Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Газет «Рæстдзинад», 2011 азы 30 июнь

Мæнæргъы — пайдайаг гагадыргъ

Мæнæргъы рагæй фæстæмæ дæр зындгонд у йæ хосгæнæн фæрæзтæй. Уый нæ рагфыдæлтæ нымадтой хъæддаг зайæгойыл. Фæлæ дугты æмæ æнусты сæрты хизгæйæ, æрдзы уыцы ахсджиаг гагадыргъ садзын райдыдтой хæдзæрттæм æввахс цæхæрадæтты. Афтæмæй мæнæргъы ссис адæймагæн адджинаг æмæ хосгæнæн фæрæз. Мæнæргъыйы дидинджытæй æруадзгæ дон нымад цыдис калмы æмæ скорпионы хæсты ныхмæ тæккæ хуыздæр хосыл.

Зайæгойты тыххæй цы бирæ алыхуызон литературæ ис бакæсæн, уым сæрмагонд амынддзинæдтæ ис мæнæргъыйы нысаниуæджы æмæ йæ равзæрды тыххæй.

Европæйаг мæнæргъыйы тыххæй фыццаджы-фыццаг сæ хъуыдытæ загътой нæ дуджы размæ ромаг ахуыргæндтæ Катон æмæ Плиний. Ромаг фыссæг Палладиус IV æнусы мæнæргъы рахуыдта цæхæрадоны зайæг гагадыргъ.

IX æнусы райдайæны Францы къарол Карлы бардзырдмæ гæсгæ номхыгъд арæзт æрцыд, йæ цæхæрадоны цы зайæгойтæ æмæ дыргътæ уыд, уыдонæн, фæлæ дзы мæнæргъы нæ разынд. Уымæ гæсгæ бæрæг у, Францы цæхæрадæтты мæнæргъы уæдмæ кæй нæма фæзынд, уый.

Куыд культурон зайæгой, афтæ мæнæргъы Германы фæзынд XVI æнусы. XIV æнусы кæрон Англисы фæзынд зайæгойтæ æмæ дыргъты номхыгъд, фæлæ дзы мæнæргъыйы кой нæ уыд. Ацы культур ам фæзынд æхсæрдæсæм æнусы. Америчы та дыргъдоны зайæг мæнæргъыйы кой райдыдтой 1770-æм азæй фæстæмæ.

Уæрæсейы хъæддаг мæнæргъыйæ пайда кодтой нæ рагфыдæлтæ. Йæ кой ис кадджыты æмæ аргъæутты дæр. Фысджыты æмæ ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ, Мæскуыйы бындурæвæрæг Юрий Долгорукий уарзта дыргъы куыст. Мæскуы йæ алфамблайы дыргъдæтты тыххæй бузныг у Долгорукийæ. Ам мæнæргъы зади тынг бирæ.

Мæнæргъы нымад у бирæазон зайæгойыл. Йæ сæйраг æмæ фæрсаг уидæгтæ аныгъуылынц арф æмæ фæстагмæ амæлынц. Уыдоны бæсты ног таутæ рауадзынц ног уидæгтæ. Зæнгæй зæххы бын цы хай вæййы, уый ма иу азмæ ауадзы æндæр уидæгтæ дæр.

Мæнæргъы арæх у Ирыстоны уæлвонг-хæххон бынæтты. Уыцы пайдайаг культур ныр æхсызгонæн садзынц сæ цæхæрадæтты хъæуты æмæ горæтты цæрджытæ. Цы тыллæг дзы райсынц, уый у æвдадзы хос.

Мæнæргъыйæ пайда кæнынц ног тындæй. Аразынц дзы вареннæ, компот æмæ адджын дæттæ (сироптæ).

Мæнæргъыйы донæй ма аразынц лимонад, сæлдæг æмæ къуымæл. Мæнæргъыйы фидар цай æмбисонд у уазалдзыдæн хос кæнынæн, уайтагъд хид федде кæны.

Мæнæргъыйы дидинджытæй мыдыбындзытæ æрæмбырд кæнынц диссаджы мыд. Уый вæййы фæлурс, фæкæны мæнæргъыйы тæф. Ацы пайдайаг культуры гагаты ис бирæ витаминтæ, лимоны, фолион, фæткъуыйы, аскорбинон туагæдтæ, каротин, глюкозæ, фруктозæ, сахарозæ æмæ æндæр пайдайаг буаргъæдтæ.

Уæдæ цæмæй æнæниздæр уат, уый тыххæй пайда кæнут мæнæргъыйæ. Афтæ амонынц ахуыргæндтæ сæ уацты, алы æмæ алыхуызон медицинон литературæйы.


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.