Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Лукайы Евангели. Сæр 17

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Фæсномыг ныхас æнæраст тæрхонгæнæджы тыххæй

1 Æдзух кувын кæй æмбæлы æмæ хъынцъым кæнын кæй нæ хъæуы, уый тыххæй сын Йесо загъта фæсномыг ныхас:

2 «Иу сахары уыди, Хуыцауæй чи нæ тарст æмæ адæмæй дæр æфсæрмы чи нæ кодта, ахæм тæрхонгæнæг.

3 Уыцы сахары цардис иу идæдз сылгоймаг. Уый-иу арæх æрцыди тæрхонгæнæгмæ æмæ йын дзырдта: „Мæ ныхмæлæууæгæй мæ фервæзын кæн“.

4 Фæлæ йæм тæрхонгæнæг цасдæр рæстæг йæ хъус не ’рдардта. Æппынфæстаг загъта йæхицæн: „Æз Хуыцауæй дæр нæ тæрсын æмæ адæмæй дæр не ’фсæрмы кæнын.

5 Фæлæ мæ уыцы идæдз ус æнцой нал уадзы æмæ йын баххуыс кæнон, цæмæй мæм мауал цæуа, мауал мæ фæлмæцын кæна“».

6 Хицау загъта: «Хъусут, æнæраст тæрхонгæнæг цы зæгъы, уымæ?

7 Уæдæ Хуыцауæн æхсæвæй-бонæй лæгъстæ чи кæны, Йæ уыцы æвзæрстыты нæ бахъахъхъæндзæн, æви? Мыййаг, афтæ бакæндзæн, æмæ Йæм бирæ æнхъæлмæ кæсой?

8 Зæгъын уын, рæхджы сын баххуыс кæндзæн. Фæлæ Адæймаджы Фырт куы æрцæуа, уæд ма зæххыл уырнындзинад ссардзæн, цымæ?»

Фæсномыг ныхас фарисей æмæ хъалонисæджы тыххæй

9 Йæхи рæстгæнæгыл чи нымадта æмæ иннæты чи ницæмæ дардта, уыдонæн дæр Йесо загъта ахæм фæсномыг ныхас:

10 «Дыууæ адæймаджы бацыдысты Кувæндонмæ бакувынмæ: сæ иу — фарисей, иннæ — хъалонисæг.

11 Фарисей æрлæууыд æмæ куывта хинымæр: „Хуыцау, бузныг дæн Дæуæй, æз иннæ адæмау стигъæг, æнæраст, хæтаг, кæнæ ацы хъалонисæджы хуызæн кæй нæ дæн, уый тыххæй.

12 Ком дарын къуыри дыууæ хатты; меппæт æфтиаджы дæсæймаг хай дæттын Дæуæн“.

13 Хъалонисæг та лæууыди дæрддзæф, уæларвмæ скæсын дæр нæ уæндыд, фæлæ йæ риу хоста æмæ дзырдта: „Хуыцау, ныббар мын, æз тæригъæдджын дæн“.

14 Зæгъын уын, йæ хæдзармæ Хуыцауæй хатырговдæй хъалонисæг ацыди, фарисей та — нæ. Уымæн æмæ йæхи уæлдæр чи æвæры, уый æрныллæг уыдзæн, йæхи чи ныллæг кæны, уый та сбæрзонд уыдзæн».

Йесо Йæ арфæ æфтауы сывæллæттыл

15 Йесомæ хуыдтой сабиты дæр, цæмæй сыл бандзæва, фæлæ ахуыргæнинæгтæ уый куы федтой, уæд сæ нæ уагътой.

16 Йесо сабитæм басидт æмæ загъта: «Æрбауадзут Мæм сывæллæтты, ма сæ хъыгдарут, уымæн æмæ Хуыцауы Паддзахад уыдоны хуызæтты у.

17 Æцæг уын зæгъын: Хуыцауы Паддзахадыл сывæллонау чи нæ баууæвда, уый йæм нæ бацæудзæн».

Хъæздыг хицау

18 Иу хицау Йесойы бафарста: «Хорз Ахуыргæнæг, мыггагмæйы цард райсынæн цы саразон?»

19 Йесо йын дзуапп радта: «Цæмæн Мæ хоныс хорз? Иунæг Хуыцауы йеддæмæ хорз ничи у.

20 Фæдзæхстытæ зоныс: „Ма хæт“, „Ма амар“, „Ма дав“, „Мæнгæвдисæн ма ныллæуу“, „Нымай дæ фыд æмæ дæ мады“».

21 Уый Йесойæн загъта: «Æппæт уыдæттæ ме ’взонджы бонтæй нырмæ æххæст кæнын».

22 Йесо уый куы фехъуыста, уæд ын зæгъы: «Иу бакæнинаг ма дын баззади: цыдæриддæр дæм ис, уый ауæй кæн, байуар æй мæгуыртыл, æмæ дын уæлæрвты уыдзæни хæзна. Стæй-иу раздæх æмæ цу Мæ фæдыл».

23 Уый уыцы ныхæстæ куы фехъуыста, уæд æрæнкъард, уымæн æмæ тынг хъæздыг уыди.

24 Кæй æрæнкъард, уый Йесо куы федта, уæд загъта: «Æвæдза, бонджынтæн куыд зын у Хуыцауы Паддзахадмæ бацæуын!

25 Уымæн æмæ хъæздыгæн Хуыцауы Паддзахадмæ бацæуынæй теуайæн судзины быны иннæрдæм ахизын æнцондæр у».

26 Уыцы ныхæстæ чи фехъуыста, уыдон загътой: «Уæдæ чи фервæздзæн?»

27 Йесо сын загъта: «Адæмы бон цы нæу, уый Хуыцауы бон у».

28 Петр загъта: «Мæнæ мах ныууагътам алцыдæр æмæ рацыдыстæм Дæ фæдыл».

29 Йесо сын дзуапп радта: «Æцæг уын зæгъын: Хуыцауы Паддзахады сæраппонд йæ хæдзар, кæнæ йæ усы, кæнæ йе ’фсымæрты, кæнæ йæ ныййарджыты, кæнæ йæ сывæллæтты чи ныууадза, уыдонæй иунæг ахæм дæр нæй,

30 Æмæ ацы заманы дзæвгар фылдæр, æрцæуинаг дунейы та мыггагмæйы цард чи нæ райса».

Йесо æртыккагхатт зæгъы

Йæ мæлæт æмæ Йæрайгасы

тыххæй

31 Йесо фæхибар кодта дыууадæсы æмæ сын загъта: «Ныр мах цæуæм Иерусалиммæ, æмæ Адæймаджы Фырты тыххæй пехуымпартæ цыдæриддæр ныффыстой, уый сæххæст уыдзæн:

32 Адæймаджы Фырт лæвæрд æрцæудзæни муртаттæм, æмæ Дзы фæхынджылæг кæндзысты, бафхæрдзысты Йæ, фæтутæ Йыл кæндзысты,

33 Ехсæй Йæ фæнæмдзысты æмæ Йæ амардзысты, æмæ æртыккаг бон райгас уыдзæн».

34 Фæлæ Йын Йæ ныхæстæн ницы бамбæрстой. Цæуыл дзырдта, уыдæттæ сын æргом нæ уыдысты æмæ сæм нæ бахъардтой.

Куырм цæстæй ракаст

35 Йесо Иерихонмæ куы баввахс, уæд иу куырм мæгуыргур бадти фæндаггæрон.

36 Йæ цурты адæм кæй фæцæуынц, уый куы фехъуыста, уæд бафарста: «Цы хабар у?»

37 Загътой йын: «Назаретаг Йесо æрбацæуы».

38 Уæд ныхъхъæр кодта: «Йесо, Давиды Фырт, батæригъæд мын кæн!»

39 Разæй цæуджытæ дзы домдтой, цæмæй ныссабыр уа, фæлæ уый ноджы тынгдæр хъæр кодта:

«Давиды Фырт, батæригъæд мын кæн!»

40 Йесо æрлæууыд æмæ загъта, цæмæй Йæм æй æрбакæной. Æмæ Йæм куы æрбацыд, уæд æй Йесо бафарста:

41 «Цы дæ фæнды? Цы дын саразон?» Уый загъта: «Хицау, мæн фæнды мæ цæстытæй ракæсын».

42 Йесо йын загъта: «Ракæс! Дæ уырнывдзинад дæ фервæзын кодта».

43 Куырм уайтæккæ ракаст йæ цæстытæй æмæ, Хуыцауы стаугæйæ, ацыд Йесойы фæдыл. Адæм уый куы федтой, уæд сеппæт дæр скад кодтой Хуыцауæн.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.