Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Лукайы Евангели. Сæр 21

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Идæдз усы мысайнаг

1 Йесо акаст æмæ федта, Хуыцауы номыл лæвæрттæ Кувæндоны хæзнадоны чи æвæрдта, уыцы хъæздгуыты.

2 Федта дзы, дыууæ лептæйы чи нывæрдта, уыцы мæгуыр идæдз усы дæр.

3 Йесо загъта: «Æцæг уын зæгъын, ацы мæгуыр идæдз ус сеппæтæй дæр фылдæр нывæрдта.

4 Иннæтæ иууылдæр хæзнадоны сæ исбоны уæлдайæ нывæрдтой; ацы мæгуыр сылгоймагта нывæрдта, цыдæриддæр æм уыдис, уый, йæ хойраджы аргъ».

Пехуымпар ныхас Кувæндоны тыххæй

5 Иуæй-иутæ афтæ куы дзырдтой, Кувæндон зынаргъ дуртæй æмæ, Хуыцауæн цы æрхастæуыд, уыдонæй фæлыст у, зæгъгæ, уæд Йесо загъта:

6 «Ралæудзæн ахæм рæстæг, æмæ ам цы уынут, уыдон афтæ ныппырх уыдзысты, æмæ дзы дур дурыл нал баззайдзæн».

Бæллæхтæ æмæ фæлварæнтæ

7 Уæд Æй бафарстой: «Ахуыргæнæг, уый кæд уыдзæн, æмæ уыдæттæн се ’рцыды афон цæмæй бæрæг уыдзæн?»

8 Йесо сын загъта: «Уæхи хизут, цæмæй сайды ма фæуат. Уымæн æмæ бирæтæ æрцæудзысты æмæ дзурдзысты: „Æз Чырысти дæн“, „Афон ралæууыд“. Ма-иу ацæут сæ фæдыл.

9 Хæстыты æмæ змæстыты тыххæй куы фехъусат, уæд ма фæтæрсут — фыццаг уал æппæт уыдæттæн æрцæуын æмбæлы, фæлæ уыйадыл кæрон нæма уыдзæн».

10 Загъта ма сын: «Сыстдзысты адæм адæмы ныхмæ æмæ паддзахад паддзахады ныхмæ,

11 Уыдзæни стыр зæххæнкъуыстытæ, ранæй-рæтты — стонг æмæ емынæ; уыдзæни æвирхъау цаутæ æмæ стыр æвдисæйнæгтæ уæларвæй.

12 Æппæт уыдæтты разæй сымах ахсдзысты, æфхæрдзысты уæ, кæндзысты уæ синагогæтæм æмæ ахæстæттæм; Мæ номы тыххæй æрлæудзыстут паддзæхты æмæ хицæутты раз.

13 Уæд уын уыдзæни Мæн тыххæй æвдисæн лæууыны фадат.

14 Цы дзуапп ратдзыстуг, уый тыххæй уæ рагацау сагъæс кæнын кæй нæ хъæуы, уый дарут уæ зæрдыл.

15 Уымæн æмæ уын Æз ратдзынæн, уæ ныхмæлæуджытæ сеппæт дæр кæй ныхмæ фæлæууын æмæ кæй ныхмæ сдзурын нæ бафæраздзысты, ахæм æвзаг æмæ зонд.

16 Гадзрахатæй уыл рацæудзысты уæ ныййарджытæ, уе ’фсымæртæ, уæ хæстæджытæ, уæ хæлæрттæ, æмæ уæ кæйдæрты амардæуыдзæн.

17 Мæ номы тыххæй алкæмæн дæр уыдзыстут æнæуынон.

18 Фæлæ уæ сæрæй иу æрду дæр нæ фæхъæудзæн.

19 Уæ фæразонæй фервæзын кæнут уæ удтæ.

Пехуымпар ныхас Иерусалимы тыххæй

20 Иерусалимыл æфсæдтæ кæй æртыхстысты, уый куы фенат, уæдиу зонут, рæхджы гæныстон кæй фæуыдзæн, уый.

21 Уæд Иудейæйы чи уа, уыдон лидзæнт хæхтæм. Иерусалимы чи уа, уыдон дæр уырдыгæй лидзæнт, йæ алфамбылай чи уа, уыдон та йæм ма бацæуæнт.

22 Уымæн æмæ уыцы бонтæ мастисæн бонтæ сты, цæмæй сæххæст уа, Сыгъдæг Фыст цы зæгъы, уый æгасæй дæр.

23 Уæд додоййаг уыдзысты сывæрджынтæ æмæ дзидзидарджытæ. Стыр бæллæх æрцæудзæн ацы зæхмæ, æмæ Хуыцауы фыдæх баййафдзæн ацы адæмы.

24 Цагъды фæуыдзысты карды комæй, уацары сæ акæндзысты алы адæмтæм. Иерусалим ссæнддзысты муртаттæ, цалынмæ сæ рæстæг фæуа, уæдмæ.

Адæймаджы Фырты æрцыд

25 Уыдзæн æвдисæйнæгтæ хурыл, мæйыл æмæ стъалытыл; зæххыл та адæм сау катайы бафтдзысты, фæйлаугæ денджызы уынæрæй ницыуал зондзысты сæ сæрæн.

26 Адæм фыртæссæй фæзæрдæдзæф уыдзысты, дунейыл цы бæллæхтæ хъуамæ æрцæуа, уыдонмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, уымæн æмæ уæларвон тыхтæ нынкъуысдзысты.

27 Æмæ уæд Адæймаджы Фырты фендзысты стыр тых æмæ намысимæ æврагъы æрцæйцæугæ.

28 Уыдæттæ æххæст кæнын куы райдайой, уæд-иу уырдыг слæуут æмæ уæ сæртыл схæцуг, уымæн æмæ æрхæстæг уæ фервæзыны афон».

Фæсномыг ныхас легъуибæласы тыххæй

29 Æмæ сын Йесо загъта фæсномыг ныхас: «Акæсут-ма легъуибæласмæ æмæ иннæ бæлæстæм.

30 Уыдоны сыфтæр рафтаугæ куы фенут, уæд æй уæхæдæг дæр фæзонут, сæрд кæй æрæввахс.

31 Уæдæ сымах æппæт уыдæттæ æххæстгæнгæ куы фенат, уæд-иу зонут, Хуыцауы Паддзахад кæй æрæввахс, уый.

32 Æцæг уын зæгъын: ацы фæлтæр нæма аивгъуыйдзæни, цалынмæ æппæт уыдæттæ æрцæуой.

33 Арв æмæ зæхх нал уыдзысты, Мæ ныхæстæ та мыггагмæ дæр уыдзысты сæ тыхы.

Иудадзыг ут цæттæ

34 Кæсут уæхимæ, цæмæй уæ зæрдæтæ ма суæззау уой æнæуаг цардæй, фырнозтæй, царды мæтæй, æмæ уæ уыцы бон ма æрæййафа æнæнхъæлæджы.

35 Уымæн æмæ уый къæппæгау æрцахсдзæн æппæт зæххон цæрджыты.

36 Уæдæ иудадзыгут цæттæ æмæ кувут, цæмæй уæ бон бауа æппæт уыцы æрцæуинаг бæллæхты сæрты ахизын æмæ Адæймаджы Фырты раз æрлæууын».

37 Боныгон Йесо адæмы ахуыр кодта Кувæндоны, изæрæй та-иу ацыд æмæ-иу Йе ’хсæв арвыста, Елеон кæй хуындæуы, уыцы хохыл.

38 Æмæ Йæм æппæт адæм сæумæйæ цыдысты Кувæндонмæ байхъусынмæ.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.