Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

ГÆДИАТЫ СЕКЪА

САДУЛЛÆ ÆМÆ МАНИДЗÆ

Кавказы хохы сынæгыл, зымæг хур кæдæм нæ фæкæсы, сæрд — мæйрухс, иу ахæм нарæг комы, Хъелы хохрæбын царди ус æмæ лæг. Лæг хуынди Куыцыкк, ус та Фатмæ. Ис, фæллой сæм бирæ уыд, фæлæ æнæзæнæг уыдысты. Дыууæ дæр зæронд — усыл цыдаид æртиссæдз азмæ хæстæг, лæгыл та уымæй фылдæр. Адæм сæ бирæ уарзтой сæ рæдау, кæрдзындæттоны тыххæй. Хъæздыгæй, мæгуырæй, кæмæдæриддæр æмхуызон цæстæй кастысты, кæмæндæриддæр æмхуызон фысым уыдысты æмæ сын уый тыххæй адæм бирæ фæкуывтой хуыцаумæ, Майрæммæ зæнæджы тыххæй.

Адæмы куывд иууыл æнæахъазæй нæ баззад. Фатмæ басывæрджын, фæлæ йын зæнæг кæй никуы уыд, æмæ сывæрджыны бæрджытæн кæй ницы зыдта, стæй зæронд кæй уыдис æмæ йын зæнæг кæныны афон дæр кæй нал уыд, уый тыххæй йæхи низджын схуыдта. Фæнизджын дæн, зæгъгæ-иу йе ’мгæрттæн дзырдта. Æхсæз мæйы фæстæ йæ сывæрджындзинад сæргом ис. Сæ хæлæрттæ, сæ хæстæджытæ фæцин кодтой: «О, хуыцау, Куыцыккæн лæппу радт, зæгъгæ, куывтой.

Царддæттæг сæрд аивгъуыдта. Бæстæ бафынæй. Зымæг æрцыд. Цæгатварсы тымыгъ нарæг коммæ миты хъæпæнтæ уылæнтæй калдта. Хуры цæст дард хæхты астæуæй туйы бæрцæн фæзынфæтары кодта.

Бæрзондгомау зæронд ус Фатмæ йæ урс дадалитæ йæ фæлурс уадултыл, урс цыллæ тынау, фæйлыдта. Йæ цола даргъ лыстæг къухы æнгуылдзтæ, денджызы хъазау, зыр-зыр кодтой. Хæдзары фæсдуар хъæмпы уæлæ бинаг цъæх нымæтыл катайтæ кодта, хъæрзыдта: йæ арыны афон æрцыд æмæ йын сывæллон гуырди. Куыцыкк — къæсхуыр, нарæг, бæрзонд лæг, йæ урсхæццæ мыдгъуыз рихитæ уазалæй фæдзæлттæ ныссалдысты. Артыл архайдта, мæхъийы сæттæнтæ артыл æндзæрста, хæдзар хъарм кодта, фæлæ цы схъарм уыдаид? Сисы хуынчъытæй хæдзармæ миты хъæпæнтæ тымыгъ хаста. Хæдзары цар халас сæвæрдта. Уад, тымыгъ дзы зылд.

Хур аныгуылд, баталынг, афтæ Куыцыкк йæ сыхаг устытæм бадзырдта æмæ æрбацыдысты. Фатмæйы ратул-батул байдыдтой, зынæвгъæд уыд æмæ, куы йæ бæндæныл ауыгътой, цæмæй тагъддæр ныййардтаид, уый тыххæй. Раст æмбисæхсæвы Фатмæйæн лæппу райгуырд. Дыккаг райсом адæм æрæмбырд сты Куыцыккæн арфæтæ кæнынмæ. Куыцыкк нозт балхæдта, нæл фыс аргæвста, куывд скодта. Адæм æрбадтысты, гаджидаутæ кæнын райдыдтой — цæрæнбон, дзуæртты тыххæй. Æрæджиау лæппуйыл ном æвæрын æрæмысыдысты. Бирæ радзур-бадзуры фæстæ лæппуйыл ном сæвæрдтой Садуллæ, зæгъгæ. Фæминас кодтой æмæ алчи йæ хæдзармæ ацыд.

Афонтæ цыдысты. Рæстæг хатти. Садуллæйыл æртæ азы ацыд, афтæ йын йæ фыд ус ракуырдта иу идæдз усы чызг, стдæс азы кæуыл цыд, ахæм, Цæмæхъуыд, зæгъгæ, йæ ном. Чызг — чындздзон, лæппу — сывæллон, кæрæдзийæн къæйттæ-æмбæлттæ куыд уыдаиккой? Чызг разы нæ уыд сывæллонмæ усæн ацæуын, фæлæ йæ йæ мад тыхæй радта. Чызгæн йæ уарзондзинад, йæ хъуыдытæ æндæримæ уыдысты, æндæр лæппуйы уарзондзинадæй йæ зæрдæ сыгъд, æндæр лæппуйы цæстæнгас ын йæ зæрдæ æууылдта. Фæлæ йæ йæ мады æхсар ингæнмæ тардта, зындонмæ æппæрста.

Куыцыкк ирæд бафыста дæс æмæ ссæдз хъуджы. Фæззæг дæр æрцыд. Адæм куыстгонд фесты. джиуæргуыба æрхæццæ æмæ Садуллæйæн ус æрхастой. Чызг лæппуйы уарзондзинадæй цы уыдта? Ницы. Уарзондзинадæй йе стонг нæ уагъта, йæ зæрдæ йын уарзондзинады æртæх нæ уымæл кодта. Мæстæй сыгъд, пиллон уагъта. Афтæмæй йæ бонтæ кæугæ, дзыназгæ æрвыста. Йæ фыды хæдзармæ лидзын йæ мадæй нæ уæндыд, æндæр бæстæм алидзын йæ ныфс нæ хаста. Бон сауизæрмæ сæргуыбырæй, уæнтæхъилæй рацу-бацу кодта. Сагъæссаг хъуыдытæ, сау мигъы тымбылтау, йæ зæрдæйыл тыхст. Лæппумæ-иу куы фæкаст, уæд-иу ныссагъæс кодта:

— Ай куы слæг уа, — æз та зæронд бауыдзынæн. Мæ бон æркæнæд мæ радтæг мадыл!

Цæмæхъуыд джиуæргуыбайæ уалдзæгмæ уыцы зындоны арты судзгæ фæцард. Уалдзæг уыд æмæ Куыцыкк куырой арæзта. Садуллæ уынджы лæппутимæ хъазыд. Фатмæ сыхæгтæм цыдæр ад курæг ацыд. Цæмæхъуыд ракæс-бакæс акодта æмæ афтæ зæгъы:

—Адæймаджы адæмæй иуы бар ис, мæн уый дæр нæ фæцис. Ацы цардæй мæлæт хуыздæр.

Цæмæхъуыд рагъæнæй бæндæн райста æмæ йæ хæдзары уæладзæн хъæдыл фидар абаста æмæ афтæ зæгъы:

— Цард æви мæлæт? — чысыл ахъуыды кодта, стæй дыууæ бандоны кæрæдзийыл авæрдта æмæ сæ уæлæ слæууыд, иу хатт ма бæстыл йæ цæст ахаста æмæ бæндæн йæ хурхыл æрвæдзæг авæрдта. Бандонæй йæхи раппæрста æмæ ауыгъдæй аззад. Иу дыууæ хатты ма бæндæнмæ фæлæбурдта, фæлæ йæхи иргъæвын нал бафæрæзта, æмæ йæ сырх уадултæ цъæхæй аззадысты. Цард адджын у, æвæццæгæн, æй нал бафæндыд йæхи марын, фæлæ æгæр ферæджы. Æртæ хатты ма йæхи стымбыл кодта, стæй йæ уд систа æмæ адаргъи.

Фатмæ сыхæгтæй æрæгмæ æрбацыд —зæронд ус ныхæстыл афæстиат. Æрæджиау æрбацыд æмæ хæдзары астæу Цæмæхъуыды ауыгъдæй куы федта, уæд скуыдта, сæрдиаг кодта. Йæ хъæрмæ сыхæгтæ амбырд сты, бæндæн айхæлдтой, фæлæ æгæр ферæджы, амард. Æрмæст ма бæндæны феуæгъдимæ йæ сау цæстытæ фæирд кодта. Куыцыкк дæр йæ куыст фæуагъта æмæ базгъордта. Садуллæ йе ’мгæрттимæ хъазыд.

Адæм æрæмбырд сты. Хицæуттæ æрцыдысты, рафæрс-бафæрс фæкодтой, аххосджыны агуырдтой, фæлæ зылыны никæй ссардтой æмæ ацыдысты. Адæм Цæмæхъуыды баныгæдтой, «рухсаг у, рухсаг» загътой, æмæ раздæхтысты.

Куыцыкк базæронд, кусын нал фæрæзта. Фатмæйæн йæ фарс бахуыскъ, уæлæмæ нал стад. Садуллæ кусынхъом нæма уыди. Хæрзмæгуырмæ æрцыдысты. Æрмæст ма сæм уыд иу хуым, иу уыгæрдæн æмæ сæ фыдæлты хæзна — тигъджын хъримаг топп. Фатмæ раздæр амард. Куыцыкк дæр йæ хæд фæстæ. Садуллæ чысылæй сидзæр баззад, æмбырдтæ, хистытыл зылд. йе рвадæлтæ йæ радгай хастой æмæ слæг ис.

Мæгуырæй адæм дардмæ лидзынц, амонд та йæм хæстæг нæ цæуы. Садуллæйæн чызг дæр чи радтаид усæн, ахæм мæгуырæн? Иунæгæй, хæрззыбыты иунæгæй цард. Садуллæ царды фæрæзæн цуан кæнын æрæмысыд, йæ фыдæлты хъримаг топпæй гæрæхтæ райдыдта æмæ йын рæстмæ дæр фæци. Сырдтæ йæ размæ хæлæф кодтой. Бон дыгæйттæ, æртыгæйттæ мардта. Кавказы хохбæрзæндтæй йæ топпы хъæр, æрвнæрæгау, хъуыст. Адæм дæр æй бирæ уарзтой. Хæлар, уарзонзæрдæ лæппу уыд.

Иу æрæгвæззæг та цуаны ацыд Сырхыты хохмæ, изæрæй , стыр сычъи цæу амардта, къæдзæх рæбынмæ йæ баласта, арт скодта, бæрз уæхстыл нард физонджытæ ныссагъта. Арт фæйлауæнтæ кæны. Физонджытæ фыцынц. Мæйрухс арвы астæу тыбар-тыбур кодта, сыгъзæринау. Стыр бæрзонд къæдзæхтæ гобийæ бадынц, цыма истæмæ ныхъхъус сты, сыбыртт никæцæй уал хъуыст. Æрмæст ма искæдæй-искæдмæ хохы рындзæй уыджы уасын ком араудта. Уалынмæ физонджытæ сцæттæ сты, фынгæн йæ разы къæйдур авæрдта, Æфсатимæ скуывта:

— Табу дæуæн, Æфсати! Хъæздыгæн дæр дæдтыс, мæгуырты дæр æфсадыс. Радт дæ фосæй æнæвгъау!

Кæрдзын æрсаста, физонæг æркарста, минас фæкодта, йæ топп йæ хъæбысы, афтæмæй йæ пæлæзы бын лæгæты схуыссыд.

Раст æмбисæхсæв арв хъулæттæ кæнын райдыдта. Цæгат фарсы тымыгъ риуыгътытæ систа. сау мигъы тымбылтæ хохæй-хохмæ æппæрста, мит уарын байдыдта. Боныцъæхмæ лæджы æмбæрц мит ныууарыд. Садуллæ фестад, йæ пæлæз ацагъта, сырд хæссæн гæрзæй йæ сырд абаста, йе 'ккой йæ скодта æмæ хохмæ хæстæгдæр иу хъæумæ æрцыд. Садуллæйæн йæ размæ хъæуы фæсивæд рауадысты, фæцин ыл кодтой. Цæвиттон, зæйуат уыд æмæ дзæбæх кæй фервæзт, уый тыххæй йын арфæтæ кодтой. Садуллæйы иу хæдзар сæхимæ бахуыдтой, йæ сырды мард ын айстой æмæ æрбадтысты. Садуллæ йæ сырды фысымæн ралæвар кодта æмæ афтæ зæгъы:

— Сфыцут нын сырды фыд æмæ минас фæкæнæм Æфсатийы дæттинагæй. Фысым дæр йæ рады арфæ ракодта, æмæ афтæ зæгъы:

— Дæ цæрæнбон бирæ, дæ хуызæн уазджытæ нæм хуыцау уадзæд! Æфсати дын æнæвгъау дæттæд!

Сырды мард адæм цæфтыдтой. Æфсин уæлибыхтæ кæнын райдыдта. Арт фæйлауæнтæ кæны. Уæларт нард сырды фыд фыцы. Дзаджджын уæлибыхтæ артæй иугай дыгай исынц. Стыр цъæх дурыны арахъхъ хъарм кæнынц. Сихор сцæттæ. Сыхæгты дæр æрхуыдтой. Стыр хæдзары уырындыхъ бандоныл рабадтысты. Фысым уæлейæ—даст, схъæлрихи лæг Сосе, цардæй йæ зæрдæ рухс кæмæн кодта, ахæм.

Фысымы чызг Манидзæ — æхсæрдæс аздзыд, чындздзон чызг: ныллæггомау, нарæгастæу, тымбылдзæсгом, сырхуадул, сау цæст, сау æрфыг. Ставд сау дыууæ дзыккуйы быды зæвæттыл æнцадысты. Йæ сæвджын риу лæджы зæрдæ йæхимæ скъæфта. Устыты кæрон уырдыг лæууыд, æдзух Садуллæмæ касти. Йæ зæрдæ йын цыма тæвд æфсæйнаг æрбалвæста, уарзондзинады артæй сыгъд. Йæ цæсгом ныссырх. Йæ къухты æнгуылдзтæ зыр-зыр кодтой. Уыцы сахат бындз куы фестадаид æмæ Садуллæйы къуыбыр рихитæн куы апъа кодтаид, уый дæр æй фæндыд. Фæлæ йын ирон æгъдæутты рæхысбæттæнтæ бар нæ лæвæрдтой æмæ устыты кæрон, цæджындзы хуызæн, сагъдæй лæууыд.

Садуллæ дæр, бæрзондгомау, нарæгастæу, нæуæг хъуынтæ уадзæг лæппулæг, йе ’мгæрттимæ бадт. Уый дæр Манидзæйы уарзондзинадæй артау сыгъд, мыдадзау тад. Фæлæ иу аххос уый уыд, æмæ Садуллæ — хæрзмæгуыр лæг — ирæд цы радтаид, уый йæм нæ уыд, æмæ йæ хъуыдытæ дзæгъæлы сæфтысты. Куыд мæгуыр лæг, йæхицæн æй æнхъæл нæ уыд.

Уалынмæ фынг æрæвæрдтой — дзаджджын чъиритæ, нард сырды фыд, карз цъæх арахъхъ,—минас фæкодтой æмæ алчи йæ хæдзармæ ацыд. Бон изæрæрдæм уыд æмæ Садуллæйы йæ хæдзармæ нал ауагътой æмæ æхсæвы йæ фысымтæм баззад.

Хур аныгуылд. Æризæр ис. Бинонтæй чи хъуццытæ дуцынмæ ацыд, чи фосæн холлаг æвæрдта. Хæдзары æрмæст Садуллæ æмæ Манидзæйы йедтæмæ ничиуал аззад. Садуллæйæн йæ къæхтæ басыдысты æмæ сæ артмæ тавта, йæ сæрдæндонæй хъазы фиу систа æмæ сæ уымæй сæрста. Манидзæ йæ цуры уырдыг лæууыд æмæ афтæ зæгъы:

— Мæ уд дын уый куы фестид, æмæ нырттæккæ дæ къæхтæ куы адзæбæх уаиккой.

Садуллæ хæрдмæ скаст æмæ афтæ зæгъы:

—Хорз амонд дæ хай, мæ хур. Куыдз къуылыхæй нæ мæлы. Ницы та мын уыдзæн.

Чызг бандоныл йæ цуры абадт æмæ афтæ зæгъы:

— Цы дзæбæх фидауæм. Тæхуды искуы нæ афтæ куы абадын кæниккой! (Хуссар Ир чындзы æмæ сиахсы фынгыл чындзхæсджыты астæу бадын кæнынц, æмæ уый тыххæй афтæ загъта Манидзæ дæр. — Aвтор.) Садуллæ фæхудт æмæ афтæ зæгъы:

— Хуыцауы бафæндæд, мæ зæрдæйы рухс! — æмæ йын пъа кæнынмæ хъавыд, фæлæ Манидзæ йæхи аскъæфта æмæ та уырдыг слæууыд.

Уалынмæ устытæ æрбацыдысты æмæ Манидзæйæн афтæ зæгъынц:

— Фæхъæуай, цы чызг дæ, иннæ изæрты хъауджыдæр хъуццытæм дæр нал фæкастæ.

Чызг цыдæртæ адзырдта æмæ дуармæ ацыд.

Æхсæвы Манидзæйы хуыссæг нал ахста, Садуллæйы уарзондзинады хызы стыхст. Йæ зæрдæ хъæрмттæ кодта, цæмæдæр бæллыд, цæмæйдæр тыхсти. Йæ гæзæмæ фыны Садуллæ йæ цæстытыл уад. Уыцы сахат Манидзæ Садуллæимæ арты судзынмæ дæр цæттæ уыд, фæлæ йæ сылгоймаджы æфсæрмдзинады рæхысбæттæнтæ урæдтой. Иуæй йæ фыдæй тарст, иннæмæй та йын ирон æгъдæуттæ бар нæ лæвæрдтой æнæ ирæдæй Садуллæйы фæдыл ацæуынæн æмæ фондзæссæдз хъуыдыйы йæ сæры магъзы уылæнтæ кодтой. Садуллæ дæр афтæ: Манидзæйы уарзондзинадæй йæ хуыссæг фæлыгъд, ратул-батул кодта. Мæгуырдзинад ын йæ уæнгтæ саста, йæ ныфс ын иста. Ирæд цы радтаид, уый йæм нæ уыд æмæ йын йæ хъуыдытæ уый хæлдта. Уыцы сахат йæ уд уый куы фестадаид, ирæды фаг фос цы ссардтаид, Манидзæйы йæхицæн усæн цы ’рхастаид, уый дæр æй фæндыд. Фæлæ мæгуырæй адæм дардмæ лидзынц, амонд та йæм хæстæг нæ цæуы.

Дыккаг бон хур скаст, хохæй-хохмæ тын анывæзта. Бæстæ, урсцагъд бæмбæгау, сæрттывта. Адæм уæлхæдзæрттæм рацыдысты. Алы къуыбыртæй хъæутæ гæзæмæ сау æндæрг хастой.

Физонæг ацæттæ, Садуллæ æмæ фысым хæрдыл æрбадтысты. Манидзæ сын уырдыг лæууыд, арахъхъ сын лæвæрдта. Фæстаг хатт ын хуры уынд йæ зæрдæмæ хуры тынтæ æппæрста. Йæ лыстæг урс даргъ æнгуылдзтæ арахъхъы сякъайы уæлæ зыр-зыр кодтой. Уарзондзинады арт ын йæ уæнгтæ змæлын кодта. Садуллæ дæр уый хуызæн: арахъхъæй нал æфсæст. Зæрдæ уарзондзинадæй æфсис нал зыдта. Хæрд фесты. Садуллæ фысымæн хæрзбон загъта æмæ ацыд.

Садуллæйæн йæ сыхаг чызг уыцы хъæуккаг ус уыд Магда,. зæгъгæ. Уыимæ хъæугæрон фæндагыл баиу сты, кæрæдзийæн салам радтой, кæрæдзийы афарстой, аныхæстæ кодтой сæ хæстæджыты тыххæй, сæ хæлæртты тыххæй æмæ иуран æрбадтысты. Садуллæ уыцы усæн Манидзæйы тыххæй сæ уарзондзинады хабар сæргом кодта æмæ йын хъуыддаг йе 'вджид бакодта, цæмæй йæ хъус бадара, чызгæн æмбарын кæна. Фæлæ та хъуыддаг ирæдыл æрынцад æмæ йын Магда афтæ зæгъы:

— Мæ къонайыл, æмæ дын йæ чызджы æнæирæд чи ратдзæн, цыппæркъахыгæй дæм гæды дæр куы нæй, уæд.

Садуллæ йæ къуыбыррихи аздыхта, æмæ афтæ зæгъы:

— Цæй, уæддæр-иу дæ хъус бадар — чизоны «мæгуыр уæрццæн уад æрхæссы».

Кæрæдзийæн хæрзбон загътой, æмæ ахицæнтæ сты. Иу райсомы дондæттæны Манидзæ æмæ Магда баиу сты, æмæ йын Магда афтæ зæгъы:

— Æ, гæды, гæды, базыдтон дын дæ хабар. Манидзæ йæхи фæсырх кодта, æмæ афтæ зæгъы:

— Цы хабар? Цавæр у? Магда бахудт фæлмæнгомау.

— Мæнæй та йæ цы ’мбæхсыс?

Манидзæйæн йæ хуыз ауад æмæ тызмæггомау афтæ:

— Цы дын схъæр кæнон? Цы мæм ис æмбæхсинаг? Магда та бахудти.

— Мæхæдæг æй зонын, цы дæм ис æмбæхсинаг, уый. Садуллæ мын æй йæхæдæг дзырдта.

Манидзæйæн йæ уадултыл туджы уадындзтæ ахъазыд. Йæ хуыз йæ бынаты æрцыд. Афтæ æнхъæлдта Магда æндæр исты хъуыддаджы тыххæй дзуры. Мидбылты бахудт, йæ дзыккуйы кæрон асхьаудта æмæ афтæ зæгъы:

— Уæд дын де ’фсымæртæ амæлæнт — макæмæн мацы зæгъ!

Магда йæ дзыккуйы таг фæстæмæ аппæрста, æмæ афтæ:

— Уæд дын дæ иунæг æфсымæр амæлæд, Садуллæйы бирæ уарзыс?

Манидзæ къæмдзæстыгæй афтæ зæгъы:

— Бæрзондыл бадæг мæ уыйас бауарза!

Магда æмбаргæ ныхасæй:

—  Мæ мадыстæн, нæ хъæубæсты уымæй хуыздæр лæппу нæй, хъаруджын, сабыр, мæлдзыг йæ къахы бын нæ фæкæндзæн.

Манидзæ æнкъардгомау:

— Мæгуыр, дам, куы у, зæгъынц, мæгуыр.

Магда къæртайы дон систа, æмæ афтæ зæгъы:

— Иунæг у, дæ фæхъхъау фæуон. Чысылæй сидзæр фæци. Йæ фыдæй йын ницы баззад æмæ цы кæна. Нырма лæппу у, йæ хъаруйы ’руаджы цыдæриддæр ссардзæн.

Манидзæ дæр дон систа æмæ афтæ зæгъы:

— Атъæпп мын уа искæй хъæздыгад! Æз ирæды тыххæй загътон, уый йедтæмæ адæймаг кæм куса, уым фæллой æнцон ссарæн у. Чызг куы бæзза, уæд йæ къаимæ хохы сæр дæр фæцæрдзæн.

— Мæ мæрдтыстæн, Садуллæйæн йæхи хуызæн ус куы фæуа, уæд дыууæ азмæ фос рæгъæуттæ скæндзæн.

Манидзæйы ма ныхас кæнын фæндыд, фæлæ Магдайæ æфсæрмы кодта, æмæ афтæ зæгъы:

— Ныббар мын, Магда, мæ мады хуызæн дæ уарзын. Мæ ныхæстæ мын къæйныхдзинадыл ма банымай, чызгæн ахæм ныхæстæ не ’мбæлы, фæлæ... æвзæртæ бахæрæд, мæрдты дзыназæд, ацы ирæд чи æрæмысыд. Кæимæ дæ фæнда, уыимæ цæрын дæ бон ма уæд, фосы тыххæй нæ хъомты хуызæн уæй кæнынц. Цы лæгмæ йæ фæнда чызджы, уымæ йæхи фæндæй ацæуид, æмæ йыл уæд та йæ мад æмæ йæ фыд æвдисæн кæнынц. Стæй ма нæм иу æвзæр æгъдау ис, æнæ ирæдæй моймæ фæцæуын, дам, худинаг у, афтæмæй хъусын, æмæ уырыс дæр æмæ гуырдзы дæр, дам, ирæд нæ исынц чызгæй. Гъеныр мæгуыр лæг цы кæна, кæм ссара дыууиссæдз, æртиссæдз хъуджы ирæд?

— Уастæн, йæ æрымысæг удæнцой ма фена, — Магда сдзырдта, — уæртæ нæ лæппу Гарсойыл ныр дæс æмæ ссæдз азы цæуы, æмæ æнæ усæй бады ирæды тыххæй. Дыууæ галы зæронды нæм ис, æмæ сæ ирæды куы радтæм, уæд ма нæхæдæг та цæмæй цæрдзыстæм? Алыбон рахъуыды- бахъуыды кæнæм нæ зæронд лæджимæ, фæлæ ирæды фаг фосæн ницы амал арæм, æмæ нæ лæппу æнæусæй лæууы.

— Магда, де ’фсымæрыстæн, адæймагæн уд ис, уд, æмæ йæ уд йæ бар цæуылнæ у? Мæ уд у, æмæ мæ кæмæн фæнды, уымæн мæ радтæнт мæ мад æмæ мæ фыд, æндæр ма цы?

— йе... е... е... дæ нывонд фон, Манидзæ, нырма дæ фыды бафæрс, кæддæра дæ æртиссæдз хъугæй къаддæр искæмæн радтид. Ныр уæртæ нæ сыхæгтæ кæдæй дзурынц Турамы чызгыл, æмæ сын æй дæс æмæ æртиссæдз хъугæй къаддæрыл нæ дæтты. Æнкъæл дæн, æмæ йæ ныр уадзынмæ хъавынц, цы кæной мæгуырæг, сæ бон нæу уый бæрц ирæд бафидын. Фæлæ, дам, чызг æндæр никæмæн комы, йæхи, дам, мары. Афтæ хъусын, йæ фыд, дам, æй хъæздыг Быгъдайты æвзæр Хъазийæн дæтты. Бабын уа, уастæн! Бабале мын ибон куыройы хъаст кодта, мæ фыд, дам, мæ æвзæр омдзæгхор, расыггæнаг Хъазийæн дæтты æмæ, дам, мæхи амардзынæн, æндæр хос мын нæй.

Ацы ныхæстæ кæнгæйæ хъæумæ бахæццæ сты æмæ алчи йæ хæдзармæ бацыд.

Цард йе ’гъдауыл хатти. Ирон æгъдæутты рæхысбæттæнтæ сæттын нæ комынц. Зыддзинад хъуырмæ схæццæ, цæстырухс баталынг кодта, нал уынынц. Фосмæ бæлгæйæ, ирон лæджы зæрдæ ферох кодта зæрдиаг зæнæг, уарзондзинад. Хуыцауы стыр лæвар — зæнæг уæй кæнын æфсæрмы нæ кæнынц.

Иу бон Хъази Вабалемæ курæг бацыд йæ мады ’фсымæр Дзаххотимæ. Бабалейы фыд Турам дуармæ бадт æмæ лулæ дымдта. Турам Дзаххот æмæ Хъазийы куы федта, уæд ын æхсызтон уыд, æмæ йæм цалынмæ хæццæ кодтой, уалынмæ раздæр уырдыг фестад æмæ сæ размæ рауад. Кæрæдзийæн салам радтой, кæрæдзийæн арфæ ракодтой, æмæ хæдзары тыргъы æрбадтысты æмæ ныхас кæнын райдыдтой фосы тыххæй, хор, хосы тыххæй. Бабале сæ цуры тын уæфта, æмæ Дзаххот æмæ Хъазийы куы федта, уæд фестад æмæ сæ сыхæгтæм балыгъд.

Турам йæ усмæ бадзырдта, уазджытæн сихор цæттæ хъæуы, зæгъгæ. Йæхæдæг лæппуйæн загъта, æмæ сын кусарт акодтой. Сихор сцæттæ, нæл фысы фыд, хæбизджынтæ, арахъхъ, бæгæны — хуыцау кæй радта, фынгтæ уæз кодтой. Скуывтой æмæ гаджидаутæ кæнын райдыдтой. Фынгыл фондз лæджы бадт: Турам, Дзаххот æмæ Турамы æртæ сыхаджы — æвдисæн лæгтæ. Хъази сæ разы уырдыг лæууыд æмæ сын нуæзт лæвæрдта. Дзæбæх куы бануæзтджын сты, уæд ирæдыл дзурын райдыдтой. Бирæ радзур- бадзу нæ фæкодтон.

Турам загъта:

— Мæ ирæд, мæ сæры аргъ у дæс æмæ æртиссæдз хъуджы æмæ мады бæх.

Турам хорз зыдта, Быгъдайтæ, фысы дымæгау æнцон кæрдæн кæй сты, уый, æмæ сæ размæ дæр уымæн хъæлдзæгæй рауад, кадджын уазæджы фынгтæ сын уымæн æрцарæзта. Уый йедтæмæ Турам уазæгмæ æлхынцъæрфыгæй кæсаг уыд.

Дзаххот йæ зачъе адаудта, æмæ афтæ зæгъы:

— Ноджыдæр ма дын дæ сæрæн кад ыскæндзыстæм фаты бæхæй1. Быгьдайтæм бирæ ис, хуыцау сын раттæд. Фæлæ чызгæн дæр фæндон у? Бафарстат чызджы дæр?

Турам йæ рихи аздыхта æмæ афтæ зæгъы:

—Нырма мæ хæдзары сылгоймаджы фæнд не ’рцыд. Мæхи фæндонæй дарддæр никæй хъуыддаг у. Фæлæ чызджы дæр цæуылнæ фæнды!.. Къорийы хуызæн тымбыл лæппу! — æмæ Хъазимæ ыскаст.

Хъази дæр йæ мидбылты бахудти.

Бафидыдтой ирæдыл. Дзаххот йæ дамбаца нысангарз ратта. Ирæд исыны тыххæй Турамæн æмгъуыд скодтой, иу къуырийы фæстæ Турам ирæд исынмæ куыд ацыдаид, афтæ. Æхсæвы хорз фæминас кодтой. Дыккаг бон Дзаххот æмæ Хъази сæ хæдзармæ ацыдысты. Сæ фæнд куыд уыд, афтæ сæ хъуыддаг дæр скодтой: къуырийы фæстæ Турам ирæд райста, дæс æмæ æртиссæдз хъуджы, мады бæх æмæ фаты бæх.

Уалдзæг уыд æмæ бæстæ зынг фестад. Хур арвы астæу хæтын систа. Зæхх йæ риу уæлгоммæ фæзылдта. Бæстæ кæрдæгæй цъæх адардта. Алы цæрæг удгоймаг райгас. Мæргътæ зарыдысты. Дзæбидыртæ хохы фидæрттæм ссыдысты, бæрæгбон кодтой. Бæлæстæ сыфтæртæй сæхи сфæлыстой. Хурыскæсæны дымгæ фаг улæфыд æмæ йын фæлмæн хъырныдтой. Адæм быдырмæ ’рцыдысты, уалдзæджы куыст кодтой. Алы къуыбырæй фиййæутты зарæг кæмттæ араудта. Иудзырдæй, зæхх йæ тарф хуыссæгæй сæхъал. Адæм хъæлдзæг уыдысты, фæлæ Бабале сау тар, сау мылазон æнкъардæй дуармæ бадт, бадт æмæ куыдта. Сæдæ сагъæссаг хъуыдыйы йæ сæры магъзы минут фондзыссæдз фæлтæры кодта. Зæрдæмæ рухсы цъыртт, хъæлдзæгдзинад нæ цыд. Йæ сырх уадултæ ныффæлурс сты, цæстытæ доны азылдта. Мæрдон сау хуыз ыл бафтыд. Иудзырдæй мæлæтмæ тындзыдта, æмæ-иу йæхинымæры дзырдта:

— Уалынмæ мацы фенæд, цалынмæ Хъазийы мæхицæн мой не скæнон!

Турам йæ чызджы æнкъарддзинад æрдумæ нæ дардта, ирæды цы галтæ, хъуццытæ райста, уыдоныл цинæй мард, фæлæ фæстæдæр цы уыдаид, æмæ цы уыдзæн, уый нæ зыдта. Йæ хæстæджытæй чысыл исты чи æмбæрста, уый йын-иу афтæ куы загьта: «Дæ чызджы тæригъæды бацыдтæ, зæгъгæ, æвæндонæй йæ Хъазийæн кæй радтай, уый тыххæй», уæд-иу Турам бахудт, æмæ-иу афтæ:

— Нывæрзæн здахаг у, балымæн уыдзысты, — худгæйæ дзырдта.

Сæрд фæци, аивгъуыдта. Кавказы талынг кæмттæм ма хур гæзæмæ рухс æндæрг хаста. Бæрзонд сау хæхтæ сæ уæлæ урс кæрц æркодтой, бафынæй сты. Хæхтæй хъыпп-сыпп нал хъуыст кæуын цæстæнгас ралæвæрдтой. джиуæргуыба æрцыд, æмæ Бабалемæ чындзхæсджытæ бацыд. Хъæубæстæ змæлæг сси. Турамы хæдзары хъæлдзæгдзинад паддзахад кодта. Хæрд, нуæзт денджыз фестад, бæркад фынгтæ фæхсынты уæзæй тасыдысты. Чындзхæсджытæ фарны зарæг кодтой. Дзæбидыры сыйæ сау бæгæны гаджидау рæнхъытæ уагътой. Фæлæ Бабале та йæ æнæ аипп чызгон сыгъдæг уд æнæмæлгæ уæларвон сиахсæн цæттæ кодта.

Раст æмбисæхсæв Бабале йе ’мгар чызджыты, йæ цуры чи бадт, уыдон сæ хæдзæрттæм арвыста, зæгъгæ, æз дæр хуысгæ кæнын æмæ сымах дæр ысхуыссут. Чызджытæ ацыдысты сæ хæдзæрттæм. Бабале уаты иунæгæй баззад. Бирæ рахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ йæ чындздзон дарæс йæ уæлæ акодта æмæ æхсæвы мæйдары аныгъуылд, хуыцау зыдта, кæдæм ацыди. Райсом боныцъæхмæ Бабалейы ничи базыдта. Куы сбон ис, уæд æй агурын байдыдтой доны былтыл, къæдзæх рæбынты, хæдзæртты къуымты, кæд искуы йæхи амардта, зæгъгæ, йæ агуырдтой, фæлæ Бабалейы нал ссардтой. Зæхх æй аныхъуырдта, æви йæ æврагъ фæхаста, нал сбæрæг ис. Фыццаг æй чи куырдта, уыцы сыхаг лæппуйыл дæр дау кодтой, фæлæ йæм зылынæй ницы ссардтой, æмæ банцадысты. Дыууæ боны фæстæ чындзхæсджытæ сæ хæдзæрттæм ацыдысты. Ирæд фæстæмæ æнæистæй ныууагътой, цалынмæ Бабалейы хабарæй бæрæг базоной, уалынмæ.

Уыцы хуызæн Бабалейы хъæрцъист никуыуал фæзынд, дæлзæх фæци æви уæларв, уымæй бæрæг нал сси. Турамæн йæ хъæлдзæгдзинадыл сау тар мигъ æрбадти. Алæрдæм хъуыдытæ кодта, Бабалейы чи ахаста, цы фæци, уымæй бæрæг нæ зыдта. Иуæй йæ чызг фесæфт, иннæмæй йæ фæстæмæ ирæд фидын хъуыд, чызг куы нæ фæзына, уæд. Ахæм хъуыдытæ Турамæн йæ цард цыбыр кодтой, хæдзарæй æддæмæ нал цыд.

Уалдзæг æрцыд, фæлæ Бабалейы хабарæй æрдуйыбæрц дæр ничи ницы базыдта. Бирæ фæцагуырдтой, бирæ фæзылдысты алы бæсты, алы хæхты, фæлæ Бабале нæртон сæфт фæкодта, не сбæрæг. Чи загъта, доны йæхи баппæрста æмæ йæ дон арф хуыдымы цæфсæрста. Чи загъта, искуы йæ бирæгътæ бахордтой. Чи загъта, йæ чындздзон дарæс йæ уæлæ кæй ахаста, уый тыххæй хъуыдыйаг у — дард бæстаг лæджимæ алыгъд, æмæ йæ зонæг нæма ис. Ахæм дзырдтæ цыд адæмы ’хсæн.

Раст Зæрдæвæрæны размæ къуырисæр боны уыцы хъæуæн сæ дзуарыбон вæййы. Комы астæу бæрзонд къæдзæх хохы сæр,. раджы кæддæр, беридон монастир кæм уыд, ахæм. Аргъуанты æрдæг хæлдтытæ, ныккæнд пъадвалтæ. Æрмæст иу раныл иу къахвæндаг æм ис, иннæ йæ алыварс карст айнæг къæдзæх. Фыццагон фидар сыгъдæгдзинæдтæй иу æвдисы. Æнæ йæ боны уыцы бæрзондмæ йæ фæдон адæмæй иу дæр нæ цæуы. Уыцы дзуарыбон уыди, æмæ адæм æрæмбырд сты уыцы къæдзæхы сæр, скуывтой, кувæндоны нысайнæгтæ цæвæрдтой æмæ хæрд, нуæзтыл æрбадтысты. Æмбисхæрд нæма фесты, афтæ уарын ныккалдта. Арв æмæ зæхх кæрæдзи хостой. Заеххы бын дзы æмбæхст аргъуан ис, æвæццæгæн, знаджы рæстæджы кæй скодтой, ахæм. Кувддон, адæм уарынæй уыцы аргъуанмæ балыгъдысты æмæ Бабалейы уым мардæй ссардтой — аргъуаны астæу уæлгоммæ лæууыд, йæ къухтæ йæ риуыл æвæрд, мæрдон цæстæнгас лæвæрдта. Иууыл бæрзонд æппæт уынæг хуыцау зоны, Бабале йæ мæлæты агъоммæ цы ми кодта уыцы ныккæнд аргъуаны. Адæм исдугмæ фæтарстысты диссаг уынинаг марды тыххæй, стæй йын йæ фыдмæ лæг арвыстой æмæ æрцыд. Бабалейы йæ фыд Турамы хæдзармæ бахастой. Дыккаг бон Быгъдайтæ дæр æрцыдысты æмæ йæ баныгæдтой. «Рухсаг у, рухсаг», — загьтой æмæ раздæхтысты. Иу къуырийы фæстæ Быгъдайтæ сæ ирæд фæстæмæ айстой дæс æмæ æртиссæдз хъуджы æмæ дыууæ бæхы.

Манидзæмæ алы бæстæй алы хорз адæм курæг цыд, фæлæ никæмæн куымдта, йæ мад æмæ йæ фыдмæ йæхи скъæйных кодта. Бирæ хорз хъæздыг лæгтæн æй лæвæрдтой йæ мад æмæ йæ фыд, фæлæ Манидзæйæн Садуллæйы уарзондзинад йе ’фсарм афтæ бамынæг кодта, æмæ йæ мадæн æмæ йæ фыдæн иу дзырд, иу ныхас нал барста. Адæм ма йыл къæйныхы ном дæр сæвæрдтой, æвзæр, фыдуаг, налат у дзырдтой. Фæлæ уарзондзинад афтæ у, æмæ уарзондзинадæй стыр зондджынтæ дæр хаттæй- хатт фæсонт вæййынц. Бирæ хатт уарзондзинад лæгæн йæ зонд баталынг кæны, æмæ нал фæзоны, цы ми кæны, уый. Нал фæзоны хистæры, кад æмæ æфсæрмдзинад. Афтæ уыд Манидзæ дæр. Садуллæйы уарзондзинад ын йæ зæрдæ сыгъта, йе ’фсæрмдзинад ын кæдæмдæр сырдта. Ферох кодта хæххон чызджы сылæгдзинад æмæ хъазуат ралæууыд йæ фыды раз.

Иу бон Садуллæ цуанæй æрцыд, æмæ йæ сæ сыхæгтæ бахуыдтой — дзуарыбон сын уыд æмæ сæм бирæ адæм хуынд уыд. Уыцы хуынды сомихаг Гиго дæр фæци. Иукъорд гаджидауты фæстæ ныхас фæтынгдæр, æмæ Гиго афтæ зæгъы:

—  Цæй хæснаг скæнæм, чи базона, хæзна цы у, уымæн къухтыкæлмæрзæн ратдзынæн.

Адæмæй чи загъта «хорз зæхх», чи — «хъримаг топп», чи — хорз кард» чи цы; чи цы загъта. Æрæджиау сомихаг афтæ зæгъы:

— Уыдонæй иу дæр хæзна нæу, ауæйгæнæн кæмæн нæ уа;

ахæм хæзна. Лæг куы фæмæгуыр уа, уæд уыдон се ’ппæты дæр ауæй кæндзæн, фæлæ хæзна у лæгæн йæ ус, ауæйгæнæн кæмæн нæй.

Иууылдæр адæм ууыл сразы сты. Æцæг, загътой, лæг цыфæнды фæмæгуыр уа, уæддæр йæ усы нæ ауæй кæндзæн. Фæминас кодтой æмæ алчи йæ хæдзармæ ацыд.

Садуллæ æхсæвы рахъуыды-бахъуыды райдыдта, уæдæ, загъта, кæд ус зæххæй хæзнадæр у, уæд мæ зæххытæ Сосейæн ирæды радтон æмæ Манидзæйы мæхицæн усæн æрхæссон. Фæлæ раздæр ме  ’рвадæлты бафæрсон, кæд мын ирæд фидой, уæд мæ зæххыты бар уыдон у, загъта.

Дыккаг райсом раджы цуаны ацыд æмæ нæ изæры сырды мард æрхаста. Æрхуыдта йе ’рвадæлты, хорз сæ федта, йæ хъуыддаг, йæ хабар сын радзырдта. Садуллæйы æрвадæлтæ фынддæс хæдзары — фæйнæ лæгæй уым уыдысты. Кæрæдзимæ бакастысты, кæрæдзийы цæстæнгас бамбæрстой æмæ æрвадæлты хистæр Хъырым афтæ зæгъы:

— Садуллæ, не ’фсымæр. Дæу тыххæй ирæд фæйнæ галы куы бафидæм, уæд нæ фесæфдзыстæм. Нæ бинонтæй иу дæ, æмæ хъуамæ не 'хсæн цæрай. Дæ фесæфтæй нæ мыггаг цыбырдæр кæны, иу хæдзар сафæм. Дæ зæххытæ дæр дæхи. Æвзæр куы уаис, уæд дын ницы бафидиккам, фæлæ бæззыс, æмæ бæззонæн фæндаг ис. Райсом демæ цæуын, ус кæм курыс, уырдæм. Ирæд мах бар уæд! — загъта мыггаджы хистæр Хъырым.

Дыккаг бон раджы Садуллæ æмæ Хъырым араст сты æмæ Сосемæ бацыдысты. Хур фæцæйныгуылд, афтæ Сосейы хæдзармæ бахæццæ сты æмæ салам радтой хæдзары хицауæн. Сосе дæр сыл гæзæмæ цинтæ бакодта, фæлæ Хъырым — æвзаджджын, дзырдарæхст лæг, ныхæстæй йæ арæгъæд кодта æмæ хæдзармæ бацыдысты. Æхсæвы сæ бауазæг кодта. Сосе хорз зыдта, Садуллæмæ бирæ хъуын æлвынинаг кæй нæ уыд, уый æмæ сæм уазал цæстæнгасæй каст. Æхсæвæры фæстæ Хъырым Сосеимæ ныхас райдыдта бакаис кæныны тыххæй æмæ загъта:

— Æнхъæл дæн, дæ чызг æмæ ме ’рвад кæрæдзи уарзынц æмæ сын сæ уарзондзинад ма фехал. Мах дæр дын хæстæгæн бæздзыстæм.

— Мæнмæ ахæм чызг нæй, — загъта Сосе, — æмæ иунæг лæджы хæдзар чи фæдара. Нырма цардæй не схъыг. Курджытæ йæ бирæ ис æнæ сымах дæр, фæлæ йæ никæмæн дæттын. Уадз, æмæ уал мемæ цæрæд,

— Демæ нæ фæцæрдзæн, Сосе, нæ фæцæрдзæн, — загъта Хъырым. — Хуыцау æмæ зæххыхъæд цы æгъдау скодта, уый ды нæ фехалдзынæ, фæлæ нын зæгъ, цас нæ агурыс ирæд æмæ бафидауæм!

— Комкоммæ ирон лæгыл фау сæвæрын дæр бæллæх у, — загъта Сосе, æмæ æлхынцъæрфыгæй афтæ зæгъы:

— Нал мæ уадзыс, Хъырым, æмæ дын мæ ирæд зæгъын — дæс æмæ æртиссæдз хъуджы, йе фынддæс ифтыгъд галы.

Хъырым уæлдай ницыуал загъта, уый тыххæй, æмæ Сосе ирæд нал фæхъадæджындæр кодтаид, фæуæлдай кæныны йедтæмæ, æмæ афтæ зæгъы:

— Хорз, кæд æй нал фæкъаддæр кæндзынæ, уæд. Сосе ма ирæдыл бафтыдтаид, фæлæ йæ цæсгом нал схъæцыд æмæ афтæ зæгъы:

— Уæддæр æгæр чысыл ирæд загътон.

— Æрбайхъус, мæ чысыл хур, Сосе, Хъырым загъта, — демæ нæ хæстæг фæнды. Садуллæ йæ удыхай хохы сæр дæр фæдардзæн. Цæстæй цы уындæуы, уымæй нæ цардæуы. Абон кæд афтæ мæгуыр у, уæддæр, хуыцауæй бузныг, йæ зонд æмæ йæ хъаруйы фæрцы йæ фаг кæмдæриддæр ссардзæн, фæлæ дæс æмæ æртиссæдз хъуджы æгæр бирæ сты.

Цы дардыл дзурын, Сосе афтæ æнхъæлдта, æмæ Садуллæ дæс хъуджы дæр не ссардзæн æмæ уымæй йæ хъуыддаг фехæлдзæн æмæ афтæ зæгъы:

— Дæс хъуджы дзы дæу тыххæй хатыр, æртиссæдз хъуджы, йе фынддæс ивтыгъд галы, уымæй дæлæмæ афæдз куы фæдзурæм, уæддæр нæ уыдзæн.

Аныхæстæ ма кодтой æмæ фынддæс ифтыгъд галыл бадзырдтой. Садуллæ йæ дамбаца нысангарзæн ныууагъта. Хорз сæ федтой æмæ ацыдысты.

Манидзæйы зæрдæ æрæнцад, æрфæлмæн, йæ уадултыл туджы уадындзтæ ахъазыд. Садуллæ ма уæддæр ирæды мæт кодта.

Адæм кæрæдзи руаджы цæрынц, хорз адæмтæм уæрст ницы ис. Хъæздыг мæгуыры хъуагдзинæдтæ бæрæг дары æмæ мæгуыртæн æххуыс кæны, цæмæй царды фæндагыл уыдон дæр фæраст уой.

Раст джиуæргуыбайы Садуллæйы æрвадæлтæ сæхи сцæттæ кодтой — хæрд, нуæзт, цæдæджинæгты бæгæны бахсыстой, тохъыл фыстæ аргæвстой, Сосемæ хонæг арвыстой, æмæ сæм фондз æмбалимæ æрцыд ирæд исæг.

Иу къуыри минас фæкодтой. Кæрæдзимæ сæ фæхуыдтой. Къуырийы фæстæ Сосейæн фынддæс ифтыгъд галы — хæдзарæн гал — ирæд радтой Садуллæйы æрвадæлтæ. Кæрæдзийæн арфæ ракодтой, æмæ Сосе йæ хæдзармæ ацыд.

Нæ зымæг — зындон, нæ кæмттæ — зæйуат. Ацæуæн, азмæлæн хохы кæм вæййы. Мит æртæ лæгбæрц ныууары. Садуллæйæн йæ ус уалдзæгмæ хæссинаг баззад. Уалдзæг æрцыд, æмæ раст куадзæнты Садуллæ ус æрхаста.

Хæдзары цыппæркъахыг гæды дæр нæ уыд. Манидзæ хæдзары къуымты ракæс-бакæс кодта, æмæ дзы никуы ницы уыд, алырдыгæй къуымтæ уазалы смаг кодтой. Манидзæ иу бон йæ мады ’рвадæлтæм ацыд æмæ сæ цухъхъаваг уæргъуын къуымбилтæ æрхаста, æвзаргæ тынæй дзы цухъхъа скодта æмæ цухъхъайæ ефс бæх баивта. Дыккаг цухъхъа скодта æмæ дзы хъуг баивта. Ефс æмæ хъуг цæуæт кæнын райдыдтой. Æй-да-а, хæдзар фæхъæздыг. Садуллæ цуан кæнын ныууагъта æмæ фосы куыст райдыдта. Хæдзар йæ былтæй акалд. Манидзæйæн æртæ лæппуйы æмæ иунæг чызг — Сахар, зæгъгæ, райгуырд. Цард сæм йæ мидбылты худт. Æрхастой сæ фырттæн устытæ, федтой сæ цæуæты цæуæт æмæ амардысты.

Садуллæ æмæ Манидзæйы мæлæты фæстæ Сахары йе ’фсымæртæ Сачъынаты Гус, зæгъгæ, уымæн æвæндонæй, æнæбары, тыхæй усæн радтой. Дæс æмæ æртиссæдз хъуджы дзы ирæд райстой. Гус æмæ Сахар сæ райдианæй загъд кæнын райдыдтой. Гус фыдыздыхт лæг, йæ раззаг дæндæгтæ дæр дывæрццаг уыдысты. Лæг амарын æрдумæ нæ дардта, фыдзонд, фыдзæрдæ, тæригъæдæй нæ тарсти, йæ намыс та æппындæр æфсæрмы нæ кодта. Фыдуынд, стыр фындз, сау цæсгом, сырх цæстытæ, къуыпп ных, хæйрæджы цæстæнгас лæвæрдта. Сахар дæр Гусы нæ уарзта, иу дзырд, иу ныхас ын нæ барста. Иудзырдæй, куыдз æмæ лæдзæджы цард кодтой. Гус Сахары нæмгæ кодта, Сахар та йын дзыхæй алывыд дзырдта.

Иу бон та Гус Сахары надта æмæ йын Сахар афтæ зæгъы:

— Нæм мæ, нæм! Цы нымæт цæгъдай — хъуынджындæр. Афтæ æнхъæлыс басæтдзынæ мæ?

Гус хъама фелвæста æмæ Сахарæн йæ хъустæ сæ рæбыныл æрбалыг кодта æмæ йын афтæ зæгъы:

— Цæугæ ныр, уæртдзæг рауадз, андиаг нымæтæй хъуынджындæр фест — æмæ йæ атардта.

Сахар йе ’фсымæртæм бацыд туг калгæ.

Сахары ’фсымæртæ Сачъынатæй сæ хойы хъусты лыгмæ иу лæг амардтой. Уый фæстæ кæрæдзи марын байдыдтой Сахары мыггаг Биганатæ æмæ Сачъынатæ. Авд лæджы Сачъынатæй фæмард, фараст лæджы Биганатæй. Уалынмæ Гуырдзыстон Уырысимæ баиу сты æмæ сын Уырысы хицæуттæ кæрæдзи цæгъдын нал бауагътой. Гус Къуары доны фаллаг фарсмæ алыгъд æмæ æндæр ус æрхаста.

Ныр йæ байзæддаг уым цæрынц.

Фиппаинæгтæ

Секъайы лæппу Петры хорз чи зыдта, уыдон зæгъынц, зæгъгæ, дам-иу уый дзырдта, радзырд «Садуллæ æмæ Манидзае»-йы автор йæхи автобиографион æрмæгæй кæй спайда кодта, уый тыххæй. Уый нæ зæрдыл даргæйæ, æцæгдæр, ацы уацмыс Секъайы автобиографион поэмæ.

«Иунæгимæ» куы æрæмных кæнæм, уæд сæ фендзыстæм къорд æнгæсдзинады, суанг хæрз чысыл деталты онг дæр.

1. Фаты бæх — чындзхæсджытæй чызджы фыды хæдзары уæлкъæсæр йæ фат раздæр чи ныссагътаид, уымæн-иу лæвæрд уыд фаты бæх, фæлæ йæ ныры дуджы ферох кодтой. Фат æмæ æрдын дæр нал сты (автор).

ГÆДИАТЫ Секъа. Рауагъдад «Ирыстон». Цхинвал, 1979.

Гæдиаты Секъайы радзырдтæ


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.