Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

ГÆДИАТЫ СЕКЪА

Хъуды Цыппу

Кавказы хохы сынæджы хуссарварс, Арагуийы доны сæр Хъуды ком хуыссы, цыма йæ зæххыхъæд хицæнæй фидары тыххæй скодта: бæрзонд къæдзæх хæхтæ, зынбацæуæн лæгæттæ, нарæг бахизæн кæмттæ — фидар цæстæнгас дæтты.

Раст Арагуийы доны сæр царди Хъуды Цыппу. Гуырдзыстон Уырысимæ баиу кæныны фæстæ, адæм куы ’рсабыр сты, куы æрæнцадысты, уæд Калачы сæудæджертæ Макарæй фос ласын райдыдтой Арвы комы фæндагыл. Фæндаг Дзæуджыхъæуæй Калакмæ æртæ дихæй уæрст уыди. Дзæуджыхъæуæй чырæ Къобы онг быдыры ирон адæм ластой, Къобæй Косетмæ та хохы адæм, Косетæй Калакмæ—Гуырдзыстоны адæм.

Иу бон Цыппу Къобмæ чырæ ласынмæ ныццыди фондз æмбалимæ: Сугъар, Тотырадз, Цицо, Тайти æмæ Дударимæ. Къобмæ куы ’рцыдысты, уæд Цыппу хицауæй сгæллады чырæтæ райста, чырæты хицау Цыппуйы бафарста йæ ном æмæ йæ мыггагæй. Хицауæн Цыппу йæ цæрæн бæстæ раст равдыста, фæлæ йæ ном æмæ йæ мыггаг фæлывдæй загъта «Хафына Къæрныхов», уыцы номыл чырæты хицау накладной гæххæтт ныффыста, иу гæххæтт Цыппумæ радта, иу та йæхимæ баурæдта. Цыппу æмæ йе ’мбæлттæ æхсæв уæрдонæй сгæллæдты чырæ раластой, чырæты сæ .хæдзæрттæм сæхицæн нылластой æмæ сæ бавæрдтой.

Бонтæ ивгъуыдтой, рæстæг хатти, чырæты хицау Калачы йæ фос куы нæ райста, уæд хъуыддаг сдзырддаг кодта, хицæуттæ рафысс- бафысс байдыдтой, Хъуды комы Хафына Къæрныхов агуырдтой, фæлæ ахæм ном æмæ мыггаг Хъуды комы не ссардтой. Бирæ фæрафæрс-бафæрсы фæстæ хицæуттæ банцадысты æмæ сæудждæер дæр. Дыууæ азы фæстæ, хъуыддаг куы ферох, уæд Цыппу йе ’мбæлттимæ сгæллæдтæй базар кæнын байдыдта алы хъæуы: Урстуалты, Дзимыры, Чысаны æдасæй сгæллæдтæ уæй кодтой.

Уыцы рæстæджы Рубайты Биби Косеты стыр хицауæн сусæг дзырдхæссæг — комдзог уыд, хицау дæр æй рæвдыдта майдантæй йедтæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, æхца дæр ын-иу авæрдта, æмæ-иу Биби рæстæй дæр æнæхъуаджы йе ’мбæстон адæмыл комдзæуджытæ цыд.

Бибийы сгæллæдты мæтæй хуыссæг нал ахста, хъахъхъæдта Цыппуйы. Цыппу Чысаны сгæллæдтæ ауæй кодта æмæ фæстæмæ æрцыд. Биби уый куы базыдта, уæд Цыппуйы фæдыл ацыд Чысанмæ æмæ сгæллæдтæй дыууæ топпы балхæдта æмæ сæ Косеты хицаумæ ныххаста æмæ хицауæн загъта, уыцы сгæллæдтæ Цыппу фондз æмбалимæ кæй радавта, уый. Æцæджы тыххæй та йæм радта, кæй балхæдта, уыцы сгæллæдтæ. Косеты хицау сгæллæдтæ Калакмæ арвыста сæ хицаумæ, ацы сгæллæдтæ дæу сты, æви нæ, зæгъгæ, йæ бафарста. Сомихаг йе сгæллæдтæ базыдта æмæ Косеты хицаумæ ныффыста:

— Сгæллæдтæ мæн сты, зæгъгæ, æмæ хуыснæджыты куыд ссарой, афтæ.

Косеты хицау куыддæр уыцы гæххæтт райста Калачы сæудæджерæй, афтæ асаултæ барвыста æмæ Цыппуйы йæ фондз амбалимæ йæхимæ ныккæнын кодта. Хицау бирæ рафæрс-бафæрс, ракъах-бакъах фæкодта Цыппу æмæ йе ’мбæлтты, фæлæ йын куы нæ басастысты, уæд сыл хъадамантæ сывæрын кодта æмæ сæ ахæстонмæ арвыста. Цыппу йе ’мбæлттимæ Косеты ахæстоны цыппар мæйы фæбадт, цалынмæ йæ аххосы чингуытæ цæттæ кодтой, стæй йæ Калачы тæрхондонмæ арвыстой сæ аххосы чингуытимæ.

Иу бон ахæстоны дуары хъæр фæцыд æмæ дуар фегом. Дæс салдаты æд топпытæ, сæ разæй схъæлфындз цъæхдзаст хицау ахæстоны смидæг æмæ афтæ зæгъы:

— Судмæ, судмæ, — сæ нæмттæ æмæ сын сæ мыггæгтæ анымадта.

Цыппу æмæ йе фондз æмбалы салдæттæ сæ астæу стымбыл кодтой æмæ сæ иу стыр хæдзары смидæг кодтой.

Суд æгъдаумæ гæсгæ бадт. Ахæстытæн цъæх цинелтæ сæ уæлæ, зылынты бандоныл бадтысты. Суд бирæ тæрхон нæ фæкодта, уый тыххæй æмæ сæ зылыны чингуытæ Косеты хицауæй фидаргонд уыдысты.

Иу сахаты фæстæ суды хистæр расидт:

— Цыппу йе ’мбæлттимæ сгæллады барджитæ радавта Къобы фæлывд номæй. Уый Косеты хицау æвдисæнтæй сбæрæг кодта æмæ æцæгдзинад у, уый тыххæй сæ бартæ ист æмæ мыггагмæ Сыбырмæ æрвыст уæнт, æмæ та сæ ахæстонмæ акодтой.

Æхсæвы мæйрухс æрттывтытæ калдта, йæ сыгъзæрин цæс тæй ахæстоны рудзынгæй мидæмæ худт. Ахæстытæ рудзынджы раз бамбырд сты æмæ арвы лæдæрдтæй сæхи рæвдыдтой. Чи зоны, загътой, нырæй фæстæмæ нæ бæстаг арвы зылд нал фендзыстæм. Цыппу йæ рихи аздыхта хъæбатыры бæрæгæн æмæ афтæ зæгъы:

— Сыбыры ныммæлыны бæсты нæ ирон бæстыл æруадзæм нæ мæлæт. Лæг иу бон райгуыры, иннæ бон амæлы æмæ æнцад мæстæй базарыд:

«Сугъары дзыппы, дам, цъæхих æндон æмæ, дам, Нуазайы скæнæм нæ лидзæн бон!»

Ахæстытæ Цыппуйы фæндыл сразы сты æмæ дзырд скодтой Цилканы станцы цур, хъæдмæ хæстæг хъæуы, ахæстытæн æхсæв æнцайæн бынат кæм уыд, уыцы ран сæ йе цæгъдгæ куыд ныккæной, йе куыд алидзой, ууыл кæрæдзийæн ард бахордтой æмæ схуыссыдысты.

Иу мæйы фæстæ Цыппу æмæ йе ’мбæлтты Сыбырмæ ракодтой Арвыкомы фæндагыл, дыууадæс салдаты семæ хъахъхъæнæг. Раст Нуазайы хъæумæ куы схæццæ сты, ныр Цилканы станцæ чи хуыйны, уырдæм, уæд уым æхсæвиуат æрæнцадысты иу хæдзары.

Уыцы æхсæв раст Ломисы дзуары æхсæв уыд æмæ Цыппу иу сомæй арахъхъ балхæнын кодта, уæрыкк аргæвстой æмæ Ломисы дзуарæн скуывтой. Арахъхъæй сæхиуыл фæхæцыдысты, салдæттæн дзы баталас кодтой. Салдæттæ хорз куы срасыг сты, уæд къуырма кæфты хуыст скодтой, æрмæст ма ахæстыты уæлхъус иу салдат дзой-дзой кодта. Ахæстытæн сæ фæнд куыд уыд, афтæмæй æвиппайды фестадысты, æмæ къулы уæлæмæ хæрдæрдæм слыгъдысты, фондзæй аирвæзтысты, фæлæ æхсæзæм — Гайтийы рацахстой æмæ йын йæ къахы бынтæ ныллыгтæ кодтой.

Хъуыддаг афтæ уыд, æмæ, ахæстытæ куы алыгъдысты, уæд сæ цуры цы салдат лæууыд, уый иннæты фехъал кодта æмæ сæ асырдтой. Фондзæй иуæрдæм лыгъд фесты. Гайти иунæгæй фæхицæн æмæ йæ салдæттæ æрцахстой. Фондз абырæджы æхсæвбонмæ фæцыдысты æмæ боныцъæхæй Чысаны Монастеры хъæды бонасадæн бакодтой. Дыккаг æхсæв, раст æхсæвæр афон Цъорцъохы куырдмæ бацыдысты æмæ йын сæ хъадамантæ рафтауын кодтой. Цыппу йæ хъадаманыл нытту кодта æмæ афтæ зæгъы:

— Абонæй фæстæмæ дæ лæджы къах макуыуал фенæд! Цъорцъохы куырд сæ хорз федта — хæрд, нуæзт, æхца дæр сын радта æмæ рацыдысты. Мудзухы æфцæгыл Хъуды коммæ æрхызтысты. Ныр ма сæ иу мæт уый уыд æмæ Гайтийы куыд байстаиккой, уый тыххæй хъуыды кодтой. Уыцы рæстæджы Гуырдзыстоны фæндаг Диделтыл уыд, Млеты тæссæрттæ конд нæма уыдысты. Цыппу алыбон дæр Къайсуартæм станцæмæ иу зæронд усы æрвыста бæрæггæнæг Гайтийы размæ, цæмæй йын базонын кæна Гайтийы æрбацыд. Иу къуырийы фæстæ зæронд ус абырджытæм дзырд бахаста: Ахсæв, дам, Гайти Къайсуарты уыдзæн æмæ йæ райсом ракæндзысты, зæгъгæ.

Абырджытæ сæхи сцæттæ кодтой æмæ Гордзылеты йæ разы бабадтысты.

Дыккаг бон хур скаст, хохæй-хохмæ тын анывæзта. Бæрзонд къæдзæхтæ, æвзистау, сæрттывтой, фæлæ ма уæддæр Хъуды комы рæбынтæ сау æндæрг хастой. Уалынмæ сын Гайтийы сæ разы æрбалæууын кодтой. Абырджытæ æвиппайд уæлвæндагæй æргæппытæ кодтой æмæ цæсты тъæбæрттæн Гайтийы Уартауы дæлбыл фæкодтой. Салдæттæ ма сæ фæстæ гæрæхтæ кодтой, фæлæ абырджытæ фидæртты хохы сæрмæ сфардæг сты æмæ уырдыгæй Гадзыгайы зарæг кодтой.

Абырджытæ Рубайты Бибийы марыныл бирæ фæзылдысты, фæлæ сæ къухы нæ бафтыд. Хæдзарæй æддæмæ нал цыд, дуар æхгæдæй дардта, тыхæй бабырсæн æм нæ уыд, арт ыл куы бафтыдтаиккой, уæд æгас хъæу сыгъдысты æмæ сын тæригъæд кодтой, афтæмæй сын Биби бонæй-бонмæ æнæ мардæй баззад!

Царддæттæг сæрд аивгъуыдта, ацыд. Хæхтæ мит æрæхгæдта, ацæуæн фæндаг нал уыд. Уадтымыгъы æхситт, дымгæйы зызын кæмттæ араудта, бæстæ кæуын цæстæнгас лæвæрдта. Абырджытæ сæ хæдзæрттæм æрцыдысты. Ирон адæмы ’хсæн дзырд уады бæхыл бады. Биби та Косеты хицаумæ дзырд ныххаста. Хъуды абырджытæ, дам, сæ хæдзæртты цæрынц, зæгъгæ.

Раст Цыппурсы рæстæг уыд, æмæ Косеты хицау æфсæдтæ æрæмбырд кодта — Хадæй, Хиуæй. Уыдонмæ уырысы æфсæдтæ баиу сты. Хицауы фæнд афтæ уыд, æмæ абырджытæм æхсæв куыд ныббырстаиккой æмæ сæ æвиппайды куыд æрцахстаиккой, афтæ. Фæлæ хъуыддаг афтæ уыд, æмæ æфсæдтимæ Цыппуйы æфсымæргонд — Цъорцъохы куырд дæр уыд æмæ Цыппумæ барвыста, ахсæв дæм бырсдзысты, зæгъгæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, абырджытæ дæр хæстæмбæрц сæхи сцæттæ кодтой æмæ æфсæдты раз къуыбырыл, Такаты мусы æрбадтысты. Æхсæв мæйрухс уыд боны хуызæн. Миты хъæпæнтæ тыбар-тыбур кодтой. Раст æмбисæхсæв Такаты мусы раз фæхæрд кодтой. Абырджытæ мусы аргæрæнæй æфсæдтыл топп, их уарæгау, ныккалдтой æмæ дзы дыууæ уым аззад, иннæтæ фæлидзæг сты æмæ æндæр хъæуты æрæнцадысты, Цыппуйы æвронг зонд хъуыддаджы зындзинад равзæрста, æнæхæцгæ хос нал ис, уый, æмæ хæцæн фидар бацагуырдта.

Гордзылеты бын хъæуы сæр къæдзæх сынæджы раз — лæгæт. Лæгæтæн йæ алыварс айнæг, иу бацоны йедтæмæ йæм нæй. Лæгæты мидæг суадон. Абырджытæ лæгæтмæ фæндаг ныммарзтой æхсæвы, цæмæйдæриддæр мит арф уыди, цыдæриддæр сæм хъомвос уыди, лæгæтмæ сæ стардтой æмæ сæ аргæвстой, сæ мæрдтæй сын лæгæты раз хæцæн самадтой, цæвиттон, мит арф уыд æмæ дур къухы не ’фтыд. Сæ бинонты — чысылæй, стырæй иууылдæр лæгæтмæ скодтой, хæринаг ссад фаг схастой æмæ Цыппу хæсты пълæнттæ æрæвæрдта.

Дыккаг бон æфсæдты хицау цæхгæр дзырд радта, хъазуат сæм бацагут, зæгъгæ, цасфæнды фæцæгъдæнт, уæддæр, æнæуый хос нæй, загъта. Æфсæдты хицауы уынаффæмæ гæсгæ дыккаг бон хъазуаты бацыдысты, фæлæ хъæуы афтид хæдзæртты йедтæмæ ничиуал уыд æмæ хъæуы æрæнцадысты.

Æртыккаг бон хæцын райдыдтой, æфсæдтæ лæгæтмæ бырстой. Топпы нæмыг ихуарæгау кодта. Лæгæты сæрмæ топпы фæздæг мигъ сбадти. Æфсæдтæй бирæ фæцагътой. Хæст бон изæрдалынгмæ нæ банцад. Изæрæй æфсæдтæ раздæхтысты.

Цыппурсæй донскъæфæнмæ топпæй фæхæцыдысты, фæсдонскъæфæны сæм сармадзантæ баластой æмæ хæст сæтынгдæр. Фыццаг æмыр нæмыгæй æхстой, цæмæй лæгæты раз хæцæн амад фехæлдтаиккой, фæлæ сын халын нæ бакуымдта, уый тыххæй æмæ галтæ, хъуццыты мæрдтæ кæрæдзийыл ныссалдысты æмæ сæ къæртт дæр нал хаудта. Уый фæстæ сæ халгæ нæмыгæй, фыдæлтæ хъумбара кæй хуыдтой, уымæй æхсын райдыдтой. Цæвиттон, лæгæты дуар бæрзонд уыд, æмæ хæцæн амады сæрты лæгæты хуылфмæ хаудта, сармадзаны нæмыг æмæ лæгæты хуылфы хæлд.

Зондджын.æфсæддон адæмæй сæдæ мин лæджы басæтдзæн. Цыппу хорз зыдта, уыцы рæстæджы сармадзаны нæмыг цæмæй хæлы, æмæ куыд арæзт у, уый æмæ лæгæты астæу дон смал кодта, æмæ-иу сармадзаны нæмыг лæгæты хуылфы къæдзæхыл куы сæмбæлд, уæд-иу малы смидæг æмæ-иу йæ фитил ахуыссыд. Цæвиттон, уыцы рæстæджы сармадзаны нæмыг фитилæй хæцгæ уыд, цалынмæ йæ фитил асыгъдаид, уалынмæ нæмыг нæ хæлди, æмæ доны руаджы сармадзаны нæмыг æнæхæлдæй зад. Нæмыджы хуылфæй та дæс æмæ æртиссæдз æхсты топпыхос истой æмæ уый руаджы топпыхос хъуаг нæ кодтой. Иухатт Цыппуйæн йæ къухты ’хсæн сармадзаны нæмыг дæр ныггæрах кодта æмæ фехæлди, фæлæ йæхицæн дæр æмæ иннæтæй дæр никæмæн ницы кодта.

Цыппурсæй Тутыры дыццæгмæ лæгæтæй фæхæцыдысты, стæй лидзыны фæнд скодтой. Урс цикъæйæ æддаг дарæстæ бахуыдтой, урс миты хуызæн куыд уыдаиккой, афтæ, миты цæуæн къæлæттæ сбастой æмæ Тутыры дыццæг аехсæв алыгъдысты Къалодзæгатыл Хъелы рындзыты æддæмæ, боныцъæхæй Дзимыры Тогойты хъæуы балæууыдысты. Сæ бинонты, усæй, сывæллонæй лæгæты ныууагътой æмæ сæ дыккаг бон, æфсæдты хицау æркæнын кодта, æмæ сæ Калакмæ акодтой. Æртæ азы Калачы фесты, цалынмæ Цыппу бафидыдта, уалынмæ, стæй сæ рауагътой.

Тогойты хъæу карды комы хуызæн къæдзæх сынæгыл цæрынц фондз хæдзарæй, хъæуы астæу авд уæладзыджы мæсыг, ныр æй уырыс фехæлдтой, фæлæ уæддæр фидар цæстæнгас дæтты. Абырджытæ фыццаг Тогойтæй ракуырдтой, цæмæй сæ иу бон бауазæг кæной, уæд Тогойтæн сæхи расырдтой æмæ хъæуы æрцардысты. Бæгæны бахсыстой. Фос бирæ, кусæрттаг æмæ та Тогойты мæсыджы цæрын байдыдтой.

Бирæгъдзармæй цуанон сомæнхъæл. Чидæр та Косеты хицаумæ дзырд ныддавта: абырджытæ, дам, Тогойты мæсыджы бацыдысты. Арагуийы ’рдыгæй та Косеты хицау ныццыд æфсæдтимæ. Чысаны ’рдыгæй Ерыстаутæ æрбакодтой æфсæдтæ æмæ та хæст сси.

Нарон Гæуыс Цыппуйæн йе ’рдхорд æфсымæргонд уыд. Иу бон Гæуыс æмæ Дзимыры сауджын æфсæдты хицауæн афтæ зæгъынц, абырджыты куы ’рсайæм, уæд нын цы хæрзиуæг уыдзæни, зæгъгæ.

Хицау сын ныббаста хъуыры æфтаугæ сыгъзæрин майдантæ æмæ дæсгай тумантæ æхца..

Дыккаг бон сауджын æмæ Гæуыс Тогойтæм ссыдысты — абырджытæм æмæ сын хинæйдзаг былдау ныхæстæ райдыдтой.

Гæуыс загъта:

— Не ’хсæн ард ис, Цыппу, æфсымæртæ стæм, баууæнд мыл æцæгдзинадæй, хицæуттæ дын бахатыр кодтой, цыдæриддæр æвзæр митæ фæкодтай, уыдон. Рацæут æмæ уæ бафидауын кæнæм. Æцæджы тыххæй та мын сауджын æвдисæн у. Сауджын дæр сын æцæгдзинады æууæнк лæвæрдта, йæ дзуар йæ къухы, афтæмæй. Зæронд цъиу зыгуымтæй сайын нæ комы. Цыппуйы фæлтæрд зонд тагъд бамбæрста уыдонæн сæ хин æмæ Гæуысæн афтæ зæгъы:

— Æри, уæдæ, ме ’фсымæр, дæ хъама, дзуары угард ныккæнæм æцæджы тыххæй.

Гæуыс йæ хъама Цыппумæ радта. Хъама сæхи куы фæци, уæд æй рацахстой æмæ йæ цæджындзыл сбастой, сауджын йæхи былæй аппæрста æмæ дзодайыл аирвæзт, йæ сыдзы туг мизгæ дæлæ комы зæйнадыл абадт.

Цыппу ма йæм фæстейæ хъæр кодта:

— Ма тæрс, сауджын, дæуæн ницы кæндзыстæм — динамонæг дæ. Фæлæ ма йæм чи хъуыста, фæстæмæ фæкæс-фæкæсгæнгæ æфсадты ’хсæн смидæг.

Гæуысы цæджындзыл бастæй иу къуыри фæдардтой, куы йæ æргæвдгæ кодтой, куы йын йæ цæстытæ къахтой, куы йæ мæсыджы сæрæй бæндæнæй уагътой æмæ-иу æй бонизæрмæ ауыгъдæй фæдардтой, ахæм митæ йын кодтой. Иу къуырийы фæстæ Гæуысы зыбыты бæгънæгæй, йæ мад æй куыд ныййардта, афтæмæй рауагътой æмæ йын Цыппу афтæ зæгъы:

— Цу, мæ хæдзар, мæлæт дын хатыр. Де ууæнк дæр бæгънæг æмæ дæхæдæг дæр.

Уалдзæг æрæввахс. Мит фæзæйнад. Æфсæдтæ алæрдыгæй тыхджын байдыдтой. Æхсæвæй-бонæй хæст нал хæлд. Мæсыджы фæрстæ топпы цæхæрæй пиллон уагътой. Алæрдыгæй сыл æртыхстысты. Раст куадзæны размæ майрæмæхсæвы фыдæхсæв скодта. Митæмхæццæ зæгъ уарыди. Цæгатфарсы тымыгъ унæргъыдта. Митæмхæццæ зæгъ уарын æфсæдтыл уылæнтæй калдта. Æфсæдтæ сфæлмæцыдысты æмæ алчи йæ цинелы бын ныттымбыл.

Раст æмбисæхсæв абырджытæ мæсыгæй рахызтысты, хуссæртты, зæйдзыдтыл дæлæмæ коммæ ныццыдысты, комы зæйвд бынты дон-дон фæстæмæ Хъуды æфцæгмæ ссыдысты æмæ фидæртты хохы дуры бын лæгæты æрæнцадысты. Хæринаджы тыххæй сæм уыд къæлуайы ссад, царв æмæ цæхдонын фыдтæ. Дыккаг бон, Тогойты мæсыгæй топпы хъæр куы нæ уал цыд, уæд æфсæдтæ хъæумæ бабырстой, фæлæ хъæуы ничиуал уыд афтид хæдзæртты йедтæмæ. Æфсæдтæ сын сæ фæд рацагур-бацагур фæкодтой æмæ куы ницы ссардтой, уæд фæйнæрдæм фæцыдысты.

Уалдзæг æрцыд. Зæхх сулæфыд. Хъæд сыфтæрæй сæхгæдта, бæстæ суæгъд ис. Абырджытæ Гуырдзыстонмæ афардæг сты. Раст Цхетайы мидæгæй хæзна байстой æмæ дзы бирæ æхца ахастой — урс æхцайæ цы фæрæзтой, уый, гæххæтт æхца та зонгæ нæ кодтой, æмæ дзы Цыппу иу гæххæтт нывы æфсон йæ къæртт дзыппы авæрдта. Гуырдзыстоны сын иу æлдар лымæн уыд æмæ уымæ куы бацыдысты, уæд æй уый базыдта гæххæтт æхцайы æмæ афтæ зæгъы:

— Адонæй цæуылнæ хастат, адон хуыздæр æхца сты! — æлдар сын бауайдзæф кодта, фæлæ ма цы хос уыд.

Калачы стыр хицаумæ дзырд бацыд, абырджытæ цы хæзна байстой, уый тыххæй æмæ карз дзырд радта, алы бæстыл, алы хицаумæ, æрцахсынæй-амарынæй сын иу амал куыд скæной, афтæ. Æддагон лæгæй сæ чи æрцахсын кæна, уымæн та хæрзиуджытæ ныббастой.

Зæронд цъиуы зыгуымæй чи ахсы. Цыппу куы базыдта, ацы бæстыл ын фæлæууæн нал ис, уæд Шамилмæ лидзын сфæнд кодта. Уыцы рæстæджы Шамил йæ тæккæ хæстыл уыд Уырысимæ, Дзарахы комы дæр фидыд нæма уыдысты уырысимæ.

Зондджын лæг хъуыддаг лыстæг луары. Цыппу Туаты Дзыбайы Дзарахмæ минæвар арвыста Хæмæтхъанатæм, цæмæй абырджыты бауæзæг кæной. Цæвиттон, Дзыба Хæмæтхъанаты хæрæфырт уыд. Хæмæтхъанатæ æмæ æгас Дзарах дæр сразы сты Хъуды абырджыты сæхимæ райсыныл. Туаты Дзыба Дзарахæй фæстæмæ бацыд æмæ Цыппуйæн загъта, Хæмæтхъанатæй цы фехъуыста, уый.

Раст æхсæвæрафоны абырджытæ Туаты Дзыбайæн арфæ ракодтой æмæ араст сты Хиуы комы дæлæмæ. Æхсæвбонмæ фæцыдысты, боныцъæхæй Ахгарайы хохы сæрæй Дзарахы коммæ акастысты. Хуры скастæй бæрзонд къæдзæхтæ, сыгъзæринау, æрттывтой. Дзарахы комы рæбынтæ сау æндæрг хастой. Терчы дон, хæрдгæ быдау, зылын-мылын Ирыстоны йæхи аивæзта. Хуры скаст ыл ранæй-рæтты хид авæрдта. Нæзы бæлæсты тæф комы нарæгæй ирдгæ уæлæмæ хаста æмæ лæджы зæрдæ рухс кодта. Цыппу ныуулæфыд æмæ афтæ зæгъы:

— Мæгуыр нæ бон, йæ райгуырæн бæсты уындæй чи нæ бафсæст, — æмæ æнцад æрбадт.

Йе  ’мбæлттæ дæр йæ цуры æрбадтысты. Бирæ фæбадтысты. Бæстыхъæдæй сæхи фæрæвдыдтой. Фæндаггон хæринæгтæй сæхи афсæстой æмæ та ацыдысты.

Раст уыцы бон Дзарахы Маты дзуарыбон уыд æмæ адæм дзуары уæлвæзы æрæмбырд сты. Фæсивæд бæхтыл хъазыдысты. Топпы фæздæг сæ сæрыл мигъ сбадт. Дзуаргæстæ адæмы фæдзæхстой. Адæм фæсабыр сты. Зæрæдтæ æрбадтысты. Хурскæсæны ирдгæ радымдта, фæздæг ахаста. Сау бæгæныйæ гаджидæуттæ кодтой.

Абырджытæ хъæды къохæй бæрæгбонмæ кастысты æмæ Цыппу афтæ зæгъы:

— Фæндæй хъуыддаг кæддæриддæр нæ фехæлдзæн. Уыдон нуæзтджын адæм сты. Мах сæм æмбырдæй куы ныццæуæм, уæд нæ тыхгæнæг фæхондзысты. Æз сæм иунæгæй ныццæуон. Мæхъæл уазæгуарзон сты. Сæхимæ мæ куы айсой, уæд сымахмæ дæр сæрвитдзынæн, — зæгъгæ.

Цыппу йе ’мбæлтты хъæды ныууагъта æмæ мæхъæлы æмбырдмæ ныццыд. Мæхъæл йæ размæ разгъордтой æмæ йæ хистæры бынаты сбадын кодтой, йæ разы йын уæздан фынг, цыбæл хæринæгтæ æрæвæрдтой. Уалынмæ иу чызг Гызæу, зæгъгæ, æрбакодтой, æвзагзонæг тæлмац æмæ тæлмацæй ныхас райдыдтой. Цыппу цас фæрæзта, мæхъæлæн сæ хабæрттæ радзырдта: сæ абырæгдзинад, сæ хæсты æмбисонд æмæ сын йе ’мбæлтты дæр бацамыдта, мæхъæлы фæсивæд азгъордтой æмæ йын йе ’мбæлтты дæр æрбакодтой. Фæцин сыл кодтой, хорз сæ федтой, чызджытимæ сæ фæкафын кодтой, бон баизæр æмæ уазджыты сæ фысыммæ Хæмæтхъанатæм хъазгæ æркодтой. Æхсæвы та сын Хæмæтхъанатæ гал аргæвстой. Адæм æрæмбырд сты, хорз лæвæрттæ сын фæкодтой. Дзарахы ма уыдон æрцыдмæ æхсæз мæхъæлон абырæджы уыд, уыдонимæ дæр балымæн сты æмæ хæтын райдыдтой. Иу хатт стыр Гуыданы фос — æртæ дзуджы ратардтой æмæ сæ æгас Дзарахæн байуæрстой.

Уалынмæ уырысы æфсæдтæ Дзарахы комы дымæгæй сау æндæрг бадардтой æмæ хæст сси. Комы дыууæ фарсæй топпы нæмыг, ихуарæгау, кодта. Дзарахы дон тугæмхæццæ сырх-сырхид уыди. Хæст бирæ нæ ахаста — мæхъæл фидауыны дзырд. радтой. Абырджытæ мæсыджы бацыдысты. Уырысы æфсæдтæ сæ алыварс æрæхгæдтой. Цыппу лидзыны фæнд скодта. Мæхъæлы абырджытæ загътой:

— Ацы мæсыг ханты ханæн нæ басаст, уырыс та йын цы кæндзысты?

Уыцы æхсæв фыддуг скодта. Тæгъдызæй уарын фæйлауæнтæ хаста. Арв нæрыди, æрттывта.

Цыппу æмæ йе ’мбæлттæ мæсыгæй рахызтысты. Сæ топпытæ сæ риуыл — бырын байдыдтой, æфсæдты астæу цеппы æхсæнты бырыдысты æмæ Маты хохмæ сфардæг сты. Лæгæты арт скодтой æмæ сæхи ссур кодтой. Дыккаг бон уырысы æфсæдтæ мæсыджы бын топпы хос ныккодтой æмæ йыл зынг бафтыдтой, сæхæдæг дард ацыдысты. Топпыхос схæцыд æмæ мæсыджы хæрдмæ фæхаста. Сау фæздæджы тымбыл, мигъау, абадт. Дымгæ радымдта, фæздæг ахаста æмæ разынди мæсыджы хуырдзæнд. йæ бынæй ма цыд мæхъæлы абырджыты уынæргъын, хъæрзын.

Цыппу æмæ йе ’мбæлттæ Маты хохæй кастысты æмæ федтой, мæсыгыл цы æрцыд, уый. Æхсæвы хохы фесты. Дыккаг бон араст сты æмæ Хъулгъайы Бехоймæ бацыдысты. Æртæ боны Бехоймæ фесты, цыппæрæм бон Ахберд-Мæхæмæтмæ ныццыдысты. Ахберд-Мæхæмæт семæ сбадт æмæ сæ Шамилмæ бакодта.

Шамил — сæвджын цæхгæр лæг, стыр рихитæ, цæхгæр æлвыд зачъе, æрфгуыты астæу угард — æнкъард цæстæнгас лæвæрдта. Тахтины гауызы уæлæ бадт, бирæ хъуыдытæй цæсгом æнафоны фæлывд хуыз æвдыста. Хъамайы сæрыл стæдæджын къухтæй хъæбатыры хæст ныккодта. Абырджытæ йæ разы балæууыдысты, бакуывтой æмæ йын салам радтой. Самил дæр сын арфæ ракодта æмæ афтæ зæгъы:

— Хорз, — загъта, — мæ лæппутæ. Æз фехъуыстон, хохы адæм æмæ уырысы паддзах хæцынц, зæгъгæ, æмæ сымах тыххæй авд хуыцаубоны ламаз скодтон, ныр хуыцауы фæндæй цæрдзыстæм, — æмæ сæ рарвыста.

Шамилы уынаффæйæ абырджытæн фатер радтой æмæ æрæнцадысты. Фæлæ сын хæринаг дæттæг нæ уыд æмæ æртæ боны æххормаг баззадысты. Цыппу сæ нæ уагъта Шамилмæ хъаст кæнын. «Гуыбыны хъаст, — загъта, — худинаг у».

Тотырадз — хæрз лæппу-лæг — афтæ зæгъы:

— Мæнæн гуыбыны хъаст худинаг нæу — лæппу дæн.

Æмæ Шамилмæ бацыд æмæ загъта:

— Мах хæххон адæм — иуран бадын нæ уарзæм. Кæд искуы хæст ис, уæд нæ уырдæм арвит, æххормагæй та сырд дæр нæ цæры.

Шамил фæхудыны бæрæгæн йæ рихи фезмæлын кодта æмæ афтæ зæгъы:

— Хорз, мæ хæдзар. Лæппуйæн гуыбыны хъаст худинаг нæу, — æмæ дзырд радта, хæдзарæн къусыдзаг царв æмæ къæлуайы ссад куыд æрхæссой, афтæ.

Цæсты тъæбæрттмæ абырджыты фатер царв æмæ къæлуайы ссадæй айдзаджы. Ахберд-Мæхæмæт дæр сын арфæ ракодта æмæ фæстæмæ раздæхти.

Æртæ боны фæстæ сæм Шамил басидт æмæ загъта:

— Ахсæв мæм тыхгæнджытæ цæудзæн æмæ мæ ныфс сымах стут. Цæут, æмæ уын кæм загътон, уым бабадут. Тыхгæнджыты разæй урс барæг цæудзæн, уый цæвут, иннæтæм ма бавналут, æмæ сын семæ лæг бафтыдта æмæ ацыдысты.

Иу сындзджын атагъайы нарæг фæндаджы фæйнæ фарс бабадтысты, æртæйæ иуæрдыгæй, æртæйæ иннæрдыгæй. Раст æмбисæхсæв æфсады разæй урс барæг æрхæццæ. Абырджыты гæрæхтæ ацыдысты æмæ урс барæг асхъиудта. Иннæ æфсад асæпп-сæпп кодтой, афардæг сты. Цыппу базгъордта æмæ барæджы рауын-бауын акодта æмæ дзы лæджы мард нæ уыд, æрмæст дзы федта дыууæ дамбацайы, худ æмæ нымæт. Дзауматæ рахастой æмæ рацыдысты.

Æртæ боны фæстæ та сæм Шамил басидт æмæ загъта:

— Цы бакодтат, мæ лæппутæ, исты фесгуыхтыстут? Цыппу раздæр бакъахдзæф кодта æмæ афтæ зæгъы:

— Æхсгæ хорз фæкодтам, фæлæ лæджы мард нæй, æрмæст нымæт, худ æмæ дыууæ дамбацайы йедтæмæ дзы мард нæ баззад æмæ уый тыххæй хъыг кæнæм, зæгъгæ.

Шамил йæ рихийы бын фæхудт æмæ афтæ зæгъы:

— Амардтат æй, амардтат, мæ лæппутæ! — нымæты топпы цæфтæ куы федта, уæд. Нымæт æмæ дамбаца Цыппуйæн радта, худ æмæ дамбаца та Сугъарæн. Арфæ сын ракодта æмæ рацыдысты.

Æртыккаг бон та сæм басидти Шамил æмæ урс бæхыл сбадт. Урс цухъхъа, урс худ, урс сарыхъ, сугъахъ фистон кард йæ фарсыл тыбар-тыбур кодта. Йæ алыфарс абырджытæ, дыууæ наибы семæ æфсадты раз балæууыдысты æмæ сын Шамил арфæ ракодта æмæ афтæ зæгъы:

— Дæттын уæм лæгтæ. Сæ хъару равдисдзæн, цы сты, уый. Хæххон уæйгуытæй æхсæз. Уадзут сæ зæгъын.

Шамил хъæбатыр цæстæнгасæй æфсæдтыл азылд æмæ та сын арфæ ракодта. Абырджыты æфсæдтимæ ныууагъта æмæ фæстæмæ раздæхт.

Абырджытæ æфсæдтимæ баиу сты, хæтын райдыдтой, сæ хъæбатырдзинад Цæцæны æмбисондæн баззад. Топпæй æрду нæ ивгъуыдтой, æхсæв бонау цыдысты. Хæсты быдыры знаджы нæмыгæй сæхи нæ хызтой.

Абырджытæ Шамилы æфсæдтимæ дыууæ азы фесты.

Иу хатт Терчы былæй рæгъау атардтой. Мигъбон уыд æмæ сæ рæстæг фæсайдта. Изæры æфсон рæгъаумæ æгæр раджы фæлæбурдтой. Ирæй, уырысæй фæдис фесты, хæст сси. Цыппу уариау бæхыл ратæх- батæх кодта. Фæдисонтимæ фæстæмæ хæцыд. Йе ’мбæлттæ рæгъау тардтой. Йæ сæрыл мигъ сбадт топпы фæздæгæй. Æнæскъуыд æрвнæрæгау, йæ топпы хъæр нæ хицæн кодта. Æхсæв се ’хсæн бацыд æмæ Цыппу фæдисон адæмы ’хсæн фæци æмæ сын уырыссагау дзырдта, цæвут ’сæ, зæгъгæ, цыма фæдисон адæмæй уыд. Иу ирон фæдисон лæгмæ топпыхос нал уыд æмæ хъазахъхъагæй куры. Цыппу хъазахъхъагыл топп ныццавта æмæ йын, иронау, афтæ зæгъы:

— Сис ын йæ топпыхос дæр æмæ йæ топп дæр —дæу сты, — йæхæдæг бæх æрцæлхъ ласта æмæ æхсæвы мæйдары аныгъуылд.

Афонтæ цыдысты. Рæстæг ивта. Хъазыбегаты Глаха Косеты зылды хицау сси. Уыцы рæстæджы Глахайы дзырдæн бæрзонд паддзахы раз бирæ кад уыд, Цыппуимæ та Глаха рагæй хæлар уыд æмæ абырджыты бафидауыны тыххæй зæрдиагæй зилын райдыдта. Слымæн кодта Терчы зылды хицауимæ дæр, базонын ын кодта абырджыты хабæрттæ. Дыууæ дæр зилын систой. Бирæ рафысс-бафысс, курынты фæстæ стыр хицæуттæй дзырд рацыд: «Хъуды абырджытæн се ’взæр митæ—хатыр, сæ фыдыбæстæй — цух æмæ сæ Терчы зылды æрцæрын кæнут.

Хъазыбегаты Глаха Цыппумæ гæххæтт ныффыста афтæ: «Мæ уарзон фырт Цыппу! Æцæгдзинадæй дæм фыссын æмæ дын Хиуы Санибайæ æмæ Ломисы дзуарæй ард хæрын æмæ сомы кæнын, баууæнд мыл, Терчы зылды мæлар æмæ дæ æз бафидауын кодтам паддзахимæ. Бахатыр дын кодта де ’взæр митæ иууылдæр. Æрмæст дæ фыдыбæстæй цух, æмæ дæ Терчы зылды кæм фæнды, уым æрцæр. Бафидауыны тыххæй та дæм æнхъæлмæ кæсдзынæн Цымийы фæзы. Дудараты зæххыл раст зæрдæвæрæн бон». Гæххæтт гуырдзиаг æвзагæй фыст уыд æмæ йæ иу мæхъæлон Боратæй Темырыхъомæ радта æмæ йæ Цæцæны хæсты Цыппумæ арвыста. Мæхъæлон бирæ рацу-бацу нæ фæкодта, цыппæрæм бон раст Даргъийы хæсты Цыппуйыл сæмбæлд æмæ йæм гæххæтт радта æмае дзы бакаст.

Уалдзæг уыд æмæ хур тынгдæр судзын байдыдта. Адæм æнтæфæй хæхтæм лыгъдысты. Иу бон Цыппу Шамилæй ракуырдта æмæ загъта:

—Дæ бæрзонддзинадæй курын, имам, æнтæфæй бафæлмæцыдыстæм æмæ нæ иучысыл Хъулгъайы хохмæ ауадз, зæгъгæ.

Шамилы дард хъуыдыгæнаг зонд æмæ фæлтæрд зæрдæ Цыппуйыл фæгуырысхо æмæ афтæ зæгъы:

— Æнхъæл дæн, мæ лæппутæ, сайын фæнд мыл кæнут!

Фæлæ Шамилæн Цыппу æцæгдзинады дзырд радта æмæ йыл баууæндыд.

Уыцы рæстæджы Хъулгъайы æлдар Бехой Уырысимæ бафидыдта, Дзарахы мæхъæл дæр уырысимæ баиу сты. Абырджытæ æрмæст Бехоймæ æрцыдысты æмæ йын радзырдтой сæ фидауыны хабар. Бехой сæ хорз федта. Фæцин сыл кодта. Æхсæвы уым фесты.

Дыккаг бон раджы сбадтысты абырджытæ, Бехойы ссæдз барæджимæ рацыдысты. Глаха сын кæдæм сæмгъуыд кодта — Цымийы фæзмæ. Се ’рцыдмæ æнхъæлмæ кастысты: Терчы зылды инæлар, Хъазыбегаты Глаха, фондзыссæдзы хъазахъхъ — конвой. Раст зæрдæвæрæн боны Цымийы фæзы баиу сты, иуæрдыгæй лæууыд дыууæ инæлары конвойимæ, иннæрдыгæй Бехой, мæхъæл æмæ абырджытимæ топпæлвæстæй. Глаха раздæр бакъахдзæфтæ кодта æмæ афтæ зæгъы:

— Цæуылнæ рацæуыс, Цыппу? Терчы зылды инæларæн салам радт.

Цыппуйæн йæ топп йæ къухы æмæ афтæ зæгъы:

— Искуы ма бирæгъ фиййауимæ рæдæн дзырдтæй фидауы?

Глаха бауад æмæ Цыппуйы сæрыл йæ худ акодта æмæ загъта:

— Абонæй фæстæмæ — мæ лæппу. Хиуы Саниба не ’хсæн.

Абырджытæ бацыдысты. Бехой æмæ Глаха сæ разæй æмæ Терчы зылды инæларæн бакуывтой æмæ йын салам радтой. Иучысыл ныхæсты фæстæ файтоны сбадтысты. Абырджытæ бæхтыл сæ фæстæ, хъазахъхъ æмæ мæхъæлимæ Дзæуджыхъæумæ æрцыдысты.

Се ’рцыдмæ инæлары хæдзары раз æнæхыгъд адæм æрæмбырд, ирæй, кæсæгæй, уырысæй зæххыл нал цыдысты æмæ æнхъæлмæ кастысты. Уалынмæ кæсæгæй сты æмæ инæлары хæдзары раз рæнхъ алæууыдысты. Дыууæ инæлары хæдзармæ бацыдысты. Абырджытæ мæхъæлы раз, Бехой сæ уæлийæ, рæнхъ лæууыдысты. Глаха уæладзыг балкъонæй радзырдта, инæлар уæм дзуры, зæгъгæ. Абырджытæ инæлары хæдзары дуармæ куы бахæццæ сты, уæд сын дуаргæс сæ топпытæ иста æмæ фæстæдæр ралæууыдысты æмæ Цыппу афтæ зæгъы:

— Æнхъæл дæн къæппæгмæ нæ æрсайдтой.

Уалынмæ та дыккаг хатт Глаха рауад æмæ та Цыппумæ дзуры:

— Цæуылнæ рацæуыс, зæгъгæ, — инæлар дæм æнхъæлмæ кæсы.

Цыппу та йын загъта:

— Дуаргæс нын нæ гæрзтæ исы æмæ дызæрдыг кæнæм, зæгъгæ.

Глаха фæстæмæ разылд æмæ инæларæн загъта. Инæлар рауад æмæ дуаргæсмæ дзуры:

— Æдгæрзтæ сæ рауадз, зæгъгæ.

Æмæ уæд бацыдысты. Сæ топпытæ æрæвæрдтои æмæ та дыууæ инæларæн бакуывтой.

Терчы зылды инæлар сыстад æмæ загъта:

— Бирæ æвзæр митæ фæкодтат, номхуындæй сæ нæ дзурын, фæлæ цыдæриддæр æвзæр митæ фæкодтат, уыдон уын бахатыр кодта мæн æмæ Хъазыбеджы тыххæй иууылрæвдауæг паддзах. Æрмæст уæ фыдыбæстæй — цух, Терчы зылды уæ кæм фæнды, уым цæрут.

Цыппу равзæрста йæхицæн цæрæнбынат Туацъæйы — Æрыдонæй Къардоны астæу. Енесаты Мæхæмæт кæм цард, уыцы хъæуы. Хъазыбегаты Глаха семæ рацыд инæлары хæдзарæй æмæ бадзырдта Енесаты Мæхæмæтмæ æмæ йын загъта:

— Мæнæ дæ уазджытæ акæн æмæ куыд зоныс, афтæ сæ æрæнцайын кæн.

Цыппу, Бехой æмæ йе ’мбæлттæ арфæ ракодтой æмæ аздæхтысты.

Цыппу æмæ йе ’мбæлттæ Енесаты Мæхæмæты цур æрæнцадысты. Туацъæйæ Куыйанмæ алыгъдысты. Куыйанæй Дудар æмæ Тотырадз фæстæмæ Хъудмæ алыгъдысты. Гайти æмæ Цицо Куыйаны амардысты, Цыппу æмæ Сугъар Елхотмæ слыгъдысты æмæ уым амардысты. Рухсаг уæнт.

ГÆДИАТЫ Секъа. Рауагъдад «Ирыстон». Цхинвал, 1979.

Гæдиаты Секъайы радзырдтæ


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.