Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Лукайы Евангели. Сæр 5

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Фыццаг кæсагахст

1 Иухатт Йесо лæууыди Геннисареты цады былыл æмæ Йæм бырстой адæм, цæмæй байхъусой Хуыцауы ныхасмæ.

2 Уыцы рæстæг Йесо федта дыууæ бæлæгъы цады лæугæ; кæсагахсджытæ рахызтысты бæлæгътæй æмæ æхсадтой сæ хызтæ.

3 Йесо бахызт бæлæгътæй иумæ, Симоны бæлæгъмæ, æмæ йæм бахатыди, былæй иучысыл фæхибар уæм, зæгъгæ. Стæй сбадт бæлæгъы æмæ уырдыгæй ахуыр кодта адæмы.

4 Йæ ныхас куы фæци, уæд загъта Симонæн: «Арфдæр кæм у, уырдæм бацу, баппарут уæ хызтæ æмæ æрцахсдзыстут».

5 Симон Ын дзуапп радта: «Хицау, мах фæтухæн кодтам æгас æхсæв æмæ ницы æрцахстам. Фæлæ Дæ ныхасæй баппардзынæн хыз».

6 Хыз куы баппæрстой, уæд æрцахстой афтæ бирæ кæсæгтæ, æмæ суанг сæ хыз скъуыйын райдыдта.

7 Иннæ бæлæгъы чи уыди, сæ уыцы æмбæлттæм фæтылдтой сæ къухтæ, цæмæй сæм æрбацæуой æххуысмæ. Æрбацыдысты сæм æмæ дыууæ бæлæгъы дæр афтæ байдзаг кодтой, æмæ сын райдыдтой дæлдон кæнын.

8 Симон Петр уый куы федта, уæд æрхауд Йесойы уæрджытæм æмæ загъта: «Ныууадз мæ, Хицау, æз тæригъæдджын адæймаг дæн».

9 Петры, стæй йемæ чи уыди, уыдоны сеппæты дæр стыр тасы бафтыдта, уыйбæрц кæсæгтæ кæй æрцахстой, уый.

10 Тас бацыди Симоны æмбæлтты дæр — Зеведейы фырттæ Иаков æмæ Иоанны. Уæд Йесо загъта Симонæн: «Ма тæрс. Нырæй фæстæмæ адæмахсæг уыдзынæ».

11 Дыууæ бæлæгъы дæр раластой былмæ, ныууагътой æппæт дæр æмæ ацыдысты Йесойы фæдыл.

Хъотырджын сдзæбæх

12 Йесо сахартæй иуы куы уыди, уæд фембæлд, йæ буар æнæхъæнæй дæр хъотыры бын кæмæн фæци, ахæм лæгыл. Уый Йесойы куы федта, уæд æрхауди дæлгоммæ æмæ Йын лæгъстæ кодта: «Хицау, кæд Дæ фæнды, уæд Дæ бон у, æмæ мæ ссыгъдæг кæнай».

13 Йесо радардта Йæ къух, бандзæвыд ыл æмæ загъта: «Фæнды Мæ, ссыгъдæг у». Æмæ йæ уыйадыл хъотыр ныууагъта.

14 Йесо йын бафæдзæхста: «Макæмæн æй зæгъ, фæлæ ацу, дæхи фенын кæн сауджынæн, æмæ кæй ссыгъдæг дæ, уый тыххæй æрхæсс нывонд, Моисей куыд бафæдзæхста, афтæ — кæй сдзæбæх дæ, уымæн æвдисæйнагæн».

15 Фæлæ уæддæр Йæ кой хæлиу кодта, цыдис Æм тынг бирæ адæм байхъусынмæ æмæ сæ низтæй дзæбæх кæнынмæ.

16 Йесо та-иу ацыди хибар рæттæм æмæ куывта.

Уæнгмард сдзæбæх

17 Иухатт Йесо ахуыр кодта адæмы. Уым бадтысты фарисейтæ æмæ динамонджытæ — æрцыдысты Галилейы æмæ Иудейæйы алы хъæутæй æмæ Иерусалимæй. Хуыцауы хъаруйæ Йесо дзæбæх кодта рынчынты.

18 Уæд чидæртæ хуыссæныл æрхастой уæнгмард адæймаджы, æмæ архайдтой хæдзармæ йæ бахæссыныл æмæ йæ Йесойы раз æрæвæрыныл.

19 Фæлæ дзы бирæ адæм кæй уыди, уымæ гæсгæ йæ бахæссын сæ бон нæ баци. Уæд схызтысты уæлхæдзармæ, систой æмбæрзæндуртæй, æмæ рынчыны æд хуыссæн уаты хæдастæумæ, Йесойы размæ æруагътой.

20 Йесо сын федта сæ уырнындзинад æмæ уæнгмардæн загъта: «Хорз лæг, хатыр дын сты дæ тæригъæдтæ».

21 Уæд динамонджытæ æмæ фарисейтæ райдыдтой кæрæдзийæн дзурын: «Уый Хуыцауы Чи фауы? Иунæг Хуыцауы йеддæмæ тæригъæдтæ ныххатыр кæнын кæй бон у?»

22 Йесо сын базыдта сæ хъуыдытæ, æмæ сын загъта: «Цæмæн афтæ хъуыды кæнут?

23 Цы æнцондæр у — зæгъын: „Хатыр дын сты дæ тæригъæдтæ“, æви: „Рабад æмæ райдай цæуын“?

24 Фæлæ сымах хъуамæ зонат, Адæймаджы Фыртæн кæй ис зæххыл тæригъæдтæ хатыр кæныны бар». Æмæ загъта уæнгмардæн: «Дæумæ дзурын: рабад, сис дæ хуыссæн æмæ цу дæ хæдзармæ».

25 Уæнгмард уайтæккæ рабадти сæ разы, систа йæ хуыссæн æмæ, Хуыцауæн кад кæнгæйæ, ацыд йæ хæдзармæ.

26 Уæд сеппæт дæр дисы бафтыдысты, æмæ кад кодтой Хуыцауæн. Тас сæ бацыд æмæ дзырдтой: «Диссаджы хъуыддæгтæ федтам абон».

Левий ацыд Йесоимæ

27 Уый фæстæ Йесо рацыд уырдыгæй æмæ федта иу хъалонисæджы, йæ ном — Левий; уый бадти хъалонисæн бынаты. Йесо йын загъта: «Рацу Мæ фæдыл».

28 Левий ныууагъта æппæт дæр, сыстад æмæ ацыд Йæ фæдыл.

29 Левий йæ хæдзары Йесойæн æрæвæрдта хъæздыг фынг. Фынгыл Йемæ бадтысты бирæ хъалонисджытæ, стæй ма бирæ æндæртæ.

30 Фарисейтæ æмæ динамонджытæ хъуыр-хъуыр кодтой æмæ Йесойы ахуыргæнинæгтæн дзырдтой: «Хъалонисджытимæ æмæ тæригъæдджынтимæ цæмæн хæрут æмæ нуазут?»

31 Йесо сын дзуапп радта: «Дохтыр æнæнизты нæ, фæлæ рынчынты хъæуы.

32 Æз æрцыдтæн рæстытæм нæ, фæлæ тæригъæдджынтæм фæсидынмæ, цæмæй æрфæсмон кæной».

Ком дарыны тыххæй

33 Уæд Ын фарисейтæ æмæ динамонджытæ загътой: «Иоанны ахуыргæнинæгтæ æдзух дарынц ком æмæ кувынц, уыдонау — фарисейты ахуыргæнинæгтæ дæр; Дæ ахуыргæнинæгтæ та хæрынц æмæ нуазынц».

34 Йесо сын загъта: «Сиахсаг чындзхæсджытимæ цалынмæ уа, уæдмæ сæ ком дарыныл бафтаудзыстут, мыййаг?

35 Фæлæ ралæудзæн афон, æмæ сын сиахсаджы куы байсой, уæд дардзысты ком».

36 Радзырдта сын фæсномыг ныхас дæр: «Ног дарæсæй гæбаз ничи раскъуыны, цæмæй дзы зæронд дарæс бампъуза. Науæд ног дарæс дæр ныскъуыдтæ уыдзæн, зæронд дарæсыл дæр ног дарæсæй æмпъузæн не сбаддзæн.

37 Ногдыгъд сæн дæр зæронд лалымты ничи ныккæны, науæд ногдыгъд сæн арæмудздзæни лалымтæ, æмæ йæхæдæг дæр акæлдзæни, лалымтæ дæр фесæфдзысты.

38 Ногдыгъд сæн ног лалымты ныккæнын хъæуы. [Уæд дыууæ дæр баззайынц æнæхъæнæй.]

39 Зæронд сæнæй чи баназы, уый ногдыгъд сæн нал фæхъæуы, уымæн æмæ фæзæгъы: „Зæронд хуыздæр у“».

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.