Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Очерк истории осетинского языка (Т. Т. Камболов, Вл-з, «Ир», 2006) доступен для скачивания в формате DjVu. Узнайте новейшие данные науки об историческом прошлом осетинского языка.

Журнал «Мах дуг», 2000 аз, №8

Мысыкаты Мæхæмæт (1881-1937)

Мæхæмæты тыххæй мысинæгтæ

Кодзырты Уырысби
Ахæмæй йæ зыдтон

Медицинæйы доктор, Цæгат Ирыстоны Хæххон педагогон институты профессор, фыццаг ирон антрополог Мысыкаты Аслæныхъойы фырт Мæхæмæт райгуырди Рахизфарсы зылды Бруты хъæуы мæгуыр зæхкусæг лæджы хæдзары. Æхсæз азы йыл куы сæххæст, уæд йæ мад амарди. Мæ мад — Мæхæмæтæн йæ кæстæр хо Годта — куыд дзырдта, афтæмæй Мæхæмæт уыди сабыр, зæрдæргъæвд хæларзæрдæ, цымыдис сывæллон. Цумамæ — рæвдз. Бинонтæ йæ хъулон уарзт кодтой.

Аслæныхъо, дам-иу, алы изæр дæр аргъæуттæ кодта. Лæппу бафсис нæ зыдта уыдонмæ хъусынæй. Мæхæмæтæн йæ фыды кæстæр æфсымæр Сослан уыд афицер, Японы хæсты хъæбатыр, зарæг дæр ыл ис, куыста Кутаисы. Йæ фæллад-иу уагъта Бруты. Сосланæн Кутаисы уыди, лымæнæй кæимæ цард, ахæм гуырдзиаг бинонтæ: фондз æфсымæры, мад, фыд. Æфсымæртæ фондзæй дæр ахуыры фæндагыл лæуд Сослан-иу гуырдзиаг лæппуты ахуыры кой куы кодта, уæд-иу Аслæныхъо йæ мидхъуыдыты бæллыд, йæ хъæбул дæр исты мадзалæй ахуыры фæндагыл куы æрлæууид, уымæ. Иуахæмы та Сослан Брутмæ æрбафтыд, æмæ йын Аслæныхъо йæ зæрдæйы бæллиц бамбарын кодта: цæмæй Мæхæмæты Гуырдзыстонмæ акæна æмæ йæ гуырдзиаг фæрныг бинонты руаджы ахуырмæ радта Сослан Мæхæмæты йемæ акæныныл сразы.

Госæда, фыдыус уæвгæйæ, йæ сæрыхицауы цотмæ хи мады цæстæй касти. Сывæллæттæ дæр æй уарзтой хи мады хуызæн. Уайтагъд ахуыдта Мæхæмæтæн хи уæфт цъæх тынæй хæлаф æмæ хæдон, зæнгæйттæ, хæдбын сæрак дзабыртæ, уæлдзарм худ

Гуырдзиаг фондз æфсымæры бауарзтой сывæллоны, фæцалх æй кодтой фыссыныл, чингуытæ кæсыныл. Йæ афон куы æрцыд, уæд æй радтой дины скъоламæ æмæ йæ иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ фæци каст. Уый фæстæ фæци гимназ. Уыцы рæстæджы Сосланы Одессæмæ аивтой æмæ та Мæхæмæты дæр йемæ акодта1. Лæппу уым университеты медицинон факультетмæ экзаментæ радта. Ахуыр кæнгæйæ куыста демонстраторæй анатомийы кафедрæйы. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, тынг хорз базыдта адæймаджы анатоми.

1932 азы æз ахуыр кодтон 8 кьласы. Цæргæ кодтон Мæхæмæтмæ. Иуахæмы скъолайæ куы ’рбацыдтæн, сихор куы скодтон, уæд мæм Мæхæмæт фæдзырдта: «Хорз лæг (афтæ мæ хуыдта), ардæм-ма рауай». Æз йæ цурмæ бацыдтæн. «Куыд сты скъолайы де ’нтыстытæ?» «Æвзæрæй дзы ницы ис». «Уæдæ дæ æхца бакусын нæ фæнды?» Æз иуцасдæр рæстæг джихæй аззадтæн: «Бæргæ мæ фæнды, фæлæ цавæр куыстмæ сарæхсдзынæн?» «Дæ уырыссаг æвзаджы тетрад-ма радав». Æз æм мæ тетрад рахастон. Цалдæр сыфы дзы рафæлдæхта æмæ загъта: «Ирон æвзаг ахуыр кæнут?» «Кæнæм». «Фæсарæйнаг æвзæгтæй та кæцы ахуыр кæныс?» «Немыцаг». «Уæдæ дæ хъуыддаг раст». Æмæ мын бамбарын кодта, Ирон-уырыссаг-немыцаг дзырдуат рауадзыныл кусын, зæгъгæ. Абоны хуызæн ын хъуыды кæнын йе стыр фыссæн стъол. Йæ къæхтæ æвæрæныл судзæнæй фыст: «Baron Shtendel». Кæцæй æмæ йæм цы æгъдауæй æрбафтыди немыцаг бароны стъол, уый нæ зыдтон. Фæлæ хъуыддаг ууыл нæу. Стъолыл уыди гæххæтты стыр тыхтæттæ амад. Мæхæмæты къухæй фыст журналтæ. Журналтæй иу райста, байгом æй кодта. Куыд бамбæрстон, афтæмæй уыди дзырдуаты æрмæг. Бæстон мын бамбарын кодта, уыцы журналтæй алы дзырд дæр хицæн карточкæмæ рахæссын кæй хъæуы, стæй ирон дзырдты бын бахахх кæнын кæй хъæуы, уый. Кусын хъæудзæн бирæ, стæй рæвдз. Уымæн æмæ дзырдуат хъуамæ рæхджы мыхуыры рацæуа». Стæй мын йæ ивгъуыд царды бонтæй иу хабар ракодта. Одессæйы, дам, куы ахуыр кодтон, уæд мæ бонджын студенттæ хъазтизæрмæ æрбахуыдтой. Хъазты райдайæнмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ иу ран бандæттыл бадтыстæм. Æз, дам, куы æрцæйбадтæн, уæд мæ зæронд хæлафы уæраг алæбырди, мæ арм, дам, лæбырдыл авæрдтон, мæ буар куыннæ зындаид, афтæ æмæ æнкъардæй, фæлурсæй бадын. Уыцы рæстæг мæ разы февзæрди хæрзарæзт студент: «Мисиков, почему не танцуешь?» Æз, цы цагъдмæ кафыдысты, уый ныхæстæй лæппуйæн дзуапп радтон:

Ах, девушка Надя,
Чего тебе надо?
Ничего не надо,
Кроме шоколада.

Ах, красавец-парень,
Почему ты бледный?
Почему я бледный?
Потому что бедный!

Уыцы ныхæстæ мын ракодта, мæгуыр адæмы цот цы уавæрты ахуыр кодтой, уый цæмæй хуыздæр бамбæрстаин, уый тыххæй.

Алы бон дæр мын-иу æркаст мæ куыстмæ. Иу изæрмæ куыстытæ куы фæдæн, уæд мын гæххæтт ныффыста профессор Дзагуырты Гуыбадыйы номыл. Уыцы рæстæджы уый уыди Цæгат Ирыстоны наукон-иртасæг институты директор. Гæххæттимæ Гуыбадымæ бацыдтæн. Гуыбады мын цыдæр хъазæн ныхæстæ акодта, стæй бадзырдта Дзанайты Акиммæ. Аким бухгалтермæ фæсидт æмæ мын рафыссын кодта 200 сомы. Æз дæр цингæнгæйæ нæхимæ æрбацыдтæн. Мæхæмæт мæ куы федта, уæд мидбылты бахудти: «Хорз лæг, уæртæ ма шифанер байгом кæн æмæ уырдыгæй райс мæ морæ костюм æд жилет, стæй сынтæджы бынæй мæ морæ туфлитæ». Куыд загъта, афтæ бакодтон. «Адон та дын мæ лæвар, дæ хорз куысты тыххæй».— Костюм мын мæ уæлæ скæнын кодта, фæкасти мæм, стæй мæ арвыста хуыйджытæм. Уым костюм мæ асмæ гæсгæ фæкъуындæгдæр кодтой Уыцы дарæсы ма институтмæ дæр цыдтæн.

Мæхæмæт адæмæн уарзон адæймаг уыд Адæмы цин, сагъæстæ, сæ хъыг, се ’гъдæуттæ, сæ культурæ, æнæниздзинад — уыдонæн йæ зонд, йæ хъарутæ æвгъау нæ кодта. Йæ фæзынд адæмы æхсæн, уæлдайдæр йæ райгуырæн хъæу Бруты, бæрæгбон уыди.

Мæ фыдымад Залиханыл сæххæст 100 азы, уыди дингæнæг зæронд сылгоймаг. Иуахæмы Мæхæмæт Брутмæ æрцыди. Мæ фыд Саукуыдз кусарт акодта, æрбамбырд сты сыхбæстæ, хæстæджытæ, къабæзтæ. Алчидæр йæ хъыджы, йæ цины хабæрттæ кодта Мæхæмæтæн, æмæ сын уый дæр амыдта, цы кæнын хъæуы, уый. Адæмы змæлд æмæ цинтæм Залихан фæкаст æмæ дын мæ мадмæ сусæгæмхасæн дзуры: «Чындз, де ’фсымæр арвы дуар гомæй кæй федта, уый гуырысхойаг нæу».

1926 азы та Мæхæмæт Брутмæ æрцыд иу лæгимæ. Уыди сæм рæсугъд мæлхъ, тæмæнтæкалгæ къæдзил ын. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй уазæг уыди зындгонд гуырдзиаг композитор Виктор Долидзе. Мæхæмæт æмæ Долидзе уыдысты стыр хæлæрттæ. Долидзе мæлхъ æрбаласта Мæхæмæтæн лæварæн. Уый та йæ радта йе ’фсымæр Шамил æмæ мæнæн.

Мæхæмæт æмæ Долидзе æрцыдысты хъуыддаджы фæдыл. Долидзе уыцы заман фыста ирон адæмы фæндыры цæгъдтытæ, зарджытæ æмæ кадджытæ. Æмæ йын Мæхæмæт зæрдиагæй æххуыс кодта йæ бæрнон, фæрнæйдзаг хъуыддаджы. Фæндырдзæгъдджытæ æмæ кадæггæнджыты мах дыккаг бон райсомæй æрæмбырд кодтам Мæхæмæты кæстæр æфсымæр Ахмæты хæдзармæ.

Мæ зæрдыл ма лæууынц, кæй æрбахуыдтам, уыцы фæндырдзæгъдджытæ: Бердыхъаты Елкæ, Бзæты Сурæт, Цъæхилты Милуан, Кодзырты Райкæ, Беккуызарты Раичкæ, Кодзырты Годта. Зарæггæнджытæ: Мысыкаты Ахмæт, йе ’фсымæр Мухтар, Кодзырты Саукуыдз, Цъæхилты Гæбыла, Цъæхилты Осмæн, Мысыкаты Хъауырбег, Мысыкаты Алимырза, Мысыкаты Елæмырзæ. Кадæггæнджытæй та — Мысыкаты Темболат (йæ хуызист æд хъисфæндыр ис абон дæр Къостайы номыл музейы.) фæндырдзæгъдджытæ радыгай фæйнæ цагъды акодтой, æмæ сын Долидзе сæ цæгъдтытæ ныффыста. Долидзейæн йæ зæрдæмæ тынгдæр чи фæцыд, уыцы фæндырдзæгъдджыты ма ноджыдæр фæйнæ цалдæр цагъды акæнын кодта. Фыста зилгæ, хонгæ кафты æмæ симды цæгъдтытæ, зарджытæ. Мæ мад Годтайы ханты цагъд Мæхæмæты фæндонмæ гæсгæ дыууæ хатты ацæгъдын кодта. Мæхæмæт йæхæдæг дæр ирон кæфтытæм рæвдз уыди. Долидзе дæр зилгæ кафт лекъуриæмхасæнты скафыд Æртыгай хæттыты ныффыста Бзæты Сурæт æмæ Бердыхъаты Елкæйы цæгъдтытæ. Уый фæстæ ныффыста Кодзырты Таймуразы, Хазбийы æмæ Японы хæстмæ цæуджыты зарджытæ. Мысыкаты Темболаты кадджытæй дæр цалдæр фыст æрцыдысты. Долидзе æмæ Мæхæмæт цин кодтой, сæ хъуыддаг рæстмæ кæй рауад, уый тыххæй.

Мæхæмæт бирæ куыста гиуцъаниз æмæ тæфсæг фесафыныл. Рæуджыты низ фесафын æмæ профилактикæйы тыххæй йын ирон æвзагыл чиныг дæр рацыди. Долидзеимæ куы æрцыд, уæд дæр хъæуыхицау Кодзырты Саукуыдзæн фидиуæджы æххуысæй æрæмбырд кæнын кодта æппæт хъæубæсты æмæ сын уæлæсыхы скъолайы 2 сахаты лекци бакаст. Æмбырды цы адæм уыд, уыдон тынг бузныгæй баззадысты æмæ йын сæ номæй хъæуы хистæр дзыхарæхст лæг Хъодзаты Хъамбол арфæтæ фæкодта. Балцы кæрон, хъæуы цæрджытæ цы донгуырæнтæй пайда кодтой, уыдонæй сеппæтæй дæр аласта анализтæ кæнынæн фæйнæ авджыдзаджы.

1927 азы 23 июны Дзæуджыхъæуы байгом ахуыргæнджыты галуан. Мæхæмæт уыцы рæстæджы уыди наукон кусджыты секцийы сæргълæууæг æмæ æмбырд гом кæнгæйæ загъта: «Когда-то в маленькой старенькой крепости, ныне городе Владикавказе, лишь джигит гулял по берегам Терека, да убийства и грабежи совершались. Теперь здесь открывается такое культурное учреждение, как Дом ученых. Через квалифицированные научные силы культура проникает в темные ущелья гор и освещает своим блеском бедные хижины горцев и рабочие кварталы. Свою работу Дом ученых раскинет на фабриках и заводах, в аулах и селениях. От имени научных работников я приношу благодарность партийным и советским организациям, которые дали возможность создать Дом ученых».

Æмбырды ахуыргæнджытæ сæ къам систой. Се ’ппæты астæу бады Мæхæмæт урс дарæсы, йæ къухы йæ лæдзæг, æвзист пылы сæр кæуыл ис, ахæм. Къам абон дæр ауыгъд у нæ бæстæзонæн залтæй иуы. Уыцы бон ахуыргæндтæй цалдæры нæхимæ æрхуыдта Хъуыды ма дзы кæнын профессортæ В.Ф. Раздорскийы, В.В. Васильевы, М.Я. Немировскийы, Л.П. Семеновы, Дзагуырты Гуыбадыйы.

Уазджытæ хæдзармæ куы æрбахызтысты, уæд Мæхæмæт хъæрæй сдзырдта: «Товарищ жена! У нас, ученых Северной Осетии, сегодня большой и радостный день. Сбылась наша давнишняя мечта: открыт Дом ученых. В честь этого мы решили посидеть за чашкой чая в моем доме».

Бирæ фæбадтысты, хъæлдзæг æмæ уарзон ныхæстæ фæкодтой. Кæй зæгъын æй хъæуы, ныхæстæн сæ фылдæр уыд ахуыргæндты хæсты тыххæй, стæй сæ галуаны байгомы фæдыл.

Зондæн — зонд, уындæн — уынд, алыварсон ахуыргонд, стыр æхсæнадон кусæг, ирон адæмы цардыуаг зонæг, сæ культурæйыл аудæг, зæронд æгьдæуттæй чи нæ бæззы, уыдонимæ тохгæнæг уыди Мæхæмæт. Уый тыххæй тынг хорз загъта Мæхæмæтты Æхсар «Общественный строй и быт осетин в ХVII—XIX вв.», зæгъгæ, йæ чиныджы: «В числе заслуживающих внимания источников по интересующим нас проблемам, должна быть названа работа осетинского антрополога, доктора медицины, профессора М.А. Мисикова „Материалы для антропологии осетин“. Из работ дореволюционных авторов-осетин труд Мисикова — самый обширный и наиболее полный по охвату вопросов. В нем рассмотрен почти весь круг этнографических проблем: хозяйство, материальная культура, семейный быт, общественные формы и отношения. Труд Мисикова еще примечателен тем, что в отличчие от подавляющего большинства использованных нами работ, в нем объектом этнографического описания являются жители плоскостной Осетии, культура и быт которых, вполне понятно, имеют свои особенности. Они и показаны автором с достаточной полнотой. Превосходное знание автором осетинского быта, понимание им наблюдаемых явлений и научная эрудиция помогли Мисикову правильно истолковать освещаемые вопросы, показать картины общественного быта ускользавшие от внимания многих исследователей»

Туджджынты бафидауыны тыххæй Мæхæмæт куыд тох кодта, иу ахæм хъуыддаг мæ зæрдыл лæууы æмæ йæ хъуамæ радзурон. 1923 азы Бруты хъæуы Тедтаты Бзи топпæй амардта йæ сыхаг Мысыкаты Бимболаты. Бимболат Мæхæмæтæн уыд йе ’рвад, стæй советон хицаудзинадыл æнувыд. Цæй тыххæй йæ амардта, уый æбæрæгæй баззад Мысыкатæ уайтагьд сæ туг райстой, фæлæ уый фæстæ дæр дыууæ мыггаджы кæрæдзимæ бирæ рæстæг туджджынты цæстæй кастысты. Тас уыди ног фыдбылыз æрцæуынæй. Мæхæмæтæн хъуыддаг бамбарын кодтой. Уый йе ’рвад Бибоимæ Брутмæ æрцыд Æхсæны лæгтимæ бауынаффæ кодтой. Канд Мысыкатæ нæ, фæлæ Тедтаты мыггаг дæр, Мæхæмæт цы уынаффæйыл хæст уыд, ууыл дыууæ нал загътой. Дыууæ мыггаджы абоны онг кæрæдзимæ хæлары цæстæй кæсынц.

1928 азы Мæхæмæты хо (мæ мад) Годта æррынчын. Мæ фыд фехъусын кодта Мæхæмæтæн хабар, æмæ уый дыккаг бон Брутмæ æрцыд Рынчын уколтæй тарст, æмæ Мæхæмæтæн загъта, фæлæ хостæ нуазыныл разы уыд. Уый йæ мидбылты бахудт æмæ йын загъта, уколы сконд æмбаргæ дæр кæй нæ бакæндзæни. Гипнозы тых дæр уыд Мæхæмæтмæ. Йæ хойы галиу къух райста, цыдæртæ арадзур-бадзур кодта, æмæ рынчын афынæй. Дохтыр фынæйæн укол скодта. Уый куы райхъал, уæд дзуры, уколы бæсты бирæ хостæ нуаздзынæн, зæгъгæ. Мæхæмæт йæ дзыхыдзаг ныххудти, стæй йæ рынчын хойæн загъта, къуырийы фæстæ сдзæбæх уыдзынæ, зæгъгæ. Къуырийы фæстæ æцæг рынчын йæ къахыл слæууыди.

Мæхæмæт адæмы æнæниздзинадыл куыд æнувыдæй куыста, уый тыххæй ма иу ахæм цау. 1935 азы фæссихор йæ куыстæй æрбацыди. Хæрæндон кæй хуыдтам, уыцы уаты æрбадти стъолы уæлхъус, æмæ йын хæринаг куыд æрæвæрдтой, афтæ дзæнгæрæг ныззæланг кодта. Æз фестадтæн æмæ дуар байгом кодтон. Ауыдтон иу лæджы, йæ уæлæ сау кæрц, сау уæлдзарм худ. Афарста мæ Мæхæмæтæй. Æз Мæхæмæтæн фехъусын кодтон, чидæр æй кæй фæрсы. Уый фестади, лæгæн йæ къух райста: «Барон, алы бон æгас цу. Мидæмæ рахиз æмæ цæхх, кæрдзынæй иумæ саходæм». «Бузныг, Мæхæмæт. Тынг хатыр дæ курын, фæлæ кæд амал ис, уæд мæ сывæллон Юрик тынг нæфæразгæ у, æмæ йæ куы фенис. Йæ тæвд дыууиссæдз градусмæ схæццæ».

Ацыдысты. фæстæмæ куы сыздæхт, уæд загъта, уыцы нæлгоймаг ирон зынгæ фыссæг Боциты Барон уыд, зæгъгæ. Æз уæд Бароны фæсаууонмæ зыдтон, йæ чиныг «Саст рæхыс» дæр ын бакастæн, фæлæ йæ цæсгомæй нæ зыдтон. Мæхæмæт рецепт рафыста, мæнмæ йæ радта æхцаимæ æмæ мын бафæдзæхста афтекмæ ацæуын, хостæ балхæнын æмæ сæ Баронтæм бахæссын. Бацамыдта мын адрис дæр. Хостæ балхæдтон æмæ сæ бахастон Баронтæм.

Мæхæмæт уыди диссаджы зæрдæйы хицау. Мæ лæджы кармæ куы бахызтæн, уæдæй нырмæ йын бирæ хæттыты æрымысын йæ царды уаг. Адæймаг иудадзыг йæ чемы нæ вæййы. Цард цард у, йæ фездæхæнтимæ, йæ домæнтимæ. Фæлæ æз никуы федтон Мæхæмæты схуыст ныхас скæнгæ, нæдæр мæстыйæ, нæдæр æнæуи. Ахæм уыди бинонты æхсæн, стæй æмбæлттимæ дæр. Бирæ дзурæн ис йæ хорз миниуджыты тыххæй Одессæйæ Ирыстонмæ куы ссыд, уæд дыккаг хатт бакодта хъуыддаг. Йæ бинойнаджы фыццаг мой уыд зындгонд хæстон инæлар, уырыссаг-туркаг хæсты архайæг Хетæгкаты Василий. Хетæджы-фыртæй баззади дыууæ чызджы. Мæхæмæт хи хъæбулты цæстæй касти сывæллæттæм, схъомыл сæ кодта. Астæуккаг скъола каст куы фесты, уæд Мæхæмæты бафæндыд, цæмæй хистæр чызг Фатимæ ацæуа Ленинградмæ ахуыр кæнынмæ. Фатимæ Мæхæмæты фæндоныл сразы. Бацыд университетмæ. Цæргæ та кодта Ленинграды, Мæхæмæты хæлар профессормæ. Университеты фæстæ стыр сгуыхт кæй разынд, уый тыххæй йæ ныууагътой аспирантурæйы. Уый фæстæ райста биологон наукæты докторы ном, уыди профессор. Хетæгкаты Фатимæйæн мыхуыры рацыди 60 наукон куысты. Блокадæйы рæстæг царди Ленинграды, уыди горсоветы депутат. Йæ хорз куысты тыххæй йын лæвæрд æрцыди бирæ паддзахадон хæрзиуджытæ. Фатимæйы тыххæй 1981 азы газет «Социалистическая Осетия» рауагъта стыр уац: «Жизнь, отданная другим». Фатимæйы, куыд загътон, афтæмæй хъомыл кодта Мæхæмæт.

Мæхæмæты хæдзары цардысты Лотиты Барис, Юрий æмæ сæ хо Аллæ. Æртæ дæр райстой уæлдæр ахуырдзинад Барис ныртæккæ кусы Грознайы нефты институты доцентæй. Мысыкаты Валентин каст фæци Мæскуыйы машинæтæаразæн институт. Фæмард Фыдыбæстæйы Стыр хæсты. Мысыкаты Костя каст фæци æфсæнвæндаджы институт, уый дæр фæмард хæсты.

Мæ мысинæгты кæронбæттæны ма мæ фæнды зæгъын, Мæхæмæт æмæ Цоцкойы фембæлды тыххæй Мæхæмæтимæ фæцæйцыдыстæм ныры Сабырдзинады уынджы. Тигъыл цы афтек ис, уырдæм куы ныххæццæ стæм, уæд хæрхæмбæлд фестæм бæрзонд хæрзконд лæгыл, халас рихитæ æмæ йын боцъо. Йæ уæлæ ирон дарæс цъæх тынæй цухъхъа, сау уæлдзарм худ, сау бæрцытæ, хъама — æвзист хæцæнджын. Уый уыди Цоцко. Мæхæмæтимæ кæрæдзиуыл бацин кодтой:

Алы бон æгас æрцу, Цоцко! Иттæг æхсызгон мын у дæ фенд Ирыстоны зæххыл!

Мæ хæлар Мæхæмæт! Мæнæн дæр тынг æхсызгон у, дзæбæх, æнæнизæй дæ кæй уынын, уый.

Стæй Цоцко мæнырдæм фездæхт. Мæ къух мын райста æмæ афарста Мæхæмæты:

Ацы лæггаг та дын чи у?

Мæ хæрæфырт,— дзуапп радта Мæхæмæт.

Цоцко мыл бацин кодта. Йæ галиу къухæй мæ æрбахъæбыс кодта, рахизæй мын мæ сæрыхъуынтæ сабыр апыхцылтæ кодта æмæ загъта:

Лæггаг, дæ уынд мæ зæрдæмæ цæуы. Дунейы фарн дæ дæ цытджын мадыфсымæры хуызæн лæг скæнæд! Гайлаг родæй бæрæг у!

Мæхæмæты хуызæн лæг не сдæн, фæлæ Цоцкойы зæрдæлхæнæн ныхæстæ мæ зæрдыл лæууынц, мæ мæлæты бонмæ дæр мæ нæ ферох уыдзысты.

Ныхæстæ кодтой дыууæ ахуыргонд лæджы, сæ ныхасы сæр уыд ирон-уырыссаг-немыцаг дзырдуат рауадзыны фæдыл.


Тыджыты Тамарæ
Зæронд къамтæ дзурынц

Заерон къам

Ацы къамы уынут Ирыстоны зындгонд адæймæгтæ Мысыкаты Бимболат æмæ Мæхæмæты сæ кæстæртимæ. Адонæн сæ хъысмæт вазыгджын æмæ æвирхъау рауади. Бимболат уыди паддзахы æфсады афицер. Революцийы идейæтæ арф айста йæ зæрдæмæ. Кæд æвзонг уыд, уæддæр ын йе ’мзæххонтæ стыр кад кодтой. Советты съездмæ йæ равзæрстой делегатæй. Адæмæн æххуыс кодта сæ зын сахат, нæ сæ дих кодта урсытыл æмæ сырхытыл. Бирæ хæрзты бацыд йæ хистæр Мæхæмæтæн антропологийы зонадониртасæн куыстыты, медицинæйы национ традицитæ бахъахъхъæныны хъуыддаджы.

Мысыкаты Мæхæмæт каст фæцис Одессæйы университет. Сси медицинæйы профессор æмæ куыста Дзæуджыхъæуы педагогон институты. Уыдис æм стыр медицинон фæлтæрддзинад. Искæй-иу йе ’ххуысы сæр куы бахъуыд, уæд ыл йæхи никуы атигъ кодта. Йæ куысты рæстæг-иу куы фæцис, уæддæр æм цыдысты рынчынтæ æмæ сæ никуы никæй аздæхта. Фыццаджы-фыццаг йæхи дохтыр хуыдта, бынæттæ-йедтæм никуы хъавыд. Йæ зонындзинæдтæ лæвæрдта кæстæртæн. Хъыгагæн, йæ зонындзинæдтæй йын спайда кæнынмæ хъавыдысты чекисттæ. Уыдоны фæндыди, цæмæй сын амыдтаид, ахстытæн æвирхъаудæр, æбуалгъдæр митæ кæнын куыд хъæуы, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы, Мæхæмæт не сразы. Уый тыххæй йын 30-æм азты марыны тæрхон рахастой. Мысыкаты Бимболат та æххуырст лæгмары къухæй фæмард.

Фæлæ махæн, фæстагæттæн, ирон лæджы намыс æмæ цæсгомæн æвдисæндары хуызæн баззад ацы къам.

«Рæстдзинад», 01. 02. 94.

Биазырты Алыксандр
Мæ мысинæгтæ Мæхæмæгы тыххæй

Ацы аз 1 февралы «Рæстдзинад»-ы бакастæн Тыджыты Тамарæйы уацхъуыд Мысыкаты Мæхæмæты тыххæй. Æмæ мæ цæстытыл ауадысты 1925–1926 азты нывтæ æмæ фæлгонцтæ, мæнæ сæ цыма телевизоры уынын, уыйау. Мæ царды дарддæры хъысмæтыл уæды цаутæ тынг фæзынысты æмæ сæ, æвæццæгæн, уымæн дзæбæх бадардтон мæ зæрдыл.

Æрыдоны астæуккаг скъола куы фæдæн каст, уæд сдæн ГИНО-йы (Горский институт народного образования) студент. 1925 азы августы институт дæр æмæ студентты æмдзæрæн дæр уыдысты Дзæуджыхъæуы Маркусы уынджы, сæ иу— вагзалмæ ’ввахс, иннæ та — уырыссаг театры бакомкоммæ. Истам стипенди фæйнæ туманы. Уый хæд размæ адæмы ’хсæнмæ рацыдысты Ленины сызгъæрин æмæ æвзист æхцатæ æмæ йæ абоны хуызæн хъуыды кæнын. Нартхоры пут уыди 11 капеччы (афтæ сæ уæй кодтой гутондартæ Даргъ-Къохы дæр, æмæ сæ ластой уырдыгæй та Новороссийскы наулæууæнмæ). Студенттæ уæвгæйæ хæргæ кодтам проспекты цæгат кæрон кинотеатр «Гигант»-ы уæллаг фарсмæ хæстæг иу чысыл хæрæндоны. Дæ æрхуы стыр суари радт, æмæ дын дынджыр æфсæйнаг къусы дзаг æрæвæрдтаиккой хъæрмхуыпп дзидзайы кæрстытимæ, дзул та рæдзæгьд уыди фынгыл, цас дæ фæнды, уыйбæрц хæр. Студенты уæды материалон уавæртæй хъастгæнæн нæ уыд, æмæ зæрдæрайгæйæ ахуыр кодтам. Уыди нæм алыхуызон къордтæ: литературон, драмон, радиойы, физкультурон æмæ æндæртæ, æхсæнадон лекцитæ, диспуттæ, зынгæ лæгтимæ фембæлдтытæ æмæ æндæртæ.

Мысыкаты Мæхæмæт та нын уыди институты дохтыр, рæстæгæй-рæстæгмæ æнæнизæй гуырысхойаг студентты бæрæг кодта. Афтæмæй йæм бахаудтæн æз дæр. Уалдзæджырдæм куыддæр слæмæгъ дæн. Мæн æмæ ма цалдæр лæппуйы йæхи хæдзармæ дæр бацæуын кодта. Хостæ нын лæвæрдта. Цæргæ та кодта уырыссаг театры бакомкоммæ, тæккæ тигъыл дыууæ уæладзыгон хæдзары æд бинонтæ.

Мæнæн æрæджиау бамбарын кодта мæ уавæр (цыбыртæй йæ зæгъдзынæн): цæгатаг æмæ ныгуылæйнаг дымгæтæ мигъты хæссынц хæхтæм, фæлæ сæ фыццаг рагъы сæрты дæр хуссармæ ахæссой, уый дымгæты бон нæу. Батæрынц сæ иу-цалдæр версты Арвы, Куырттаты, Уæлладжыры æмæ Дыгуры кæмттæм. Уый тыххæй Дзæуджыхъæуы æмæ иннæ рæбыны хъæуты къæвдатæ арæхдæр вæййы, стæй дзы арæх бады уымæл цъæх мигъ. Низджын адæймагæн æххуыс у æнæкъæвда хохаг хъæуы, кæнæ Хуссар Иры климæты цæрын.

Кæй зæгъын æй хъæуы, махæн хъыг уыдис ацы хабар. Мах ма, сывæллæттæ уæвгæйæ, нæ фыд иу аз Цъæйы хъæумæ уæрдоныл аласта, æмæ дзы иу цасдæр фестæм, фæлæ ныл иу æхсæв тæрккъæвда рацыд, мах ма уæрдонæй цатыры бынæй рагæппытæ кодтам, фæлæ нын æвиппайды раивылгæ дон нæ уæрдон дæр аласта æмæ ма æндæр кæйдæрты уæрдæттæ. Стæй мæм хæхтæ дæр цыдæр мæнгæфсон кæсын райдыдтой, мæнæ ныр цыма комы былмæ хохы къултæ æрызгъæлдысты, уыйау. Æмæ мæ нæ фæндыд хæхты астæу цæрын, Æрыдоны тæккæ тыгъд быдырты фæцахуыры фæстæ.

Фæлæ ГИНО-йы ахуыр кодтой Хуссар Ирæй цалдæр студенты æмæ мæ райдыдтой уыдон дæр дохтыр Мæхæмæты фæндоныл разы кæнын. Иу студенткæйæн йæ фыд (Санахъоты Къола) Цхинвалы æд бинонтæ царди æмæ куыста Рухсадкомы. Куы йæм бацыдтæн йæ куыстмæ, уæд мæ 1926 азы сентябры снысан кодтой райдайæн скъолайы гæсæй Громы хъæумæ. Хъæу ис Медзыдайы доны был тæккæ Андореты комы дымæгмæ быдыры райдайæны. Æцæгдæр уым бынтон æндæр климæт ис, Дзæуджыхъæуимæ абаргæйæ. Нæй дзы дæргъвæтин, æдзухæй лæдæрсгæ сæлфынæгтæ, дымы зæрдæмæдзæугæ рог дымгæ, хъарм сыгъдæг уæлдæф, сæнæфсир æмæ дыргътæ — арæх.

1926–1928 азты Громы хъæуы царди æппæт Иры зынгæ революционер Санахъоты Мате. Уый уыди бæрзонд æмæ тыхджын адæймаг. Æфсæддон афицер уæвгæйæ, 1907–1909 азты уыди географ Петр Козловы экспедицийы Манголы æмæ Тибеты. Йæ кой чындæуы ПКозловычиныг «Русский путешественник в Центральной Азии и мертвый город Хара-Хотойы».Мате уыди стыр зæрдæхæлар адæймаг æмæ мын бирæ æххуыс фæци, скъолайæн-иу сугтæ афоныл æрбаласын кодта, исты хъаугъаты-иу скъолайы фарс рахæцыд. Æмæ йæ рухс фæлгонц абон дæр мæ цæстыты раз лæууы.

Хъæусоветы писырæй куыста Дзадтиаты Алыксандр, фæстæдæр сси зынгæ скульптор. Уыимæ иу хатæны цардыстæм Лолаты Илойы хæдзары. Нæ фысымтæ нæм кастысты, раст цыма сæхи хъæбултæ уыдыстæм, уый хуызæн. Сæ лæггæдтæ сын чи фæнымайдзæни. Кусаг æмæ уæздан уыдысты удыхъæдæй гроймæгтæ, æмæ æнцон цæрæн уыди се ’хсæн. Афæдз куыд атахт, уый зонгæ дæр нæ бакодтон. Фæфидар дæн. Æмæ та ГИНО-йы ахуыр кæнын байдыдтон.

Нæ дохтыр Мæхæмæтæн æхсызгон уыд, йæ фæнд ын кæй сæххæст кодтон æмæ кæй фæдзæбæх дæн, уый Фæлæ мæм уæддæр йæ хъус дардта.

Кæцы аз уыди, уый мæ ферох, фæлæ мæ зæрдыл абоны хуызæн лæууы Мæхæмæты гипнозы сеанс ГИНО-йы залы. Зал Маркусы уынджы институты агъуысты уыди. Цалдæр сæдæ адæймаджы дзы бадт. Уæд электрон цырæгътæ арæх нæма уыди æмæ залы уыд мæллæг рухс. Адæм нымдзаст сты сценæмæ. Мæхæмæт рацыди сценæмæ. Йæ æнахуыр æнцойгæнæг хъæлæсæй дзырдта уырыссагау: «Вы спите, вы устали и спите».

Æз цæмæдæр гæсгæ гипнозæй тарстæн æмæ мæ цæстытæ радав-бадав кодтон æмæ адæммæ мæ хъус дардтон. Уыдон дæр ныхъхъус сты. Стæй ранæй-рæтты залы райхъуысти хуыр-хуыр. Мæхæмæт залæй сценæмæ ракодта иу студенткæйы, урс кофтæ æмæ йыл сау юбкæ, афтæмæй.

Вы маленькая девочка, на базаре потеряли маму.

Чызг дын сценæйы срог и «мама», «мама» хъæргæнгæ.

Иу лæппу та дзы не студентты æмдзæрæнæй уыди. Сценæйы цытæ кодта, уыдонæй ма мæ зæрдыл лæууы ахæм цау. Мæхæмæт ын афтæ, дæ уарзон зарæг, дам, ныккæ. Уый дæр ын куы ныззарид:

Погиб я, мальчишка,
Погиб навсегла.
Года за годами,
Проходят лета...

Уыцы изæр Мæхæмæт равдыста бирæ номыртæ. Иу студентæн та йæ къухыл цыма сызгъæрин сахат бакодта. Æмæ йæ куы афарста, цал сахаты у, зæгъгæ, уæд уый раст загъта рæстæг.

Æз ма фæахуыр кодтон 1929 азы мартъимæ æмæ та мæ низыхатт — рæуджыты сахъат — уалдзæджы къæвдаты æмæ сæлфынæгты базмæлыд æмæ та хус хæхбæстæм ацыдтæн æнæбары, æвæндонæй. Фæлæ, хъыгагæн, мæ дзæбæхгæнæг Мæхæмæтыл нал сæмбæлдтæн. Ахæм æрдзæй курдиатджын адæймæгтæ æдзæстуарзонты фæндиаг фæвæййынц.

Иу хатт ма йæ кой фехъуыстон Чъребайы (Цхинвалы). Уый уыдаид, æвæццæгæн, 1960-æм кæнæ 1970-æм азты. Иу изæр горæты театры размæ фæзуаты баййæфтон бадгæ пенсиисджыты цалдæрæй, æмæ сæ цуры æрбадтæн. Се ’хсæн уыди бæрзондгомау зæронд лæг Иосеб (йæ мыггаг ын нал хъуыды кæнын) æмæ цæмæдæр гæсгæ ракодта Мæхæмæты кой. Иосеб æнусы райдианы ахуыр кодта Одессæйы артиллерион училищейы. Иу заман, дам, æрыхъуыстам, горæты ирон ахуыргонд лæг дохтыр, Мысыкаты Мæхæмæт кæй цæры, уый. Ме ’мбалимæ йæм бацыдыстæм æмæ, дам, ныл тынг фæцин кодтой йæхæдæг дæр, йæ бинонтæ дæр. Цалдæр хатты, дам, нæ афтæ суазæг кодтой æмæ, дам, схæлар стæм.

Иосебы раныхасмæ гæсгæ æвзонг, 18-аздзыд Мæхæмæт Одессæмæ ныццыди университетмæ фæлварæнтæ дæттынмæ. Ничи йын дзы уыди зонгæ æмæ-иу æхсæв вагзалы фæбадт æрдæгфынæйтæй, хæрдцухæй. Иуахæмы йын йæ дзыппæй йе ’хцатæ адавтой уркæтæ æмæ фыр адæргæй скуыдта Уыцы уысм æй ауыдта иу цавæрдæр адæймаг. Фæтæригъæд ын кодта Университетмæ фæлварæнтæ дæтгæйæ ахæм тыхст уавæрты кæй бахауд, уый тыххæй.

Уыцы адæймаг разынд æвзонг, хъæздыг æмæ ахуыргонд сылгоймаг. Акодта лæппуйы йæ хæдзармæ. Базыдта йæ, курдиатджын æмæ хæларзæрдæ лæппу кæй у, уый. Кæрæдзи бауарзтой æмæ сæ цард баиу кодтой. Мæхæмæт хорз ахуыргонд сси. Йæ наукон куыстытæ медицинон журналты цыдысты. Йæ ус дæр разынд ахæм зæрдæхæлар, йæ мойы ирон зонгæтыл-иу тынг бацин кодта 1920 азты Мæхæмæты усы фæсарæнтæм ацæуын бахъуыди, йæ мойы дæр кодта фæсарæнтæм хъæздыг цардмæ, фæлæ Мæхæмæт æрцыдис Ирмæ, йæ чысыл райгуырæн бæстæйæн баххуыс кæнынмæ æмæ бирæтæн баххуыс. Фæлæ йæ 30-æм азты фыдбылызтæ басыгътой. Æмбалты Цоцкойы, Къубалты Алыксандры æмæ бирæ æндæрты куыд басыгътой, афтæ.

Рухсаг уæнт!

«Рæстдзинад», 20. 04. 94.


Кодзырты-Гусаты Райкæ
Æххуыс кодта алкæмæн дæр

Мæхæмæт уыди мæ мадæн йæ кæстæр æфсымæр. Чызг æмæ лæппу хæрз сабитæй баззадысты сидзæрæй. Хъомыл сæ кодта сæ фыдымад. Мæхæмæт фыццаг ахуыр кодта Бруты скъолайы, стæй йæ йæ фыдыфсымæр Сослан аласта Кутаисмæ (уым куыста) æмæ йæ дины скъоламæ радта.

Одессæйы университеты куы бакасти, уæд ракуырдта, уырыссагау хорз чи зыдта, ахæм немыцаг чызджы. Мæ мад Годта æмæ йæм Мысыкаты Ахмæт (уый дæр Аслæныхъойæн йæ фырт уыд йæ дыккаг усæй) ацыдысты, цæмæй йын загътаиккой, дæ усы ныууадз æмæ ирон ракур, зæгъгæ. Мæхæмæт сын афтæ: æвиппайды йын ныууадзæн нæй, лæппу мын дзы ис. Ме ’мгар лæппу йын дзы уыд, йæ ном — Жорж.

Сæрды ардæм йæ фæллад уадзынмæ куы ссыди Мæхæмæт, уæд та йæм хиуæттæ хатын райдыдтой: ныууадз уыцы усы æмæ ирон ракур. Гъемæ уæд Гæздæнты Фаризæты ракуырдта. Уымæн та йæ фыццаг лæг Хетæгкаты Василий уыд, булкъон. Мæхæмæт Фаризæтимæ базонгæ Одессæйы, фидаугæ та ам бакодта — Ирыхъæуы. Мæ зæрдыл ма хорз лæууы: бричкæйы йæ Брутмæ æрхастой, йæ фæстæ бирæ барджытæ цыди.

Мæ фыд Саукуыдз уыди хуымæтæджы зæхкусæг, Бруты нымаддæр лæгтæй иу. Дæс азы бæрц хъæуыхицауæй фæкуыста. Фæлæ колхозтæ аразын куы райдыдтой, уæд ныл фыдæвзæгтæ дзырд бахастой, адон кулактæ сты, зæгъгæ. 1930 азы апрелы йæ æрцахстой æмæ йын фондз азы стæрхон кодтой. Саукуыдзæн йæ кæстæр æфсымæр Исламы та æртæ азы æмгъуыдмæ Сыбырмæ ахастой. Цыппар æнахъом сывæллоны йын баззад, æмæ сæ мæ фыд схъомыл кодта. Ислам хасты амард — йæ зæрдæ аскъуыди. Нæ хæдзæрттæ дæр нын байстой æмæ дзы скъола сарæзтой. Бинонтæ фæхауæггаг сты. Гъемæ мын уæд Мæхæмæт афтæ: ныр чындздзон чызг дæ æмæ рахау-бахауы бæсты мæнмæ рацу. Царди проспекты, уырыссаг театры бакомкоммæ дыккаг уæладзыджы. Фыццаг уæладзыджы та ма æрæджы дæр ювелирон дукани уыди. Гъемæ йæм иуцасдæр фæдæн. Уый уыдаид 1927–1929 азтæй кæцыдæры. Арæх æм цыдысты рынчынтæ. Æххуыс кодта алкæмæн дæр. Мæгуыртæн-иу æхца дæр авæрдта, хостæ дзы балхæнут, зæгъгæ. Йæ фæлмæн дзыхы ныхасæй сæ-иу ныфс бауагъта. Иу хатт æй Ногирмæ аластой — тыхст рынчын дзы уыди. Мæгуыр, æвæгæсæг бинонтæ. Мæхæмæтæн йæ халаты, сыст сбырыди. Сæхимæ куы ссыд, уæд ын Фаризæт афтæ: «Мæ хæдзарыл, мæнæ дæ халатыл сыст куы ис!» Уæд æм Мæхæмæт хъазгæйæ дзуры: «Ма йæм бавнал, уый ирон сыст у».

Сихорафон кæнæ-иу фæскуыст йе ’мкусджыты арæх æрбахуыдта хæдзармæ. Иуы ма хъуыды кæнын йе ’мбæлттæй. Йæ ном уыд æви йæ мыггаг — мæгъа: Шарап æй хуыдтой. (Сарап Александр Николайы фырт — хæцгæ низтæ дзæбæхгæнæг, куыста Медицинон институты дæр, Цæгат Ирыстоны АССР-йы сгуыхт дохтыр, амард 1957 азы.— Ред.). Фæстæдæр, Мæхæмæты куы ’рцахстой, уæд ын, æнхъæлдæн, йæ фатер уымæн радтой.

Мæхæмæт куыста цалдæр раны: облæстон (ныртæккæ республикон) рынчындоны, нервытæ дзæбæхгæнæн рынчындоны. Æррадонмæ та къуыри иу хатт цыди — уым дæр куыста.

Асæй уыди рæстæмбис, рæсугъд, хæрзконд лæг.

Долидзейы нæ хъæумæ куы ’рласта, уæд мæн дæр ацæгъдын кодтой. Мæ мад Годтайы цагъд та хуыздæртимæ банымадтой. Æмæ йыл Мæхæмæт ныффыста: Брутаг цагъд. Арæх æй лæвæрдтой радиойæ.

Хъуыды ма кæнын: Мæхæмæтмæ уыдис æрдæгæй уæлæмæ æвзистæй конд лæдзæг. Куы амард, уæд уыцы лæдзæг мæ мад куырдта, фæлæ йæ Фаризæт нæ радта. Уый фæстæ цы фæци — мæгъа. Фаризæтæн йæхи дæр æрцахстой: дæ лæджы сæрыл цæмæн дзырдтай, зæгъгæ, йæм цыма уыцы аххос ссардтой. Æмæ йæ Сыбырмæ ахастой. Уырдыгæй куы сыздæхт, уæд Ленинградмæ ацыд, йæ чызджытæм царди, мæлгæ дæр, æнхъæлдæн, уым акодта. («Книга памяти жертв политических репрессий, зæгъгæ, уыцы чиныджы фыццаг томы 182 фарсыл ис ахæм фыст: «1353. Мисикова Фаризат Магометовна, 1889 года рождения, уроженка ст. Ново-Осетинской, осетинка, домохозяйка. 17.05.41 г. Особым совещанием НКВД СССР приговорена к 8 годам ИТЛ».—Ред.)2.

Æвирхъау фыдтæ, дам, бавзæрста ахстæй Мæхæмæт: суанг, дам, ын фыцгæ донæй клизмæтæ дæр кодтой. Уæд ахæм лæджы фесаф! Адæмæн хорз йеддæмæ æвзæрæй куы ницы фæци! Æбуалгъ замантæ та куыннæ уыди!


Мысыкаты-Гусаты Дзæйнæт
Зæрдæхæлар, фæлмæн

Мæхæмæт æмæ мæ фыд Хъырым канд хæстæг æрвадæлтæ нæ уыдысты, æппæты фыццаг зæрдæйæ хæстæг уыдысты. Мæхæмæт-иу афтæ загъта: «Ахуыр цы скодтон, уымæй уæлдай ма мæм Хъырымы зондæй исты куы фæцадаид, уæд мæ хъуыддæгтæ бирæ хуыздæр цæуиккой».

Иуахæмы мæ фыдимæ файтонæй ссыдыстæм Брутæй Дзæуджыхъæумæ — Фаризæты хонынмæ. Уæд æз гыццыл чызг уыдтæн. 1923 азы гуырд дæн. Æмæ мын Мæхæмæт афтæ: «Хъус, Дзæйнæт. Дохтыр суыдзынæ. Æрмæст гуырдзиаг æвзаг базон. Æз уын баххуыс кæндзынæн. Гуырдзыстоны мын дзæбæх лымæнтæ ис, æмæ уæ уыдон дохтырты скъоламæ бакæндзысты». Гъемæ мæ кæстæр хо æмæ æфсымæр бакастысты 19-æм (гуырдзиаг) скъолайы. Мæхæмæты тынг фæндыди, нæ мыггагæй, стæй ирон адæмæй дохтыртæ фылдæр цæмæй уа, уый.

Уыди тынг фæлмæн æмæ зæрдæхæлар адæймаг. Иу хатт æм иу рынчын æрбацыди. Мæхæмæт æй федта, рецепт ын рафыста, æхца дзы батыхта, стæй рынчынæн загъта: «Мæнæ ам дæлæмæ ныууай æмæ фыццæгæм афтечы хос райс. Дæс боны йæ фæнуаз æмæ мæм-иу уый фæстæ æрбацу».

Нæ бинонтæй иуæн йæ игæр рысти. Мæ фыд æм Мæхæмæты нылласта Брутмæ, фен-ма йæ, зæгъгæ. Федта йæ Мæхæмæт æмæ йын бацамыдта афтæ: дыууæ боны кæуыл рацæуа, ахæм сылы нуаз райсомæй æмæ изæрæй. Уый адыл рынчын сдзæбæх. Мæнæ бохъхъырниз кæй хонынц (уырыссагау «зоб»), уымæн дæр хос зыдта: йод-иу цæимæдæрты схæццæ кодта æмæ йæ нуазын кодта рынчынæн.

Бирæ уарзтой адæм Мæхæмæты. Семæ цæрын зыдта. Хæлæггæнджытæ дæр æм уыд, æвæццæгæн, æдзæстуарзон, хæрам, чъизизæрдæтæ, æмæ уыдон дзыхæй бабын. Мæхи фыдæн дæр мын 1930 азы тæрхон скодтой 3 азы.

Мæхæмæтæн йæ фыццаг ус немыцаг уыд æмæ йын дзы баззади лæппу. Жорж йæ ном. Фæстæдæр æй йæ мад аласта Италимæ.

Æвæццæгæн, тарсти, Мæхæмæт ын æй куы байса, уымæй. 1937 азы Жорж æрбацыд Одессæмæ йæ фыд Мæхæмæты агурæг. Загътой йын: дæ фыд у адæмы знаг, æрцахстой йæ æмæ йæ амардтой. Жоржæн йæхицæн ис æртæ лæппуйы æмæ иу чызг. Лæппутæй иу — Мишæ — ам дæр уыди. Зонгæ та йæ афтæ бакодтам. Ме ’фсымæры цот цардысты Мæскуыйы. Иуæн дзы Италийы минæварады уыди чызг-зонгæ, Лянæ. Æмæ йын æз загътон: «Италийы Мысыкатæй ис, Жорж, зæгъгæ, ахæм лæг. Базон-ма йæ, кæм ис æмæ цы ми кæны». Гъемæ дын Жоржы цоты куы базонид уыцы Лянæ. Жорж йæхæдæг амарди 1972 азы. 1990 азы Киевы уыди форум физиктæ-кибернетиктæн. Мишæ кибернетик у, æмæ йæ æрбахуыдтой уыцы форуммæ. Доклад дæр дзы кодта англисагау. Уырыссаг æвзаг нæ зоны. Цæуы йыл 42 азы. Йæ мыггаг фыссы «Мисиков» нæ, фæлæ «Мисков». Æмæ мах хуындмæ гæсгæ уырдыгæй ссыд Ирыстонмæ. Фæци нæм бон æмæ æрдæг. Алы сахат дæр ын нымад уыди. Хохмæ дæр æй аластам. Йæ зæрдæмæ тынг фæцыд Ирыстон. Йæ фыдыфыд кæм цард, уыцы хæдзар дæр ын фенын кодтам.

Мæхæмæт æмæ Фаризæт тынг уазæгуарзон адæм уыдысты. Сæ хæдзар адæмæй никуы цух кодта. Афтæмæй сæ фатер къуындæг: зал, стæй гыццыл къуымгонд, рынчынты кæм уыдта Мæхæмæт, уый æмæ, иунæг сынтæг кæм цыд, ахæм гыццыл уат. Ныртæккæйы ахуыргонд адæмæй бирæтæн галуантæ ис. Раздæры профессортæ æндæрхуызон цардысты.


Кучиты Хетæг
Мæ ирвæзынгæнæг

Æз Ирыхъæуы райгуырдтæн. Гаджиты хæрæфырт дæн. Мæ мадырвадæлтæ сæ чызг Маряйы чындзы æрвыстой. Уый уыди 1930 азы. Мæныл æртæ азæй гыццыл фылдæр цыди. Устытæ чъиритæ кодтой, æмæ уаты фыр тæвдæй фæлæууæнтæ нал уыд, мæ хид акалд, афтæмæй кæртмæ рацыдтæн. Гъемæ мæ æвиппайды уазал ныццавта, мæ рæуджыты иннæрдæм ахызти. Мæлыны къахыл ныллæууыдтæн, уæдæ цы уыдаид, судзæгау кодтон. Иу дыууадæс боны дæргъы нал цæуынæн уыдтæн, нал хæрынæн. Бинонтæ мын фервæзын æнхъæл нал уыдысты, абон-райсом кодтон. Уалынджы нæм, мæ амондæн, не ’рвадæлты лæг Федыр æрбацыд. Куы мæ федта, уæд, ай цы хабар у, зæгъгæ, фæкодта, стæй афтæ зæгъы: «Мысыкаты дохтырмæ ма йæ равдисæм». Файтоны мæм сластой Мæхæмæты. Уколтæ мын скодта, банкæтæ мыл сæвæрдта æмæ бинонтæн загъта: «Райсом æм хæрын æрцæудзæн, æмæ йын-иу карчы бас раттут». Уæдæй фæстæмæ мæм йæ хъус дарын байдыдта. Уколтæ кæнын нæ уагътон, куыдтон. Уый мын-иу рæвдаугæ хъæлæсæй ныфсытæ авæрдта. Иу хатт та мын мæ зæрдæ афтæ алхæдта: «Æртæ хъулон къæбылайы мæм ис æмæ дын дзы иу схæссон?» Æз къæбылаты коймæ сцымыдис дæн æмæ йæ бауагътон укол кæнын... Цæвиттон, адзалы фæндагæй мæ раздæхта, æгъатыр низы дзæмбытæй мæ ратыдта.

Нæ сыхаг Мысыкаты чызг у, Лидæ — йæ ном. Иу бон æй фæрсын, ахæм æмæ ахæм лæджы кой, зæгъын, никуы фехъуыстай. Куыннæ, дам, хæрз хæстæг æрвадæлтæ, дам, стæм. Æмæ, зæгъын, æппын йæ къам никæмæ ис. Уый мын Мæхæмæты къам æрхаста, йæ бинойнагимæ ист у. Æз дзы мæхицæн къопи скодтон æмæ йæ мæ уаты къулыл бæрзонд ран сауыгътон... Æцæг фæрнджын лæг уыди, хуыцауыстæн...

1 1916 азы Одессæйы цы чиныг рауагъта, ууыл хуымæтæджы нæ ныффыста Мæхæмæт: «Памяти дяди Сослана Мисикова, направившего меня из тьмы ко свету, с благодарностью посвящаю свой скромный труд». (Редакцийы фиппаинаг).

2 Ацы чиныджы ис рæдыдтæ. Фаризæт райгуырди 1884 кæнæ 1885 азы Ново-Осетинскаяйы нæ, фæлæ Дзæуджыхъæуы.


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.