Осетинский язык он-лайн

Форум об осетинском языке при сайте Ironau.ru
Главная страница проектаУчебный центрОсетинская Википедия
Текущее время: 21 ноя 2024, 13:58

Часовой пояс: UTC + 4 часа [ Летнее время ]




Начать новую тему Ответить на тему  [ Сообщений: 4 ] 
Автор Сообщение
СообщениеДобавлено: 31 мар 2010, 18:13 
Не в сети

Зарегистрирован: 26 май 2007, 18:45
Сообщения: 566
Откуда: Владикавказ
Газет «Рæстдзинад», 2010 азы 27 мартъи
Автор — Цгъойты Хазби

ИРОН ДЗЫРДТЫ ХÆТÆНТЫ

«
<...>
Ныр цалдæр азы нæ телеуынынадæй адæм кæрæдзийæн арфæтæ кæнынц сæ хорз хъуыддæгты тыххæй, уæлдайдæр та — райгуырæн боны фæдыл. Æмæ йæ райгуырæн бон нæ хонынц, фæлæ гуырæн бон. Райгуырæн æмæ гуырæн сты мивдисджытæ. Фыццаг у æххæст хуыз, ома, чи æрцыд, ахæм архайд æвдисы. Дыккаг — æнæххæст хуыз — архайд кæронмæ чи не ’вдисы, ахæм мивдисæг. Æмæ йæ кæд иуæй-иутæ рæдыдæй гуырæн бон хонынц, уæддæр, 40–60 æмæ фылдæр азтæ кæуыл рацыд, уымæн телеуынынады, радио æмæ мыхуыры иæ райгуырæн бон гуырæн бон куыд хоныс? Кæд æмæ уал азты размæ райгуырд. «Кæд у йæ гуырæн бон?» — фæфæрсынц, чи нæма райгуырд, уымæй. Чи амард, уыцы зындгонд адæмæн дæр сæ юбилейтæ нымайæм сæ гуырæн нæ, фæлæ сæ райгуырæн бонæй, кæцы бон райгуырдысты, уæдæй. Гуырæн та ма амоны суадоны, æрзæты, нефты, газы гуырæн, иудадзыг кæцæй гуырынц, уыцы бынæттæ дæр.
Нæ ирон ныхасы ма хæццæ кæнынц ахæм дзырдтæ:

згъорын — лидзын
дугъы уайын — згъорын
цымын — нуазын
кæнын — аразын
кæм — куы


æмæ æндæртæ.

Згъоры адæймаг йæ зæрдæйы дзæбæхæн, кæнæ кæдæмдæр тагъд кæны, лидзы цæрынмæ иу ранæй иннæмæ, кæнæ искæй тæсæй. Дугътæ вæййынц бæхтыл, згъорыны тыххæй уæлдæр загъд ис.
Адæймаг цымы цай, къофи, нуазы дон, бæгæны, арахъ; кæны хæринаг, аразы хæдзар. Кæм — амоны бынат, куы — афон.
Адæм ивддзаг кæнынц дзырдтæ: мусонг, цатыр æмæ халагъуд дæр. Халагъуд суанг ирон-уырыссаг дзырдуаты дæр уырыссагау раст амынд нæ цæуы: шалаш, палатка. Шалаш у, фæлæ палаткæ нæу. Халагъуд арæзт у дыууæ дзырдæй Хал æмæ агъудæй — хал — ома, кæрдæг, агъуд та — æмбæрзт рæсæнуат. Палатка та у цатыр, хъилтыл арæзт, кæттагæй æмбæрзт рæстæгмæ цæрæнуат. Егъау цатыр та уырыссагау у шатер. Ирон адæмон сфæлдыстады цатырты абырсыны размæ рæстæгмæ цæрынц хæстонтæ, халагъудты — быдыргæстæ.
Мусонгæн йæ нысан æндæр уыд, цæрæн хæдзары фарсмæ дæр-иу ацарæзтой мусонг-мæнгагъуыст. Уыд хæдзары уæлдай дзаумæттæ æмæ хортæ хорз æмбæрзт æмæ фидар æфснайæн бынат. Нарты кадджыты та Æхсар «сарæзта фурды былыл тар хъæды сырддзæрмттæй мусонг æмæ æнхъæлмæ касти йе ’фсымæрмæ». Уый йæ цæрæн бынат.
»


Вернуться к началу
 Профиль  
Ответить с цитатой  
СообщениеДобавлено: 31 мар 2010, 18:18 
Не в сети

Зарегистрирован: 26 май 2007, 18:45
Сообщения: 566
Откуда: Владикавказ
Газет «Рæстдзинад», 2010 азы 30 мартъи
Автор — РЦИ-Аланийы Парламенты информацион-иртасæн центр

РАНЫХАС КОДТА ИРОНАУ

«
Республикæйы Парламенты фæстаг æмбырды рæстæг рауад, хицæнæй кæй тыххæй зæгъын хъæуы, ахæм цау. «Муниципалон арæзт Мæздæджы районы æмæ ацы районмæ хауæг цæрæн бынæтты æхсæн муниципалон исбон фæхицæн кæныны тыххæй» закъоны проект æвдисгæйæ, бюджетон коиитеты сæрдары хæдивæг Хæдарцаты Аслæнбег, йæ конституцион барæй спайда кæнгæйæ, ныхас кодта иронау.

Закъон кæронбæттæн бакасты фидаргонд æрцыд.
Парламенты æмбырдты рæстæг дыууæ паддзахадон æвзагæй пайда кæнæн кæй ис, уый тыххæй депутаттæ бирæ хæттыты дзырдтой. Æрæджы Парламенты Совет кæй сарæзта, уыцы æмбырды ныхас кæнгæйæ, Парламенты Сæрдар Хабыцты Ларисæ загъта:
— Цæгат Ирыстоны дыууæ паддзахадон æвзаджы кæй ис, уымæ гæсгæ æмбырды архайджытæн ис иронау ныхас кæныны бар. Иронау чи нæ зоны, уыдонæн тæлмац кæнынæн фадæттæ сараздзыстæм. Парламенты æмбырдты рæстæг ирон ныхас куы хъуыса, уæд мын уый æхсызгон уыдзæн. Парламенты фыццаг иронау дзырдтой.
Куыд уынæм, афтæмæй депутаты фæндон æнæбындур нæу.
Парламенты æмбырды архайæг Мæздæджы районы сæргълæууæг Вячеслав Паринов къуылымпы нæ бавзæрста (Хæдарцы-фырт йæ раныхас уырыссаг æвзагмæ кæй ратæлмац кодта, уæлдайдæр та уый нымайгæйæ).
»


Вернуться к началу
 Профиль  
Ответить с цитатой  
СообщениеДобавлено: 01 апр 2010, 13:14 
Не в сети

Зарегистрирован: 26 май 2007, 18:45
Сообщения: 566
Откуда: Владикавказ
Газета «Северная Осетия», 1 апреля 2010 года

На последнем заседании Парламента республики 25 марта был эпизод, о котором стоит сказать отдельно.

ПАРЛАМЕНТ ГОВОРИТ ПО-ОСЕТИНСКИ

Заместитель председателя бюджетного комитета Асланбек Хадарцев представлял проект закона «О разграничении муниципального имущества между муниципальным образованием Моздокский район и поселениями, входящими в его состав». При этом он докладывал на осетинском языке. Зал вначале насторожился, а потом раздались аплодисменты. ...О возможности использовать на заседаниях Парламента оба государственных языка депутаты говорили не раз. На одном из недавних заседаний Совета Председатель Парламента Лариса Хабицова так сформулировала свою позицию: «Если кто-то из участников заседания желает выступить на осетинском языке, это его законное право — в Северной Осетии два государственных языка. Для тех, кто не знает осетинского, можно организовать перевод, в этом нет проблемы. Будем только рады, если на заседаниях Парламента будет чаще звучать осетинская речь. Раньше, кстати, в Парламенте существовала такая практика».
Так что инициатива депутата Хадарцева возникла не на пустом месте.
Присутствовавший в зале глава администрации Моздокского района Вячеслав Паринов, судя по его реакции, также не испытал никаких неудобств. За принятие закона в окончательном чтении проголосовали единогласно. Так что начало депутатским дискуссиям на осетинском языке положено.
Информационно-аналитический центр, Парламента РСО-А.


Вернуться к началу
 Профиль  
Ответить с цитатой  
СообщениеДобавлено: 02 апр 2010, 12:27 
Не в сети
Добрый человек

Зарегистрирован: 08 апр 2006, 03:32
Сообщения: 569
Откуда: Pohjola
dziglo писал(а):
Газета «Северная Осетия», 1 апреля 2010 года

На последнем заседании Парламента республики 25 марта был эпизод, о котором стоит сказать отдельно.

ПАРЛАМЕНТ ГОВОРИТ ПО-ОСЕТИНСКИ

Заместитель председателя бюджетного комитета Асланбек Хадарцев ...

1 апреля, но информация об этом проходила раньше и была опубликована на сайте парламента. То есть это официальная вполне информация. На всякий случай уточнил, а то мало ли кто как на дату посмотрит :)


Вернуться к началу
 Профиль  
Ответить с цитатой  
Показать сообщения за:  Поле сортировки  
Начать новую тему Ответить на тему  [ Сообщений: 4 ] 

Часовой пояс: UTC + 4 часа [ Летнее время ]


Похожие темы:
 Темы   Автор   Ответы   Просмотры   Последнее сообщение 
В этой теме нет новых непрочитанных сообщений. Газет «Рæстдзинад»-ы текстты рæдыдтæ

dziglo

14

4177

26 дек 2011, 00:52

dziglo Перейти к последнему сообщению

В этой теме нет новых непрочитанных сообщений. Учимся считать на родном языке!

Скиф

2

14315

12 окт 2006, 22:56

Ruhsh Перейти к последнему сообщению

В этой теме нет новых непрочитанных сообщений. Хуыздæрмæ тырнæг: избранное о языке

Slavik

2

9022

14 апр 2006, 03:07

Slavik Перейти к последнему сообщению

 


Кто сейчас на конференции

Сейчас этот форум просматривают: нет зарегистрированных пользователей и гости: 0


Вы не можете начинать темы
Вы не можете отвечать на сообщения
Вы не можете редактировать свои сообщения
Вы не можете удалять свои сообщения
Вы не можете добавлять вложения

Найти:
Перейти:  
News News Site map Site map SitemapIndex SitemapIndex RSS Feed RSS Feed Channel list Channel list
Создано на основе phpBB® Forum Software © phpBB Group