Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Джыккайты Шамил

ИРОН АИВ ДЗЫРДЫ ЗÆРИНГУЫРД

(Коцойты Арсены сфæлдыстадыл афæлгæст)

Коцойты Арсены сфæлдыстад у ирон литературæйæн йæ райдайæн стыр къабузтæй, йæ кад æмæ йæ сæрыстырдзинад. Арсен ирон культурæйы историмæ бацыд аив дзырд æмæ реалистон радзырды зæрингуырдæй. Уый лæмбынæг æмæ хъуыдыджынæй æркаст адæмы цардмæ, мæгуыр адæймаджы хъуæгтæ æмæ тырнындзинæдтæм, йæ уды конд æмæ йæ зæрдæйы æнкъарæнтæм, акаст ын йе ’хсæнадон уавæртæм æмæ сæ нывæфтыд кодта йæ уацмысты. Арсен ахæм цардæгас фæлгонцтæ, ахæм хуызджын характертæ сфæлдыста йæ заманы æрмæгæй, æмæ æнæ уыдон ирон литературæ нæ уаид æнæкъахыр. Арсены рæдау ахорæнтæ, йе сфæлдыстадон фæрæзтæ æмæ йæ хъæздыг традицитæ уыдысты зынгæ æмæ æнæмæнг хъæугæ фæзынд нæ аивады историйы.

Рæстæг цæуы, афонтæ ивынц, ивынц эстетикон æмбарынад æмæ æнкъарæнтæ, фæлæ нæ ивайы Арсены уацмысты идейон-эстетикон хъару, нæ сæм ивы йæ уарзт ироны зæрдæ. Ахæм у йæ курдиаты тых, йе сфæлдыстады удджын фидауц.

* * *

Коцойты Бибойы фырт Арсен (Габоци) райгуырд 1872 азы январы 3-аг (16-æм) бон Джызæлы. Фарастаздзыдæй йæ раттой хъæуы райдайæн скъоламæ. Ам фылдæр ахуыр кодтой дины чингуытæ, фæлæ дзы зæрдæргъæвд лæппуйы амондæн разынд хорз чиныгдон, афтæмæй фæгæрз и чингуытæ кæсыныл. Фæстæдæр бацыд Æрыдоны семинармæ, ам тынгдæр айста йæ зæрдæмæ литературæ, уæлдайдæр Къостайы зарджытæ. Фараст æмбалимæ иуахæмы Арсен фистæгæй фæцыд Дзæуджыхъæумæ Къостайы уынынмæ.

Арсен сывæллонæй рахаста рынчынтæгæнаг, уый аххосæй каст нæ фæци семинар дæр. Сыздæхт Джызæлмæ æмæ бавдæлд фыссынмæ. Ардыгæй æрвыста алыхуызон уацхъуыдтæ газеттæ «Терские ведомости», «Казбек» æмæ æндæртæм. 1895 азæй фæстæмæ йын зынын байдыдтой мыхуыры, бафыста-иу сыл йæ фæсномыгтæ: «Хабос», «Ботас», «А. К.».

Уыцы рæстæджы йæ тыхтæ фæлварын байдыдта литературæйы, ныффыста роман «Фыдæлты æгъдæутты нывæндтæ». Ныффыста уырыссагау уацау «Чи у аххосджын?». Дыууæ уацмысæн дæр чиныгуадзæнты, Арсены ныхæстæм гæсгæ, æрцыд хорз аргъгонд, фæлæ дзы иуæн дæр нæ бантыст рæгъмæ рацæуын, нæ баззадысты сæ къухфыстытæ дæр. Æрмæст 1901–1902 азты йæ къухы бафтыд цалдæр радзырды уырыссаг æвзагыл мыхуыры рауадзын — «Хин», «Фидис», «Тутыр» æмæ æндæртæ.

Семинары фæстæ Арсен цалдæр азы хъæуты куыста ахуыргæнæгæй. 1899 азы ахуыргæнджыты съезды 2-аг хатт сæмбæлд Къостайыл. Стыр поэты ныхас ног хъуыдытыл бафтыдта Арсены.

Зын фæндæгтыл цыдис Арсен революцийы размæ. Скъолайы кусгæйæ, йæхи иуварс ласта аргъуанæй, кувынмæ нæ разæнгард кодта ахуырдзауты дæр. Уыйадыл æй систой йæ куыстæй. Мæгуыр æмæ йыл рынчынæй ивгъуыдтой иунæджы æрхæндæг бонтæ. 1902 азы Джызæлы уыд зæхкусджыты сыстад. Сыстад æрцыд саст. Хицауад Арсены фæдыл бафтыд, зылынджын æй кодтой амидингæнæгæй. Цæрыны бар ын нал уыд Цæгат Ирыстоны. Афтыд Хуссармæ. Уым ирон скъолаты 4 азы фæкуыста ахуыргæнæгæй. Фыста радзырдтæ, æрвыста уацхъуыдтæ Фæскавказы газеттæм, æвæрдта сæ, йæхи ныхæстæм гæсгæ, «рæстæджы риссаг фарстытæ», æвдыста сæ прогрессивон хъуыдытæ, хурмæ хаста бынæттон хицауад æмæ дины кусджыты худинаджы митæ, дзырдта адæмы хъуæгтæ æмæ сæ тыхстытыл.

Хуссар Ирæй Арсен афтыд Бетъырбухмæ. «Авзарон, загътон, мæ тыхтæ, цард фыцгæ кæм кæны, уым, — фыста фæстæдæр. Афтæ цардагур æмæ фæндон куыстагур йæхи раппар-баппар кодта иу ранæй иннæмæ. Уымæй кæд йæ тых саст, уæддæр ын фадат уыд дуне йæ алы хуызты фенынæн — уый та у хъæздыг æрмæг сфæлдыстадæн.

Стыр горæты йæ фæндтæ нæ ацыдысты æмæ Калакмæ æрыздæхт. Ног та ралæууыдысты уæззау куысты бонтæ, газетты хицæутты ныхмæ тохы бонтæ. «Æз афтæ нымайын, æмæ журналисты хæс у æхсæнады алы фыддзинады тыххæй хъæлæсыдзагæй хъæр кæнын», — фыста Арсен.

1910 азы Калачы цæуын байдыдта журнал «Æфсир», редактор ын уыд Коцойты Арсен. Журнал хъæздыг уыд алыхуызон æрмæгæй æхсæнадон-рухсадон фарстыты фæдыл, мыхуыр дзы цыдысты ирон æмæ æндæр адæмты фысджыты уацмыстæ, аивадон нывтæ; уацтæ æмæ карикатурæтæ æргом кодтой æхсæнады хъæнтæ, зианхæссæг æгъдæутты мидис. Ам фыццаг хатт фæзындысты Арсены радзырдтæ ирон æвзагыл.

14-æм номыры фæстæ «Æфсир» æхгæд æрцыд. Арсен та абалц кодта Бетъырбухмæ, уым та кусыныл фæлвæрдта газеттæ æмæ журналты. 1912 азы куыста корректорæй Ленины «Правда»-йы, мыхуыры дзы рауагъта йæхи тæлмацæй дыууæ радзырды — «Цуанонтæ» æмæ «Хæлæрттæ».

Бирæ рахау-бахау ма бахъуыд Арсены революцийы агъоммæ, бирæ зынтæ федта «царды зилдухæнты». Советон дуджы кодта ахсджиаг æхсæнадон-рухсадон куыст. Бирæ хъару ратта Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны советон мыхуыры хъуыддаг нывыл саразынæн. Газет «Хурзæрин» æмæ журнал «Фидиуæджы» куысты уыди разамынддæттæг.

Арсены æхсæнадон-рухсадон æмæ сфæлдыстадон куыстæн стыр аргъ скодта Советон хицауад: фыссæг 1939 азы хорзæхджын æрцыд орден «Кады нысанæй».

Коцойты Арсен амард 1944 азы 4 февралы. Цытджынæй йæ бавæрдтой Къостайы музейы кæрты.

* * *

Арсены цард æмæ сфæлдыстады тыххæй бирæ фыст ис ирон литературæзонæн ахуырады, уыдоны ис арф æмæ раст хатдзæгтæ, ис сæ бирæ къуыхцытæ дæр. Фæлæ ам æнæ зæгъгæ нæй фыссæджы сфæлдыстады сæйраг миниуджыты тыххæй.

Арсен уыд царды трагизмы нывгæнæг, йæ радзырдтæн куыд се ’рмæг, афтæ сæ сюжетон арæзт æмæ сæ архайджыты хъысмæттæ дæр нывæст цæуынц трагедийы ахорæнтæй. Уыцы хъуыддаг, иуæй, цыдис, фыссæг цы цард æвдыста, уый æцæгдзинадæй, уый æхсæнад æмæ социалон уавæртæй, иннæмæй та, цыдис Арсены сфæлдыстады хиадæй.

Арсен лыстæг каст царды æгъдæуттæм æмæ фæзындтытæм, адæймаджы архайд æмæ йæ уды кондмæ. Уымæ гæсгæ йæ уацмысты æрмæг вæййы бæлвырд æмæ æцæгдзинад, йæ хъайтарты зæрдæйы уаг æвдыст фæцæуы парахатæй, реализмы фæрæзтæй, йæ фæлгонцты миниуджытæн сæ равзæрæн вæййы æхсæнадон уагæвæрдæй. Тугисыны æгъдау уыд æппæт адæмты царды дæр бæлвырд историон къæпхæнтыл. Уымæй æнусондæр та у маст исыны хъуыддаг. Фæлæ уыдæттæ Арсен æвдисы национ царды хуызты, йæ архайджыты хи сæрмагонд удыхъæдмæ гæсгæ.

Ирмæ фидис фыдбылызæн баззад. Уый тыххæй бирæ æвдисæнтæ ис нæ адæмон сфæлдыстады. «Фидис» схуыдта йæ фыццаг радзырд Коцойты Арсен дæр, фæстæдæр ыл ногæй бакуыста æмæ рацыд æндæр сæргондимæ — «Сæумæрайсом».

«Бафæллади, стыхсти Таймураз йæ цардæй. Нал рухс кæны йæ зæрдæ райсом раджы хуры фæзындмæ кæсгæйæ. Нал цин кæны дидинæгджын быдырты æмæ цъитиджын хæхты уындæй», — афтæ райдыдта радзырд «Сæумæрайсом». Ам бæлвырд уынæм дыууæ фарсы — дыууæ æнкъарæны: адæймаджы тыхст æмæ æрдзы фидауц, фыд æмæ хорз. Уыдонæн ис сæрмагонд нысаниуæг. Тохы бацæуынц дыууæ тыхы. Ам раргом вæййы фыссæджы æхсæнадон æмæ философон цæстæнгас. Æрдзы скондæй адæймаг тырны рухс æмæ рæсугъддзинадмæ, цард æмæ фарнмæ. Фæлæ йæ фæндагыл слæууынц талынг тыхтæ — тызмæг æгъдæуттæ æмæ сæ фæстиуджытæ: уды чъизидзинад æмæ хæрам. Уыцы фембæлд æркæны трагедимæ.

Таймуразы зæрдæйы цардмæ бæллын тох кæны хæрам æмæ мæлæтмæ тырнынимæ. Зæронд лæг рацæуы Ныхасмæ, адæмы æхсæн йæхи ирхæфсынмæ. Разы у йе знæгтимæ бафидауыныл дæр, кæд йæ уды æфхæры уыцы хъуыдыйæ, уæддæр. Фæлæ чъизи æмæ хæрам фæзынынц фидисы хуызы æмæ фехалынц, ныххурх кæнынц йæ гуырдзы, цард æмæ æрдз кæмæй сфидыдтаиккой, уыцы æнæнтыст фидыды.

Æрдзон æнкъарæн ссæст æрцыд къæхты бын. Бамынæг, Таймуразы зæрдæйы цы рухсы цъыртт сæвзæринаг уыд, уый. Уæдæй фæстæмæ зæронд лæджы уæлæмæ скаст нал суагътой фидис æмæ туг райсыны мондаг. Ам Арсен ныфсджынæй спайда кæны романтизмы мадзæлттæй, æмæ уыдон тыхджындæр кæнынц реалистон нывты эмоцион хъару. Æнæбон мæлдзой зæрондмæ фæзыны йæ мард фырты æндæрг, вæййы тугахуырст, карзæй фæдомы туг исын, хъары йæ тæригъæд: иннæ мæрдтæ мæ сæхимæ нæ уадзынц, зæгъгæ. Уыцы ныв та рахизы реалистон бæлвырд хуызтæм: «Хуыссы рынчынæй Таймураз. Асастысты йæ уæнгтæ, йæ хъару, асасти йæ зæрдæ, йæ цард ихсийы, цырагъау судзы». Мидисæйдзаг дзырдтæ æргом кæнынц, адæймаджы фыдракондмæ чи тæры, уыцы уавæр. Цы бакæндзæн ахæм тыхсаст зæронд? Фæзыны йæ иунæг бындар — фынддæсаздзыд Саукуыдз. Хæдзардарæг, сыгъдæгзæрдæ, нырма фæстæзад æгъдæутты маргæй йæ уд кæмæн нæ фæхъæстæ, уыцы цардбæллон лæппу куыствæлладæй æрлæууыд йæ фыды раз. Уый уыд зæронды æнхъæлцау æмæ йæ уындæй тар зæрдæмæ бакаст чысыл рухс.

Ам та хæрхæмбæлд фесты уыцы дыууæ тыхы. Тызмæг лæг йæ хъæбулы фæллад уындæй исдуг æрфæлмæн, «æндæр хъуыдытæ дæр ауади йæ сæры», æмæ рæстæгмæ не схъæр кодта æбуалгъ низы æфсон, схуыдта йæ тæфсæг. Ам цыма царды хъуыдытæ фæуæлахиз кæнынц мæлæты сагъæстыл. Фæлæ адæймаджы сыгъдæг æнкъарæнты бон, ныййарæджы зæрдæйы бон нæ баци сырддон æнкъарæнты сæрты ахизын. Лæг сфæнд кодта лæппуйы зæрдæйы «масты æнхъизæн баппарын». Туг исын æрхаудта зæронд æнæбон лæгæй цардбæллон сабимæ. Уый мидæг ис радзырды трагизмы сæйраг æууæл. Уый та ноджы арфдæр кæны мады уавæрæй. Тæрсы мад йæ иунæг хъæбулæн фыдбылызæй, катайы бахауд, иннæмæй та, тæригъæд кæны йæ мард лæппуйæн — мæрдтæ йæ сæхимæ нæ уадзынц, зæгъгæ. Мæнг уырнындзинады æххуысæй хæрам басаста мады уарзт дæр йæ хъæбулмæ. Лæппу туг исыны фæнд йæ зæрдæмæ айста, уæд мад скуывта: «Хуыцау, не сфæлдисæг, хъуыддæгтæ рæстмæ сараз!»

Саукуыдз бабадт йе ’фсымæры марджыты раз. Уыд сæрдыгон райсом. Хуры скаст рухс æмæ цинтæ хаста дунейæн. «Хъæд иууылдæр байдзаг ис зард æмæ æхситтæй. Бирæ хæттыты уыди Саукуыдз хъæды, фæлæ йæм нырæй рæсугъддæр дуне никуы фæкасти». Уый хъуыста æрдзы хъæлæстæ, уыдта æрдзы фидауц, æмæ йæ дзыхæй сирвæзт фарны хъæлæс: «Цæй хорз у дунейы цард!» Уыцы рæсугъд нывтæ æмæ уæздан хъуыдыты уæлвæд æрцæудзæн æппæты æнаккагдæр ми — аскъуыйдзæн адæймаджы цард. Ам фыссæг чысыл аивадон фæрæзтæй æвдисы парахат хъуыдытæ. Иуæй, æрдзон фидауц ныхмæвæрд кæны фыдуынд хъуыддæгтæм, иннæмæй, бæрзонд исы йæ хъайтары удыконд. Царды ад æмæ æрдзы рæсугъд æмбарынæн, уæлдайдæр ахæм уавæры, хъæуы стыр удыхъæд. Æмæ Саукуыдз уæздан адæймаг кæй у, рæсугъддзинадмæ кæй тырны, афтæмæй йæ марын кæй бахъуыд, уыцы уавæрæй фыссæг карз тæрхон хæссы мæлинаг æгъдауæн. Лæппуйæн уыцы райсом «йæ зæрдæ афтæ рухс уыди, афтæ дзаг уыди цинæй, æмæ хъавыди мæргъты зардыл йæхи зард дæр бафтауын». Фæлæ æваст фестъæлфыд уæрдæтты хъæр æмæ адæймаджы дзурынмæ... Куыд æй айрох ис йæ цыды сæр!

Фехæлд уыцы хъуыдыйы фæстæ æрдзы æнцой. Цины райсом мæргъты зард раивтой адæмы хъарджытæ. Амардта Саукуыдз йæ туджджын Батырадзы дыууæ æфсымæры, йæхимæ йын нал фæцарæхст æмæ фæмард уый къухæй. Хъуыддаг ууыл нæ ахицæн. Батырадз балæбурдта Саукуыдзы хæдзармæ æмæ йын хуыссæны сæргæвста йæ рынчын фыд Таймуразы. Адæм базыдтой фидисы хабар æмæ загътой: «Хъуыддæгтæ аразæг Хуыцау у... Табу йæхицæн!»

Хуымæтæджы нæ фæци Арсен уыцы дзырдтæй æбуалгъы тугæйдзаг нывтæ. Уыцы ныхæстæй нæй æмбæхсæн фыдраконды аххосæгтæн, хæрамы æгъдæуттæн, дзæгъæлы сæ кæнынц Хуыцауы номæй, — ахæм у фыссæджы хъуыды.

Тугисыны зианхæссæг æгъдæуттæ аивадон æгъдауæй ноджы арфдæр æвдыст цæуынц радзырд «Фынддæс азы» (1901). Ам хъайтарты архайд æмæ зæрдæйы уагæн социалон бындурæй уæлдай ис арф психологон ахаст, æмæ уый ирддæр кæны уацмысы трагизм.

Радзырды хъайтар Хъæвдын, йæхæдæг цыма йæхиуыл хъоды бакодта, уыйау ныууагъта йæ хæдзар, йæ хъæубæстæ. Æрбадт хибар ран, куыройы, æмæ дзы 15 азы арвыста йæ иунæджы бонтæй. Йæ митæ, йæ уавæр, йæ зæрдæйы хаттæй нын æрымысы романтизмы геройты. Сагъæстæ æмæ æнкъарæнты сусæг хъазт, æбæрæг монцтæ æмæ цыдæр тæссаг сусæгдзинад — уыдон æвдыст цæуынц романтизмы ахорæнтæй. Фæлæ æрдзон хуызы равзæрынц хæххон тызмæг царды æцæг нывтæй.

Чи у Хъæвдын æмæ цавæр сусæг фæнд хæссы йæ зæрдæйы? Уыд хъæубæсты æвзаргæдæр лæппутыл нымад. Уый хайджын уыд, ирон адæм лæгæн цы миниуджытæй аргъ кодтой, уыдонæй: хъазты фидауц, фæдисы раздзог, куысты фæллад чи нæ зыдта, æгъдауæй æмæ хъаруйæ æххæст чи уыди, ахæм у радзырды хъайтар йæ лæппуйы бонты. Суанг ыл йæ хæлæрттæ æмæ йæ бинонтæ сæ къух куы ауыгътой, уæддæр адæм цыдысты Хъæвдыны куыроймæ, уымæн æмæ йæ куыст уыди æнæзæрдæхудт. Афтæ зыны, цыма райгуырд æрмæст рæсугъд хъуыддæгтæн, æмæ йæ æгъдæуттæ ахæм ранмæ кæй æркодтой, уым ис трагедийы райдайæн.

Æвирхъау тызмæг уыдысты ирон лæджы этикон æмбарынæдтæ, намыс æмæ сыгъдæг номы нысæнттæ. Хъазты чызгимæ симгæйæ, хæдæфсарм лæппуйы æнæбары, чысыл æнарæхст змæлд сси фыдæхы суадон. Чызг тæргайæ ацыд хъазты астæуæй, æмæ уый стыр æфхæрдæн айстой йе ’фсымæртæ. Æхсæвы бабадтысты Хъæвдыны размæ æмæ йын хистæр æфсымæр Годах хъамайы цæфæй йæ хъус ахауын кодта. Æрцыд фыдраконд. Туг тугæй æхсадæуы, — хъуыды кодтой адæм æмæ архайдтой уымæ гæсгæ. Амарын æмæ искæй къухæй мард фæуын та иухуызон уыдысты, уымæн æмæ марæгæн дæр нæ уыд ирвæзæн туджджынты къухæй.

Адæм æнхъæлмæ кастысты, Хъæвдын йæ маст куыд исдзæн, уымæ. Зыдтой, æбуалгъ кæй уыдзæн, уый дæр. Фæлæ Хъæвдын æцæг цы сфæнд кодта, уый базонын никæй бон уыд. Лæппу хотыхæн равзæрста æнхъæлмæ кæсын. Æнæмæнг ис Хъæвдыны удыконды цыдæр граф Монте-Кристойы æууæлтæй. Йæ уаг нын æрымысы Пушкины хъайтар Сильвиойы («Выстрел»). Ныхъхъус и, ныссабыр рæстæгмæ, ницæмæ дары йæ хæлæрттæ, йæ мад æмæ йæ хоты уайдзæфтæ, нæ хъусы фидистæм, æмæ йыл алчи дæр йæ къух ауыгъта. Æгæр тæссаг у йæ сабыр ахаст, уый маст исынмæ куы раздæха, уæд нал зондзæн æфсис, Ахиллесы мастау.

Фыццаг радзырды фыдбылызтæ æрцыдысты сæумæрайсом, æрдзы фидауц йæ тæмæны куы вæййы, царды мондаг йæ тыхы куы бацæуы, уыцы афон. Дыккаджы дæр фыдбылызтæ райдыдтой райдзаст райсом. Æмæ уый хуымæтæджы нæу: сау хъуыддæгты сау цæсгом рухсы бæлвырддæр зыны. Æвæццæгæн, ацы дыууæ уацмысы хуызæн Арсен æрдзы нывтæй никуы спайда кодта. «Бæлæстæй æмæ къутæртæй мæргътæ зыланг зардæй цин кæнынц боны ралæудыл, хуры скастыл. Дард кæцæйдæр адæймаджы зарын дæр хъуысы. Куыд нæ зара адæймаг дæр, куыд нæ рухс кæна йæ зæрдæ дунейы рæсугъддзинæдты уындæй?..» Æрдзы фидауцы ныв фыссæг фæцыбыр кæны æвиппайды фарстæй: «Фæлæ уый та цы у? Хъуысы хъæр»... Уый уыд фыдохы хъæр, æрдзы æмæ царды гармони чи халы, рухсыл талынг чи калы, уыцы хъæр: «Йе, Батырадз, Годахы фырт! Рацу ардæм, хæстæ, куы дарæм кæрæдзийæ... Рацу, банымайæм сæ!»

Суанг ахæм сахат дæр Арсены хъайтар нæ ахызт хохаг лæджы этикон æгъдæутты сæрты. Уæздан æмæ хиуылхæцгæ сты йæ сидт, йе ’ртхъирæнтæ дæр: «Рацу дæхæдæг, кæннод дæм фæцæуын уырдæм!»

Уыцы этикæйыл фидар хæст у Хъæвдыны туджджын Годахы фырт дæр: «Цæуын, Хъæвдын, фæлæ мæм хъама йеддæмæ куы ницы ис!» — «Рацу, æз дæр хъамайæ хæцын! — загъта... Хъæвдын æмæ топп иуварсмæ аппæрста».

Раргом Хъæвдыны сусæг фæнд: 15 азы æнхъæлмæ каст, йе знаг Годахы фырт кæд слæг уыдзæн, уымæ. Раргом, æнæрцæф лæппу маст карздæрæй райсыны сæраппонд кæй быхста уайдзæфтæ, фидистæ, æвирхъау нысанæн нывонд кæй æрхаста йæ царды хуыздæр азтæ... «Иу ницæйаг адæймаджы амарынæй мæ маст не ссыдаид», — зæгъы Хъæвдын. Уый уыд йæ заманы царды трагикон æцæгдзинад. Къоста йæ очерк «Особа»-йы фыста: «Отомстить за кровь или, как говорят осетины, взятъ свою кровь, вовсе не значит убить самого убийцу, который мог бытъ хромым, косым, горбатым, старым; нужна жертва, если не больше, то, по крайней мере, равная ее потере. Вот почему вся семья и фамилия такого убийцы попадали в осадное положение и если противники были сильнее, то без вины виноватые никуда не показывалисъ, пашни и сенокосы их оставалисъ не вспаханными и не вскошенными. Хлеб, если он еще был на корню, выкашивался или вытаптывался, скотина их падала под выстрелами и ударамы шашки».1

Аххосджынæй маст райсын диссаг нæу. Фæлæ-иу æнæ аххосæй адæмы хуыздæртæ искæй фыдракондæн дзуапдæттæг кæй систы, уый мидæг уыд æгъдæутты зианхæссæг мидис, æмæ йын Арсен уыдта йæ уидæгтæ.

Бавзæрста Хъæвдын, кæмæ бæллыд, уыцы æвирхъау æхсызгондзинад, маст исыны цин, «йæ цæстытыл уади раздæр, йе знаг Годах масты бынæй йæ сæр куыд нал схъил кæндзæн», уый. Годахы хæстæ æнæазым удæй бафыста йæ фырт. Ам Хъæвдын йæ хъæддаг цины ахызт адæймагон арæнтæй, æгæр сырддон сты йæ митæ — лæппуйы уæнггай кæнын. Адæмон этикæмæ гæсгæ та, цыфыддæр знагимæ дæр не ’мбæлы афтæ карз уæвын.

Сæххæст Хъæвдыны иунæг фæнд, æмæ ууыл ахицæн йæ царды нысан. Трагедийы архайд æрцыд йæ кæронмæ. «Фæлæ ныр цы? Цы кæндзынæн дарддæр? Искæй ма хъæуы мæ цард?» — фæрсы Хъæвдын йæхи. Искæй нырмæ дæр нæ хъуыд, фæлæ ныр йæхи дæр нал хъæуы, æмæ йæ бæллæх уый у.

Ам радзырды архайд райхæлд кæронмæ, хъуамæ йæ сюжет ууыл фæуыдаид. Фæлæ кæронмæ нæма ахæццæ фæлгонцы психологон райхæлд. Хъæвдын хъуамæ йæхæдæг афæлгæса йæ царды фæндагыл, йæхæдæг æрцæуа фæстаг тæрхонмæ. Чи зоны, фæндыд ма йæ æрдзы рæсугъдæй фæстаг хатт бафсæдын. Хуымæтæджы нæ раивтой йæ катайаг фарстытæ æрдзы нывтæй. Фæлæ йын цин бавзарæн дæр нал ис: йæ хъуыдытæ йын аскъуыдта ног фарст — «уый та цы у?» Уый уыд кæуын; æнахъом сывæллон куыдта йе ’фсымæр Батырадзы мардыл, æнæбон æрдиаг кодта тæссæй фыддзинады раз. Уый дзæгъæлы тарст йæ удæн — Хъæвдын æлгъæд уыд маст исыны цинæй, хъуыди ма йæ æрмæст йæхи мæлæт. Фæлæ йæ цæмæн бафæндыд йæхи марын æнахъом сабийы къухæй? Йæхи бон саразын цы уыд, йæхицæн цы ’мбæлд, уый цæмæн бакодта сывæллоны бар? Цымæ, фыссæгмæ гæсгæ, уый рæстаг тæрхон уыд, æви дзы арфдæр философон хъуыды æвæры? Фыдракæндтæ куы ахицæн сты, уæд ма сыгъдæг сабийæ цæмæн хъуыд лæгмар кæнын? Афтæмæй тæригъæд рæхысау цæгбæстытæй цæуы фæлтæрæй-фæлтæрмæ, иу удæй иннæмæ. Нæй йын аскъуыйæн уыцы æхсæнады, уымæн æмæ у йæ уавæрты фæстиуæг.

Ахæм æнæрухс хъуыды æвзæры радзырды кæронбæттæн нывæй дæр. Топпы хъæрæй банцадысты сæ зарынæй мæргътæ, атахтысты фыдбылызты ранæй дарддæр æмæ аныгъуылдысты сыфтæры. Зараг мæргъты бæсты фæзындысты сау халæттæ æмæ æнхъæлмæ кæсынц холы хæрынмæ. Цард æмæ фидауцы нысæнтты раивтой мæлæт æмæ сау миты нысæнттæ.

Фæлæ уый зæгъæн нæй, æмæ Арсены радзырдты ис зæрдæсасты хъуыдытæ. Кæд царды фыдракæндтæ цæуы æхсæнадон уавæртæй, кæд адæймаг уыцы уавæрты йæ зæрдæйы хæссы хæрам æмæ чъизи фæндтæ, уæддæр сæ фарсмæ объективон æцæгдзинадæй цæры рæсугъд æмæ уæздан хъуыддæгтæм тырнын. Арсены курдиаты тых уый мидæг ис, æмæ адæймаджы уды талынг фæндтæй рæсугъддзинадмæ тырнын æрдзондæр æнкъарæныл кæй нымайы. Уыцы æнкъарæны уæлахиз та æвдыст цæуы æрдзы фидауц æмæ йæ тыхты æнæхæлгæ æнусондзинады. Афтæмæй фыссæджы уацмысты раргом вæййынц фыдраконд æмæ æгъдæутты арф æмбæхст социалон уидæгтæ. Æнæ иу комкоммæ ныхас, æнæ цæхгæр азым æрхæсгæйæ, аивадон фæрæзтæй Арсен карз тæрхон хæссы æхсæнадон зианхæссæг уагæвæрдæн æмæ уымæй схизы æцæг аивады бæрзæндмæ.

Æддаг бакастæй æндæр уагыл фыст у радзырд «Цуанонтæ» (1902). Ам нæй æрхæндæг зæрдæйы уаг, уæззау хъуыддæгтæ. Уый хыгъд дзаг у хъæлдзæг юморæй, комедийы фæрæзтæй. Чи фæлæудзæн æнæ фæхудгæ дыууæ зæронды ныхæстæм, сæ чысыл бæллицтæм!

Дыууæ мæгуыр зæронды æрвылбон сæхи хурмæ тавынц куы Тедойы, куы Симоны дуармæ. Сæхи ирхæфсынц сæ лæппуйы бонтæ мысынæй, сæхицæй æппæлынæй. Æндæр сын сæ фадат ницы дæтты нæдæр исты аразынæн, нæдæр хъуыды кæнынæн, нæдæр, майдыма, хи ирхæфсынæн. Фæлæ сын мæнæ фæзынд ног койаг: сæ иу каркмæ зилы, иннæ — бабызмæ, «дыууæ зæрондмæ ног хъуыдытæ, ног мæт, ног цин фæзынди». Уымæй цыма сæ царды цыдæр мидис бацыд.

Уæвгæ, дыууæ лæгмæ вæййы æндæр ныхæстæ дæр. Æрхæссынц паддзахы кой, се ’лдары кой. Уыдон сын сты лæгдзинады бæрзонддæр æвдисæнтæ. Хæссынц æмбисæндтæ æлдар Гарсеваны зонд æмæ уæздандзинадыл.

Кæй кой кæнай — къæсæрмæ. Фæзынд æлдар цуанæй æд фæсдзæуинтæ. Зæрæдтæ сыстадысты, систой сæ худтæ, дæттынц æгъдау «уæздан» адæмæн. Ничи сæ æрхъуыды кодта, уый та уæзданы нысан нæу. Уый нæ, фæлæ сæ æлдары фырт Миха хынджылæг кæны, хуымæтæджы дæлгоммæ ныхæстæ нæ дзуры Тедойы лæдзджыты тыххæй: «Адон дын цы сты? Цыппар къахыл цæуын æнцондæр у, нæ? Бæх дæр, гал дæр афтæ фæцæуынц. Уыдон фæзмыс?»

Хъуыддаг ууыл нæ ахицæн. Фæцыд топпы хъæр, æртылд Симоны карк. Симон уый куы ауыдта, уæд «лæдзæгыл арфдæр æрæнцой кодта æмæ æнæзмæлгæйæ, йæ каркмæ кæсгæйæ, баззади». Сыхаджы маст худæджы хос фæци сыхагæн. Фæлæ бирæ нæ ахаста Тедойы цин дæр, йæ бабыз бахъуыд æлдары дзаджджын сихорæн. «Тедо йæ худынæй банцади, худ йæ сæрыл æркодта æмæ йæхи уæззау æруагъта бандоныл».

Тедо адæргæй не ’рбадт. Ам парахатдæр у ныв æмæ дзырдты мидис. Фыссæг Тедойæн æрмæст йæ хъыг не ’вдисы, фæлæ йæ ахаст дæр, кæмæй æппæлыд æмæ йын йæ цин чи айста, уыцы æлдармæ. Сыстад æмæ йæ худ систа, уæздан кæй æнхъæлдта, уымæн; ныр ын йе ’цæг цæсгом куы федта, уæд йæ худ æркодта æмæ сбадт. Æрмæст уымæй уыд равдисæн йæ зæрдæйы мастæн. Хуымæтæг нывты, чысыл аивадон мадзæлттæй фыссæг йæ хъайтарты раз систа, уæларвон кæй кодтой, уыцы æлдæрттæн сæ цæсгæмтты æмбæрзæнтæ. Афтæмæй ацы радзырды дæр Арсен аивады фæрæзтæй æвæры йæ рæстæджы стыр социалон проблемæ: мæгуыр лæгæн удыхосæн цы чысыл цин фæзыны, уый дæр ын æлдарад къæйныхæй атоны.

Æлгъин, фæлæ ирд ахорæнтæй дæсны фыст сты радзырды архайджыты сурæттæ, характертæ сты колоритон æмæ зæрдылдаринаг, дзырдтæ — рæстдзæвин æмæ мидисджын. Æвзаг афтæ арæзт у, æмæ дзы нæй иу уæлдай аивадон абарст, афтæмæй дзы æххæст æвдыст цæуынц фæлгонцтæ, æнкъарæнтæ, мидис. Уый та стыр дæсныйады нысан у æмæ фыссæджы къухы æфтыди, дзырдыл зæрингуырдау кæй куыста, уый фæрцы. (Æрмæст хатгай хуымæтæгмæ æгæр тырнын фыссæджы æркæны æвзаджы мæгуырмæ — иу цыбыр абзацы фондз кæнæ фылдæр хатты фæзæгъы мидисхæссæг иу дзырд). Уацмысы хицæн варианттæ куы абарай, уæд бæлвырдæй зыны фыссæджы куыст, зыны, йæ дзырд æлвæстдæр æмæ мидисджындæр куыд кодта, йæ хъуыды — цыргъдæр æмæ ирддæр, уый. Иууыл аивдæр арæзт та сты диалогтæ. Дзырдтæ æмæ сæ интонацитæ (ныхасы уаг) афтæ æвæрд сты, æмæ арф æвдисынц архайджыты психологи, сæ зæрдæйы уаг.

Симон каркмæ зилыны фæнд куыд скодта, хорз аргъыл æй ауæй чындæуыдзæн, зæгъгæ, афтæ йæ хæлары фарстæн дзуапп дæтты:

— Цы ми кæнын? Мæнæ карк нард кæнын, Джиуæргуыбамæ.

Куыннæ стæй! (Нæ дын зыдта, цы, Тедо йæ хæлары хъуыддæгтæ! — Дж. Ш.).

— Уæд цæуылнæ? Бæрæгбонмæ нын исты æргæвдын æнахуыр хъуыддаг, мыййаг, куы нæ у!

Цæйбæрц юмор ис ацы хуымæтæг ныхæсты, цæй хорз зыдтой дыууæ зæронды сæ кæрæдзи! Айдæнау кастысты сæ зæрдæтæм, афтæмæй фæлвæрдтой кæрæдзи мæстæй марыныл. Уым ис сæ характерты комизм.

Цыдæр хицонад ис «Цуанонтæ» æмæ зындгонд радзырд «Гигойы куадзæны» астæу куыд сæ мидисæй, афтæ сæ аивадон нывæзтæй дæр. Æрмæст ам фыссæг мæгуыр бинонты бæллицтæ сæмбæлын кодта æлдары хъомысыл нæ, фæлæ дины кусджыты мæнгардыл. Æлдæртты тыхмитæй сауджынты æнæуаг хъуыддæгтæ куыд æмбæхстдæр уыдысты дины хæрвы бын, афтæ сын Арсен лыстæгдæр æмæ бæстондæр æвзары сæ уидæгтæ, хъавгæ-хъавгæ сын сисы сæ цæсгомæмбæрзæнтæ, æмæ се ’цæг цæсгом гомгæрццæй аззайы адæмы раз.

«Куадзæнмæ ма дыууæ мæйы уыди, афтæ Гиго æмæ йæ ус Пело æрнымадтой сæ ис, сæ бон: каркæй, бабызæй, хъыбылæй, æмæ загътой:

— Табу Хуыцауæн, ис та нæм. Хъалонтæ-йедтæ куы ахицæн кæнæм, уæд ма нæм уæлдай зайы фондз карчы æмæ æртæ хъыбылы.

Афтæ бирæ уæлдай сæм никуы уыди, æмæ тынг фæцин кодтой лæг æмæ ус».

Ацы нывæй райдайы уацмыс. Фыццаг дзырдтæй бæрæг у мæгуыр бинонты æхсæнадон уæззау уавæр, сæ авналæнты къуындæгдзинад. Æмæ æнæбары папитæ куыннæ уой сæ цины сæр! Сæ бæллицтæ æмæ сæ хъуыдытæ дæр уымæн нæ хизынц сæ къуындæг уавæрты арæнтæй. Æмæ кæд сæ цин, сæ бæллицтæ, сæ ныхæстæ куадзæны хъыбылы тыххæй худæг сты, уæддæр не сты азымаг. Цардыуагæй аразгæ у зондахаст. Фæлæ уæддæр уый зæгъæн ис, æмæ мæгуыр бинонтæ сæ удты сыгъдæгæй (сыхæгтæ сæм хæлæг кæной, уыцы ныхæстæ дæр æнæхæрам сты, сæ бæрæгбон нывыл саразой, уымæ тырнынæй æвзæрынц) сты зæрдæисгæ адæймæгтæ, сæ уæздандзинадæй лæууынц бирæ уæлдæр сæ тугцъиртæй.

Дины мæнгдзинад хурмæ хæссын, йæ кусджыты сурæттæ бæзджын ахорæнтæй фыссын уыдысты Арсены курдиаты сæйрагдæр нысантæй. Уыцы хъуыддаджы та уыд фæлтæрд æмæ стыр дæсны. Сауджын Иосебы сурæт фысгæйæ, фыссæджы цыргъзонд сатирæ æмæ ирони рахизынц карз гротескмæ, уыимæ ныв арæзт цæуы адæмы критикон цæстæнгасæй («Адæм ма ныхасы дæр ракæнынц Иосебы гуыбыны кой, фæзæгъынц: раст уæртæ Иосебы гуыбыны йас, зæгъгæ»).

Æнæхсæст, гуыбындзæлæй æвдыст цæуы, «Хуыцауæн кусæм æмæ куы фæллайæм, уæддæр хъуамæ „фæллайæм“ ма зæгъæм» чи дзуры, уыцы сауджын. Фæлæ уыдон æрмæст æддаг æууæлтæ сты. Цардæгас адæймаджы фæлгонцæн та хъæуы миддунейы психологон уавæртæ равдисын. Æмæ Арсен дæсны аивадон фæзилæнтæй фегом кæны йæ персонажты зæрдæтæ, сæ хъуыдыты æцæг мидис. Бинонты цардыуаджы гæвзыкдзинад равдис, сауджыны зыд раргом кæн, стæй йын уæд æрымыс йæ сайæн ныхæстæ, йæ «цæстуарзон», «пайдайы» уынаффæтæ — ахæм сюжетон арæзты æххæстæй разынынц дины мæнгдзинад, йæ кусджыты дыдзæсгом æмæ дæлгоммæ митæ. «Фыд фаг хæрын хъæуы» — амон Гигойы хуызæн мæгуырæн æмæ йын йæ фæстаг комдзаг йæ дзыхæй аскъæф; «Куыдтæ стут, цы стут? Уæ сывæллон та куыд у?» — афтæ зæрдиагæй фæрс æмæ сабийы фæстаг цин скъах йæ зæрдæйæ, — уыдæттæ сты сауджыны митæ.

«Цуанонты» æлдар æргомæй байста дыууæ зæронды цин, «Гигойы куадзæны» сауджын хинæй байста бинонты цин. Дыккаг радзырды фæзынд ног архайæг — къаннæг чызг Мела. Саби уыны æнаккаг митæ, сæ уæзæй уæлдай тынгдæр фæрыст уый зæрдæ, æмæ уымæй фæарфдæр уацмысы эмоцион хъару.

Дыууæ радзырды архайджытæн нæй трагикон хъысмæттæ, нæй сæ æргом тох æмæ тугкалды нывтæ, уый хыгъд æддаг бакастæй хуызджын сты комизмы ахорæнтæй. Фæлæ ам трагизм ис хъайтартæн сæ царды мидисы, се ’хсæнадон уавæрты. Адæймаг чысыл ницæмæй амонд кæм уыны, йæ зæрдæйы фæстаг дыдзырухс ын тых æмæ хин кæм хуыссын кæнынц, куыннæ у трагикон уыцы цард!

Хуыздæр ран не сты Арсены иннæ хъайтартæ дæр. Кæмфæнды дæр царды цалх æмæ талынг æгъдæуттæ ссæндынц адæймаджы бæллицтæ, хорздзинæдтæм тырнын, сæттынц ын йæ зæрдæ, йе сфæлдыстадон хъару. Нæ сæттынц æрмæст цæрыны монц æмæ амондмæ æнхъæлмæ кæсыны ныфс. Фадат æмæ фæндиæгтæ нæ фидауынц, се ’хсæн цæуы иугæндзон тох. Уыцы тохы райсынц сæхи сæрмагонд хуыз адæймæгты характертæ, сæ психикон арæзт æмæ фыссæджы дæсны æрмдзæфæй свæййынц тæлмæнджын фæлгонцтæ.

Арсен никуы ахызт бæрзонд реалистон аивады домæнтæй, æмæ йæ уацмысты идейæтæхæссæг æдзухдæр вæййынц аивадон фæлгонцтæ, цыфæнды хъуыдытæ дæр нывæфтыд цæуынц бæлвырд адæймæгты характерты. Сæ фадæттæ, се ’хсæнадон бынæттæ æмæ архайд куыд алыхуызæттæ сты, афтæ фæйнæ хуызоны сты хъайтартæн сæ фæлгонцтæ дæр, æрмæст сæ иу кæны, иу цард æмæ-иу рæстæджы цот кæй сты, уыцы историон уавæр. Афтæмæй Арсены сфæлдыстады революцийы агъоммæйы ирон адæмы цардæн уынæм йæ бирæ фæрстæ; йæ радзырдтæ, хицæн къабæзтæ æвдисгæйæ, дæттынц иу царды уæрæх ныв йæ алы хуызты.

Уæззау æмæ сындзæхгæд у, Арсены рæстæджы мæгуыр хохаг адæмæй стыр цардмæ ахуыры фæрцы чи тырныдта, уыдон фæндаг. Ахуырдзауты æрхæндæг хъысмæтыл дзургæйæ, фыссæг æргом кæны æхсæнады хъæнтæ, адæмы ныллæг æмæ фæстæзад зондахаст. Капитализмы тæваг хæццæ кæнын байдыдта ирон æхсæнадмæ, уый йæхи уагыл арæзта æппæт дæр: адæймагæн аргъ кæнын, бинонты ахаст кæрæдзимæ, æппынфæстаг, уарзт дæр. Арсен хурмæ хаста уыцы æгъдæутты реакцион мидис, фелвæста-иу сæ фæлм уды æнкъарæнтæн æмæ сæ æвдыста се ’цæг хуызты. Алцы дæр æхца æмæ бынаты бæрзондæй баргæ кæм сси, уым æрдзон æнкъарæнтæ ивд цыдысты мæнгдзинад æмæ сайæн митæй, пайдайы æнхъæлцауæй. Журнал «Æфсир»-ы иу карикатурæйы чызг дзуры йе ’мбалæн, кæнæ афицер куы нæ уа, кæнæ студент, уæд мой нæ кæнын, зæгъгæ. Æмæ бады, æнхъæлмæ кæсы. Уый у зæрдæйы мæгуырдзинад æмæ къуындæг зонды æвдисæн.

Фыдæлты гуманистон æмбисонд «Хуыцауы хорзæхæй адæмы хорзæх хуыздæр у» рахызт ног арфæмæ: «Паддзахы хорзæх дæ уæд», кæнæ: «Афицер дæ Хуыцау скæнæд!»

Хъæуккаг лæппу Тего («Æнæном радзырд», 1903) реалон скъолайæ каникулты сæхимæ куы ссæуы, уæд ыл уыцы арфæтимæ сæмбæлынц адæм, йе ’мгæрттæ йæм хæлæгæй мæлынц, уынгты куы фæцæуы, уæд æм чызджытæ фæкæсынц кауы хуынчъытæй. Бинонты ’хсæн уæлдай аргъ ис сæ ахуырдзау лæппуйæн, суанг æй мад дæр кæны хъулон уарзт, кæны йын буцдæр хæринæгтæ. Æмæ куыннæ, кæд æмæ уый у се ’нхъæлцау, сæ ныфс, сæ кад! «Амондджын адæймаг у, йæ бонæй уæд!» — дзурынц хъæубæстæ.

Фæлæ цард тæбæгъы донæй хъауджыдæр нæу, уæлдайдæр мæгуыры амонд. Тего фæрынчын, скъола каст фæуын йæ бон нал баци. Иугæр афицер, инженер кæнæ дохтыр не сси, уæд кæй хъæуы? Æмæ йæм адæм сæ чъылдым аздæхтой, бинонтæн сси æцæгæлон, суанг ныййарæгæн дæр адджын нал уыди. Йæ бон уыд зæгъын Гоголы мæгуыр нывгæнæг Пискаревимæ: «О, как отвратительна действительность

Цард бамбарын кодта Тегойæн рæстæджы æппæты карздæр рæстдзинад — адæймæгты æхсæн бастдзинады бындур. «Хъуыды кодта Тего йæ цардæвæрды тыххæй. Æцæгæлæттæ æмæ дард хæстæджытæ цыфæнды кæнæнт. Уыдон ын стыр лæг суын æнхъæл куы уыдысты, уæд ын йæ зæрдæ æлхæдтой: чи зоны, искуы куыд вæййы, цы вæййы... Ницы дзы рацыди, зæгъгæ, уæд та йæм сæ чъылдым сыздæхтой. Фæлæ мæнæ йæ ныййарджытæ, йæ фыд, йæ мад! Уыдоныл та цы ’рцыди? Буц митæ, буц хæринæгтæ ферох сты. Комкоммæ йын нæма зæгъынц, зæгъгæ сын сæ кæрдзын лæвар хæры. Уый нæ, фæлæ йæм рæстмæ дзургæ дæр нал кæнынц... Уый дын хионы уарзондзинад. Кæд дæм исты æнхъæлмæ кæсынц, уæд хорз, кæд нæ, уæд æцæгæлонæй фыддæр...»

Тæбæгъы дон куыд ивы, афтæ æнкъарæнтæ æмæ уарзт дæр. Тего та слæууыд йæ къахыл. Бамбæрста, йæ алыварс чи ис, уыдон уаг, уыдон зæрдæтæ. Раздæр сын хъуыддаджы гæххæттытæ фыста лæвар йæхи гæххæттыл. Бузныг дæр ын ничи дзырдта — æвзæрæн йæ куыстæн дæр цы кад ис! Ныр базыдта цæрын йæ рæстæджы домæнтæм гæсгæ. Иу хатт дæр нал кæны æнæ мызд. Фæзынд æм фæрæзтæ, æмæ та схорз и хъæубæстæ, бинонтæн. Хъусы та æппæлæн æмæ арфæйы ныхæстæ, фæлæ «ахæм ныхæстæн кæд Тего искуы аргъ кодта, уæддæр сæ ныр йæ хъусты фæрсты уагъта... йæ зæрдæ фæхъыг ис адæмы гæдыдзинадæй...»

Тего нал æууæнды адæймагон сыгъдæг æнкъарæнтыл. Ахæм моралон æмæ психологон уавæр ын йæ хъысмæт кæнынц трагикон. Йæ бинонтæй æнæбары чи фæцух, æцæгæлон горæты кæйдæр фæсдуар стонгæй чи мæлы, къæбæр бакусыны тыххæй йæ курдиат чи сафы, уый хъысмæт цæмæй у рогдæр, фыдæлты æгъдæутты амæттаг чи фæци, уыцы хъайтарты хъысмæттæй?! Æрмæст ам, ирон литературæйæн ног чи уыд, ахæм хуызты æвдыст цæуы ирон лæджы цард йæ хъыгтæ æмæ йæ сыгъд фæндæгтимæ. Тего кæд буарæй нæма амард, уæддæр йæ цард хæрд у, йæ зæрдæ — саст, уый та у адæймаджы егъаудæр трагеди.

Мæгуыр адæмæй рацæуæг интеллигенцийы хъысмæт хицон уыд Арсены сфæлдыстадæн. Фыссæг йæхæдæг бавзæрста йæ уацмысты хъайтартæ Тего æмæ Тотырадзы цард, уымæ гæсгæ сын равдыста афтæ бæстон се ’хсæнадон уавæртæ, сæ миддуне. Радзырд «Цыппар æмæ ссæдз боны» (1916) дæр гом кæны æхсæнад æмæ бинонты царды эгоизмы уидæгтæ. Æрмæст ацы уацмысы æргомдæр æмæ бæлвырддæр зыны социалон хъуыды.

Радзырды хъайтар Тотырадз каст фæци семинар, куыста ахуыргæнæгæй. «Æз нæ цæуын аргъуанмæ, сымах, куыд уæ фæнды, афтæ кæнут», — амыдта скъоладзаутæн. Уыцы хъуыддаг æгъгъæд уыд дины кусджытæн знаг фестынæн. Ахуыргæнæг уыйадыл сырд æрцыд йæ бынатæй. Бады æгуыстæй. Ноджы йыл бахæцыд тæфсæг, æмæ æрхауд Тегойы уавæрмæ. Æвæгæсæгæй сæфы йæ райгуырæн хæдзары. «Баихсыдис Тотырадз дыууæ азы дæргъы... Мæрдонхуыз цæсгомыл йæ цæстытæ хъилæй баззадысты» — ахæм тыхджын реалистон нывты æвдисы Арсен йæ хъайтары сурæт, йæ фадæттæ. Тотырадз дæр Тегойау æрцæуы, цард сæ æнæмæнг кæуыл æууæндын кæны, уыцы зæрдæсасты хатдзæгмæ: «Гæды сты, мæнг сты хæстæгдзинад дæр, уарзондзинад дæр, — дзырдта хинымæр Тотырадз.— Кæд бæзгæ æмæ хъæугæ дæ, уæд дын ис хæстæг дæр, уарзон дæр, кæннод дард дар дæхи».

Дуне куыд вазыгджын у, ахæм вазыгджын фæндæгтыл кæны Арсен йæ характерты истори. Уавæр ивы уавæры, æнкъарæн — æнкъарæны, ныфс æмæ зæрдæсаст, æнхъæлмæ кæсын æмæ гуырысхо æмдзу кæнынц, афтæмæй æппæтвæрсыгæй æвдыст цæуынц фæлгонцтæ æмæ уацмысты хъуыдытæ. Тотырадзмæ йæ талынгдæр бон фæзынд ныфсы дыдзырухс: сауджын ын бахæс кодта хъæуы цæрджыты номхыгъд рафыссын. Цыппар æмæ ссæдз боны фæкуыста, цыппар æмæ ссæдз боны æнхъæлмæ фæкаст, ног цард райдайынæн йæ зæрдæ кæуыл дардта, уыцы мыздмæ. Фæлæ фыдæнхъæл фæци. Лæппу йæ хуымæтæгæй нæ бадзырдта аргъыл æмæ йæ сауджын æгъатырæй фæсайдта.

Радзырды Арсен дæсныйæ архайы контрасты фæрæзтæй. Иу нывы сауджын æмæ диакъон стигъынц мæгуыр лæджы, иу сахатмæ цы хъуыддаг саразой, уымæн домынц туман, закъон, дам, афтæ амоны. Иннæ нывы сæхæдæг Тотырадзы уæззау куыстæн фидынц æртæ сомы. Ам фæзыны ног архайæг, аргъуангæс Дзибо. Цыбырзонд æмæ адæймаджы сæрыстырдзинад, мæгуыргурау, ницæйаг лæвæрттыл чи ауæй кодта, ахæм адæймаг. Уый нæ, фæлæ цыфæнды чъизийыл дæр æлгъ чи нал кæны, ахæм æдзæсгом фæсдзæуин, йæ лæггадæн ын сауджын абази куы авæры, уæд уый вæййы йе стырдæр цин, æмæ «ныр æртæ сомы уынгæйæ, хæлæг кодта Тотырадзмæ, дзырдта хинымæры: «Кæсыс уымæ, цас бакуыста!»

Ацы нывтæй зыны, иуæй, дин, закъон адæймаджы фæллой куыд эксплуатаци кодтой, уый; иннæмæй та (æмæ уый сæйрагдæр у) дзы æвзæры ахæм хъуыды, æмæ уыцы дунейы æнæмæтæй кæй цæрынц Дзибойы хуызæттæ, Тотырадзы хуызæн сыгъдæгзæрдæ адæймæгтæ та дзы сæфтмæ кæй цæуынц. Тотырадз ифтонг нæу, цы закъонты раз лæууы, уыдонимæ тох кæнынмæ нæдæр идейон æгъдауæй, нæдæр цæрынмæ цæттæдзинадæй. Кæд ын автор йæ дарддæры хъысмæт не ’вдисы, уæддæр бæрæг у: нæй йын цард æмæ амонд ссарæн дуджы тызмæг уылæнты астæу.

Рæстæг æмæ капиталистон æхсæнад адæймаджы сæфтмæ куыд тæрынц, уый ирдæй æвдыст цæуы радзырд «Царды зилдухæнты». Уыдон азарæй уæлдай фыдранмæ æрхауы сыгъдæгзæрдæ æмæ æдзæттæ адæймаг. Буцæ кæм схъомыл, уым ма фидар уыдысты мыггагон царды æгъдæуттæ, афтæмæй бахаудта стыр горæтмæ, æндæр, æнæзонгæ царды зилдухæнмæ, «нæ, ай æндæр дуне у», — æмбары йæхæдæг дæр. Фæлæ æнæбон у уыцы дунейы раз. Ахæм уавæрты тыххæй Ф. Энгельс фыста, ирландæгты цард дæнцæн кæнгæйæ, «... понятно... как ирландцы, внезапно попадающие со столь наивными представлениями родового строя в большие английские или американские города, в среду с совершенно иными нравственными и правовыми воззрениями,— как легко такие ирландцы оказываются совершенно сбитыми с толку в вопросах морали и права, теряют всякую почву под ногами и часто массами становятся жертвами деморализации».2

Санибайаг лæппу Буцæмæ бæрзонд æвæрд уыдысты цæсгом æмæ æнкъарæнты сыгъдæгдзинад, бинонты, стæй æгас хъæубæсты кад хъахъхъæнын. Зæрдиагæй бавнæлдта уæлдæр скъолайы ахуыр кæнынмæ, фæндыд æй хорздзинадмæ тырнын, фæлæ фæбырыд, фæкалд æцæгæлон моралы чъизитыл æмæ ныппырх сты йæ бæллицтæ. Фыссæг къахдзæфæй къахдзæфмæ æвдисы йæ хъайтары психологон уавæр, куыд хъахъхъæны йæ моралон идеалтæ, фæлæ йæ цард æмæ, йæ алыварс чи ис, уыдон хæстæгæй-хæстæгдæр куыд кæнынц сæхи дунемæ, уыдæттæ. Буцæ бафæрæзта цалдæр фæлварæны. Æнæуаг хæдзары æфсины узæлдæй æркалд йæ цæссыг, афтæ æфхæрд фæкаст хохаг лæппумæ хæлд сылгоймаджы фæндон. Дыккаг хатт йæхи бахызта хæрæндоны лæггадгæнæг чызджы æнæгъдау æнкъарæнтæй, йæ ирон æмбæлтты уайдзæфтæ æмæ цымыдисгæнæн ныхæстæн дæр ницы æнтыст.

Фæлæ уавæртæ сæ куыст кодтой сындæггай. Хæлд æмæ æнæфсарм равзæрстой æндæр фæрæз — рацыдысты фидауцы хуызы.

Уый ныхмæ æнарæхст разынд Буцæ. Ам та зæрдыл æрбалæууынц классикон литературæйы уацмыстæ, уæлдай дæр Гоголы «Невский проспект». Уым дæр мæгуыр нывгæнæджы сæфтмæ æркодта, фидауцы агъуды чи æмбæхст, уыцы хæлддзинад. «В самом деле, — фыста номдзыд фыссæг, — никогда жалость так сильно не овладевает нами, как при виде красоты, тронутой тлетворным дыханием разврата. Пусть бы еще безобразие дружилось с ним, но красота, красота нежная... она только с одной непорочностью и чистотой сливается в наших мыслях». Афтæ кæй у, Буцæйыл дæр сайд уымæн æрцыд.

Радзырды ис арф социалон мидис. Чъизихæсджытæ сты бонджын адæмæй. Буцæ æмæ уый хуызæн студенттæ та сты сæ амæттæгтæ. Аннæ Калашниковайы ныййарджытæн ис фондзуæладзыгон хæдзар, сæхæдæг цæрынц æрмæст дыккаг уæладзыджы. Уыцы чысыл хабарæй Арсен æвдисы хъал чызг Анеты кълассон бынат. Æмæ уый хуымæтæджы нæу.

Буцæ уыд зæхкусæджы фырт, уый зыны йæ алы хъуыддагæй дæр. Æвзæр низæй куы фæрынчын, уæддæр йæ царды мæт нæ кæны. Йæ бинонтæ æмæ йын йæ адæмы æхсæнмæ цæуын йæ цæсгом бар кæй нæ дæтты, уымæн амары йæхи дæр. Афтæмæй, кæд горæты чъизигæнæг æгъдæутты уацары бахауд, уæддæр йæ мæлæт уыди сыгъдæгзæрдæ адæймаджы моралон уæлахиз.

Буржуазон цардæвæрд сæфтмæ цыди йæхæдæг æмæ сæфтмæ тардта йæ амæттæгты дæр. Тазырæт сси прокурор (радзырд «Тазырæт»). Уый хъуамæ уыдаид амондджын, хъуамæ хызт уыдаид Буцæтæ, Теготæ æмæ Тотырадзты хъысмæтæй. Фæлæ дуджы закъонтæ базыдтой Тазырæтыл фæхудын дæр, бантыст сын уый цард сзыгъуыммæ кæнын дæр. «Нет на земле проступка без отмщенья», — фыста Гете. Æмæ уыцы философон хатдзæг адæймаджы хъысмæтæй арф æвдыст цæуы Коцойты Арсены уацмысы.

Автор йæ радзырд райдайы йæ хъайтары сурæтæй, афтæ дæсны йæ аразы æмæ нæ сцымыдис кæны архайдмæ, йæ хъысмæтмæ. «Йæ бакастмæ гæсгæ Тазырæтыл цыдис къаддæр 45 азы. Рæстæмбис йæ ас, уæнгджын, фæлæ тæнтъихæг. Фæлурс рустæ — мидæмæ хауд, зачъе — даст. Рихиты ма зынди иугай сау хъуынтæ.

Афтæ уыди йæ бакаст Тазырæтæн. Фæлæ ма цыдæр иртæста Тазырæты иннæ шофырты æхсæнæй — интеллигентон цæсгом æмæ стыр æнкъард цæстытæ. Уыцы цæстытæ-иу хаттæй-хатт æнахуыр æрттывд фæкодтой æмæ афтæмæй æвдыстой, Тазырæты зæрдæйы цавæрдæр стыр хъуыды арф кæй бады», уый.

«Стыр хъуыды» уыд фæсмоны катай. Тазырæт тæрхоны мидæг æнæбары æруагъта рæдыд, æнæаххосæй ауыгъд æрцыд, æппæт факттæ кæй зылын кодтой, уыцы лæппу. Æрæджиау базыдта прокурор йæ рæдыд. Нал ын уыд срастгæнæн. Азымджын хъуамæ æфхæрд цæуа. Тазырæты фæзылын кæнын æмæ бафхæрыны хæс йæхимæ нæ райстаид закъон, тæрхондон. Уыцы хъуыддаг хорз зыдта Арсен. Фæлæ зыдта æндæр хъуыддаг дæр: ис уыдонæй растдæр æмæ бæрзонддæр тæрхондон — цæсгом æмæ æфсармы тæрхон. Уыдон моралон хъизæмарæй æфхæрынц зылын æмæ фыдракæнæджы.

Арсен стæм хатт, фæлæ арæхстджынæй пайда кодта реалистон радзырдты романтизмы фæрæзтæй. Ацы уацмысы æнæниз адæймагмæ æндæрг кæй фæзыны, уый романтизмы æууæлтæй у. Ахæм аивадон фæзындæн ис эстетикон æмæ социалон бындур. Аивадон æмæ царды рæстдзинад домдтой фыссæгæй иунæг уырнинаг фæрæз равзарын — уый уыд хъайтары моралон удхæрттæ психологон уавæрты равдисын.

Ацы ран Арсен æвæры философон æмæ гуманистон хъуыдытæ. Иуæй, алы адæймаг дæр дзуапдæттæг у йæ митæн, йæ хъуыддæгтæн, уæлдайдæр та, æндæр адæймаджы хъысмæт уыдонæй куы арæза, уæд. Иннæмæй, Тазырæт прокуроры куыст кæй ныууагъта æмæ шофырæй кæй кусы, уыцы хъуыддагæй æвзæры ахæм хъуыды, æмæ адæймаг æрмæст æнæзæрдæхудт куысты вæййы цард æмæ амонды аккаг.

Царды зилдухæнты сты Арсены хъайтартæ иууылдæр, æмæ, кæд се ’ппæтыл «тохы бон» не скæны, уæддæр вæййынц трагикон уавæрты. Æцæг тохы бон скодта, ахæм ном кæмæн ис, уыцы радзырды хъайтар Додтийыл. Мæгуыр кусæг лæг горæтмæ аласта сугтæ. Сæ аргъæй сын хъуамæ бамбæрзтаид йæ хæдзары хъуæгтæ. Фæлæ та Додти дæр фембæлд царды чъизитыл æмæ ныссагъд сæ фыдбылызты. Дуканийы хицау ын æдзæсгомæй исы, уæззау куыстæй цы æртæ сомы самал кодта, уыдон. Уый нæ, фæлæ ма йын бафхæрдта йæ хиуарзондзинад, йæ национ намыс. «Додти йæхи æмбарын куы байдыдта, уæдæй фæстæмæ зыдта, паддзахы хицæуттæ сæхицæн хæсыл кæй нымайынц хæххон адæмы æфхæрын, зыдта, Кавказмæ цы уырыссæгтæ æфты, уыдонæн дæр сæ хъæздгуытæ ахæм зондыл хæст кæй сты», — фыссы автор.

Хъуыддаг æцæгдæр афтæ рауад. Гуыбынджын дуканигæс бафхæрдта Додтийы. Додти та ирон æгъдауыл хæст уыд: æфхæрдæн — æфхæрд. Амардта йе знаджы. Алыгъд Сыбыры тасæй, сфæнд кодта абырæг ацæуын. Фæлæ йын нæ бантыст. Æрхъула йыл сты базаргæнджытæ. «Уым Додтийы зæрдыл æрбалæууыди, сæ хъæуы-иу куыд мардтой æрра куыдзы»... Цыппар баисты, мæгуыр лæг, йæхи хъахъхъæнгæйæ, æнæбары кæй амардта, уыдон. Фæлæ цы кæна! Кусæнгарзы бæсты йын райсын кодтой хæцæнгарз, лидзы æмæ йæ нæ уадзынц, сурынц æй, цæвынц æй. Æмæ ахæм сахат æмбæрстгонд у йæ фæстаг фæндон: «Æй-джиди, адон æппæтæн иу хъамайы цæфæй барæхойæн куы уаид!» Афтæ уыд 1934 азы рауагъд тексты. Уый нæ уыд тугмондаджы фæндиаг, уый уыд тыхст уды уынгæг хъæр.

Зæрдæхалæн сты, Додтийы куыд марынц, уыцы нывтæ. Нæ, ацы базаргæнджытæ сырддондæр сты Хъæвдын æмæ Батырадзæй! Радзырды ахсджиаг аивадон фæрæз у куыдзы фæлгонц. Куыдзы номæй дзурынц хохаг лæгмæ, маргæ дæр æй куыдзы мард кæнынц. Фæлæ мæгуыр кусæг лæг зынаргъ кæны йæ цард æмæ йæ сыгъдæг намыс. Цæрыс, уæд кадимæ, мæлыс, уæддæр афтæ.

Уацмысы Арсен æргом кæны колонизаторты шовинистон цæсгом, хицауады æнаккаг æмæ дыдзæсгом политикæ. Иу зондыл хæст сты базаргæнджытæ æмæ городовой, закъон æмæ æгъдау хъахъхъæнæг. Кæмæ хъуамæ хастаид Додти йæ хъаст? Æфхæрды ныхмæ æрмæст йæ кардыл уыд зæрдæ дарæн. Хицауад сæхæдæг фыдгæнджытæ кæм сты, адæмты ’хсæн хæрам кæм тауынц, уым нæй мæгуыр лæгæн амонд, уым йæ хъысмæт у трагикон. Ахæм хатдзæг æвзæры радзырдæй.

Хицауады дыдзæсгомдзинад æмæ фыдракæндтæ ноджы арфдæр æмæ уæрæхдæр æвдыст цæуынц «Хæлæртты». Арсен радзырд раивта уырыссаг æвзагмæ, æмæ 1912 азы мыхуыр æрцыд Ленины «Правда»-йы. Ам хицауад сæхæдæг аудынц æвзæргæнджытыл, сæ фæд сын æмбæхсынц пайдайы тыххæй. Фыссæг фæрсæй-фæрстæм æвæры пъырыстыф æмæ абырæг Батырбеджы сурæттæ. Абырæг кæд фыдгæнæг у, уæддæр æй уыцы митæм, чи зоны, уавæртæ æркодтой; пъырыстыф та, йæ бартæй пайда кæнгæйæ, йæхæдæг сси фыдгæнæг. Абырæгмæ цыдæртæ баззад адæймаджы хорз миниуджытæй — лæгдзинад, ныфс, арæхст, æрхъуыдыдзинад, ныхасыл фидар хæцын, æмбалæн аргъ кæнын. Ам Арсен лæууы М. Горькийы традицитыл. Пъырыстыфмæ ницы ис уыцы миниуджытæй, уый у, чи йæ сфæлдыста, уыцы æхсæнады æввонгхор. Батырбег ын хуымæтæджы нæ равзæрста фыддæр æфхæрдæн, ницæйаг адæймаг кæй у, уый равдисын.

Арсен уыди стыр гуманист. Афтæ зыны, цыма йæ алы уацмыс дæр æвзæры адæймаг уарзынæй, уымæн ын кæсы лæмбынæг йæ хъуæгтæм, дзуры зæрдæбынæй йæ ристæ æмæ йæ сагъæстыл. «Нæ фыдбылызты фыддæр», — афтæ схуыдта Арсен ирæд («Æфсир», №4). Ирæд исыны реакцион мидис фыссæг æвдыста публицистон уацты, карикатурæты, аив радзырдты. Ирæд æмæ йæ фæстиуджытæ цæмæ кодтой, уый нывæфтыдæй уынæм «Афтæ дæр вæййы», зæгъгæ, уым.

Радзырды хъайтар Саугуди уыд сыгъдæгзæрдæ кусæг лæппу, бинонты дарæг. Уæззау куыст кæны æмæ чысылгай фиды ирæд бонджын лæг Хосдзауæн. Азтæ цæуынц, ирæдæн ахицæн не ’нтысыу йæ уарзон чызг Дзерассæйыл йæ къух сиса, уый та йæ бон нæу. Саугуди хъуамæ кæнæ чызджы скъæфгæ акæна, кæнæ мулк исты хуызы самал кæна. Лæппу хъаруйæ куыд æххæст у, афтæ рæсугъд у зæрдæйы кондæй дæр. Бæрзонд æвæрд æм сты намыс æмæ æнкъарæнты сыгъдæгдзинад. Йæ уарзоны аскъæфын æм кæсы худинаг, æгады нысан. Нæй цæсгомджын куыстæй исбон скæнæн дæр. Афтæмæй лæг æрцыд давыны фæндагмæ. Давы Саугуди йæ каис Хосдзауы фос æмæ йын фиды ирæд. Егъау ирæд дзы чи домы, гæвзыкмæ йæ чи тæры, уыцы хæстæгæй кæй давы æмæ йын фæстæмæ йæ хæдзарад кæй аразы, уым цыма фыдракондæй ницы ис. Афтæ уыд радзырды фыццаг варианты — «Цы фæци Асæхмæты ирæд» («Æфсир», № 7). Радзырд къæрис уыд æхсæнадон æмæ психологон мидисæй, нæ дзы зынд царды рæстдзинад, нæ уыд уырнинаг хъайтары хъысмæт.

Дыккаг варианты Саугудийы фæлгонц амад у реалистон аивады принциптыл, йæ психологон рæзт нын æрымысы Къостайы «Ахуыр». Арсен æрцæуы ахæм хатдзæгмæ: «Æвæццæгæн, афтæ арæзт у нæ цард, æвæццæгæн, ахæм бындурон уаг ис адæймаджы зæрдæмæ, æмæ галиу хъуыддæгтыл чи ацахуыр уа, уымæн фæстæмæ зын раздæхæн вæййы».

Афтæ рауад Саугудийы хъысмæт дæр. Давын цы нысаны тыххæй райдыдта, уый йын сæххæст, фæлæ галиу хъуыддаг йæ фæдыл сайы ноджы галиудæр ми. Фæмард давгæ-давын, нæ бафсæст цæрынæй, фыдраконды руаджы цы амонд арæзта, уый хъæбысы, йæ фæстаг ныхас ма уыд: «Хуыцау ма ныббарæд мæ каис Хосдзауæн: уый тыххæй фæцахуыр дæн давыныл». Уый уыд карз азым мæлинаг æгъдауæн — адæймаджы трагедийы æхсæнадон аххоссагæн. Фæлæ фыссæджы гуманистон хъуыды ууыл нæ фæци. Объективон аххосæгты фарсмæ уый тæрхонмæ хæссы субъективон аххосæгтæ дæр. Нæй ныббарæн æвзæрдзинадæн цыфæнды уавæрты дæр. Уыцы тæрхон зыны адæмы ахасты, радзырды кæрон ирд поэтикон нывы: «Æрбаласынц Саугудийы. Уæрдоны фæдыл ис адæм, фæлæ уыдонæй мардыл хъыг ничи кæны. Хъыг кæны йæ зæронд мад, хæрз иунæгæй чи баззади. Хъыг кæны рæсугъд Дзерассæ — æнафоны идæдз. Ахст бæлæттау къуымты раппар-баппар кæнынц сæхи. Русты туг риутыл уарынау кæлы. Дзыккутæ бындзыггай фæйнæрдæм тæхынц».

Бынтон æнæуынон уыдысты Арсенæн фыдбылызы мæнг уырнынад æмæ дзы чи пайда кодта, уыцы дæснытæ. Радзырд «Хины» уынæм æгæнон дæсны Айсæты фæлгонц. Трагедитæм æркæны йæ «куыст» мæгуыр адæмы. Талынг зондыл хæст бинонтæ нæ байхъуыстой сæ кæстæр Елберды ныхæстæм: гимназист сын амыдта, хъомрыны аххос хин кæй нæ у, уый, фæлæ фæстæзад адæмæн зондамонæг æдзухдæр æнæхуыцау, æрра æмæ æлгъыст вæййы. Афтæмæй Айсæты ардыдæй, хæларæй чи цард, уыцы дыууæ хæдзары бинонтæ систы туджджынтæ. Кæм худгæйæ, кæм хъыгзæрдæйæ фæдзырдта Арсен Къамады цæрджыты талынг митæ («Дадолты мæт»). Æмбисонды митæ сын кæны дæсны ус Биганон, сæ хъуæгтæй пайда кæнгæйæ. Сайы сæ, стæй сæххæстгæнæн кæмæн нæй, ахæм хостæ сын кæй амоны æмæ сæ хынджылæггаджы ранмæ кæй æркæны, уый ма уадиссаг нæу. Фæлæ йæ фантази æппындæр арæнтæ нæ зоны. Тиль Уленгипигель дзуттæгтæн базары зынаргъыл цы хостæ уæй кæны, уыдон цы сты, Биганон кæй æрымысыд, уыцы хосты раз?! Цынæ цъаммæрттæ нæ нуазын кæны чындз æмæ йæ ходыгъдтæн!

Биганонмæ бирæ ис Айсæты æууæлтæй, суанг сæ сурæттæ дæр иухуызон сты, фæлæ Айсæт цас къуымых æмæ æнарæхст у, уыйас Биганон та у дзырдамонд æмæ æрхъуыдыджын. Уыдон сты цардæгас фæлгонцтæ, фæлæ кæд Арсеныл искуы эстетикон æнкъарынад йæхи атигъ кодта, уæд æрмæст дæснытæ æмæ сауджынты сурæттæ фысгæйæ. Канд сæ митæ нæ, фæлæ се ’ддаг бакаст дæр вæййы æнæзæрдæмæдзæугæ, æлгъаг, вæййынц карикатурон.

Арсен йæ гуманизмы принциптæм гæсгæ стыр аргъ кодта адæймагæн, бæрзонд ын иста йæ уды фидауц. Чи зоны, уымæн æгъатыр у адæймагæн йæ лæмæгъдзинæдтæм, уымæн ын нæ бары йæ хъæнтæ, йæ талынг митæ. Уарзондзинад у иууыл бæрзонддæр æнкъарæнтæй, зæрдæ сыгъдæг æмæ хъæздыг кæмæй кæны, рæсугъд æмæ сгуыхт хъуыддæгтæм разæнгард чи кæны, ахæм тых. Уый тыххæй бирæ уацмыстæ нæй Арсены сфæлдыстады.

Романтикон хуызджын ахорæнтæй конд нывты æвдыст цæуы уарзондзинад радзырдтæ «Рæдыд» æмæ «Ханиффæйы». Арсены фæлгонцтæ сты удæгас адæймæгтæ, уымæ гæсгæ сын сæ архайд, се ’нкъарæнтæн нæй исты схемæты бавæрæн, нæй цæуæн сæ бамбарынмæ бæлвырд над фæндæгтыл. Зæгъæм, цæмæн аивта Хъуыдинæ («Рæдыд») йæ фæнд æмæ Уырысбийы раз цæмæн равзæрста æндæр лæппуйы, цæмæн сразы, уый йæ аскъæфтаид, ууыл, стæй скъæфæг Уырысби куы разынд, уæд та ногæй уымæн цæмæн сразы? Ацы фарстытæй ирон критикæйы равзæрд, цал сыл дзырдта, уал ныхмæвæрд æмæ гуырысхойаг хатдзæджы. Афтæмæй чызджы уаг у хуымæтæг æмæ æрдзон. Александр Блок фыста: «И в каждом сердце, в мысли каждой — свой произвол и свой закон». Хивæнд зæрдæ цæуы æмæ цæры йæхи закъонтæм гæсгæ. Хъазты Хъуыдинæ федта æмбисонды рæсугъд лæппуйы, æрдхæрæны барæджы, — адæм ыл сæ цæст æрæвæрдтой. Амонд агургæйæ йæхицæн æппæты бæрзонддæр идеалмæ чи фæбæллы, уый чызгон, хивæнд зæрдæ куыннæ ацыдаид уыцы рæсугъд идеалы фæстæ? Фæлæ æрцыд рæдыд: скъæфæг разынд, кæцæйдæр фынау чи фæзынд, уыцы уазæг нæ, фæлæ хуымæтæг лæппу æцæг уарзтимæ. Боны срухсы райхъал чызг. Ракаст, фын æмæ æцæг кæрæдзийæ иртасын байдыдта. Бамбæрста сыгъдæг æнкъарæнты тых, æмæ уæд йæ зæрдæ аздæхт уыдон рæсугъддзинадмæ.

Уыцы ивæнтæ сты æрдзон, цардæй ист æмæ ницæмæй ныллæг кæнынц чызджы удыхъæд.

Романтикон уæлмонц æнкъарæнтæй, хæххон царды экзотикæйæ дзаг у радзырд «Ханиффæ» дæр. Фæлæ Арсены сфæлдыстады ис, дыууæ удгоймаджы ахаст æмæ уарзт æндæр, реалистон, хуызты чи æвдисы, ахæм уацмыстæ дæр. Уыдонæй уæлдай дзырддаг йæ рæстæджы сси «Цы уыдзæн, цы?», суанг ын æй йæ уацмысты æмбырдгæндтæм дæр нал хастой. Критиктæ радзырды федтой, царды, дам, типикон чи нæу, ахæм хъуыддаг. Афтæ уа цымæ?

Лæг ацæуы балцы, истæй аххосæй æнæнхъæлæджы раздæхы фæстæмæ (барæй, кæнæ æнæбары), базоны, йæ ус ыл иузæрдион кæй нæ уыд, уый æмæ фæисы йæ маст. Ахæм сюжет литературæйы у æнусон, цæуы суанг Гомеры замантæй абонмæ. Ис æнæнымæц дæнцæнтæ æрхæссæн (зæгъæм, Апулейы «Сызгъæрин хæрæг», «Эзопы цардафыст», «Мин æмæ иу æхсæвы аргъæуттæ», Боккаччойы «Декамерон» æмæ æнд.). Уæдæ кæд, мыййаг, ирон цард æмæ аивадæн у æцæгæлон? Уыцы сюжет ис Нарты кадджыты («Сатанайы рæдыд»), ис таурæгъты дæр — «Буры фырт Мæхæмæты кадæг».

Афтæмæй Арсены радзырды сюжет оригиналон нæу, фæлæ æппæт стыр фысджытау уый дæр сюжет аразы оригиналон æрмæгæй æмæ уый бындурыл скодта йæхи сæрмагонд характертæ æмæ фæлгонцтæ. Ам сюжет рæзы æддаг архайдæй нæ, фæлæ хъайтарты психологон уавæрты рæзтæй. Уый мидæг ис Арсены сфæлдыстадон æнтыст, йæ ногдзинад.

Хъуыдайнат базыдта йæ усы æнаккаг ми, базыдта йæ худинаг, фæлæ нæ тагъд кæны. Тæвд митæй йæ маст не ссыдаид. Уымæн у тасæфтауæг йæ ныхасы æнцад уаг.

— «Зæгъ-ма мын, мæ уарзон, дунейы циндзинæдтæй стырдæр æмæ рæсугъддæр кæцы у?» — бафарста Хъуыдайнат усы.

Ус исдугмæ ныкъкъуылымпы ис, стæй фæлмæн бахудти, йæ диссаджы урс дæндæгтæ ферттывтой, æмæ загъта:

— Ды æнæфсарм цыдæр зæгъынмæ хъавыс...

Лæг æм комкоммæ бакасти:

— Йе, усай, куыд дæм кæсын, афтæмæй ды раст дзуапп нæ ратдзынæ. Фæлтау мæхæдæг зæгъон: стырдæр æмæ рæсугъддæр циндзинад, æз куыд æмбарын, афтæмæй у маст исын... Уый æз абон бамбæрстон æмæ йæ абон бавзардзынæн.

Арф æвдисынц уыцы дыууæ ныхасы ус æмæ лæджы æнкъарæнтæ, сæ хицæн æмбарынæдтæ! Ис карз æмæ тæссаг рæстдзинад Хъуыдайнаты ныхæсты, уымæн æмæ сæ мидисæн ис æндæр, къаддæр тæссаг чи нæ у, ахæм фарс дæр: «Для человека нет большей муки, как хотеть отмстить, и не мочь отмстить» (Н.В. Гоголь. «Страшная месть»). Арсены радзырдмæ ма уыцы хорз миниуæг ис, æмæ нын не ’вдисы маст исыны уæззау нывтæ. Радзырд фæци, йæ гадзрахат æмæ йæ чъизи ми стыр æфхæрды аккаг сты, уый чи банкъардта, уыцы сылгоймаджы уынгæг хъæрæй: «Цы уыдзæн, цы? Цы уыдзæн?!» Уый æгъгъæд у, йæ эмоцион тых зæрдæмæ цæмæй бахъара, уымæн.

Арсен реалистон бындурыл йæ уацмысты æдзухдæр æвæры «рæстæджы риссаг фарстытæ». Уыдонæй иу уыд хохаг адæймаджы хъысмæт горæтаг царды — ног æхсæнадон уавæрты ног моралон æгъдæуттимæ. Уыцы фарст аивадон нывты федтам «Æнæном радзырд» æмæ «Царды зилдухæнты». Хæстæг сæм лæууы йæ идейон-аивадон мидисæй «Кæфхъуындар» дæр. Роман мыхуыр цыди «Рæстдзинады» 1923 азы. Газет хъусын кодта, зæгъгæ, рæхджы рацæудзæн хицæн чиныгæй. Фæлæ нæ фæзынд, газеты та кæронмæ мыхуыр не ’рцыд. Афтæмæй Арсены критиктæн фадат фæци романы тыххæй алыхуызон ныхæстæ кæнынæн, йæ мидис зыгъуыммæ кæнынæн.

Романы сюжет у къахыртæ. Фæлæ нын йæ композицион арæзт фадат дæтты, архайд куыд цыд, цæмæ æркодта æмæ цæуыл ахицæн, уый равзарынæн. Аивадон уацмысы архайд æнæмæнг фæвæййы йæ логикон кæроныл. Ам ис ахæм кæрон. Уынæм æй уацмысы райдайæны. Бæлвырд æмæ кæронмæ хæццæ у романы сæйраг хъайтар Хъуыдайнаты хъысмæт. Уый базыдта йæ бæллицты сæфт, йæ сыгъдæг уарзтæй йын фæхынджылæг кодтой царды чъизи æгъдæуттæ, хæлд удты хæрам; нæ ныббыхста худинаг, æвзæрдзинад æмæ амардта йæ æнахъом сабиты мады; афтæмæй йæхи къахæй æрцыд тæрхондонмæ. Йæ хуыз æвдисы, зæрдæйы стыр хъизæмæрттæ кæй бавзæрста, уый. Лæг йæ сывæллæтты фæдзæхсы хицауадыл, фæлæ ницæмæ æрдардтой мæгуыр лæджы тыхст, сабиты тæригъæд æмæ фыды ахæстоны бакодтой, уыдон та æрдиаггæнгæ баззадысты.

Ацы ныв æнæмæнг у романы кæрон. Ам ис, иуæй, логикон бастдзинад, иннæмæй, Арсены уацмысты арæзт æмæ сфæлдыстадон фæзилæнтæ бæрæгæй чи æвдисы, ахæм хатдзæг. Æмæ дзæгъæлы æвæрынц уацмысы иуæй-иу æвзарджытæ (Салæгаты Зойæ) ахæм фарстытæ: куыд æвдыст цыдаид романы сабиты хъысмæт, цавæр конфликттæ ма дзы рауадаид? Сæйраг хъайтары хъысмæт куы алыг вæййы, уæд ын фыссæг нал фæдзуры йæ хæстæджыты хабæрттæ. Хъуыдайнат æмæ йæ сабиты хабар та бæрæг-бæлвырд у: уыдон лæууынц æгъатыр цард æмæ йæ карз æгъдæутты раз, буржуазон цардæвæрд æмæ хæдхæцæг паддзахы закъонты раз. (Уыцы æгъдæуттæ æмæ сæ тæрхон цы сты, уый та федтам Арсены иннæ радзырдты). Лæууынц, аргъæутты æнæбон адæймаг кæфхъуындары раз куыд лæууа, афтæ. Цы ма уа уымæй æргомдæр æвдисæн сæ дарддæры цардæн?

Зæрдыл æрбалæууы иу ныв: Шнейдеры «Цагъардзинад» («Æфсир», № 4, 5-æм фарс). Хуымæтæджы йæ нæ бахаста Арсен йæ журналмæ. Уым дæр хъадаманты мидæг адæймаг лæууы тæссаг сау кæфхъуындары раз — цагъардзинады раз. Арсенæн æнæзонгæ нæ уыдаид йæ рæстæджы хъуыстгонд фыссæг А. Куприны уацау «Молох» дæр. Уым уырыссаг реалист тугмондаг залымы хуызы æвдисы капитализмы: «Вот он, — Молох, требующий теплой человеческой крови» — хъæр кодта уацмысы хъайтар Бобров, йæ мæллæг къухæй заводтæ æмæ арæзтæдтæм амонгæйæ. Ноджы нын Хъуыдайнаты ус Нинæйы фæлгонц æмæ йæ митæ æрымысынц Бобровы уарзон Нинæйы, æнгæс у сæ хæдзæртты уаг дæр.

Цыма ныв, уацау æмæ романы нæмтты аллегорийы цыдæр иудзинад ис, афтæ зыны. Куыдфæнды уа, уæддæр ацы хъуыды, Арсен кæфхъуындар сылгоймаджы хоны, зæгъгæ (Джусойты Нафийы хатдзæг3), уымæй хæстæгдæр у æцæгдзинадмæ. Ацы хъуыды, уымæй уæлдай, æвзæры канд романы мидисæй нæ, фæлæ Арсены æппæт сфæлдыстадæй дæр. «Фыдæлты æгъдæутты нывæндтæ» схуыдта йæ фыццаг роман, уацмыс фесæфт, фæлæ ахæм темæ лыг кæны бирæ радзырдты. Уыдон æвдыстой ссæдзæм æнусы райдайæны ирон адæмы царды иу фарс. Иннæ фарс та уыдысты капитализмы æгъдæуттæ; уыдон амæттæгты трагеди къаддæр нæ уыд, æмæ йæ Арсен нывæфтыд кодта йæ уацмысты. Æмæ, дыууæ фарсы куы баиу уой, уæд та цæйбæрц уыдзæн сæ зианхæссæг тых?! Афтæ ирон адæмон сфæлдыстады кæфхъуындар ныббады царддæттæг суадоны, æмæ адæм фæцæуынц сæфтмæ, æрвылбон сæ хуыздæрты амæттагæн хæссынц æнæфсис фыдбылызæн. Кæфхъуындар домы уднывæндтæ, цалынмæ мард не ’рцæуы, уæдмæ.

Афтæмæй Арсены романы мидис ахызт цардыуаг æвдисыны арæнтæй æмæ æцæг аивады фæрæзтæй æвæры социалон æмæ арф психологон фарстытæ.

Империализмы закъонтæ кодтой хæстытæм, реакцимæ, сæрибар хурх кæнынмæ, стонгмæ æмæ моралон æгъдауæй хæлынмæ. Арсен иттæг къæрцхъус уыд, капитализмы уыцы фæстиуджытæ хуымæтæг адæймаджы хъысмæтыл куыд зындысты, уый æвзарынмæ. Æддаг хабæрттæ арæх нæ дзуры, фæлæ уый хыгъд лæмбынæг æвдисы йæ хъайтарты зæрдæйы уаг, сæ психологон уавæры драматикон рæзт (радзырдтæ «Куыд мын алыгъд» æмæ «Хус къæбæртæ»). Фæстаг радзырды хъайтар Тембол у студент-медик, цæры Мæскуыйы, хъусы адæмы ныхæстæ Рæстæгмæ хицауады тыххæй, фæлæ йæ ницы æндавы йæхиуыл сагъæстæй дарддæр. Æрмæст йæхи удыл куы бавзæрста анархи æмæ реакцийы уæз, уæд базыдта, уыцы уагыл цæрæн кæй нал ис, уый. Фехъуыста большевиктæ кæй сыстадысты, тох кæй сцырын, уый, æмæ æрцыд ныфсы хъуыдымæ: «Цæвут, пулеметтæ! Цæвут, сармадзантæ! Цардæн уаг скæнут!»

Ахæм хъуыдымæ гуырысхо æмæ тасдзинæдты сæрты æрцыдысты Чысаны комы мæгуыр хъæуы цæрджытæ дæр («Æнхъæл нæ уыдысты»). Æлдар Леуан æртæ хатты фæфылдæр кодта хъалон, адæмы бон йæ бафидын нæу, æмæ сæм арвыста пъырыстыфы салдæттимæ, хъуамæ сын тыхæй ауæй кæной сæ фос. Зæронд зæхкусæг Гарсеван нæ ныббыхста ахæм æбуалгъ ми: «Бирæ фæфыстам мах æлдарæн, бирæ нын фæцъырдта нæ туг... Кæд Хуыцау Хуыцау у, уæд хъуамæ æмбара рæстдзинад æмæ зылындзинад. Кæд уый уыцы æгъдау не ’взары, уæд мах хъуыддаг нæхимæ исæм... Нæ ауадздзыстæм мах нæ фос ардыгæй!» Зæронды ныхæстæм йæ фырт ратыдта хуылыдз мих æмæ дзы æрцыд хистæр фæсдзæуиныл. Иннæтæ йæ сбастой, адæм та сæхи æнæуынæг скодтой.

Адæм сæхимæ нæма райстой сæ цардаразыны хъуыддаг, æмæ сын уымæн хъазынц сæ удтæй æлдар æмæ йæ хъузæттæ — пъырыстыф, хъæуыхицау, сауджын. Адæм се ’ппæт нæма райстой уæд Гарсеван æмæ йæ фырты зонд. Æрмæст хъæуы ахуыргæнæг æмбары хъуыддæгтæ æмæ æнхъæлмæ кæсы революцийы салдæттæм.

Ацы ран Арсен раст нæу иу хъуыддагæй: цæуылнæ хъæр кæны ахуыргæнæг адæмæн йæ сусæгдзинад? Революцион къордимæ баст кæй уыд, уый та цæмæй уа уырнинаг? Куыд ирд æмæ цардæгас сты æлдар, хъæуыхицау æмæ иннæ знæгты фæлгонцтæ, афтæ æгъуыз, æнæбæлвырд рауад ахуыргæнæджы фæлгонц. Ам бæрæгæй зыны Арсены сфæлдыстады лæмæгъ фарс — фыссæг революцион змæлдмæ хæстæг кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ йæ къухы нæ бафтыд революцион тохгæнæджы фæлгонц реалистон ахорæнтæй саразын. Хуымæтæджы нæ равзæрста, сæрибар æмæ рухсмæ тырныны гимн чи у, уыцы æмбисонды уацмысæн таурæгъы хуыз.

«Цæукъа æмæ фыркъа» Арсен йæхæдæг схуыдта радзырд-фантази. Йе сфæлдыстад иртасджытæ дзы уынынц М. Горькийы «Уарийы зарæджы» тæваг, хæстæг лæууы Гæдиаты Секъайы æмбисонд «Сæгъ æмæ сычъи»-мæ дæр. Темæ, кæй зæгъын æй хъæуы, рагон у, фæлæ йæ Арсен ахæм æвзаг, ахæм нывтæй снывæзта æмæ йæ систа классикон æмвæзадмæ; йæ архайды рæзт, йæ нывты æлвæст хъаруйы цыдæр ис Лермонтовы «Мцыри»-йы эмоцион æмæ поэтикон тыхæй. Лирикон афыст рахизы мидмонологмæ, монолог — æвиппайды динамикон архайдмæ; мивдисджытæ фæцæуынц фæд-фæдыл, архайд арфдæр æмæ тыхджындæр кæнгæйæ. Райсæм, цæукъа скъæтæй куыд алыгъд, уыцы ныв: «Уæд цæукъа æрлæууыди, скъæты рудзынджы раз, æрбадти, асхуыста йæхи зæххæй, атыдта рудзынг æмæ агæпп кодта кæртмæ».

Уыцы архайд рацыд, цæукъайы бæллицты тæмæн чи æвдисы, ахæм уæлмонц монологæй: «Уыцы кæрдæгджын къуыппытыл куы нæ фæхизон, мæ фæстаг къæхтыл лæугæйæ, хъæды бæлæсты сойджын къалиутæм куы нæ сивазон, быдыры сыгъдæг уæлдæфæй куы нæ аулæфон, къуыппытæ æмæ дзыхъхъытыл куы нæ фæгæппытæ кæнон, фæлмæн цъæх кæрдæгыл куы нæ атылдтытæ кæнон, уæд мæ мæ цард ницæмæн хъæуы — иухуызон, æнтъыснæг æмæ æгад цард смаггæнаг скъæты мидæг».

Алыгъд цæукъа йæ ныккæндæй мæйдар æхсæв, ныууагъта фыркъайы йæ ницæйаг мещанины амондимæ, бацыд тохы тугдзых бирæгъимæ, бавзæрста цард æмæ сæрибарыл тохы цин, йæ амонд. Рухсмæ тырныны монц ын ратта тых, æмæ фæуæлахиз йе знагыл, уымæй йын æхсызгондæр та уыд, тасдзинад кæй басаста, уый. Цæуы цæукъа хуры скасты размæ, «æнæ фæстæмæ фæкæсгæйæ, дарддæр æмæ бæрзонддæр, дарддæр æмæ бæрзонддæр. Хатгай фæкæлы, бæлæсты зыкъуыртæ æмæ йæ сындзытæ тонынц, фæлæ та уайтагъд фесты æмæ лидзы дарддæр. Мæнæ тар сыфтæры æхсæнæй фæзындысты хуры рухсы стъæлфытæ. Мæнæ хъæд фæци æмæ райгом ис арв. Цæукъа æрлæууыди. Йæ разы цы ныв разындис, уымæ баззади кæсгæйæ».

Афтæ — зынтæ, гуырысхоты сæрты ахизгæйæ, цард æмæ сæрибармæ тырнгæйæ — цæукъа бавзæрста æппæты егъаудæр цин — тох æмæ сæрибары цин. Уый федта рæсугъддзинад дунейы сконды. Афтæмæй Арсены радзырд-фантази у царды бæрзонд нысан, тох æмæ сæрибары зарæг, симфонийау дзы зæлынц хъаруджын мыртæ, сæ фидауцы хæссынц тыхджын æнкъарæнтæ æмæ уæлмонц хъуыдытæ.

Лæгдзинад æмæ рæсугъд удыхъæдыл зарæджы хуызæн у радзырд «Саломи» дæр, худинаджы бæсты йæхи уд æмæ йæ сывæллæттæн мæлæт чи равзæрста, уыцы мæгуыр хæххон сылгоймаджы æрхæндæг таурæгъ.

Октябры революци ныппырх кодта реакцион æгъдæутты, капиталистон мораль æмæ ахастыты экономикон æмæ социалон бындуртæ. Цард куыд ивта, афтæ ивтой адæмы æгъдæуттæ, сæ психологи. Фæлæ зын ивæн уыдысты ивгъуыд заманы традицитæ, уыцы процесс цыди уæззау æмæ зынтæй, хъизæмæртты æвзæрыдысты æмæ рæзыдысты ног, социалистон зондахаст æмæ удыконд. Уымæй пайда кодтой, зæронд мæлинаг традицитыл фидар чи хæцыд, ахæм адæймæгтæ — Мырзæг æмæ Бимболы хуызæттæ. Чеховы хамелеонау уавæртæм гæсгæ сæ хуыз ивгæйæ, уыдон тырнынц уæлдæр бынæттæм, мулк фылдæр ратонынмæ; хицæуттæ куы свæййынц, уæд та æнæуагæй пайда кæнынц сæ бартæй, политикон ныхасæй æмбæхсынц сæ чъизи, дыдзæсгом митæ, афтæмæй удхарæй марынц адæмы, тауынц моралон хæлддзинад.

Уыдонæн æмбалæн бæззы Тамарæ дæр, радзырд «Цы ’рцыдис Фæзыхъæуы æмбисæхсæв»-ы архайæг, æцæг уый фыдраконд æгъатырдæр æмæ тæригъæдджындæр у. Иннæ уацмыстæй хъауджыдæр йæ хъуыддаг хорз нæ рауад ацы радзырдæн — критикæ йыл сæмбæлд тызмæгæй, авторæн сси уайдзæфты хос æмæ никуыуал фæзынд йæ чингуыты. Сæйраг аипп уыдтой, йæ лæджы сывæллæтты марæг, Тамарæ, фæскомцæдисы кæй уыд, уый мидæг. Дзырдтой, зæгъгæ, фæскомцæдисонтæ не сты уый хуызæттæ, нæу йæ фæлгонц типикон. Уыцы азым раст уыд, фæлæ дзы хыгъд нæ цыд иу хъуыддаг: чи у Тамарæ æмæ цы хуызы у фæскомцæдисон?

Революцийы агъоммæ чызг афтыд Калакмæ. Стыр горæты царди уæгъдибарæй, афтæмæй фесæфта йæ цæсгом, йе ’фсарм, адæймагон æнкъарæнтæ, йæ зæрдæйы ма баззад æрмæст æгæнон монцтæ. Ахæмæй æрбацыд хъæумæ. Уый фехъуыста революци æмæ ног царды хабæрттæ, сæ мидис сын иннæ хъæууонтæй уæлдай не ’мбары, фæлæ сæ зоны йæхицæн пайда кæнын. Зæгъынц, зæгъгæ, йæхирдыгонау бамбæрста уый сылгоймаджы сæрибар. Растдæр зæгъгæйæ, йæхырдыгонау пайда кæны уыцы сæрибарæй. Йæхæдæг скодта йæхи фæскомцæдисон æмæ, цæмæй, куыд æй фæнды, афтæ кæна, уый тыххæй йæ митыл ахуыр кæны сылгоймæгты. 20-æм азты газеттæ арæх фыстой, уыцы хуызы бирæтæ кæй цыдысты фæсивæды къордтæм, уый тыххæй: сæ фыдмитæ æмбæхстой фæскомцæдисы номæй. Тамарæйæн нæй бастдзинад районы кæнæ æндæр организациимæ, йæ куыст ын нæй бæрæггæнæг. Æрмæст иу зынд фæкодта цавæрдæр «коммунист» æмæ уый дæр нæ равзæрста чызджы куыст, нæ йын ратта разамынд. Чи уыд, цы хæс æм уыд, уый бæрæг нæй. Бæрæг у æрмæст, кæй ницы йæм ис æцæг коммунисты æууæлтæй. Афтæмæй уæгъдибарæй цыд Тамарæйы халæн куыст — адæмы фыдæх кодта ног æгъдæуттæм.

Фыссæджы гуманизм нæ быхсы дурзæрдæ уæвын, искæй рыстмæ къуырма уæвын. Уыцы хъуыды зыны радзырды трагикон кæронæй, стæй æнамонд сабиты номæвæрæг зæронд лæджы хъысмæтæй. Фæлæ йæ адæймагуарзон арфдæр зыны радзырдтæ «Фембæлдысты» æмæ «Хъусойы». Фыццаджы æвдыст цæуы хуымæтæг, кусæг адæймаджы уды уæлахиз. Мæгуыр чызг зæрдæйæ разынд бирæ уæлдæр æмæ рæсугъддæр инæлары усæй. Сæ уавæртæ куы аивтой, уæд чызджы зæрдæйы тохы бацыдысты дыууæ æнкъарæны — маст исын æмæ ныббарын. Кæд хъуыды тынгдæр фыццагмæ тасыд, уæддæр чызджы æрдзон сыгъдæг æнкъарæнтæ, йæ адæймагон стырдзинад фæуæлахиз сты.

Есенины «Куыдзы кадæджы» аив æмæ эмоцион тых дывæрæй уынæм «Хъусойы». Хонынц æй сывæллæттæн фыст радзырд, цæрæгойты тыххæй.4 Фæлæ ацы классикон уацмысы хуызæн ирдæй никуы разындысты Арсены философон æмæ гуманистон хъуыдытæ. Уарзт æмæ рæсугъддзинадау, фыдæх æмæ хæрам дæр сты царды æцæгдзинад, арф сты сæ уидæгтæ уды сконды, хинæйдзаг у сæ архайд. Сыгъдæг, æназым сабиты бафтауынц, зæрдæбынæй кæй уарзынц æмæ сын зынаргъ чи у, уыдон цард аскъуыныныл. Хъусой сыл æууæнды, нæ йæ уырны, уыдон ын фыдбылыз саразой, уый, стæй хабар æцæгæй куы базыдта, уæд ацыд сабитæй æмæ амард, куыд ничи йæ фена, ахæм ран. Уый уыд йæ тæрхон адæймаджы фыд-зæрдæйæн. Фыдраконд сабиты къухæй кæй æрцыд, уый мидæг ис царды трагеди.

Арсен адæймæгты кæуинаг хъысмæттæ кæм æвдисы, уыцы радзырдтæ дæр сæ эмоцион тыхæй афтæ нæ нынкъусынц зæрдæ, æмæ уый хуымæтæджы нæу. Фыссæг йе ’ппæт сфæлдыстадон хъару ратта, зæрдæ цæуыл фæрисса, ахæм нывтæ скæнынмæ. Æрмæст афтæмæй суыдзысты лæгæн æнæуынон дурзæрдæ, хæрам æмæ æгъатырдзинад. Зæрдæ уыдоны уындæй куы рисса, уæд сæ, иуæй, йæхи фæхизы, иннæмæй та, сæ ныхмæ сысты. Уый мидæг ис радзырды оптимистон мидис.

Арсен йе сфæлдыстадон хъару фæлвæрдта литературæйы алы къабæзты, ныффыста дыууæ кадæджы адæмон таурæгъты бындурыл, ныффыста цалдæр къаннæг пьесæйы дæр. Драмон уацмыстæ Арсен нывæзта йæ радзырдты сюжеттыл. «Гигойы куадзæн» 1940 азы пьесæты Æппæтцæдисон конкурсы райста преми, бæрзонд аивадæй ифтонг сты «Гæдыйы къах цыбыр у» æмæ «Сау мигъ» дæр. Æвдыст сæ цæуы дин, мæнгуырнындзинад æмæ сæ кусджыты дыдзæсгом митæ. Куыд радзырдты, афтæ пьесæты дæр фыссæг сарæзта зæрдылдарæн фæлгонцтæ, арф психологон характертæ.

1940, азы Арсен мыхуыры рауагъта йæ фæстаг азты фæллой — уацау «Джанаспи». Уым æвдыст цæуы ирон адæмы цардæй уæрæх æмæ зынгæ историон цаутæ, архайд райдайы революцийы агъоммæ азты æмæ фæвæййы коллективизацийы рæстæджы. Уыцы дуг куыд вазыгджын уыд, афтæ вазыгджын уавæртæ æмæ фæндæгтыл цæуынц уацмысы архайджытæ дæр. Фыссæг къахдзæфæй-къахдзæфмæ æвдисы, хъæууон буржуази куыд рæзыд æмæ цардивæнты йæхи куыд дардта, уыцы историон процесс.

Уацауы фыццаг хæйтты хуызджын аивадон нывты уынæм хъæууон царды бирæ къабæзтæ, уынæм дзы Джанаспийы фæндаг — кулакы истори. Империалистон хæсты мæрдкъахы куыстæй сси мулкджын, мулкджынæй сси хицон хицауад æмæ дины кусджытæн, уыдон æххуысæй æнтыстджынæй кæны эксплуататоры æдзæсгом хъуыддæгтæ. Зыд æмæ кæрæф, хин æмæ кæлæн у уыцы адæймаг, тона кæнын куыд зоны, афтæ арæхсы йæ хуыз æмæ йæ митæ ивын дæр уавæртæм гæсгæ. Бирæ фæливæнтæ фæкодта, бирæ йын бантыст фыдбылызтæ аразын, фæлæ æнæбон разынд цард æмæ историйы раз.

Аив дзырды зæрингуырды æрмдзæф зыны уацауы бирæ сурæттæ æмæ хицæн нывтыл, фæлæ арæх фыссæджы лыстæг куыст рахизы газетон публицистикæмæ, афтæ зыны, цыма Арсены бон нæ уыд стыр уацмыс иу уагыл фæуын. Психологон æгъдауæй арфдæр хъуаг сты фæзминаг хъайтарты фæлгонцтæ дæр. Фæлæ Джанаспийы фæлгонц æмæ йæ царды аивадон нывæзт уыдысты зынгæ фæзынд ирон литературæйы.

* * *

Арсены уацмысты йæ рæстæджы цард йæ бирæ хуызты æвдыст æрцыд бæрзонд, реалистон аивады фæрæзтæй, йе сфæлдыстад у мидисджын æмæ фидауцджын, йæ фæлгонцтæ не сты историон цыртдзæвæнтæ, фæлæ — удæгас, афтæ сты йæ традицитæ дæр. Уый мидæг ис йæ курдиаты нысаниуæг нæ культурæйæн йæ ивгъуыд, йæ абон æмæ йæ фидæны рæзты.

Джыккайты Шамил

ФИППАИНÆГТÆ

1 Коста Хетагуров. Собрание сочинений в пяти томах, т. IV, АН СССР, М. 1960. С. 366.

2 Ф. Энгельс. Происхождение семьи, частной собственности и государства. Госполитиздат, 1945. С. 152.

3 Джусойты Нафи. Коцойты Арсен, Цхинвал, 1964, 52 ф.

4 Салагаева З. Четыре этюда об осетинской прозе. Издательство Ир», 1970. С. 201.

Уацмысты номхыгъдмæ »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.