Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

ГÆДИАТЫ СЕКЪА

Сафиат

Гуырдзыстон Уырысимæ куы баиу сты æмæ Георги XII йæ æнæхъарудзинады тыххæй йæ паддзахад куы ныууагъта, уæд Уырыс алы бæсты се ’гъдæуттæ æрæвæрдтой. Адæмы æмбырд, тæрхондæттæ фехæлдысты. Уырысы хицæуттæ уынаффæ кæнын райдыдтой. Адæм сæм сæхи хæстæг ласын систой æмæ цард уырысы æгъдæуттæй зилын райдыдта.

Раст уыцы рæстæджы Уæлладжыры комы, Нузалы цард мæгуыр ус æмæ лæг Сауаты Саукуыдз æмæ йæ ус Сæниат. Саукуыдз æмæ йæ усæн райдианы зæнæг нæ уыд, стæй иукъорд азты фæстæ ус басывæрджын. Саукуыдз — зæнæгмæ цыбæл адæймаг — лæппу райгуырынмæ æнхъæлмæ каст, фæлæ хъуыддаг афтæ не ’рцыди.

Иу зымæгон фыдæхсæв цæгат фарсы тымыгъ риуыгътытæ систа. Уадтымыгъы æхситт кæмттæ арыдта. Мит фæлдзæгъдæн хæдзары къултыл халас æвæрдта. Хæдзары астæу артдзæсты мæхъийы сæттæнтæй гæзæмæ арт фæрухс-фæмынæг кодта. Саукуыдз йæ кæрцы зæронды арты фарсмæ бандоныл фæлдæхтæй лæууыд. Хæдзары къуымы фæсдуар хъæмпы уæлæ хуыссыд Сæниат, хьæрзыдта, йæ арын афон æрцыд æмæ йæ гуыбын рыст, катæйттæ кодта. Сыхаг устытæ йæ цуры бадтысты æмæ йын ныфсытæ æвæрдтой. Уалынмæ фервæзтис — чызг ныййардта. Устытæ фæхъус сты, чызг кæй райгуырд, уый тыххæй. Æрæджиау иу зæронд ус афтæ зæгъы:

— Æппыннæйы бæсты чызг дæр хорз у.

Сæниат ныхъæрзыдта æмæ афтæ зæгъы:

— Чызгæн йæ гуырæнбон дæр сау æмæ йæ мæлæнбон дæр.

Чызгæн йæ райгуырдыл авд боны рацыд, афтæ йын йæ мад авдæнбæттæн скодта, йæ сыхаг устытæм дæр бадзырдтой æмæ йыл ном сывæрдтой Сафиат.

Æнæзæнæг ус æмæ лæг — Саукуыдз æмæ Сæниат сæ иунæг чызджы тынг буц хæссын байдыдтой, дарæс, хæрдхъуаг æй нæ уагътой. Кæд чызг уыд, уæддæр дзы лæппуйы мондагæн сæхи рæвдыдтой. Чызгыл æвддæс азы ацыд, чындздзон, алцæмæй æххæст. Йæ рæсугъддзинады кой айхъуыст, Йæ сау цæстытæ, дзедыры нæмыгау, сау æндæрг хастой. Йæ сау æрфгуытæ лæгъз фæтæн ныхыл кæрæдзимæ сæ ных сарæзтой. Йæ сау дзыккутæ, сынты базырау, рæтæны стæвдæн, зæвæттæ æмбæрзтой. Йæ фидауцджын тæнæг былтæй æнгом дæндæгтæ, миты хъæпæнау, урс æрттывд кодтой. Йæ нарæг астæу, сæвджын фæтæн риу лæджы зæрдæ йæхимæ скъæфта, иудзырдæй, уыцы рæстæджы рæсугъддæртæй рæсугъддæр уыд.

Сафиатмæ алы бæстæй курджытæ цыдис, фæлæ никæмæн куымдта. Бирæ саг лæппу уый тыххæй хæхты дзæгъæл цыд, æррайы хуызæн. йæ фыд дæр æй никæмæн лæвæрдта. Чызджы рæсугъддзинадæй йæ зæрдæ схъал, сбæрзонд ис, арвы милтыл йæхи асæрфта æмæ йæ чызджы никæмæн аккаг кодта. Æвæццæгæн, æнамонды цæлхдур йæ разы хъен лæууыд æмæ йын йæ фæндаг æхгæдта.

«Зæрæстон хуым, загътой, дурæппарæн, идæдз усы хæдзар — адæмæн æмбис». Æрыдоны цард иу зæронд ус Айсæт, зæгъгæ. Айсæтæн уыд иунæг лæппу Гæди. Айсæтмæ уырысы хицæуттæ, сæудæджертæ арæх цыдысты, йæхимæ сæ хæстæг дардта, цæмæй йын йæ иунæг лæппуйы сахуыр кæной сæудæджеры куыстыл, хицæутты хъуыддагыл. Æцæг Гæди, лæппулæг уæвгæйæ, уырыссагау тагъд базыдта, хицæуттимæ дæр слымæн æмæ сæудæжер кæнын райдыдта.

Уарзондзинад адæймаджы хаттæй-хатт сафгæ дæр фæкæны, рæстагыл арæзт куы нæ фæуа, уæд. Уæлладжыры хохы цард Тулатæй Бибо, зæгъгæ, хорз барæг, хæтæг лæг. Бирæ лымæнтæ йын уыд кæсæгæй, цæцæнæй, мæхъæлæй. Тулатæ уыдысты рагон туджджын Сауатæй, Саукуыдзы мыггагæй. Бибо æмæ Саукуыдзы чызг та кæрæдзи тынг бирæ уарзтой, фæлæ туджджын кæм уыдысты, уым сæ уарзондзинад уыдис сусæг уарзт. Бибо Сафиаты ракурыныл ысдзурын адæмæй нæ уæндыд, æфсæрмы кодта Сауатæй, туджджын кæй уыдысты, уый тыххæй æмæ сæ уарзондзинад Сафиатимæ адæмы ’хсæн æргом нæ уыд.

Рæстæг уыцы иухуызон хаста. Уырысы хицæуттæ стыхджын сты. Айсæт йæ фырт Гæдийы хицæуттæн афтæ бауарзын кодта, æмæ æнæ Гæдийы къахдзæф дæр никæдæмуал кодтой. Иу бон Гæди пъырыстыфимæ Нузалмæ бацыд æмæ хъазты ’хсæн Сафиаты федта æмæ йæ тынг бауарзта. Гæдийæн уарзондзинады цæхæрæй йæ зæрдæ ссыгъд, хурхы уадындзтæ адымстысты, иу дзырд дæр йæ бон нал уыд æмæ хъазты астæу, цавддурау, лæууыд. Сафиат-иу хъазты лæгъзы, тæхгæ пакъуыйау, куы атахт, уæд-иу Гæдийы цæхæр цæстытæ йæ фæстæ дзагъырæй аззадысты. Сафиаты уарзон цæстæнгас, хъазгæ мидбылтыхудт бирæ саглæппуйы зæрдæ басыгъта, фæлæ дзы йæхи ничи бафсæста, ничи барæвдыдта. Дыккаг бон Гæди æмæ пъырыстыф фæстæмæ Æрыдонмæ æрцыдысты.

Гæдийыл сау æндæрг хуыз ахæцыд. Сафиаты уарзондзинады мæстæй нал куыста. Йæ хъуыдытæ иууыл дæр Сафиаты уарзондзинады хызы стыхстысты æмæ-иу куыстмæ дæр йæ зæрдæ нал ради. Гæдийы мад Айсæт — фæлтæрд зæронд ус, Гæдийы хабар сбæрæг кодта. Хæххон мæгуыр чызджы кæй бауарзта, уый куы базыдта, уæд ын ныры дуджы царды ныхæстæ радзырдта:

æрмæст амонд хъæздыгдзинады кæй ис, уый, æндæр амонд агурын никæцæй хъæуы, зæгъгæ, йын загъта. Мады ныхæстæ тынг фæцыдысты Гæдийы зæрдæмæ æмæ зæрдиагæй ныллæууыд сæудæджеры куыстыл æмæ хицæуттимæ лымæн кæныныл.

Раст уыцы рæстæджы Нузалы цард иу гæды лæг, Кукус, зæгъгæ. Уыцы гæды лæг базыдта, Гæди Сафиаты кæй бауарзта, уый, æмæ сæм-иу гуыбын æнхъæл арæх дзырдтæ хаста, æхсызгон ныхæстæ Сафиаты тыххæй, æмæ кæддæриддæр Кукусæн Гæдийы хæдзары дуар гом уыд. Афтæмæй рæстæг хатти.

Иу хатт та Гæди пъырыстыфимæ Нузалмæ бацыд. Фæндагыл Гæди пъырыстыфæн радзырдта, Сафиаты ракурын йæ зæрды кæй ис, уый. Пъырыстыфæн дæр æхсызгон уыд йæ уарзон лæджы ускуырд, æмæ йын ныфс дæр сæвæрдта, хъуыддаджы уый дæр кæй бацæудзæн, уый тыххæй. Нузалмæ куы бацыдысты, уæд уым пъырыстыф хъазт скæнын кодта. Æрæмбырд сты хъæуы чызджытæ, фæлæ Сафиат нæма æрцыд, æмæ цыма хъазт цыдæр хъуаг уыд, нæ фидыдта. Уалынмæ Сафиат хæдзары фисынæй разынд, йæ дыстæ фæйлаугæ, хъазты чызджыты астæу балæууыд. Хъазт стæвд. Фæндыры хъæр къæдзæхтæ араудта. Æмдзæгъды тъæпп-тъæпп дардмæ хъуысти. Уалынмæ Бибо дæр хъазтмæ ссыд йæ мæхъæлон уазджытимæ. Кукус та хъазты уынаффæгæнæг уыд — дежурнæ. Сафиат-иу куы ракафыд, уæд-иу ын Гæдийы йемæ скафын кодта. Иу хатт куы уыд, уæд Бибо йæ уазæджы Сафиатимæ скафынмæ ракодта. Кукус ыл фæстæмæ ахæцыд. Бибо уый мæстæй Кукусы хъазтæй раппæрста.

Хъазт ахæлиу, ацыдысты. Ныхасы адæм хынджылæг кодтой Кукусæй, хъазтæй дæ ратардта, зæгъгæ. Уый мæстæй Кукус бартхъирæн кодта Бибомæ, æз дын ацы æфхæрд нæ ныууадздзынæн, зæгъгæ. Кукус æцæг сæххæст кодта гæдыдзырдтæй йæ хъуыддаг, фæлæ фæстагмæ йæхицæн дæр хорз нæ уыд.

Пъырыстыф куы ныццыд фæстæмæ, уæд Саукуыдзмæ басидт, æмæ йын радзырдта, Гæди йын йæ чызджы кæй куры, æмæ уый хорз хъуыддаг кæй у, Гæди хицæуттимæ лымæн кæй у, æмæ йын æххуыс кæй уыдзæн, уыдæттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы рæстæджы хицæутты дзырд, арвы цæфау, тыхджын уыд. Саукуыдз пъырыстыфы дзырдыл уæлдай ницыуал загъта, фæлæ ма афтæ бакодта:

— Уый чызджы фæндон дæр у, æмæ...

Кукусы Бибо хъазтæй кæй раппæрста, уыцы хæрамæн Кукус бабадти дондæдтæны, Сафиат дон кæцæй хаста, уым, æмæ Сафиат æмæ Бибойы ныхæстæм хъуыста. Йæ фыд æй Гæдийæн куыд дæтты. Гæди дзæгъæлдзæуаг куыд у, ахæм æвзæр дзырдтæ Бибо Гæдийæ фæкодта Сафиатæн.

Кукус Æрыдонмæ æрцыд æмæ радзырдта Айсæт æмæ Гæдийæн, Бибо æмæ Сафиатæй цыдæриддæр фехъуыста, уый. Айсæт Кукусы йæ хæдзармæ бахуыдта, хорз æй федта æмæ йын фæдзырдта, йæ лæппуйы хуызæн æй кæй уарзы, æмæ Бибойæ Кукусы маст кæй райсын кæндзæн, уый. Æрмæст хъуамæ Кукус мæнг æвдисæн ныллæууа, цыдæриддæр Гæди Бибийыл гæдыдзырдтæ равдиса хицæутты раз, ууыл. Кукус дæр сразы ис.

Айсæт Гæдийæн загъта:

— Усы байст уды айст у, æмæ йын йе ’хсыры цъыртт хæрам скæндзæн, Бибойы хицæуттæм хорз куы нæ банымудза æмæ дзы йæ маст куы нæ сиса, уæд.

Гæди сразы ис æмæ йæ мадæн дзырд радта.

Уыцы изæр Кукус Гæдийы æххуырстимæ — Мæхæмæтимæ фæхыл, æмæ Мæхæмæт Бибомæ арвыста, хицæуттæн æй кæй ахсын кæнынц, уый.

Бибо фæтарст æмæ абырæг алыгъд.

Дыккаг бон пъырыстыфмæ Гæди æвзæр банымыгъта Бибойы: мæхъæлимæ бæхтæ давы, лæгтæ мары, ахæм дзырдтæ фæкодта. Æцæджы тыххæй та æвдисæн ныллæууыд Кукус. Пъырыстыф хъазахъхъы арвыста Бибойы ахсынмæ, фæлæ Бибойы не ’ссардтой, æмæ афтидæй æрцыдысты.

Иу бон Саукуыдз Дзæуджыхъæуæй раздæхт æмæ Æрыдоны Гæдима бафысым кодта. Кæй зæгъын æй хъæуы, Саукуыдзы Гæди хорз федта, цыбæл хæринæгтæ, нуазинæгтæ йын фенын кодта. Дыккаг бон Саукуыдз Нузалмæ куы бацыд, уæд фæрынчын æмæ йæ чызгæн лæгъстæ кодта, цæмæй Гæдийæн бакома, Гæдийы ус куы уа, уæд амондджын кæй уыдзæн, уый йын дзырдта. Фæлæ чызг не сразы, ницы амæлттæй æмæ йæм йæ фыд схæрам, æлгъыста йæ.

Иу къуырийы фæстæ Саукуыдз амард æмæ йæ бавæрдтой. Фæлæ уыцы рæстæгмæ гæсгæ йæ ингæн æртæ ’хсæвы хъахъхъæнæг уыд, æмæ хæдзары нæлгоймаг нал уыд, чи йæ бахъахъхъæдтаид, æмæ Сафиат ацыд йæ фыды ингæн хъахъхъæнынмæ. Фæндагыл халæттæ йæ сæрмæ тахтысты, фыдæхсæв скодта, ныммæйдар. Сафиат йæ фыды ингæн хъахъхъæдта. Æвиппайды федта йæ фыды аууон. Аууон æй ралгъыста æмæ Сафиат сæрра.

Дыккаг бон Нузал хъæугуывд кодтой æмæ дзуары бын Æрæмбырд сты æмæ ныхас кодтой. Зæронд лæг Тасолтан нæма æрцыд, бафæстиат, æмæ йæм æнхъæлмæ кастысты. Куы ’рцыд, уæд сын хабар радзырдта, цæй тыххæй бафæстиат, уый, æмæ загъта:

— Уæлæ Æрхы Сафиат сæрра, æмæ йæ дзуармæ кæнын хъæуы, зæгъгæ.

Фæсивæд ацыдысты æмæ йæ дзуармæ æркодтой æмæ дзуары цур басур, фæлæ йæ дзуарæн куы бафæдзæхстой, уæд æрчъицыдта æмæ адæмæй хицæн слæууыд.

Уыцы рæстæджы хъæдæй сау нымæтджын, сау лæг, хъуынджын худы рацыд æмæ Сафиатæн загъта:

— Цом, Къасарайы базондзынæ дæ амонд.

Сафиат æмæ саунымæтджын ацыдысты Къасарамæ. Саунымæтджын уыд Бибо, Бибо афтæ хъавыд, æмæ Къасарайы къæдзæхæй сæхи куыд аппæрстаиккой, — фыццаг Сафиаты, стæй та йæхи. Бибо Сафиаты раздæр къæдзæхæй аппæрста, стæг дзы стæгыл нал фæхæцыд. Бибо йæхи къæдзæхæй аппарынмæ куы хъавыд, уæд ахъуыды кодта, æмæ йын Кукус æмæ Гæди маринаг кæй уыдысты, уый тыххæй йæхи фæурæдта æмæ йе ’мбæлттæм æрцыд.

Радзырдта сын йæ зæрдæйы мæстытæ æмæ загъта:

— Кукус æмæ мын Гæди маринаг сты æмæ сæ агурын хъæуы, зæгъгæ.

Æрыдоны Гæдийæн йæ мад амард æмæ иунæгæй баззад. Гæди Сафиаты мард куы фехъуыста, уæд ыл æртæфстысты, уый тыххæй цы хинтæ æмæ æвзæр митæ фæкодта, уыдон. Иу бон ыл æрбафтыд Кукус æмæ йын Гæди афтæ зæгъы:

— Ацу, мæ цæст дæ куыд нæ уына, афтæ. Атæппæт бæллæхтæ дæу тыххæй æрцыд.

Кукус ын загъта:

— Нæ дыууæ дæр зылын стæм, æмæ нæ фыдуагдзинæдтæ адæмæн мауал хъæр кæн.

Гæди загъта:

— Хорз, мæ хæдзар, мæнæ дын уат æмæ схуысс. Кукус уаты схуыссыд, фæлæ Гæдийы цæстæнгасы цыдæр фыдбылызы хъуыддаг равзæрста, æмæ йæхи бæсты йæ уаты Гæдийы æххуырст Мæхæмæты схуыссын кодта. Гæди бацыд æмæ Кукусы æфсон Мæхæмæты амардта.

Кукус алыгъд æмæ Бибомæ ссыди, цæмæй Гæдийы банымудза Бибомæ, фæлæ Бибо Кукусы куы федта, уæд æй рацахста æмæ йæ бæласыл сбаста. Кукус ын лæгъстæ кодта, ма мæ амар, зæгъгæ, фæлæ йæ бирæ радзур-бадзуры фæстæ кардæй æркъуыхтæ кодта. Бибо уырдыгæй ацыд, æмæ Æрыдоны Гæдиимæ кæрæдзи амардтой.

Сафиаты сау дзыккутæ Къасарайы къæдзæхыл ауыгъдæй бирæ азты хъеллау фæкодтой!

ГÆДИАТЫ Секъа. Рауагъдад «Ирыстон». Цхинвал, 1979.

Гæдиаты Секъайы радзырдтæ


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.