Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Лукайы Евангели. Сæр 10

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Адæмæн лæггад кæнынмæ

1 Уый фæстæ Йесо сæвзæрста иннæ дæс æмæ æртиссæдз ахуыргæнинаджы дæр æмæ сæ Йæ разæй дыгæйттæй арвыста, цæуинаг кæдæм уыди, уыцы сахартæ æмæ хъæутæм.

2 Æмæ сын загъта: «Кæрдинаг — бирæ, фæлæ хуымгæрдджытæ нæ фаг кæны. Уæдæ курут хуымы Хицауæй, цæмæй рарвита хуымгæрдджытæ Йæ хуым кæрдынмæ.

3 Цæут! Мæнæ уæ Æз æрвитын, уæрыччыты бирæгъты æхсæнмæ æрвитæгау.

4 Уемæ ма хæссут нæдæр æхцайы дзæкъул, нæдæр хордзен, нæдæр дзабыртæ, стæй фæндагыл салам дæр макæмæн дæттут.

5 Цы хæдзармæ бацæуат, уым фыццаг зæгъут: „Фарн ацы хæдзары!“

6 Æмæ уым фарны аккаг адæймаг куы уа, уæд ыл уæ арфæ æрцæудзæни; куы нæ дзы уа, уæд уæ арфæ раздæхдзæн уæхимæ.

7 Баззайут уыцы хæдзары, хæрут æмæ нуазут, цы сæм уа, уый. Уымæн æмæ фæллойгæнæг у йæ куыстæн мызд райсыны аккаг. Хæдзари-хæдзар ма цæут.

8 Цы сахармæ бацæуат, уым уæ куы суазæг кæной, уæд хæрут, цы уын æрæвæрой, уый.

9 Уым цы рынчынтæ уа, уыдоны дзæбæх кæнут æмæ адæмæн дзурут: „Æрæввахс уæм Хуыцауы Паддзахад“.

10 Искæцы сахармæ куы бацæуат æмæ уæ куы не суазæг кæной, уæдиу, уынгмæ рацæугæйæ, зæгъут:

11 „Уæ сахары ныл цы рыг æрбадт, уый дæр цæгъдæм нæ къæхтæй, уæхицæн уын æй уадзæм. Фæлæ зонут, Хуыцауы Паддзахад уæм кæй æрæввахс, уый“.

12 Зæгъын уын, тæрхоны бон Содомæн уыцы сахарæй æнцондæр уыдзæн.

13 Сар дæ сæр, Хоразин! Сар дæ сæр, Вифсаидæ! Уымæн æмæ сымахмæ кæй равдыстæуыд, уыцы диссæгтæ Тир æмæ Свдоны куы равдыстæуыдаид, уæд уыцы сахартæ, хъисын скæнгæйæ æмæ фæнычы сбадгæйæ, раджы æрфæсмон кодтаиккой.

14 Фæлæ Тир æмæ Свдонæн тæрхоны бон сымахæй æнцондæр уыдзæн.

15 Æмæ дæу, Капернаум, уæларвмæ систæуыдзæни? Нæ, дæлдзæхмæ ныххаудзынæ.

16 Сымахмæ чи хъусы, уый Мæнмæ хъусы, æмæ сымахыл йæхи чи тигъ кæны, уый Мæныл тигъ кæны йæхи. Мæныл йæхи чи тигъ кæны, уый та Мæ Рарвитæгыл тигъ кæны йæхи».

Ахуыргæнинæгтæ æрбаздæхтысты

17 Дæс æмæ æртиссæдз ахуыргæнинаджы æрыздæхтысты цингæнгæ æмæ дзырдтой: «Хицау, Дæ номæй куы фæзæгъæм, уæд дæлимонтæ дæр кæсынц нæ коммæ».

18 Йесо сын загъта: «Æз федтон хæйрæджы уæларвæй æрвæрттывдау æрхаугæ.

19 Мæнæ уын Æз радтон кæлмыты æмæ скорпионты уæ къæхты бын ссæндыны бар, знаджы æппæт тыхтыл уæлахизы хъомыс, æмæ уын ницы æрхæсдзæн зиан.

20 Дæлимонтæ уæ коммæ кæй кæсынц, ууыл ма цин кæнут, фæлæ цин кæнут, уæ нæмттæ уæлæрвты фыст кæй сты, ууыл».

21 Уайтæккæ Йын Сыгъдæг Уд æрхаста цин æмæ Йесо загъта: «Стауын Дæ, Мæ Фыд, арв æмæ зæххы Хицау, Ды адæттæ зондджынтæ æмæ æмбаргæтæй кæй басусæг кодтай æмæ сæ сывæллæттæн кæй раргом кодтай, уый тыххæй. О, Мæ Фыд, Дæу афтæ бафæндыд.

22 Мæ Фыдæй Мын лæвæрд у æппæт дæр. Фырт чи у, уый ничи зоны Фыды йеддæмæ; Фыд чи у, уый дæр ничи зоны — зоны Йæ æрмæстдæр Фырт æмæ, Уый Йæ Фыды раргом кæнын кæмæн фæнды, уыдон».

23 Йесо Йе ’ргом разылдта Йæ ахуыргæнинæгтæм æмæ сын хибарæй загъта: «Тæхудиаг сты, сымах цы уынут, уый уынæг цæстытæ!

24 Зæгъын уын: бирæ пехуымпартæ æмæ паддзæхты фæндыд, сымах цы уынут, уый фенын, фæлæ йæ нæ федтой; сымах цы хъусут, уый фехъусын, фæлæ йæ нæ фехъуыстой».

Фæсномыг ныхас зæрдæхæлар самариаджы тыххæй

25 Сыстад иу динамонæг æмæ, Йесойы къахгæйæ, загъта: «Ахуыргæнæг, мыггагмæйы цард райсынæн мæ цы бакæнын хъæуы?»

26 Йесо йæ бафарста: «Моисейы Æгъдауы цы фыст ис? Уым цы кæсыс?»

27 Уый Йын дзуапп радта: «Уарз дæ Хицау Хуыцауы æппæт зæрдæйæ, æппæт удæй, æппæт хъаруйæ, æппæт зондæй, æмæ уарз хионы, дæхи куыд уарзыс, афтæ».

28 Йесо йын загъта: «Раст дзуапп радтай. Кæн афтæ æмæ цæрдзынæ мыггагмæ».

29 Фæлæ уый, йæхи сраст кæныныл архайгæйæ, загъта Йесойæн: «Мæ хион та чи у?»

30 Йесо йын дзуапп радта: «Иу адæймаг фæцæйцыд Иерусалимæй Иерихонмæ æмæ бахауд абырджыты къухтæм. Уыдон ын раластой йæ дарæс, фæнадтой йæ, æрдæгмардæй йæ ныууагътой æмæ ацыдысты.

31 Рауад афтæ, æмæ уыцы фæндагыл фæцæйцыд иу сауджын, федта йæ, фæлæ йæ рæзты аивгъуыдта.

32 Афтæ левит дæр фæцæйцыд ууылты, федта йæ, фæлæ йæ рæзты аивгъуыдта.

33 Уыцы фæндагыл ма фæцæйцыд иу самариаг дæр. Куы йæм баввахс, уæд æй федта æмæ йын батæригъæд кодта.

34 Бацыд æм, йæ хъæдгæмттæ йын цæхсадта зетийæ æмæ сæнæй, бабаста йын сæ; йæ хæрæгыл æй сæвæрдта, æрбаласта йæ фысымуатмæ æмæ йæм базылд.

35 Дыккаг бон систа дыууæ динары, радта сæ фысымуаты хицаумæ æмæ йын загъта: „Базил æм, æмæ кæд уæлдай бахардз кæнай, бафиддзынæн дын æй, куы раздæхон, уæд“.

ЗбАбырджыты къухтæм чи бахауд, уымæн, дæумæ гæсгæ, уыцы æртæйæ хион чи у?»

37 Уый дзуапп радта: «Чи йын батæригъæд кодта, уый». Уæд ын Йесо загъта: «Ацу, æмæ ды дæр афтæ кæн».

Марфæйы æмæ Мариайы хæдзары

38 Фæндагыл куы уыдысты, уæд Йесо бацыд иу хъæумæ. Уым Æй иу сылгоймаг, йæ ном Марфæ, бахуыдта йæ хæдзармæ.

39 Марфæйæн уыди хо, хуынди Мариа. Мариа сбадти Хицауы къæхты цур æмæ Йын хъуыста Йæ ныхасмæ.

40 Марфæйæн та йæ мæт æгасæй дæр лæггадыл уыд. Бацыд Йесомæ æмæ Йын загъта: «Хицау, мæ хо мæ иунæгæй лæггадгæнгæ кæй ныууагъта, уый нæ уыныс? Зæгъ ын, æмæ мæм фæкæса».

41 Йесо йын дзуапп радта: «Марфæ, Марфæ, ды мæт кæныс æмæ тыхсыс бирæ цæуылдæртыл,

42 Хъæугæ та æрмæст иунæг хъуыддаг кæны. Мариа хуыздæр хай равзæрста, æмæ йын æй ничи байсдзæн».

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.