Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Матфейы Евангели. 17-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Йесо Йæ хуыз аивта

1 Æхсæз боны фæстæ Йесо Йемæ рахуыдта Петры, Иаковы æмæ уый æфсымæр Иоанны, скодта сæ бæрзонд хохмæ, æмæ уым уыдысты хибарæй.

2 Сæ разы Йæ хуыз аивта — Йæ цæсгом сæрттывта хурау, Йæ дарæс та рухсау фестади сæнтурс.

3 Фæзындысты сæм Моисей æмæ Илиа, æмæ ныхас кодтой Йемæ.

4 Уæд Петр загъта Йесойæн: «Хицау, ам кæй стæм, уый цы хорз у! Кæд Дæ фæнды, уæд ам саразон æртæ халагъуды: иу Дæуæн, иу Моисейæн, иу Илиайæн».

5 Петр йæ ныхас нæма фæци, афтæ сæ æрæмбæрзта рухскалгæ æврагъ, æмæ æврагъæй райхъуысти хъæлæс: «Ай, Кæуыл аудын, Мæ уыцы уарзон Фырт у. Хъусут Æм».

6 Ахуыргæнинæгтæ уый куы фехъуыстой, уæд фыртæссæй æрхаудысты дæлгоммæ.

7 Фæлæ сæм Йесо бацыди, бавнæлдта сæм æмæ сын загъта: «Сыстут, ма тæрсут».

8 Æмæ сæ цæстытыл куы схæцыдысты, уæд, Йесойы йеддæмæ, никæйуал федтой.

9 Хохæй куы æрцæйцыдысты, уæд сын Йесо бафæдзæхста: «Цы федтат, уый тыххæй макæмæн зæгъут, цалынмæ Адæймаджы Фырт мæрдтæй райгас уа, уæдмæ».

10 Уæд Æй Йæ ахуыргæнинæгтæ бафарстой: «Уæдæ динамонджытæ цæмæн афтæ дзурынц, Чырыстийы размæ Илиа хъуамæ æрцæуа, зæгъгæ?»

11 Йесо сын дзуапп радта: «Раст у, Илиа хъуамæ æрцæуа æмæ æппæт дæр банывыл кæна.

12 Фæлæ уын зæгъын: Илиа æрцыди ныридæгæн, фæлæ йæ нæ базыдтой, æмæ сæ цы бафæндыд, уый йын бакодтой. Афтæ Адæймаджы Фыртæн дæр уыдон бавзарын кæндзысты хъизæмæрттæ».

13 Уæд ахуыргæнинæгтæ бамбæрстой, Йесо сын Аргъауæг Иоанны тыххæй кæй дзырдта, уый.

Æнахъом хæйрæджджын сдзæбæх

14 Адæммæ куы æрыздæхтысты, уæд Йесомæ бацыд иу лæг, æрзоныгыл Йæ разы

15 Æмæ загъта: «Хицау, батæригъæд кæн мæ фыртæн. Фæсур вæййы æмæ тынг удхар кæны; арæх йæхи æппары артмæ æмæ донмæ.

16 Æз æй æркодтон Дæ ахуыргæнинæгтæм, фæлæ йе сдзæбæх кæнын сæ бон нæ баци».

17 Йесо дзуапп радта: «Æнæуырнæг æмæ хæлд фæлтæр! Кæдмæ уыдзынæн уемæ? Кæдмæ уын быхсдзынæн? Ардæм Мæм æй æрбакæнут».

18 Йесо дæлимонæн радта бардзырд, дæлимон рацыди лæппуйæ, æмæ уый уайтæккæ сдзæбæх.

19 Уæд ахуыргæнинæгтæ хибарæй бацыдысты Йесомæ, æмæ Йын загътой: «Дæлимоны расурын нæ бон цæуылнæ баци?»

20 Йесо сын загъта: «Уæ уырнындзинад лæмæгъ кæй у, уый тыххæй. Æцæг уын зæгъын: хъыцъыйы гагайыйас уырнындзинад уæм куы уа æмæ ацы хохæн афтæ куы зæгъат: „Ардыгæй уæртæ уырдæм ацу“, уæд ацæудзæн. Æмæ ахæмæй ницы уыдзæн, сымахæн цы нæ бантыса.

21 [Ацы уды мыггагæн та æрмæст кувын æмæ ком дарыны фæрцы ис фæсурæн.]»

Йесо ногæй зæгъы Йæ мæлæт æмæ Йæ райгасы тыххæй

22 Йесо æмæ Йæ ахуыргæнинæгтæ Галилейы куы æрæмбырд сты, уæд сын Йесо загъта: «Адæймаджы Фырт лæвæрд æрцæудзæн адæмы къухтæм,

23 Амардзысты Йæ, æмæ æртыккаг бон райгас уыдзæн». Ахуыргæнинæгтæ тынг фенкъард сты.

Статир — кæсаджы дзыхæй

24 Капернауммæ куы æрцыдысты, уæд Кувæндонæн хъалон æмбырдгæнджытæ æрбацыдысты Петрмæ æмæ йын загътой: «Уæ Ахуыргæнæг дыууæ драхмæйы нæ ратдзæн, æви?»

25 Уый сын загъта: «Ратдзæн». Æмæ Петр хæдзармæ куы бацыди, уæд Йесо фæраздæр æмæ йын загъта: «Куыд дæм кæсы, Симон, зæххон паддзæхтæ фиддон кæнæ хъалон кæмæй исынц? Сæхи адæмæй æви æцæгæлæттæй?»

26 Симон Ын дзуапп радта: «Æцæгæлæттæй». Йесо йын загъта: «Уæдæ фырттæ сæрибар сты.

27 Фæлæ ныл цæмæй сæ зæрдæ ма фæхуда, уый тыххæй ацу денджызмæ, баппар æнгуыр æмæ, фыццаг цы кæсаг æрцахсай, уый райс. Æмæ йын йæ дзых куы байгом кæнай, уæд дзы ссардзынæ статир. Рахæсс æй æмæ сын æй ратт Мæн тыххæй æмæ дæхи тыххæй».

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.