Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Апостол Иудæйы фыстæг

Аудио (mp3, ~2 МБ)

1 Йесо Чырыстийы цагъар Иудæйæ, Иаковы æфсымæрæй, — ФыдХуыцау кæй бауарзта æмæ Йесо Чырысти кæй хъахъхъæны, уыцы æвзæрстытæм.

2 Хуыцау уын ноджы фылдæр бахай кæнæд Йæ хорзæхæй, Йæ фарн æмæ уарзтæй.


Æнæхуыцæутты фæндаг

3 Мæ уарзон хæлæрттæ, кæд мæ зæрдиагæй фæндыди сымахмæ нæ иумæйаг ирвæзындзинады тыххæй ныффыссын, уæддæр æнæмæнг бакæнинагыл банымадтон сымахмæ ныффыссын, сыгъдæджытæн иу хатт æмæ мыггагмæ лæвæрд цы уырнындзинад æрцыди, мæ фыстæг уæ ууыл тохмæ куыд сразæнгард кæна, афтæ.

4 Уымæн æмæ уæм æрбаирвæзтысты æнæхуыцау чвдæртæ. Уыдон нæ Хуыцауы хорзæхæй сæхицæн сарæзтой æлгъаг миты фæрæз, сæхи тигъ кæнынц нæ иунæг Дунедарæг æмæ Хицау Йесо Чырыстийыл. Рагæй-нырмæ у фыст, уыдон аккаг æфхæрд кæй баййафдзысты, уый тыххæй.

5 Кæд сымахæн зындгонд у, уæддæр мæ фæнды уæ зæрдыл уын æй æрлæууын кæнын: Хицау Йæ адæмы мысыраг зæххæй куы раирвæзын кодта, уæд уый фæстæ фесæфта, чи Йыл нæ баууæндыд, уыдоны.

6 Æмæ йæ намыс чи нæ бахъахъхъæдта æмæ йæ цæрæн бынат чи ныууагъта, уыцы зæдты стыр тæрхоны бонмæ дары талынджы, мыггагмæйы рæхыстæй бастæй.

7 Уыдонау Содом æмæ Гоморрæ, стæй сæ алфамбылайы сахартæ хæтыдысты æмæ фехæлдысты, æмæ уый тыххæй мыггагмæйы арты æфхæрд кæй æййафынц, уый алкæмæн дæр у зондыхос.

8 Ахæмтæ сты уыцы сæнттæцæгъдджытæ дæр — уыдон æлгъаг кæнынц буар, Хуыцауы бартæ ницæмæ дарынц æмæ фауынц намысджынты.

9 Архангел Михаил та Моисейы буары тыххæй хæйрæгимæ куы фæбыцæу, уæд тæрхоны бар йæхимæ нæ райста, нæ дзы рацыд фауæн ныхас, æрмæст ын загъта: «Хуыцау дын Йæхæдæг схос кæнæд».

10 Адон та фауынц, цы нæ зонынц, уый. Сæ æрдзыхъæдмæ гæсгæ æнæзонд цæрæгойтау цы зонынц, уымæй сæхи сафынц.

11 Сар сæ сæр! Уыдон цæуынц Каины фæндагыл, сæ зæрдæтæ сарæзтой мулкмæ æмæ Валаамау фæсайды сты, змæнтынц Корейау æмæ сæфынц.

12 Ахæмтæ æлгъаг сты уæ уарзты æхсæвæрты — æнæфсармæй цæл кæнынц уемæ. Сæ мæт æрмæстдæр у сæхиуыл, амардысты дыууæ хатты; уыдон сты, дымгæ кæй хæссы, ахæм æнæкъæвда мигътæ, бындзарæй кæй срæдывдæуыд, ахæм æнæдыргъ фæззыгон бæлæстæ,

13 Уыдон сты денджызы знæт уылæнтау, абухы сæ худинаджы фынк, уыдон сты, мыггагмæйы саудалынг кæмæ æнхъæлмæ кæсы, уыцы дзæгъæл стъалытау.

14 Уыдоны тыххæй пехуымпариуæг кодта Адамы байзæддаджы æвдæм фæлтæрæй Енох дæр: «Мæнæ фæцæуы Хицау Йæ æнæнымæц сыгъдæг зæдтимæ

15 Алкæмæн дæр тæрхон рахæссынмæ. Уый багæды кæндзæн æппæт æнæхуыцау тæригъæдджынты сеппæт æнæхуыцау миты æмæ, Йæ ныхмæ кæй дзырдтой, æппæт уыцы къæйных ныхæсты тыххæй».

16 Уыдон сты хъуырхъуыргæнджытæ, райгонд ницæмæй сты, цæрынц сæ монцтæм гæсгæ, кæнынц хиппæлой ныхæстæ, козбау митæ сæхи пайдайы сæраппонд.


Уырнджытæн зæрдылдарынæн

17 Фæлæ сымахæй, мæ уарзон хæлæрттæ, рох ма уæд, нæ Хицау Йесо Чырыстийы апостолтæ рагагъоммæ цы загътой, уый.

18 Уыдон уын дзырдтой, зæгъгæ, рæстæджы кæрон фæзындзысты, сæ æнæхуыцау монцты дæлбар чи уыдзæн, ахæм фауджытæ.

19 Уыдон ныххицæнтæ кæнынц уырнджыты, кæсынц сæ тæригъæдджын æрдзыхъæды коммæ, нæй сæм Сыгъдæг Уд.

20 Сымах та, мæ уарзон хæлæрттæ, рæзут уæ сыгъдæг уырнындзинады бындурыл, кувут Сыгъдæг Удæй разæнгардæй,

21 Фидар хæцут Хуыцауы уарзтыл, æнхъæлмæ кæсут нæ Хицау Йесо Чырыстийы хорзæхмæ, мыггагмæйы цардæй куыд схайджын уат, афтæ.

22 Иутæм, дызæрдыггæнджытæм, ут зæрдæхæлар,

23 Иннæты ратонут арты дзыхæй æмæ фервæзой, аннæтæм ут зæрдæхæлар, фæлæ уæхи хизут, сæ тæригъæдджын митæй цы дарæс фелгъаг, суанг уымæй дæр куыд нæ фæчъизи уат, афтæ.

24 Фæкæлынæй уæ бахизын æмæ уæ Йæ намысмæ æнаиппæй æмæ райгæйæ бакæнын Кæй бон у,

25 Уыцы иунæг Хуыцауæн, нæ Ирвæзынгæнæгæн, нæ Хицау Йесо Чырыстийы фæрцы уæд кад æмæ намыс, паддзахад æмæ æлдариуæг — рæстæджы райдианæй нырмæ, абон æмæ мыггагмæ! Амен.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.