Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Коцойты Арсен

ХАНИФФÆ

Раджы уыди уый. Стыр Кæсæджы, тар хъæды кæрон хибарæй лæууыди галуан. Æнахуыр адæмæй йæ рæзты чи цыди, уыдон дис кодтой уый конд-амадыл, — ныллæууыдысты-иу йæ комкоммæ фæндагыл æмæ æндæр цæуджыты фарстой:

— Кæй у ацы диссаджы галуан?

Дзуапп сын-иу раттой:

— Уый у хъæздыг æмæ цытджын кънйаз Дзанхоты.

— О... о... фехъуыстам Дзанхоты тыххæй, фехъуыстам уый хъæздыгдзинады, уый кады тыххæй! — загътой-иу æнахуыр адæм æмæ сæ фæндаг дардтой дарддæр.

Галуаны тигъыл стыр фæндаджы ’рдыгæй дардмæ урс дардта рæсугъд, дыууæуæладзыг агъуыст. Уыцы агъуыст Дзанхот самадта йæ иунæг чызг Ханиффæйæн.

Ханиффæ арæх бадти уым рудзынджы раз æмæ-иу уырдыгæй фæлгæсыди дардмæ, хъæдтæм, фæндагыл цæуджытæм, мæйрухс æхсæвы-иу, хъуыдытæгæнгæйæ, стъалытæм касти... Сæрд-иу куы ралæууыди, уæд Ханиффæ йæ кусæг чызгимæ галуаны алыварс цъæх нæууыл хъазыди, дидинджытæ тыдта. Афтæ, æнæмæтæй, хъæлдзæгæй арвыста йæ чысылы бонтæ.

Ханиффæйыл фынддæс азы куы ацыди, уæд æгас Кæсæджы нæ, фæлæ дарддæр бæстæты дæр дзурын байдыдтой йæ рæсугъддзинады тыххæй. Æгас Кæсæджы æмæ йæ алыварс бæстæты дæр усгурты дзæбæхтæй бирæ нал баззади ахæмтæ, Дзанхоты хæдзары чи нæ балæууыди, Ханиффæйыл чи нæ сдзырдта.

Уыдон се ’ппæт фæстæмæ-иу дзуаппимæ здæхтысты:

— Нырма йын афон нæу, мой нæма кæны.

Хъуымыхъы хъæздыгдæр, кадджындæр хантæй, Кæсæджы зынгæдæр кънйæзтæй бирæтæ дыууæ-æртæ хатты сдзырдтой Ханиффæйыл æмæ уыдон дæр фæстæмæ уыцы дзуаппимæ цыдысты.

— Нырма йын раджы у. Мой нæма кæны...

Дзанхот афтæ тынг уарзта йæ чызджы, æмæ уый йæхæдæг цы загътаид, уыййеддæмæ йын тыхæй ницы бакæнын кодтаид. Уымæ гæсгæ-иу, лæппу йæ зæрдæмæ куы фæцыди, уæддæр-иу чызгæн зæгъын ницы бафæрæзта.

Уалынмæ сыстади Дæргъæвсы комæй Тогойты Тега. Уый уыди уыцы Тега, æгас Цæгат Кавказы, иу денджызæй иннæмæ кæй хъæбатырдзинады, сахъдзинады кой кодтой. Уыцы Тега, фæдис-иу куы фæцыди, уæд-иу фæдисонты æппæты разæй чи тахти йæ араббаг бæхыл. Уый уыди уыцы Тега, иу хатт æхсæз цæцæйнаджы кæй размæ бабадтысты, фæлæ йæ куы ауыдтой, уæд лидзæг кæмæй фесты; уыцы Тега, хæхбæсты рæсугъддæр чызджытæ кæмæ бæллыдысты. Сыстади уый ныр, йæ диссаджы араббаг бæхыл саргъ сæвæрдта æмæ араст ис стыр Кæсæгмæ Дзанхоты хæдзармæ.

Æмæ уæд адæм загътой:

— Гъеныр, гъе, Ханиффæ куырд фæци!

Ханиффæйы хъустыл дæр раджы ауади Тегайы кой æмæ йæ рагæй фæндыди уый фенын.

Дзанхот тынг бацин кодта Тегайыл, уымæй хуыздæр сиахсмæ уый бæлгæ дæр нæ кодта æмæ йæ фæндыди тынг, ацы хатт йæ буц чызг куы сразы уаид.

Чызджы зæрдæмæ дæр фæцыди лæппу æмæ хинымæр загъта:

— Ам ис мæ амонд.

Фæлæ йæ куы бафарстой, разы у, æви нæ, уæд иннæтæн цы дзуапп лæвæрдта, уымæн дæр та уый загъта:

— Нырма мой нæма кæнын.

Йæ рæсугъды кой æгæр кæй кодтой, лæппутæ йыл æгæр кæй дзырдтой, уымæй Ханиффæйæн йæ зонд адзæгъæл, цы кæны, уымæн дæр ницыуал æмбæрста.

Ныр уый Тегайы бауарзта, йæхинымæр разы уыди уымæ моймæ ацæуыныл, фæлæ ма йæ тынг фæндыди, цæмæй адæмыл айхъуыстаид: «Ханиффæ Тегайæн дæр нæ бакуымдта».

Гъе, уый тыххæй загъта ныр:

— Нырма мой нæма кæнын.

Тега дæр афтæ бамбæрста хъуыддаг, æмæ йыл дыккаг хатт куы сдзура, уæд бакомдзæн Ханиффæ, æмæ уый тыххæй ныр уыйас æнкъардæй нæ рараст ис Дзанхоты хæдзарæй.

Фæлæ йæ Ханиффæ афтæмæй нæ ауагъта.

Тега хæдзарæй куы рацыди, уæд барæй Ханиффæйы рудзгуыты комкоммæ йæ диссаджы араббаг бæхыл хъазын райдыдта.

Ханиффæ рудзынгæй касти. «Сахъ лæппу у, цы дзы загъдæуа», — загъта хинымæр. Фæлæ уыцы сахат иу хъуыды йæ сæры ауади... Йæхи рудзынгæй æддæмæ разынын кодта æмæ худгæйæ ныдздзырдта Тегамæ:

— Ха... ха... ха!.. Тега бæхыл зыгуымы голлагау фидауы!

Æрлæууыди бæх. Йæ сæр батылдта Тега, уæлæмæ скасти æмæ сдзырдта:

— Уæлæ хъал чызг, кæддæр дæ зæрдыл æрлæудзæн ацы бон!

Стæй йæ бæх ныццæфтæ кодта æмæ фатау атахти.

— Цæй æнамонд дæн! — сдзырдта хинымæр Ханиффæ.

Тега та уайтагъд хъæды æдде фæаууон ис.

Ханиффæ та Тегайæн фæзынын æнхъæл уыди, фæлæ афæдз аивгъуыдта, æмæ уæддæр уый никæцæй зынди. Уæд чызг хъынцъым кæнын байдыдта, бонæй-бон æнкъарддæр кодта.

— Цæй æнамонд дæн, — дзырдта-иу арæх хинымæр, — нал æрцæудзæн, нал... Мæ амонд мæ къахы фындзæй аппæрстон.

Цыма иумæ дзырд бакодтой, уыйау иннæ усгуртæ дæр Тегайы ацыды фæстæ æмгæрон нал цыдысты...

Уалынмæ айхъуысти Кæсæджы бæстыл æмæ æддæдæр, Ханиффæйы, дам, кæсгон кънйаз Тасолтан ракуырдта. Уый ма чызгыл раздæр дзырдта, фæлæ йын уæд нæ бакуымдта. Мыггагæй, хъæздыгдзинадæй Тасолтан Дзанхотæй дæлдæр нæ уыди, хъаруйæ та уый хуызæн æгас Кæсæджы дæр нæ уыди. Дзанхоты тынг фæндыди рагæй дæр йæ чызджы Тасолтанæн раттын, фæлæ чызджы куы нæ бафæндыди, уæд уый дæр ницыуал ской кодта.

Ныр Ханиффæ фыццагау нал загъта Тасолтанæн:

— Æз нырма мой нæ кæнын, — фæлæ æгæр тагъд дæр ма сдзырдта: — Разы дæн!

Дзанхоты бинонтæ байдыдтой чызджы цæттæ кæнын. Хурскастæй хурныгуылдмæ кусæг чызджытæ гауызтæ æмæ тынтæ нывæзтой, хуыдтой чындздзон дзаумæттæ. Зæрингуырдты хуыздæртæ арæзтой Ханиффæйæн рон, риуæгънæджытæ æмæ æндæр дзаумæттæ. Æвзаргæ гал, фыстæ æмæ кæрчытæ нысангонд уыдысты чындзæхсæвмæ.

Цас хæстæгдæр кодта чындзæхсæвы бон, уыйас Ханиффæ æнкъардæй-æнкъарддæр кодта. Бон-изæрмæ-иу галуаны къуымты кæнæ йæ алыварс разил-базил кодта.

— Рæхджы, рæхджы ахицæн уыдзынæн ацы хæдзарæй, нал уындзынæн мæнæ ацы бæлæстæ, ацы дидинджытæ...

Афтæ хъуыдытæгæнгæйæ, Ханиффæ иу хатт ацыди суанг доны былмæ, йæхи-иу кæм надта фыццаг, йæ кусæг чызджытимæ цъæх нæууыл-иу кæм ратул-батул кодта райдзаст бонты... Ныр цъæх нæууыл æрхуыссыны фæнд кодта Ханиффæ.

Къуыддæр йæ къаба æрбамбырд кодта æмæ йæхи æрцæйуагъта, афтæ йæ цæстытæ цæуылдæр аныдзæвдысты, ахæм цæуылдæр, æмæ фыццаг кæрдæнау афæлурс ис, стæй та суанг йæ хъусты онг йæ цæсгом ссыгъди... Уый уыди йæ зонгæ бæх, Тегайы бæх, — иуварс бæласыл баст уыди æмæ кæрдæг хордта.

Иу минуты бæрц Ханиффæ сагъдау аззади. Алыхуызон хъуыдытæ йын йæ сæр байдзаг кодтой, æмæ кæм ис, цы кодтаид, уымæн ницыуал æмбæрста. Фæндыди йæ лæууын æмæ Тегайы фенын, фæндыди йæ лидзын дæр.

— Лидзон! — загъта æппынфæстаг æмæ фæстæмæ фæзылди, фæлæ йæ цæстытæ комкоммæ сæмбæлдысты Тегайы цæхæр цæстæнгасыл...

Æнкъард уыди Тегайы цæсгом, йе ’рфгуытæ æлхынцъ, æмæ Ханиффæ тæссæй срызти.

Тега чызгæн йæ къух райста.

— Цом мемæ!..

Чызг араст и. Дзурынмæ хъавыди, фæлæ йе ’взаг нал тасыди. Иуæй, цин кодта, мæнæ, зæгъгæ, кæй уарзтон, кæмæ æнхъæлмæ кастæн, уый фæзынди, иннæмæй та, тæрсгæ кодта лæппуйы æрфгуыты æлхынцъæй.

Уалынмæ бæхмæ бахæццæ сты.

— Схиз, рæсугъд, бæхмæ æмæ цом! — сдзырдта Тега.

Чызг сæрдиаг кодта:

— Кæдæм мæ ласыс, кæдæм, куырд куы дæн!..

— Уый ницы хъыгдары... Æви афтæ фенхъæлдтай, æмæ дæ мæхицæн усæн скъæфын... Нæ, чызгай, уый уыди, фæлæ ныр нал ис. Уарзтон дæ кæддæр, æвзæрстон дæ зæрдиагæй мæхицæн усагæн... Фæлæ... Æрхъуыды кæн уыцы бон, рудзынгæй мыл уыцы стыр æфхæрд куы рауагътай... Нæ, хæйрæджы усæн ракурын мæ бон нæу... Фæлæ æфхæрд? Æфхæрд æз дыууæ æфхæрдæй исын ахуыр дæн.

Ауадз мæ, ауадз мæ! — сæрдиаг кодта чызг æмæ йæхи атон-атон байдыдта. Фæлæ, мыст гæдыйы ныхтæй йæхи куы тона, уый дæр уый хуызæн уыди. Иу къухæй фелвæста Тега чызджы æмæ сбадти бæхыл, стæй февзыста ехсæй æмæ сæ диссаджы араббаг бæх цæстыфæныкъуылдмæ тар хъæды фæаууон кодта.

Фæндагыл чызг йæхи æнæрæнцойæ атон-атон кодта æмæ хъæр кæныныл архайдта, фæлæ йыл Тегайы къух фидар хæцыди... Иу хатт Ханиффæ æвиппайды фæсабыр æмæ куыддæр æнахуыр змæлд скодта.

— А... мæ рæсугъд бæлон, хъама агурыс? — бафарста мидбылты бахудгæйæ, Тега. — Ма фыдæбон кæн, дæ дзæбæх сыгъзæрин хъама мæнæ мæнмæ ис. Ма йын тæрс, нæ дын фесæфдзæн, фæстæдæр дын æй ратдзынæн!

Иу тар ранмæ куы бахæццæ сты, уæд Тега бæх ныуурæдта. Рахызтысты.

— Ам æрбынат кæнæм, дарддæр нал ацæудзынæ ды, — загъта Тега.

— Ма мæ саф, Тега! — чызг æрдиаг кодта.

— Раджы ахицæн ис хъуыддаг... хъуыды ма кæныс уыцы бон? Уæд фесæфтай дæхи.

Уæд Ханиффæ иу къахдзæф фæстæмæ акодта, йæ сæр бæрзонд систа æмæ загъта, къухæй хъамамæ амонгæйæ:

— Тега, слас дæ хъама æмæ мæ ацы ран амар!

— Тега сылгоймæгты нæ мары.

— Уæдæ дын мæ дзырд: кæд афтæ æнхъæлыс, æмæ æз худинаггондæй моймæ ацæудзынæн, уæд дын зæгъын: рæдийыс... Зæгъын дын, моймæ ацæуын нæ, фæлæ уый фæстæ æз иу бон дæр нал фæцæрдзынæн. Равзар дыууæйæ иу: гъе мæ ацы ран амар, гъе мæ ауадз!

— Æфхæрд æфхæрдæй ист хъуамæ æрцæуа! — загъта Тега.

— Бæлвырд, æфхæрд æфхæрдæй ист хъуамæ æрцæуа! — загъта чызг дæр. — Фæлæ æз цы Тегайы тыххæй хъуыстон, йæ уæздандзинад æмæ сахъдзинады кой кæмæн кæнынц иу денджызæй иннæйы онг, уый æдых сылгоймаджы дзырдмæ æнæ байхъусгæ нæ фæуыдзæн.

Тега та сдзырдта:

— Зæгъ дæ ныхас, фæлæ дæ зæрдыл дар, æфхæрд æфхæрдæй ист хъуамæ æрцæуа.

— Бæлвырд, æфхæрд æфхæрдæй ист хъуамæ æрцæуа! — загъта чызг æмæ йæ æнгуылдзæй бриллиантын къухдарæн раласта.

— Айс ацы къухдарæн, чындзы ацыды фæстæ æз иу æхсæв дæу уыдзынæн!

Æнæ дзургæйæ Тега райста къухдарæн, авзæрста йæ кæстæр æнгуылдзыл, фæлæ йæ кæроныл дæр куы нæ цыди, уæд мидбылты бахудти.

Чызг йæхи баппæрста Тегамæ æмæ йæ æфцæджы ныттыхсти...

— Фæнды мæ, фæнды мæ, Тега, дæу куы уаин! — ныдздзынæзта чызг.

Фæлæ Тега бæхыл багæпп кодта, иу хатт ма фæхудти чызгмæ æмæ фатау атахти хъæды нарæг фæндагыл.

Ханиффæ касти йæ фæдыл, касти, цалынмæ уый хъæды аууон нæ фæци, стæй æнкъардæй араст ис сæхимæ.

***

Рацыди уæдæй æхсæз мæйы бæрц. Иу бон, изæр талынгты, Стыр Кæсæджы, Тасолтанты хъæумæ, фæсвæд фæндæгтыл фæцæйцыди барæг, нымæты æмæ басылыхъы тыхт. Хъæумæ ма йæ иу километры бæрц куы хъуыди, уæд бæх æрурæдта æмæ иу-дыууæ минуты бæрц, цыма исты хъуыды кодта, уыйау æнцад лæууыди, стæй æрхызти зæхмæ, бæхы йæ фарсмæ хизынмæ ауагъта, йæхæдæг та цъæх нæууыл æрхуыссыди.

Кæд талынг кæнын байдыдта, уæддæр ма бæлццоны цæст æвзæрста, ранæй-ран чидæртæ доны ’рдæм бæхты нуазынмæ кæй ластой. Æввахсгомау иу лæппулæг бæхæн дон бадардта, стæй, бæлццоны ауынгæйæ, уырдæм бараст ис, йæ бæхы рохыл хæцгæйæ.

Бæлццон сыстади.

— Æгас цу, уазæг!

— Хуыцауы арфæ дæ уæд!

Дæ фæндаг дын Хуыцау дæхи зæрдæйы фæндиаг уадзæд, фæлæ ныр æнафон у, æмæ кæд дард цæуæг, мыййаг, дæ, уæд хорз уаид, куы нæм бафысым кæнис! Дæ бæх дæр йæ фæллад суадзид, дæхæдæг дæр баулæфис, стæй райсом афæндараст уаис.

— Бузныг, хорз лæг, дæ уæздандзинадæй, бузныг уый тыххæй, уазæгыл афтæ иузæрдион кæй стут, фæлæ ахсæв мæнæн ам лæууæн нæй. Чысыл хъуыддаг мæ ис ацы хъæуы, æмæ уый куыддæр сæххæст кæнон, афтæ араст уыдзынæн фæстæмæ. Фæлæ ам дæуыл кæм фембæлдтæн, æмæ мын фысым кæм лæууыс, уым æз разы дæн дæ фысымдзинад райсыныл, æрмæст уæм æхсæв не ’рлæудзынæн, фæлæ мæ цы чысыл хъуыддаг ис, уый тыххæй мæ де ’ххуыс бахъæудзæн. Зæгъ мын, уæдæ, разы дæ уыцы чысыл æххуысыл?

— Куыд фæрсыс уый та?.. Зæгъ, цы хъуыддаг дæ ис!..

— Бузныг, бузныг дæ уæздандзинадæй... зæгъын дын, уæдæ... Нæ дæ фæрсын, чи дæ? Ма мæ бафæрс, чи дæн?.. Ам цæры Тасолтан, æрæджы ус чи æрхаста, уый?

О, ам цæры, ам, — къуылымпыгомау дзуапп ратта фысым.

— Цом уæдæ, уый хæдзармæ!

Ацыдысты.

Фæндагыл сæ иу дзырд дæр ничи скодта, цалынмæ хæдзармæ баввахс сты.

— Уæртæ уый у Тасолтаны хæдзар, — бацамыдта фысым.

— Уæдæ фæхæц ам мæ бæхыл, кæд дæ фæнды, уæд та йæ чысыл æддæдæр алас æмæ мæм иучысыл банхъæлмæ кæс!

Фысым иу дзырд дæр нал скодта, аласта бæхы чысыл æддæдæр æмæ уырдыгæй йæ цæст дардта уазæгмæ.

Уазæг комкоммæ бараст ис Тасолтаны уатмæ æмæ дуар бахоста.

Дуар байгом ис, усы цæсгом дзы фæзынди, æмæ уыцы сахат фæстæмæ фæаууон ис.

Фысымы хъустыл ауади уыцы ныхас: «Уазæгдон уæртæ фалæрдыгæй ис».

Уазæг дæр цыдæр сдзырдта, фæлæ афтæ сындæг, æмæ дзы бæхылхæцæг ницы равзæрста. Уыцы дзырдты фæстæ дуар ноджыдæр байгом ис, æмæ дзы бæхылхæцæг цырагъы рухсмæ ауыдта усы тарст цæсгом æмæ æрттиваг цыдæр уазæджы къухы.

Уазæг бацыди. Дуар ныггуыпп кодта. Минуты бæрц рацыди, æндæр нæ, уæд та дуар байгом ис, æмæ уазæг рацыди æддæмæ, йæ фæдыл та — уыцы ус, худгæйæ, рухсцæсгомæй.

Уазæг тагъдгомау бараст ис бæхылхæцæгмæ, йæ къух ын райста æмæ загъта:

— Бузныг, бузныг дæ уæздандзинадæй!

Фысым ницы сдзырдта.

Уазæг фæдис кодта фысымы æнкъарддзинадыл, иучысыл аджихау ис, стæй та загъта:

— Бузныг, бузныг дæ дæн, хорз лæг. Искуы дæ сæр куы бахъæуа, уæд-иу бæрæг кæн Дæргъæвсы комы Тогойты Тегамæ.

Уæд фæрухс ис фысымы цæсгом. Райста ноджыдæр уазæджы къух æмæ загъта:

— Фæндараст дæ Хуыцау фæкæнæд!

Уазæг бæхы идон æрбамбырд кодта, февзыста ехсæй æмæ фатау атахти æхсæвы талынджы.

Тасолтан та — уый уыди Тасолтан йæхæдæг — бæлццон чердæм афардæг ис, уыцырдæм иу къорд минуты кæсгæйæ баззади, стæй маст худт бакодта æмæ загъта:

— Ха... ха... ха... знон ус æрхастон, абон æм йæ уатмæ хæзгул æрцыди, уæдæ æндæр чи уыдаид?.. Æз та ам йæ бæхыл хæцын... Уымæй æмбисонддæр искуы æрцыди!..

Тасолтан йæ усмæ нал бацыди, фæлæ уыцы сахатыл бæхыл саргъ авæрдта æмæ араст ис уым хæстæг хъæумæ, йæ фыды хæлармæ, цæмæй баныхас кæна йемæ ацы стыр æмбисонды тыххæй. Уыцы зæронд лæг куы бамбæрста хабар, уæд загъта Тасолтанæн:

— Хорз бакодтай, дæ усмæ кæй нал бацыдтæ, уымæй. Уый, дунейыл цы хъуыддаг нæма æрцыди, ахæм у, æмæ, æнæ бæлвырдæй сбæрæг кæнгæйæ, хъамамæ æвналын пайда нæу.

Раст æмбисæхсæв Тасолтан æмæ йæ фыды хæлар бацыдысты Ханиффæйы уатмæ. Ханиффæ нæма хуыссыди: æнхъæлмæ касти йæ мойы æрцыдмæ.

Зæронд лæг райдыдта:

— Чызгай, цыдæриддæр æрцыди, уый мах зонæм сæрæй кæронмæ, фæлæ цæмæн æрцыди уыцы диссаджы хъуыддаг, уымæн ницы æмбарæм. Зæгъ нын æй, бамбарын нын æй кæн!..

Чызг комкоммæ бакасти зæронд лæгмæ æмæ загъта:

— Зæгъдзынæн, ницы басусæг кæндзынæн.

Æмæ радзырдта Ханиффæ, хъуыддаг куыд уыди, цы уыди сæрæй бынмæ. Æппынфæстаг загъта:

Бæлвырд, æз раттон дзырд Тегайæн æмæ мæ дзырд хъуамæ сæххæст кодтаин. Фæлæ фæзынди Тега, æрмæст мын мæ къух айста, ратта мын мæ къухдарæн, æмæ загъта: «Ды дæ абонæй фæстæмæ мæ хо... Цæр амондджынæй ме ’нæзонгæ ’фсымæр Тасолтанимæ!..» Уыцы ныхасыл Тега фæстæмæ фæзылди æмæ дуары æдде фæци... Зæгъут ныр сымах дæр уæ тæрхон!

Афтæ фæци Ханиффæ йæ ныхас. Къорд минуттæ уаты хъыпп-сыпп нал ссыди, æртæ дæр æнæдзургæйæ, æнæзмæлгæйæ лæууыдысты.

— Æндæр гæнæн ын нал уыди, — сдзырдта зæронд лæг.

— Æндæр гæнæн ын нал уыди, — загъта Тасолтан. — Хатыр дын уæд, усай!

Уыцы дзырдтимæ дыууæ лæджы рацыдысты Ханиффæйы уатæй.

***

Уыцы æхсæв Тега дис кодта, цæмæн æрæнкъард ис фысым, цæмæн фендæрхуызон ис йæ ныхас, фæлæ йæ бæхыл куы абадти, бузныг æмæ хæрзæхсæв куы загъта фысымæн, уæд йæ зæрдæ фехсайдта, кæд, мыййаг, Тасолтан йæхæдæг у.

Уæдæ кæд хъуыддаг нæ бамбæрста, уæд мæ маст исынмæ агурдзæн, — загъта хинымæр Тега, — æмæ йын мæхи куы нæ бацамонон, уæд мæ кæм ссардзæн? Хъуамæ ма бамбæхсон мæхи, — афтæ ахъуыды кодта Тега.

Уый тыххæй схъæр кодта Тега йæ ном, уый тыххæй загъта фысымæн:

— Сæр дæ куы бахъæуа, уæд бæрæг кæн Дæргъæвсы коммæ, Тогойты Тегамæ.

Йæ хæдзармæ куы ссыди Тега, уæд æрхъуыды кодта йæ балцы хабар æмæ загъта хинымæр:

— Бæлвырд, уый уыди Тасолтан йæхæдæг.

Тега æнæ хъусгæ нæ уыд Тасолтаны хъæбатырдзинады тыххæй, æмбæрста, уыимæ йæ зæрдиаг хæст кæй хъæудзæн, æмæ цæттæ дардта йæхи.

***

Иу бон Дæргъæвсгомы стыр фæдис фæцыди: чидæр аскъæфта фондзаздзыд сывæллоны.

Фæдисонты æппæты разæй фатау тахти йæ диссаджы араббаг бæхыл Тогойты Тега...

Мæнæ, мæнæ дыууæ-æртæ минуты ма, скъæфæджы баййафдзæн æмæ сывæллоны байсдзæн... Тега топп æргъæвдæй дардта, фæлæ йын багæрахгæнæн нæ уыди: сывæллоны ныццæвынæй тарсти.

Æвиппайды скъæфæг бæхы фæстæмæ фæзылдта, баурæдта йæ æмæ йæ рахиз къух уæлæмæ схъил кодта.

Дыууæ лæджы уайтагъд кæрæдзийы базыдтой.

Фыццаг сдзырдта Тасолтан:

— Тега, æз дæ равзæрстон мæхицæн æфсымæрæн. Бахатыр кæн, демæ мæ фæдисы фенын кæй бафæндыди. Хъусгæ бирæ фæкодтон дæу тыххæй, ныр та мæхæдæг базыдтон дæ хъæбатырдзинад, дæ уæздандзинад.

Рагæпп кодтой дыууæ дæр бæхтæй, ныхъхъæбыс кодтой, ныпъпъа кодтой кæрæдзийæн.

— Цом, Тасолтан, мæ хæдзармæ! Ацы бон у мæ царды бонтæн сæ хуыздæр, ацы бон у мæнæн стыр бæрæгбон!

— Цæуын, цæуын, ме ’фсымæры хæдзармæ, — загъта Тасолтан. — Фæлæ уый фæстæ ардыгæй иумæ араст уыдзыстæм мæ хæдзармæ дæр, хъуамæ дæ хоимæ дæр кæрæдзийы фенат.

ФИППАИНÆГТÆ

Мыхуыр цæуы «Уацмысты» текстмæ гæсгæ. Радзырды 1-аг вариант рацыд «Æфсир»-ы (№ 10, 1–11 фæрстæ), йæ сæргонд — «Ганиффæ», авторы ном нысан уыд — Ар. К. — Фæстæдæр ыл — кæд, уый бæрæг нæу — бакуыста ногæй, æмæ ацы вариант фæзынд — М-27, РÆ-34. Дыууæ варианты æхсæн ис зынгæ хицæндзинæдтæ. Фæстаг редакцийы, иуæй, йе ’взаг фæаивдæр, иннæмæй, бынтон æндæр хуызы æвдыст æрцыд хъайтарты архайд, æмæ сын уымæй автор бæрзонд систа сæ уæздандзинад, сæ лæджыхъæд, сæ удты рæсугъддзинад.

Чысыл ивдтытæ бахаста Арсен хъайтарты нæмттæм: Ганиффæ — Ханиффæ, Дзаххотт — Дзанхот; Тега фыццаг варианты уыд Уæлладжыры комæй, дыккаджы — Дæргъæвсæй. Цымыдисаг у мæнæ ацы ивд дæр: «Тега бæхыл лæмæгъ хыссæйы куклайы хуызæн фидауы!» — «Тега бæхыл зыгуымы голлагау фидауы!» (Цас аивдæр у æрымысгæ фæлгонцæй адæмон хуызджын ныхас!) Фæлæ сæйрагдæр ивæнтæ сты, уацмысы мидис æндæрхуызон чи кæны, уыцы бынæттæ. Мæнæ, Тега æмæ Ханиффæйы ’хсæн цы ’рцыд, уый æвдисæнтæ:

1-аг вариант

Бæхыл хæцæг цырагъы рухсмæ ауыдта иу усы худгæ цæсгом.

Уазæг бацыди. Дуар ныггуыпп кодта. Иу сахаты бæрц рацыдаид, уæд та дуар байгом и, æмæ уазæг рацыди æддæмæ, йæ фæдыл та уыцы ус, худгæйæ, рухсцæсгомæй.

2-аг вариант

Бæхыл хæцæг цырагъы рухсмæ ауыдта усы тарст цæсгом.

Уазæг бацыди. Дуар ныггуыпп кодта. Минуты бæрц рацыди, æндæр нæ, уæд та.., æмæ а. д.

Бынтон æндæрхуызон у фыццаг варианты кæрон. Ам æй мыхуыр кæнæм:

Æмæ радзырдта Ганиффæ, хабар куыд уыди, цы уыди — сæрæйбынмæ.

— Зæгъут мын сымах ныр, æндæр исты гæнæн ма мын уыди?

Афтæ фæци Ганиффæ йæ ныхас.

Къорд минуттæ уаты хъыпп-сыпп нал ссыди, æртæ дæр æнæ дзургæйæ, æнæзмæлгæйæ, лæууыдысты.

— Бæлвырд, æндæр хуыздæр гæнæн ын нал уыди, — сдзырдта зæронд лæг.

— Æндæр гæнæн ын нал уыди, — загъта йæ фæдыл Тасолтан дæр. — Фæлæ æфхæрд тугæй æхсинаг у.

— Ай-гъай, æфхæрд тугæй æхсинаг у, — загъта зæронд лæг æмæ сыстади бандонæй.

Дыууæ дæр рацыдысты.

***

Уыцы æхсæв Тега дис кодта, цæмæн æрæнкъард и фысым, цæмæн фендæрхуызон йæ ныхас,— фæлæ йæ бæхыл куы абадти, бузныг æмæ хæрзæхсæв куы загъта фысымæн, уæд йæ зæрдæ фехсайдта, кæд, зæгъгæ, ай Тасолтан йæхæдæг у.

— Уæдæ мæ ай маст исынмæ агурдзæн, — загъта йæхинымæры Тега, — агурдзæни, æмæ йын мæхи куы нæ бацамонон, уæд мæ кæм ссардзæни?.. Хъуамæ ма бамбæхсон. Бамбæхсын Тегайæн худинаг у.

Гъе, уый тыххæй схъæр кодта Тега йæ ном, уый тыххæй загъта фысымæн:

— Сæр дæ куы бахъæуа, уæд бæрæг кæн Уæлладжыры коммæ Тогойты Тегамæ.

Йæ хæдзармæ куы ’рцыди Тега, уæд æрхъуыды кодта йæ балцы хабар æмæ загъта йæхинымæры:

— Бæлвырд уый уыди Тасолтан йæхæдæг.

Тега æнæ хъусгæ нæ уыди Тасолтаны хъæбатырдзинады тыххæй, æмбæрста, уыимæ йæ зæрдиаг хæст кæй хъæудзæни, æмæ цæттæ дардта йæхи.

Тасолтан та æцæг зилын райдыдта Тегайыл. Уый афтæ загъта: «Æз нал æркæндзынæн бынат, нал бацæудзынæн мæ усы уатмæ, цалынмæ уыцы уæлладжырон зæххыл цæуа!..»

Иу бон Уæлладжыры фæдис фæцыди: чидæр аскъæфта фондзаздзыд сывæллоны.

Фæдисонты æппæты разæй фатау тахти йæ диссаджы араббаг бæхыл Тогойты Тега...

Мæнæ, мæнæ дыууæ-æртæ минуты ма, æмæ скъæфæджы баййафдзæни æмæ сывæллоны байсдзæн. Тега топп æргъæвдæй дардта, фæлæ йын багæрах гæнæн нæ уыди: сывæллоны ныццæвынæй тарсти. Æвиппайды скъæфæг сывæллоны зæхмæ æрæппæрста, æргæпп кодта йæхæдæг дæр æмæ сывæллоны аууонæй топп фæдардта Тегамæ.

Уый уыди Тасолтан. Тегаимæ ком-коммæ схæцынмæ йæ ныфс нæ хаста æмæ йыл хинæй рацыди. Уый хъуыста Тегайы хъæбатырдзинады тыххæй, хъуыста, фæдисы кæддæриддæр йæ араббаг бæхыл разæй кæй вæййы, æмæ сфæнд кодта бон сихорафон сывæллоны раскъæфын.

Ныр Тега топпы дзых йæхимæ арæзтæй куы федта, уæд бамбæрста Тасолтаны хиндзинад, бамбæрста, фæлæ уæддæр багæрах кæнын нæма уæндыди, сывæллонæн тæрсгæйæ.

Уалынмæ топпы хъæр фæцыди...

Диссаджы топпæхсæг уыди Тасолтан: ныхмæ хъавыди Тегайæн æмæ ныхы астæу ныццавта.

Хъыпп-сыпп нал сфæрæзта Тега.

Базгъордта йæм Тасолтан, йæ сæр ын хордзены авæрдта, багæпп кодта бæхыл, æмæ йæ цæст дæр нал ауыдта.

Уый æртыккаг бон Тасолтан, йæ сæр бæрзæндты хæсгæйæ, сæ хъæумæ куы фæцæйцыди, уæд адæм загътой:

— Худинагæй нæ баззади Тасолтан, йе ’фхæрд знаджы тугæй цæхсадта.

Уацмысты номхыгъдмæ »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.