Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Гуриев Тамерлан Александрович (р. 1929), доктор филологических наук, профессор. Осетиновед, президент Ассоциации ученых РСО, вице-президент общества дружбы "Россия — Индия". Автор более 160 научных публикации, в т.ч. 9 за рубежом. В его переводе книга об Индире Ганди: Манорама Джафа. ИНДИРÆ ПРИЙАДАРШИНИ. Дзæуджыхъæу: Ир, 1992. Англисаг æвзагæй йæ ратæлмац кодта æмæ йын фæсныхас ныффыста Гуырион Тамерлан

Газет «Рæстдзинад», 2010 азы 15 декабрь

Къухтæ

Альбрехт Дюреры иу нывы тыххæй

Praying Hands - Albrecht Durer Фынддæсæм æнусы Нюрнбергмæ хæстæг иу хъæуы царди, æстдæс сывæллоны кæм рæзыд, ахæм мæгуыр бинонтæ. Хæдзары хицау сæ дардта мамæлайы къæбæрæй. Уый тыххæй йæ кусын хъуыди бон æстдæс сахаты — сыгъзæрин цы шахтæйы амал кодтой, уым. Хатгай ма-иу, кæд хæдзармæ исты æфтиаг æрбахауид, зæгъгæ, æндæр рæтты дæр акуыста. Æвирхъау уавæрты цардысты Альбрехт Дюреры бинонтæ. Фæлæ уæддæр йæ лæппутæй дыууæмæ — Альберт æмæ фыды æмном Альбрехтмæ уыд æнахуыр бæллиц: фæндыди сæ нывгæнджытæ суæвын. Уæвгæ хорз æмбæрстой: Нывгæнынады академимæ бахауынæн, стæй ахуыргæнæггаг дзæвгар æхца бахъæудзæни, фыд та æнæуи дæр йæ къухтæм æмхасæнтæ кæны. Бирæ æнæхуыссæг æхсæвтæ арвыстой æфсымæртæ, сæ фæндтæ-иу сæ стъалыты онг ахастой. Фæстагмæ афтæ бауынаффæ кодтой: згъæр æхца суилæм æмæ, чи фæхæрд уа, уый шахтæйы кусын райдайæд. Цы мызд иса, уымæй дардзæн йе студент-æфсымæры. Уый каст куы фæуа, уæд та иннæ æфсымæр райдайдзæни ахуыр кæнын. Цæвиттон, радыгай хъуамæ каст фæуой академи.

Иу хуыцаубоны æфсымæртæ аргъуанæй куыд рацæйцыдысты, афтæ суылдтой æхца. Кæстæр æфсымæр Альбрехт рамбылдта æмæ ахуыр кæнын райдыдта Нюрнберджы. Альберт та шахтæйы куыста æмæ цыппар азы дæргъы йæ мызд æнæхъæнæй дæр лæвæрдта йе ’фсымæрæн.

Альбрехт фыццаг бонтæй фæстæмæ ссис академийы æппæты хуыздæр ахуыргæнинаг. Йæ гравюрæтæ, нывæфтыдтæ æмæ сойджын ахорæнтæй конд куыстытæ йæ ахуыргæнджыты фæллæйттæй уыдысты бирæ бæллиццагдæр, æмæ, академи каст куы нæма фæци, уæд дæр ын сæ æлхæдтой иттæг æхсызгонæй. Сæхимæ куы ’рбацыд, уæд ын йæ бинонтæ куывд скодтой. Иуафон Альбрехт сыстади, хистæрæй бар ракуырдта æмæ сидт рауагъта йæ уарзон æфсымæры цæрæнбоны тыххæй.

— Ныр та, Альберт, дæ рад у, — загъта нывгæнæг. — Ацу Нюрнбергмæ. Ныронг мын ды æххуыс кодтай, ныр дын хъуамæ дæ бирæ дзæбæхтæ бафидон.

Адæм се ’ргом раздæхтой Альберты ’рдæм. Уымæн йæ цæстытæ доны разылдысты, йæ сæр æнкъуыста æмæ сабыргай дзырдта: «Нæ... нæ... нæ...» Йæ чемы куы ’рцыд, уæд сыстад, йæ цæссыгтæ асæрфта, адæмыл йæ цæст ахаста, стæй йе ’фсымæрмæ разылд, йæ армæй йын йæ уадул рæвдаугæ æрсæрфта æмæ фæлмæн хъæлæсæй загъта:

Нæ, ме ’фсымæр, мæнæн мæ бон нæу академимæ ацæуын, байрæджы мын, байрæджы. Æрбакæс-ма, шахтæйы мæ къухтæ цы хуызæн систы, уымæ! Ме ’нгуылдзтæй чи нæ асаст, ахæм иу дæр нал и. Мæ рахиз къухæн мын артрит цы митæ бакодта, уымæ ма æрбакæс: нуазæныл дæр тыхтæ-фыдтæй хæцын... Нывгæнæджы куыстмæ ме ’нгуылдзтæ нал сарæхсдзысты, кърандасæй архайынхъом дæр нал суыдзынæн. Æгæр мын байрæджы, ме ’фсымæр, æгæр...

Цыппар æнусы æмæ æрдæгæй фылдæр рацыд уæдæй ардæм. Абон Альбрехт Дюреры гравюрæтæ, акварельтæ, сойджын ахорæнтæй конд нывтæ фенæн ис дунейы бирæ музейты. Фæлæ йын адæм уæлдай тынгдæр зонынц, йе ’фсымæры ном кæмæй ссардта, уыцы ныв. Альбрехт сарæзта дыууæ куыстдомд къухы — сæ армытъæпæнтæ æмæ æнгуылдзтæ кæрæдзийыл æндзæвынц, сæ æлгътæ та арвы ’рдæм арæзт. Автор йæ нывæн радта ном «Къухтæ». Фæлæ æгас дуне дæр йæ зæрдæ байгом кодта диссаджы шедеврæн æмæ йыл сæвæрдта ног ном — «Кувæг къухтæ».


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.