Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

ГÆДИАТЫ СЕКЪА

ДЫСА

Ганисы хъæуы цард фондз мыггаджы: Тогъуызатæ, Сачъынатæ, Гæдиатæ, Дзыгойтæ æмæ Дзестелтæ. Кусæг адæм, хор, фосджын, хъæздыг, иу хæдзар, иу бинонтау, уарзонæй цардысты. Уыцы рæстæджы мæгуыртæ сæ цурмæ лыгъдысты æмæ сæ уыдон дæр сæхимæ истой. Сæ ис, сæ фæллойæ сын хай кодтой, лæгуарзондзинад сæм бирæ уыд. Сæ зæрдæ сæ кæрæдзийæн куыд уарзта, афтæ æцæгæлон адæмы дæр рæвдыдтой.

Гуырдзыстон Уырысимæ баиу кæныны рæстæджы Ганисмæ æрцыд иу мæгуыр ус æмæ лæг — Дзанаспи æмæ Дыса. Хъæугæрон сын иу кæркдон къуым радтой, æмæ уым цардысты. Дыса — мигæнаг ус, Дзанаспи та — кадæггæнаг, адæм сæ бирæ уарзтой.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Гуырдзыстон Уырысимæ куы баиу ис, уæд се ’фсæдтæ Гуырдзыстонмæ æрвитын систой, алы бæсты хицæуттæ скодтой. Фæндæгтæ арæзтой. Фæндæгтæ аразынмæ бегара кæнын райдыдтой.

Иу зымæг пинертæ (Уыцы рæстæджы уарыссаг бегарагæнджыты пинертæ хуыдтой. — Aвтор.) Ганисы хъæумæ бацыдысты æмæ сæ хæдзарæн лæгæй бегарайы акодтой æфцæджы фæндаг кæнынмæ. Дзанаспи дæр — семæ.

Раст Гордзылейы тæссæртты Дзанаспийы зæй фæласта. Дæлæ комы нарæджы сау къæдзæхы бын ныппырх.

Æхсæвы та мит уарын байдыдта. Цæгат фарсы тымыгъ миты хъæпæнтæ æрхытæм калдта. Зæйты гуыр-гуырæй хæхтæ араудтой. Дзанаспи комы нарæджы зæйты бын ныцци.

Æртыккаг бон хурскастæй бæстæ, урс цикъæйау, сæрттывта. Мигъы скъуыддзæгтæ нарæг мæсчъыты, урс цагъд бæмбæгау, ныббадтысты. Хæххон хæдзæрттæ алы къуыбырæй гæзæмæ сау æндæрг хастой.

Дыса хæдзары дуармæ лæууыд æмæ йæ дыууæ сау цæсты æфцæджы 'рдæм ныуурс сты, Дзанаспимæ æнхъæлмæ каст. Фыдуацхæссæг халон фаджысы рагъæй Дысайы ’рдæм уасыд, хъæр кодта. Дыса бакатайтæ кодта æмæ афтæ зæгъы:

—Дæ-дæ-дæй, мæ хæдзар байхæлд, мæ лæгыл мацы æрцæуа!

Уалынмæ фæдис хъæргæнæг æрхæццæ, Дзанаспийы, дам, зæй фæласта. Бæстæ хъарæг сси. Дысайы кæуынæй къæдзæх бадон уыдаид, цæстысыг фестадаид. Фæлæ къæдзæхтæ дæр нал зындысты миты хъæпæнæй. Адæм фæдис ацыдысты, æртæ боны йæ фæцагуырдтой, зæйтæ ракъах- бакъах кодтой, фæлæ Дзанаспийы не ссардтой, æмæ уалдзæгмæ зæйы бын баззад, Дыса алыбон дæр агурынмæ цыд, фæлæ йæ къухы ницы æфтыд, нæ йæ ардта.

Бон фæдаргъ. Зæхх йе ’ргом фæзылдта. Бæстæ сулæфыд, хур хъармдæр тавын байдыдта. Зæйтæ тайын систой. Уалдзæг æрцыд. Иу бон Дзанаспийы мард зæйы бынæй скъахтой. Дысамæ фосæй ницы уыд, хæрз мæгуыр, тæригъæддагæй цард. Дзанаспийы адæм баныгæдтой, æхсæны хист ын скодтой. «Рухсаг у, рухсаг» загътой, æмæ ацыдысты. Æрмæст ма Дзанаспийы хæдзарæй хъуыст Дысайы хъарджытæ,

Дыса фист къуымбилы тынæй дæрзæг хæдон скодта æмæ йæ мойыл сау дарын райдыдта. Афæдзы бонмæ фыд, урсаг нæ бахордта. Йæ афæдзы боны хорз адæмты руаджы сауисæны хист скодта æмæ кæркдонкъуымы мæгуырæй цард. Дысайыл цыдаид æртиссæдз азы, фæлæ уыцы рæстæджы адæммæ гæсгæ йæ цæсгом тынг зæронд хуыз нæ лæвæрдта. Дысайы бирæ уыд курджытæ, фæлæ никæмæн куымдта, мой нал кодта.

Раст уыцы рæстæджы Косеты хицаумæ иу бæхтæрæг — Мырыкаты Мацкъа цард. Чиныджы цыдæртæ базыдта, уырыссагау салтай-балтай сахуыр ис æмæ адæмы сæрты акаст. Бахъуаг сахат-иу Мацкъайы агуырдтой хицаумæ минæвар. Æнæ Мацкъайы чи уæндыд хицаумæ исты гæртам бадæттын. Иудзырдæй, Мацкъа сси хицауы рахиз цонг. Фæлæ йыл уæддæр уæлдай ном сывæрдтой — «Лисиц» æмæ йæм-иу куы фæхъæр кодтой йæ номæй, уæд-иу сæ разы цъилау ныззылд.

Мацкъа арæх цыд Ганисмæ. Дзуарыбонты, бæрæгбонты æцæг рувасау гуыбындзуан рацу-бацу кодта æмæ-иу рæбынæй сбадт. Чысыл цыбыр лæг, стыр гуыбыр фындз, арф цъæх цæстытæ, фæлдæхт хъуынджын æрфгуытæ, сау цыргъ уадултæ, хъуынджын рихитæ, — иудзырдæй, хæйрæджы цæстæнгас лæвæрдта.

Мацкъайæн Дыса йæ зæрдæмæ фæцыд æмæ йæ ракурыны фæнд скодта. Арæхдæр цæуын байдыдта Ганисмæ, цæмæй Дысаимæ искуыдтæй балымæн уыдаид, фæлæ Дыса Мацкъайæн иу ныхасæн дæр йæ къухы не ’фтыди, уый тыххæй æмæ Дыса раздæр бамбæрста Мацкъайы фæнд æмæ дзы йæхи хызта. Мацкъа рагæй æнæус уыд, хицæутты дæлбазыр фæлхæрттæ хæргæ ныззæронд, фæлæ ма зæронды ’рдæм ускурын цæмæн æрæмысыд, хуыцау зыдта.

Иу сæрд стыр хицæуттæй дзырд рацыд, адæмы хыгъд ныффыссын. Мацкъа æмæ дианбег Ганисмæ бацыдысты. Фæндагыл Мацкъа дианбегæн афтæ зæгъы:

— Ганисы иу идæдз усы бауарзтон, æмæ мын уый ракурынæн баххуыс кæн.

Дианбег бæрзæндты акаст æмæ афтæ зæгъы:

— Ныры закъонтæм гæсгæ ускурыны бартæ фæндонæй сты. Кæд усы дæр фæнды, уæд æнцон хъуыддаг у.

— Усы, куыд бамбæрстон, афтæмæй нæ фæнды, фæлæ йæ ды куы фæтæрсын кæнай, уæд уæлдай нæ зæгъдзæн.

— Хорз, фендзыстæм, — загъта дианбег.

Уалынмæ Ганисмæ бахæццæ сты æмæ сауджынмæ бафысым кодтой. Сауджын æмæ йæ ус сæ размæ рауадысты æмæ сæ хæдзармæ бакодтой. Дианбег — æнæ ус лæппулæг, йæ сау зачъетæ фæйнæрдæм айдзæг сты, хæрзиуджытæ йæ сæвджын риуыл тыбар-тыбур кодтой, — стъолы фарсмæ фæстæдзæг бадт æмæ цыдæр хъуына чингуытæ рафæлдах-бафæлдах кодта. Иннæ ’рдыгæй сауджын — хъуынджын, уызыны хуызæн — уыджы бадт кодта, æнкъардгомау боннымайæн фæрдгуытæ раууил-баууил кодта. Сауджыны ус хæдзары къуымты цъил фестад, хæринæгтæ цæттæ кодта, куы-иу сауджыны цур дианбеджы ныхмæ абадт, куы-иу фестад, цыдæр тæвд æфсæйнаг ын йæ зæрдæ сыгъта, йæ хуыз рафæлив-бафæлив кодта, дианбеджы цæстæнгасæй цыдæр мондæгтæ иста.

Мацкъа, зæронд хæйрæджы хуызæн, сæ разы уырдыг лæууыд æмæ-иу диакбег кæмæ фæсидт, уымæ-иу фæдзырдта. Адæмьг хыгъд фыссын райдыдтой.

Дианбег бандоныл фæстæдзæг абадт æмæ афтæ зæгъы:

— Да... Уыцы идæдз усмæ ма бадзур!

Мацкъа ауад æмæ усы 'ркодта.

Дыса дуаргæрон къæмдзæстыггомау балæууыд æмæ йын дианбег афтæ зæгъы:

— Мæнæ ма сауджынимæ аныхæстæ кæнут.

Сауджын сыстад æмæ Дысаимæ æддаг тыргъмæ ацыдысты æмæ йын сауджын афтæ зæгъы:

— Дыса, дæ амонд æрцыд. Ныронг цардæй ницы федтай. Ныр дæм хуыцау æркаст. Цыдæр зæддуаг дын æххуыс кæны. Мацкъа дæ куры.

— Уалынмæ фæкæуа дæ уды ралгъитæг, цалынмæ æз мой не скæнон. Мæрдтæм куы фæхæстæг дæн. Цæй мой афон ма мын у?

— Макæ, Дыса, дæ зæрдæйы фæндыл ма цу! Царды денджыз дæм раздæхти æмæ дзы дардмæ ма лидз. Ныры дуджы амонд æрмæст хицæутты къухы ис. Уыдон цы фæнда, уымæй дарддæр змæлæн нæй. Мацкъа та сæ фырты хуызæн у, бирæ йæ уарзынц. Æхца дæр æм бирæ ис.

— Нæй, нæй, сауджын цæра, уый кой мын ма кæн! Йе ’хца дæр ын фæрнæй уæд. Хицæуттæ та мæ удмæ цы бар дарынц?

— Цы бар дарынц та цы хоныс? Хуыцау бахизæд, куы дæм фæхæрам уой, æмбойны дæ æрбайсафдзысты, дæ хъæр, дæ цъист нал фæзындзæн.

— Мæ къонайыл, æмæ афтæ бирæгътæ сты, æмæ раст адæймаджы дæр сафынц?

— Бирæгътæ не сты, фæлæ адæм сæ къухы сты, цы сæ фæнда, уый сын кæнынц.

Дыса зæхмæ ныккаст æмæ афтæ зæгъы:

— Цы фæнды кæнæнт. Калм дæр æнæрастæй нæ хæцы. Æз мой нæ кæнын.

—Æз дын зæгъын, мæ чызджы хуызæн, ма фæрæди! Уый йедтæмæ бар дæу.

— Табуафси, дæ чызджы хурæй бафсæд, фæлæ мой нæ кæнын.

Сауджын дианбегмæ бацыд æмæ йын Дысайы хабар загъта, мой куыд нæ кæны, куыд нæ комы, уыдæттæ. Дыса йæ хæдзармæ фæцæйцыд, фæлæ йæ дианбег раздахын кодта.

Дыса дуаргæрон лæууыд æмæ, йæ кæлмæрзæны хаутæ схъаугæйæ, цыдæр хъуыдытæ кодта.

Дианбег ын афтæ зæгъы:

— Билет дæм ис?

— Цæй билет?

— Цæрыны бары гæххæтт.

— Æмæ мæнæ сауджын нæ зоны, кæдæй нырмæ ам цæрын, ме ’мбай хъæддур куы нæ уал ис?

— Сауджыны хъуыддаг хицæн у, мæ хъуыддаг — хицæн. Æз ацы зылды хицау дæн æмæ хъуамæ, закъон цы амоны, уый æххæст кæнон. Билет кæмæ нæй, уыдон ахсгæ кæнын.

— Æмæ уæд ахъæуы иумæ дæр билет нæй æмæ се ’ппæты дæр æрцахсдзынæ?

— Уый дæр дæ хъуыддаг нæу. Дæумæ билет нæй æмæ уал дæу æрцахсдзынæн... Акæнут æй ахæстонмæ! — загъта æмæ Дысайы иу скъæты бакодтой æмæ йыл дуар сæхгæдтой. Æмæ цалынмæ дианбег адæмы хыгъд фыста, уæдмæ æртæ боны ахæстоны уыд. Æртыккаг бон дианбег Дысамæ басидт æмæ йын афтæ аæгъы:

— Хъусыс, билет кæдмæ æрхæсдзынæ дæ фыды бæстæй? Билет кæцæй æрхæссон? Ерыстаутæ мæнæн билет ратдзысты, уыдонæй куы ралыгъдыстæм, уæд?

— Уый та хуыздæр, уæдæ абырæг дæ?

— Абырæг нæ дæн, фæлæ мæ мæ сæры хицауимæ не ’лдар уæй кодта, æмæ уымæй ралыгъдыстæм.

— Цы хъауджыдæр ис, де ’лдары фос дæ, æмæ йæ коммæ куы нæ кæсай, уый дæр абырæг. Ныр дын æппын дæр æнæрцахсгæ нæй æмæ дæ хъуамæ Ерыстау-æлдармæ арвитон... Сбæттут ын йæ къухтæ! — дианбег загъта.

Æмæ Дысайæн йæ къухтæ синагæй абастой, иу гызири (æлдары фæсдзæуин, йæ бардзырдтæ æххæстгæнæг) йын йемæ бафтыдтой æмæ дианбег Ерыстау-æлдармæ ныффыста: Фервитын дын дæ лидзæггаг цагъартæй иу ус — Дысайы, æмæ йæ дардмæ ма фесаф, мах бахъæудзæн, мах дын æй балхæндзыстæм».

Æмæ Дысайы Ерыстау-æлдармæ бакодтой.

Адæмы хыгъд фыст фæци дианбег æмæ ацыдысты.

Иу бон дианбег Мацкъайæн гæххæтт радта Ерыстау æлдармæ æмæ Мацкъа ацыд Дысайы æлхæнынмæ. Мацкъа Ерыстау æлдарæн фондз туманы æхца радта æмæ Дысайы йæхицæн балхæдта усæн.

Дыса æмæ Мацкъа куыдз æмæ лæдзæджы цард кодтой. Иу иннæмæн нæ барста. Мацкъа афтæ æнхъæлдта, æмæ Дысайæн йæхи тыхæй бауарзын кæндзæн. Алыбон æй надта, хоста, Дыса та йæ уарзгæ нæ кодта, æввахс — æмгæрон æм нæ цыд, хъарм улæфт, ныхас йæ дзыхæй нæ хауд. Афтæмæй Косеты цардысты. Мацкъа — бæхтæрæг, Дыса та — æлдарæн гæрзтæхсæг. Кæрæдзи хъуынхъис хордтой.

Иу бон дины хицæуттæй дзырд рацыд — æнæаргъуыд ус кæмæн ис, уыдон сæ устытимæ куыд саргъауой, афтæ. Чи нæ саргъауа, уымæн æй куыд арвитой, афтæ. Мацкъа æмæ Дыса дæр æнæаргъуыд уыдысты æмæ сыл аргъауын хъуыд. Сауджынтæ бæстæ сызмæлын кодтой, кæмæн йæ ус æрвитын кодтой, кæуыл аргъуыдтой. Дысайы дæр Ганисмæ баластой æмæ йæ дианбег, ссыдтытæгæнгæ, йæ аргъуанмæ бакодта. Мацкъа сауджыны къухы аргъауæггаг фондз сомы ассыдта æмæ сыл ацаргъуыдта.

— Цæугæут ныр! — загъта.

Æмæ ацыдысты.

Афонтæ цыдысты, рæстæг ивта. Мацкъайы уарзон хицæут тæ ивд æрцыдысты. Мацкъайæн Косеты цæрæнбынат нал уыд æмæ Ганисы — Дысайы кæркдон къуымхæдзары æрцардысты. Фæлæ хъуыддаг афтæ уыд, æмæ Мацкъа Косеты æлдæртты фынгыл цы уыдта, Дысайы хæдзары дæр уый агуырдта. Æмæ Дыса кæм ссардтаид, кæцæй æрхастаид ахæм цыбæл хæринæгтæ? Æмæ-иу æй уæд Мацкъа надта, ратæр-батæр æй кодта. Дыса бирæ хæттыты динамонджыты судмæ бахъаст кодта, фæлæ дзуаппæн уыцыиу дзырд иста: «Хуыцау цы сиу кæна, уый лæг ма ахицæн кæнæд», зæгъгæ. Æмæ та-иу Дыса фæстæмæ кæугæ раздæхт.

Мацкъа дзуарыбонтыл, хистытыл зылд. Иу бон расыгæй æрцæйцыд æмæ къæдзæхæй рахаудта. Адæм афæдис кодтой, Мацкъайы мард æрхастой æмæ йæ баныгæдтой æмæ алчи йæ хæдзармæ ацыд. Дыса уыйфæстæ иукъорд азты æнæ маст, мæгуыр æмæ сæрибарæй ацард, стæй уый дæр амарди.

ГÆДИАТЫ Секъа. Рауагъдад «Ирыстон». Цхинвал, 1979.

Гæдиаты Секъайы радзырдтæ


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.