Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Лукайы Евангели. Сæр 4

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Хæйрæг къахы Йесойы

1 Йесо Иорданæй æрбаздæхт Сыгъдæг Удæй хайджынæй, æмæ Йæ Сыгъдæг Уд акодта æдзæрæг бæстæмæ.

2 Уым Æй дыууиссæдз боны къахта хæйрæг. Уыцы бонты Йесо ницы хордта, æмæ куы ахицæн сты, уæд тынг сыстонг.

3 Æмæ Йын хæйрæг загъта: «Кæд Хуыцауы Фырт дæ, уæд зæгъ ацы дурæн, æмæ феста дзул».

4 Йесо йын дзуапп радта: «Фыст у: „Айдагъ дзулæй нæ цæрдзæн адæймаг [фæлæ Хуыцауы алы дзырдæй]».

5 Уæд Æй хæйрæг акодта бæрзонд ранмæ, цæстыфæныкъуылдмæ Йын фенын кодта дунейы æппæт паддзахæдтæ,

6 Æмæ Йын загъта: «Дæ дæлбар Дын бакæндзынæн æппæт ацы паддзахæдтæ сæ намысимæ, уымæн æмæ мæнæн лæвæрд сты, æмæ мæ кæмæн бафæнды, уымæн сæ раттын.

7 Гъемæ мын куы бакувай, уæд иууылдæр уыдзысты Дæу».

8 Йесо йын дзуапп радта: «Фыст у: „Кув дæ Хицау Хуыцаумæ æмæ кус æрмæстдæр Уымæн“».

9 Уæд Æй хæйрæг акодта Иерусалиммæ, æрлæууын Æй кодта Кувæндоны уæлхæдзарыл, æмæ Йын загъта: «Кæд Хуыцауы Фырт дæ, уæд Дæхи аппар ардыгæй.

10 Уымæн æмæ фыст у: „Йæ зæдтæн бафæдзæхсдзæни Дæу тыххæй, цæмæй Дæ бахъахъхъæной“;

11 Ноджыдæр ма: „Хæсдзысты Дæ сæ къухтыл, æмæ Дæ къах дурыл дæр нæ ныццæвдзынæ“».

12 Йесо йын дзуапп радта: «Загъд у: „Ма къахдæ Хицау Хуыцауы“».

13 Хæйрæг Йесойы алы хуызы дæр куы фæкъахта, уæд уал Æй ныууагъта рæстæгмæ.

Назареты сжагогæйы

14 Сыгъдæг Уды хъаруйæ хайджын, Йесо æрбаздæхти Галилеймæ, æмæ Йæ кой айхъуыст æппæт бæстæйыл.

15 Адæмы ахуыр кодта сæ синагогæты, æмæ Йын кад кодтой сеппæт дæр.

16 Йесо æрцыд, кæм схъомыл, уыцы Назаретмæ. Æмæ куыд ахуыр уыд, афтæ та ацы хатт дæр сабаты бацыд синагогæмæ, æмæ сыстад чиныджы бакæсынмæ.

17 Радтой Йæм Исай-пехуымпары чиныг. Байгом æй кодта æмæ ссардта, мæнæ афтæ фыст кæм уыд, уыцы бынат:

18 «Мæнмæ Хуыцауы Уд ис, уымæн æмæ Хуыцау Мæн байсæрста.

Æмæ Мæ рарвыста мæгуыртæн фарны уац фехъусын кæнынмæ, [зæрдæсаст чи у, уыдоны сдзæбæх кæнынмæ,] уацайрæгтæн сæрибары, куырмытæн цæстæй ракæсыны афон кæй ралæууыд, уый тыххæй сын зæгъынмæ, фæлмæцыдты суæгъд кæнынмæ,

19 Хуыцауы хæрзаудæны аз кæй ралæууыд, уый фехъусын кæнынмæ».

20 Йесо сæхгæдта чиныг, радта йæ лæггадгæнæгмæ æмæ сбадт. Синагогæйы чидæриддæр уыди, уыдоны цæстытæ баззадысты Йесойыл.

21 Æмæ сын Уый райдыдта дзурын: «Ацы пехуымпар ныхас сæххæст абон — куы йæм хъуыстат, уæд».

22 Сеппазт дæр Дзы уыдысты разы, дисы сæ бафтыдтой Йæ фæрнæйдзаг ныхæстæ, æмæ дзырдтой: «Ай Иосифы фырт нæу, мыййаг?»

23 Йесо сын загъта: «Кæй зæгъын æй хъæуы, сымах Мын æрхæсдзыстут æмбисонд: „Дохтыр, сдзæбæх кæн Дæхи“, æмæ зæгъдзыстут: „Мах фехъуыстам, Капернаумы цы сарæзтай, уый, æмæ йæ сараз ам дæр, Дæ сахары“.

24 Фæлæ уын æцæг зæгъын: иу пехуымпар дæр нымад нæ вæййы йæ фыдыбæстæйы.

25 Æцæг уын зæгъын: бирæ идæдз сылгоймæгтæ уыдис Илиайы заман Израилы, арвы дуар æртæ азы æмæ æхсæз мæйы æхгæд куы уыд æмæ æппæт зæххыл стыр стонг рæстæг куы скодта, уæд.

26 Фæлæ уыдонæй иумæ дæр æрвыст нæ уыд Илиа — арвыстæйæуыд идæдз сылгоймагмæ сидойнаг Сарептæмæ.

27 Бирæ хъотырджынтæ уыди Елисей-пехуымпары заман Израилы, фæлæ дзы иу дæр не ссыгъдæг — сириаг Нееман ссыгъдæг».

28 Уый куы фехъуыстой, уæд синагогæйы чи уыди, уыдон сеппæт дæр тынг смæсты сты.

29 Сыстадысты сæ бынæттæй, сахарæй Йæ ратардтой, æмæ Йæ акодтой, сæ сахар цы хохыл арæзт уыд, уый рындзæй раппарынмæ.

30 Фæлæ Йесо рацыд се ’хсæнты æмæ аивгъуыдта уырдыгæй.

Хæйрæджджын сдзæбæх синагогæйы

31 Æрцыд галилейаг сахар Капернауммæ æмæ сабаты ахуыр кодта адæмы.

32 Дисы сæ æфтыдта Йæ ахуырад, уымæн æмæ барджынæй дзырдта.

33 Синагогæйы уыди хæйрæджджын адæймаг. Уый ныхъхъæр кодта:

34 «Цы Дæ хъæуы махæй, Назаретаг Йесо? Ды нæ фесафынмæ æрцыдтæ! Æз зонын, Чи дæ, уый Ды Хуыцауы Сыгъдæг дæ».

35 Йесо дæлимонæн бардзырд радта: «Банцай æмæ дзы рацу». Дæлимон уыцы адæймаджы синагогæйы хæдастæу зæххыл ныццавта æмæ дзы рацыд, ницы зиан ын ракодта, афтæмæй.

36 Æппæт адæм дæр дисы бафтыдысты æмæ дзырдтой кæрæдзийæн: «Цавæр хъомыс æмæ тых ис Йæ ныхасы? Æнæзæгъинæгтæн бардзырд дæтты, æмæ рацæуынц хæйрæджджынтæй».

37 Æмæ Йесойы кой айхъуыст Капернаумы алфамбылай.

Йесо сдзæбæх кодта Петры усы мады æмæ иннæты

38 Йесо синагогæйæ куы рацыди, уæд бацыди Симоны хæдзармæ. Симоны усы мад тынг удхар кодта тæвднизæй. Æмæ Йесомæ бахатыдысты сылгоймаджы тыххæй.

39 Йесо йæ цуры слæууыд, бардзырд радта тæвднизæн, æмæ йæ тæвдниз ныууагъта. Уыйадыл сылгоймаг сыстад æмæ сын райдыдта лæггад кæнын.

40 Алы низæй рынчынтæ кæмæдæриддæр уыд, уыдон Æм сæ хурныгуылдыл æрхуыдтой. Уыйиу сæ алкæуыл дæр æрæвæрдта Йæ къухтæ æмæ-иу æй сдзæбæх кодта.

41 Бирæ хæйрæджджынтæй-иу дæлимонтæ рацыдысты æмæ-иу хъæр систой: «Ды Хуыцауы Фырт дæ!» Фæлæ сын Йесо нæ лæвæрдта дзурыны бар, уымæн æмæ зыдтой, Чырысти кæй у, уый.

Йесо хъусын кæны фарны уац

42 Куы æрбабон, уæд Йесо рацыд æмæ араст хибар ранмæ. Адæм Æй агуырдтой, æмæ Йæм æрцыдысты, æмæ Йæ нæ уагътой сæ цурæй ацæуын.

43 Фæлæ сын Уый загъта: «Иннæ сахартæн дæр Мæ хъæуы Хуыцауы Паддзахады фарны уац фехъусын кæнын, уымæн æмæ Æз уый тыххæй æрвыст дæн».

44 Æмæ фарны уац хъусын кодта Иудейæйы синагогæты.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.