Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Нарти рантæсæн, радзырдта Саулаты Дзæрæх, ныффыста Тугъанты Махарбег 1900–1901 азты.
Стефан Цвейг в 1912 году. [Фото в общественном достоянии]

Стефан Цвейг

Дзасохты Музаферы ирон тæлмац

Æнæзонгæ сылгоймаджы писмо

Новеллæ

Дарддæрдзу (фыццаг хай)

Æхсæвæр скодтам иу чысыл рестораны. Хъуыды ма йæ кæныс, кæм уыдис, уый? Нæ мæ уырны. Чи дын уыдтæн æз? Стæй дыл ахæм изæртæ цал æмæ цал скодта? Иннæтæй уæлдай йæ цæмæн хъуамæ дæ зæрдыл бадардтаис? Уæвгæ дзы зæрдыл бадаринагæй дæр ницы уыдис. Зæгъæн ис, æмæ дзургæ æппындæр ницы кодтон. Дæ цуры бадын æмæ дæумæ хъусын мæхицæн нымадтон тæккæ стырдæр амондыл. Тарстæн дæу истæмæй бафæрсынæй, уæлдай ныхас зæгъынæй. Архайдтон нæ фембæлды алы сызгъæрин уысм дæр бахъуыды кæныныл. Æз дæ кæддæриддæр бузныг уыдтæн, нæ фембæлдæй мæ фыдæнхъæл кæй нæ фæкодтай, уый тыххæй. Куыд фæлмæн дардтай дæхи мемæ, дæ алы ныхасыл дæр дын æууæндыдтæн, зæрдæмæ хъардта. Фыццаг минуттæй фæстæмæ дæ иу фезмæлдмæ дæр аипп æрхæссæн нæ уыд, дæ митæй мæм иу дæр кæнгæ нæ фæкаст. Уымæй размæ дæ иу хатт дæр куы никуы федтаин, уæддæр мæ дæ уацар бакодтаис. Фондз азы дæргъы цæмæ фенхъæлмæ кастæн, мæ уыцы амондджын бæллиц кæй сæххæст, уымæй мын æрхастай, ферохгæнæн кæмæн нæй, ахæм æхсызгондзинад.

Фынгæй куы сыстадыстæм, уæдмæ банафон. Рестораны къæсæрмæ куы рахæццæ стæм, уæд мæ бафарстай: «Искуыдæм тагъд кæныс æви ма дын рæстæг ис?» Дæуимæ кæдæмфæнды ацæуыныл дæр разы кæй уыдтæн, уый дæ куыд хъуамæ бамбæхстаин! Æмæ дын загътон, рæстæг ма мын ис, зæгъгæ. Ды уысмы бæрц цæуылдæр батыхсæгау кодтай, стæй мæ бафарстай: «Кæд дæ фæнды, уæд цом махмæ æмæ аныхæстæ кæнæм». Æз дын æхсызгонæй разыйы дзуапп куы радтон, уæд банкъардтон, цыма мæ тагъд дзуапп кæнæ дæ зæрдæмæ нæ фæцыд, кæнæ та дæм диссаг фæкаст. Ныр æй, кæй зæгъын æй хъæуы, æмбарын, дис цæуыл кодтай, уый. Сылгоймæгтæ арæх се ’нкъарæнтæ æддæмæ нæ февдисынц. Цыфæнды тынг сæ куы фæфæнды, уæддæр ракъуыр-бакъуыр байдайынц, цалынмæ сын ныллæгъстæ кæнай, уæдмæ не сразы вæййынц. Уарзондзинад къæбæр амалгæнæн фæрæз кæмæн у, æрмæстдæр уыцы сылгоймæгтæ раттынц æваст разыйы дзуапп. Уыдоны номхыгъдмæ ма ахæссæн ис æвæлтæрд æрыгон чызджыты дæр, фæлæ æз бынтон æндæр уавæры уыдтæн. Диссаг мæм фæкаст, куыннæ мæ бамбæрстай, уый. Мингай бонтæ цы амондджын рæстæгмæ æнхъæлмæ кастæн, уый ралæууыд æмæ мæхи æндæрхуызон дарын мæ бон нæ уыд. Цыфæндыйæ дæр дæ, мæхи куыд дардтон, уый дисы бафтыдта æмæ дæ, дарддæр цы уыдзæн, ууыл хъуыдыйы бафтыдтон. Куыд рахатыдтон, афтæмæй-иу мыл аивæй дæ цæст æрхастай. Дæ кæцыдæр æнкъарæнæй бамбæрстай, дæ цуры цы зæрдæмæдзæугæ æууæндаг чызг ис, уый йæ зæрдæйы цыдæр сусæгдзинад кæй æмбæхсы. Дæ цымыдисдзинад райхъал æмæ дæ къахæн фæрстытæй бамбæрстон, уыцы сусæгдзинад райхалынвæнд кæй скодтай. Æргом дзуæппытæ нæ дæттыныл архайдтон, цæмæй мæхиуыл комдзог ма рацыдаин æмæ мæ сусæгдзинад æмбæхстæй баззадаид, архайдтон, цыма ницы æмбарын, мæхи афтæ дарыныл.

Дæ фатермæ ссыдыстæм. Асинтыл хизгæйæ цы уавæры уыдтæн, уый нæ бамбардзынæ, зæгъгæ, куы зæгъон, уæд мын-иу, мæ ахсджиаг, ныххатыр кæн, уымæн æмæ æцæгæйдæр зын бамбарæн уыдтæн. Асинтыл хизгæйæ мæхи ахæм амондджын хуыдтон æмæ йын ныхæстæй зæгъæн нæ уыд. Ныртæккæ дæр уыцы рæстæг куы ’рымысын, уæд мæ цæссыгтæ æнæ фемæхсгæ нæ фæвæййынц, афтæмæй та мæм афтæ кæсы, цыма мæм цæссыг нал баззад. Уыцы уысмтæ баст уыдысты мæ судзгæ уарзондзинадимæ, мæ сабидуджы тыхджындæр æнкъарæнтимæ, мæ сагъæстæ æмæ бæллицтимæ. Мæ зæрдыл æрбалæууы, мин хатты дæм кæм æнхъæлмæ кастæн, нæ хæдзармæ уыцы бацæуæн, дæ къахдзæфы уынæр фехъусын æнхъæлмæ кæцæй кастæн æмæ дæ фыццаг хатт кæм федтон, уыцы асинтæ, нæ дуарæй æддæмæ кæсæн зиллакк, дæ алы фезмæлдмæ дæр мæ цæст кæцæй дардтон, дæ къæсæргæрон чи уыд æмæ иу хатт мæ зонгуытыл кæуыл æрхаудтæн, уыцы гауызгонд, йæ уынæрмæ-иу хæрдмæ кæмæн фæхаудтæн, дæ дæгъæлы уыцы дзыгъал-мыгъул. Мæ сабидуг æнæхъæнæй, мæ судзгæ æнкъарæнты фидар тыхт къуыбылой сæхицæн амондджын бынат скодтой уыцы къуындæг фæзуаты. Уым бацыдысты мæ царды бонтæ иууылдæр æмæ мыл æнæнхъæлæджы æмхуызонæй дæр æруæз кодтой. Мæ фыны æмæ мæ хъалы цæмæ бæллыдтæн, уый æрцыди: æз цыдтæн демæ, дæ хæдзармæ, нæ хæдзармæ. Мæ ныхæстæ та дæм диссаг фæкæсдзысты, фæлæ дæ къæсæргæронмæ бахæццæйы размæйы цард уыди хуымæтæджы æцæгдзинад, уырдыгæй фалæмæ та мын райдыдта аргъæутты дуне, Алладины паддзахад. Мин хатты уарзон цæстытæй цы дуармæ кастæн, уый байгом. Мидæмæ хизгæйæ куыд амондджын уыдтæн, уый ды, мæ ахсджиаг, никуы бамбардзынæ.

Æхсæв бонмæ дæумæ баззадтæн. Уымæй размæ мыл иу нæлгоймаджы къух дæр кæй никуы андзæвыд æмæ мæ буар цы хуызæн у, уый кæй никуы ничи федта, уый дæуæн дæ зæрды кæрон дæр не ’рæфтыди. Стæй дын ууыл ахъуыды кæныны фадат дæр нæ уыди, уымæн æмæ æз кодтон, цыдæриддæр дæ фæндыди, уый. Ме ’фсармы хурхыл бахæцыдтæн, архайдтон мæ сусæгдзинад бамбæхсыныл, цæмæй ма бамбæрстаис, кæй дæ уарзын, уый, уымæн æмæ тарстæн, куы дæ фæтæрсын кæна, уымæй. Дæумæ арф æнкъарæнтæ нæ хъардтой, ды дæхи тавтай хъæмпытæй артмæ, æваст чи ссудзы æмæ тагъд чи æрхуыссы. Искæй хъысмæтмæ ныхилын нæ уарзтай. Дæ тыхтæ лæвæрдтай æгас дунейæн, фæлæ дæ дæхи нывондæн æрхæссын никуы фæндыд. Мæ царды фыццаг нæлгоймаг кæй уыдтæ, уый ницæй тыххæй зæгъын, фæлæ мын хъуамæ уæддæр мæ сыгъдæгдзинад зонай. Аххосджын дæ ницæмæй кæнын. Хинæй мыл, мыййаг, ницæмæй рацыдтæ, гæды ныхæстæ мын нæ кодтай, зæрдæтæ мын ницæмæй сæвæрдтай: æз дæм мæхæдæг æрбацыдтæн æмæ барвæндонæй мæхи уарзты цæхæры баппæрстон. Æвæццæгæн, мæ хъысмæты афтæ фыст уыди. Æз дæумæ азым никуы ницæмæй æрхæсдзынæн. Уый нæ, фæлæ ма дæ цæрæнбонты бузныг дæр уыдзынæн уыцы амондджын æхсæвы тыххæй. Талынджы-иу мæ цæстытæ куы байгом кодтон æмæ, мæ фарсмæ кæй дæ, уый куы банкъардтон, уæд мæ сæрмæ стъалыджын арв куы нæ уыд, уæд-иу дисы бацыдтæн. Нæ, мæ ахсджиаг, æз æппындæр фæсмон никуы ницæуыл кодтон: уыцы амондджын уысмтæ мын ахæм бар никуы радтой. Мæ хъустыл ма абон дæр уайы, фынæйæ куыд улæфыдтæ, уый. Хæстæг мæм кæй уыдтæ, уымæй мæхи афтæ амондджын хуыдтон æмæ фырцинæй мæ цæстытæ дыууæ æнæбын суадоны фестадысты.

Райсомæй нæхимæ цæуыныл батагъд кодтон. Дуканимæ мæ цæуын хъуыди, стæй мæ дæ лæггадгæнæг æрбаййæфтаид, уый дæр нæ фæндыд. Цæуынæввонг дæ цуры куы ’рлæууыдтæн, уæд мæ æрбахъæбыс кодтай æмæ мын мæ цæсгоммæ бирæ фæкастæ. Дæ мысинæгты мыл искуы дæ цæст æрхæцыд æви дæм мæ фырамондджынæй рæсугъд фæкастæн? Уый фæстæ мын мæ былтæн ныбба кодтай. Æз дæ сабыргай аиуварс кодтон æмæ рацæйцыдтæн. Мæ фæстæ радзырдтай:

— Дидинджытæ дæ нæ хъæуы?

Æз дын загътон:

— Хъæуы.

Дæ фыссæн стъолыл цы вазæ уыд, уырдыгæй цыппар урс уардийы систай (уыцы вазæ, сывæллонæй дæ фатермæ куы бацыдтæн, уæдæй нырмæ зыдтон). Уыцы уардитæн æз уый фæстæ бирæ хæттыты батæ кодтон.

Ноджыдæр ма иу хатт фембæлыны тыххæй бадзырдтам. Æрбацыдтæн æмæ та диссаджы æхсæв арвыстам. Балæвар ма мын кодтай ноджы æртыккаг æхсæв дæр. Уый фæстæ мын загътай, кæдæмдæр дæ балцы цæуын кæй хъæуы — дæ уыцы балцытæй дын мæ мæрдты удхæссæг уыдтон — фæлæ мын зæрдæ бавæрдтай, куыддæр фæзынай, афтæ мын кæй фехъусын кæндзынæ. Æз дын бацамыдтон, кæдæм мæм фыссын хъæуы, уый, æрмæст дын мæ ном æмæ мæ мыггаг нæ загътон. Мæ сусæгдзинад æргом кæнын мæ нæ фæндыд. Куы хицæн кодтам, уæддæр та мын уардитæ балæвар кодтай.

Дыууæ мæйы дæргъы почтæмæ алы бон дæр цыдтæн, фæлæ дæуæй хабар нæ уыд. Цы хъизæмæрттæ бавзæрстон, уыдоны тыххæй нал дзурын, фæлæ дæ уæддæр аххосджын ницæмæй кæнын. Æз дæ уарзын, куыд дæ, афтæмæй: тæвдтуг æмæ рохгæнагæй, тагъд чи бауарзы æмæ сылгоймагыл фæлывдæй чи рацæуы, ахæмæй. Æз дæу уарзын, æдзухдæр цавæр уыдтæ æмæ абоны онг дæр цы хуызæнæй баззадтæ, æрмæстдæр ахæмæй. Ды раджы æрбаздæхтæ. Уый бæрæг уыд, дæ рудзгуытæй-иу рухс кæй калд, уымæй дæр, фæлæ мæм нæ фæхабар кодтай. Дæ къухæй фыст иу рæнхъ мæм уæд та куы уаид ацы фæстаг сахат. Æнхъæлмæ дæм бирæ фæкастæн, фæлæ мæм нæ фæдзырдтай, иу рæнхъ дæр мæм нæ ныффыстай, зыбыты иунæг рæнхъ дæр.

Дысон мæ сывæллон амард. Уый дæ сывæллон дæр уыд, цы ’ртæ ’хсæвы арвыстам, уыдонæй иуы саби. Ард дын хæрын. Мæлæтмæ комкоммæ кæсгæйæ мæнг ард нæ фæхæрынц. Уый уыдис нæ дыууæйы хъæбул, баууæнд мыл. Уымæн æмæ, цалынмæ дæуыл фембæлдтæн, уырдыгæй цалынмæ мæ хъæбул райгуырд, уæдмæ мыл иу нæлгоймаджы къух дæр нæ андзæвыд. Ды мыл куы ’рбамбæлдтæ, уæдæй фæстæмæ мæнмæ мæ буар цыдæр нæфæтчиаджы хуызæн каст, уымæн æмæ дæу æндæр искæимæ дих кæнын мæ бон нæ уыд. Уый нæ сывæллон уыд, ме ’нæкæрон уарзондзинад æмæ де ’нæмæт æмæ фæуынæй кæмæн нæ тарстæ æмæ бæстон хъуыды дæр кæуыл никуы акодтай, дæ уыцы рæвдыды иумæйаг хъæбул. Нæ сывæллон, нæ фырт, нæ зыбыты иунæг саби. Чи зоны, мæ ацы рæнхъытæ бакæсгæйæ ды иучысыл тæрсгæ дæр фæкæндзынæ, стæй дисы дæр бацæудзынæ æмæ бафæрсдзынæ, ацал-ауал азы хъусæй цæмæн лæууыдтæ, зæгъгæ, фæлæ дын нæ хъæбулы кой куыд хъуамæ ракодтаин, кæд æмæ тарстæн, куы нæ мыл баууæндай, уымæй! Стæй, æнæнхъæлæджы æртæ æхсæвы кæимæ арвыстай, уыцы æнæзонгæ сылгоймагыл цас æууæнк хъуамæ уыдаид?! Уæлдайдæр дыл æнæнхъæлæджы чи фембæлд æмæ алы хъуыддаджы дæр дæ коммæ чи каст. Дæу ницы хуызы бауырныдтаид, ахæм сылгоймаг дыл иузæрдион кæй уыд æмæ йæ дæу йеддæмæ кæй ничи хъуыд, уый. Гæнæн уыд æмæ дæм мæ ныхæстæй исты бахъардтаид, фæлæ цыфæндыйæ дæр тынг дызæрдыг кодтаис, гуырысходзинады ахæсты бахаудаис. Цыма хъæздыг кæй дæ, уый тыххæй дыл мæхи ныхасын, афтæ дæм фæкастаид. Мæн та дæ разы мæхи къæмдзæстыджы уавæры æрæвæрын нæ фæндыд. Нæ мæ фæндыд, нæ мыды къæм ныххаудаид, уый. Æппæты тынгдæр æз уымæй тарстæн. Стæй цавæр адæймаг дæ, уый нæ зыдтон?! Æгæр хорз дæр ма дæ зыдтон. Дæхицæй ноджы хуыздæр! Дæуæн алцыдæр æввонгæй уыд, уæлахиз кодтай æнцонæй, уарзондзинад дæ йæхимæ æлвæста йæ æхцондзинадæй. Ахæм адæймагмæ та искæй бæрны бацæуынæй зындæр ницы фæкæсы. Ды уæгъдибарæй цæрын ахуыр уыдтæ, æмæ тарстæн, куы дæ бахъыгдарон, уымæй æмæ дæ куы нæ фæндыдаид, уæддæр дæ цæстысындз фестадаин, де сæфт мæ федтаис. Иу сахат, иу уысм дæр мæн тыххæй сагъæсты бахаудаис, уый дæр мæ нæ фæндыди. Æз кæддæриддæр бæллыдтæн, цæмæй дæ зæрдыл лæууон зæрдæрухс æмæ амондджынæй æмæ æппæт сагъæсты уаргъ дæр мæхимæ уымæн райстон. Мæн фæндыди, цæмæй дæу чи уарзта, уыцы сылгоймæгты ’хсæн уыдаин алцæмæй дæр бæрæгдæр æмæ мæ мысыдаис æхсызгонæн. Фæлæ мæ уыцы фæндтæй ницы рауад, уымæн æмæ мæ ферох кодтай. Азымджын дæ ницæмæй кæнын, мæ ахсджиаг. Бахатыр мын кæн, кæд мæ ныхæстæй искæцы æгæр карз рауад, уæд. Мæ цуры мæ мард сывæллон кæй ис, уый нымаинаг у. Хаттæй-хатт мæ хъуыды мæ коммæ нал фæкæсы, цытæ фыссын, уый нал фембарын. Суанг ма Хуыцаумæ дæр бадодой кодтон, лæгмар æй рахуыдтон. Ноджыдæр ма дæ иу хатт хатыр курын. Æз зонын, фæлмæнзæрдæ æмæ тæригъæдгæнаг кæй дæ, уый. Алкæмæн дæр æххуыс кæныс, суанг ма æнæзонгæ адæмæн дæр. Дæ зæрдæйы дуар æхгæд никуы вæййы. Дæ хорздзинæдтæй алчидæр хайджын у. Фæлæ дæм иу æнахуыр миниуæг ис: цæмæй искæмæн баххуыс кæнай, уый тыххæй дæм хъуамæ æнæмæнг курæг æрбацæуой. Уæд фефсæрмы вæййыс æмæ «нæгъ» зæгъын дæ цæсгом никуы бахъæцы. Адæймагæн хорзы бацæуыс дæ лæмæгъдзинады фæрцы, хорз кæй фæвæййыс, уымæй æхсызгондзинад нæ райсыс, афтæмæй. Æргом кæй дзурын, уый мын бахатыр кæн, фæлæ адæймагæн кæй баххуыс кæныс, уый дæ цæсты дæ æнцон уæлахизтæй кадджындæр нæу. Дæ хуызæн адæмæй, суанг сæ тæккæ рæдаудæртæй дæр, æххуыс курын æнцон нæу. Иу хатт, чысыл ма куы уыдтæн, уæд нæ дуары зиллакгондæй æддæмæ кæсгæйæ æвдисæн уыдтæн, иу мæгуыргурæн æхца куыд лæвæрдтай, уымæн. Цы йæ хъæуы, уый дæр нæма базыдтай, афтæ йын æхца йæ къухы фæсагътай. Стæй йын чысыл æхца дæр нæ радтай, фæлæ дæм уый сæйраг нæ фæкаст. Ды архайдтай, цæмæй мæгуыр лæг тагъддæр ацыдаид æмæ, дæ зæрдæмæ чи нæ цыд, уыцы уавæрæй фервæзтаис. Цæмæдæр гæсгæ мæм афтæ фæкаст, цыма йын йæ цæсгоммæ кæсынæй тæрсгæ кодтай. Йæ арфæтæм ын кæронмæ дæр нæ байхъуыстай, афтæ дæ фатеры фæмидæг дæ. Уыцы ныв абон дæр мæ цæстытæй нæ хицæн кæны. Мæ хабæрттæ дæр дын уый тыххæй никуы радзырдтон. Æххуыс та мын уæвгæ бакодтаис. Уырны мæ, сывæллон дæу кæй у, ууыл дызæрдыг кодтаис, афтæмæй мын æхца дæр кæй радтаис, уыимæ чысыл æхца нæ; зæрдæтæ мын æвæрдтаис, дæхинымæр та хъуыды кодтаис, цæмæй мæ тагъддæр фервæзай, ууыл. Æз ма афтæ дæр хъуыды кæнын, æмæ цæмæй сывæллон дунейы рухс ма федтаид, ууыл сразы кæныныл дæр мæ кæй архайдтаис. Æз та уымæй тынгдæр ницæмæй тарстæн, уымæн æмæ дæ фæндоны ныхмæ æрлæууын мæ бон нæ бауыдаид. Мæнæн мæ сывæллонæй зынаргъдæр ницы уыд, ме ’ппæт бæллицтæ дæр уыимæ баст уыдысты, уымæн æмæ уый дæ туг, де стæг уыд, дæуæй гуырд æмæ мæ хуылфы кæй сæвзæрд æмæ мæнæй фæхицæн кæнын кæй нал бакомдзæн, уый мын лæвæрдта æнæкæрон ныфс æмæ цин. Дæ цард мæ мидæг кæй тæлфыд æмæ бонæй-бонмæ кæй рæзыд, уыцы хъуыдыйæ цардтæн, уыдис мын фидар æнцой. Мæхи амондджын дæр уый тыххæй хуыдтон. Хъæр дæр дын æй уымæн никуы скодтон.

Мæ уарзон, мæ ахсджиаг, æз канд цины уысмтæ æмæ амондджын мæйтæ нæ арвыстон, фæлæ ма худинаг æмæ адæмы æнæуынондзинадæй дзаг бонтæ дæр. Æнцон мын нæ уыди. Фæстаг мæйты дуканимæ цæуын мæ бон нал уыд, уымæн æмæ, цы уавæры уыдтæн, уый мæ хæстæджытæ бамбæрстаиккой æмæ æнæмæнг мæ бинонтæм фæхабар кодтаиккой. Мæ мадæй мæ æхца курын нæ фæндыд. Цыдæр зынаргъ дзаумæттæ ма мæм уыди, уыдон уæй кодтон æмæ дзы цы ’хца истон, уымæй цардтæн. Сывæллоны райгуырдмæ ма къуыри куы баззад, уæд мын гæрзтæхсæг мæ фæстаг кронæтæ скъаппæй адавта æмæ мын арæндон приютмæ цæугæ ’рцыд. Уырдæм та бахауынц, йæ фырмæгуырæй цы фæуа, уый чи нæ зоны, ахæмтæ. Уыцы чъизи æмæ гæвзыкк ран райгуырд дæ сывæллон дæр. Арæндоны уыди, цыфыддæр зæгъæн нæй, ахæм уавæртæ. Кæрæдзимæ кастысты знаджы цæстæй, иу дзы иннæмæн уыди æнæуынон. Се ’ппæт дæр æмхуызон æнамонд æмæ цыбыркъух кæй уыдысты, уый сæ иу кодта æмæ уыцы æвирхъау бæстыхаймæ дæр уымæн бахаудысты. Адæймаджы хъус дзы хъæр æмæ хъæрзын йеддæмæ ницы ахста. Кæм цы гадза æмæ рынчын уыди, уыдонимæ æз цытæ бавзæрстон, уый хуымæтæджы ныхæстæй зын радзурæн у. Æрыгон дохтырты куыд фæндыди, афтæ æфхæрдтой сылгоймæгты. Хуыздæр цæстæй сæм нæ кастысты æвгъæдгæстæ дæр. Адæймаджы æгады бынаты æвæрдтой канд сæ гуымиры ныхасæй нæ, фæлæ се ’нæуынон цæстæнгасæй дæр. Дæ ном æмæ дæ мыггаг цы гæххæтты гæбазыл фыст уыдысты, уымæй дарддæр дæхæдæг сæ цæсты ницы мардтай. Сынтæгыл цы саби хуыссыд, уый сæм нымады дæр нæ уыд. Сывæллон аргæйæ сылгоймаг цы хъизæмæрттæ бавзары, уый æмбаргæ дæр нæ кодтой, стæй сæ йæ бамбарыны сæр дæр ницæмæн хъуыд. Ныртæккæ дæр ма чиныг кæсгæйæ дзырд «зындон»-ыл куы амбæлын, уæд мæ цæстыты раз февзæры, сулæфæн кæм нæй, йæ алы къуымæй дæр хъæрзын кæмæн хъуысы, сылгоймæгтæй йæ тæккæ дзаг ахæм палатæ.

Ныххатыр мын кæн, дæ хорзæхæй, уыдæттæ кæй дзурын, уый тыххæй. Уый фыццаг æмæ фæстаг хатт у. Уыцы хабæртты тыххæй мæ иу ныхас дæр никуыуал фехъусдзынæ. Иуæндæс азы хъусæй лæууыдтæн, фæлæ тагъд бынтондæр бамыр уыдзынæн. Иу хатт мæ тыппыртæ уæддæр ма суадзон?! Хъуамæ иу хатт уæддæр мæ хъæлæсы дзаг ма ныхъхъæр кæнон, дунемæ мæ сывæллоны фæзынд цы фыдбонтимæ баст уыд, уый тыххæй? Мæ цардамонд æмæ мæ фидар ныфс кæй хуыдтон, уый ныр йæ сынтæгыл мæрдвынæйæ хуыссы. Мæ зæрдыл ницыуал лæууы: ферох мæ мæ сывæллоны мидбылхудт, йæ хъæлдзæг ныхас, йæ цин. Мæ сывæллон куы амард, уæд та мæ зæрдæйы райгас хъыг æмæ маст æмæ мæ бон æнæ хъæргæнгæ нæу. Чи зоны, чысыл мын фенцондæр уа, мæ зæрдæйы туджы цыхцырæг чысыл фенцаддæр уа. Куы зæгъын, дæу аххосджын ницæмæй кæнын. Азым æрмæстдæр Хуыцаумæ хæссын, мæ бирæ хъизæмæрттæ мын дзæгъæл сæфт чи фæкодта. Ард дын хæрын: дæу ницæмæй аххосджын кæнын. Цыфæнды мæсты-иу куы уыдтæн, уæддæр дæ ныхмæ дзурын мæ зæрды никуы ’рæфтыд. Суанг аргæ-арын стыр хъизæмæрттæ æвзаргæйæ дæр дæ Хуыцауы раз аххосджын ницæмæй кодтон. Уыцы æхсæвты тыххæй мæм фæсмон никуы ’рцыд, дæумæ цы уарзондзинад дардтон, уый ралгъитын мæ цæст никуы бауарзта. Æз дæ уарзтон кæддæриддæр, табу кодтон, фыццаг хатт куы фембæлдыстæм, уыцы бонæн. Приюты цы æбуалгъ сахæттæ арвыстон, уый рагацау куы зыдтаин, уæддæр сæ нæ фæтарстаин, мин хатты бавзарыныл сæ сразы уыдаин.

Нæ сывæллон знон амард, ды кæй никуы зыдтай, нæ уыцы хъæбул. Бирæ рæстæг архайдтон, цæмæй дыл макуы сæмбæлдаин, ууыл. Сывæллон мын куы фæзынд, уæд мæм афтæ кæсын райдыдта, цыма ме ’нкъарæнтæ чысыл фæуæзбындæр сты: фыццаджы хуызæн хъизæмар нал кодтон, мæ удхарæй дзæвгар ахауд. Мæхи мæ дæу — кæддæриддæр царды денджызæн йæ тæнджыты чи ленк кодта æмæ æдзухдæр уæлахиздзау чи уыд, уый — æмæ мæ хъæбулы ’хсæн дих кæнын нæ фæндыд, уымæн æмæ æз æмбæрстон, мæ сывæллоны хæссын æмæ хъомыл кæнын кæй хъæуы. Дæу хуызæн дыккаг адæймаг дунемæ куы фæзынд, уæд фервæзтæн, хъысмæт мын цы тæрхон рахаста, уый уæззау уаргъæй. Ныр дæ хæдзары цурмæ дæр искуы иу хатт йеддæмæ нал цыдтæн, фæлæ дын дæ алы гуырæн бон дæр æрвыстон, дæуимæ фыццаг æхсæв куы арвыстон, уæд мын кæй балæвар кодтай, ахæм урс уардитæ. Цымæ мын уыцы дидинджытæ чи ’рбарвыста, ууыл иуæндæс азы дæргъы иу хатт дæр никуы ахъуыды кодтай? Кæнæ дæ зæрдыл никуы æрлæууыд, кæддæр сæ дæхæдæг кæмæн балæвар кодтай, уыцы сылгоймаг? Уый æз нæ зонын, стæй йæ зонгæ дæр никуыуал бакæндзынæн. Афæдз мæ иунæг хатт уæддæр кæд æрымысис, зæгъгæ, сæ уыцы зæрдæйæ æрвыстон. Æндæр мæ дæуæй ницы хъуыди.

Ды нæ иумæйаг хъæбулы нæ зыдтай. Дæуæй йæ кæй басусæг кодтон, ууыл абон фæсмон кæнын, уымæн æмæ, куыд хъуыды кæнын, афтæмæй йæ ды уарзтаис. Ды нæ зыдтай нæ мæгуыр сывæллоны, дæ цæсты кæронæй дæр никуы федтай, йæ мидбылты худгæйæ-иу йæ сау цæстытæ — дæ цæстыты æнгæс — куыд фæхъоппæг кодта æмæ-иу йæ алыварс иууылдæр куыд ныррухс, уый. Цы хъæлдзæг æмæ цæрдæг сывæллон уыд, уый куы зыдтаис! Дæу хуызæн уыдысты йæ фезмæлдтытæ, йе сныхас, йæ хъуыдыкæнынад. Уыдис дæу хуызæн зæрдæргъæвд: цалдæр сахаты-иу йæ сæр дæр не схъил кодта, афтæмæй йæ хъазæнтыл йæхи ирхæфста. Кæннод чингуытæ куыд уарзта, уый та! Стыр лæгау-иу йе ’рфгуытæ æрбалхынцъ кодта æмæ-иу сæ арф хъуыдыты аныгъуылгæйæ каст. Рæстæг куыд цыд, афтæ дæу хуызæн кодта тынгæй-тынгдæр. Цыма дæу фæзмыдта, уыйау — куы уæзбын уыд, куы рогвад. Диссаг уыд: дæу æнгæс куыд тынгдæр кодта, афтæ йæ фылдæр уарзын райдыдтон. Ахуырмæ рæвдз уыд, францагау къæр-къæр кодта. Æнæхъæн къласы уый тетрæдтæй аивдæр æмæ сыгъдæгдæр никæй тетрæдтæ уыдысты. Йæ сау хъæдабæ костюм æмæ урс хæдоны куыд тынг фидыдта, уый куы федтаис! Кæмдæриддæр-иу йæ аив бакастæй иннæты ’хсæн бæрæг дардта. Градойы-иу доны былгæрæтты куы тезгъо кодтам, уæд-иу æм сылгоймæгтæ æрлæууыдысты æмæ йын-иу йæ мыдхуыз даргъ сæрыхъуынтæ фасын райдыдтой. Земмерингейы-иу дзоныгъыл йæхи куы рауагъта, уæд-иу ыл адæм сæ цæст æрæвæрдтой. Тынг зæрдæмæдзæугæ сывæллон уыд. Фарон бацыд Терезианумы интернатмæ æмæ дарын райдыдта, XVIII æнусы уæздæтты сывæллæттæ кæй дардтой, ахæм уæлæдарæс æмæ æхсаргард. Ныртæккæ та йæ уæлæ ис æрмæстдæр хæдон æмæ хуыссы йæ къухтæ йæ риуыл æвæрдæй...

Ды, æвæццæгæн, дæхинымæр дисы бацыдтæ, ахæм хорз уавæртæ саразын ын мæ къухы куыд бафтыд, зæгъгæ. Мæ ахсджиаг, æз æфсæрмы æппындæр ницæмæйуал кæнын, уымæн æмæ дæуимæ цыма, кæцæй нæ зынын, ахæм тарæй дзурын, афтæ мæм кæсы, фæлæ уæддæр, цы зæгъдзынæн, уымæй ма фæтæрс: æрлæууыдтæн тынг æнаккаг фæндагыл — уæй кодтон мæ буар. Адæм хъахбайтæ кæй хонынц, комкоммæ дзургæйæ та лæппутустæ, ахæм нæ уыдтæн, фæлæ уæддæр мæ буарæй къæбæр амал кодтон. Ссардтон хъæздыг хæлæрттæ, бонджын хæзгултæ. Раздæр сæ æз агуырдтон, уый фæстæ та — уыдон сæхæдæг, уымæн æмæ — ды йæ искуы бафиппайдтай, нæ, уый нæ зонын — йæ иувæрсты кæмæн ацæуай, ахæм нæ уыдтæн. Мæ зонгæтæ дæу хуызæн нæ уыдысты, мæ ахсджиаг: уарзтой, аргъ мын кодтой.

Дæ цæстысындз нæ фестадтæн, мæ сусæгдзинæдтæ дын куы радзырдтон, уый фæстæ? Нæ, хъуамæ дын ма фенад уон. Æз зонын, алцыдæр кæй æмбарыс, уый. Афтæ дæу тыххæй, дæ сывæллоны тыххæй кæй бакодтон, уый дæр хъуамæ бамбарай. Мæгуыр æмæ гæвзыкдзинад цы у, уый æз æппæты тынгдæр бамбæрстон арæндон приюты. Куы ничи дæм ницæмæ æнхъæлмæ кæса, уæд нымады дæр никуы уыдзынæ. Нымады нæ, фæлæ дæ архайдзысты дæлджинæг кæныныл, ссондзысты дæ æгады бынатмæ, архайдзысты дæ сæ къæхты бын кæныныл. Мæн та нæ фæндыд, цæмæй дæ хъæбул, дæ зæды хуызæн сывæллон хъомыл кодтаид царды фæсдуар бæгънæг æмæ бæгъæввæдты æхсæн, хъылмайы тæфæй сулæфæн кæм нæ уыд, уыцы чъизи æмæ æнæфснайд уынгты. Нæ мæ фæндыд, цæмæй фыдынд ныхæстыл сахуыр уыдаид, йæ фæлмæн былы бынæй гуымиры æмæ æвидауц ныхæстæ хъуыстаид, уый. Хъуамæ дæ сывæллоны урс буарыл дæрзæг дзаума ма андзæвыдаид. Мæ размæ хæсæн сæвæрдтон, цæмæй дæ сабийæн дунейы хъæздыгдзинæдтæй уыдаид дзаджджын хай. Хъуамæ царды схызтаид дæ бæрзæндмæ, ды кæдæм схызтæ, уыцы къæпхæнмæ.

Æрмæстдæр уый тыххæй ахæм фæндагыл æрлæууыдтæн, мæ ахсджиаг, мæ зæрдæлæууæн. Уый сæрылхастыл нæ нымадтон, уымæн æмæ, кад æмæ худинагыл нымад цы уыд, уыдонмæ мæ хъус нал дардтон. Мæ буарæн хицау дæу йеддæмæ ничи уыд, фæлæ мæ ды нæ уарзтай, иннæ хъуыддæгтæ та мæм нымады дæр нæ уыдысты. Нæлгоймæгты узæлд мæм нæ хъардта, кæд дзы иуæй-иутæн стыр аргъ кодтон, уæддæр. Мæхæдæг цы уавæры уыдтæн, уый-иу мæ зæрдыл куы ’рбалæууыд, уæд ма сын-иу суанг тæригъæды дæр бацыдтæн. Кæйдæриддæр зыдтон, уыдон мæм иууылдæр хорз цæстæй кастысты, аргъ мын кодтой. Иу граф — ацæргæ идæдз — мæ уарзта йæхи чызджы хуызæн. Цæмæй дæ сывæллон, исфыдæй сидзæрыл нымад чи уыд, дæ уыцы сывæллон Терезиануммæ бацыдаид, уый тыххæй куыд зæрдиагæй архайдта, уый та! Цалдæр фæлтæрæны скодта, цæмæй йын разыйы дзуапп раттаин, фæлæ йын дзы ницы рауад. Мæ бон уыд Тиролы галуаны хицау суæвын. Кæй зæгъын æй хъæуы, мæ бирæ сагъæстæй фервæзтаин, уымæн æмæ мæ сывæллонæн уыдаид аудаг æмæ уарзæгой фыд, мæнæн та хæларзæрдæ сæрыхицау. Фæлæ йын, куы зæгъын, не сразы дæн. Уымæй йын йæ зæрдæ тынг фæриссын кодтон. Чи зоны, раст нæ бакодтон. Афонмæ мæ цард æнцад, æнæмæтæй æрвыстаин, мæ сывæллон дæр мемæ уыдаид, афтæмæй. Фæлæ мæ сæрибар уæвын фæндыд. Тырныдтон, дæумæ фæндагыл мæ размæ иу цæлхдур дæр куыннæ уыдаид, уымæ. Кæмдæр мæ зæрдæйы арфдæр къуымы сыгъди ныфсы цырагъ æмæ æнхъæлмæ кастæн, кæй мæм фæдзурдзынæ æмæ дæ фарсмæ, иу сахат уæддæр амондджынæй кæй ацæрдзынæн, уыцы бæллиццаг уысммæ. Уый сæрвæлтау æз мæ къух ауыгътон царды æппæт хорздзинæдтыл дæр æмæ мæхи цæттæ дардтон, кæд мæм фæдзурдзынæ, уымæ.

Уыцы сахат æцæгæйдæр ралæууыд. Æрмæст æй ды зонгæ дæр нæ бакодтай, мæ ахсджиаг. Ды та мæ иннæ хæттыты хуызæн уæд дæр нæ базыдтай. Æз-иу дæ уымæй размæ дæр Пратеры театр æмæ концертты арæх федтон. Алы хатт дæр-иу мæ зæрдæйы гуыпп-гуыппыл бафтыд, фырадæргæй-иу цы кодтаин, уый нал зыдтон, ды та-иу мæм кæсгæ дæр никуы ’рбакодтай. Уæвгæ мæ хуыз тынг аивта. Кæддæры æфсæрмыгæнаг чызг йæ сылгоймаджы кары бацыд. Куыд дзырдтой, афтæмæй мын ницы уыд. Уыдис мыл аив уæлæдарæс, мæ алыварс нæлгоймæгтæ æмызмæлд кодтой. Иуæй-иу хатт-иу дын, мемæ цы нæлгоймæгтæ уыд, уыдонæй чидæртæ сæ сæрæй акуывтой. Ды дæр-иу сын салам радтай, мæныл дæр-иу дæ цæст æрхастай, фæлæ уый уыдис æрмæстдæр дæ уæздандзинадыл дзурæг, æз та дын уыдтæн æцæгæлон... Кæй-иу мæ нæ базыдтай, уый мын кæддæриддæр уыди масты хос, фæлæ мын мæ зæрдæ уæлдай тынгдæр фæриссын кодтай, театры фæрсæй-фæрстæм ложæтыл бадт куы фестæм, уæд. Увертюрæ райдыдта, рухс ахуыссыд, æмæ мæм дæ цæсгом нал зынд, фæлæ дын дæ улæфт, фыццаг хатт куы фембæлдыстæм, уæды хуызæн хъуыстон. Нæ ложæтæ цы хъæдабæ тæрхæг хицæн кодта, ууыл æрæвæрдтай дæ фæлмæн къух. Куыд тынг мæ фæндыди, кæддæр мæ афтæ зæрдиагæй чи рæвдыдта, уыцы къухæн аба кæнын! Фыццаг акты фæстæ ме ’мбалæн загътон, цæмæй театрæй ацыдаиккам. Уыцы талынджы дæ фарсмæ афтæ хæстæг æмæ уыциу рæстæг афтæ дард бадын мæ бон нал уыд.

Фæлæ ма ноджыдæр иу хатт — фæстаг хатт — фембæлдыстæм ме ’намонд æмæ хъизæмайраг царды. Уый уыдис, афæдзы бæрц ыл цæудзæн, афтæ, дæ гуырæн боны дыккаг бон. Иннæ хæттыты хуызæн та уæд дæр мæ хъуыдытæ иууылдæр дæуимæ уыдысты, уымæн æмæ кæддæриддæр дæ гуырæн боныл бæрæгбонау æмбæлдтæн. Сæумæрайсом раджы нæхицæй рацыдтæн, дыууæ урс уардийы балхæдтон æмæ дын сæ иннæ хæттыты хуызæн арвыстон, кæд дын, дæуæй цы амондджын уысм ферох, уый дæ зæрдыл æрлæууын кæниккой, зæгъгæ. Уый фæстæ лæппуимæ тезгъо кæнынмæ ацыдыстæм, Демелы дуканийы къафеттæ балхæдтам, изæрæй та театрмæ абалц кодтам. Фæндыди мæ, цæмæй дæ сывæллон уыцы бон бæрæгбонау йæ зæрдыл бадардтаид.

Дыккаг бон изæрæй æз мæ уæды зонгæ брюннаг æрыгон фабрикантимæ уыдтæн концерты. Уыимæ ус æмæ лæджы цард кодтам дыууæ азæй фылдæр. Зæхмæ дæр мын æрхауынæй тарст, кодта мын алыхуызон лæвæрттæ. Иннæты хуызæн мæ курынмæ хъавыд, фæлæ уымæн дæр разыйы дзуапп никуы радтон, афтæмæй йæм ницы аипп æрхæссæн уыд. Мæ лæппумæ дæр мын тынг хорз цæстæй каст, рæвдыдта йæ, алыхуызон зæрдæлхæнæнтæ йын кодта. Концерты нæ зонгæтыл сæмбæлдыстæм æмæ уыдонимæ æхсæвæр хæрынмæ Рингшрассемæ ресторанмæ ацыдыстæм. Иууылдæр уыдысты хъæлдзæг, хъазæн ныхæстæн кæрон нал уыд. Мæн цæмæдæр гæсгæ æрфæндыд, кафгæ кæм кодтой, уыцы залмæ бакæсын. Уымæй размæ ахæм хъуыды мæ сæрмæ никуы ’рцыд: хъæр-хъæлæбайæ ме сæфт уыдтон, фæлæ мæ уыцы изæр цавæрдæр кæлæнгæнæг тых кафæн залмæ æлвæста æмæ ме ’мбæлттæн мæ фæндон куы бамбарын кодтон, уæд иууылдæр æхсызгонæй сразы сты. Мæхæдæг дæр æй не ’мбæрстон, фæлæ мæ музыкæйы зæлтæ сæхимæ æнæзынгæ тæгтæй ластой. Ме ’мбæлттæ мæ коммæ уымæй размæ дæр æнцонæй кастысты æмæ та уæд дæр сæ бынæттæй фестадысты æмæ кафæн залмæ араст стæм. Шампайнаг куы банызтон, уæд мыл базыртæ базад. Æз нызтон æмæ нызтон. Зарыдтæн, мæ дзыхы чи нæ фидыдта, ахæм зарджытæ. Чысыл-ма бахъæуа, кафын ма райдайон æмæ залы мæ хъæлæсы дзаг ма ныккæл-кæл кæнон. Фæлæ мыл цыма уазал дон æрбакалдæуыд, афтæ фæдæн: нæ фарсмæ цы фынг уыд, уый уæлхъус де ’мбалимæ бадгæ ауыдтон дæу. Куыд бамбæрстон, афтæмæй мæм ды рагæй кастæ. Кастæ мæм уарзæгой, зæрдæйы арфмæ чи хъары, ахæм химæлвасæг цæстæнгасæй. Дæс азы дæргъы мæм фыццаг хатт æрбакастæ дæ кæлæнгæнæг цæстытæй. Мæныл зыр-зыр бахæцыд, чысыл-ма бахъæуа, мæ нуазæн мæ къухæй ма ’рхауа. Мæ амондæн, фынджы уæлхъус бадджытæй мæ уавæр ничи бафиппайдта.

Дæ цæстытæ мæ тынгæй-тынгдæр сыгътой, домдтой, куырдтой. Мæхинымæр архайдтон, базыдтай мæ æви нæ, уый бамбарыныл. Туг мæ рустæм ныццавта, мæ цæсгом сыгъди. Мæ алыварсбадджыты фæрстытæн куыдфæнды дзуæппытæ лæвæрдтон. Ды, кæй зæгъын æй хъæуы, мæ уавæр æнæбамбаргæ нæ фæдæ. Аивæй мын бамбарын кодтай, цæмæй иу минуты æмгъуыдмæ æддæмæ рацыдаин. Стæй официантмæ фæдзырдтай æмæ йын хъæрæй, æз дæр дæ куыд хъуыстаин, афтæ бамбарын кодтай, цæмæй дын, æхсæвæры тыххæй цас фидын хъæуы, уый банымадтаид. Де ’мбалæн хæрзæхсæв загътай æмæ рацыдтæ, æдде мæм кæй æнхъæлмæ кæсдзынæ, уый мын бамбарын кæнгæйæ. Мæныл ризæг бахæцыд, иу ныхас скæныны хъару дæр мæм нал уыд. Уыцы рæстæг негр чызг æмæ лæппу кафынмæ рахызтысты. Адæм иууылдæр уыдонмæ кæсыныл куы фесты, уæд æз фестадтæн, ме ’мбалæн, ныртæккæ ’рбацæудзынæн, зæгъгæ, загътон æмæ дæ фæдыл рацыдтæн.

Ды вестибюлы рагъæнты цур лæууыдтæ æмæ мæм æнхъæлмæ кастæ. Дæ цурмæ куы бацыдтæн, уæд дæ цæсгом ныррухс. Уайтагъддæр бамбæрстон, кæй мæ нæ базыдтай, уый.

— Иу сахаты бæрц дын рæстæг нæ уыдзæн?— бафарстай мæ ды. Мемæ куыд уæндонæй ныхас кодтай, уымæ гæсгæ бамбарæн уыд, æхцайæ кæй æлхæдæуы, ахæм сылгоймаг мын кæй æнхъæлдтай.

— Уыдзæн, — дзуапп радтон æз, дæс азæй фылдæры размæ куыд уыди, афтæ.

— Кæд фембæлдзыстæм?— бафарстай та ды.

— Кæд зæгъай, уæд, — дзуапп радтон æз: дæуæй æппындæр ницæмæй æфсæрмы кодтон. Бирæ азты размæ дын изæрыгон куыд æнцонæй сразы дæн, ууыл куыд дис кодтай, ныр дæр та мæм ахæм цымыдисхуыз цæстæй æрбакастæ.

— Ныртæккæ дæр дæ бон у?— иуцасдæр дызæрдыгхуызæй бафарстай ды.

— О, — дзуапп радтон æз, — æмæ дзаумæттæауындзæны цурмæ мæ манто исынмæ бацыдтæн.

Æваст мæ зæрдыл æрбалæууыд, рагъæны номыр ме ’мбалмæ кæй ис.

Фæстæмæ раздæхын мæ нæ фæндыд, уымæн æмæ дзы бирæ радзур-бадзур кæнын бахъуыдаид, уал азы цы сахатмæ æнхъæлмæ кастæн, уымæй мæхи æнæхай фæкæнын та мæ бон нæ уыд æмæ иу уысм дæр дызæрдыг нæ кæнгæйæ рог къабайы, ме уæхсчытыл хыз æрбакæнгæйæ уымæл мигъæмбæрзт уынгмæ рахызтæн. Мæ мантойы мæт дæр мæ нал уыд, дзæвгар рæстæг кæй хардзæй цардтæн, бирæ мæ чи уарзта, йæ хæлардзинадæн æмбал кæмæн нæ уыд, уыцы нæлгоймаджы адæмы цæсты кæй бафтыдтон, ууыл дæр нал ахъуыды кодтон, афтæмæй мæм, цæстæй чи ацамыдта, уый фæдыл фæраст дæн. Чи не ’мбæлд, ахæм хъуыддаг кæй кодтон, уый æгæр дæр ма æмбæрстон. Æмбæрстон, хорз адæймаджы кæй бафхæрдтон, не ’хсæн цы хорз ахастдзинæдтæ сæвзæрд, уыдоныл цъыфкъахæй кæй бацыдтæн æмæ сын раздахæн кæй нал уыдзæн, уый дæр, фæлæ мæхи æндæрхуызон дарын мæ бон нæ уыд. Мæ зонгæимæ нæ хæлардзинад мæ цæсты нал ахадыдта. Суанг мæм мæ цард дæр ницы каст, дæуимæ ногæй кæй фембæлдзынæн, уый раз. Афтæ тынг дæ уарзтон... Ныр алцыдæр фæсте куы баззад, уæд дын æппæт хъуыддæгтæ дæр мæ бон æргомæй зæгъын у. Ныртæккæ мæ иу къах ингæны ис, фæлæ мæм куы фæдзурис, уæлæмæ сыст, зæгъгæ, уæд мæм цыма сыстыны хъарутæ разынид, афтæ мæм кæсы.

Рестораны бахизæнæй чысыл дарддæр файтон лæууыдис æмæ уым ацыдыстæм. Ногæй та дын хъуыстон дæ хъæлæс, æнкъардтон, хæстæг мæм кæй дæ, уый æмæ мæхи амондджыныл нымадтон, фыццаг хатт куы фембæлдыстæм, уæды хуызæн. Дæс азæй фылдæры размæ куыд уыд, афтæ та ныр дæр хызтæн уыцы асинтыл. Кæддæры хуызæн та мæ зæрдæ риуы йæхицæн бынат нал ардта. Уæвгæ кæддæры хуызæнæй дыууæ хатты тынгдæр цин кодтон, уымæн æмæ баиу сты ивгъуыды æмæ ныртæккæйы цин. Дæ уаты, зæгъæн ис, æмæ ницы уыйас ивддзинæдтæ æрцыд: дæ нывтæ æмæ чингуыты нымæцыл ма цалдæр бафтыд, дæ хæдзары дзаумæтты ’хсæн дæр ногтæ фæзынд. Дæ фыссæн стъолыл лæууыди вазæ, æз дын кæй æрбарвыстон, уыцы уардитимæ. Мæн æрхъуыды кæнынæн дын уыдон дæр ницы ’ххуыс фесты, афтæмæй ногæй кæрæдзийæн хъæбыстæ ’мæ батæ кодтам. Фæлæ мын уæддæр æхсызгон уыди, мæ дидинджытæ де стъолыл кæй дардтай, уый. Уыдон уыдысты мæ уды иу хай, мæ уарзондзинады комулæфт.

Æхсæв бонмæ та дæумæ баззадтæн. Куы зæгъын, уæддæр та мæ нæ базыдтай. Дæ алы рæвдауæн змæлдæй дæр мæхи хуыдтон амондджын. Диссаг мæм каст, бирæ дæ чи уарзта æмæ æлхæд сылгоймаджы æхсæн цы хъауджыдæрдзинад ис, уый раиртасын куыд нæ фæрæзтай, уый. Ахæм уарзон æвнæлд мæм кодтай, мемæ афтæ фæлмæнæй дзырдтай, æмæ хъуыддæгтæ чи нæ зыдта, уый мæ, ресторанæй цæсты иу фæцамындæй кæй рахуындæуыд, ахæм сылгоймаг ницы хуызы фæхуыдтаид. Дæс азы размæ куыд уыд, афтæ та ныр дæр дæ уацары бахаудтæн. Дæ монцты тыхæн абарæн ницæимæ уыд. Иууылдæр уыдтæ æнкъарæнтæй арæзт. Диссаг мæм уый каст, æмæ-иу чысыл рæстæджы фæстæ куыд æрбайсæфтысты æмæ, кæмæ райгуырдысты, уый-иу куыд тагъд ферох кодтай. Уæвгæ-иу мæнæй дæр бирæ цыдæртæ æрбайрох. Чи дын уыдтæн дæ хæдзары? Уарзондзинад йæ сæрызонд кæмæн фæцæуын кодта, ахæм сывæллон-чызг, дæ фырты мад, æви ресторанæй æрбадзæгъæлуæвæг сылгоймаг? Æллæх, æвæдза, цы диссаджы æхсæв та мыл скодта дæуимæ! Куыд мæ нæ фæндыди, йæ кæрон куы ралæууыдаид, уый.

Фæлæ бонæн æнæ ралæугæ кæм уыд! Мах сыстадыстæм æрæджиау. Аходæн иумæ скæнæм, зæгъгæ, мын загътай. Цай цымдтам æмæ æнæмæт ныхæстæ кодтам. Мемæ дæхи афтæ хуымæтæг дардтай, æмæ мæхи дæ фарсмæ æцæгæлон нæ хуыдтон. Цымыдис фæрстытæ мæ нæ кодтай, иу къæйных ныхас дæр дæ нæ фехъуыстон. Чи дæн, кæм цæрын, уыдæттæй мæ нæ фарстай. Æз дæуæн уыдтæн, æнæнхъæлæджы кæуыл фембæлдтæ, ахæм сылгоймаг æмæ, куыддæр фæхицæн уæм, афтæ айсæфдзынæн, райсомы мигъ куыд æрбайсæфы, афтæ. Ды мын фехъусын кодтай, Цæгат Африкæмæ дыууæ æви æртæ мæйы балцы кæй цæуыс. Уыцы ногдзинад фехъусгæйæ, адæргæй цы фæуыдаин, уый нал зыдтон. Мæ цины бынат афтидæй аззад, гæды хъæдау ныррызтæн. Мæ хъусты æнæрæнцой зыланг кодта: «Мæ фæндтæй ницы рауад! Чи дæн, уый никуы базондзæн!» Фæндыди мæ дæ разы мæ зонгуытыл æрхауын æмæ ныхъхъæр кæнын: «Мæн дæр демæ ахон. Чи дæн, уый æппынфæстаг уæддæр базон! Цал æмæ дæм цал азы æнхъæлмæ кæсын?!» Фæлæ ахæм тæппуд, æнæныфс уыдтæн, æмæ мæ бон сым скæнын дæр нæ баци. Æрмæст мæ цæстытæ доны разылдысты.

Ды дæ мидбылты бахудгæйæ сдзырдтай:

— Æцæг дæ нæ фæнды мæ ацыд? Мæнæн мæхиуыл хæцын мæ бон нал баци. Сыстадтæн æмæ дын дæ цæсгоммæ иудзæвгар фæкæсыны фæстæ загътон:

— Æз кæй уарзтон, уый дæр-иу æдзух балцы цыди, — æмæ дæ цæстытæм æдзынæг ныккастæн, æнхъæлдтон, иучысыл ма æмæ мæ базондзынæ. Иуæй, тæрсгæ кодтон, иннæмæй та цыдæр хорздзинадмæ æнхъæлмæ кастæн.

Ды дæ мидбылты бахудгæйæ сдзырдтай:

— Балцы чи ацæуы, уыдон фæстæмæ дæр æрбаздæхынц.

— Æрбаздæхынц, — дзуапп дын радтон æз, — фæлæ сæ бирæ цыдæртæ байрох вæййы.

Нæ зонын, уыцы ныхæстæ цавæр хъæлæсы уагæй загътон, уый, фæлæ дæ дзы цыдæр хъуыдытыл бафтыдта, æндæр нæ фестадаис æмæ мæм цымыдисхуыз æмæ уыциу рæстæг уарзæгой цæстæнгасæй не ’рбакастаис. Ме уæхсчытыл мын фæхæцыдтæ.

— Хорздзинад нæ рох кæны, æз дæ нæ ферох кæндзынæн, — загътай ды æмæ мын цыма мæ фæлгонц цæрæнбонты дæ зæрдыл бадарынмæ хъавыдтæ, уыйау дæ цæстæнгас мæ цæстыты арфы аныгъуылд. Уыцы ныв уынгæйæ æнхъæлдтон, бирæ азты цæмæ бæллыдтæн, уый кæй æрцæудзæн: иуцалдæр уысмы ма рацæудзæн, æмæ мæ базондзынæ. Ууыл хъуыды кæнгæйæ мæ цин мæ риуы фылдæрæй-фылдæр кодта.

Фæлæ мæ ды нæ базыдтай. Уæдæй æцæгæлондæр дын никуы уыдтæн, æндæр цалдæр минуты фæстæ цы бакодтай, уый ницы хуызы бакодтаис. Ды мын афтæ зæрдиагæй ныбба кодтай, æмæ мæ бахъуыди мæ пыхцыл дзыккутæ адзæбæх кæнын. Кæсæны цур лæугæйæ ауыдтон, æппындæр æнхъæлмæ цæмæ нæ кастæн, ахæм ныв: мæ хызыны мын сусæгæй дыууæ дынджыр гæххæтты ныппæрстай. Фырмæстæй куыннæ ныхъхъæр кодтон æмæ дын дæ цæсгом куыд нæ ныццавтон, ууыл ма абон дæр дис кæнын. Сывæллоны бонтæй фæстæмæ дæ чи уарзта, дæ лæппуйы мад чи уыд, уымæн æхца дæттын дæ сæр куыд æрцахста?! Æз дæуæн æрмæстдæр лæппутус, хъапхай, йæ буар чи уæй кæны, ахæм сылгоймаг уыдтæн. Кæй мæ никуы базыдтай, уый мын æгъгъæд нæ уыд, фæлæ ма мæ æфхæргæ дæр кодтай.

Æз тагъд-тагъд мæ дзаумæттæ æмбырд кæнынмæ фæдæн. Мæ зæрдæ мын афтæ фæриссын кодтай, æмæ тагъддæр ацæуыныл архайдтон. Мæ худ уыди стъолыл, æз дын цы уардитæ балхæдтон, уыдон кæм уыдысты, уыцы вазæйы фарсмæ æмæ йæ райстон. Ноджыдæр ма иу фæлтæрæн скодтон, цæмæй дын мæхи дæ зæрдыл æрлæууын кодтаин, уый тыххæй æмæ дæ бафарстон:

— Дæ уардитæй мын иу нæ ратдзынæ?

— Табуафси, — дзуапп радтай ды æмæ дидинджытæй иу систай.

— Чи зоны, æмæ дын сæ сылгоймаг балæвар кодта, уарзгæ дæ чи кæны, ахæм сылгоймаг?

— Уæвæн ис, — загътай ды, — нæ зонын. Мæ номыл сæ æрбарвыстæуыд, фæлæ чи, уый нæ зонын.

Æз дæм бакастæн.

— Чи зоны, кæй ферох кодтай, уыдон дæр ахæм сылгоймаг æрбарвыста!

Ды мæм дисхуызæй æрбакастæ. Комкоммæ дын дæ цæстытæм ныккастæн. Мæ цæстæнгас хъæр кодта: «Базон мæ, уый æз дæн!» Фæлæ дæ цæстæнгасыл ахæмæй ницы раиртæстон. Иу хатт ма мын аба кодтай, æрмæст мæ зонгæ нæ бакодтай.

Æз дуармæ мæ ных сарæзтон. Мæ цæссыгты фемæхсынмæ бирæ нал хъуыд, мæн та, афтæмæй мæ федтаис, уый нæ фæндыд. Афтæ тагъд разгъордтон, æмæ чысыл-ма бахъæуа, къæсæргæрон дæ лæггадгæнæгыл мæхи ма скъуырон. Уый цæрдæг иуварс агæпп кодта, уæзданæй мын дуар байтыгъта æмæ уыцы тæккæ уысм — хъусыс?— уыцы цыбыр уысм, мæ цæстытæ донæй дзагæй зæронд лæгмæ куы бакастæн, уæд йæ цæстыты цыдæр рухс ссыгъд. Уыцы цыбыр уысм мæ Иоганн базыдта, афтæмæй та мæ мæ сабибонтæй фæстæмæ иу хатт дæр никуыуал федта. Фæндыди мæ йæ разы мæ зонгуытыл æрхауын æмæ йын, кæй мæ базыдта, уый тыххæй йæ къухтæн батæ кæнын. Уый мæ бон нæ баци, фæлæ мын мæ хызыны цы дыууæ гæххæтты ныппæрстай, уыдон фелвæстон æмæ сæ зæронд лæджы къухы фæсагътон. Уый фæуыргъуыйау æмæ мæм тарстхуызæй æрбакаст. Уыцы уысм, чи зоны, уый æрымысыд, ды цæрæнбонты сæ иу дæсæм хай дæр кæмæн не ’рымысыдтæ, ахæм цаутæ. Адæм мæ иууылдæр уарзтой, чи мæ зыдта, уыдонæй мын алчидæр аргъ кодта, æрмæстдæр мæ ды нæ зыдтай, æрмæстдæр иунæг дæ зæрдыл нæ лæууыдтæн.

Мæ сывæллон, нæ дыууæйы сывæллон амард. Ныр дæу йеддæмæ кæй уарзон, зæххыл иу ахæм адæймаг дæр нал ис. Фæлæ мын чи дæ? Иу хатт дæр мæ чи нæ бахъуыды кодта, уыцы адæймаг? Мæ рæзты-иу ахызтæ, доны сæрты дурыл алæугæйæ куыд бахизай, афтæ. Иу хатт дæ мæ сывæллоны фæрцы мæ бон æрлæууын кæнын баци, фæлæ та уымæй дæр æнæхай фæдæн. Уый ацыдис ацу æмæ ма ’рцуйы фæндагыл æмæ фæстæмæ никуыуал раздæхдзæн. Æз та хæрз иунæгæй баззадтæн. Раздæрæй ноджы иунæгдæрæй. Дæуæй мæм æппындæр ницыуал баззад: сывæллон, зæгъай, ныхас, зæгъай, писмо, зæгъай. Уый фæстæ мæнæн мæ цард ницыуал у. Цæуыннæ хъуамæ бæллон мæлæтмæ, дæуæн удæгасæй дæр мард куы дæн, уæд?! Ды мæнæй куы ацыдтæ, уæд æз дæуæй цæуыннæ хъуамæ ацæуон? Афтæ ма банхъæл, мæ ахсджиаг, æмæ дæ æфхæргæ кæнын. Мæ мастæй дæумæ исты бахæццæ уа, уый мæ нæ фæнды. Чысыл-ма бабыхс, бирæ дæ нал бахъыгдардзынæн. Ныххатыр мын кæн, фæлæ дын мæ зæрдæйы судзæгтæ мæ сывæллоны марды уæлхъус æнæ радзургæ мæ бон нæ уыд. Иунæг хатт уæддæр хъуамæ мæ тыппыртæ скалдтаин. Уый фæстæ та тары аныгъуылдзынæн æмæ та, æдзухдæр куыд уыди, афтæ хъусæй лæудзынæн. Æрмæст мын, цалынмæ æгас дæн, уæдмæ мæ хъæрзын никуы фехъусдзынæ. Ацы писмо та бакæсдзынæ, æз куы амæлон, æрмæстдæр уый фæстæ. Чи зоны, уæд дæ мæ фенын бафæнда, фæлæ уæд фыццаг хатт нæ сæххæст кæндзынæн дæ фæндон, уымæн æмæ æз хуысдзынæн ингæны. Æз дын нæ ныууадздзынæн мæ хуызист, дæ зæрдыл цæмæй æрлæууон, иу ахæм нысан, уымæн æмæ мын ды дæр ницы ныууагътай. Ды мæ никуы базондзынæ, бамбæрстай? — никуы. Афтæ уыд цæргæйæ мæ мæ хъысмæт, уадз афтæ уа мæ мæлæты фæстæ дæр... Æз дæм мæ фæстаг сахат дæр нæ фæдзурдзынæн. Ды мын мæ ном дæр æмæ мæ мыггаг дæр никуы базондзынæ. Мæнæн мæлын æппындæр зын нæу, уымæн æмæ уый ды дардæй нæ банкъардзынæ. Мæ мард фехъусын дын зын уыдзæн, уый куы зонин, уæд æнæмæнг æгасæй баззаин.

Мæ бон фыссын нал у... Мæ сæр æруæззау. Ихæнриз кæнын. Æнхъæлдæн, æмæ тæвд кæнын дæр райдыдтон. Æвæццæгæн, мæ мæхи æруадзын бахъæудзæн, чи зоны, мæ кæрон тагъд ралæудзæн. Хъысмæт мын иу хатт уæддæр куы батæригъæд кæнид æмæ, мæ сывæллоны куыд ахæсдзысты, уый куы нæ фенин. Дарддæр мæ бон фыссын нал у... Хæрзбон, мæ ахсджиаг. Хæрзбон, бузныгæй дæ цæуын. Цы уыди, уый хорз уыди. Æз дæ мæ фæстаг улæфты онг дæр арфæгонд уыдзынæн. Цы мæ фæндыди, уый дын кæй загътон, уымæй мын дзæвгар фенцондæр. Ныр ды зоныс, куыд дæ уарзтон, уый. Уæвгæ мæ уый дæр бынтон тынг нæ уырны, фæлæ, чи зоны, дæ зæрдыл истытæ æрлæууа. Мæ уарзондзинад дын цæлхдур никуы ницæмæй уыдзæн. Æз кæй нал уыдзынæн, уый дыл никæцырдыгæй фæзындзæн æмæ уымæй мæхицæн ныфс æвæрын. Дæ диссаджы рæсугъд æмæ амондджын цард ницæмæй фæцуддзæн æмæ уымæй дæр ныфсвидар дæн. Мæ амæлæт дыл никæцырдыгæй фæзындзæн, мæ ахсджиаг...

Фæлæ ма дын урс уардитæ чи ’рвитдзæн дæ гуырæн бонмæ? Дидинджытæ-иу цы вазæйы æвæрд уыдысты, уый афтидæй лæудзæни. Мæ ахсджиаг, мæ уарзон, æппæты фæстагмæ ма мæм иу курдиат ис æмæ йæ, дæ хорзæхæй, сæххæст кæн: алы аз дæр-иу дæ гуырæн бон уардитæ балхæн æмæ-иу сæ вазæйы сæвæр, марды ном алы аз дæр иу хатт куыд æрымысынц, афтæ. Æз Хуыцауыл нал æууæндын æмæ мæ мардыкæндтытæ дæр нæ хъæуынц. Æз æууæндын æрмæст дæуыл, уарзын æрмæстдæр дæу... Курын дæ, мæ ахсджиаг, æмæ мын сæххæст кæн мæ фыццаг... æмæ фæстаг... фæдзæхст... бузныг... уарзын дæ, уарзын дæ... хæрзбон...

* * *

Йæ къухтæ зыр-зыр кодтой, афтæмæй писмо иуварс æрæвæрдта, стæй хъуыдыты аныгъуылгæйæ æнæзмæлгæйæ дзæвгар фæбадт. Æмхæццæ мысинæгтæ сæры зилдух кодтой... Йæ цæстытыл уадысты сæ сыхæгты сывæллон, чызг, ресторанæй кæимæ рацыд, уыцы сылгоймаг. Скъуыддзаг мысинæгтæ... Доны бынæй дур куыд фæзыны, ахæм хуызы. Аууæттæ-иу æй амбæрзтой, фæлæ йæ фæлгонц дзæбæх нæ зынд. Цыма хабæрттæ йæ фыны бирæ хæттыты федта, афтæ йæм каст.

Æнæнхъæлæджы фæкомкоммæ, йæ фыссæн стъолыл цы вазæ уыд, уымæ. Бирæ азты дæргъы йæ гуырæн боны фыццаг хатт уыдис афтид. Йæ мидбынаты фестъæлфæгау кодта. Афтæ йæм фæкаст, цыма æнæзынгæ дуар фегом æмæ æндæр дунейæ йæ сабыр уатмæ æрбадымдта уазал дымгæ. Банкъардта мæлæты улæфт æмæ æнæмæлæт уарзондзинады улæфт. Йæ уды цыдæр фегом æмæ ахъуыды кодта йæ ивгъуыд цардыл, дард кæцæйдæр æм æрбайхъуыстысты æнахуыр музыкæйы зæлтæ..


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.