Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Лукайы Евангели. Сæр 12

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Фарисейты æнхъизæн

1 Уæдмæ æрæмбырд дуне адæм, æмæ кæрæдзи цъист кодтой; Йесо уал дзурын райдыдта фыццаджыдæр Йæ ахуыргæнинæгтæн: «Уæхи хизут фарисейты æнхъизæнæй — цæстмæхъусдзинадæй.

2 Цы нæ раргом уа, ахæм сусæггаг нæй, æмæ цы нæ рахъæр уа, ахæм сусæгдзинад нæ вæййы.

3 Уымæ гæсгæ талынджы цы загътат, уый айхъуысдзæн бонрухсы; æмæ хæдзары искæй хъусы цы дзырдтат, уый æргомæй дзырдæуыдзæн уæлхæдзæрттæй.

4 Зæгъын сымахæн, Мæ хæлæрттæн: ма тæрсут, буар чи мары æмæ уымæй дарддæр кæй бон ницы у, уыдонæй.

5 Фæлæ уын зæгъдзынæн, кæмæй уæ тæрсын хъæуы, уый: тæрсут, амарыны фæстæ зындоны ныппарын Кæй бон у, Уымæй. О, зæгъын уын, Уымæй тæрсут.

6 Фондз сырддонцъиуы дыууæ ассарийыл нæ уæй кæнынц, æви? Æмæ дзы иу дæр рох нæу Хуыцауæй.

7 Сымахæн та уæ сæрыхъуынтæ дæр æрдуйы онг нымад сты. Уæдæ ма тæрсут: сымах бирæ сырддонцъиутæй дæр зынаргъдæр стут.

Чырыстийыл æргомæй æууæндыны тыххæй

8 Зæгъын уын: Мæныл кæй æууæнды, уый тыххæй адæмæн æргомæй чи зæгъа, уый Адæймаджы Фырт дæр йæхионыл банымайдзæн Хуыцауы зæдты раз.

9 Адæмы раз Мыл йæхи чи атигъ кæна, уый та хъодыгонд уыдзæн Хуыцауы зæдты раз.

10 Æмæ Адæймаджы Фырты чидæриддæр рафауа, уымæн уыдзæни хатыр, фæлæ Сыгъдæг Уды чи рафауа, уымæн хатыр нæ уыдзæн.

11 Куы уæ æркæной синагогæтæм, хицæуттæм æмæ æлдариуæггæнджытæм, уæд-иу ма мæт кæнут, куыд кæнæ цавæр дзуапп ратдзыстут, кæнæ цы зæгъдзыстут, ууыл.

12 Уымæн æмæ уын уайсахат Сыгъдæг Уд бацамондзæн, цы зæгъын хъæуы, уый».

Фæсномыг ныхас æнæзонд хъæздыджы тыххæй

13 Адæмæй Йын чидæр загъта: «Ахуыргæнæг, зæгъ-ма ме ’фсымæрæн, æмæ мын бынтæй хай ратта».

14 Йесо уыцы адæймагæн дзуапп радта: «Чи Мæ сæвæрдта сымахæн тæрхонгæнæгæй кæнæ уарæгæй?»

15 Æмæ ма сын загъта: «Уæхи бахизут кæрæфæй æмæ хъæздыгдзинад уарзынæй, уымæн æмæ адæймаджы цард йæ бирæ мулкæй аразгæ нæу».

16 Уæд сын загъта фæсномыг ныхас: «Иу хъæздыг лæгæн йæ быдыры æрзади бирæ хор.

17 Æмæ хъуыды кодта: „Цы кæнон? Мæ хор кæм бафснайон, ахæм бынат мын нæй“.

18 Уæд загъта: „Бакæнон афтæ: бавдæлон æмæ фехалон мæ хордæттæ, саразон стырдæртæ æмæ уым бафснайдзынæн меппæт хор æмæ меппæт мулк.

19 Æмæ зæгъдзынæн мæхицæн: мæнæй уый, бирæ азты фаг дæм ис мулк. Цæр æнцад-æнцойæ, хæр, нуаз, рай дæ цардæй“.

20 Фæлæ йын Хуыцау загъта: „Æнæзонд, ахсæв дын дæ уд айстæуыдзæн. Дæхицæн цы æрцæттæ кодтай, уый та кæмæн баззайдзæн?“

21 Афтæ рауайы, йæхицæн хæзнатæ чи æмбырд кæны, Хуыцауы хъæздыгдзинадæй та æнæхай чи у, уыдоны хъуыддаг».

Æрвылбоны мæт

22 Æмæ Йæ ахуыргæнинæгтæн загъта: «Уымæ гæсгæ уын зæгъын: ма мæт кæнут, фæцæрынæн уæ цы хойраг хъæуы, нæдæр ууыл, нæдæр уæ буарæн дарæсыл.

23 Цард хойрагæй ахсджиагдæр у, буар та — дарæсæй.

24 Акæсут-ма халæттæм: уыдон нæдæр тауынц, нæдæр кæрдынц, нæдæр сын гонтæ æмæ хордæттæ ис, æмæ сæ Хуыцау хæссы. Сымах та цас зынаргъдæр стут мæргътæй!

25 Стæй уæ йæ мæтæй йæ цардыл бирæ нæ, фæлæ иу сахат бафтауын дæр кæй бон бауыдзæн?

26 Уæдæ кæд гыццыл исты скæнын уæ бон нæу, уæд æндæр хъуыддæгтыл цы тыхсут?

27 Акæсут-ма, дидинджытæ куыд рæзынц, уымæ: нæдæр кусынц, нæдæр æлвисынц. Зæгъын уын: суанг Соломон, намысджын æмæ хъæздыг лæг, уыдонæй иуы хуызæн дæр нæ арæзта йæхи.

28 Абон чи ис, райсом та пецы æппæрст чи уыдзæн, уыцы быдираг кæрдæджы Хуыцау афтæ кæм фæлынды, уым сымах та цас аивдæр сфæлынддзæн, лæмæгъ уырнджытæ!

29 Уæдæ цы хæрат, кæнæ цы нуазат, ууыл ма мæт кæнут æмæ ма тыхсут.

30 Æппазт уыдæттæ агурынц ацы дунейы муртаттæ, сымахæн та уæ Фыд зоны, уыдæттæ уæ кæй хъæуынц, уый.

31 Агурут Йæ Паддзахад, æмæ уын лæвæрд уыдзысты уыдазтгæ дæр.

32 Ма тæрс, чысыл дзуг — уæ Фыды фæндон у сымахæн Паддзахад раттын.

33 Ауæй кæнут уæ мулк æмæ йæ мæгуыртæн раттут. Уæхицæн саразут, хæррæгъ чи нæ кæны, ахæм æвæрæндæттæ; æрæмбырд кæнут æнæихсигæ хæзнатæ уæлæрвты уым сæм хуыснæг нæ баирвæзы æмæ сæ рæмпæг нæ хæры.

34 Уымæн æмæ уæ хæзна кæм ис, уым уыдзæн уæ зæрдæ дæр.

Иузæрдион цагъартæ

35 Цæттæ ут алцæмæй дæр — ут ронæлвæст æмæ судзæнт уæ рухсгæнæнтæ.

36 Чывдзæхсæвæй сæ хицауы æрцыдмæ чи æнхъæлмæ кæсы, ут уыцы адæмы хуызæн — хицау куы æрцæуа æмæ куы бахойа, уæд ын уайтæккæ дуар байгом кæндзысты.

37 Тæхудиаг сты, хæдзары хицау куы æрцæуа, уæд фынæйæ кæй нæ æрæййафа, уыцы цагъартæ. Æцæг уын зæгъын, йæхи бафистæг кæндзæн, фынгмæ сæ бахондзæн æмæ сын райдайдзæн кæстæриуæг кæнын.

38 Суанг æмбисæхсæв кæнæ фæсæмбисæхсæв куы æрцæуа æмæ сæ фынæйæ куы нæ æрæййафа, уæд уыцы цагъартæ уыдзысты тæхудиаг.

39 Сымахæн зындгонд у: хуыснæг кæцы сахатыл æрцæудзæн, уый хæдзары хицау куы зыдтаид, уæд йæ хæдзар фæкъахын нæ бауагътаид.

40 Æмæ сымах дæр цæттæ ут, уымæн æмæ æнхъæл кæд нæ уат, уæд æрцæудзæн Адæймаджы Фырт».

Фæсномыг ныхас зондджын хæдзаргæсы тыххæй

41 Уæд Петр загъта: «Хицау, махæн дзурыс ацы фæсномыг ныхас æви æппæтæн дæр?»

42 Хицау загъта: «Чи у иузæрдион æмæ зондджын хæдзаргæс? Хæринаг сын афоныл дæттыны тыххæй хæдзары хицау йæ цагъартæн хистæрæй кæй сæвæрдзæн?

43 Тæхудиаг уыдзæн уыцы цагъар, йæ хицау куы æрцæуа, уæд йæ фæдзæхст æххæстгæнгæ кæй æрæййафа.

44 Æцæг уын зæгъын, йеппæт исбон бакæндзæн уый бар.

45 Фæлæ уыцы цагъар хинымæр афтæ куы зæгъа: „Мæ хицау рæхджы не ’рцæудзæн“, æмæ куы байдайа фæсдзæуин нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгты нæмын, нуазын æмæ расыг кæнын,

46 Уæд уыцы цагъарæн йæ хицау æрцæудзæн, кæд æм не ’нхъæлмæ кæса, уыцы бон, æмæ æнхъæл кæд нæ уа, уыцы сахат, æгъатырæй йæ бафхæрдзæн æмæ йын мæнгæрдты хал ахæрын кæндзæн.

47 Йæ хицауы фæнд чи зыдта, афтæмæй цæттæ чи нæ разынд æмæ йын йæ фæндон чи нæ сæххæст кодта, уыцы цагъар баййафдзæн тынг над.

48 Йæ хицауы фæнд чи нæ зыдта, афтæмæй нады аккаг митæ чи бакодта, уый та къаддæр над баййафдзæн. Бирæ лæвæрд кæмæн у, уымæй бирæ домд цæудзæн, æмæ йæ бæрны бирæ кæмæн ис, уымæй фылдæр æрцагурдзысты.

Иу иннæйы ныхмæ

49 Æз æрцыдтæн зæххыл арт бандзарынмæ, æмæ Мæ куыд тынг фæнды, цæмæй ссудза нырвдæгæн!

50 Хъизæмæртты аргъуыдæй Мыл хъуамæ саргъуыдæуа, æмæ цæй уынгæджы дæн, цалынмæ уый не ’рцæуа, уæдмæ!

51 Сымах афтæ æнхъæл стут, æмæ зæхмæ фидыд æрхæссынмæ æрцыдтæн? Уый нæ, зæгъын уын, фæлæ байуарынмæ.

52 Уымæн æмæ нырæй фæстæмæ иу хæдзары фондз фæхицæнтæ уыдзысты: æртæйæ — дыууæйы ныхмæ, дыууæйæ та — æртæйы ныхмæ.

53 Фыд уыдзæн йæ фырты ныхмæ, фырт йæ фыды ныхмæ, мад йæ чызджы ныхмæ, чызг йæ мады ныхмæ, æфсин йæ чындзы ныхмæ, чындз йе ’фсины ныхмæ».

Цавæр рæстæг ралæууыд

54 Йесо ма адæмæн дæр загъта: «Ныгуылæнæй мигъ ссæугæ куы фенут, уæд уайтæккæ фæзæгъут: „Къæвда уыдзæн“, æмæ вæййы афтæ.

55 Хуссарæй дымгæ куы фæдымы, уæд фæзæгъут: „Æнтæф уыдзæн“, æмæ вæййы афтæ.

56 Цæстмæхъустæ! Зæххыл æмæ арвыл цы уынут, уый иртасын куы зонут, уæд ныры рæстæг раиртасын уæ бон цæуылнæ у?

57 Раст цы у, уый уæхæдæг цæуылнæ зонут?

58 Дæ зылынгæнæгимæ хицæуттæм куы цæуай, уæд архай фæндагыл йемæ бафидауыныл; науæд дæ бакæндзæн тæрхонгæнæгмæ, тæрхонгæнæг дæ ратдзæн хъахъхъæнæгмæ, æмæ дæ уый баппардзæн ахæстоны.

59 Зæгъын дын: цы бафидын дæ хъæуы, уый фæстаг лептæйы онг цалынмæ раттай, уæдмæ нæ рацæудзынæ уырдыгæй».

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.