Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Матфейы Евангели. 4-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Хæйрæг къахы Йесойы

1 Уæд Сыгъдæг Уд Йесойы акодта æдзæрæг бæстæмæ, цæмæй Йæ ракъаха хæйрæг.

2 Уым Йесо дыууиссæдз боны æмæ дыууиссæдз æхсæвы дардта ком, æмæ фæстагмæ сыстонг.

3 Уæд Æм æрбацыди хæйрæг æмæ Йын загъта: «Кæд Хуыцауы Фырт дæ, уæд зæгъ, цæмæй ацы дуртæ фестой дзултæ».

4 Йесо йын дзуапп радта: «Фыст у: „Айдагъ дзулæй нæ цæрдзæн адæймаг, фæлæ Хуыцауы дзыхæй рацæугæ алы дзырдæй“».

5 Уæд Æй хæйрæг акодта сыгъдæг сахармæ, æрлæууын Æй кодта Кувæндоны уæлхæдзарыл,

6 Æмæ Йын загъта: «Кæд Хуыцауы Фырт дæ, уæд Дæхи аппар. Уымæн æмæ фыст у: „Йæ зæдтæн бафæдзæхсдзæни Дæу тыххæй, хæсдзысты Дæ сæ къухтыл, æмæ Дæ къах дурыл дæр нæ ныццæвдзынæ“».

7 Йесо йын загъта: «Фыст у афтæ дæр: „Ма къах дæ Хицау Хуыцауы“».

8 Уый фæстæ Йæ хæйрæг акодта тынг бæрзонд хохмæ, равдыста Йæм дунейы æппæт паддзахæдтæ сæ намысимæ,

9 Æмæ Йын загъта: «Дæ зонгуытыл куы æрхауай æмæ мын куы бакувай, уæд сæ иууылдæр ратдзынæн дæуæн».

10 Йесо йын дзуапп радта: «Фесæф Мæ цурæй, хæйрæг! Фыст у: „Кув дæ Хицау Хуыцаумæ, æмæ кус æрмæстдæр Уымæн“».

11 Уæд Æй хæйрæг ныууагъта. Уайтæккæ Йæм æрцыдысты зæдтæ æмæ Йын кæстæриуæг кодтой.

Йесо хъусын кæны фарны уац

12 Иоанны кæй æрцахстой, уый Йесо куы фехъуыста, уæд ацыди Галилеймæ.

13 Назарет ныууагъта, ацыд æмæ æрцарди денджызы былгæрон, Капернаумы сахары, Завулон æмæ Неффалимы зæххыл.

14 Афтæ хъуамæ сæххæст уыдаид, Исай пехуымпары дзыхæй Хуыцау цы загъта, уый:

15 «Денджызмæ фæндагыл Иорданы иннæ фарс чи ис, Завулоны æмæ Неффалимы уыцы зæхх, муртаттаг Галилей —

16 Талынджы цæрæг адæм федтой стыр рухс, мæлæты талынг бæстæйы цæрæг адæмæн сæрттывта рухс».

17 Уæдæй фæстæмæ Йесо райдыдта фарны уац хъусын кæнын: «Æрфæсмон кæнут, уымæн æмæ æрхæстæг Уæларвон Паддзахад».

Фыццаг ахуыргæнинæгтæ

18 Йесо Галилейы денджызы былгæрæтты куы фæцæйцыди, уæд федта дыууæ æфсымæры — фæсномыгæй Петр кæй хуыдтой, уыцы Симоны, æмæ йе ’фсымæр Андрейы. Уыдон сæ хызтæ æппæрстой денджызмæ, уымæн æмæ кæсагахсджытæ уыдысты.

19 Йесо сын загъта: «Рацæут Мæ фæдыл, æмæ уæ скæндзынæн адæмахсджытæ».

20 Уыдон уайтæккæ ныууагътой сæ хызтæ æмæ ацыдысты Йæ фæдыл.

21 Йесо уырдыгæй куы рацæйцыд, уæд федта иннæ дыууæ æфсымæры — Зеведейы фырттæ Иаков æмæ Иоанны. Уыдон сæ фыд Зеведеимæ уыдысты бæлæгъыæмææмпъызтой сæ хызтæ. Йесо сæм басидт.

22 Уыдон уайтæккæ ныууагътой сæ бæлæгъ æмæ сæ фыды, æмæ ацыдысты Йæ фæдыл.

Йесойы лæггад адæмæн

23 Йесо зылдис æгас Галилейыл, адæмæн амыдта синагогæты, хаста сæм фарны уац Уæларвон Паддзахады тыххæй, дзæбæх кодта æппæт рынчынты æмæ æнæфæразонты.

24 Йæ кой айхъуыст æгас Сирийыл, хуыдтойЙæмæппæт рынчынты: алы низтæй сæйджыты, хæйрæджджынты, суртæгæнджыты, уæнгмæрдты, æмæ сæ Йесо дзæбæх кодта.

25 Йæ фæдыл цыди бирæ адæм Галилейæ, Дæссахарæй, Иерусалимæй, Иудейæйæ æмæ Иорданы фаллаг фарсæй.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.