ГÆДИАТЫ СЕКЪА
Мæ фыццаг ныхас
Фæнды мæ кæсджытæн бамбарын кæнын, цæмæй дызæрдыг ма кæной мæ чиныгыл. Мæ чиныджы ис гуырдзиаг нæмттæ, гуырдзиаг æлдæртты койтæ æмæ уый тыххæй кæсджытæ зæгъдзысты: мæнæй уый ацы таурæгътæ гуырдзиаг чингуытæй райста, зæгъгæ. Фæлæ хъуыддаг афтæ уыд, æмæ фæсхохы Ир — Арагуийы комæй фалæмæ, Дзимыргом, Чысангом, Леуахи, Дæрыком, Захъор, Дзауыком, Урстуалтæ, иудзырдæй, Хуссары Ир Гуырдзыстоны æлдæртты цагъар уыдысты, хохы адæм сын хъалон фыстой. Сæ цурты чи цард, уыдон сын куыстой, æлдæртты цы фæндыд, уыдæттæ сын кодтой æмæ уый тыххæй сæ таурæгътæ дæр æмхæццæ зынынц. Æрмæст уыдон æхсæн Арагуийы комы адæм сæрибарæй баззадысты, уый тыххæй, æмæ се ’лдары тынг раджы амардтой; æмæ сæхицæн æлдар кæнын нал суагътой. Кæд сæм Чысаны Ерыстау æлдæрттæ бахъав-бахъав кодтой, уæддæр сæ сæ топпы дзых, сæ карды ком никуы раздæхтой æмæ ныр дæр æмæ уæд дæр сæрибар адæм уыдысты.