Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Лукайы Евангели. Сæр 23

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Йесо æмæ Пилат

1 Уæд сыстадысты сеппæт дæр æмæ Йæ акодтой Пилатмæ.

2 Уым Æй райдыдтой зылын кæнын: «Мах сбæлвырд кодтам, Ай нын халы нæ адæмы, кесæрæн хъалон фидын нæ уадзы æмæ Йæхи хоны Чырысти, ома, Паддзах».

3 Пилат Æй бафарста: «Ды дæ иудейаг Паддзах?» Йесо йын дзуапп радта: «Дæхæдæг æй куы зæгъыс».

4 Пилат алчертæн æмæ адæмæн загъта: «Æз ацы Адæймагмæ ницы азым арын».

5 Фæлæ уыдон сæ фæнд тардтой, зæгъгæ, Йæ ахуырадæй адæмы змæнты æппæт Иудейæйы Галилейæ райдай, æмæ суанг мæнæ ацы бынаты онг.

Ирод фæрсы Йесойы

6 Пилат уый куы фехъуыста, уæд бафарста: «Ацы Лæг галилейаг у?»

7 Æмæ Ироды дæлбар бæстæйæ кæй у, уый куы базыдта, уæд Йесойы арвыста Иродмæ — уыцы рæстæг Ирод дæр Иерусалимы уыд.

8 Ирод Йесойы куы федта, уæд тынг бацин кодта, уымæн æмæ йæ рагæй фæндыд Йæ фенын. Йесойы тыххæй бирæ хæттыты фехъуыста, стæй Йæм æнхъæлмæ каст исты диссаг равдисынмæ.

9 Æмæ Йæ фарста бирæ цæмæйдæрты, фæлæ йын Йесо ницы дзуапп радта.

10 Алчертæ æмæ динамонджытæ та лæууыдысты уым æмæ Йæ тынг зылын кодтой.

11 Ирод Æй бафхæрдта йе ’фсæддонтимæ, фæхынджылæг Дзы кодтой, зынаргъ дарæс Ыл скодтой æмæ Йæ фæстæмæ арвыстой Пилатмæ.

12 Æмæ уыцы бон Пилат æмæ Ирод балымæнтæ сты, уымæй размæ та кæрæдзимæ фыдæх хастой.

Марыны тæрхон

13 Пилат басидт алчертæм, хицæуттæм æмæ адæммæ,

14 Æмæ сын загъта: «Сымах мæм æркодтат ацы Лæджы, цыма адæмы халы. Æз уæ разы равзæрстон хъуыддаг, æмæ ацы Лæджы цы фыдракæндты азымджын кæнут, ахæмæй Йæм ницы ссардтон.

15 Ирод дæр Æм ницы азым ссардта æмæ нæм Æй раздæхта. Гъемæ уæдæ, мæлæтмæ Йæ цæй тыххæй рардæуа, ахæмæй ницы сарæзта.

16 Ныр Æй фæнæмын кæндзынæн ехсæй, æмæ Йæ рауадздзынæн».

17 [Пилаты та бæрæгбоны тыххæй уыдонæн иу ахæсты рауадзын хъуыд.]

18 Фæлæ адæм сеппæт дæр хъæр систой: «Амар Æй! Вараввæйы нын рауадз!»

19 Вараввæйы та ахæстонмæ баппæрстæуыд, сахары цавæрдæр змæст кæй сарæзта æмæ туг кæй ныккалдта, уый тыххæй.

20 Пилат адæмимæ ногæй райдыдта ныхас кæнын — фæндыд æй Йесойы рауадзын.

21 Фæлæ уыдон хъæр кодтой: «Байтындз Æй, байтындз Æй!»

22 Пилат сын æртыккаг хатг загъта: «Уагæр æвзæрæй цы ракодта? Мæлæтмæ Йæ цæй тыххæй рардæуа, ахæмæй Йæм ницы ссардтон. Гъемæ Йæ фæнæмын кæндзынæн ехсæй, æмæ Йæ рауадздзынæн».

23 Фæлæ хъæрæй сæ фæнд тардтой — домдтой Йесойы байтывдзын. Сæ хъæрæй басастой Пилаты,

24 Æмæ Пилат хъуыддаг алыг кодта, уыдон куыд домдтой, афтæ:

25 Змæсты æмæ туг ныккалыны азымимæ ахæстонмæ кæй баппæрстæуыд æмæ адæм кæй тыххæй хатыдысты, уыцы Вараввæйы рауагъта; Йесойы та сын сæ бар бакодта.

Йесойы байтыгыпой

26 Æмæ Йæ куы акодтой, уæд æрурæдтой, фæссахарæй чи æрбацæйцыд, иу ахæм кириниаг лæг Симоны; æмæ йæ бафтыдтой дзуар Йесойы фæдыл æккойæ хæссыныл.

27 Йесойы фæстæ цыди дзæвгар адæм; се ’хсæн уыди, чи Йыл дзынæзта æмæ хъарæг кодта, бирæ ахæм сылгоймæгтæ.

28 Йесо сæм разылд æмæ сын загъта: «Иерусалимы чызджытæ, Мæныл ма кæут, фæлæ кæут уæхиуыл æмæ уæ сывæллæттыл.

29 Уымæн æмæ мæнæ æрцæуы ахæм рæстæг, æмæ дзурдзысты: „Тæхудиаг сты æнæзæнæгтæ, чи нæ ныййардта, уыцы гуыбынтæ, сывæллонæн æхсыр чи нæ дардта, уыцы риутæ!“

30 Уæд хæхтæм райдайдзысты хатын: „Æркæлут ныл!“, æмæ къуыбыртæм: „Бамбæхсут нæ!“

31 Уымæн æмæ кæд цъæхсыф бæласæн афтæ кæнынц, уæд уагæр хуыскъ бæласыл та цы æрцæудзæн?»

32 Йемæ ма Йын марынмæ кодтой дыууæ фыдгæнæджы дæр.

33 Æмæ Сæргæхц чи хуыйны, уыцы бынатмæ куы бахæццæ сты, уæд уым дзуарыл байтыгътой Йесойы æмæ фыдгæнджыты: иуы рахизырдыгæй, иннæйы та галиуырдыгæй.

34 Йесо дзырдта: «Мæ Фыд, ныббар сын, уымæн æмæ цы аразынц, уый нæ зонынц». Йæ дарæстыл Ын хæлттæ сæппæрстой æмæ сæ се ’хсæн байуæрстой.

35 Адæм лæууыдысты æмæ кастысты. Худтысты Йыл хицæуттæ дæр: «Иннæты ирвæзын кодта; ныр Йæхи фервæзын кæнæд, кæд Хуыцауы æвзæрст Чырысти у, уæд».

36 Хынджылæг Дзы кодтой æфсæддонтæ дæр — бацыдысты-иуÆм, Йæ дзыхмæ-иу Ын схастой туаг сæн,

37 Æмæ дзырдтой: «Кæд иудейаг Паддзах дæ, уæд Дæхи фервæзын кæн».

38 Йæ сæрмæ [бердзенагау, ромагау æмæ дзуттагау] фыст уыди: «Ай у иудейаг Паддзах».

39 Тыгъд фыдгæнджытæй иу фаудта Йесойы: «Чырысти нæ дæ, æви? Фервæзын кæн Дæхи дæр æмæ мах дæр».

40 Иннæ та йын уайдзæф кодта: «Ау, Хуыцауæй нæ тæрсыс, дæуæн дæр ахæм тæрхон куы рахастæуыд?

41 Махæн раст тæрхон рахастой — нæ хъуыддæгтæм гæсгæ йæ райстам; уый та æвзæрæй ницы сарæзта».

42 Æмæ загъта: «Йесо, Дæ Паддзахадмæ куы бацæуай, уæд-иу мæ æрымыс!»

43 Йесо йын загъта: «Æцæг дын зæгъын, тæккæ абон Мемæ уыдзынæ дзæнæты».

Йесойы мæлæт

44 Уыдис æхсæзæм сахатмæ1 хæстæг. Бæстæ æгасæй дæр баталынг, æмæ афтæ ахаста фарæстæм сахаты онг,

45 Уымæн æмæ хур рухс нал кодта. Кувæндоны мидæг æмбæрзæн аскъуыд йæ хæдастæуыл.

46 Йесо хъæрæй ныууынæргъыдта: «Мæ Фыд, Дæ къухтæм Дын дæттын Мæ уд». Æмæ афтæ куы загъта, уый фæстæ Йæ уд систа.

47 Цы æрцыди, уый сæдæйыхицау куы федта, уæд кад кодта Хуыцауæн æмæ загъта: «Ацы Адæймаг, æнæмæнг, рæстгæнæг уыди».

48 Бакæсынмæ цы адæм æрбамбырд сты, уыдон хабар куы федтой, уæд, сæ риутæ хойгæйæ, здæхтысты сæхимæ.

49 Йесойы зонгæтæ та сеппæт дæр, стæй Йæ фæдыл Галилейæ чи рацыд, уыцы сылгоймæгтæ дæр лæууыдысты дæрддзæф æмæ кастысты, цытæ цæуы, уымæ.

Йесойы баныгæдтой

50 Уыд иу лæг, йæ ном — Иосиф, синедрионы уæнг, хорз æмæ раст адæймаг,

51 Иудейаг сахар Аримафейæ; æнхъæлмæ каст Хуыцауы Паддзахадмæ. Уый разы нæ уыд, синедрион цы уынаффæ рахаста æмæ цы сарæзта, уыимæ.

52 Иосиф бацыди Пилатмæ Йесойы мард ракурынмæ.

53 Æриста йæ, батыхта йæ уæздан кæттаджы æмæ йæ бавæрдта, къæдзæхы цы зæппадз къахт уыди, уым; æвæрд дзы ничима уыд.

54 Уыди майрæмбон, сабатмæ бирæ нал уыд.

55 Йесойæн Галилейæ Йæ фæстæ цы сылгоймæгтæ рацыд, уыдон дæр ацыдысты æмæ федтой зæппадз, стæй дзы Йесойы мард куыд бавæрдтой, уый дæр.

56 Куы раздæхтысты, уæд æрцæттæ кодтой хæрздæфгæнæнтæ. Сабат сын, иудейагÆгъдаумæ гæсгæ, уыди æнцойбон.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.