Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Матфейы Евангели. 15-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Фыдæлты æгъдæуттæ

1 Уæд Иерусалимæй Йесомæ æрцыдысты фарисейтæ æмæ динамонджытæ, æмæ Йын загътой:

2 «Дæ ахуыргæнинæгтæ цæмæн халынц фыдæлты æгъдау? Сæ къухтæ не ’хсынц, афтæмæй хæрынц».

3 Йесо сын дзуапп радта: «Æмæ сымах та уæхи æгъдауы сæраппонд цæмæн халут Хуыцауы фæдзæхст?

4 Уымæн æмæ Хуыцау загъта: „Нымай дæ фыд æмæ дæ мады“, æмæ: „Йæ фыды кæнæ йæ мады æфхæрæг амæлæд“.

5 Сымах та дзурут: „Йæ фыдæн кæнæ йæ мадæн афтæ чи зæгъа, мæнæй цы хъуамæ айстаис, уый мын Хуыцауæн лæвар у, зæгъгæ,

6 Уыцы адæймаджы йæ фыды кæнæ йæ мады нымайыны сæр нал хъæуы“. Афтæмæй Хуыцауы ныхас баивтат уæхи æгъдауæй.

7 Цæстмæхъустæ! Сымах тыххæй Исай пехуымпар хорз загъта:

8 „Ацы адæм Мын кад кæнынц дзыхæй, сæ зæрдæ та дард у Мæнæй.

9 Дзæгъæлы Мæм кувынц; цæуыл ахуыр кæнынц, уыдон адæймаджы æрхъуыдыгонд æгъдæуттæ сты“».

10 Йесо басидт адæммæ æмæ сын загъта: «Байхъусут æмæ бамбарут!

11 Дзыхмæ цы цæуы, уый нæ чъизи кæны адæймаджы,фæлæ дзыхæй цы рацæуы, уый йæ кæны чъизи».

12 Уæд Æм æрбацыдысты Йæ ахуыргæнинæгтæ æмæ Йын загътой: «Дæ ныхæстæ фарисейтæн кæй фæхъыг сты, уый зоныс?»

13 Йесо сын дзуапп радта: «Мæ Уæларвон Фыд кæй нæ ныссагъта, уыцы зайæгой рæдывд æрцæудзæн æд уидæгтæ.

14 Ныууадзут сæ, уыдон куырмыты куырм фæтæгтæ сты. Æмæ куырм куырмы куы хона, уæд сæ дыууæ дæр ныххаудзысты уæрмы».

15 Уæд Æм Петр бахатыд: «Бамбарын нын кæн ацы фæсномыг ныхас».

16 Йесо загъта: «Ау, сымах дæр ныр дæр ма афтæ æнæмбаргæ стут?

17 Æви йæ нæ зонут, дзыхмæ цыдæриддæр бацæуы, уый гуыбынмæ кæй ныфты, стæй æддæмæ кæй рацæуы?

18 Дзыхæй цы рацæуы, уый та зæрдæйæ рацæуы, æмæ уый чъизи кæны адæймаджы.

19 Уымæн æмæ зæрдæйæ рацæуынц фыдвæндтæ, марын, хæтын, давын, мæнгæвдисæн лæууын, хахуыр.

20 Æппæт уыдæттæ чъизи кæнынц адæймаджы, æнæхсад къухтæй хæрын та йæ нæ кæны чъизи».

Муртат усы чызг сдзæбæх

21 Йесо араст уырдыгæй, æмæ æрцыд Тир æмæ Сидоны зæхмæ.

22 Рацыд Æм уырдыгон ханаанаг сылгоймаг æмæ хъæр кодта: «Батæригъæд мын кæн, Хицау, Давиды Фырт! Мæ чызг хæйрæджджын у æмæ удхар кæны».

23 Фæлæ йын Йесо иу ныхасæй дæр дзуапп нæ лæвæрдта. Уæд Æм бацыдысты Йæ ахуыргæнинæгтæ æмæ Йæм æрхатыдысты: «Байхъус æм, æмæ ацæуа, науæд нæ фæдыл бафтыд æмæ хъæр кæны».

24 Йесо дзуапп радта: «Æз æрмæстдæр Израилы адæммæ, сæфт фыстæм, æрвыст дæн».

25 Фæлæ Йæм сылгоймаг бацыд, æрзоныгыл Йæ разы æмæ загъта: «Хицау, баххуыс мын кæн».

26 Йесо йын дзуапп радта: «Хорз нæу сывæллæтты къæбæр райсын æмæ йæ куыйтæн аппарын».

27 Сылгоймаг загъта: «О, Хицау, фæлæ куыйтæ дæр, сæ хицæутты фынгæй цы муртæ æрхауы, уыдон фæхæрынц».

28 Уæд ын Йесо дзуапп радта: «Хорз ус, стыр у дæ уырнындзинад! Сæххæст уæд дæ фæндон». Æмæ йæ чызг уайтæккæ сдзæбæх.

Йесо сдзæбæх кодта рынчынты

29 Йесо араст уырдыгæй, æрцыди Галилейы денджызмæ, ссыди хохмæ æмæ уым æрбадти.

30 Æрбацыд Æм дзæвгар адæм къуылыхтимæ, куырмытимæ, цæнкуылтимæ, æгомыгтимæ æмæ бирæ æндæр рынчынтимæ, æрæвæрдтой сæ Йесойы къæхты цур, æмæ сæ Уый сдзæбæх кодта.

31 Адæм куы федтой æгомыгты дзургæйæ, цæнкуылты æнæнизæй, къуылыхты цæугæйæ æмæ куырмыты сæ цæстæй ракæсгæйæ, уæд дисы бафтыдысты, æмæ кад кодтой Израилы Хуыцауæн.

Йесо бафсæста цыппар мин лæджы

32 Йесо басидт Йæ ахуыргæнинæгтæм æмæ сын загъта: «Тæригъæд кæнын ацы адæмæн, ныр æртæ боны дæргъы Мемæ сты, æмæ цы бахæрой, уый сæм нæй. Æххормагæй сæ ауадзон, уый та Мæ нæ фæнды, науæд бастайдзысты фæндагыл».

33 Йæ ахуыргæнинæгтæ Йын загътой: «Утæппæт адæм бафсадыны фаг дзултæ ам, æдзæрæг ран, куыд самал кæнæм?»

34 Йесо сæ бафарста: «Цал дзулы уæм ис?» Уыдон Ын загътой: «Авд, стæй ма цалдæр гыццыл кæсаджы».

35 Уæд Йесо адæмы æрбадын кодта зæххыл,

36 Райста авд дзулы æмæ кæсæгтæ, арфæ ракодта, асаста сæ æмæ сæ радта Йæ ахуыргæнинæгтæм, ахуыргæнинæгтæ та сæ байуæрстой адæмæн.

37 се ’ппæт дæр бахордтой æмæ бафсæстысты. Æмæ ма цы уæлдæйттæ баззад, уыдонæй байдзаг авд чыргъæды.

38 Хæргæ чи кодта, уыдон та, сылгоймæгтæ æмæ сывæллæтты нæ нымайгæйæ, уыдысты цыппар мин лæджы.

39 Уæд Йесо ауагъта адæмы, бахызт бæлæгъмæ, æмæ æрцыди Магдалæйы зæхмæ.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.