Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Гуриев Тамерлан Александрович (р. 1929), доктор филологических наук, профессор. Осетиновед, президент Ассоциации ученых РСО, вице-президент общества дружбы "Россия — Индия". Автор более 160 научных публикации, в т.ч. 9 за рубежом.

Манорама Джафа

ИНДИРÆ ПРИЙАДАРШИНИ

Indira Priyadarshini

[Дзæуджыхъæу: Ир, 1992. Англисаг æвзагæй йæ ратæлмац кодта æмæ йын фæсныхас ныффыста Гуырион Тамерлан]

Ацы чиныг æппæт дунейы сывæллæттæн лæвар кæнын. Автор

Ирон чиныгкæсджытæн

    Æз иттæг æхсызгонæй лæвар кæнын Индийы раздæры премьер-министр Индирæ Гандийы царды таурæгъ ирон сывæллæттæн Индирæ Ганди иудадзыг аудыдта Инди æмæ Советон Цæдисы сывæллæтты лымæндзинадыл. Мæ зæрдæ дарын, ацы чиныг уыцы лымæндзинады бастдзинæдтæ ноджы фидардæр кæй кæндзæн, ууыл.

Манорамæ Джафа. 1989 азы 5 ноябрь, Нью-Дели.

Ноябры 1917 азы 19-æм бон. Кæд Аллахабады хур касти, уæддæр уазалгомау уыди. Мотилал Неру бадти йæ къанторы. (Уый уыдис йе стыр хæдзары, Ананд Бхаваны). Йæ фырт Джавахарлал лæууыд йæ хæд фарсмæ. Раст уыцы рæстæг Джавахарлалы мад цины уацимæ къантормæ æрбазгъордта:

— Джавахарлалæн чызг райгуырди... Мотилалæн ацы хабар иттæг æхсызгон уыди.

— Æз æй хондзынæн Индирæ, мæ мадмæ гæсгæ.

Ноггуырд Джавахарлалы зæрдæмæ тынг фæцыди — рæсугъд, цæхæрцæст, фырыхъулы хуызæн — æмæ загъта:

— Æз æм дзурдзынæн «Прийадаршини»йæ.

Гъе афтæ сывæллоны хонын райдыдтой Индирæ Прийадаршини, ома «Бакастæй зæрдæмæдзæугæ Индирæ».

Уыцы бонты Ананд Бхаван йæ хуыз скалдта, сфæлыстой йæ дидинджыты хæлттæй, фæд-фæдыл дæс æхсæвы фæсыгъдысты цырæгътæ, боныгæтты та динамонджытæ мантрæтæ зарыдысты. Ацы стыр хæдзар йе ’мыдзаг уыд хæстæг-хионæй. Цыбырдзырдæй, Индирæйы райгуырд цины бæрæгбон ссис: Ананд Бхаванмæ, Неруты стыр хæдзармæ, амонд æрбацыд æмæ дзы æрбынат кодта.

Индирæ Прийадаршини, кæнæ та Инду (афта йæм дзырдтой хæдзары номæй), йæхи алкæмæн дæр бауарзын кодта. Чызг йе стыр фыды хуыдта Даду, йе стыр мады та — Долимæ. Йæ фыдмæ дзырдта Папу-йæ, йæ рæсугъд мадмæ та — Камалæ кæнæ Маммийæ.

Индирæйæн фыды хотæ уыди дыууæ — Виджая Лакшми æмæ Кришнæ. Ананд Бхаваны ма семæ цард Долимæйы хо Бибимæ. Адон иууылдæр бирæ уарзтой чызджы, буц æй кодтой, хъазæнхъуаг æй нæ уагътой.

Индирæ куы рахъомыл, уæд ын Даду сæ дыргъдоны скодта херы. Долимæ та йын скъаппы къафеттæ дардта: Инду адджинæгтæ уарзта.

Папу чингуытыл æнувыд уыдис æмæ-иу Индуйæн нывтæ æвдыста, алыхуызон хабæрттæ йын кодта. Ноджы Папу алы бон дæр чызджы згъорын кодта, йæхæдæг дæр-иу йæ фарсмæ уади, афтæмæй.

Сæ дыргъдоны уыдис хъæдын хæдзар. Уыцы хæдзары дардтой сæ саг. Инду бирæ уарзта уыцы саджы, алы бон дæр-иу ын кæрдæг йæхи къухæй лæвæрдта. Саг дæр чысыл чызгыл сахуыр æмæ-иу æм æнхъæлмæ каст.

Бибимæ-иу гыццыл Индуйæн кодта алыхуызон таурæгътæ, арæхдæр рагон Махабхаратæ æмæ Рамаянæ-йы кадджытæй. Йæ фæлмæн мад Камалæ Папу æмæ Индуйæн алы райсом каст Сыгъдæг Гитæ.

Даду хъæздыг æмæ тынг нымад æвдакат уыди. Уæззау зондыл хæст. Мотилал, Папу æмæ уымæн йæ дыууæ хойы Индуимæ ныхас кодтой англисагау. Йе стыр мад æмæ Мамми та — хиндустанийыл. Афтæмæй Инду тынг

хорз базыдта дыууæ ’взаджы — англисаг дæр æмæ хиндустани дæр.

Сæ цæрæн хæдзар Ананд Бхаван уыдис æнæхъæн галуан. Хæдзары пъолтыл — персайнаг гауызтæ тыд, сæ рудзгуытыл — хъæдабæ æмбæрзæнтæ, сæ къултыл — фраицаг нывтæ... Сæ дыргъдон кæддæриддæр уыдис хæрззылд; ам уыдис алыхуызон хæрзмыггаг дыргъбæлæстæ, дидинджытæ, цъæх-цъæхид кæрдæг. Уæдæ хæдзары цалдæр та цумайы лæгтæ æмæ сылгоймæгтæ уыд. Адон кастысты æмæ зылдысты дыргъдонмæ, куыйтæм, бæхтæм, понитæм, машинæмæ.

Уыцы заман Индийы хицауиуæг кодтой англисæгтæ. Дадуйæн англисæгтæй æмæ иннæ европæйæгтæй бирæ зонгæтæ æмæ лымæнтæ уыдй. Уымæн европæйаг цард йæ зæрдæмæ фылдæр цыди, даргæ дæр æвзаргæ европæйаг дзаумæттæ кодта. Уæдæ йын фынгмæ дæр европæйаг хæринæгтæ хастой. Индуйы стыр мад æмæ Мамми та æндæр зондыл лæуд уыдысты, хуыздæр сæм каст индиаг цардæй цæрын. Цæмæй алчидæр йæ зæрдæйы дзæбæхæн цардаид, уый тыххæй ацы стыр галуаны — Ананд Бхаваны — уыди дыууæ хицæн цæлгæнæны: сæ иуы Даду æмæ Папуйæн дардтой фарфорæй тæбæгътæ, къустæ, хъалацытæ. Уым-иу алыхуызон хæринæгтæ кодтой европæйаг уазджытæн дæр. Иннæ цæлгæнæны та дардтой æзист дзаумæттæ, цæттæ дзы кодтой хуымæтæг индиаг хæринæгтæ — сылгоймæгтæн æмæ хæстæг-хиуæттæн.

Индуйыл дыууæ азы куы сæххæст, уæд Ананд Бхаванмæ æрбацыд номдзыд уазæг — Мохандас Карамчанд Ганди. Уыцы уазæгмæ иууылдæр дзырдтой Бапу-йæ. Фæстæдæр уыцы лæджы базыдтой æппæт дунейы дæр. Уый уыди Махатма Ганди. Райсомæй суанг изæрмæ адæм Бапуйы фенынмæ цыдысты æмæ цыдысты. Даду æмæ Папуйы нал æвдæлд Индумæ: иудадзыг дæр уазджыты куыст кодтой. Бапу фидарæй дзырдта, зæгъгæ, Инди хъуамæ суæгъд уа Британийы æфсондзæй æмæ индиæгтæ хъуамæ сæ цард сæхæдæг аразой. Фæлæ Бапу кард æмæ топпæй хæцыныл разы нæ уыд. Уый адæмы ахуыр кодта кад æмæ радæй цæрыныл, алы хъуыддагæй дæр сæ зæрдæ сæхиуыл куыд дарой, алчи дæр сæ цæрынхъом куыд уа, уыдæттыл. Уый тыххæй уыдон хъуамæ ромыл цард кодтаиккой, хъуамæ дардтаиккой хуымæтæг дарæс — хади. Кæй зæгъын æй хъæуы, хадийæн дæр индиæгтæ тын хъуамæ сæхæдæг кодтаиккой. Уый уыдис, адæм Свадеш кæй схуыдтой, уыцы змæлд.

Бапуйы æрбацыды фæстæ Ананд Бхаваны цард цадæггай ивын байдыдта. Фæсарæйнаг зынаргъ дзаумæтты бæсты бинонтæ — Долимæ æмæ Мамми, Даду æмæ Папу — дарын райдыдтой хуымæтæг хадийæ конд дзаумæттæ.

Уæд иу бон Даду загъта, фæсарæйнаг бæстæты конд дзаумæттæй, дам, нæм цыдæриддæр ис, уыдон кæртмæ рахæссут, зæгъгæ. Хæдзары кусджытæ рахастой зынаргъ дзаумæттæ — гауызтæ, хъæдабæйæ æмбæрзæнтæ æмæ сæ кæрты сцæнд кодтой. Уалынмæ Дадуйы европæйаг зынаргъ уæлæдарæс дæр уыцы цæндыл абадт. Уый фæстæ та рахастой Папуйы англисаг костюм, Маммийы францаг сифон сари, Бинонтæ иууылдæр кæртмæ рацыдысты. Индуйы дæр уырдæм цæуын фæндыд, фæлæ йæ Папу æмæ Мамми нæ уагътой. Уæд гыццыл Инду йæ Дадумæ азгъордта æмæ йæ уый йæ хъæбысмæ систа, стæй йæ кæртмæ рахаста. Уым Инду федта хæрзаив дзаумæтты цæнд. Чызг йæхи Дадуйы хъæбысæй куыддæр æгъдауæй феуæгъд кодта, базгъордта дзаумæтты кæримæ æмæ йыл ратулбатул кæнын райдыдта. Даду йæ систа йæ хъæбысмæ, æмæ саби уайтагъд афынæй. Уымæн йæ дыккаг райсом Инду кæртмæ куы рацыд, уæд уыцы цæнды бынаты федта æрмæст дзаумæттæн сæ фæнык.

Иу бон пъæлицæйæгтæ Ананд Бхаванмæ æрбацыдысты æмæ семæ акодтой Даду æмæ Папуйы. Камалæ чызгæн бамбарын кодта, уыдоны ахæстонмæ акодтой, зæгъгæ. Инду бирæ фæкуыдта, стæй йæ мады бафарста:

— Даду æмæ Папуйы цæмæ гæсгæ акодтой ахæстонмæ?

— Уымæн æмæ уыдон тох кæнынц Индийы сæрибардзинадыл,— дзуапп радта йæ мад.— Уымæн æмæ уыдоны афтæ фæнды, цæмæй англисæгтæ ардыгæй ацæуой.

Инду ма уæд хæрз чысыл уыдис æмæ йæ мады ныхæстæ хорз нæ бамбæрста.

Иннæ бон та пъæлицæйæгтæ ногæй æрбацыдысты, ахастой гауызтæ æмæ æндæр зынаргъ дзаумæттæ, Ацы хатт Инду пъæлицæйæгтæй иуыл ныззæгæл ис æмæ йыл дæндагæй фæхæцинаг уыд. Уæд Мамми базгъордта, Индуйы йæ хъæбысмæ фелвæста æмæ йæ уатæй рахаста.

Даду æмæ Папуйы куы ’рцахстой, уæд Индуйы Долимæ æмæ Мамми семæ акодтой Гуджаратмæ, Бапумæ. Цæугæ та акодтой поезды, æртыккаг къласы вагоны, æмæ хуыссыдысты хъæбæр фæйнæджытыл. Куы бахæццæ сты сæ бынатмæ, уæд сæ размæ бирæ адæм рацыд. Уыцы бонты Индуйыл сæххæст цыппар азы. Ног бынат чызджы зæрдæмæ тынг фæцыд; йæ ног лымæнтимæ хæдзары алыварс разгъор-базгъор кодта.

Гандиджи Индуйы бирæ уарзта. Чызг иудадзыг Бапуйы фарста, æмæ йын уый дæр бæстон дзуæппытæ лæвæрдта.

Декабры мæй уазалгомау уыди, фæлæ Бапуйы раныхæстæм хъусынмæ адæм дард рæттæй дæр цыдысты. Уыцы æмбырдтæм Инду дæр цыди.

Рацыд иу мæй. Инду, Долимаз æмæ Мамми фæстæмæ Аллахабадмæ ацыдысты. Ныр Ананд Бхаван йæ фыццаджы хуызæн нал уыд. Ам ма баззад æрмæст цалдæр фæсдзæуины. Дадуйы машинæ уæйгонд æрцыд. Уæдæ сæ уæрдæттæ дæр ауæй кодтой. Куыйтæ, бæхтæ, понитæ цыдæр фесты. Йæ фыды хотæ дзырдтой æрмæст хиндийы æвзагыл. Хæринаг кодтой æрмæст иу цæлгæнæны. Æнæ Даду æмæ Папу Ананд Бхаван Индумæ каст æдзæрæг хæдзарау. Ноджы йæ мад Камалæ дæр иудадзыг рынчынтæ кодта.

Иу бон сæм сæ иу хæстæг сылгоймаг æрбацыд. Инду йæ уарзон хъазæн чындзимæ бадти. Уазæг ын Францæй рæсугъд сырх къаба æрбаласта æмæ йæ Камалæмæ радта. Уый уазæгæн загъта, уыдон фæсарæнты конд дзаумæттæ нал дарынц, зæгъгæ. Уæд æрбацæуæг фæдзырдта Индумæ æмæ йын уыцы рæсугъд къаба радта. Инду йæм æркæстытæ кодта. Къаба йæ зæрдæмæ фæцыд, фæлæ уазæджы афарста:

— Зæгъ-ма, дæ хорзæхæй, ацы къаба кæцæй у?

— Францæй,— сæрыстырæй дзуапп радта сылгоймаг.

Индуйæн йæ зæрдыл æрбалæууыд, сæ кæрты цы арт скодтой, уый, Нæ дзы ферох, йæ мад æмæ Долимæ хыбыртхыбыртгæнаг хадийæ хуыд дзаумæтты кæй цыдысты.

— Æз фæсарæйнаг дзаумæттæ не скæндзынæн,— загъта чызг.

— О мæ гыццыл зæды цъиу,— загъта уазæг.— Æмæ уæд дæ фæсарæйнаг хъазæн чындз та?

Инду йæ хъазæнмæ æдзынæг ныккаст. Уый дæр фæсарæнты конд уыдис, фæлæ йæ бирæ уарзта. Уæдæ ныр уый дæр судзинаг у?— хъуыды кодта чызг. Афтæ батыхст, æмæ йæ бон хæрын дæр нал уыди æмæ фынæй кæнын дæр. Фæстагмæ Инду йæ хъазæн æмбалы кæртмæ рахаста æмæ йыл арт бафтыдта. Йæ хъазæн чындзы судзгæйæ куы федта, уæд кæуынтæ байдыдта. Йæ кæуынæй нал æмæ нал æнцад. Афтæ йæ уæлхъус фæлæууыд, цалынмæ фæнык нæ фестад, уæдмæ. Къаннæг чызгæн уыцы ныв тынг батых кодта. Уæдæй фæстæмæ Инду бынтондæр аивта.

Рацыд цалдæр мæйы. Даду æмæ Папу ахæстонæй рацыдысты. Инду уыдта, Папу-иу адæмы раз куыд ныхас кодта æмæ-иу ын уыдон куыд æмдзæгъд кодтой, уый. Йæ алы раныхасы кæрон-иу ныхъхъæр кодта:

— Бхарат мата ки джай! (Кад уæд мад-Индийæн!)

Адæм дæр-иу йæ фæдыл æмдзыхæй хъæр кодтой:

— Бхарат мата ки джай!

Индуйæ уыцы æмбырдтæ рох нæ кодтой. Папуйы раныхæстæ Инду йæ зæрдыл хорз бадардта æмæ-иу афтæ кодта: хæдзары фæсдзæуинты-иу æрæмбырд кодта, йæ къухы тырыса даргæйæ, æмæ-иу сæ разы ныхас кодта. Йæ раныхасы кæрон та-иу ныхъхъæр кодта:

— Бхарат мата ки джай!

Йæ разы-иу чи уыдис, уыдон та-иу ын æмдзæгъд кодтой. Ацы хъазт чызджы зæрдæмæ тынг цыд.

Иу бон куы уыди, уæд Ананд Бхаваны кусын райдыдта Конгрессы партийы Æппæтиндиаг Комитет. Уыцы бонты ацы хæдзармæ тынг бирæ адæм цыд. Бапу дæр æрбацыд æмæ ам баззад. Уый бинонтæн сæ хистæр, сæ зондамонæг уыдис; исчи-иу истæмæй куы батыхст, уæд-иу Бапуйы фарста. Инду дæр-иу йæ дызæрдыгтæ æмæ йæ хабæрттæ Бапуйæн кодта. Инду Бапуйæ бирæ зонд райста.

Даду æмæ Папуйы та ахæстонмæ акодтой. Инду йæ мадимæ арæх цыд ахæстонмæ. Уый йе стыр фыд æмæ Папуйы тынг мысыди, æнæ уыдон хъыг кодта, нал-иу хордта хæринаг, фæрынчын та-иу ис.

Дадуйы ахæстонæй рауагътой, Индуйыл фондз азы куы сæххæст, уæд.Даду сæ хæдзар бæрæгбонхуыз скодта, æрбахуыдта йæ лымæнты, хæстæг-хиуæтты. Индуйæн бæрæгбоны лæвар дæр ракодта. Уый уыди тынуафæн цалх. Уыцы бон ма Инду райста ноджыдæр иу лæвар. Уый та уыд йæ фыды фыстæг. Бакаст ын æй йæ мад. Папу фыста: «Ныр ды хъуамæ хорз кусай æмæ рæзай. Æрбарвит мын, дæхæдæг цы тын бауафай, уый. Дамгъæтæ фыссын дæр сахуыр кæн... æмæ-иу мæм ардæм ахæстонмæ æрбацу».

Уæдæй фæстæмæ Папу куы ахæстоны бадт, куы та-иу сæхимæ уыдис. Индуйыл æхсæз азы куы рацыд, уæд Папуйы ахæстонæй рауагътой. Раст уыцы бонты Инду фыццаг хатт ацыд скъоламæ. Йе ’мгæрттимæ кæй уыди, уый йæм хорз каст. Фæлæ йæ иу бон йæ ахуыргæнæг фæнадта, йæ фыд Индийы сæрвæлтау кæй тох кодта, уый тыххæй. Æмæ уæдæй фæстæмæ Инду уыцы скъоламæ нал ацыд: сæ хæдзары йæ ахуыр кодтой.

Индуйыл аст азы куы рацыд, уæд ын æфсымæр фæзынд. Чызг бæргæ цин кодта, фæлæ сывæллон дыууæ боны фæстæ амард. Æмæ Инду тынг æрæнкъард. Ноджы йæ мады уавæр дæр æвзæр уыдис. Æмæ Папуйы ахæстонæй рауагътой. Уый бавдæлд, æмæ Маммийы Швейцаримæ аласта, цæмæй йæ уым хорз дохтыртæ сдзæбæх кодтаиккой, уый тыххæй. Индуйы дæр семæ акодтой. Йæ мад Камалæ уыдис Женевæйы иу рынчындоны.

Инду Швейцарийы скъоламæ цæуын райдыдта. Фыццаг бонты йæ зæрдæ хъæмæ æхсайдта, стæй йæ ног цардыл ацахуыр. Женевæйы куы цардысты, уæд-иу æй Папу йемæ сыхаг бæстæтæм дæр акодта. Базонгæ йæ фыды лымæнтæй бирæтимæ, дзырддзæугæ лæгтимæ. Уым базонгæ индиаг ахуыргонд Джагдиш Чандрæ Бозеимæ. Инду-иу Бозеимæ цы бон фембæлд, уый-иу ын бæрæгбон уыди. Ахуыргонд ын бирæ диссæгтæ фæдзырдта зайæгойты царды тыххæй. Бозейы ныхæстæм гæсгæ, зайæгойтæ дæр адæймæгты хуызæн сты. Уыдон, дам, махау бафынæй вæййынц æмæ райхъал вæййынц... Уыцы хабæрттæ чызгмæ иттæг диссаг фæкастысты.

Инду уыцы заман ноджыдæр базонгæ номдзыд францаг фыссæг æмæ философ Ромэн Ролланимæ. Папу-иу æй ахæм номдзыд адæимагимæ куы зонгæ кодта, уæд-иу ын дзырдта, алчидæр хъуамæ йæ царды бонты йæ хæс æххæст кæна, зæгъгæ.

Папу йæ чызджы арæх кодта алыхуызон музейтæм, дзырдта-иу ын зындгонд бынæтты æмæ цауты тыххæй.

Инду Европæйы куы уыдис, уæд фæд-фæдыл ахуыр кодта æртæ скъолайы. Йæ зæрдæмæ тынг фæцыд Швейцарийы иу скъола — Бексы скъола.

Ам ын фæзынд ног лымæнтæ, сахуыр дзы кодта францаг æвзаг. Ацы ран Инду фæцис дыууæ азы.

Камалæйы уавæр куы фæхуыздæр, уæд бинонтæ ацыдысты Лондонмæ æмæ уым æрцардысты. Уалынмæ Даду æмæ Папуйы хотæ дæр уырдæм æрбацыдысты. Бирæ алыхуызон бынæттæ федтой уыдон Англисы. Стæй иууылдæр иумæ фæстæмæ Аллахабадмæ абалц кодтой. Æмæ Инду йæ фыццаг скъолайы ахуыр кæнын райдыдта.

Маммийы æнæниздзинад фæхуыздæр, æмæ уый дæр, Папу æмæ Дадуйы хуызæн, сæрибары сæраппонд тохы хъуыддæгтæм хæстæгдæр балæууыд. Уый сахары уынгиуынг зылди, адæмæн дзырдта, фæсарæйнаг дзаумæттæ судзут æмæ хиконд дзаумæттæ дарут, зæгъгæ. Арæх-иу йемæ Долимæ дæр ацыд. Индуйы дæр уыдонимæ цæуын фæндыд, фæлæ йæ уыдон семæ нæ уагътой, æмæ-иу уый хæдзары кусджытимæ баззад.

Уалынмæ та Папуйы æрцахстой. Уый Индумæ ахæстонæй арæх æрвыста фыстæджытæ. Чызг йæ фыды фыстытæ кæсын уарзта.

Инду чингуытæ кæсыныл раджы фæцалх. Арæх-иу касти Папуйы чингуытæ дæр. Уæд иу ахæмы райста Жаннæ д’Аркы тыххæй чиныг æмæ йæ бакаст. Чиныджы цытæ бакаст, уыдон йæ зæрдæйы арф фæд ныууагътой. Иу хатт йæ фыдмæ ахæстонмæ бацыд æмæ йын радзырдта Жаннæ д’Аркы тыххæй.

Жаннæ францаг чызг уыдис, цардис 500 азы размæ æмæ тох кодта йæ бæстæйы сæрибардзинадыл. Папу-иу Индуйы зæрдыл арæх æрлæууын кодта Жаннæйы сурæт.

Иу изæр Инду Ананд Бхаваны асинты гæзæнхъæдыл слæууыд æмæ йæ къух бæрзонд систа. Йæ фыды хо йæ ауыдта æмæ йæ афарста:

— Уый цы кусыс, Инду?

— Æз хъуамæ мæ адæмы акæнон сæрибардзинадмæ, Жаннæ д’Арк йæ адæмы куыд акодта, раст афтæ...

Йæ мад Камалæ æмæ йе стыр мад Долимæ æнувыдæй æххæст кодтой Индийы Национ Конгрессы партийы куыстæгтæ. Индуйы дæр бафæндыд, ацы партийы уæнг куы уыдаид, уый. Фæлæ йын бамбарын кодтой, ды, дам, нырма æгæр æвзонг дæ, зæгъгæ. Индуйæн уый тынг фæхъыг. Æмæ йын уæд йæ мад Камалæ загъта:

— Æмæ ды та уæд сывæллæтты парти сараз.

Дыууæйæ бабадтысты, бауынаффæ кодтой, æмæ уый фæстæ уайтагъд сывæллæтты æфсад арæзт æрцыд. Уыцы æфсадæн радтой ном — Ванар Сенæ,ома «Маймулиты бригад». Кæй зæгъын æй хъæуы, сывæллæттæн сæ разамонæг уыдис Инду. Ванар Сенæйы уæнгтæ дардтой хадийæ хуыд куырæтгæндтæ æмæ хæлæфтæ, Гандийы худы хуызæн худтæ. Ванар Сенав Национ Конгрессы партийæн хорз æххуыстæ кодта—-адæмæн хабæрттæ хъусын кодта, фыстæджытæ хаста...

Иу бон пъæлицæйæгтæ Камалæйы ахæстонмæ акодтой æмæ Инду йе стыр мад Долимæимæ баззад. Чызг æрæнкъард, фæлæ Долимæйæн æнувыдæй æххуыстæ кодта, хæдзары куыстытæ кæнынæй зæгъай, уазджытæм фæкæсынæй зæгъай.

Индуйыл æртындæс азы куы рацыд, уæд йе стыр фыд Мотилал Неру ног хæдзар сарæзта, сæ фарсмæ цы зæххы гæбаз уыдис, ууыл. Ног хæдзары хонын райдыдтой... Ананд Бхаван, зæронд хæдзарæн та ног ном радтой — Сварадж Бхаван, Мотилал Неру адæмы æрæмбырд кодта æмæ йæ зæронд хæдзары — Сварадж Бхаваны — Индийы Национ Конгрессы партийæн балæвар кодта.

Ног Ананд Бхаван фыццагæй къаддæр, фæлæ уымæй бирæ рæсугъддæр уыд. Инду бур хуыз уарзта^æмæ йын йæ уат бур ахорæнæй сцæгъдын кодтой.

Инду чингуытæ кæсыныл фæцалх æмæ йæ уатмæ бирæ чингуытæ фæхаста. Тæрхæгтыл сæ йæхæдæг февæрдта. Ныр скъоламæ цæугæ дæр нал кодта, сæхимæ йæ ахуыр кодтой.

Сæрибардзинады сæраппонд тох цыренæй-цырендæр кодта; бæстæ базмæлыд, Ныр канд Даду æмæ Папу нæ, фæлæ Индуйы мад æмæ йæ фыды хотæ арæх ахæстоны бадтысты, уыцы тохы кæй архайдтой, уый тыххæй. Камалæ адæмимæ кусын уарзта, фæлæ рынчынтæ арæх кодта, лæмæгъ уыдис. Ахæстонæй-иу куыддæр рацыд, афтæ та-иу кусын райдыдта. Йæхи мæт никуы кодта Индуйы мад. Уæд иу бон пикеты фæлæууыд æмæ хурмæ йæ зæрдæ бахъарм ис.

Иу лæппу, йæ ном Ферозе, фæцырд æмæ Камалæйæн баххуыс кодта, сæхимæ йæ æрбахæццæ кодта.

Уый фæстæ Ферозе æмæ Инду тынг балымæн сты. Инду дæр æй бауарзта. Рацæудзæн цалдæр азы, æмæ дыууæ æвзонг гуырды сæ цард баиу кæндзысты, фæлæ уый тыххæй ныхас дарддæр уыдзæн.

Уыцы заман та Папу ахæстоны уыд. Æрцахстой та Камалæйы дæр. Мотилал нæфæразгæ уыд. Уыцы бонты Инду йæ фыдмæ ныффыста мæнæ ахæм фыстæг:

Ананд Бхаван. Фыст æрцыд 20.1.31.

Мæ уарзон Папу!

Маммийы фыстæг ныртæккæ райстам æмæ нын Даду загъта, цæмæй дæумæ ныффыссон æмæ нæ фыстæджытæ иууылдæр иумæ арвитæм аизæр.

Ддду дысон бынтон æнæхуыссæг фæцис. Бирæ фæхуыфыд æмæ абон йæ цæсгом рæсыд у.

Дыууæ-æртæ боны размæ Бебийæ райстон фыстæг. Бхупхайы æмæ дæу дæр тынг фæрсы.

Æз алы бон дæр ахуыр кæнын санскрит æмæ англисаг æвзаг. Ноджы цæуын сылгоймæгты моладзандонмæ францаг æвзаджы æмæ скърипкæйы уроктæм.

Радж Чачи телефонæй арæх дзуры æмæ нын хъусын кæны, Маммийы уавæр куыд у, уый.

Ныр мæнæн мæ чиныгдоны бирæ чингуытæ ис. Мæ бон бамбарын кæй у, сæ фылдæр ахæмтæ сты... Кавй бакæсон, ахæм чингуытæ ма мын бацамондзынæ? Зæгъ-иу мын, иннæ хатт дæм фенынмæ куы бацæуон, уæд.

Дæ хорзæхæй, бафæрс-иу мын Бхупхайы. Дæуæн дæр бирæ-бирæ салæмттæ. , Бирæ дæ чи уарзы, уыцы Инду.

1931 азы январы Мотилал тыхст рынчын кæй уыдис, уымæ гæсгæ Джавахарлалы æмæ Камалæйы ахæстонæй суавгъд кодтой. Фæлæ Мотилал йæ къæхтыл нал слæууыд — цалдæр боны фæстæ ахицæн. Ацы уæззау зиан Джавахарлалæн тынг батых кодта. Зæрдæсаст бинонтæ сфæнд кодтой иу цасдæрмæ Шри Ланкамæ ацæуын. Уæддæр Инду иудадзыг йе стыр фыды мысыд.

Бинонтæ Шри Ланкайæ фæстæмæ куы цыдысты, уæд сæ фæндаг ракодтой Хуссар Индийыл, бирæ зæрдылдарæн бынæттæ дзы федтой. Уый уыди, ферох кæнæн кæмæн нæй, ахæм балц. Инду фæстæмæ Аллахабадмæ æрбаздæхт тыхджын тæлмæнтимæ; уый бамбæрста, йæ райгуырæн бæстæ куыд егъау у, куыд рæсугъд у, æмæ дзы цавæр алæмæттаг диссæгтæ ис, уыдæттæ.

Хуссар Индийæ куы ’рбаздæхтысты, уæд Джавахарлал базыдта, йæхицæн дæр æмæ Камалæйæн дæр фæстæмæ ахæстоны сбадынæй тæссаг кæй уыдис, уый. Фыд æмæ мад сæхиуыл нæ тыхстысты, уыдон хъуыды кодтой Индуйы фидæныл. Сæ лымæнтимæ æмæ Гандиджиимæ бауынаффæ кодтой, цæмæй Инду æрвыст æрцæуа Пунæйы интернат-скъоламæ. Æмæ кæнгæ дæр афтæ бакодтой.

Инду уыдис скъолайы хистæр ахуырдзаутæй иу, æмæ йæ иннæ сывæллæттæ хуыдтой Диди. Уæвгæ Инду хистæриуæг кæнын уарзта; уый кæддæриддæр цæттæ уыдис искæмæн æххуысмæ. Исты бæрæгбон-иу куы уыдис, уæд-иу скъола алы хатт дæр Инду сфæлыста. Уый ахæм куыстытæ бирæ уарзта. Йæ амондæн ацы скъолайы ахуырдзауты аивадыл æфтыдтой. Инду та аивад æмæ аиварæзт дзаумæттæ уарзта. Уæддæр иудадзыг йæ зæрдæ йæ мад æмæ йæ фыдмæ æхсайдта. Фæндыд æй, Ананд Бхаваны бур уаты куы фестадаид, уый. Мидæхсæвты-иу арæх кæугæ дæр акодта.

Папу ахæстонæй Индумæ арæх фыста. Папуйы фыстæджытæ афтæ хорз уыдысты, æмæ-иу сæ ахуыргæнæг къласы иннæ сывæллæттæн дæр касти.

Йæ райгуырæн бон Инду райста диссаджы лæвæрттæ — йæ мадæй — сари, йæ фыдæй — даргъ фыстæг. Инду уыцы фыстæг арæх касти æмæ йæ бадардта йæ зæрдыл. Уыцы фыстæджы уыдис мæнæ ахæм рæнхъытæ: «Сусæгæй кæнæ дæхæдæг иннæтæй кæй басусæг кæнай, ахæм ми макуы бакæн. Исты æмбæхсынвæнд куы скæнай, уæд уый ууыл дзурæг у, æмæ ды тæрсгæ кæныс, тæрсын та дæ сæрмæ макуы æрхæсс. Хæрзбон уал, мæ гыццыл, æмæ дæ рауайæд Индийы сæрвæлтау хъæбатыр тохгæнæг». Индуйæн ацы ныхæстæ йæ зæрдæмæ арф ныххызтысты, никуы сæ ферох кодта. ’

Йæ фыды хо æмæ уымæн йæ мой уыцы заман ахæстоны бадтысты. Æмæ уыдонæн дæр сæ чызджытæ Пунæйы скъолайы ахуыр кодтой. Уыдон дæр Индуйы æвджид уыдысты.

Индуйыл рацыд æхсæрдæс азы æмæ саритæ дарын байдыдта.

Скъолайы фæлварæнтæ куы радта, уæд фæстæмæ Аллахабадмæ ацыд. Папу æмæ йын Мамми бауынаффæ кодтой, номдзыд поэт Рабиндранат Тагор кæй байгом кодта, уыцы университетмæ, дам, бацу ахуыр кæнынмæ. Шантиникетаны университет иннæ сахартæм дæрддзæфгомау уыди. Рабиндранат Тагор йæхæдæг дæр уыцы сабыр ран царди. Студенттæ-иу арæх бадтысты бæлæсты бын, сæ ахуыргæнæг та — бæрзондыл. Инду æфсæрмыгæнаг уыдис, æмæ Шантиникетаны сабырдзинад йæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Аллахабад æмæ Пунæимæ абаргæйæ ацы бынат Индуйæн йæ зæрдæмæ фылдæр цыди.

Инду балымæн йе ’мдæндаг чызджытимæ. Цардис иу стыр хуыссæн уаты йе ’мбæлттимæ. Йæхи надта уазал доны, суанг зымæджы дæр.

Инду университеты дæр ромыл цард кодта. Дардта хадийæ конд саритæ; цыдæриддæр ын куыстæгтæ уыдис, уыдон кодта йæхæдæг.

Иу хатт Инду йæхи хъазтизæрмæ цæттæ кодта. Уыцы рæстæг æм фæдзырдтой Р. Тагоры номæй. Номдзыд поэты фенын æй тынг фæндыд, фæлæ йæ зæрдæйы цавæрдæр тас сæвзæрд. Рабиндранат æм радта телеграммæ. Джавахарлал ын хъусын кодта, дæ мад, дам, тынг тыхст у, зæгъгæ. Хъуамæ Инду æвæстиатæй ацыдаид Аллахабадмæ.

Камалæ тыхст кæй уыдис, уымæ гæсгæ ахæстонæй суæгъд кодтой Джавахарлалы.Æхсæвæй-бонæй Инду бадт йæ мадимæ, хæдзары хъуыддæгтæ дæр кодта. Уалынмæ Камалæ фæсæрæндæр æмæ йын дохтыртæ загътой, дæхи сдзæбæх кæнынмæ, дам, фæсарæнтæм ацу, зæгъгæ. Джавахарлал фæстæмæ ахæстоны сбадт, æмæ Камалæимæ фæсарæнтæм ацыд Инду.

Мад æмæ чызг æрцардысты Германы. Кæддæр Камалæйæн чи баххуыс кодта, уыцы лæппу, Ферозе Ганди, уыцы заман уыдис Англисы æмæ-иу сæ хаттæй-хатт абæрæг кодта Германы, æххуыстæ сын кодта. Ферозе стыр ныфс уыдис Камалæ æмæ Индуйæн.

Фыццаг рæстæг Камалæйы уавæр хуыздæрæй-хуыздæр кодта, фæлæ иу ахæмы цæхгæр февзæр. Инду йæ фыдмæ тел ныццавта (Джавахарлал уыди ахæстоны). Джавахарлалы суæгъд кодтой æмæ æвæстиатæй атахт хæдтæхæджы Германмæ. Уый размæ Инду зыбыты иунæг уыдис, фæлæ ныр йæ фыд куы ’рбацыд, уæд йæ зæрдæ фæфидар.

Джавахарлал стыр мæты уыдис, уымæн æмæ йæ цæстыты раз бонæй-бонмæ тад йæ цардæмбал. Йæ бæстæ та сæрибардзинады сæрвæлтау тох кодта æмæ йæ зæрдæ дардта Джавахарлалыл.

Камалæйы аластой Лозаннæмæ, Швейцаримæ. Иу санаторийы йæ дзæбæх кодтой, Уыцы санаторимæ хæстæг цы скъола уыдис, уырдæм радтой Индуйы. Фæлæ дзы бирæ нæ фæцис, уымæн æмæ Камалæйы уавæр хуыздæр нæ кодта. Фæндыд æй, Джавахарлал æмæ Инду иудадзыг йæ разы куы уыдаиккой, уый. Ферозе дæр Англисæй æрбацыд.

Камалæ иу заман фæхуыздæр, æмæ бинонтæ фæхъæлдзæгдæр сты. Фæлæ æгъатыр низ йæ куыст кодта. Камалæйы уавæр æвиппайды февзæр æмæ 1936 азы 28-æм февралы амард. Кремацигонд æрцыд Лозаннæйы.

Джавахарлал æмæ Инду зæрдæсаст фесты, фæлæ сæ кæрæдзийæн ныфсытæ æвæрд. той.

Уæддæр цард цæуы æмæ йæхиуæттæ домы. Джавахарлал сфæнд кодта афтæ: уый ацæудзæн Индимæ, Инду та баззайдзæн Европæйы, ахуыр кæндзæн йе скъолайы. Стæй уый фæстæ хъуыддаг йæхи амондзазн.

Скъолайы фæстæ Инду абалц кодта Лондонмæ, стæй бацыд Оксфорды университетмæ. Лондоны цард бынтон æндæрхуызон уыдис, фæлæ Индуйы зæрдæмæ цыди. Ам амбæлд йæ фыды лымæнтимæ, раздæр кæй зыдта, уыдонимæ. Ферозе дæр Лондоны уыдис æмæ арæх æмбæлдысты.

Ферозе æмæ Индуйæн бирæ иумæйаг куыстæгтæ уыдис, сæ бæллицтæ дæр иу уыдысты. Сæ дыууæ дæр уарзтой театр æмæ балет. Сæ иу дæр æмæ иннæ дæр æхцахъуаг æййæфтой, æмæ сын сæ уарзон театртæм цæуынæн фадат нæ уыди. Инду кæд æхцайыл фæстæмæ хæцаг уыдис, уæддæр арæх хъуаг æййæфта. Иу хатт æй æхца тынг æхсызгон бахъуыд æмæ ауæй кодта, йæ мад ын кæддæр кæй балæвар кодта, уыцы зынаргъ цонгылдарæн.

Индирæ æмæ Ферозейы уырныдта, сæ бæстæйы сæрибардзинады сæрвæлтау тох уæлахизæй кæй ахæццæ уыдзæн, уый. Уыдон дæр ацы тохы бацыдысты æмæ куыстой сæ бæстæ Британийы æфсондзæй суæгъд кæныныл.

Англисы арæзт æрцыд, Индийы сæрибардзинадыл чи тох кодта, ахæм цæдис. Ферозе уыди уыцы цæдисы уæнг. Индирæ дæр уыцы цæдисмæ бацыд.

Индирæйы стыр мад Долимæ нæфæразгæ уыдис, æмæ Индирæ фæстæмæ Индимæ ацæуыны фæнд скодта. Рынчынмæ хъуамæ йæхæдæг кастаид. Папу æмæ Долимæ тынг бацин кодтой чызгыл. Фæлæ Ананд Бхаван йæхи хуызæн нал уыд: æнæ йæ мад æм уый хасты хуызæн фæкаст.

Ныр Индирæ йæ фыдæн фылдæр æххуыс уыд, йæ куыстæгтæй йын йæхимæ цыдæртæ райста. Иу хатт Рабиндранат Тагор Джавахарлалы хуыдта Шантиникетаны университетмæ, цæмæй уый байгом кодтаид китайаг хайад. Уыцы бонты Джавахарлалæн ацæуæн нæ уыди æмæ йæхи бæсты арвыста Индирæйы. Уый хъуамæ бакастаид йæ фыды раныхасы текст. Кæй зæгъын æй хъæуы, Индирæ тынг хорз сæххæст кодта йæ фыды фæдзæхст. Джавахарлал Индирæйы фæстæмæ Оксфорды университетмæ арвыста. Йæ ацыды фæстæ та бинонтыл ног зиантæ æрцыд. Амардысты Долимæ æмæ Бибимæ. Уыдон ма йæ бастой, йæ сабидуджы бонтæ кæм арвыста, уыцы Ананд Бхаваныл. Индирæ тынг фæхъыг кодта зиантыл.

Иннæ аз Джавахарлал ацыд Лондонмæ йæ чызгмæ. Иу цасдæрмæ ацыдысты Германмæ. Ам уыдон федтой, æппæт дунейæн дæр зындгонд чи у, уыцы музейтæ. Джавахарлал йæ чызгимæ дзурын уарзта. Индирæ та йæ фыдмæ хъусын уарзта. Уыцы бонты Индирæ бирæ цымыдисаг хабæрттæ базыдта.

Фæстæмæ Лондонмæ куы ацыд Индирæ, уæд плевритæй фæрынчын, йæ рæуджыты дрн фæзынд. Æмæ йæ Джавахарлал Индимæ аласта.

Ананд Бхаван... Кæддæр æмызмæлд чи кодта, уыцы стыр хæдзар ныр хасты хуызæн уыдис. Иудадзыг дæр мысыди йæ хистæрты. фæлæ цард йæ кæнонтæ кæны. Индийы адæмтæ тох кодтой бæстæйы сæрибардзинадыл æмæ уыцы тохы Индирæ дæр хъуамæ йæ бынат ссардтаид. Иу бон Сварадж Бхаваны баныхас кодта Конгрессы партимæ бацæуыны тыххæй.

Йæ фыды афтæ фæндыд, цæмæй Индирæ каст фæуыдаид Оксфорды университет. Æмæ уый ацыд йæ ахуыр кæронмæ ахæццæ кæныны тыххæй йæ университетмæ. Фæлæ Индирæ тынг мæллæг хаста, уазалæн та æппындæр нæ фæрæзта. Иу бон ыл уарын æрцыд, суазал æмæ та йыл плеврит стыхджын. Ацы хатт æй рынчындонмæ аластой æмæ дзы бирæ рæстаг фæцис. Ферозе йæм алы бон дæр цыд, æмæ йын уый стыр ныфс лæвæрдта. Ныггуыпп кодта дыккаг дунеон хæст... Индийæ цы хабæрттæ иста, уыдонæй Индирæйы зæрдæ мæпуыр кодта. Индиæгтæ тох кодтой Пурна Свараджыл, ома Æххæст Сæрибардзинадыл, Махатма Ганди та уыдис уыцы змæлды разамонæг. Уыдоны фæндыд бæстæйы хæдбардзинад æнæ тыхмийæ райсын. Фæлæ Британийы администраци æрцахста Конгрессы партийы тæккæ дзырдцомахъдæр лæгты, уыдонимæ Джавахарлалы дæр.

Уыцы заман Ферозе æмæ Индирæ сæ цард баиу кæныны фæнд скодтой æмæ иумæ ацыдысты сæ райгуырæн бæстæмæ. Индирæ бацыд ахæстонмæ (йæ фыд уыцы рæстæг ахæстоны бадт) æмæ йын радзырдта сæ фæнды тыххæй. Джавахарлал ын загъта, Махатма Гандимæ, дам, бацу, æмæ дын уый бауынаффæ кæнæд, зæгъгæ. Æмæ уæд Индирæ æмæ Ферозе иумæ бацыдысты Гандиджимæ. Уый сæ дыууæимæ хицæнтæй фæныхас кодта, стæй сæм фæдзырдта. Гандиджи Индирæйы бафарста:

— Ды мой куы скæнай, уæд Папумæ та чи кæсдзæн?

Индирæ дзуапп нæма радта, афтæ Ферозе фæцарæхст:

— Мах нæ дыууæ дæр кæсдзыстæм Папумæ.

Уыцы ныхас Гандиджийы зæрдæмæ фæцыд. Ферозейы ныхасæй ма Индирæ хуыздæр цæмæ байхъуыстаид! Иттæг бузныг дзы фæцис. Уыцы бон Индирæ уыдис амондджын.

Йæ фыдмæ хъæлдзæгæй бацыд æмæ йын радзырдта Гандиджийы уынаффæ. Джавахарлал дæр уыцы хъуыддаг хорзыл банымадта æмæ йæ чызгæн загъта, чындзæхсæвы бон, дам, снысан кæндзыстæм, ахæстонæй куы рацæуон, уæд.

Джавахарлалы суæгъд кодтой раст Холийы бæрæгбоны размæ. Æмæ æнувыдæй цæттæ кæнын райдыдта чындзæхсæв аразынмæ.

1941 азы 26 мартъийы Индирæйы хæстæджытæ иууылдæр æрæмбырд сты Ананд Бхаваны. Хæдзар йæ хуыз скалдта, дидинджытæй йæ æмæхгæд скодтой. Дыргъдоны мангойы хæрздæф анхъæвзта, мыдыбындзытæ æмæ гæлæбутæ минас кодтой. Хæдзар та байдзаг зард æмæ хъæлдзæгдзинадæй.

Уæвгæ Джавахарлал сæрмагондæй хонгæ никæйы æрбакодта, фæлæ æппæт Инди дæр базыдта, Индирæ моймæ цыдис, уый. Арфæтæн æмæ лæвæрттæн кæрон дæр нал уыд.. Арфæтыл тынг бацин кодтой бинонтæ, фæлæ лæвæрттæн та бакодтой афтæ: батыхтой сæ æмæ сæ фæстæмæ арвыстой бузныджы ныхæстимæ лæваргæнджытæм.

Диссаг уыдис уыцы бон Индирæмæ бакæсын. Чындзыл уыдис хуымæтæджы сырх хадийæ конд сари æмæ, йæ фыд ахæстоны йæхи къухтæй цы тын балвыста, уымæй конд уæллаггуыр. Зынаргъ байдурты бæсты та йыл уыди, сæхи цæхæрадоны кæй æртыдтой, ахæм дидинджыты хæлттæ. Йæ хуымæтæг дарæсы æмæ дидинджытæй конд хæлтты Индирæ уыдис æмбисондæн дзуринаджы рæсугъд. Ферозе дæр йæ уæлæ скодта хуымæтæджы хадийæ хуыд уæлæдарæс æмæ Гандийы худ. Уый дæр адæмы зæрдæмæ тынг фæцыд. Чындзæхсæвы хъуыддæгтæ бынтон хуымæтæг уыдысты, рагон Ведæйы фæтк куыддæриддæр амыдта, раст афтæ. Индирæ æмæ Ферозе сæ фидæны царды тыххæй ард бахордтой æмæ фидар ныхас радтой, сæ бæстæйы сæраппонд æнувыдæй тох кæй кæндзысты, ууыл.

Индирæ æмæ Ферозе цалдæр боны фæстæ ацыдысты Кашмирмæ æмæ уым иу цасдæр фесты. Уый фæстæ Аллахабадмæ æрбаздæхтысты. Ферозе баххуырста иу чысыл хæдзар Ананд Бхаванмæ хæстæг, æмæ ног бинонтæ уым æрцардысты.

Цæмæй цардысты? Ферозе фыста газеттæм, Индирæ та хæдзары куыстытæ кодта. Уый тынг аив скодта сæ хæдзар. Ферозе æвзаргæ хæринæгтыл ахуыр уыд, Индирæ та алыхуызон хæринæгтæ кæнын уарзта, Зæгъæм, Индирæ зыдта, Ферозе гуавæтæ кæй уарзта, уый. Æмæ йын арæх æлхæдта амæйай хуыздæр гуавæтæ. Индирæ та сæкæрдæндаг уыдис, адджинæгтæ уарзта, æмæ йын Ферозе арæх æлхæдта æвзаргæ къафеттæ. Ноджы Индирæ уарзта дидинджытæ, æмæ йын Ферозе алы бон дæр йæхи къухæй цæхæрадоны тыдта дидинджытæ...

Бинонты цард йæ тæккæ райдайæнæй йæ гаччы сбадт, æмæ сæ дыууæ дæр амондджынæй, а æмæ о-йæ цардысты.

Джавахарлал Неру иудадзыг дæр кодта æхсæнадон куыст, тох кодта Индийы сæрвæлтау. 1942 азы Бомбейы скодтой Индийы Национ Конгрессы партийы Стыр æмбырд. Ферозе æмæ Индирæ дæр Джавахарлалимæ ацыдысты Бомбеймæ. Фæлæ британиаг хицауад æрцахста Конгрессы разамонджыты, уыдонимæ Гандиджи æмæ Джавахарлалы дæр, Æмæ уæд партийæн разамынд дæттыны хæс æвæрд æрцыд æвзонг кусджытыл, цæмæй куыст къуылымпы ма кæна, уый тыххæй.Индирæ æмæ Ферозе Аллахабадмæ поездæй ацыдысты. Ферозейæн æрцахсынæй тынг тæссаг уыд, æмæ уый фæндагыл иу ран поездæй ахызт, йæхи фæфæсвæд кодта æмæ дæластæрдон куыст кæнын райдыдта. Индирæ та йæ балцы кой кодта. Æрбацыд Ананд Бхаванмæ æмæ ам йæ фыды хо Виджайалакшми æмæ уымæн йæ дыууæ чызгимæ æрцард.

Студенттæ æмæ партийы уæнгтæ фæтыхджындæр кодтой сæ тох хицауады ныхмæ. Уыдон арæзтой нæразыйы демонстрацитæ, сидтысты адæммæ, цæмæй уыдон ма хъусой хицауады ныхасмæ, æмæ бæстæ суæгъд уа Британийы æфсондзæй. Британийы æфсæдтæ дæрæн кодтой демонстрантты, надтой сæ, топпытæй сæ гæрæхтæ кодтой. Уыцы бонты Ананд Бхаванмæ хастой цæфты, æмæ хæдзар госпитæлы хуызæн ссис. Британийы æфсæдтæ æрхъула кодтой Сварадж Бхаваныл. Сæ хæцæнгарз ныддардтой Ананд Бхаванмæ дæр.

Индирæйыл тыхст замантæ скодта. Уый зылдис цазфтæм, æхсæв æмæ бон нæ хынцгæйæ. Ноджы Ферозейæ ницы хабар уыдис, æмæ йæм йæ зæрдæ æхсайдта, мæт ыл кодта. Иу æхсæв пъæлицæ фæзындысты æмæ æрцахстой Виджайалакшмийы. Уый цæссыгкалгæйæ хæрзбон загъта Индирæйæн. Ныр Индирæйы куыстæгтæ ноджы фылдæр баисты.

Уыцы зын заман æнæнхъæлæджы фæзынд Ферозе. Æхсæвы тары æрбацыд Ананд Бхаванмæ. Фæлæ Ферозейæн уым лæууæн нæ уыд, уымæн æмæ пъæлицæ йæ фæдыл зылдис. Æмæ йæ иу лымæнмæ ацыд. Индирæ дæр-иу æм уырдæм бауад. Ферозе ныр ссис дæластæрдон кусджыты разамонæг, æмæ сын Индирæ æххуыстæ кодта кæм æхцайæ, кæм цæмæй.

Иу бон студенттæ Индирæйы ахуыдтой сæ колледжмæ. Уыдоны афтæ фæндыд: Индирæ хъуамæ йæхи къухæй систаид Конгрессы тырыса колледжы сæрмæ. Индирæ сразы, фæлæ колледжмæ куы бахæццæ, уæд бамбæрста, пъæлицæ йæ разæй кæй фæцис, уый. Ауыдта, пъæлицæ иу лæппуйы куыд надтой, уый. Лæппуйы къухы уыдис Конгрессы тырыса... Лæппу зæхмæ æрхауд, фæлæ тырыса не суæгъд кодта. Уæд Индирæ размæ багæпп кодта, фелвæста тырыса æмæ йæ бæрзонд систа. Студенттæ йыл амбырд сты æмæ ныззарыдысты «Джханда Унчха Раха Хамара» («Бæрзондæй кæсæд нæ тырыса махæн»).

Дарддæр хъуыддаг рауад мæнæ афтæ. Индирæ тырыса хæрдмæ куы систа, уæд æм иу пъæлицæйаг багæпп кодта æмæ йæ гуымиры схуыст акодта, стæй йын тыхджын цæфтæ фæкодта. Бадзой-дзой кодта Индирæ æмæ ахауд. Уæд ын иннæ пъæлицæйаг йæ фæсонтыл къахæй æрлæууыд, æмæ сылгоймаг фæсахъат, Æгъатыр пъæлицæйæгтæ студенттыл хафт-хафтæй ралæууыдысты. Æмбырд фехæлд. Мастæй йæ хъуырмæ ссис, афтæмæй Индирæ зынтæй сæхимæ бахæццæ.

Пъæлицæ йæ ахсгæ кæй кæндзæн, уый Индирæ зыдта, фæлæ йæхицæн загъта, афтæ æнцонтæй сын нæ бакомдзынæн, зæгъгæ. Йæ дзаумæттæ амбырд кодта æмæ Ананд Бхаванæй ацыд. Сусæг ныстуан арвыста йе ’мбæлттæм æмæ ног æмбырд кæныныл кусын райдыдта. Иу бон, фæсрæфты, адæм ныхасгонд бынатмæ æмбырд кæнын райдыдтой, цæмæй Индирæйы ныхасмæ байхъусой. Индирæ куыддæр ныхас кæнынмæ рацыд, афтæ иу англисаг салдат адæмы ’хсæнты йæ размæ æрбалæгæрста æмæ йæ топп Индирæйы сæрмæ сарæзта. Фæлæ уый топп ницæмæ æр~ дардта, йæ ныхас дарддæр кодта.

Раст уыцы рæстæг Ферозе та иу хæдзары рудзынгæй касти. Салдат Индирæйы сæрмæ топп куы ныддардта, уæд йæхи нал баурæдта, йе ’мбæхсæнæй рагæпп ласта æмæ æрлæууыд топпæй Индирæйы ’хсæн, схъæр кодта салдатыл. Сæ разы лæууæг пъавлицæйаг ацахста Индирæйы цонг. Йæ иннæ цонгыл та йын æмбырды адæм ныххæцыдысты æмæ йæ пъæлицæйæн нæ лæвæрдтой. Уыцы змæсты рæстæг Индирæйы дзаумæттæ ныппырхытæ сты, йæ буар сцъæхтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, пъæлицæ йын уыцы боны хъуыддæгтæ нæ ферох кодта.

Пъæлицæйæгтæ æрцахстой цалдæр лæджы, уыдонимæ Ферозейы дæр.

Индирæ тынг хорз æмбæрста йæ уавæр æмæ йæхи ахæстонмæ цæуынмæ сцæттæ кодта. Ноджы йыл уыцы бонты тæфсгæ кодта, фæлæ йын дохтыртæй ницы æххуыс уыд. Афтæмæй йæ акодтой ахæстонмæ.

Рынчын сылгоймагæн бар радтой, цæмæй йæ фыды хоимæ иу ран уыдаид, уый тыххæй. Æмæ æрбынат кодта Виджайалакшмиимæ.

Индирæ ахæстоны бирæ зындзинæдтæ бавзæрста. Йæ бынат тынг уымæл уыдис. Ноджы алыхуызон хилджытæй æмæ москиттæй йе ’мыдзаг. Уыцы иу уаты уыдис 21 сылгоймаджы. Ахст адæм хуыссыдысты бетон астæрдыл. Ноджы ацы барачы уыдысты алыхуызон ахст адæм — политикон кусджытæ дæр æмæ фыдгæнджытæ дæр, Индирæ се ’ппæтимæ дæр базонгæ, балымæн.

Рацыд цасдæр рæстæг, æмæ Индирæйы йæ фыды хоимæ æндæр баракмæ акодтой. Ам сæ царды уавæртæ хуыздæр уыдысты. Ацы ран алы ахст сылгоймагæн дæр фыстой бон 12 аннайы, хæринаг дæр сæхæдæг кодтой.

Цы куыста уыцы бонты Индирæ?

Ам дæр йæхицæн алыхуызон куыстæгтæ ссардта. Йемæ иу барачы цард Виджайалакшмийы чызг Чандралекха. Индирæ ацы чызджы ахуыр кодта францагау дзурыныл. Иу сылгоймаг дзы уыдис æд сывæллон, Индирæ уымæн бирæ æххуыстæ кодта, кастис ын йæ сывæллонмæ. Индирæ бирæ цыдæртæ зыдта æмæ ахст адæмæн алыхуызон хабæрттæ кодта. Уыдон дæр æм иттæг лæмбынæгæй хъуыстой. Ноджы ма иу хъуыддаг бакодта: уыцы мæгуырау барачы къултæ алыхуызон ахорæнтæй срæсугъд кодта.

Ферозе æмæ Ранджит (Виджайалакшмийы мой) дæр уыцы ахæстоны уыдысты, æцæг,æндæр ран, Уыдон цардысты фыццæгæм къласы ахæстоны æмæ сын æрвылбон лæвæрдтой газеттæ. Æмæ Ферозе сылгоймæгтæм газеттæ æрвитын байдыдта, Индирæмæ фыста алы бон дæр. Уыцы фыстæджыты Индирæ хъахъхъæдта стыр хæзнайау... Бар ын радтой Ферозеимæ мæй дыууæ хатты æмбæлынæн.

Индирæ ахæстоны фæцис дыууæ мæйы, стæй йæ суæгъд кодтой. Рацыдысты ахæстонæй Виджайалакшми æмæ йæ чызг -дæр. Æмæ та иууылдæр æрцардысты Ананд Бхаваны. Ахæстоны фæстæ Индирæ арæх рынчынтæ кодта. Индирæ йæ къæхтыл нæма слæууыд, афтæ та йын йæ фыды хойы ахæстоны сбадын кодтой.

Чысыл куы фæсæрæн ис, уæд ацыд Панчаганимæ, хохы санаторимæ. Уалынмæ ахæстонæй суæгъд кодтой Ферозейы, æмæ Индирæ Аллахабадмæ ацыд. Ферозе Индирæйы уыцы фæлурс æмæ мæллæгæй куы федта, уæд йæ зæрдæ бамæгуыр ис. Йæ фæнд конд уыди: хъуамæ Индирæйы сдзæбæх кæна. Уый тыххæй цыфæнды хæрдзтыл дæр разы уыдис. Æмæ цадæггай сæ цард нывыл кæнын райдыдта. Фæлæ сæ фæндтæй ницы рауад. Раст уыцы заман Бенгалы æвирхъау æххормаг аз скодта. Кæд Индирæйæн йæхи æнæниздзинад тынг зæрдæхсайгæ уыди, уæддæр уый атындзыдта Бенгалимæ, цæмæй æххормаг адæмæн истæмæй баххуыс кодтаид, уый тыххæй. Æхсæв æмæ бон не ’взаргæйæ фæкуыста Индирæ Бенгалийы, бирæтæ уый руаджы баззадысты цардæгас.

Бенгалийæ куы ’рбаздæхт, уæд Ферозеимæ иу цасдæр иумæ ацардысты Аллахабады.

Индирæ бирæ уарзта сывæллæттæ. Ныр уыйГ йæхæдæг æнхъæлмæ каст йæ фыццаг сывæллонмæ. Индирæ ацыд Бомбеймæ, йæ фыды хо Кришнæмæ. Йæ фырт Раджив уым райгуырд. Уый уыдис 1944 азы 20-æм августы.

Йæ фыд Джавахарлал уыцы рæстæг ахæстоны уыдис æмæ ноггуырдæн ном хъуамæ радтаид Гандиджи. Уый ноггуырды схуыдта Раджив Ратна. Раджив амоны «Лотос»; уыцы номæй хуыдтой Индирæйы маДы мады. Ратна та амоны «Байдур» — зынаргъ дур. Уыцы ном та хаста йæ фыды фыд.

Сывæллоныл фондз мæйы куы сæххæст, уæд Индирæ фæстæмæ Аллахабадмæ æрбацыд.

Иу бон Индирæйæн фехъусын кодтой, Джавахарлалы, дам, Аллахабады ахæстонмæ ивынц, зæгъгæ. Джавахарлалы феныны тыххæй Индирæ цалдæр сахаты фæлæууыд фæндагыл. Йæ хъæбысы та уыд Раджив. Йæ фыды йын цы машинæйы ластой, уый куы ’рбахæстæг, уæд Индирæ Радживы бæрзонд систа, фæлæ сæ Джавахарлал нæ федта: машинæ æгæр тагъд цыдис.

Джавахарлалы куы суæгъд кодтой, уæд та бинонтæй алчидæр йæ хъуыддæгтæм бавнæлдта. Джавахарлалæн куыстæгтæ бирæ уыдис æмæ йæ хæдзары хъуыддæгтæм уый бæрц не ’вдæлд. Уыдон уыдысты Индирæйы æвджид. Цыбыр рæстæгмæ Ананд Бхаван бæрæгбонхуыз райста.

Иу цасдæры фæстæ Ферозе кусын райдыдта Лакнауы газет «Нешнел геральд»-ы хъуыддæгтæ аразæг директорæй. Ацы газет конд æрцыд Джавахарлалы хъæппæрисæй, Ферозе баххуырста иу чысыл хæдзар æмæ Индирæ æмæ Раджив дæр уырдæм раивтой. Хæдзар дæр, дыргъдон дæр, хæдзары дзаумæттæ дæр ивд æрцыдысты, Ферозейы куыд фæндыд, афтæ. Ацы бынат бынтон ног хуыз райста. Уæдæ Индирæ дæр хъуыддагмæ йæ халы хай бахаста. Раст зæгъын хъæуы, Индирæ канд хæдзары куыстытæ нæ кодта, канд сывæллонмæ нæ каст. Уый тынг зæрдиагæй кодта æхсæнадон куыстытæ дæр.

Уыцы заман Индирæ бирæ хъуыды кодта йæ фидæны фæндæгтыл.

Хæдзары æфсин æмæ мад дæ æви дæ фыдæн æнцой æмæ æххуысгæнæг? Чи дæ æмæ цæмæ тырныс?— афтæ-иу фарста арæх йæхи Индирæ.

Джавахарлал Неру уыдис Индийы политикон царды дыккаг лæг, Махатма Гандийы фæстæ. Цæмæй йæ адæмы раз йæ хæстæ хуыздæр æххæст кодтаид, уый тыххæй уый йæ цæрæнбынат Аллахабадæй Делимæ аивта. Æрцард чысыл хæдзары. Ацы хæдзармæ бирæ дзырддзæугæ адæм цыди. Ахæм рæстæг æрбацæуджыты фынгмæ хонын дæр фæхъæуы. Афтæмæй та Джавахарлалы хæдзары æфсиниуæг чи кодтаид, уый нæ уыд. Æмæ-иу уæд Индирæ йæ фыды ног хæдзары балæууыд, Алчи дæр æй æмбары, дыууæ сахары æхсæн рацу-бацу кæнын æнцон хъуыддаг нæу.

Сæ дыккаг фырт — Санджай — райгуырд 1946 азы 14-æм декабры. Ныр Индирæйæи дзæвгар фæзындæр ис. Иуæй йын дыууæ сывæллонимæ Лакнау æмæ Делийы ’хсæн рацу-бацу кæнын зын уыдис, иннæмæй та — йæ фыды дæр иунæгæй куыд хъуамæ ныууагътаид. Æмæ уæд Ферозеимæ бауынаффæ кодгой, Индирæ уал йæ фыдимæ Делийы ацæрæд, зæгъгæ.

Рæстæг цыд æмæ йемæ ивддзинæдтæ хаста. Британиæгтæн хуыздæр гæнæн нал уыд, æмæ хъуамæ Индийæ ацыдаиккой. Хъуамæ бæстæ райстаид йæ хъысмæт йæхи къухтæм. Фæлæ британиæгтæ иу домæн æрæвæрдтой — Конгрессы парти хъуамæ сразы уыдаид Индийы дыууæ дихы фæкæныныл. Мохаммед Али Джиннах, пысылмон Лигæйы разамонæг, домдта, цæмæй пысылмон адæмæн арæзт æрцыдаид хицæн паддзахад. Гандиджийы зæрдæ уыцы домæны ныхмæ уыдис, фæлæ уæды уавæрты хуыздæр амал нæ уыд. Цæвиттон, хæдбардзинадыл стыр аргъ бафидын хъуыди. Бæстæ адих кодтой дыууæ хайыл — Инди æмæ Пакистаныл. Инди йæ хæдбардзинад райста 1947 азы 15-æм августы. Джавахарлал Неру ссис ног Индийы фыццаг премьер-министр.

О, уæддæр сæрибардзинады аргъ æг«р егъау сыстад. Пысылмæттæ Пакистанæй фæтардтой индуистты æмæ сикхты. Лидзæг адæм бирæгæйттæй цыдысты æмæ цыдысты Индимæ. Индийы та индуисттæ æмæ сикхтæ æфхæрдтой пысылмæтты. Уымæ гæсгæ пысылмæттæ та Пакистанмæ лыгъдысты. Алы æвзæгтыл дзурæг адæмтæ, алы динтыл хæцæг адæмтæ нал фидыдтой æмæ, куы иу ран, куы иннæ ран, кæрæдзийы цагътой.

Иу хатт Индирæ йæ дыууæ æнахъом сабиимæ ацыд Майсормæ. Ферозе дæр хъуамæ уырдæм ацыдаид, фæлæ йæм Джавахарлал фæдзырдта, цæмæй Делимæ æрбацыдаид æмæ, сæ хæдзары чи æрцард, уыцы лигъдæттæм йæ цæст фæдардтаид, баххуыс сын кодтаид. Индирæ ма йæм æнхъæлмæ каст, телефонæй дæр æм æрбадзырдта, фæлæ хъуыддаг куы бамбæрста, уæд цалдæр хызыны картæфтæй æмæ халсартæй байдзаг кодта æмæ Делимæ рараст. Иннæ райсом йæ поезд æрлæууыд Сахдарайы станцæйы. Вагонмæ йæм хъуыстысты адæмы мæсты хъæртæ. Индирæ рудзынгæй ракасти æмæ ауыдта, иу ацæргæ пысылмон лæгæн йæ алыварс индуисттæ куыд æрæмбырд сты, уый.

Тарст зæронд лæг цы акодтаид, уымæн ницыуал зыдта. Уæд Индирæ вагонæй рагæпп кодта æмæ зæронды раз æрлæууыд.

— Фыццаг уал мæн амарут, уый фæстæ та ацы лæджы,— ныхъхъæр кодта Индирæ.

Индирæ ныххæцыд зæронд лæджы къухыл æмæ йæ йемæ вагонмæ бакодта. Поезд Делимæ бахæццæ, æмæ зæронд лæг йæ хæстæджытыл дзæбæх-æнæнизæй сæмбæлд.

Иу бон Гандиджи Индирæмæ фæдзырдта. Загъта йын, Делийы, дам, змæстытæ цæуы æмæ адæмимæ бакусын хъæуы, зæгъгæ. Уæд Индирæ йæ дыууæ æнахъом сывæллоны æххуырст кусджыты æвджид бакодта æмæ æвæллайгæйæ кусын райдыдта адæмимæ. Индуисттæ йын алывыдтæ калдтой, пысылмæттæн æххуыс кæныс, зæгъгæ. Пысылмæттæ та йæ æфхæрдтой, ды индуист дæ, зæгъгæ. Иу æмæ йыл дыууæ хатты дуртæ нæ ныккалдтой. Фæлæ уый уæддæр æдæрсгæ дыууæты ’хсæн йæ куыст кодта.

Индирæ æрбахуыдта тохгæнæг къордты разамонджыты, баххуыс мын кæнут, зæгъгæ. Æмæ йын уыдон зæрдиагæй æххуыс кодтой. Алы бон дæр кодта афтæ: йæ боны куысты фæстæ-иу бацыди Гандиджимæ æмæ-иу ын радзырдта хабæрттæ кæнæ та-иу æм фыстæг барвыста. Йæхи бон Гандиджимæ бацæуын нæ баци, зæгъгæ, уæд-иу æм уый йæхæдæг æрбарвыста фыстæг кæнæ дидинæг.

Индирæ йæхи уды зындзинæдтæ æппындæр ницæмæ дардта. Хæргæ кодта хуымæтæджы хæринæгтæ, царди хуымæтæг адæмы цардæй. Зæгъæм, поезды-иу куы цыдис, уæдиу сбадт æртыккæгæм къласы вагоны. Иуæйиутæ-иу хъуыр-хъуыр кодтой, фæлæ-иу Индирæ хъæдын бадæныл æрхуыссыд æмæ-иу тарф фынæй аци. Индирæмæ чи касти, уыдонæй йæ фæсонæрхæджы дæр никæмæн уыд, уый премьер-министры чызг у, уый.

Бæстæйы уавæр цадæггай хуыздæр кодта, лидзæг адæмы цард нывылгонд цыд, фæлæ та Индийыл ног бæллæх сæмбæлд. 1948 азы 30-æм январы иу индуист-фанатик багæрах кодта, амардта Махатма Гандийы. Бæстæйы адæмтæ цавддуртау фесты: фæмард сæ уарзон фæтæг.

Бапу Джавахарлалæн дæр æмæ Индирæйæн дæр зондамонæг, ныфсдæттæг уыди. Уымæ гæсгæ Гандиджийы зиан сæ дыууæйы дæр нырризын кодта, сидзæрæй сæ ныууагъта...

Джавахарлал Неру æрцард Тин Муртийы, Индийы премьер-министры цæрæн бынаты. Тин Муртийы æдæппæт ссæдз уаты ис æмæ дзы, кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ фадæттæ ис — цæрынæн дæр, кусынæн дæр, фæллад уадзынæн дæр. Индирæ уыцы хæдзар йæхæдæг сфæлыста, базылд æм. Суанг ма къултыл нывтæ дæр йæхæдæг ауыгъта. Цæмæй хæрдзтæ æгæр егъау ма уыдаиккой, уый тыххæй Индирæ спайда кодта хуымæтæг рудзынгæмбæрзæнтæй, æндæр хъуымæцтæй. Индирæ дæр йæ дыууæ фыртимæ æрцард Тин Муртийы. Æрбынат кодта дыккаг уæладзыджы. Джавахарлалы.кабинет æмæ кусæнуат дæр æм хæстæг уыдысты. Раджив æмæ Санджайæн уыдис хицæн уат, фæлæ сæ мадыл ахуыр уыдысты æмæ-иу сæ уый арæх йæхи уатмæ кодта, семæ-иу хъазыд, алыхуызон хабæрттæ сын-иу кодта.

Джавахарлал йæ зын куысты Индирæйыл йæ зæрдæ тынг дардта. Цы уысм-иу бахъуыдаид, уыцы афон уый цæттæ уыдис йæ фыдæн баххуыс кæнынмæ. Сывæллæттæ кæд мады ’рдыгæй хатгай рæвдыдхъуаг уыдысты, уæддæр Индирæ йæ фыды раз йæ хæс кæддæриддæр хистæрыл нымадта.

Сывæллæттæм кæсын хъуыд фыды ’рдыгæй дæр. Æмæ уæд Индирæ æмæ Ферозе бауынаффæ кодтой, Индирæ Лакнаумæ нал цæудзæн, фæлæ Ферозе Делимæ арæхдæр цæудзæн, зæгъгæ. Æмæ уæд алы къуыри дæр Ферозе цæуын байдыдта Делимæ, сабаты æмæ-иу хуыцаубоны йæ бинонтимæ фæци.

Ферозе йæ фырттимæ хъазын бирæ уарзта. Ноджы сын йæхи къухтæй арæзта алыхуызон хъазæнтæ, ахуыр сæ кодта сæ саст хъазæнтæ цалцæг кæныныл. Лæппутæн сæ алы сабат дæр уыдис бæрæгбон, æнхъæлмæиу æм кастысты. Ферозе æмæ Индирæ сæ лæппуты арæх фæссахармæ кодтой азмæ-иу уым хъазынæй бафсæстысты.

Лакнауы Ферозе ссис активон политикон кусæг. Фыццаг æппæтиндиаг æвзæрстытæ куы уыдысты, уæд æй депутатæй равзæрстой Лок Сабхамаз, ома Адæмон Æмбырдмæ. Æмæ уæд кусынмæ рацыд Делимæ, цæргæ та кодта йæ бинонтимæ Тин Муртийы. Йæ фыртты цинæн кæрон нал уыд. Фæлæ Ферозе уайтагъд бамбæрста, хицæн хæдзар æй бацагурын кæй хъуыд, уый. Йе ’мбæлттæн, йæ лымæнтæн премьер-министры хæдзармæ афтæ æнцонæй цæуæн кæй нæй, уый алчидæр æмбары. Æмæ уæд Ферозе йæ цæрæнбынат аивта.

Цæмæй Джавахарлалæн æнцондæр уа, уый тыххæй уал Индирæ Тин Муртийы баззад. Ныр уый дыууæ хæдзармæ дæр касти, иухуызон хорз сæм зылди.

Тин Мурти цæрынæн хорз уыдис.. Ам уыди егъау дыргъдон, хæрзмыггаг бæлæстæ, уардийы клумбæтæ, аивгонд фæндæгтæ. Индирæ йæ дыууæ фыртимæ сагъта бæлæстæ, иумæ сæм зылдысты. Уæвгæ бинонтæ иууылдæр бæлæсты куыст кæнын уарзтой.

Джавахарлал йæ чызджы цоты бирæ уарзта, тынг æнувыд сыл уыди æмæ-иу ын фадат куы фæцис, уæд-иу семæ хъазыд, алыхуызон диссæгтæ-иу сын дзырдта.

Тин Муртийы ма уыд ноджыдæр цалдæр цæрæгойы -— куыйтæ, тутитæ, бæлæттæ, тыртынатæ... Иу хатт та Санджай кæцæйдæр дыууæ бабызы лæппыны æрбахаста æмæ сæ цады доны ауагъта.

Уæд чидæр Джавахарлалæн пандæйы лæппын балæвар кодта. (Пандæ у гæдыйы хуызæн арсгонд). Лæппутæ йын уайтагъд ном дæр радтой — Бхимæ. Ацы пандæ тынг зын дарæн уыди, йæ хъæддаг митæ нæ уагъта. Бхимæ иудадзыг дæр хæдзары къуымты разгъор-базгъор кодта. Амал-иу ын куы фæцис, уæд-иу сбырыд хисæрфæны ауындзæнмæ æмæ-иу уым йæхи ирхæфста. Фæлæ Бхимæ иу заман хъыг кæнын райдыдта иунæгæй æмæ йын бацагуырдтой сыл пандæ. Уый та схуыдтой Пемæ. Рæстæг рацыд æмæ Пемæйæн райгуырд саби. Джавахарлал алы бон дæр бæрæг кодта пандæты бинонты. Алы хатт дæр йемæ цыдысты Раджив æмæ Санджай. Иу ахæмы Джавахарлал фæрынчын æмæ Бхимæмæ нал цыд. Уæд Индирæ бавдæлд, æмæ Бхимæйы йæ фыды размæ бакодта. Уазæгуаты.

Фæстæдæр ма хæдзары цæрæгойтæм бафтыд дыууæ лæппын фæранчы (тигры) æмæ уыдонæй дæр иуы схуыдтой Бхимæ. Иу хатт Бхимæ фæрынчын æмæ йын хъуамæ хостæ лæвæрдтаиккой æхсæвы дыууæ сахатыл. Уыцы хæс дæр Индирæ йæхимæ райста. Уый Бхимæмæ тынг хорз зылди, афоныл ын лæвæрдта рафыст хостæ, цалынмæ не сдзæбæх, уæдмæ.

Индирæйы афтæ фæндыд, цæмæй сæ дыууæ фырты схъомыл уыдаиккой бонзонгæтæй, æмæ сæ ромыл цардыл æфтыдта. Бал Бхаваны бæрæгбонмæ цæттæ кæнгæйæ, уыдон кодтой консервтæ æмæ афтæмæй сæхицæн æхца бакуыстой. Иу хатт та Санджайы бафæндыд йæ каникулты рæстæг Кашмирмæ ацæуын. Индирæ йæ фыртæн радта æрмæст сæдæ рупийы.

Джавахарлал йæ куысты фæдыл алы рæттæм цыдис. Ахæм заман-иу Раджив æмæ Санджайæн каникултæ куы уыди, уæд-иу уыдоны дæр йемæ акодта. Уый сын бирæ историон бынæнттæ фенын кодта, бирæ диссаджы хабæрттæ сын фæкодта.

Сывæллæттæ куы фæхъомыл сты, уæд Индирæйæн фылдæр рæстæг уыд йæ фыдæн æххуыс кæнынæн. Уый-иу фæсарæнтæм куы цыдис, уæд-иу алы хатт дæр йемæ Индирæйы акодта. Исты ахсджиаг хъуыддаг-иу куы кодта, уæд рагагъоммæ Индирæимæ ныхас кодта. Джавахарлал тынг хиуылхæцгæ адæймаг уыд, фæлæ-иу истæуыл куы стыхст, уæд-иу æм Индирæ сабыргай бадзырдта: «Папу, тыхсгæ ма кæн». Æмæ-иу Папу йæ чызгмæ байхъуыста. Йæ мидбылты-иу бахудт.

Индирæйы ахадындзинад иудадзыг рæзыд, Индийы политикон царды бацахста ахсджиаг бынат. Премьер-министрмæ сæ хъæстытæ чи хаста, уыдонмæ-иу тынг лæмбынæгæй фæхъуыста, йæ бон цы уыди, уымæй сын-иу баххуыс кодта. Æмæ адæм Индирæйыл баууæндыдысты, бауарзтой йæ. Адæммæ афтæ каст, цыма уыдон æмæ сæ премьер-министры æхсæн лæууыд фидар хид; уыцы хид та уыдис Индирæ Ганди.

Иу хатт Индирæ Нью-Делийы уынгты фистæгæй фæцæйцыд. Сæрвасæнтæ чи уæй кодта, иу ахæм къаннæг лæппу йæм хатын байдыдта, мæ сæрвасæнтæй, дам, мын балхæн, зæгъгæ. Индирæ æрлæууыд æмæ йемæ ныхас кæнын райдыдта. Лæппу йын радзырдта сæ бинонты хъуыддæгты тыххæй. Уый-иу æнæхъæн бон зылдис уынгты, цæмæй дыууæ рупийы уæддæр бакуыстаид æмæ бинонты дардтаид, уый тыххæй. Уыцы лæппуйы ныхæстæ Индирæйы хъуыдытыл бафтыдтой, сæрвасæн дæр дзы балхæдта. Уый сфæнд кодта мæгуыр сывæллæттæн баххуыс кæнын. Скодта сæрмагонд организаци — Бал Сахйог. Абон дæр дзы мæгуыр сывæллæттæ ахуыр кæнынц хъæды куыст кæныныл, зырнæй зилыныл, дарæс хуыйыныл, цæхæрадоны куыстытæ кæныныл, æндæр хъуыддæгтыл.

Ракхийы бæрæгбон-иу куы ралæууыд, уæд-иу Индирæ алы хатт дæр уазæгуаты Бал Сахйогмæ цыдис. Уый-иу сывæллæттæн алы хатт дæр йемæ лæвæрдтæ бахаста.

Индирæ тынг цыргъзонд æмæ хъæлдзæг адæймаг уыдис. Алкæимæ дзурын дæр зыдта, хъæлдзæг ныхæстыл-иу зæрдиагæй худти. Уæд иу хатт Джавахарлал япойнаг сывæллæттæн балæвар кодта пылы лæппын. Уыдон уыцы пылы схуыдтой «Индирæ». Рацыд рæстæг, æмæ иу хатт Индирæ Ганди йæхæдæг ацыд уазæгуаты Японмæ. Уым ын равдыстой пылы—Индирæйы. Индирæ Ганди зæрдиагæй фæхудт, стæй сывæллæтты бафарста:

— Æз пылæнгæс дæн, мыййаг?

Индирæйы хъазæн ныхас япойнаг сабитæн худæджы хос фæци.

Индирæ низæмхиц, адæймаг уыдис, арæх кодта рынчынтæ. Æмæ-иу ахæм заман уый дохтырты амындтæ æнæкъуылымпыйæ æххæст кодта, цæмæй йæ куыстæгтæ йæ бон тагъддæр кæнын уыдаид, уый тыххæй.

Цæмæй адæймаг царды зындзинæдтæн фæразондæр уа, уый тыххæй хъуамæ æнæзивæгæй куса. Индирæ уыцы хъуыддаг раджы бамбæрста. Суанг сывæллонæй фæстæмæ бæхыл бадти, уарзта ленк кæнын, сахуыр кодта йога æмæ йогайы домæнтæ æрвылбон æххæст кодта. Уымæн-иу амал куы нæ уыдис, уæд та-иу райсомæй згъоргæ кодта. Гъе афтæмæй фæфидар ис, рынчынтæ арæх нал кодта.

1952 азы Индирæйы равзæрстой Конгрессы партийы Президентæй. Ныр йæ куыстæгтæ дзæвгар фæфылдæр сты, ахæм æнæвдæлон заман ыл уымæй размæ никуы скодта. Конгрессы куыстытæ, йæ фыдæн æххуыс кæнын, Ферозе æмæ сывæллæттæм зилын... Алкæмæн дæр æмæ алцæмæн дæр рæстæг хъуыдис. Ноджы Джавахарлалыл дæр азты уæз зынын райдыдта, Индирæйы æххуыс æй арæхæй-арæхдæр хъуыди.

1960 азы Индирæ йæ фыдимæ Непалмæ ацыд. Уыцы рæстæг Ферозе æвиппайды тыхст рынчынæй рынчындонмæ бахаудта. Куыддæр Индирæ ацы хабар фехъуыста, афтæ æрбатахт Делимæ. Цалынмæ Ферозе бынтон не сдзæбæх, уæдмæ йемæ рынчындоны фæцис.

Уыцы аз Индирæ йæхæдæг дæр йæ уыргтæй фæрынчын æмæ йын операци скодтой. Ацы хатт та рынчыны раз Ферозе уыдис. Индирæ куы сдзæбæх, уæд æй Ферозе сывæллæттимæ Кашмирмæ акодта æмæ уым, Сринагары, æнæхъæн мæй фесты. Ферозе æмæ Индирæ фидæнмæ фæндтæ кодтой, хъуыды кодтой, сæ зæронд бонты куыд цæрдзысты, ууыл. Фæлæ цард фæндонæй алы хатт кæм вæййы...

1960 азы кæрон Индирæ ацыд Индийы хуссайраг штат Кераламæ. Уырдæм ын фехъусын кодтой, Ферозе фæрынчын, зæгъгæ. Индирæ та уайтагъд Делийы балæууыд. Ферозейы уавæр тынг æвзæр уыди. Йæхи нал æмбæрста. Иу заман йæхи æрæмбæрста æмæ, Индирæйы йæ цуры куы федта, уæд бацин кодта, бахудт. Фæлæ дыккаг бон хуыфын райдыдта, æмæ Индирæйæн йæхи къухты ахицæн. Уый уыдис 1960 азы 8-æм сентябры.

Ферозейы зиан Индирæйыл сæмбæлд арвы гæрахау, æнæнхъæлæджы. Афтæ йæм каст, цыма æппæт дунейы дæр зыбыты иунæгæй аззад. Ноджы йæ фырттæ дæр уыцы рæстæг йæ разы нæ уыдысты. Фæлæ Индирæ тыхджын зонды, фидар зæрдæйы хицау уыди æмæ уыцы стыр зианæн дæр бафæрæзта.

Индирæ нæ фæцудыдта, фæлæ йе ’ппæт хъарутæ дæр радта адæмы хорздзинадæн. Цас Джавахарлалæн йæ тыхтæ къаддæр кодтой, уый бæрц фылдæр уæз иста йæхимæ.

1962 азы Джавахарлал рынчынтæ кæнын райдыдта. Æмæ уый йæ куыстыл дæр фæзынд. Индийы-иу искуы æвзæр уавæр куы сæвзæрд æмæ-иу Джавахарлал нæфæразгæ куы уыди, уæд-иу уырдæм атындзыдта йæ чызг. Уыцы аз китайæгтæ цæгат-скæсæйнаг районтæм куы "рбабырстой, уæд Индирæ ацыд арæнхъахъхъæнæг æфсæдтæм æмæ сæ тохмæ æмæ къæрцхъусдзинадмæ разæнгард кодта. Адæм Тибетæй Индимæ лидзын куы райдыдтой, уæд сын уый аразын кодта цæрæнбынæттæ, æхсæвæй-бонæй куыста лигъдæтты цард банывыл кæныныл.

1964 азы Индирæ йæ фыдимæ уыди Бхубанешвары. Уыцы бонты Джавахарлалы паралич ныццавта, æмæ Индирæ йæ фыды разæй нал цыд, йæ къæхтыл æй слæууын кодта. Уымæй рацыд цыппар мæйы, æмæ Джавахарлалы уавæр æвиппайды февзæр ис. Индирæ йæ иннæ хъуыддæгтæ ныууагъта æмæ кодта æрмæст йæ фыды кой. Йæ туг дæр ын радта, фæлæ йæ Папу нал фервæзт. Джавахарлал Неру амард 1964 азы 27-æм майы, йæхи нал æрæмбæрста, афтæмæй.

Ахицæн, Индирæ йæ царды æппæты фылдæр кæй уарзта, уыцы адæймаг. Афтæ йæм каст, цыма йыл йæ дуне æнустæм баталынг. Йæ æдзæм Папуйы раз фæбадти 24 сахаты дæргъы. Уыцы рæстæг Раджив Англисы уыдис, фæлæ Санджай йæ фарсмæ лæууыд. Уыцы уæззау бонты йæ алыварс æрбалæууыдысты бирæ адæм.

Джавахарлалæн фæндараст зæгъынмæ ардæм цыдысты минтæ æмæ минтæ. Бирæ зындгонд лæгтæ æрбацыд фæсарæнтæй дæр. Индирæ бадти йæ фыды раз. Джавахарлалæн йæ фæстаг кæндтытæ скодта Санджай.

Джавахарлалы фæстæ Тин Мурти хаст хæдзары хуызæн уыди. Фыццаг бонты Индирæмæ афтæ каст, цыма йын куыстæгтæ дæр нал уыд. Ноджы бафæллад политикон куыстæй дæр æмæ йæ фæндыд сабыр ран æрцæрын.

Индийы дыккаг премьер-министрæй равзæрстой Лал Бахадур Шастрийы. Уый тынг стыр аргъ кодта Индирæйæн, зыдта йын йæ арф зонд, йæ курдиат. Æмæ йæ фæндыд, Индирæ Информацийы министрæй кусыныл куы сразы уыдаид, уый.

Индирæ ног кабинетмæ бацæуыныл бирæ фæхъуыды кодта, стæй сразы Лал Бахадур Шастрийы фæндоныл. Йæ цæрæнбынат аивта Тин Муртийæ къаддæр хæдзармæ — Сафдарджанг Роудмæ. Бинонты дзаумæттæ арвыста Аллахабадмæ, Ананд Бхаванмæ, Делийы ма ныууагъта æрмæст йæхи дзаумæттæ æмæ йæ чингуытæ. Ног цæрæнбынаты ног цард кæнын райдыдта, фæрогдæр йæ раздæры мысинæгты уæз. Хæдзары раз ис чысыл дыргъдон, æмæ йæм Индирæ йæхæдæг зылд. Ноджы ма хæдзары фарсмæ ис цадгонд. Кусджытæн бахæс кодта, йæ уарзон дндинджыты мыггæгтæ дзы куыд ныссадзой. Цадæггай йæ ног хæдзар дæр йæ хуыз аивта.

Информаци æмæ радиойы министрады куыст фæхуыздæр кæнынæн Индирæ бирæ бакодта. Бæрзонд хицау уæвгæйæ уый иннæтæн дæр уыдис фæзминаг. Йæ куыстмæ афонæй раздæр цыдис, бирæ хæттыты та-иу баззад фæскуыст дæр.

Индирæйæн йæ куыст хъомысджын уыдис, уымæн тынг бирæ æвдисæнтæ ис. Зæгъæм, уый фæндыд, адæм хуыздæр куы зыдтаиккой курдиатджын индиаг музыкантты æмæ инструменталистты. Уымæ гæсгæ уый аивады кусджыты арæх хуыдта радиомæ, æмæ сын сæ арæхстдзинад, сæ курдиат бирæ милуантæ базыдтой. Уыдоныл ахуыр кодтой ног курдиатджын культурон кусджытæ дæр, фæсивæд дæр. Уæвгæ ног министр аивадон кусджыты арæхстдзинад базонынмæ тынг рæвдз уыдис. Æмæ-иу æцæг курдиатджын кусæг куы базыдта, уæд-иу æй дзыллæтæ уайтагъддæр базыдтой. Индирæйы куыст бæстæйы музыкалон культурæйы рæзтыл уайтагъд фæзынд. Уый хъæппæрисæй Индийы арæзт æрцыд фыццаг кинофестиваль. Йæ фæрцы цыбыр рæстæгмæ рапарахат телеуынынады хъуыддаг дæр.

Уыцы азты Индирæ бирæ хъуыддæгтæ бакодта, цæмæй индиаг сывæллæтты æмæ сылгоймæгты цард фæхуыздæр уыдаид, уый тыххæй. 1965 азы Инди æмæ Пакистаны ’хсæн хæст куы ныггуыпп кодта, уæд Индирæ ацыд арæнхъахъхъæнджытæм, ныхас кодта æвзонг æфсæддонтимæ, разæнгард сæ кодта сæ бæстæйы сæрвæлтау тохмæ. Уый адæммæ фæсидт, цæмæй æмбырд кæной æхца æмæ зынаргъ дзаумæттæ æмæ афтæмæй баххуыс кæной паддзахадæн йæ зын заманы. Сылгоймæгтæ йæ сидтæн аккаг дзуапп радтой æмæ стыр æххуыс бакодтой сæ бæстæйæн.

Инди æмæ Пакистаны ’хсæн хæст куы фæцис, уæд Советон Цæдис дыууæ бæстæйы минæвæртты ’рбахуыдта Ташкентмæ. Ам дыууæ бæстæйы разамонджытæ фидыды бадзырд сарæзтой. Уымæй чысыл фæстæдæр Индийы дыккаг премьер-министр Лал Бахадур Шастри æвиппайды йæ зæрдæйæ амард. Уый уыдис 1966 азы 11-æм январы. Бæстæйы та ног премьер-министр агурын бахъуид. Æмæ уæд равзæрстой Индирæйы. 1966 азы 24-æм январы Индийы æртыккаг премьер-министр дзыллæты раз ард бахордта, йæ бæстæйы хорздзинадæн кæй кусдзæн, уый тыххæй.

Æппæт дунейы уый уыдис дыккаг сылгоймаг премьер-министр.

Уыцы бæрнон куыст кæнын куы райдыдта, уæддæр Индирæ йæ царды фæтк нæ аивта. Сафдарджанг Роуды йын цы чысыл хæдзар уыдис, уым цæргæйæ баззад. Уыцы рæстæг йæ дыууæ фырты Англисы ахуыр кодтой. Хæдзары куыстытæй бирæтæ йæхæдæг кодта, суанг ма йæм цы æртæ къæбысы уыди,— Мадху, Папитæ æмæ Путли,— уыдонмæ дæр йæхæдæг зылди.

Æппæтиндиаг æвзæрстытæ нысангонд æрцыдысты 1967 азмæ. Индирæйы кандидатурæ снысан кодтой Уттар Прадешы зылды Рæ Барелийы, уымæн æмæ йæ мой Ферозейы кæддæр уыцы зылды æвзарджытæ равзæрстой депутатæй. Индирæ иу хъæуæй иннæмæ цыд, ныхас кодта æвзарджытимæ, сæ курдиæттæ сын æххззст кодта. Æмæ уыдон дæр баууæндыдысты сæ кандидатыл, æмзæрдæйæ йæ равзæрстой депутатæй.

Иу хатт Индирæ хъуыддаджы фæдыл ацыд Ориссæйы штатмæ, Бхубанешзары сахармæ. Адæмы раз куы ’рлæууыд æмæ дзурын куы райдыдта, уæд дзы иуæй-иутæ адæмы Индирæйы ныхмæ ардауын райдыдтой, ранæйрæтты дзы хылтæ дæр рауад. Змæнтджытавй иуæй-иутæ сылгоймагыл дуртæ ’хсын райдыдтой, фæлæ уый йæ ныхас нæ ныууагъта, цыма уыцы змæнтджыты хъуыды дæр нæ кодта, афтæ. Йæ ныхас кæронмæ ахæццæ кодта æмæ сбадт. Фæлæ йæ фыдгултæ сæ хъæддаг митæ нæ уагътой æмæ дуртæ зыввыттытæ кæнын райдыдтой. Иу дур Индирæйæн йæ фындзыл ауад æмæ йæ туг æркалд. Индирæ йæ фындз къухмæрзæнæй бамбæрзта æмæ Радж Бхаванмæ ацыд. Дохтыр ын йæ цæфтæ федта: йæ фындзы хъæл уыди саст, йæ иу дæндаг йæ бынатæй схаудта. Дохтыр ын йæ цæфтæ бабаста æмæ йын загъта, хуысгæ уал, дам, скæн. Фæлæ Индирæйы хуыссынмæ нæ равдæлд æмæ Патнамæ атындзыдта. Уым æм æвзарджытæ æнхъæлмæ кастысты æмæ сæ фыдæнхъæл нæ фæкодта. Конгрессы парти 1971 азы æппæтиндиаг æвзæрстыты фæуæлахиз æмæ та Индирæйы дыккаг хатт равзæрстой премьер-министрæй.

Уыцы заман Скæсæн Пакистаны змæстытæ рауад. Бенгалийæгтæ тох кодтой сæ хæдбардзинадыл, фæлæ сæ Пакистаны æфсад ныцъцъист кæнинаг уыд. Бирæ лидзæг адæм æрбагуылф кодта уæд Индимæ. Æмæ уыцы адæмæн арæзтой лагертæ, цæрæнбынæттæ, хицауад сын амал кодта хæринаг æмæ уæлæдарæс. Уыцы рæстæг Индимæ æрбалыгъд иу-дæс милуан адæймаджы æмæ уыдоны хæссын Индийæн тынг зынаргъ сыстад.

Индирæ иттæг æнувыдæй бавнæлдта уыцы хъуыддæгтæ банывыл кæнынмæ. Абалц кодта Америчы Иугонд Штаттæм, иннæ бæстæтæм. Уый алы бæстæйы дæр ныхас кодта Скæсæн Пакистаны цауты тыххæй, куырдта, цæмæй кæронгонд æрцæуа æнаххос адæмы цæгъдынæн. Фæлæ йæ балц нæ фæрæстмæ. Йæ курдиæттæн ын дзуапдæттæг нæ фæцис, æмæ фæстæмæ зæрдæсастæй Индимæ æрбаздæхти.

1971 азы декабры Пакистан схæцыд Индиимæ, а фæстаг Скæсæн Пакистаны сæрибардзинадыл тохгæнджытæн æххуыс кæй кодта, уый тыххæй. Хæст ахаста 14 боны. Пакистан састы бынаты баззад æмæ картæйыл фæзынд ног паддзахад — Бангладеш. Дзыллæты разамонæг шейх Мудджибур Рахманы пакистайнæгтæ ахæстонæй рауагътой æмæ ссис Бан гладешы фыццаг премьер-министр. Ног паддзахады хъуыддæгтæ нывыл кæнын райдыдтой, æмæ лигъдæтты фæстæмæ сæ райгуырæн бæстæмæ цæуын бафæндыд. Уыцы хъуыддаджы сын Индирæйы хицауад стыр æххуыс бакодта.

Индирæйы дыууæ фырты — Раджив æмæ Санджай — Англисæй æрбаздæхтысты æмæ сæ мадимæ æрцардысты Сафдарджанг Роуды. Раджив кусын райдыдта Индийы авиацийы тæхæгæй, Санджай та ныллæууыд чысыл автомобиль аразыны проектыл. Уыдон сæ дыууæ дæр сæ фыды хуызæн уыдысты — машинæтимæ архайын уарзтой. Раджив уыдис фæлмæн адæймаг, сабыр æмæ хæдзонд. Чысыл мадзурагомау. Алы хъуыддæгтæм арæхсти, уарзта йæ бинонты къамтæ исын. Санджайæн бынтон æндæр удыконд уыди. Уый уыди сæрæн æмæ иттæг хъаруджын, куыстæй нæ фæллад. Уæдæ политикон куыстмæ дæр æмхиц уыдис. Йæ мадæн æххуыс кодта, йæ куыстæгтæй йын цыдæртæ йæхимæ дæр иста.

Раджив Англисы куы уыдис, уæд базонгæ италиаг чызг Сонияимæ. Йæ зæрдæмæ фæцыд æмæ йæ йæхицæн цардæмбалæн равзæрста. Соня йæ мад æмæ йæ фыдимæ ацыдис Индимæ æмæ уым, бынтон хуымæтæг уавæры, чындзæхсæв сарæзтой.

Рæстæг цыди. Раджив политикæмæ йæ хъус наз дардта æмæ йæ бинойнагимæ, йæ фырт Рахул æмæ йæ чызг Прийанкаимæ æнцад-æнцойæ цард.

Санджай ракуырдта рæсугъд чызг Манекайы, æмæ бинонтæ бабирæ сты. Сывæллæттæ хæдзармæ æрбахастой ног улæфт, сæ кæрт хъæлдзæгдзинадæй байдзаг. Индирæ дæр ныр, йæ цоты цотимæ цæргæйæ, фæхъæлдзæг.

Индирæйы разамындæй бæстæ тагъд рæзыд, фæлæ цæмæйдæрты къуылымпы кодта. Индирæ йæхæдæг æгъдауыл хæст адæймаг уыдис, æмæ-иу исты æнæуагдзинад куы федта, уæд-иу ын тынг хъыг уыдис. Индийы æхсæнады æгъдаухалджытæ уымæй размæ дæр бирæ уыд, фæлæ ныр фылдæр кæнын райдыдтой. Йæ ныхмæлæуджытæ йын бирæ знаггад кодтой. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, тынг хорз æмбæрста, бæстæйы уавæр фæхуыздæр кæнынæн цы кæнын хъæуы, уый. Уымæ гæсгæ 1975 азы Индирæ расидти сæрмагонд уавæр æмæ уымæй йæ ныхмæлæуджыты бакодта бæлвырд фæлгæты. Уыцы уынаффæ йын бирæты зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ йæ ныхмæ дзурджыты нымæц фæфылдæр. Йæ куыст æмæ йæ хицауады кад дæлæмæ-дæлæмæ цыд.

1977 аз. Æрцыд иумæйаг æвзæрстыты афон. Индирæ разамынд кæмæн лæвæрдта, уыцы Конгрессы парти састы бынаты баззад. Парламенты йын цы бынат уыдис, уый дæр æй нал фæци,— депутатæй йæ нал равзæрстой. Кæд Индирæ уыцы æвзæрстыты састы бынаты баззад, уæддæр йæ ныфс нæ асаст æмæ цыма æппындæр ницы æрцыд, йæхи афтæ дардта. Уымæй чысыл фæстæдæр премьер-министры цæрæнбынатæй йæ бинонты къордимæ æндæр хæдзармæ аивта.

Бирæ азты дæргъы стыр зындзинæдтæн бафæрæзта Индирæ. Ныр æй йæхимæ, йæ фæллад суадзынмæ равдæлд æмæ æнæмæт цард кæнын райдыдта. Фæлæ уæддæр йæ цард æнгом баст уыди йæ адæмы хъысмæтимæ, иудадзыг хъуыды кодта йæ бæстæйы фидæныл æмæ йæ адæмы зын уавæр тыхсын кæнын райдыдта.

Иу ахæмы тыхджын къæвдатæ рацыд, æмæ Делийы бирæ рæттæ доны бын фесты. Индирæ зылди уыцы бынæттыл, æнæхæдзар чи фæци æмæ йæ мулк кæмæн фесæфт, уыдонæн æххуыс кодта. Уый фæстæ та ног бæллæх æрцыд — æвирхъау тыхджын циклон Андхрæ Прадешы штатæн стыр фыдбылызтæ ракодта. Æмæ та уырдæм дæр Индирæ атындзыдта.

Цыдæриддæр у, уæддæр Индирæйы цард баиу йæ адæмы цардимæ æмæ сын фæхицæн кæнæн нал уыд.

Иумæйаг æвзæрстыты йæ хъуыддаг куы фæсыкк, уæд хицауады сæргъы æрлæууыд Джанати парти. Уыцы партийы разамонæг Морарджи Десаи æвзæрст æрцыд бæетæйы премьер-министрæй. Ног хицауад нæ ферох кодта Индирæйæн йæ сæрмагонд программæ. Исты хуызы йæ куы бафхæрдтаиккой, уый сæ фæндыд. Æмæ йæ иу бон пъæлицæйæгтæ акодтой, ахæстоны йæ сбадын кодтой. Уый дæр æй уæлдай тыхст нæ бакæнын кодта, уымæн æмæ зындзинæдтыл ахуыр уыдис. Раст фыццаг æхсæв Индирæ цемент астæрдыл схуыссыд æмæ бафынæй. Ацы хабар æппæт дуне дæр базыдта æмæ адæмты стыр маст бауагъта. Дыккаг бон Индирæйы суæгъд кодтой æмæ сæ хæдзармæ æрбацыд, цыма æппындæр ницы æрцыд, уый хуызæн. Æмæ дарддæр йæ царды куыст кодта; уазджытæ йæм цыдысты, хъазыд йæ цоты цотимæ, касти чингуытæ...

Джанати партийы хицауад бирæ нæ ахаста — бæстæйы уавæр фæфыддæр æмæ та адæмы ног æвзæрстытæм цæуын бахъуыд. 1980 азы тъæнджы мæйы уыдис ног æвзæрстытæ, æмæ, Индирæ разамынд кæмæн лæвæрдта, уыцы парти фæуæлахиз. Индирæйы та ногæй — цыппæрæм хатт — премьер-министрæй равзæрстой. Æмæ та ногæй Сафдарджанг Роудмæ — Индийы премьер-министры цæрæнбынатмæ — аивта йæ бинонтимæ. Уæдмæ ма сæ бинонтыл бафтыд иу — Санджайы фырт Ферозе Варун.

Кæд 1980 аз Индирæйæн стыр уæлахиз æрхаста, уæддæр ын ацы аз амондджын нæ рауад. Уыцы аз ыл æрцыд стыр бæллæх.

Цæвиттон, июны мæйы йын иу райсом йæ кæстæр фырт Санджай хæрзбон загъта æмæ Сафдарджангы æропортмæ фæлварæнтæм ацыд. Уайтагъд бахæццæ. Уымæй цалдæр минуты фæстæ Санджайы рог хæдтæхæг ныппырх; Санджай æмæ йе "мбæлттæ мард фесты. Куыддæр Индирæ ацы æнамонд хабар фехъуыста, афтæ атындзыдта æропортмæ. Йæ фырты мардыл ставд цæссыгæй фæкуыдта, стæй йæм уæддæр уый бæрц хъару разынд, æмæ зианы фæдыл рынчындонмæ ацыд.

Уыцы бон Раджив фæсарæнты уыди, фæлæ ацы æнамонд хабар куы фехъуыста, уæд уайтагъд йæ бинонты фарсмæ æрбалæууыд.

Санджайы фæмард Индирæйæн тынг батых кодта. Уый æмбаргæйæ, Раджив авиакомпанийы йæ куыст ныууагъта æмæ политикæмæ хæстæгдæр æрбалæууыд. Йæ мадæн æххуысхъом куыд уыдаид, афтæ.

Индирæ йæ бинонтыл тынг æнувыд уыди, фæлæ йæ зæрдæйы тæккæ хъармдæр бынаты æвæрд уыдысты йæ цоты цот. Уыдон сæ хæдзары дзырдтой хиндийыл. Индирæ-иу сын алыхуызон таурæгътæ кодта. Изæрыгæтты таиу сывæллæттимæ хъазын уарзта. Уæлдай арæхдæр хъазыдысты дзырдарæн хъæзтытæй.

Индирæ кæддæриддæр йæ зæрдыл дардта йæ бинонты райгуырæн бонтæ æмæ-иу дзы алкæмæн дæр бацæттæ кодта исты зæрдæлхæнæн лæвæрттæ. Бинонтæ дæр Индирæйыл тынг æнувыд уыдысты. Йæ алы райгуырæн бон дæр уыдонæн уыд уарзон бæрæгбонау. Индирæ сæкæрдæндаг кæй уыди, адджинæгтæ кæй уарзта, уый иууылдæр зыдтой, æмæ-иу æрбахуыдтой, адджын хæринæгтæ кæнынмæ тынг дæсны чи уыдис, ахæм адæймаг. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы адджинæгтæ бинонтæн се ’ппæты зæрдæмæ дæр цыдысты.

1984 азы 30-æм октябрь.

Уыцы бон изæрæй Индирæ Бхубанешварæй æрбаздæхт сæхимæ, Делимæ. Раджив уæд Делийы нæ уыд, кæдæмдæр хъуыддаджы балцы ацыд. Индирæ, йæ хистæр чындз Соня, Рахул æмæ Прийанкæимæ æхсæвæр бахордтой. Фæсахсæвæр бирæ фæныхæстæ кодтой.

Иннæ бон Индирæ раджы сыстад. Уыдис райдзаст райсом. Скодта йæ бурбын сари. Рахул æмæ йын Прийанкæ хæрзбон загътой æмæ се скъоламæ ацыдысты.

Индирæ рацыд йæ уатæй, æрбацæуджытæн цай æрæвæрдта æмæ йæ фыссинæгтыл афæстиат.

Аходæн ахицæн æмæ цæуинаг уыд Акбар Роудмæ: уым хъуамæ фембæлдаид тележурналисттимæ.

Цыбырдзырдæй, 31 -æм октябрь хъуамæ уыдаид, иннæ бонтау, хуымæтæджы кусгæ бон. Индирæ рацыд Сафдарджанг Роудæй æмæ дыргъдоныл фæцæйцыд. Йæ дыууæ хъахъхъæнæджы лæууыдысты дуармæ æмæ йын салам радтой. Уый йæ дыууæ армытъæпæны кæрæдзиуыл авæрдта æмæ сын загъта:

— Намасте!

Æвиппайды хъахъхъæнджытæй иу йæ хæцæнгарз Индирæмæ фæцарæзта æмæ фæгæрах кодта. Индирæ тугкалгæйæ зæхмæ æрхауд. Уæд иннæ хъахъхъæнæг дæр йæ хæцæнгарз сылгоймагмæ фæдардта æмæ йæ фæгæрах кодта.

Йæ чындз Соня гæрæхтæ куы фехъуыста, уæд æддæмæ рагæпп кодта...

Индирæйы уайтагъд рынчындоны балæууын кодтой. Цалдæр хирурджы æнувыдæй куыстой йæ фервæзын кæныныл, фæлæ йын сæ бон ницыуал бацис.

Уыцы бон, 1984 азы 31-æм октябры, Индирæ ахицæн.

Ацы сау хабар уайтагъд ахæлиу æппæт Индийыл, æппæт дунейыл. Æвирхъау фыдракæнд ныззыр-зыр кæнын кодта адæмты.

Инди йæ сау дарæс скодта.

Зианы æрæвæрдтой Тин Муртийы. Æртæ боны фæцис ам Индирæ. Уыцы æнамонд бон цы сари скодта, уый баззад йæ уæлæ æмæ мæрддзыгоймæ афтæ каст, цыма сæ уарзон Индирæ фынæй баци.

Бирæ дзыллæтæ рацыдысты йæ фæдыл йæ фæстаг бон. Æнусмæ фæндараст ын загътой бирæ бæстæты номдзыд минæвæрттæ. Йæ фæстаг кæндтытæ йын скодта Раджив. Индирæ кремацигонд æрцыд, уый размæ Джавахарлал кæм æвæрд æрцыд, уым. Йе ’ртхутæг ын апырх кодтой, бирæ цы Гималайты уарзта, уыдоны сæрмæ.

Индирæйы цард уыдис арты хуызæн: зындзинæдтæ ницæмæ даргæйæ, уый сыгъдис адæмы хорздзинадæн. Уыцы арт ахуыссыд, фæлæ йæ фидар зæрдæйы рухс никуы бамынæг уыдзæн. Уый стъалыйау æрттивдзæн æмæ æрттивдзæн æнусты.

ЙÆ СУРÆТ БАЗЗАЙДЗÆН ÆНУСТЫ

Тæлмацгæнæджы фæсныхас

Адæмты историйы арф фæд чи ныууагъта, йæ над фæндагыл милуантæ æмæ милуантæ кæмæн цыдысты æмæ цæудзысты, уыдонæй иу у Индийы уарзон хъæбул Индирæ Ерийадаршини Ганди (1917—1984).

Индирæйы адæм уымæн бауарзтой, æмæ йæ диссаджы цард снывоцц кодта уыдонæн. 1982 азы январы 27-æм бон... Индийы уæды премьер-министр Индирæ фембæлди испайнаг журналистты къордимæ. Уыдон æй бафарстой, куыд, дам, фынæй кæныс, зæгъгæ. Æмæ сын уый радта хæрз цыбыр дзуапп:

— Æв тынг хорз фынæй кæнын. Æрмæст мын фынæй кæнынæн рæстæг... нæй.

Фынæй кæнынæн ын рæстæг нæ уыд, уымæн æмæ æхсæвæй-бонæй куыста йæ адæмы хорздзинадæн. Йæ царды фæтк ын чи зыдта, уыдон ма дис дæр кодтой, уый бæрц куыд фæразы, ууыл.

1953 азы Индирæ уазæгуаты уыдис Ирыстоны. Фæци дзы æрмæст дыууæ боны, фæлæ адæмы зæрдæ зонаг у: нæ республикæйыцæрджытæ сæ уазæджы бауарзтой. Ирон адæмы зæрдæмæ фæцыд йæ ном дæр. Абоны бон ирон сылгоймæгтæй бирæтæ хæссынц ацы рæсугъд ном — Индирæ.

Индирæйы цард цымыдисаг дæр у æмæ фæзминаг дæр. Ацы чиныджы автор — зынгæ индиаг фыссæг Манорамæ Джафа — сывæллæттæн радзырдта Индирæйы цардвæндаджы тыххæй, æмæ дзы æвзонг чиныгкæсджытæ иттæг бузныг уыдзысты. Автор хуымæтæджы ахорæнтæй скодта Инди.. рæ Гандийы рухс сурæт. Уæвгæ та Манорамæ сывæллæттæн бирæ хорз уацмыстæ ныффыста — æдæгшæт 20 чиныджы æмæ 500 радзырдæй фылдæр. Уыцы уацмыстæй иуæй-иутæ хорз зындгонд сты дунейы алы къуымты. Зæгъæм, «Хæрæг хидыл куыд лæууыд», «Хирæ», «Гæды Зари», «Мæ сыгъзæрин зæхх», «Тыртынатæ» æмæ йæ иннæ уацмыстæ сывæллæиы зæрдæмæ тынг цæуынц, тæлмац сæ кæнынц алыхуызон æвзæггæм.

Манорамæ Джафайы уацмыстæ чи каст æмæ сæ йæхицæн зонд чи райста, уыдонæн кæрон дæр нæй.

Ацы чиныджы авторæн йæ ном тынг рагон у. Дзырд манорамæ амоны «цинхæссæг». Æмæ мæм афтæ кæсы, цыма Манорамæ Джафа йæ номы аккаг у: йæ курдиаты цæхæртæ циндзинад хæссынц дунейы алы къуымтæм.

Манорамæйы фыстытæ ирон æвзагыл амæй размæ джиппы никуы рацыдысты, æмæ ацы чиныг сæдæйы фыццаг фæуæд.

Манорамæ канд сывæллæттæн нæ фыссы. Уый литературæ иртасæг дæр у. Индийы хорз зонынц журнал «Фыссæг æмæ нывгæнæг». Уымæн йæ редактор у Манорамæ.

Ацы журналы æмæ æндæр рæтты мыхуыргонд цæуынц йæ зонадон куыстытæ.

1982 азы Манорамæйæн мыхуыры рацыд чиныг — «Куыд фыссын хъæуы сабитæн». Ам автор уæлдай бæстондæр æрныхас кодта биографион уацмыстæ фыссыны хьуыддагыл. Цалынмæ фыссын нæ райдайай, зæгъы Манорамæ, уæдмæ уал хорз æрмæг ссарын хъæуы. Фыссæгмæ ахæм æрмæг куы уа, уæд йæ фыссæнгарзы бынæй рацæудзæн æцæг аивадон уацмыс, æмæ чиныгкæсджыты зæрдæскъæфт фæкæндзæн.

Манорамæ йæхæдæг иттæг хорз бакуыста Индирæ Гандийы цардвæндаджы хабæрттæ сбæлвырд кæныныл. Æмæ ныффыста цымыдисаг таурæгъ.

Индирæ Прийадаршини...

Чиныджы цъарыл ис Индирæ æмæ йæ хистæр фырт Радживы ныв. Мæ зæрдæ мæм афтæ дзуры, цыма ацы сурæт æвзонг чиныгкæсджытæй нал ферох уыдзæн.

Фæлæ куыд фæлдурæджджын у хъысмæт! «Индирæ Прийадаршини»-йы тæлмац джршлы рауадзынмæ куы сцæттæ, уæд æппæт дунейыл дæр айхьуыст æвирхьау хабар: 1991 азы 21-æм майы фыдгæнджыты къухæй фæмард Индирæйы фырт, Индийы раздæры премьер-министр Раджив Ганди. Ацы æбуалгь фыдракæнд æппæт дунейы адæмты дæр стыр маст бауагьта.

Уыцы бонты уыдтæн Мæскуыйы, федтон, Индийы Минæварады агьуыстмæ цас адæм цыдис, уый. Минæварады сæрмагонд зæрдылдарынæн чиныджы æз цаддæр ныхасыныффыстон, уыдонимæ иронау дæр: «рухсаг у, Ваджив».

йаджив Гандийы хъысмæт у Индирæйы хъысмæтимæ баст, кæрæдзийæ сын фæхицæн кæнæн нæй.

Æз Манорамæ Джафаимæ фыццаг хатт фембæлдтæн Делийы 1989 азы 4-æм ноябры. Куыд мын радзырдта, афтæмæй йæм ног фæндтæ ис, рæзгæ фæлтæрæн фидæны ног чингуытæ балæвар кæнинаг у.

Йæ хорз фæндтæ сæххæст уæнт!

Дæ куыст арфæйы аккаг у, Манорамæ, æмæ дæ не ’ппæты арфæ дæр уæд!

ГУЫРИОН ТАМЕРЛАН,
Советон-индиаг хæлардзинады æхсæнады
Цæгат Ирыстоны хайады сæргьлæууæг, профессор.


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.