Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Апостол Павелы фыстæг ромæгтæм. 5-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Хуыцауимæ фидыд

1 Уæдæ сраст стæм уырнындзинады руаджы, æмæ нæ Хицау Йесо Чырысти мах бафидауын кодта Хуыцауимæ.

2 Нæ уырнындзинады фæрцы нын Чырысти фæндаг байгом кодта, хайджын кæмæй стæм, уыцы хорзæхмæ. Æмæ Хуыцауы намысæй нæ хай кæй райсдзыстæм, ууыл дарæм нæ зæрдæ, æмæ нæ цинæн нал и кæрон.

3 Æмæ нæ цин æрмæст ууыл нæу, фæлæ нæ тухæнтыл дæр, уымæн æмæ зонæм, тухæнтæ бавзаргæйæ кæй свæййæм фæразон,

4 Фæразонæй свæййæм фæлвæрд, фæлвæрд куы свæййæм, уæд уый расайы зæрдæдарæн.

5 Зæрдæдарæн та къæмдзæстыггаг нæу, уымæн æмæ махæн лæвæрд Чи у, уыцы Сыгъдæг Уды фæрцы Хуыцау нæ зæрдæтæ байдзаг кодта Йæ уарзтæй.

6 Лæмæгъ ма куы уыдыстæм, уæд нысангонд æмгъуыдыл Чырысти амард тæригъæдджынты сæраппонд.

7 Рæстгæнæджы тыххæй исчи йæ цард ратдзæн, уый дызæрдыггаг у. Чи зоны, искæмæ разына йæ хæрзгæнæджы сæраппонд амæлыны æхсар.

8 Фæлæ нæ Хуыцау кæй уарзы, уый равдыста, тæригъæдджынтæ ма куы уыдыстæм, уæд Чырысти мах сæраппонд кæй амард, уымæй.

9 Кæд абон Йесойы Туджы фæрцы сраст стæм, уæд нæ цас фылдæр ныфс ис, Йæ фæрцы Хуыцауы фыдæхæй кæй фервæздзыстæм, уымæй!

10 Уымæн æмæ кæд раздæр Хуыцауы знæгтæ уыдыстæм æмæ Йемæ бафидыдтам Йæ Фырты мæлæты фæрцы, уæд нæ цас фылдæр ныфс ис, мах, Хуыцауимæ фидыд адæм, кæй фервæздзыстæм Йæ Фырты царды фæрцы!

11 Уый нæ, фæлæ Хуыцауимæ кæй стæм, ууыл цин кæнæм нæ Хицау Йесо Чырыстийы фæрцы — Уый нæ бафидауын кодта Хуыцауимæ.

Адам æмæ Чырысти

12 Иу адæймаджы аххосæй дунемæ æрцыд тæригъæд, æмæ уыцы тæригъæдимæ — мæлæт. Афтæмæй мæлæт сбарджын æппæт адæмыл, уымæн æмæ сеппæт дæр тæригъæды бафтыдысты.

13 Тæригъæд Æгъдауы агъоммæ дæр дунейы уыди; фæлæ æгъдау куы нæ уа, уæд тæригъæд тæригъæдыл нымад нæ цæуы.

14 Фæлæ мæлæт Адамы заманæй Моисейы заманмæ дæр æлдариуæг кодта, Адам кæй ракодта, уыцы тæригъæды чи нæ бафтыд, уыдоныл дæр. Адам та у, фидæны Чи хъуамæ æрцыдаид, Уымæн Йæ развæлгонц.

15 Фæлæ тæригъæд æмæ хорзæх иу не сты. Кæд иу адæймаджы тæригъæд бирæтæн мæлæт æрхаста, уæд уыцы тæригъæды зианæй цас тыхджындæр сты Хуыцауы хорзæх æмæ, иу Адæймаджы, Йесо Чырыстийы, хорзæхмæ гæсгæ бирæтæ кæй райстой, уыцы лæвар!

16 Æмæ иу адæймаджы тæригъæд цы расайдта, Хуыцауы хорзæх уый хуызæн нæу. Иу тæригъæд æркодта карз тæрхонмæ, Хуыцауы хорзæх та бирæ тæригъæдтæй раст кæны.

17 Кæд иу адæймаджы аххосæй иу тæригъæды тыххæй мæлæт паддзах сси, уæд иу Адæймаджы, Йесо Чырыстийы, руаджы та цæрдзысты æмæ паддзахиуæг кæндзысты, Хуыцау йæ хорзæх рæдауæй кæмæн дæтты æмæ лæвар кæй раст кæны, уыдон.

18 Уæдæ иу адæймаджы тæригъæд æппæт адæмæн карз тæрхон куыд расайдта, афтæ иу Адæймаджы раст хъуыддаг раст кæны æппæт адæмы æмæ сын дæтты цард.

19 Иу адæймаджы æгоммæгæсæй бирæтæ тæригъæдджынтæ куыд систы, афтæ иу Адæймаджы коммæгæсæй бирæтæ суыдзысты рæстгæнджытæ.

20 Æгъдау та æрцыди тæригъæды бабирæйæн, фæлæ тæригъæд куы бабирæ, уæд Хуыцауы хорзæхæн ныккæнæнтæ нал уыд,

21 Цæмæй, тæригъæд куыд паддзахиуæг кодта æмæ адæмæн мæлæт куыд хаста, афтæ паддзахиуæг кæна Хуыцауы хорзæх дæр, нæ Хицау Йесо Чырыстийы фæрцы раст кæна адæймаджы æмæ дæтта мыггагмæйы цард.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.