Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Матфейы Евангели. 12-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Йесо æмæ сабат

1 Уыцы рæстæг Йесо сабаты фæцæйцыд æфсирджын хуымты. Йæ ахуыргæнинæгтæ сыстонг сты, райдыдтой æфсиртæ тонын æмæ хæрын.

2 Фарисейтæ уый куы федтой, уæд Йесойæн загътой: «Кæс-ма, Дæ ахуыргæнинæгтæ кæнынц, сабаты цы нæ фæччы, уый».

3 Йесо сын дзуапп радта: «Давид йе ’мбæлттимæ куы сыстонг, уæд цы бакодта, уый тыххæй нæ кастыстут, æви?

4 Бацыди Хуыцауы хæдзармæ æмæ бахордта, йæхицæн дæр æмæ йе ’мбæлттæн дæр бахæрын кæй не ’мбæлд, уыцы нывонд дзултæ — æрмæстдæр сауджынтæм уыди уыдон хæрыны бар.

5 Кæнæ Моисейы Æгъдауы, мыййаг, нæ бакастыстут, алы сабат дæр сауджынтæ сабаты фæтк Кувæндоны куыд халынц, фæлæ аххосджын кæй не сты, уый тыххæй?

6 Фæлæ уын зæгъын, ам ис, Кувæндонæй уæлдæр Чи у, Уый.

7 „Нывонд Мæ нæ хъæуы, фæлæ уарзæгой зæрдæ“ — уымæн йæ мидис куы зониккат, уæд æназымты нæ фæзылын кодтаиккат.

8 Уымæн æмæ Адæймаджы Фырт сабатæн йæ хицау у».

Цæнкуыл сдзæбæх

9 Йесо уырдыгæй куы рацыд, уæд баздæхти синагогæмæ.

10 Уыди дзы, йæ къух хуыскъ кæмæн уыд, ахæм адæймаг. Æмæ цæмæй Йесойы фæзылын кæной, уый тыххæй Йæ бафарстой: «Сабаты дзæбæх кæнын æмбæлы æви нæ?»

11 Уый сын загъта: «Искæмæ уæ иу фыс куы уа, æмæ йын сабаты уæрмы куы ныххауа, уæд æй уырдыгæй не сласдзæн, æви?

12 Адæймаг та цас зынаргъдæр у фысæй! Уæдæ сабаты хорз кæнын æмбæлы».

13 Æмæуыцы лæгæн загъта: «Радар дæ къух». Уый радардта йæ къух, æмæ йын сдзæбæх, сси иннæ къухы хуызæн.

14 Фарисейтæ рацыдысты æмæ уынаффæ кодтой, Йесойы цы амалæй амарой, ууыл. Фæлæ сын Йесо сæ фæнд базыдта, æмæ ацыди уырдыгæй.

Æвзæрст Лæггадгæнæг

15 Йæ фæдыл цыди бирæ адæм, æмæ Уый сдзæбæх кодта æппæт рынчынты дæр,

16 Фæлæ сын карзæй бафæдзæхста, цæмæй Йын Йæ кой ма кæной.

17 Афтæмæй хъуамæ сæххæст уыдаид, Исай пехуымпары дзыхæй цы загъдæуыд, уый:

18 «Мæнæ Мæ уарзон Лæггадгæнæг — Кæй сæвзæрстон æмæ Кæуыл аудын, Уый. Бахай Йын кæндзынæн Мæ Удæй, æмæ адæмтæн фехъусын кæндзæн Мæ рæстдзинад.

19 Быцæу æмæ хъæр нæ кæндзæн, Йæ хъæлæс ын ничи фехъусдзæн уынгты.

20 Цъæл хъæз нæ асæтдзæн, гæзæмæ судзгæ цырагъ нæ ахуыссын кæндзæн, цалынмæ рæстдзинад уæлахизмæ æркæна, уæдмæ.

21 Æмæ æппæт адæмтæ Йæ номæй уыдзысты ныфсджын».

Куырм æмæ æгомыг хæйрæджджын сдзæбæх

22 Уæд Йесомæ æркодтой куырм æмæ æгомыг хæйрæджджыны. Йесо йæ сдзæбæх кодта, æмæ æгомыг райдыдта дзурын æмæ уынын.

23 Адæм иууылдæр дисы бафтыдысты æмæ дзырдтой: «Уый Давиды Фырт нæу?»

24 Фарисейтæ уый куы фехъуыстой, уæд загътой: «Уый дæлимонты æрмæстдæр дæлимонты æлдар веелзевулы хъаруйæ суры».

25 Фæлæ сын Йесо зыдта сæ хъуыдытæ, æмæ сын загъта: «Алы паддзахад дæр куы ныддихтæ уа æмæ йæ адæм кæрæдзи ныхмæ куы фæуой, уæд федзæрæг уыдзæн; æмæ алы сахар кæнæ хæдзар дæр куы ныддихтæ уа æмæ йæ цæрджытæ кæрæдзи ныхмæ куы фæуой, уæд уый дæр нæ фæлæудзæн.

26 Уæдæ кæд хæйрæг хæйрæджы суры, уæд йæхи ныхмæ тох кæны. Æмæ афтæмæй куыд фæлæудзæн йæ паддзахад?

27 Кæд Æз дæлимонты веелзевулы хъаруйæ сурын, уæд сæ уæ фæдонтæ та кæй хъаруйæ сурынц? Уымæ гæсгæ уын уыдон уыдзысты тæрхонгæнджытæ.

28 Фæлæ кæд Æз Хуыцауы Уды хъаруйæ сурын дæлимонты, уæд уæм, бæгуыдæр, æрхæццæ Хуыцауы Паддзахад.

29 Кæнæ искæмæн йæ бон куыд бауыдзæн тыхджыны хæдзармæ бацæуын æмæ йын йæ дзауматæ рахæссын, раздæр уал тыхджыны куы нæ сбæтта, уæд? Æрмæст ын уæд фæкъахдзæн йæ хæдзар.

30 Мемæ чи нæу, уый Мæ ныхмæ у; æмæ Мемæ чи не ’мбырд кæны, уый хæлæттаг кæны.

31 Уымæ гæсгæ уын зæгъын: алы тæригъæд æмæ фауын адæмæн уыдзысты хатыргонд, фæлæ Сыгъдæг Уды фауын хатыргонд нæ уыдзæн.

32 Исчи Адæймаджы Фырты куы рафауа, уæд ын уыдзæни хатыр; фæлæ Сыгъдæг Уды чи рафауа, уымæн хатыр нæ уыдзæни нæдæр ацы дунейы, нæдæр фидæны дунейы.

Дзуапп æнæууылд ныхасы тыххæй

33 Бæласæн йæхи дæр æмæ йæ дыргъ дæр кæнæ хорзыл банымайут, кæнæ та йын йæхи дæр æмæ йæ дыргъ дæр æвзæрыл банымайут. Уымæн æмæ бæлас йæ дыргъæй бæрæг вæййы.

34 Калмы цот! Фыдзæрдæтæ куы стут, уæд уæ бон куыд у хорз дзурын? Уымæн æмæ зæрдæ цæмæй дзаг вæййы, дзыхæй дæр уый рацæуы.

35 Хорз адæймаг хорз хæзнадонæй рахæссы хорзæх; фыдзæрдæ адæймаг та фыдæхы къæбицæй рахæссы фыдæх.

36 Зæгъын уын: алы æнæууылд ныхасы тыххæй дæр адæм тæрхоны бон ратдзысты дзуапп.

37 Дæ ныхæстæ дæ сраст кæндзысты, йе та дæ ныхæсты тыххæй тæрхонгонд уыдзынæ».

Йесойæ домынц æвдисæйнаг

38 Уæд динамонджытæй æмæ фарисейтæй иуæйиутæ загътой Йесойæн: «Ахуыргæнæг, исты æвдисæйнаг нын куы равдисис, уый нæ фæнды».

39 Йесо сын дзуапп радта: «Хуыцауы ныууадзæг хæлд фæлтæр æвдисæйнаг домы, фæлæ йын Ионæ пехуымпары диссагæй дарддæр æндæр æвдисæйнаг нæ рардæуыдзæн.

40 Уымæн æмæ Ионæ стыр кæсаджы гуыбыны æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы куыд фæци, афтæ Адæймаджы Фырт дæр æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы уыдзæни зæххы зæрдæйы.

41 Ниневиæгтæ тæрхоны бон рацæудзысты ацы фæлтæры ныхмæ æмæ йæ фæзылын кæндзысты, уымæн æмæ уыдон Ионæйы ныхасæй æрфæсмон кодтой; ныр та ам ис, Ионæйæ уæлдæр Чи у, Уый.

42 Хуссары успаддзах тæрхоны бон рацæудзæн ацы фæлтæры ныхмæ æмæ йæ фæзылын кæндзæн, уымæн æмæ зæххы кæронæй æрцыди Соломоны зондджын ныхæстæм байхъусынмæ; ныр та ам ис, Соломонæй уæлдæр Чи у, Уый.

Æнæзæгъинаг æрбаздæхы йæ раздæры бынатмæ

43 Æнæзæгъинаг адæймагæй куы рацæуы, уæд æнцой агурæг фæзилы æнæдон рæтты, фæлæ йæ не ссары.

44 Уæд фæзæгъы: „Раздæхон, цы хæдзарæй рацыдтæн, уырдæм“. Æмæ куы æрцæуы, уæд æй æрæййафы афтидæй, марзт æмæ æфснайдæй.

45 Уæд ацæуы æмæ йемæ æркæны æндæр авд æнæзæгъинаджы, йæхицæй фыддæрты, бацæуынц уырдæм æмæ дзы æрцæрынц; æмæ уыцы адæймаг бахауы, раздæр цы уыди, уымæй ноджы æвзæрдæр уавæры. Афтæ уыдзæн ацы фыдзæрдæ фæлтæры хабар дæр».

Йесойы Мад æмæ æфсымæртæ

46 Йесо ма адæмимæ куы ныхас кодта, уæд Йæ Мад æмæ Йе ’фсымæртæ лæууыдысты æдде, æмæ сæ фæндыди Йемæ аныхас кæнын.

47 Æмæ Йын чидæр загъта: «Дæ Мад æмæ Де ’фсымæртæ лæууынц æдде, Демæ аныхас кæнын сæ фæнды».

48 Уый зæгъæгæн Йесо дзуапп радта: «Чи у Мæ мад, æмæ чи сты Ме ’фсымæртæ?»

49 Æмæ, Йæ къухæй Йæ ахуыргæнинæгтæм бацамонгæйæ, загъта: «Мæнæ Мæ мад æмæ Ме ’фсымæртæ.

50 Уымæн æмæ Мæ Уæларвон Фыды фæндон чи æххæст кæны, уый у Ме ’фсымæр, Мæ хо æмæ Мæ мад».

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.