Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Лукайы Евангели. Сæр 14

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Доннизæй рынчын сдзæбæх

1 Иухатт Йесо фарисейты хистæртæй иуы хæдзармæ сабаты бацыд хæрынмæ æмæ Йæм фарисейтæ сæ цæст дардтой.

2 Уым Йæ разы фæци, доннизæй чи сади, ахæм лæг.

3 Йесо бафарста динамонджыты æмæ фарисейты: «Сабаты дзæбæх кæнын фæччы æви нæ?»

4 Уыдон ныхъхъус сты. Уæд бавнæлдта рынчынмæ, сдзæбæх æй кодта æмæ йæ ауагъта.

5 Стæй сын загъта: «Искæмæн уæ сабаты йæ хæрæг кæнæ йæ гал цъайы куы ныххауа, уæд æй уыйадыл не сласдзæн, æви?»

6 Æмæ Йын дзуапп раттын сæ бон нæ уыд.

Зондамонæн уазджытæн æмæ фысымæн

7 Йесо бафиппайдта, хуындтытæ уæле сбадыныл куыд архайдтой, уый, æмæ сын загъта фæсномыг ныхас:

8 «Исчи дæ чындзæхсæвмæ куы æрхона, уæд уæле ма сбад, науæд хуындтыты æхсæн дæуæй кадджындæр куы разына,

9 Уæд уæ дыууæйы дæр чи æрхуыдта, уый бацæудзæн æмæ дын зæгъдзæн: „Раттындæ бынат“. Уæд къæмдзæстыгæй сбаддзынæ фæстаг бынаты.

10 Фæлæ хуынд куы уай, уæд æрцу æмæ сбад фæстаг бынаты, цæмæй дæм фысым бацæуа æмæ дын зæгъа: „Мæ хæлар, уæлдæр сбад“. Уæд скадджын уыдзынæ, демæ чи бады, уыдоны цæсты.

11 Уымæн æмæ йæхи чи бæрзонд кæны, уый æрныллæгуыдзæн; йæхи чи ныллæг кæны, уый та сбæрзонд уыдзæн».

12 Чи Йæ æрхуыдта, уымæн та Йесо загъта: «Сихор кæнæ æхсæвæр куы аразай, уæд дæ хæлæртты, де ’фсымæрты, дæ хæстæджыты æмæ хъæздыг сыхæгты ма æрхон, науæд дæ уыдон дæр æрхондзысты æмæ дын æй бафиддзысты.

13 Фæлæ куывд куы кæнай, уæд æрхон мæгуырты, цæнкуылты, къуылыхты, куырмыты.

14 Æмæ тæхудиаг уыдзынæ, сæ бон дын йæ бафидын кæй нæу, уый тыххæй. Уымæн æмæ дæ мызд райсдзынæ рæстыты райгасы бон».

Фæсномыг ныхас куывдмæ хуындтыты тыххæй

15 Йесоимæ фынгыл чи бадт, уыдонæй иу уый куы фехъуыста, уæд Ын загъта: «Тæхудиаг у, Хуыцауы Паддзахады къæбæр чи бахæра, уый!»

16 Йесо йын загъта: «Иу адæймаг арæзта стыр куывд æмæ æрхуыдта бирæты.

17 Куывды афон куы æрцыд, уæд арвыста йæ цагъары хуындтытæн зæгъынмæ: „Рацæут, алцыдæр цæттæ у“.

18 Сеппæт дæр, цыма æмдзырд бакодтой, уыйау райдыдтой хатыр курын. Фыццаг загъта: „Зæхх балхæдтон æмæ хъуамæ ацæуон йæ фенынмæ. Курын дæ, хатыр мын бакæн“.

19 Дыккаг загъта: „Фондз цæды галтæ балхæдтон æмæ сæ фæлварынмæ цæуын. Курын дæ, хатыр мын бакæн“.

20 Æртыккаг загъта: „Ус æрхастон, æмæ мын уымæ гæсгæ нæй цæуæн“.

21 Цагъар æрбаздæхт æмæ уый тыххæй радзырдта йæ хицауæн. Хицау смæсты æмæ йæ цагъарæн загъта: „Рæвдздæр ауай сахары уынгтæ æмæ къуымтæм, æмæ æрхон мæгуырты, цæнкуылты, куырмыты æмæ къуылыхты“.

22 Цагъар загъта: „Ме ’лдар, цы мын загътай, уый бакодтон, фæлæ ма дзы бынæттæ ис“.

23 Хицау загъта йæ цагъарæн: „Ауай фæндæгтæ æмæ къахвæндæгтæм, æмæ адæмы сразы кæ, цæмæй æрцæуой æмæ байдзаг уа мæ хæдзар.

24 Зæгъын уын, раздæры хуындтытæй иу дæр нæ фæхъæстæ уыдзæн мæ куывдæй. [Уымæн æмæ хуындтытæ бирæ сты, æвзæрстытæ та — чысыл.]“»

Йесойы фæдыл — дзуаримæ

25 Йесоимæ цыди бирæ адæм; Йе ’ргом сæм разылдта æмæ сын загъта:

26 «Чи Мæм æрцæуа, уый йæ фыды, йæ мады, йæ усы, йæ зæнæджы, йе ’фсымæрты, йæ хоты, уæлдайдæр та йæ цард, Мæнæй фылдæр куы уарза, уæд Мын ахуыргæнинагæн нæ бæззы.

27 Йæ дзуар чи нæ хæссы æмæ Мæ фæдыл чи нæ цæуы, уый Мын ахуыргæнинагæн нæ бæззы.

28 Сымахæй мæсыг самайын кæй бафæнда, уый, йæ саразынæн цытæ хъæуы, уыдæттæ рагацау бахынцыны тыххæй, мыййаг, не ’рбаддзæн æмæ йæ хæрдзтæ нæ банымайдзæн?

29 Науæд ын бындур куы æрæвæра, фæлæ йæ кæронмæ самайын куы нæ бафæраза, уæд æй чидæриддæр фена, уыдон ыл фæхуддзысты:

30 „Ацы лæг амайын райдыдта, æмæ йын кæронмæ нæ бантыст“.

31 Кæнæ иу паддзах иннæйы ныхмæ хæстмæ куы цæуа, уæд уал, мыййаг, не ’рбаддзæн æмæ, ссæдз минимæ йæ размæ чи рацæуы, уый ныхмæ дæс минимæ фæлæууын йæ бон бауыдзæн æви нæ, уый тыххæй рагацау нæ бауынаффæ кæндзæн?

32 Æмæ йæ бон куы нæ уа, уæд, цалынмæ ма уый дард у, уæдмæ йæм бафидауыны тыххæй арвитдзæн минæвæрттæ.

33 Уæдæ Мын сымахæй дæр ахуыргæнинагæн ничи бæззы, цыдæриддæр æм ис, уый куы нæ ныууадза, уæд.

Æнад цæхх

34 Цæхх хорз у. Фæлæ цæххæн йæ ад куы фесæфа, уæд ма йæ цæмæй сцæхджын кæндзынæ?

35 Уый суанг зæхх æмæ фаджысыл ныккæнынæн дæр нал фæбæззы æмæ йæ аппарынц. Хъустæ кæуыл ис, уый хъусæд!»

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.