Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Апостол Иоанны фыццаг фыстæг. Дыккаг сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Ног фæдзæхст — уарзондзинад

1 Мæ хъæбултæ, ацы ныхæстæ уæм æз фыссын, тæригъæды цæмæй ма æфтат, уый тыххæй. Фæлæ уæ исчи тæригъæд куы ракæна, уæд нын Фыды раз ис Сæрылхæцæг, Рæстгæнæг Йесо Чырысти.

2 Уый у Хуыцауимæ фидауынгæнæг нывонд нæ тæригъæдты тыххæй, æмæ æрмæст мах тæригъæдты тыххæй нæ, фæлæ æппæт дунейы тæригъæдты тыххæй дæр.

3 Йæ фæдзæхстытæ Йын куы феххæст кæнæм, уæд нын раргом вæййы, кæй Йæ базыдтам, уый.

4 Афтæ чи зæгъы: «Æз Æй базыдтон», фæлæ Йын Йæ фæдзæхстытæ та не ’ххæст кæны, уый у фæлитой æмæ æцæгад йæ зæрдæйы нæ цæры.

5 Фæлæ Йын Йæ дзырд чи æххæст кæны, уымæн йæ зæрдæйы æцæг æрцарди Хуыцауы уарзт. Уымæй нын раргом вæййы, мах Йемæ кæй баиу стæм, уый.

6 «Æз баиу дæн Йемæ» чи зæгъы, уый хъуамæ цæра, Йесо куыд цардис, афтæ.

7 Мæ уарзон хæлæрттæ, æз уæм цавæрдæр ног фæдзæхсты тыххæй нæ фыссын. Æз уæм цы фæдзæхсты тыххæй фыссын, уый рагон у — сымах æй зонут тæккæ райдианæй. Ацы рагон фæдзæхст у, сымах кæй фехъуыстат, уыцы ныхас.

8 Æниу уæм цы фыссын, уый ног фæдзæхст дæр у — йæ æцæгад æвдыст æрцыд Чырыстийы цардæй дæр æмæ уæ цардæй дæр, уымæн æмæ талынг фæивгъуыйы æмæ æцæг рухс нырвдæгæн рухс кæны.

9 Афтæ чи зæгъы, рухсы цæрын, зæгъгæ, афтæмæй йе ’фсымæрæй та йе сæфт чи уыны, уый нырма талынджы цæры.

10 Йе ’фсымæры чи уарзы, уый рухсы цæры, æмæ тæригъæдмæ цы аразы, ахæмæй йæм ницы ис.

11 Йе ’фсымæрæй йе сæфт чи уыны, уый та талынджы ис, йæ фæндаг талынг у æмæ, кæдæм цæуы, уый нæ зоны, уымæн æмæ йæ талынг бакуырм кодта.

12 Фыссын уæм, мæ хъæбултæ, уымæн æмæ уын хатыр сты уæ тæригъæдтæ Йесойы руаджы.

13 Фыссын уæм, фыдæлтæ, уымæн æмæ сымах базыдтат, райдианæй Чи ис, Уый. Фыссын уæм, æрыгон лæппутæ, уымæн æмæ сымах басастат хæйрæджы. Ныффыстон уæм, мæ сывæллæттæ, уымæн æмæ сымах базыдтат Фыды.

14 Ныффыстон уæм, фыдæлтæ, уымæн æмæ сымах базыдтат, райдианæй Чи ис, Уый. Ныффыстон уæм, æрыгон лæппутæ, уымæн æмæ сымах тыхджын стут, Хуыцауы ныхас цæры уæ зæрдæты, æмæ басастат хæйрæджы.

15 Ма уарзут дуне, стæй дунейы цы ис, уый дæр. Дуне чи уарзы, уый Фыды нæ уарзы.

16 Уымæн æмæ дунейы цыдæриддæр ис — тæригъæдджын æрдзыхъæды монцгæ, цæсты монцгæ æмæ хъал царды цæстæй кæсын — уыдон Фыдæй не сты, фæлæ сты ацы дунейæ.

17 Дуне æмæ йæ монцтæ аивгъуыйынц, Хуыцауы фæндон æххæстгæнæг та мыггагмæ цæрдзæни.

Чырыстийы ныхмæлæуджытæ

18 Мæ сывæллæттæ, рæстæджы кæрон у. Сымах куыд фехъуыстат, афтæмæй æрцæудзæн Чырыстийы ныхмæлæууæг. Æмæ ныр дæр Чырыстийæн фæзынд бирæ ныхмæлæуджытæ, æмæ афтæмæй мах зонæм, кæрон кæй æрхæццæ, уый.

19 Уыдон мах æхсæнæй рацыдысты, фæлæ махæй нæ уыдысты. Махæй куы уыдаиккой, уæд немæ уаиккой. Фæлæ уыдон ацыдысты æмæ уымæй раргом, сеппæт дæр махæй кæй нæ уыдысты, уый.

20 Сымах та Сыгъдæг схайджын кодта Йæ Удæй, æмæ уеппæт дæр зонут æцæгад.

21 Æцæгад цыма нæ зонут, уый тыххæй уæм, мыййаг, нæ ныффыстон, фæлæ йæ кæй зонут, стæй кæцыфæнды мæнгдзинад æцæгадæй кæй нæ рацæуы, уый дæр уын зындгонд кæй у, уый тыххæй.

22 Йесо, дам, Чырысти нæу чи зæгъы, уый кæд нæу сайæгой, уæд ма сайæгой та чи у? Уыцы сайæгой Чырыстийы ныхмæлæууæг у. Уый йæхи тигъ кæны Фыдыл дæр æмæ Фыртыл дæр.

23 Фыртыл чидæриддæр йæхи тигъ кæны, уымæн хай нæй Фыдæй дæр, фæлæ Фыртыл æргомæй чи æууæнды, уымæн хай ис Фыдæй дæр.

24 Райдианæй цы фехъуыстат, уый цæрæд уæ зæрдæты. Райдианæй цы фехъуыстат, уый уæ зæрдæты куы цæра, уæд сымахæн дæр уыдзæн иудзинад Фыртимæ дæр æмæ Фыдимæ дæр.

25 Æмæ нын Йæхæдæг зæрдæ бавæрдта мæнæ уымæй — мыггагмæйы цардæй.

26 Ацы ныхæстæ уæм æз ныффыстон, уæ асайыныл чи архайы, уыдоны тыххæй.

27 Æниу, сымах Уый схайджын кодта Йæ Удæй. Уыцы Уд цæры уæ зæрдæты, æмæ, исчи уæ ахуыр кæна, уый хъуаг не стут. Уыцы Уд уын амоны алцыдæр, ахуыр уæ кæны, мæнг цы у, ууыл нæ, фæлæ æцæгадыл. Уæдæ уын Чырыстиимæ уæд иудзинад, Уд уæ куыд сахуыр кодта, афтæ.

Хуыцауы хъæбултæ

28 Уæдæ, мæ хъæбултæ, уæд уын иудзинад Чырыстиимæ, куы æрцæуа, уæд ныфсджын куыд уæм æмæ Йæ разы къæмдзæстыг куыд нæ разынæм, афтæ.

29 Хуыцау раст Хуыцау кæй у, кæд иугæр уый зонут, уæд алы рæстгæнæг дæр Уымæй кæй райгуырд, уый дæр хъуамæ зонат.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.