Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Чиныджы цъæр

Чиныг уагъд цæуы æртыккаг хатт бакуыстгонд æмæ баххæстгондæй ООО «Проект-Пресс»-ы авторы фæндонмæ гæсгæ.

Тираж 3000 экз.

Подготовлено к изданию ООО «Проект-Пресс», 362020, г. Владикавказ, ул. Димитрова, 2.

Мамсыраты Таймураз

ДÆ МÆСЫГ САМАЙ

Нæ дуне æрцыд къуырцдзæвæнмæ. Сабитæ сæ ныййарджытæм нал хъусынц. Æвæццæгæн, хъаймæт æрхæстæг.

Æбæрæг дзуарылæг, Рагон Мысыр

Æрыгæттæ сты ронбæгъд, хистæртæм нæдæр хъусгæ, нæдæр сын аргъ кæнынц. Рæстдзинадыл сæ къух систой, æгъдæуттыл былысчъил кæнынц. Ничи сæ æмбары, стæй сæ нæ фæнды, цæмæй сын сæхи дæр исчи æмбара. Дунейæн хæссынц сæфт, æмæ суыдзысты йæ сæрсæфæн.

Мысыр, фараоны зæппадзыл фыст,
3500-æм аз нæ дуджы размæ


Ацы фæсивæд сты бынтон хæлд. Æрыгон адæм сты фыдхин. Стæй ницæмæ арæхсынц. Раздæры фæсивæды хуызæн никуы уыдзысты. Абоны æрыгон фæлтæр нæ культурæ нæ бахъахъхъæндзæн.

Рагон Вавилоны цы дурын ссардтой, ууыл фыст, 3000-æм аз нæ дуджы размæ


АВТОРÆЙ

Рæстæг куыд цæуы, афтæ адæймаг арæхдæр хъуыды кæны, кæм ис бынат ирон лæджы хæрзæгъдау удыхъæдæн ног дуджы?

Куыдæй ис сбæрæг кæнæн йæ ахадындзинад æмæ нысаниуæг аивгæ дунейы?

Стæй, цавæр уыдзæн XXI æнус йæхæдæг та? Мах йæ къæсæрæй бахызтыстæм, фæлæ нæ алфамбылай нæма акастыстæм. Æххæст ын нæма ’мбарæм йæ ногдзинад, хæдбындурдзинæдтæ æмæ, чи зоны, æхсызгон чи нæ уыдзæн, ахæм хъуыддæгтæ дæр.

Куыд цæрынмæ хъавæм дарддæр, нæ алфамбылай дуне дæсгай азты иу хатт нæ, фæлæ æрвылаз дæр куы ива, уæд?

Ацы фæрстытæн нырма дзуаппытæ нæма ис. Фæлæ бæлвырд у иу хъуыддаг: дуне ивынады ахæм тагъд цыдæн иунæг нырыккон бæстæ дæр æмæ иунæг абоны культурæ дæр нæ бафæраздзæн. Бирæ ивддзинæдтæ æрцæудзæн культурæйы, политикæйы, экономикæйы; гæнæн ис, æмæ аива нæ цæстæнгас, хорз цы у æмæ æвзæр цы у, уымæ, нæ алфамбылай æрдз æмæ адæймаджы хорз миниуджытæм. Фæлæ уыдæттæ куыд цæудзысты, уый зын зæгъæн у.

Фыццаджыдæр, адæймаджы цы хъæуы, уый — тагъдивæг дунейы цаутæм къæрцхъусдæр уæвын æмæ дзы хатдзæгтæ кæнын. Уымæн, æмæ раздæр ногдзинæдтæ æххæссыдысты цалдæр фæлтæрыл, уыдонæй алкæцы дæр йæхиуыл, йæ хъысмæтыл, йæ цардыуагыл къаддæр æвзæрста уыцы ивддзинæдтæ.

Æрцæудзæн егъау ивддзинæдтæ — æцæг ивддзинæдтæ. Уыдонимæ абаргæйæ, горбачевты æмæ ельцинты рацарæзтытæ зындзысты хи адæмæй æмæ паддзахадæй хынджылæг кæнынау.

Рæзты ног уылæнæн ницы хуызы ис бауромæн. Фæлæ уæвæн ис, æмæ, ныртæккæ зæххыл цы адæмыхæттытæ цæры, уыдонæй кæцыдæр бынтон фесæфа.

Цы хъæуы саразын, цæмæй наци ма батайа адæмты егъау «мæлдзыджыты губаччы» æмæ ма фæдзæгъæл уа историйы фæсвæд фæндæгтыл? Æппæты фыццаг, хъуамæ алчидæр йæ миддуне бацæттæ кæна æнахуыр æддагон ивддзинæдтæ банкъарынмæ. Уымæ æппæты цыбырдæр æмæ растдæр фæндаг — хи уидæгтæм раздæхын, нæ рагфыдæлты удыхъæды сыгъдæгдзинадыл æнцой кæнгæйæ.

Æхсидгæ интернационалисттæ æмæ, хи иннæтæй иппæрд кæныны ныхмæ чи у, уыцы ирæттæ хъуамæ уыимæ бамбарой, бæстæ æмæ æхсæнад цыфæнды хуызы куы рæзой, уæддæр нацийы фæллой æмæ курдиат æххæстдæрæй æмæ æхсызгондæрæй хъæуынц æрмæстдæр ам, нæхимæ, нæхи удыхъæды æмæ культурæйы хæзнаты ’хсæн куыд уой, афтæмæй.

Æнусты дæргъы ирæтты алы фæлтæрæн дæр тæссаг уыд иннæ адæмты ’хсæн батайынæй кæнæ бынтондæр фесæфынæй. Цæмæй уыцы хъуыддаг ма ’рцыдаид, уый тыххæй уыдысты хиуылхæцгæ æмæ æгъдауылхæст, кæрæдзимæ хъуыстой, кæстæрты ахуыр кодтой, сæхи алы уавæрты куыд дарын хъæуы, ууыл.

Уыцы æууæлтæй сты, зæххы къорийыл зынгæдæр цы адæмтæ ис, уыдоны æнгæс, æмæ ахæмæй хъуамæ баззайой абон дæр, дæсгай азты æмæ æнусты фæстæ дæр.

Чи зоны, ахæм адæймæгтæ дæр разына, афтæ чи зæгъа: ферох кæн уыцы традицион хæзнатæ, сæ рæстæг раджы фæцис. Ау, нæ йæ уыныс — æдзæсгæмттæ, хин, зыд æмæ сайæгойтæ царды сойтæ мæрзынц, ахсынц бæрзонд къæлæтджынтæ æмæ хъæздыгæй хъæздыгдæр кæнынц?

Хъуыды кæн æмæ дæхæдæг æвзар. Æз та мæ ныхас дарддæр кæнон.

Хистæртæ уарзынц се ’рыгоны бонтæй æппæлын æмæ абоны рæстæг фауын. Афтæ уыдис æртæ мин азы размæ, афтæ у абон æмæ, æвæццæгæн, уыдзæнис сомбон дæр. Мæхæдæг дæр ахæм зондыл хæст дæн, уымæн æмæ мæм афтæ кæсы, цыма мæ фæлтæр хуыздæр æмæ аккагдæр уыд; зынаргъ мын сты, хæрз æрыгон æмæ алцæуыл æууæндаг, æнæмæт æмæ амондджын куы уыдтæн, уыцы азтæ. Фæлæ алы фæлтæрæн дæр йæхи хъысмæт, йæхи фæндаг ис...

Дзурын фæсивæдмæ æмæ æрыгон нæлгоймæгтæм. Уæ алкæмæ дæр. Дæумæ, æрыгон адæймаг.

Ацы чиныгæй цы базонай, уый дæуæй бирæ æнустæ хистæр у, уымæ гæсгæ лæмбынæг æркæс æмæ ахъуыды кæн, дæ зæрдæмæ хæстæг æмæ дын æмбæрстгонд сты нæ хъуыдытæ æви нæ, ууыл.

Æнусты æмæ мин-мин азты дæргъы национ культурæ, историон таурæгътæ, ирон цардыуаг хæзнайау цы нæлгоймаджы фæзминаг миниуджытæ бахъахъхъæдтой, уыдон дæм куы уаиккой, уæд дын уаид стыр кад æмæ намыс.

Нырыккон дунеæвæрынады уавæрты сыл ма сыстырзæрдæ у æнæзындгонд XXI æнусы къæсæрыл.

Ирон лæджы æппæт хорз миниуджытæй хайджын уæвын бæллиццаг хъуыддаг у, фæлæ уымæн гæнæн нæй. Алцæмæй æххæст адæймаг никуы уыд, стæй уæвгæ дæр нæ уыдзæн. Æвæджиауы хидарынады миниуджытæ кæддæриддæр æнæлаз сты, уымæ гæсгæ сæм хæстæг бацæуын зын у.

Фæлæ æппæт уыдæттæ куы ’мбарай, уæд дæ царды фæндагыл цæудзынæ æдасæй, æнæцудгæйæ, æгады бынаты никуы уыдзынæ. Уый дæ рæдийын нæ бауадздзæн, не ’гъдæуттæ æххæст кæнгæйæ, уымæн æмæ æнæраст хъуыддаг æнкъардзынæ зæрдæйæ.

Бауырнæд дæ — æнæрхъуыды историон ми уаид, мингай азты фæлтæрддзинад дæм уæд æмæ алы дыууын-æртын азы фæстæ алцыдæр ногæй райдай.

Уымæ гæсгæ, цалынмæ æрыгон дæ, уæдмæ фæразон æмæ æнувыд у, бацархай, цæмæй уыцы хорз миниуджытæй фæхайджын уай. Сараз сæ дæ хæстон мæсыг — фидар удыхъæд æмæ рæсугъд зæрдæйы нысан.

Рæствæндаг у!

Мамсыраты Таймураз

ФÆСНЫХАС

Куыд федтай, мæ хæлар, афтæмæй, раздæр цы не ’рцыди, ахæм ног хабарæй ацы чиныджы ницы бакастæ. Кад æмбарынмæ цыдæриддæр хауы, уымæ нæ рагон фыдæлтæ уыдысты хæрз æмхиц.

Ды бафæрсдзынæ мæ царды искуы фембæлдтæн уæлдæрранымад миниуджытæй æххæст адæймагыл? Дзуапп ратдзынæн — нæ.

Фæлæ уый ууыл дзурæг нæу, æмæ тæппуддзинад, æнæфенддзинад, наци чи худинаг кæны, уыцы æппæт миниуджытæй тæрсгæйæ, алцæмæй æххæст уæвынмæ ма тырнæм.

Фидæны дунейы астæухъæд, æвæццæгæн, суыдзысты информацион технологитæ, электроникæ, уæлæрвты тыгъдад, фурды æрфытæ æмæ биоиндустри, нырмæ кæй нæма фехъуыстай, ахæм технологион ивддзинæдтимæ.

Æппæт уыдæттæ нæ къухы нæ бафтдзысты æнæ фыдæвзарæнтæй ног дзыллон культурæйы, раст æнкъарæнтæй чи фæиппæрд уыдзæн, ахæм адæмы фæзынды тасæй.

Цæмæй ныл уыдæттæ ма ’рцæуой, уый тыххæй уæндонæй райсын хъæуы æцæг нæлгоймаджы уæззау, фæлæ кадджын хæстæ. Цæмæй алчидæр тырна йæ адæмы кад уæлдæр кæнынмæ, адæм та кæддæриддæр æмдзу кæной дунеон цивилизацийы рæзтимæ, фæлæ сæхи рæсугъд æгъдæуттæй бæрæг уой иннæты æхсæн.

Нæ адæмы айразмæйы хъысмæт æмæ истори куыд æвдисынц, афтæмæй уый у зын, фæлæ, сæххæст кæнæн кæмæн ис, ахæм хæс.

Сæдæгай азты размæ дурæй конд хæстон мæсыг куыд хъуыдис, афтæ ног æнусы та хъæуы национ удыхъæды æнæфæцудгæ мæсыг.

Самай йæ дæ зæрдæйы!


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.