Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Матфейы Евангели. 19-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Ус ауадзыны тыххæй

1 Йесо Йæ ныхас куы фæци, уæд араст Галилейæ, æмæ æрцыд Иудейæйы зæхмæ, Иорданы иннæ фарсмæ.

2 Йæ фæдыл ацыди бирæ адæм, æмæ сæ уым сдзæбæх кодта.

3 Бацыдысты Йæм фарисейтæ æмæ Йæ ракъахыны охыл бафарстой: «Алы азымы тыххæй æмбæлы лæгæн йæ усы ауадзын, æви нæ?»

4 Йесо сын дзуапп радта: «Сфæлдисæг тæккæ райдианæй „уыдоны нæлгоймаг æмæ сылгоймагæй кæй сфæлдыста“, уый тыххæй нæ бакастыстут, æви?

5 Æмæ Сфæлдисæг загъта: „Уымæ гæсгæ адæймаг ныууадздзæн йæ фыд æмæ йæ мады, баиу уыдзæн йæ усимæ, æмæ дыууæ уыдзысты иу буар“.

6 Афтæмæй уыдон дыууæ нал сты, фæлæ сты иу буар. Уæдæ Хуыцау цы сиу кодта, уый адæймаг ма ахицæн кæнæд».

7 Уыдон Йесойæн загътой: «Уæдæ Моисей цæмæн бафæдзæхста уагъды æвдисæндар раттын æмæ усы ауадзын?»

8 Йесо сын дзуапп радта: «Хивæнд кæй стут, уый тыххæй уын радта Моисей уæ устыты уадзыны бар. Фыццаг та афтæ нæ уыди.

9 Фæлæ уын Æз зæгъын: хæтыны азым æм ма уæд, уымæй дарддæр йæ усы чи ауадза æмæ æндæр ус чи ракура, уый хæтгæ кæны. [Уагъд усы чи ракура, уый дæр хæтгæ кæны.]»

10 Йæ ахуыргæнинæгтæ Йын загътой: «Кæд йæ усы тыххæй лæгмæ ахæм хæс хауы, уæд хуыздæр у ус нæ ракурын».

11 Йесо сын загъта: «Æппæты бон нæу ацы ныхас æххæст кæнын, фæлæ Хуыцауæй лæвæрд кæмæн уа, уый йæ сæххæст кæндзæн.

12 Уымæн æмæ ис, мады гуыбынæй æрдызт чи рахаста, ахæмтæ. Ис, адæм кæй бардызтой, ахæм æрдызтытæ дæр. Ноджы ма ис, Уæларвон Паддзахады сæраппонд йæхи чи бардызта, ахæмтæ дæр. Ацы ныхас сæххæст кæнын кæй бон у, уый йæ сæххæст кæнæд».

Йесо Йæ арфæ æфтауы сывæллæттыл

13 Уæд Йесомæ æрхуыдтой сывæллæтты, цæмæй сыл æрæвæра Йæ къухтæ æмæ бакува, фæлæ сæ ахуыргæнинæгтæ нæ бауагътой.

14 Йесо сын загъта: «Æрбауадзут Мæм сывæллæтты, ма сæ хъыгдарут, уымæн æмæ Уæларвон Паддзахад уыдоны хуызæтты у».

15 Йесо сывæллæттыл Йæ къухтæ æрæвæрдта æмæ ацыди уырдыгæй.

Йесо æмæ хъæздыг лæппу

16 Йесомæ æрбацыд иу лæппу æмæ Йæ бафарста: «Ахуыргæнæг, мыггагмæйы цард райсынæн хорзæй цы саразон?»

17 Йесо йын дзуапп радта: «Цæмæн Мæ фæрсыс хорз саразынæй? Иунæг Хуыцауы йеддæмæ хорз ничи у. Фæлæ дæ кæд мыггагмæйы цардмæ бацæуын фæнды, уæд сæххæст кæн фæдзæхстытæ».

18 Уый Йæ бафарста: «Цавæр фæдзæхстытæ?» Йесо йын дзуапп радта: «„Ма амар“, „Ма хæт“, „Ма дав“, „Мæнгæвдисæн ма ныллæуу“,

19 „Нымай дæ фыд æмæ дæ мады“ æмæ „Уарз хионы, дæхи куыд уарзыс, афтæ“».

20 Лæппу Йын загъта: «Æппæт уыдæттæ сæххæст кодтон. Ноджы ма мæ цы бакæнын хъæуы?»

21 Йесо йын зæгъы: «Кæд дæ фæнды, æмæ æнаипп уай, уæд ацу, ауæй кæн дæ мулк, ратт æй мæгуыртæн, æмæ дын уæлæрвты уыдзæни хæзна. Стæй-иу раздæх æмæ цу Мæ фæдыл».

22 Лæппу уый куы фехъуыста, уæд ацыд æнкъардæй, уымæн æмæ йæм бирæ мулк уыд.

23 Йесо загъта Йæ ахуыргæнинæгтæн: «Æцæг уын зæгъын: зын у хъæздыгæн Уæларвон Паддзахадмæ бацæуын.

24 Ноджы ма уын зæгъын: хъæздыгæн Хуыцауы Паддзахадмæ бацæуынæй теуайæн судзины быны иннæрдæм ахизын æнцондæр у».

25 Ахуыргæнинæгтæ уый куы фехъуыстой, уæд сæм тынг диссаг фæкаст, æмæ загътой: «Уæдæ уæд чи фервæздзæн?»

26 Йесо сæм бакаст æмæ сын загъта: «Уый адæмы бон нæу, фæлæ Хуыцауæн Йæ бон æппæт дæр у».

27 Уæд Ын Петр загъта: «Мæнæ мах ныууагътам алцыдæр æмæ рацыдыстæм Дæ фæдыл. Цы нæм æнхъæлмæ кæсы?»

28 Йесо сын дзуапп радта: «Æцæг уын зæгъын: Адæймаджы Фырт ног дунейы Йæ намысджын бынаты куы сбада, уæд сымах дæр, Мæ фæдыл рацæуджытæ, сбаддзыстут дыууадæс бадæны Израилы дыууадæс хæдзарвæндагæн тæрхон кæнынмæ.

29 Æмæ Мæ номы сæраппонд йæ хæдзæрттæ, кæнæ йе ’фсымæрты, кæнæ йæ хоты, кæнæ йæ фыды, кæнæ йæ мады, кæнæ йæ усы, кæнæ йæ сывæллæтты, кæнæ йæ зæххытæ чи ныууадза, уый райсдзæни фондзыссæдз хатты фылдæрæй, æмæ схайджын уыдзæн мыггагмæйы цардæй.

30 Фæлæ фыццæгтæй бирæтæ уыдзысты фæстæгтæ, фæстæгтæй та бирæтæ уыдзысты фыццæгтæ.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.