Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Иоанны Евангели. Сæр 5

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Рынчын сдзæбæх Вифездæйы найæны

1 Уый фæстæ уыд иудейаг бæрæгбон, æмæ Йесо æрцыд Иерусалиммæ.

2 Иерусалимы, Фысты кулдуары цур уыди, дзуттагау Вифездæ1 кæй хуыдтой, ахæм найæн фондз æхгæдсæр тыргъимæ.

3 Тыргъты хуыссыд бирæ рынчынтæ: куырмытæ, къуылыхтæ æмæ цæнкуылтæ. [Уыдон æнхъæлмæ кастысты доны змæлдмæ —

4 Хуыцауы зæд-иу рæстæгæйрæстæгмæ æрцыд найæнмæ æмæиу дон сызмæста, æмæ-иу йæ сызмæнтыны фæстæ фыццаг чи ныххызт, уый-иу сдзæбæх цыфæнды низæй дæр.]

5 Ам уыдис, æстдæс æмæ ссæдз азы рынчын чи уыд, ахæм лæг.

6 Йесо йæ уым хуысгæйæ куы федта æмæ рагæй кæй у рынчын, уый куы базыдта, уæд ын загъта: «Фæнды дæ, æмæ æнæниз уай?»

7 Рынчын Ын дзуапп радта: «Ме ’лдар, доны змæсты афон мæ найæнмæ чи ныййиса, ахæм адæймаг мын нæй. Цалынмæ æз ныххизыныл фæцархайын, уæдмæ æндæр исчи мæ разæй фæвæййы».

8 Йесо йын загъта: «Рабад, сис дæ хуыссæн æмæ райдай цæуын».

9 Уый уайтæккæ сдзæбæх, систа йæ хуыссæн æмæ райдыдта цæуын. Уыцы хъуыддаг æрцыд сабаты.

10 Æмæ чи сдзæбæх, уыцы адæймагæн иудейтæ дзырдтой: «Абон сабат у, дæ хуыссæн хæссын дын нæ фæччы».

11 Уый сын дзуапп радта: «Чи мæ сдзæбæх кодта, Уый мын загъта: „Сис дæ хуыссæн æмæ райдай цæуын“».

12 Уæд æй бафарстой: «Афтæ дын Чи загъта: „Сис дæ хуыссæн æмæ райдай цæуын“, уыцы Адæймаг чи у?»

13 Чи сдзæбæх, уый та Йæ нæ зыдта, уымæн æмæ Йесо фæци, уым цы бирæ адæм уыди, уыдоны аууон.

14 Фæстæдæр æй Йесо ссардта Кувæндоны æмæ йын загъта: «Ныр ды сдзæбæх дæ. Тæригъæд мауал ракæн, ноджы фыддæр исты дыл куыд не ’рцæуа, афтæ».

15 Уыцы лæг ацыд æмæ иудейтæн радзырдта, йе сдзæбæхгæнæг Йесо у, зæгъгæ.

16 Уæд иудейтæ зилын райдыдтой Йесойы фæдыл, сабаты ахæм хъуыддæгтæ кæй кодта, уый тыххæй.

17 Йесо та сын загъта: «Мæ Фыд кæддæриддæр хъуыддаг кæны, æмæ Æз дæр кæнын».

18 Уæд Æй иудейтæ ноджы тынгдæр агуырдтой амарынмæ. Уымæн æмæ Уый канд сабаты æгъдау нæ хæлдта, фæлæ Хуыцауы дæр хуыдта Йæ Фыд æмæ уымæй Йæхи кодта Хуыцауы æмсæр.

Фырты бартæ

19 Уый фæдыл сын Йесо загъта: «Æцæг, æцæг зæгъын сымахæн: Фырт Йæхæдæг ницы кæнын фæразы — Фыды цы гæнгæ уыны, æрмæстдæр уый кæны. Æмæ Фыд цы кæны, Фырт дæр уый аразы.

20 Фыд уарзы Фырты æмæ Йын æвдисы, Йæхæдæг цы кæны, æппæт уыдæттæ. Фенын Ын кæндзæн ацы хъуыддæгтæй ноджы стырдæртæ, æмæ сымах дисы бафтдзыстут.

21 Фыд мæрдты куыд райгас кæны æмæ сын цард куыд дæтты, афтæ Фырт дæр цард дæтты, кæмæн Æй фæнды, уыдонæн.

22 Фыд тæрхон дæр никæмæн кæны, фæлæ æппæт тæрхон бакодта Фырты бар,

23 Фыды куыд нымайынц, афтæ сеппæт дæр Фырты куыд нымайой. Фырты чи нæ нымайы, уый Йын Йæ рарвитæг Фыды дæр нæ нымайы.

24 Æцæг, æцæг зæгъын сымахæн: Мæ ныхасмæ хъусæгæн æмæ Мæ Рарвитæгыл æууæндæгæн ис мыггагмæйы цард æмæ тæрхонгонд нæ уыдзæн — ныридæгæн мæлæтæй бацыд цардмæ.

25 Æцæг, æцæг зæгъын сымахæн, æрцæудзæн ахæм афон, æниу, цæугæ дæр æркодта, æмæ мæрдтæ фехъусдзысты Хуыцауы Фырты хъæлæс, æмæ йæ куы фехъусой, уæд райгас уыдзысты.

26 Уымæн æмæ Фыд Йæхæдæг царддæттæг куыд у, афтæ Йæ Фырты дæр скодта царддæттæг,

27 Æмæ Йын радта тæрхон кæныны бар, уымæн æмæ Уый Адæймаджы Фырт у.

28 Ууыл дис ма кæнут. Уымæн æмæ æрцæуы ахæм рæстæг, æмæ ингæнты чи ис, уыдон сеппæт дæр фехъусдзысты Йæ хъæлæс,

29 Æмæ хæрзгæнджытæ райгас уыдзысты цæрынмæ, фыдгæнджытæ та — æфхæрд баййафынмæ.

30 Æз Мæхæдæг ницы кæнын фæразын. Куыд загъд Мын у, афтæ тæрхон кæнын, æмæ Мæ тæрхон раст у, уымæн æмæ Æз тырнын, Мæхи цы фæнды, уымæ нæ, фæлæ Мæ Рарвитæджы цы фæнды, уымæ.

Йесойы Йæ Фыд рарвыста

31 Мæхи тыххæй Мæхæдæг куы дзурин, уæд Мæ ныхас æцæг нæ уаид.

32 Фæлæ Мын ис æндæр Æвдисæн, æмæ Æз зонын: Мæн тыххæй цы зæгъы, уый æцæг у.

33 Сымах арвыстат Иоаннмæ, æмæ уый загъта æцæгады тыххæй.

34 Æниу, Мæн адæймаджы æвдисæнады сæр нæ хъæуы, фæлæ йæ уый тыххæй зæгъын, цæмæй фервæзат.

35 Иоанн уыди цырагъ — сыгъди æмæ рухс кодта, сымах та æрмæст иуцасдæр фæндыд йæ рухсмæ цин кæнын.

36 Иоанн Мæн тыххæй цы загъта, уымæй та Ме ’вдисæйнаг тыхджындæр у. Уымæн æмæ Мын Мæ Фыд цы хъуыддæгтæ бафæдзæхста, Æз уыцы хъуыддæгтæ аразын, æмæ уыдон æвдисæн сты, Мæ Фыд Мæ кæй рарвыста, уымæн.

37 Мæ рарвитæг Фыд Йæхæдæг загъта Мæн тыххæй. Сымах та Йын Йæ хъæлæс дæр никуы фехъуыстат, æмæ Йын Йæ цæсгом дæр нæ федтат,

38 Æмæ Йæ ныхас уæ зæрдæты нæй, уымæн æмæ Кæй рарвыста, Ууыл не ’ууæндут.

39 Лæмбынæг раиртасут Сыгъдæг Фыст, уымæн æмæ сымах æууæндут йæ фæрцы мыггагмæйы цард райсыныл, уый та Мæныл дзурæг у.

40 Уæддæр уæ нæ фæнды Мæнмæ æрцæуын æмæ мыггагмæйы цард райсын.

41 Мæн адæмæй кад нæ хъæуы,

42 Фæлæ уæ зонын: сымах Хуыцауы нæ уарзут.

43 Æз Мæ Фыды номæй æрцыдтæн, æмæ Мыл не ’ууæндут, фæлæ æндæр исчи куы æрцæуа йæхи номæй, уæд ыл баууæнддзыстут.

44 Кæд кæрæдзийæ кадмæ æнхъæлмæ кæсут, иунæг Хуыцау цы кад дæтты, уымæ та нæ тырнут, уæд куыд хъуамæ баууæндат?

45 Афтæ ма банхъæлут, æмæ уæ Æз Мæ Фыды раз зылын кæндзынæн. Ныфсджын кæмæй стут, уыцы Моисей у уæ зылынгæнæг.

46 Сымах Моисейыл куы æууæндиккат, уæд Мæныл дæр баууæндиккат, уымæн æмæ уый Мæн тыххæй фыста.

47 Æмæ кæд Моисей цы ныффыста, ууыл не ’ууæндут, уæд Мæ ныхæстыл куыд баууæнддзыстут?»

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.