Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

ГÆДИАТЫ СЕКЪА

МАД ÆМÆ ФЫРТ

Рæстæг уыцы иу сау тар мылазон хаста. Адæмы тыхджынтæ мæгуыртыл æрхæцыдысты. Адæймаджы æмсæр æмбардзинад фесæфти. Тыхджынтæ мæгуыр адæмы стурты бынаты сæвæрдтой. Мæгуыр адæмы зæрдæ уыцы сау тар мигъы бынæй рухсмæ фæндаг ничердæм ардта, афтæмæй фæлтæрæйфæлтæрмæ цард, тыхстæй-тыхстмæ цыд. Гуырдзыстоны Уырысимæ баиу кæныны агъоммæ Дзимыргомы Лекъо, зæгъгæ, иу лæг цард, йæ ус Дзебысон. Фыццаг æнæзæнæг уыдысты, стæй сын дыууæ лæппу æмæ æртæ чызджы райгуырд. Лекъойæн йе ’рвадæлтæ — фондз æфсымæры, магусайæ цæлуарзаг — Лекъойы марыны фæнд скодтой, цæмæй йæ фос, йæ мулк æмæ йæ ус уыдонæн баззадаид, уый тыххæй.

Раст джиуæргуыба æхсæвы Лекъойы сæхимæ бахуыдтой. Лекъойæн йæ марæджы йæ дæллаг фарс æрбадын кодтой, фынг æрæвæрдтой æмæ гаджидаутæ кæнын райдыдтой. Иукъорд рæнхъыты фæстæ æфсымæрты хистæр Лекъойæн афтæ зæгьы:

— Лекъо, — зæгъгæ, — хур, дам, кæцæй скæсы?

Лекъо йын йæ къухæй бацамыдта, — далæ уырдыгæй, зæгъгæ.

— Ныгуылгæ та, дам, кæцæй акæны?

Лекъо иннæ ’рдæм куыд фæзылд, афтæ йæ марæг хъамайæ ныццавта, дæлармы дзыхъхъæй иннæрдæм акаст. Лекъо размæ фынгыл бахауд æмæ йæ уд систа.

Дыккаг бон Лекъойы æрвадæлтæ Лекъойы мард баныгæдтой, йæ ус Дзебысоны сидзæртимæ сæхимæ бакодтой, сæ мулк, сæ фæллой сын сæхимæ бахастой æмæ Лекъойы марæг æрвадæлтæй иу Дзебысоны йæхицæн ус скодта. Лекъойы сидзæрты кæуын, дзыназынæй арв уынæргьыдта, зæхх æнкъуысти, фæлæ уæддæр Лекъойы марæг æрвадæлтæй хъуыды дæр ничи кодта, йæ ис, йæ мулкыл ын цинæй мардысты. Афонтæ цыдысты. Рæстæг хатти. Кусæг адæм уыцы иууызон сындзын худы бын цыдысты. Сау тар, сау мылазон мигь йæхи нæ иста. Хуры цæст нæ зынд. Æлдæрттæ сын сæ туг нуæзтой. Дзимыргомы адæм дæр Ерыстау æлдары цагъар уыдысты. Ерыстау æлдар куы фехъуыста Лекъойы марды хабар, уæд йæ моурауты барвыста Дзимырмæ. Марджытæм цыдæриддæр ссардтой фосæй, хæзнайæ, Лекъойы сидзæртæ дæр семæ, Ерыстау æлдармæ сæ акодтой.

Ерыстау æлдар Лекъойы сидзæртæй иу чызг — Марине, зæгъгæ, Къахеты иу æлдар — Цоллахъы фыртæн егарыл ауæй кодта. Иннæ сидзæртæм сæ мады ’фсымæр — Дзебысаты Бæтæ ныццыд æмæ сæ æлдарæй балхæдта, йæхимæ сæ ракодта æмæ сæ мады æфсымæримæ цардысты.

Маринейы Цоллахъы фырт йæ цагъартæй иу лæгæн — Леуан, зæгъгæ, усæн радта, æмæ æлдары цур цардысты, æлдарæн куыстой.

Æртæ азы фæстæ Марине лæппу ныййардта æмæ йыл ном сæвæрдтой Бицикъо. Бицикъойыл аст азы ацыд, афтæ иу бон æлдары фыртимæ хъазыдысты, æрæджиау сæ хъултыл фæхыл сты æмæ Бицикъо æлдары фырты фæнадта. Æлдары фырт кæугæ сæ хæдзармæ бацыд æмæ йæ фыдæн рахъаст кодта. Æлдар смæсты ис, йæ хъæлæсæй зынджытæ æппæрста, йæ цæстытæй цæхæртæ æмæ афтæ зæгъы:

—Æрбакæнут уыцы куыдзы фырты æмæ йын нæмын куыд хъæуы, уый бацамонон. Бицикъойы æлдармæ бакодтой æмæ йæ цæджындзыл сбæттын кодта, йæ разы бандоныл æрбадт æмæ йæ кæрз уисæй нæмын райдыдта бонизæрмæ. Хур фæцæй ныгуылд, афтæ лæппуйæн йæ сæр йæ риуыл æрхауд, базырзыр кодта æмæ йæ уд систа. Лæппуйы фыд Леуан æлдармæ йæ моурауы минæвар барвыста æмæ йæ лæппуйы мард ракуырдта. Фæкуыдтой йыл æмæ йæ баныгæдтой.

Афонтæ цыдысты. Рæстæг хатти. Хуыцау лæгæн цы сæрибардзинад радта, уый йын æхсарæй агуринаг фæци. Иугай лæгтæ æрмæст сæхи царды хæрзæбоны тыххæй æгас дунетæ сæфтой. Марине æмæ йæ мой дæр уыцы сæфтыты æмбал уыдысты. Бон сæ хур сыгъта, æхсæв — уазал, бæгънæг, бæгъæввад. Æртæ азы фæстæ та сын дыккаг лæппу райгуырд. Леуаны хæлæрттæ, йæхи хуызæн мæгуыртæ æрæмбырдысты, фæцин ыл кодтой æмæ йыл ном сæвæрдтой Тугъан...

Леуанæн йæ зæрдæ рухс нæ кодта, нæ цин кодта, кæд та йын лæппу райгуырд, уæддæр.

Алыхатт дæр йæ ныхас уый уыд:

— Цæмæн гуырæм, цæмæн цæрæм? Нæй фыдыбæстæ, нæй сæрибар дуг. Куы нæ гуыриккам, куы нæ цæриккам, куы фесæфиккам, уæд хуыздæр уаид.—Ахæм сагъæстæй йæ зæрдæ сау цъар, сау агъуд скодта æмæ æртæ азы фæстæ уый дæр амарди.

Тугъан æнахъом — чысылæй сидзæр баззад. Мæгуырæй адæм дардмæ лидзынц, амонд та йæм хæстæг нæ цæуы. Марине сывæллоны амалтæй хæссын райдыдта. Къуыри фондз боны æлдарæн куыста, иу бон йæхицæн. Ахæм тыхст амалтæй Тугъан фæхъомыл, дыууадæс аздзыд, фæлæ йæ уæддæр йæ мад æддæмæ рацæуын нæ уагъта, тарсти йын йæ фыццаг лæппуйы зæрдæтахтæй, исты зиан та мын ыл куы æрцæуа, зæгъгæ.

Ахæм æмбæхст нæй, чи нæ раргом уа. Иу бон æлдар уæладзыгæй каст æмæ. Тугъаны хæдзары дуармæ хъазгæ федта æмæ йæ зæрдæмæ фæцыд. Æлдар йæ моурауæн афтæ зæгъы:

— Цу æмæ Леуаны фырты æмæ йæ мады ардæм ракæн. Моурау ацыд æмæ сæ æлдармæ бакодта. Марине — чысылгомау æмбис ус, кæддæр йæ фидауцджын тымбыл цæсгом фенцъылдтæ ис, Тугъан — дыууадæс аздзыд — лæджы бындзæфхад, йæ мады цур домбайы хъæвдыны лæуд скодта.

Æлдар къæлæтджын бандоныл бадт æмæ афтæ зæгъы:

— Хъусыс, хуыздæр дын цæмæй уа, уый бынат дын скодтон. Ды кæркгæстимæ кæрчытæм зил, дæ фырт та цуанон куыйтимæ цуан ахуыр кæнæд!

Уæлдай сдзурын сæ бон цы уыд. Маринейы кæркгæс скодта, Тугъаны та — куыдзгæс.

Азтæ цыдысты. Рæстæг хатти. Тугъаныл ссæдз азы ацыд.Рихитыл милтæ фæхæцыд. Цæсгом туг æмæ æхсыр хæццæ хуыз лæвæрдта. Цонджы хъултæ тугæфсæстæй тагъдтагъд цавтой.Зæрдæ й.æхи арвы милтыл сæрфта. Цуанонæй та хуыздæр макæмæй раппæл —топпæй æрду нæ ивгъуыдта. Æлдар дæр æй бирæ бауарзта. Йæхи фырты хуызæн æм уарзон цæстæй касти, хæрд — дарæс хъуаг æй нæ уагъта. Фæлæ уæддæр Тугъанæн йæ цард йæ зæрдæмæ нæ цыд. «Цыфæнды уæд, загъта, цагъарæй сыгьзæрин дарæсы цæрыны бæсты сæрибарæй мæ къухтæй æлыг æмæ чъыр куы змæнтон, уый хуыздæр у». Ахæм хъуыдытæй Тугьаны зæрдæ цух нæ уыдис, йæхи атонатон кодта сæрибар быдырмæ. Уыцы рæстæджы æнус рæхыстæй бæттæнтæ атонынæн йæ сæр нывонд чи скодта, ахæм уæйгуытæ нæма уыд, æмæ рæстæг уыцыиу хъинонæй, уалдзыгон сæлæф зæйау, æнцад- æнцад лæсыди.

Иу бон æлдар æмæ Тугъан цуан кæнынæй æрцыдысты. Æлдарæн йæ цъиусур йæ уæхскыл, æхсидтæй заргæ, уæладзыгмæ сфардæг. Тугъан куыйты сæ бынатмæ бакодта æмæ йæ хæдзармæ бацыд. Марине арты фарсмæ бадт æмæ куыдта. Тугъан йæ цуры уырдыг алæууыд, уымæн дæр йæ цæстысыг акалд, фæлæ йæ фæрсгæ нæ бакодта, уый тыххæй æмæ сæ цард хъæлдзæгдзинадæй ницы æвдыста. Кæддæриддæр куыдтой, сагъæс кодтой. Марине йæ къабайы фæдджийæ йæ цæстысыгтæ асæрфта æмæ афтæ зæгъы:

— Не сфæлдисæг хуыздæр фæуа, кæд нæ цæмæн сфæлдыста. Тугъан йæ мады фарсмæ æрбадт æмæ афтæ зæгъы:

— Цæй зæрдиагæй кæуыс, цы хабар фехъуыстай, нана?

— Цы хабар, нана дæ нывонд, фос стæм æмæ фос, уæртæ ме 'мдзуарджын Осепайы æд бинонтæ ауæй кодта не ’лдар иу кæсгонæн æмæ сæ фæкæны.

Тугъан æнæдзургæйæ дуармæ рацыд æмæ дурыл сбадт. Сагъæссаг хъуыдытæ сæры магъзы, денджызы фæйлауæнтау, кæрæдзи æййæфтой. Иæ зæрдæ масты цæхæрæй сау тар æнуд кодта. Марине хæдзары арты фарсмæ хъарджытæ райдыдта æмæ йæ хъарæджы Бицикъойы кой дæр скодта. Тугъан фæстæмæ хæдзармæ бацыд æмæ афтæ зæгъы:

— Нана, Бицикъо та чи уыд, цæмæн ыл кæуыс? Марине ныуунæргъыдта æмæ афтæ зæгъы:

— Цæмæн дæ хъæуы, нана дæ нывонд, цæмæн æй фæрсыс?

—Нана цæра, зæгъ мын æй, Бицикъо чи уыд?—нал æй уагъта.

Марине Тугъанæн Бицикъо чи уыд, уый нæ хъæр кодта, уый тыххæй æмæ йын æлдаримæ схæрамæй тарст, фæлæ йæ Тугъан куы нæ уал уагъта, куы йæ суынгæг кодта фæрсынæй, уæд афтæ зæгъы:

— Де ’фсымæр уыд, де ’фсымæр, туг мыл ныууарыд. Нæ бирæгъ æлдар æй надæй амардта.

Тугъан фырмæстæй сдзурын нал сфæрæзта æмæ иудзæвгар æнæдзургæ алæууыд, цæстытæ туджы разылдта, уæлвонг абадтысты, æмæ афтæ зæгъы:

— Кæцæй дæ ракодтой, уырдæм фæндаг нал базондзынæ?

— Фæндаг бæргæ базондзынæн, фæлæ нæ уырдæм чи уадзы?

— Нæ къæхтæ æмæ нæ хъару.

Цы дардыл дзурын, Марине æмæ Тугъан лидзыны фæнд скодтой.

Æхсæвы мæйрухс уыд боны хуызæн. Арвы хъæдыл стъалытæ тыбар- тыбур кодтой, цыдæр хицæн бæрæг хъæлдзæг хуыз æвдыстой. Стыр æнгуз бæлæстæ кæрæдзийæ-кæрæдзимæ аууон æппæрстой: Алазаны дон, хæрдгæ быдау, йæхи æппæрста стыр сивырау комы. Хурскæсæны ирдгæ фаг улæфыд æмæ Тугъан æмæ йæ мады мæстæй сыгъд зæрдæ уымæл кодта. Иудзырдæй, дзæнæтон æхсæвтæй иу уыд. Раст æхсæвæр афон Марине æмæ Тугъан фæйнæ дыууæ кæрдзыны сæ рæтты акодтой æмæ алыгъдысты. Æхсæвбонмæ æнæрынцойæ фæцыдысты æмæ боныцъæхæй Арагуийы доныл Зиноны хиды цур хъæдбыны бонасадæн æрæнцадысты.

Дыккаг бон æлдар куы базыдта Марине æмæ йæ фырты алидзыны хабар, уæд алы ’рдæм фæдис арвыста. Зиноны хид дæр æрцахстой, хъахъхъæнджытæ дзы скодтой. Марине æмæ йæ фыртæн хъахъхъæнджытæй хидыл ацæуæн нал уыд. Дон та ивылд уыд æмæ ласынæй тас уыд. Æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы æнхъæлмæ фæкастысты. Хъарагъултæ хид уæгьд нæ уагътой. Æртыккаг бон Гуыдангомыл бацыдысты, Хевсурет æфцæгыл Пасанаурмæ æрцыдысты, Хады комы мидæмæ Ломисы æфцæгыл Дзимырмæ ныххызтысты, сæ гуырæн бæстæм. Фæлæ иу аххос уый уыд, æмæ Марине иронау нал зыдта, стæй Маринейы зонгæ дæр нал бакодтой, сæхæдæг дæр сæхи нæ бацамыдтой æмæ иулæгмæ æххуырсты ныллæууыдысты — сæ мады æфсымæрмæ.

Цоллахъы фырт æлдары хуыссæг нал ахста, алы ’рдæм чингуытæ рафысс-бафысс кодта. Дзимыры æлдар Ерыстаумæ дæр ныффыста, цæмæй йæ хъус бадара æмæ Маринейы куы ссара, уæд æй йæ фыртимæ ахæстæй Къахетмæ Цоллахъы фыртæн куыд арвита, афтæ. Ерыстау æлдар бæстæ сызмæлын кодта хохæй, быдырæй, Марине æмæ йæ фырты агуырдта. Ирон адæмы ’хсæн дзырд уады бæхыл бады, сусæг нæ кæны. Чидæр Ерыстау æлдармæ дзырд бахаста, Дзимыры, дам, ахæм æнæзонгæ; æнахуыр ус æмæ лæппу лæг ис, чи зоны, æмæ, дам, кæд ды кæй агурыс, уыдон сты, зæгъгæ.

Дыккаг бон Ерыстау æлдар асаулæты æфсад Дзимырмæ барвыста, цæмæй Марине æмæ йæ фырты æрцахсой. Фæлæ лæгæн знаг цас ис, уыйас та йын лымæн дæр вæййы. Иу ус, Сабедо, зæгъгæ, Маринейæн базонын кодта, ахсынц дæ, зæгьгæ. Марине хъуыддад/кы хабар куы базыдта, уæджылы дзæгъæл, æдзæрæг хохмæ сфардæг йæ фыртимæ æмæ уым къæдзæхы æххæлты бамбæхст. Асаултæ сæ фæцагуырдтой æмæ сæ куы нæ ссардтой, уæд ацыдысты æмæ Ерыстау æлдарæн загътой хъуыддаджы хабар.

Уæлдай нæ уыдзæн, Хъелы хох кæсджытæн куы базонын кæнон, уæд. Арагуийы доны сæр хурныгуылæны ’рдæм бæрзонд гæмæх хæхтæ арвыл æнцайынц. Хуырджын лæнчытæ, нарæг æххæлтæ, талынг къуымтæ, зылынмылын хурджын кæмттæ — суанг Урстуалтæм афтæ ахаста. Раст, æвæццæгæн, Кавказы хохы астæу æлхынцъ Хъелыл æрцыд æмæ ахæм æххæлтæ æмæ фидæрттæ дæр уымæн у. Хъелы хохыл зымæг цъиу тæхæг нæ вæййы, уый тыххæй æмæ дзы мит иннæ хæхты хъауджыдæр бирæ фылдæр уары. Сырд дæр дзы нæ фæразы зымæг цæрын. Иудзырдæй, Хъелы фидæрттæ лæг йæхи цæстæй куы нæ фена, уæд хъазы сисæй зын равдисæн сты. Æлдары асаултæ дæсæй Дзимыры ныллæууыдысты, Марине хохæй æрцæудзæн, зæгъгæ, æмæ йæ æрцахсдзыстæм. Фæлæ Марине хохæй не 'рцыд æмæ зымæджы дæр уым базэадысты.

Майрæмы куадзæны рæстæг уыд æмæ Хъелы хохыл мит фæлдзæгъдæн хаста. Сау мигъы тымбылтæ комæй-коммæ лиуырдтой. Цæгат фарсы тымыгъ миты хъæпæнтæ æфцæгæй-æфцæгмæ æппæрста. Марине æмæ йæ фырт Хъелы хохы Саудзуары лæгæты æрынцадысты. Дон лæгæтæн йæ хæдраз цæуы, фæлæ сæ суг æмæ хæринаг агурын хъуыд. Хохы лæнчыты фугæ пыхс цъæх дардта. Тугъан фугæ пыхс куыристæ фæбаста æмæ сæ лæгæтмæ æрхаста. Стæй цуан кæнын райдыдта æмæ урс хохы сырдтæй бон дыууæ, æртæ мардта. Цалынмæ фæззæджы ’рдæм уыд, уалынмæ Тугъан сырдтæй фаг амардта, фæлæ фыд цæм фыхтаиккой, аг сæм нæ уыд æмæ физонæгæй цардысты. Иу бон Тугъан доны бын фæлмæн дур бацагуырдта æмæ йæ хъæбæрдæр дурæй аджы хуызæн дзыхъ скъахта фыд фыцынæн (Æрæджы дæр Саудзуары кувæндоны уыд уыцы дур. — Автор.), цъæнут æртыдта сæхицæн лыстæнæн æмæ цæрын байдыдтой.

Сæрд аивгъуыдта. Зымæг æрцыд. Фыййæуттæ сæ фос быдырмæ атардтой. Мит æрæхгæдта. Цъиу тæхæг нал уыд. Хохæй сауы къуыбыр нал зынд. Мит æртæ лæг бæрц ныууарыд. Хъелы сырдтæ комрæбынтæм æрцыдысты. Иудзырдæй, Хъелы хохы змæлæг нал уыд. Æрмæст ма миты бын лæгæтæй Марине æмæ йæ фырты фæздæг калд. Уæды уонг Марине æмæ йæ фырт уыйас тынг хъыг нæ кодтой — мæргъты уасынæй, сырдты уындæй сæ зæрдæ æнцад уыд. Фæлæ ныр бæстæ бафынæй, амарди, æрмæст ма цæгат фарсы тымыгъы зызын хæхтæ араудта, æхситт кодта. Стыр тыгъд цъитийы астæу лæгæты æнæкæрон цъæх арвы йедтæмæ сæм уд змæлæг никæцæй зынд. Æрмæст уадтымыгъ миты хъæпæнтæ, уылæнтæгæнгæ, хаста æмæ сæ лæгæты дуармæ амадта. Афтæмæй бонæй-бонмæ æнхъæлмæ кастысты боны фæдаргъмæ.

Бон дæр фæдаргъ. Хур тавын райдыдта. Мит фæзæйнад, фæдзода. Хохы цыргъытæ фæсау сты. Фæлæ Марине æмæ йæ фыртыл адæймаджы хуыз нал уыд. Сæ цæсгом сын мит басыгъта, ныссау сты, фæздæгæй бакуырм сты, нал уыдтой. Сæ хъару асаст, фезмæлын нал фæрæзтой. Хæринаг сын нал уыд, сæ фыдтæ фесты. Иудзырдæй, тагъд мæлæтмæ æнхъæлмæ кастысты.

Лæджы зæрдæ фыдæбонтыл куы сфæлтæра, уæд æм зындзинад тынг нал хъары. Иу райсом раджы Сырхыты хохы тигъыл сырдты дзуг схæлиу. Тугъан йæ топп йе ’фцæджы афтыдта æмæ сырдтæм æхстбæрц схъуызыд! Гæрах ацыд æмæ сырдты стырдæр асхъиудта, фæлæ рæбыны абадт. Тугъан сырды мард лæгæтмæ баласта æмæ йæ мадæн афтæ зæгъы:

— Нана, ма тæрс, нал амæлдзыстæм, иу мæйы фаг та нæм ис, стæй уалынмæ уалдзæг æрцæудзæнис.

Тугъан сырды мардæй физонæг скодта, бахордтой æмæ та сæ зæрдæ фæлæууыд.

Хохы хуссæрттæ фæхъулон сты. Дон файтынг ис. Зæхх базмæлынмæ хъавыд. Иубон та Тугъан цуаны ацыд, бонизæрмæ хохы фæзылд, изæрæй сырд амардта æмæ рацыд. Саудзуары фæхæрдгæнæнмæ куы ’рхæццæ, уæд бæстæ нытталынг, ныммæйдар. Уарын байдыдта. Арв нæрыди, æрттывта. Тæгъды зæй уарын митæмхæццæ уылæнтæ кодта. Тугьанæн нымæт йæ уæлæ. сырды мард йе ’ккой, лæгæтмæ тындзыдта. Раст æхсæвæр афон æрхæццæ. Артдзæсты гæзæмæ зынгтæй стъæлфæн хауд. Марине лыстæныл уадзыгæй лæууыд. Тугъан йæ мады цæсгомыл дон æркалдта, æрчъицын æй кодта æмæ йын афтæ зæгъы:

— Цы кодтай, нана, цæмæй фæтарстæ? Марине кæуын хъæлæсæй афтæ зæгъы:

— Ныртæккæ, чысыл раздæр мæм цыдæр æрбацæйцыд. Æз æм дæу æнхъæл акастæн, уый мæ куы федта, уæд схъуыр-хъуыр кодта æмæ æхсæвы мæйдары аныгъуылд.

Тугъан йæ мадæн ныфсытæ авæрдта, арт скодта æмæ æрбадтысты.

Марине кæмæй фæтарст, уый бæлццон лæг уыд, æмæ кæрæдзийæ фæтарстысты. Марине йæ æхсæвидар фенхъæлдта, бæлццон та йæ зин фæхуыдта. Бæлццон дард, дуры бын сбадт æмæ уырдыгæй хъахъхъæдта. Арв-иу куы ферттывта, уæдиу Тугьаны ауыдта лæгæтмæ фæцæйцæугæ, нымæт йæ уæлæ. Бæлццоны дзырдæй адæмы бауырныдта, Хъелы хохы лæгæты, загъта, Саудзуар цæры æмæ дзы Саудзуарæн иу азы фæстæ кувæндон скодтой, æмæ ныр дæр Саудзуар хуыйны.

Дыккаг бон хур скаст, хохæй-хохмæ тын анывæзта. Бæрзонд урс хæхтæ, æвзистау, сæрттывтой. Арф нарæг кæмттæ сау æндæрг хастой... Зымæг аивгъуыдта, уалдзæг æрцыд. Хъелы уæлхох фæзтæ кæрдæгæй цъæх сгæлладау сæрттывтой. Зымы æхситт кæмттæ арыдта. Алы хорз кæрдæджы тæфæй лæджы зæрдæ рухс кодта, иудзырдæй, зындон дзæнæт фестад. Фиййæуттæ сæ фос Хъелы хохмæ стардтой æмæ Саудзуар лæнчы лæгæты раз æрбынат кодтой.

Бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Адæймаг зынтæ цас фены, хорздзинæдтæ дæр уыйас уыны, фæлæ Марине æмæ йæ фырт райдианæй- байдианмæ хорздзинадæй ницы федтой.

Дыккаг бон райсом раджы, фиййау фос лæгæты раз хизгæ æрбауагъта æмæ лæгæтмæ бакаст, æмæ Марине æмæ йæ фырты куы федта, уæд уыдон сау уындæй фиййау афтæ фæтарст æмæ йæ цæстытæ батартæ сты, зæрдæ ихыкъæртт фестад æмæ фæлурсæй фиййæуттæм æруад æмæ сын афтæ зæгъы:

— Уæлæ лæгæты дыууæ хæйрæджы, саусауид, æвзалыйы хуызæн сæ цæсгом. Фиййæуттæ схудтысты æмæ афтæ зæгъынц:

—Ау, æмбисбон цавæр хæйрæгу?

Фиййауæн йæ зæрдæ чысыл æрæнцаддæр æмæ афтæ зæгъы:

— Ус æмæ лæг, сатæгсау сæ цæсгом. Сæ дарæс бызгъуыр, скъуыдтæ, цъæнуты хæлттæй бæстытæ, мæллæг, сæ цæстытæ арф кæцæйдæр æрттивынц. Ласары дзуарыстæн, комкоммæ хæйрæджытæ.

— Цом ма, фенæм, лæппутæ, Гиголайы хæйрæджыты. Цæвиттон, фиййау Гигола хуынд. Фиййæуттæ фондзæй ацыдысты æмæ лæгæты Марине æмæ йæ фырты федтой — æцæг хæйрæджыты хуызæн. Дауита, фæлтæрдзæрдæ лæг, Маринейы бафарста, кæцон сты, кæцы бæстаг, уыдæттæй. Марине сæхи æндæр бæстаг бацамыдта, йæ ном схуыдта Марта, йæ фырты ном та Тархан.

—Адæмæй хъодыгонд стæм, загъта, æрмæст удыбæстæджын адæмы руаджы цæрæм.

Фиййæуттæ сæ сæхимæ акодтой æмæ сын кæрдзын бахæрын кодтой: фыд, бас, дзул. Марине æмæ йæ фырт фиййæуттæм æххуырст ныллæууыдысты — Марине фосдуцæг, йæ фырт та фиййау. Марине æмæ йæ фыртæн сæ цард фæхуыздæр. Хæринагæй æфсæдын байдыдтой, уадултыл туджы уадындзтæ ахъазыд, цонджы хъултыл тугдадзинтæ сæхи тагъд- тагъд цæвын систой, цæстом фехсыргъуыз. Иудзырдæй, хæйрæг кæй хуыдтой, уыдон адæймæгтæ фестадысты æмæ фиййæуттимæ цæрын байдыдтой. Сæрд аивгъуыдта. Майрæмы куадзæны мæй фæци. Æрæгвæззæг æрцыд. Арв хъулæттæ кæнын райдыдта. Цæгат фарсы тымыгъ фæйлауæнтæ систа, миты хъæпæнтæ хохæй-хохмæ æппæрста. Фиййæуттæ тагъд-тагъд сæ дзаумæттæ бастой, бæхтыл сæ æвæрдтой. Фосы дзугæн цæу сæ разæй, фиййауы фæстæ — быдырмæ афардæг сты. Марине æмæ йæ фырт дæр фæстæмæ Дзиддырмæ æрцыдысты æмæ сæ мады æфсымæртæм бацыдысты.

Ирон адæмы æхсæн сусæг цы кæны. Чидæр та Ерыстау æлдармæ дзырд ныххаста: Марине æмæ йæ фырт, дам, сæ мады æфсымæр Бæтæйы хæдзары цæрынц, зæгъгæ. Ерыстау æлдар та фыццаг хаттæй фылдæр асаулытæ барвыста Дзимырмæ Марине æмæ йæ фырты æрцахсыны тыххæй æмæ сын бафæдзæхста, ахсын куы нæ комой, уæд сæ маргæ уæддæр куыд акæной, афтæ.

Раст цыппурс рæстæг уыд æмæ мит ныууарыд, ныхгæдта. Хæхтæй сау къуыбыр нал фæзынд. Дзебысаты Бæтæйы хæдзар дыууæ хъæуы астæу зыбыты иунæг ран митденджызы астæу тæппалы хуызæн гæзæмæ сау æндæрг хаста.

Асаулытæ æхсæвыгон Бæтæйы хæдзары алыфарс æрбадтысты æмæ Бæтæмæ минæвар барвыстой, цæмæй сын Марине æмæ йæ фырты радта. Бæтæ та минæварæн ахæм дзуапп загъта:

— Барæй мæ туг, ме стæг нæ ратдзынæн, зæгъы. Æхсарæй увб ВДя фæнды, уый кæнут. Æмæ йæ хæрæфыртимæ гæнахы бацыд.

Бон цъæх кæньгн байдыдта. Гæнахы фæрстæй фæздæг кæльш систа. Топпы хьæр Суаргом араудта. Бæтæйы фæрдыгдзых хъримаг галау уасыд. Иннæрдыгæй Тугъаны ерæдзыпп æнæрæнцайгæйæ, арвау, нæрыди. Асаулытæ мусы къуымты бамбæхстысты. Хъуыддаг афтæ уыд æмæ гæнах хæххон агъуыст мусимæ æмхæст амад уыд, æмæ сæ зымæджы хардз фосæн цы хъуыд — хъæмпæй, хосæй, уый иууылдæр мусы æвæрд уыд. Бæтæ йæ хæрæфырты куы нæ лæвæрдта, уæд асаулытæ мусыл арт бафтыдтой. Мус ссыгъд æмæ гæнах дæр судзын байдыдта. Тугъан гæнахы дуар' фегом кодта, йæ рахиз къухы кард æлвæстæй, йæ галиу къухьг. топп æргъæвдæй хъазуат рацыд. Кæрæдзийыл гæрæхтæ ацыдысты æмæ асаулытæй иу асхъиудта, Тугъанæн дæр топпы нæмыг йæ сæвджын риуы иннæрдæм фæд акодта, рухс дзы акаст, фæлæ нæ фæцудыдта. Дыккаг гæрахæн йæ уæрджытыл æрхауд æмæ асаулыты хисдæры кардæй рариуыгъта æмæ йын йе счъилы нуæрттæ суагъта æмæ йын афтæ зæгъы:

— Дæу дæр, мæ лымæн, дæсны нал сдзæбæх кæндзæн æмæ миты уæлæ уæлгоммæ ахаудта.

Топпы хъæрмæ, арты цæхæрмæ дыууæ хъæуы — Дæллаг Баджын æмæ Уæллаг Баджын — æрæмбырд сты, Бæтæйы дарддæр хæцын нал бауагътой. Се ’хсæн бацыдысты. Хæцæн дæр ын нал уыд — гæнах басыгъд. Йе 'фсымæртæ дæр æй нал бауагътой. Бæтæ æмæ Маринейы æрцахстой æмæ сæ Ерыстау æлдармæ акодтой. Бæтæйæн ма дыууæ ’фсымæры сæ хæдзары баззад. Ерыстау æлдар Маринейы Къахетмæ фæстæмæ Цоллахъы фыртæн арвыста, Бæтæйы та Хъанцелы мæсыджы хъоргъы ауагъта. Бæтæйы йе ’фсымæртæ уайтагъд балхæдтой æмæ фæстæмæ Дзимырмæ æрбацыд. Марине та Цоллахъы фыртмæ, куыд уыд, афтæ кæркгæс цагъарæй баззад.

Афонтæ цыдысты. Рæстæг ивта. Рухсаг уæд, Уырысы паддзах Алыксандр II цагъарты куы ссæрибар кодта 1861 азы, уæд Марине дæр зæрондæй ссæрибарис æмæ Калакмæ ацыд æмæ уый йæхи æмхуызон зæронд болкъон мой скодта. Иуцалдæр азы ма ацард, стæй уый дæр амарди. Рухсаг уæнт!

ГÆДИАТЫ Секъа. Рауагъдад «Ирыстон». Цхинвал, 1979.

Гæдиаты Секъайы радзырдтæ


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.