Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Матфейы Евангели. 28-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Чырысти райгас

1 Сабат куы аивгъуыдта, уæд, къуырийæн йæ фыццаг бон, магдалæйаг Мариа æмæ иннæ Мариа сæударæй æрцыдысты зæппадз фенынмæ.

2 Æвиппайды зæхх тынг нынкъуысти: Хуыцауы зæд æрцыд уæларвæй, афæлдæхта дур æмæ йыл бадти.

3 Йæ хуыз уыдис арвæрттывдау, йæ дарæс — митау урс-урсид.

4 Хъахъхъæнджытæ фыртæссæй ныррызтысты æмæ мæрдтау фесты.

5 Зæд сылгоймæгтæн загъта: «Сымах ма тæрсут. Æз зонын, дзуарыл тыгъд Йесойы кæй агурут, уый.

6 Ам нæй: куыд загъта, афтæ райгас. Æрбацæут æмæ фенут, кæм æвæрд уыд, уыцы бынат.

7 Æмæ æвæстиатæй ацæут æмæ Йын зæгъут Йæ ахуыргæнинæгтæн, райгас мæрдтæй, уæ разæй цæуы Галилеймæ, æмæ Йæ уым фендзыстут, зæгъгæ. Гъеныр уын загътон мæ зæгъинаг».

8 Сылгоймæгтæ уайтæккæ рацыдысты зæппадзы цурæй, æмæ цинæмхæццæ тасимæ азгъордтой Йæ ахуыргæнинæгтæн фехъусын кæнынмæ.

9 Фæндагыл сыл æнæнхъæлæджы фембæлд Йесо æмæ сын загъта: «Цин кæнут!» Уыдон Æм базгъордтой, æрхаудтой сæ зонгуытыл æмæ Йын Йæ къæхтыл ныттыхстысты.

10 Уæд сын Йесо загъта: «Ма тæрсут. Ацæут, фехъусын кæнут Ме ’фсымæртæн, цæмæй цæуой Галилеймæ; уым Мæ фендзысты».

Цы радзырдтой хъахъхъæнджытæ

11 Сылгоймæгтæ ма фæндагыл уыдысты, афтæ хъахъхъæнджытæй иуæй-иутæ бахæццæ сты сахармæ æмæ алчертæн радзырдтой, цы æрцыди, уый тыххæй.

12 Уыдон æрæмбырд сты адæмы хистæртимæ, бауынаффæ кодтой æмæ æфсæддонтæн радтой бирæ æхца,

13 Æмæ сын бафæдзæхстой: «Зæгъут афтæ: „Йæ ахуыргæнинæгтæ æрцыдысты æхсæвы æмæ Йæ адавтой, мах фынæй куы уыдыстæм, уæд“.

14 Кæд уыцы хабар бæстæйы хицаумæ байхъуыса, уæд æй мах ууыл баууæндын кæндзыстæм æмæ уæ мастæй бахиздзыстæм».

15 Уыдон райстой æхца æмæ бакодтой, куыд сын бацамыдтой, афтæ. Æмæ уыцы хабар иудейты æхсæн хъуыстгонд у суанг абон дæр.

Йесойы фæдзæхст ахуыргæнинæгтæн

16 Иуæндæс ахуыргæнинаджы та ацыдысты Галилеймæ, Йесо сын цы хохмæ загъта, уырдæм.

17 Æмæ Йæ куы федтой, уæд Йæ разы æрхаудтой сæ зонгуытыл. Сæ иуæй-иутæ та фæгуырысхо сты.

18 Йесо сæм куы æрбахæстæг, уæд сын загъта: «Арв æмæ зæххыл æппæт бартæ Мæнмæ лæвæрд сты.

19 Уæдæ ацæут æмæ æппæт адæмты скæнут Мæ ахуыргæнинæгтæ. Аргъаут сыл Фыды, Фырты æмæ Сыгъдæг Уды номыл;

20 Сахуыр сæ кæнут, Æз уын цы бафæдзæхстон, æппæт уыдæттæ æххæст кæныныл. Æз та дунейы фæудмæкæддæриддæр уыдзынæн уемæ».

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.