Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Апостол Иоанны фыццаг фыстæг. Фыццаг сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Йесо Чырысти — Царды Дзырд

1 Райдианæй цы уыди, мах цы фехъуыстам, нæхи цæстæй цы федтам, цæмæ кастыстæм æмæ нæ уырзтæ цы сгæрстой, Царды уыцы Дзырды тыххæй хъусын кæнæм сымахæн.

2 Уымæн æмæ нæм цард раргом кодта йæхи, федтам æй æмæ йын стæм æвдисæн. Æмæ уын хъусын кæнæм, Фыдмæ чи уыд æмæ махæн йæхи чи раргом кодта, уыцы мыггагмæйы царды тыххæй.

3 Мах цы федтам æмæ фехъуыстам, уый уын хъусын кæнæм, сымахæн немæ иудзинад куыд уа, афтæ. Махæн та иудзинад Фыдимæ æмæ Йæ Фырт Йесо Чырыстиимæ ис.

4 Ацы ныхæстæ мах фыссæм, цæмæй нæ цинæн кæрон ма уа.

Хуыцау у рухс

5 Æмæ уын мæнæ мах хъусын кæнæм, Уымæй цы уац фехъуыстам, уый: Хуыцау у рухс æмæ Йæм мисхалы бæрц дæр талынг нæй.

6 Кæд иугæр мах дзурæм, Йемæ нын иудзинад ис, зæгъгæ, уæвгæ та талынджы цæрæм, уæд сайгæ кæнæм æмæ нæ цард æцæгадмæ гæсгæ нæу.

7 Хуыцау Йæхæдæг рухсы куыд ис, кæд мах дæр афтæ рухсы цæрæм, уæд нын кæрæдзиимæ ис иудзинад æмæ нæ Йæ Фырт Йесойы Туг сыгъдæг кæны алы тæригъæдæй дæр.

8 Кæд мах афтæ дзурæм, тæригъæд нæм нæй, зæгъгæ, уæд нæхи сайæм æмæ æцæгад нæ зæрдæты нæ цæры.

9 Мах нæ тæригъæдтыл æргомæй куы æрфæсмон кæнæм, уæд нын Уый, иузæрдион æмæ раст кæй у, уымæ гæсгæ ныббардзæн нæ тæригъæдтæ æмæ нæ ссыгъдæг кæндзæн алы галиу хъуыддагæй дæр.

10 Кæд афтæ дзурæм, тæригъæды не ’фтæм, зæгъгæ, уæд Æй мах æвдисæм сайæгойæ æмæ Йæ ныхас нæ зæрдæты нæ цæры.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.