Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Чиныджы цъæр

Мамсыраты Таймураз

ДÆ МÆСЫГ САМАЙ

ХÆРЗÆГЪДАУДЗИНАД

Царды ис, рæстæджы цыдимæ се ’рттывд æмæ ахадындзинад тынгдæр кæмæн кæны, ахæм æнусон хæзнатæ.

Кæд дæ дæхи уæззау рæдыдтытæй бахизын фæнды, уæд демæ фæндагмæ райс хæрзæгъдаудзинад...

*

Быхсон у. Быхсондзинад уарт дæр æмæ цирхъ дæр у. Уарт — æрвылбоны хуымæтæг цардæй æмæ æддагон фыдбылызæй. Цирхъ — де ’нкъарæнтæ æрбиноныг кæнынæн.

*

Кæд дæ уæлдай сагъæстæ æмæ сæрнизтæ нæ хъæуынц, уæд æнæхъуаджы дæхи тæссаг æмæ тыхджынæй ма ’вдис. Уымæн æмæ афтæ сæхи дарынц æдылытæ æмæ æнæхсæст адæм, уыдонæй та нæдæр амондджынтæ ис, нæдæр — аккæгтæ.

*

Кæд дæ зæрдæ «нæ» дзуры, уæд дæ былтæй хъуамæ «о» ма схауа. Мæнг æппæлд хæлардзинады хуызæн у. Фæлæ æрмæст «хуызæн».

*

Уадз æмæ дын адæм дæ цæсгомыл арæх уыной мидбылхудт, фæлæ дын дæ худт стæм хатт йеддæмæ ма хъусой. Афтæ — хъыджы рæстæг дæр: дæ цæссыг æруадз, фæлæ богъ-богъ нæ фидауы.

*

Хахуыртæм ма хъус, стæй сæ макæмæнуал дзур. Кæд сæ де знæгты тыххæй дзурынц, уæддæр-иу сæ фескъуын.

*

Кæд дын карз худинаджы æнкъарæн зонгæ нæу, уæд дæхи цыфæнды уæздан мæнгдзæсгомы фæстæ куы ’мбæхсай æмæ дæхи цыфæнды куы хонай, уæддæр дæ æцæг лæг нæ рауайдзæн.

*

Исты циндзинады рæстæг куы банкъарай, иннæтæ сæ дзыхтæ суагътой, кæрæдзийæн кæнæ, уым чи нæй, уыдоны тыххæй æнæуаг ныхæстæ кæнынц, кæд дзы хъаугъа рауайынæй тæссаг ссис, уайтагъд æй фæсыкк кæн, цæй фæдыл æрæмбырд стут, уый сын сæ зæрдыл æрлæууын кæн.

*

Сайгæ ма кæн, стæй сайдæн ма быхс. Сайдæн макуы ныббар.

*

Хъæнæн куы басæттай, уæд дæ удæгасæй кæнæ дæ амæлæты фæстæ дæр рабæрæг уыдзæн. Цыфæндыйæ дæр дыл сбаддзæн, дæхи кæмæй нал ссыгъдæг кæндзынæ, ахæм худинаджы гакк.

*

Дæ лæгдзинады гуырæн хъуамæ ахæм цардæгас æфсарм уа, гадзрахат æмæ дæ æндæр æнæуаг митæй чи бахиза.

Уырыссагау | Дарддæр »»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.