Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Чиныджы цъæр

Мамсыраты Таймураз

ДÆ МÆСЫГ САМАЙ

ФÆТК

Хъуыды йæ мадæлон æвзагыл чи нæ кæны, йæ райгуырæн уидæгты тых арф чи не ’нкъары, йæ фыдæлты æнусон куырыхондзинадыл чи не ’нцайы, уыцы æрыгон адæймаг йæхи хъуамæ ироныл ма нымайа...

*

Уазæгæн кад скæнын ирон лæгæн бархи хъуыддаг нæу, фæлæ — хæс. Уыцы хæс кæддæриддæр æххæст кæн зæрдиагæй, дæ уазæгæн æгасцуай зæгъ хъæлдзæгæй æмæ зæрдæрухсæй.

*

Уазæгуаты кæмæ уай, уый уавæр æмбарынхъом у. Ма йæ стыхсын кæн æнæхъуаджы, æгæр бирæ дæр æм ма бафæстиат у. Цыфæнды æххормаг куы уай, уæддæр дын цы хæринæгтæ æрæвæрдтой, уыдонæй алцæмæй дæр иучысыл æнæвнæлдæй ныууадз, æфсинæй та зæрдиагæй раппæл, уазæгуарзон кæй у, уый тыххæй.

*

Куыд гæнæн ис, афтæ архай, цæмæй дæ цæрæнбынат арæх ма ивай, уымæн æмæ алкæм чи ис, уый никæм ис.

*

Лæмбынæг хъус æмæ дæ зæрдыл бадар бинонты æмæ мыггаджы таурæгътæ. Зон, кæцæй рацыдтæ, уый, стæй дæ мыггаджы хуыздæр минæвæртты нæмттæ.

*

Ирон лæгæн кæд йæ фыд æгас у æмæ йæ хистæр æфсымæр зачъетæ нæ дары, уæд уымæн дæр не ’мбæлы зачъеджын уæвын.

*

Кæд æрмæст æнæдастæй цæуынæй æвдисы йæ хъыг фыдохы бон ирон лæг, уæд уый раст нæу.

*

Дæ фыдæлтæ сау куыд дардтой, уый у удхайраг хъуыддаг. Нырыккон царды æууæлты бафæраздзынæ саударæн бонты æнæ адæмæй, æнæхсадæй цæуын, сыгъдæг хуыссæны нæ хуыссын, худгæ чи кæны, уыдонæй дæхи иуварс ласын, сыгъдæг арвмæ не скæсын, иунæгæй хæрын, де ’нкъарæнтæ не ’вдисын? Нæ бафæраздзынæ? Уæдæ уæд дæ зачъетæ ныддас, уымæн æмæ дæ хъыг у мæнг, цæстмæ ми, худинаджы гакк. Дæ зæрдыл бадар: дæ зиан у æрмæст дæхи зиан.

*

Зианмæ цу, фæстаг фæндараст зæгъ хæстæджытæ æмæ, хорз кæй зыдтай, уыдонæн, æрмæст дæхи, куыд æмбæлы, афтæ дар. Дзур сабыр хъæлæсыуагæй, дæ къухтæ ма тил. Дæхинымæр бауайдзæф кæн, æнæхъуаджы хъарджытæ æмæ хъæртæ чи кæны, уыдонæн. Цыфæнды ныхасæй, цæстæнгасæй равдис, зиан кæуыл æрцыдис, уыдоны хъыгыл зæрдæйæ кæй риссыс, уый. Æрмæст æнæфенд фæкæны мæнг куыдтытæ. Йæ хъыг æмæ йæ рыст алкæмæ чи ’вдисы, уый у лæмæгъ адæймаг.

*

Зианмæ цæугæйæ ды æвдисыс, цард куыд у, афтæ йæ кæй æмбарыс, уый йæ зиантимæ, хъыг æмæ æнкъарддзинæдтимæ.

*

Хæс раттын кæнæ дæхимæ хæс райсын кæм хъæуы, бæрнондзинад чи хъомыл кæны, æрмæстдæр уыцы æгъдæуттæ кæн. Иннæтæ сты æгъдауы æфсонæй дæ гуыбын бафсадыны кæнæ дæхи равдисыны хос. Æцæг æгъдау кæцы у æмæ мæнг, цæстмæ ми, уый иртасын зон.

*

Тырн дæ хистæрæн, нæлгоймаг уа йе сылгоймаг, балæггад кæнынмæ. Уый кæн зæрдиагæй, аудгæйæ.

Уырыссагау | Дарддæр »»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.