Байрон

ДЗУТТАГ МЕЛОДИ

Мæ уд мæ хъуырмæ ссыд. О, зарæггæнæг, тагъд

Æрцу, æрис-ма хъисфæндыр дæ сæнтты!

Уадз де 'нгуылдзтæ йæ уæлæ сирой, уадз

Дзæнæты мыртæ айзæлой йæ тæнтыл, —


Сæ судзгæ рис ыстондзæни мæ риуæй, —

Кæд рын нæ айсы царды ныфс æнустæм.

Мæ цæстыты мæ хъыг, æргъæвстау, джиуы,

Нызгъæлдзæни та ног, тæрккъæвдайау, мæ рустыл.


Уадз уæд дæ зарæг сонт... Мæ ингæны кæрдæгау,

Æхсызгон мырты хъæр мæ уæнгæл у, фыдохау...

Æмæ дæм хатын æз, цæссыгтæ хъæуы мæн,

О, зарæггæнæг, риу йæ рыстæй тоны.


Æхсæры аппау уый уыд сау сагъæстæй дзаг,

Цыди йыл дард балцы фæразонæй йæ рæстæг:

Æрцыд фæстаг сахат — нæ кæны иу цард фаг,

Мæлæты нуазæнау, у маргæйдзаг йæ хъæстæ.

Шандор Петефи

ВЕНГЕРАГ ДÆН...

Венгераг дæн! Зæххыл нæй ахæм къæс

Мæ бæстæимæ абарæн кæмæн уа...

Æрдзы кондæй — хъæздыг, æмæ йæм кæс, —

Алæмæттаг, рæсугъд æмæ кæлæн у.

Ис алцы ам: нæ цъитиджын хæхтæ

Фæкæсынц хъалæй фæзты сæрты Каспмæ;

Нæ тыгъд быдыртæ дымгæтæн — уæрæх,

Нæ сын кæрон, нæ райдайæн и, уастæн!


Венгераг дæн! Нæ фæндырæн йæ зæлтау,

Мæ уд — тызмæг, нæ дзуры уый йæ зынтыл,

Æхсызгон уысм мæнæн кæнынц æвгъау,

Æстæм уазæг у мидбылхудт мæ былтыл.

Фæрныджы бон мæ цæстысыг кæлы,

Ныр нал æууæндын амондыл уа, хорзыл:

Зынвадаты ныххуд, кæй фæнды, кæ, мæлын,

Тæригъæд мын кæнай, — æз уый нæ уарзын.


Венгераг дæн! Нæ ивгъуыды фæстæ

Сæрыстыр — æз, уынын мæ къæс, мæ къона,

Æмæ, мæ кадджын райгуырæн бæстæ,

Дæ кæддæры ысгуыхтытæ, мæ боныл!

Нæ уаз хъæлæс Европæйыл нæрыд

Æмæ нын хъуамæ ма уыдаид рафтæн...

Нæ карды комæй тарстысты, мæгуыр,

Æрвæрттывдæй куыд тæрсы саби, афтæ.


Венгераг дæн! Нæ бæстæмæ кæсын

Мæнæн зын у... Нæргæ ивгъуыдæй — иппæрд,

Æргомæй рухсмæ ракæса — тæрсы,

Фæзыны æмæ айсæфы æвиппайд.

Ныр а зæххыл нæ сæр ныллæг хæссæм

Æгад æмæ дæлдзинæджы къæсæрыл,

Æмæ кæйдæр цæстæнгасæй тæрсæм,

Кæй ма цы хъæуы судзаджы æвзæртæй!?


Венгераг дæн! Мæ ном зæгъын кæсы

Æгад мæнмæ. Мæ удæгас — мæ зын у:

Нæ дунетыл цæхæрцæст хур кæсы,

Уæд махмæ та сæуæхсид дæр нæ зыны.

Фæлæ мæнæн æгас дуне дæуыл

Куы ивиккой дæ хъыджы бон, о, Венгри,

Уæддæр зæгъин: «Мæн ницæмæн хъæуы,

Мæ удæн ды сæдæ хатты зынаргъдæр»!..

Назым Хикмет

***

Цард уæйыг лæг æрвхуыз цæстæнгасимæ,

Æмæ уарзта асæй къаннæг чи уыд,

Ахæм сылгоймаджы.

Уымæн та алкæддæр уади йæ цæстытыл

Иу чысыл хæдзар,

йæ рудзынджы бынмæ

Кæм рæза

Дидинæфтауæг сæгъысыф.

Уæйыг та уарзта, уæйыг лæг куыд фæуарзы, афтæ.

Уый ыстыр куыстмæ ивæзтой

дурбыд хæцъæфтæ,

Æмæ нæ уыди йæ бон

чысыл хæдзар саразын,

Кæй рудзынджы бынмæ рæза

Дидинæфтауæг сæгъысыф.

Цард уæйыг лæг æрвхуыз цæстæнгасимæ,

Æмæ уарзта асæй къаннæг чи уыд,

Ахæм сылгоймаджы.

Уый та ысфæлмæцыд йемæ цæуынæй

Уæйгуыты фæндæгтыл, —

уый фæндыди

Æрулæфын сабыр хæдзары

Дыргъ кæм зайы, ахæм

Æфснайд æмæ хибар кæрты.

Хорзæй баззай! — уый загъта æрвхуыз цæстæнгасæн.

Æмæ гъеуæд фæцыди чындзы

Дæлæмæдзыд чи уыди, фæлæ хъæздыг,

Гъе ахæм лæппумæ,

Къаннæг хæдзармæ,

кæй рудзгуыты бынмæ

сæрыстырæй рæзыд

Дидинæфтауæг сæгъысыф.

Æмæ гъеныр æрæмбæрста уæйыг, —

Уæйыг лæджы уарзтæн

Кæй нæ ис æмбæхсæн

тъæпæнсæр хæдзары,

Кæй рудзгуыты бынмæ

рæзы

Рæудидинæфтауæг

СÆГЪЫСЫФ!

Гийом Аполлинер

***

Мæ удварн! Æз базыдтон абон

Æрхæндæг æхсызгондзинад:

Къух систай мæныл,

Фæлæ уарзты монц риуы нæ цæуы...

Æз паддзах дæн — зонын: цæй, феккуырс сæрыстыры рад! —

У хъодыгонд паддзах, фæлæ та хæтæны фæцæуы...

Рæсугъд чызг нæ зоны мæ хъизæмар, зæрдæйы уаг,

Уадз ма уарзæд мæн, къæдзæхау æз фидар,

Æвронг дæн.

Цыфæнды амонд дæр нæ кæны мæ зæрдæйæн фаг

Æмæ уазал изæрты æрæнцайын ихкъæйыл комы.

Æз — паддзах, нæ зонын: къæбæрæй æфсæст дæн, йе цух,

Æдзæссыгæй кастæн, куыд лыгъди мæ бæллиц фыртæссæй, —

Йæ саби æнгасæй æрттывта сæуæхсиды рухс.

Æмæ дымгæ, хæрзиуæггæнæгау мæ къæсыл

Фæлгъуыдта: «Цæй, раст-ма!» —

Дæ фæндаг дын амонынц мæнæ

Цæрмыстыгъд бæлæстæ, ыстæгдарау, чи кæсы

Гомгæрццæй, уыдон!

Гарсиа Лорка

ГИТАРÆ

...Æмæ райдыдта

Хъарæг гитарæ,

Кæс, нызгъæлæн и

Бонæн йæ урс кæхц.

Æмæ райдыдта

Хъарæг гитарæ,

Уый нæ бамыр уыдзæни

Никæд!

Уый æнæнцой

Кæуы гитарæ,

Дон йæ цæуæнтыл куыд кæуа, афтæ,

Дымгæ митрагъыл куыд кæуа, афтæ,

Æмæ ма дом,

Нæ бамыр уыдзæни!

Афтæ рухс мæй фæкæуы хурыл,

Афтæ ниуы тæхгæ фат дзæгъæлæй,

Афтæ судзгæ ызмис фæкæуы

Сырхмæтæджы ризгæ сыфтыл.

Афтæ цардæй фæкæны хицæн

Урс, рæсугъд бæлон

Сау калмы маргæй...

О, гитарæ,

Сæ цагъар дæ абон

Фондз кæлæйнаг хъамайæн.

ИС АХÆМ ЗÆРДÆТÆ

Ис ахæм зæрдæтæ, цы ран

Сты æмбæхст

Цъæх-цъæхид ыстъалытæ

Æмæ рæстæджы сыфтæртæ:

Ис ахæм зæрдæтæ, цы ран

Æмбæхсынц

Сæ рагбоны аууæттæ, —

Сæ ивгъуыды хъизæмар

Æмæ фыдфынтæ.

Ис æндæр удтæ, уыдоны

Æндæр монц, æндæр марг

Цæры,

Сау-сауид уаллонау,

Æмæ фыд-заманы

Ныййазæлы уым

Сæ судзгæ хъæрахст.

Нæ хъуыды кæнынц

Сæ хъæрзынтæ

Æмæ сæ пъатыл.

Мæ уды зæронд та

Уый рагæй дæр зоны,

Кæй сæтты ныфсы рухс

Цыдæр сусæг зæххыл.

Æвзонгады дуртæ

Фыдтæй ихсыд фесты,

Мæ хъуыдыты коммæ

Нызгъæлынц сæхæдæг

«Ды дард дæ Хуыцауæй» —

Фæзæгъы сæ алчи.



Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.