Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Матфейы Евангели. 18-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Чи у уæлдæр?

1 Уыцы рæстæг ахуыргæнинæгтæ æрбацыдысты Йесомæ æмæ Йæ бафарстой: «Уæларвон Паддзахады уæлдæр чи у?»

2 Йесо басидти сывæллонмæ, æрлæууын æй кодта уыдоны раз,

3 Æмæ загъта: «Æцæг уын зæгъын, куы нæ аиват æмæ сывæллæтты хуызæн куы нæ суат, уæд Уæларвон Паддзахадмæ нæ бацæудзыстут.

4 Уæдæ йæхи чи æрныллæг кæна æмæ ацы сабийы хуызæн чи суа, уый уæлдæр уыдзæн Уæларвон Паддзахады.

5 Æмæ-иу ахæм сывæллоныл Мæ номы сæраппонд зæрдиаг чи уа, уый Мæныл у зæрдиаг.

Тæригъæдмæ мондаггæнæнтæ

6 Фæлæ ацы кæстæртæй — Мæныл æууæндджытæй — иуы дæр тæригъæды чи бафтауа, уымæн йæ бæрзæйыл куыройыфыд куы æрцауындзиккой æмæ йæ денджызы куы фæдæлдон кæниккой, уæд ын хуыздæр уаид.

7 Сар йæ сæр дунейæн, тæригъæдмæ мондаггæнæнтæ дзы кæй ис, уый тыххæй. Уыцы мондаггæнæнтæ æнæмæнг хъуамæ уой, фæлæ сар йæ сæр, кæй аххосæй æрцæуой, уыцы адæймагæн.

8 Дæ къух кæнæ дын дæ къах тæригъæды хос куы уа, уæд æй акъуыр æмæ йæ аппар: хуыздæр дын у æнæ къух кæнæ æнæ къахæй мыггагмæйы цардмæ бацæуын, цæйнæфæлтау дæ дыууæ къухы кæнæ дыууæ къахимæ баппæрстæуа æнæхуысгæ арты.

9 Кæнæ дын дæ цæст тæригъæды хос куы уа, уæд æй фелвас æмæ йæ аппар: хуыздæр дын у иу цæстимæ цардмæ бацæуын, цæйнæфæлтау дæ дыууæ цæстимæ баппæрстæуа зындоны арты.

Фæсномыг ныхас дзæгъæл фысы тыххæй

10 Хъусут, ацы кæстæртæй иунæгыл дæр æнæрвæссон ма ут. Зæгъын уын: уыдонæн сæ зæдтæ уæлæрвты æдзух уынынц Мæ Уæларвон Фыды цæсгом.

11 [Уымæн æмæ Адæймаджы Фырт æрцыди сæфтыты бацагурынмæ æмæ сæ фервæзын кæнынмæ.]

12 Куыд уæм кæсы? Искæмæ фондзыссæдз фысы куы уаид æмæ дзы иу куы фæдзæгъæл уаид, уæд, мыййаг, йæ нудæс æмæ цыппарыссæдз фысы хæхты нæ ныууадзид æмæ йæ дзæгъæл фысы агурæг нæ ацæуид?

13 Æмæ йæ куы ссара, æцæг уын зæгъын, уæд чи нæ фæдзæгъæл, уыцы нудæс æмæ цыппарыссæдз фысæй ауыл тынгдæр фæцин кæндзæн.

14 Афтæ уæ Уæларвон Фыды дæр нæ фæнды ацы кæстæртæй иуы мæлæт дæр.

Де ’фсымæр куы бацæуа дæ тæригъæды

15 Де ’фсымæр дæ тæригъæды куы бацæуа, уæд бавдæл æмæ йын хибарæй бауайдзæф кæн. Æмæ дæм кæд байхъуса, уæд ногæй ссардтай де ’фсымæры.

16 Кæд дæм нæ байхъуса, уæд та демæ акæн иу кæнæ дыууæ адæймаджы, цæмæй, алы ныхас дæр раст кæй у, уымæн уа дыууæ кæнæ æртæ æвдисæны.

17 Уыдонмæ дæр куы нæ байхъуса, уæд зæгъ аргъуанæн. Æмæ кæд аргъуанмæ дæр нæ байхъуса, уæд æм кæс, муртатмæ æмæ хъалонисæгмæ цы цæстæй кæсыс, ахæм цæстæй.

18 Æцæг уын зæгъын: зæххыл бар цæмæн нæ раттат, уымæн уæларвы дæр бар лæвæрд нæ уыдзæн; зæххыл бар цæмæн раттат, уымæн та уæларвы дæр рардæуыдзæн бар.

19 Ноджы ма уын зæгъын: сымахæй дыууæ адæймаджы куы сфæнд кæной зæххыл цавæрфæнды хъуыддаджы тыххæй дæр иумæ бакувыныл, уæд цы ракурой, уый сын лæвæрд уыдзæни Мæ Уæларвон Фыдæй.

20 Уымæн æмæ Мæ номыл дыууæ кæнæ æртæ адæймаджы кæм æрæмбырд уой, уым Æз дæр семæ уыдзынæн».

Фæсномыг ныхас æгъатыр цагъары тыххæй

21 Уæд Петр бацыди Йесомæ æмæ Йын загъта: «Хицау, мæ тæригъæды цы æфсымæр бацæуа, уымæн цал хатты хъуамæ ныббарон? Авд хатты онг?»

22 Йесо йын загъта: «Авд хатты онг дын нæ зæгъын, фæлæ дæс æмæ æртиссæдзгæйттæй авд хатты онг.

23 Уымæн æмæ Уæларвон Паддзахад у, йæ цагъартæй дзы чи цас дары, уый банымайыны фæнд цы паддзах скодта, уый хуызæн.

24 Уый нымайын куы райдыдта, уæд æркодтой, дæс мин таланты дзы чи дардта, уыцы адæймаджы.

25 Æмæ цæмæй бафида, уый йæм кæй нæ уыди, уымæ гæсгæ паддзах радта хæсджынæн йæхи, йæ усы, йæ сывæллæтты, стæй ма йæм цыдæриддæр уыд, æппæт уыдæттæ ауæй кæныны æмæ хæс бафидыны бардзырд.

26 Уæд уыцы цагъар йæ разы æрхауд йæ зонгуытыл æмæ йын дзырдта: „[Ме ’лдар!] Банхъæлмæ кæс, æмæ дын дæ хæс æнæхъæнæй дæр бафиддзынæн“.

27 Паддзах фæтæригъæд кодта уыцы цагъарæн, ауагъта йæ æмæ йын йæ хæс дæр ныууагъта.

28 Уыцы цагъар та рацыд æмæ ссардта, фондзыссæдз динары дзы чи дардта, йæ уыцы æмбалы, æрцахста йæ, ныххæцыд ын йæ хурхыл æмæ йын загъта: „Цы мæ дарыс, уый мын бафид“.

29 Уæд йе ’мбал йæхи уый къæхтæм æрæппæрста æмæ йын лæгъстæ кодта: „Банхъæлмæ кæс, æмæ дæ цы дарын, уый дын бафиддзынæн“.

30 Фæлæ уый не сразы, ацыд æмæ йæ бакодта ахæстоны, цалынмæ йын йæ хæс бафида, уæдмæ.

31 Ацы хабар йе ’мбæлттæ куы федтой, уæд сын тынг фæхъыг и. Æрцыдысты сæ паддзахмæ æмæ йын радзырдтой, цы æрцыди, уый.

32 Уæд æм паддзах басидт æмæ йын загъта: „Фыдзæрдæ цагъар! Ды мын балæгъстæ кодтай, æмæ дын æз дæ хæс æнæхъæнæй дæр куы ныббарстон,

33 Уæд дæуæн дæр не ’мбæлд, æви, де ’мбалæн батæригъæд кæнын, æз дын куыд батæригъæд кодтон, афтæ?“

34 Мæсты паддзах æй радта хъизæмарæй марынмæ, цалынмæ йæ хæс æнæхъæнæй бафида, уæдмæ.

35 Мæ Уæларвон Фыд дæр уын афтæ бакæндзæн, алчидæр уæ йе ’фсымæрæн йæ тæригъæдтæ зæрдиагæй куы нæ ныббара, уæд».

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.