Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Иоанны Евангели. Сæр 4

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Йесо æмæ самариаг сылгоймаг

1 Йæ ахуыргæнинæгтæ Иоанны ахуыргæнинæгтæй фылдæр кæнынц æмæ Иоаннæй фылдæр аргъауы, зæгъгæ, уыцы хабар фарисейтæм кæй бахæццæ, Йесо уый куы базыдта —

2 Уæвгæ Йесо Йæхæдæг нæ аргъуыдта, фæлæ Йæ ахуыргæнинæгтæ, —

3 Уæд ныууагъта иудейаг бæстæ æмæ ногæй ацыд Галилеймæ.

4 Йæ фæндагуыди Самарийыл.

5 Æмæ бацыд самариаг сахар Сихармæ, Иаков йæ фырт Иосифæн цы зæххы хай радта, уымæ хæстæг.

6 Уым уыди Иаковы цъай. Йесо бастади фæндагыл æмæ æрбадт цъайы цур. Уыдис æхсæзæм сахатмæ æввахс.

7 Дон хæссынмæ æрцыд иу самариаг сылгоймаг. Йесо йын загъта: «Дон-ма Мын ратт».

8 Йæ ахуыргæнинæгтæ та уыцы рæстæг сахармæ хæринаг æлхæнынмæ ауадысты.

9 Самариаг сылгоймаг Ын загъта: «Ды иудей куы дæ, уæд мæнæй, самариагæй, дон куыд курыс?» Афтæ уымæн загъта, æмæ иудейтæ самариæгтыл не ’рвæссынц.

10 Йесо йын дзуапп радта: «Ды Хуыцауы хорзæх куы зонис, стæй дæуæн „Дон-ма Мын ратт“ Зæгъæджы дæр, уæд Дзы дæхæдæг ракурис, æмæ дын Уый раттид царддæттæг дон».

11 Сылгоймаг Ын загъта: «Ме ’лдар, цъай арф у, Дæумæ та æгæрыстæмæй æвгæнæнгарз дæр нæй. Уæд Дæм царддæттæг дон кæцæй ис?

12 Ацы цъай нын нæ фыдæл Иаков ныууагъта. Йæхæдæг дæр дзы нуæзта, стæй йæ сывæллæттæ дæр æмæ йæ фос дæр. Ау, Ды уымæй уæлдæр дæ?»

13 Йесо йын дзуапп радта: «Ацы донæй чвдæриддæр нуазы, уый ногæй сдойны уыдзæн.

14 Æз ын цы дон раттон, уымæй чи баназа, уый та мыггагмæ дæр нал сдойны уыдзæн. Фæлæ йын Æз цы дон раттон, уый йæ зæрдæйы фестдзæн мыггагмæйы цард дæттæг суадон».

15 Сылгоймаг Ын загъта: «Ме ’лдар, ратт мын уыцы донæй, цæмæй дойны ма кæнон æмæ дон æвгæнынмæ ардæм ма цæуон».

16 Йесо йын загъта: «Марадз, бадзур дæ моймæ æмæ рацу ардæм».

17 Сылгоймаг Ын дзуапп радта: «Мой мын нæй». Йесо йын загъта: «Мой дын кæй нæй, уымæй ды раст загътай.

18 Уыди дын фондз мойы, æмæ дын ныртæккæ чи ис, уый дæр дæ мой нæу. Уымæй раст загътай».

19 Сылгоймаг Ын загъта: «Ме ’лдар, æз уынын, Ды пехуымпар кæй дæ, уый.

20 Нæ фыдæлтæ ацы хохыл куывтой. Сымах та, иудейтæ, афтæ зæгъут, кувын кæм æмбæлы, уыцы бынат Иерусалимы ис, зæгъгæ».

21 Йесо йын загъта: «Баууæнд Мыл, хорз ус, æрцæуы ахæм рæстæг, æмæ Фыдмæ нæдæр ацы хохыл кувдзыстут, нæдæр Иерусалимы.

22 Сымах, самариæгтæ, кæмæ кувут, уый уæхæдæг дæр нæ зонут. Мах та кæмæ кувæм, уый зонæм, уымæн æмæ ирвæзындзинад иудейтæй рацæудзæн.

23 Фæлæ æрцæуы ахæм рæстæг, æниу, цæугæ дæр æркодта, æмæ æцæг кувджытæ Фыдмæ кувдзысты Удæй разæнгардæй æмæ æцæгадмæ гæсгæ, уымæн æмæ Фыдæн ахæм кувджытæ сты фæндон.

24 Хуыцау уд у, æмæ Йæм чи кувы, уыдон Æм Удæй разæнгардæй æмæ æцæгадмæ гæсгæ хъуамæ кувой».

25 Сылгоймаг Ын загъта: «Мессиа (ома, Чырысти) кæй æрцæудзæн, уый æз зонын. Æмæ куы æрцæуа, уæд нын æппæт дæр бацамондзæн».

26 Йесо йын загъта: «Уый Æз дæн, демæ Ныхасгæнæг».

27 Уыцы рæстæг æрцыдысты Йæ ахуыргæнинæгтæ, æмæ Йесо сылгоймагимæ кæй ныхас кодта, уый сæ дисы бафтыдта. Фæлæ уыдонæй иу дæр нæ загъта: «Цы дæ хъæуы?», кæнæ «Цæй фæдыл ныхас кæныс йемæ?»

28 Сылгоймаг ныууагъта йæ донхæссæн, ацыд сахармæ æмæ дзуры адæмæн:

29 «Рацæут æмæ фенут, æз цы ракодтон, æппæт уыдæттæ мын Чи загъта, уыцы Адæймаджы. Уый Чырысти нæу, цымæ?»

30 Адæм рацыдысты сахарæй æмæ араст сты Йесомæ.

31 Ныр Æм ахуыргæнинæгтæ бахатыдысты: «Равви, бахæр!»

32 Фæлæ сын Уый загъта: «Мæнмæ ис, сымах кæй нæ зонут, ахæм хойраг».

33 Уæд Йæ ахуыргæнинæгтæ кæрæдзийæн дзырдтой: «Исчи Йын æрбахаста хæринаг?»

34 Йесо сын загъта: «Мæ хойраг у Мæ Рарвитæджы фæндон æххæст кæнын æмæ Йæ хъуыддаг кæронмæ саразын.

35 Сымах афтæ нæ фæзæгъут, мыййаг, цыппар мæйы ма баззад хуымгæрдæнтæм, зæгъгæ? Æз та уын зæгъын: акæсут уæ цæстытæй æмæ фенут, хуымтæ ныридæгæн кæрдинаг кæй сты, уый.

36 Хуымгæрдæг райсы йæ мызд æмæ хор æмбырд кæны мыггагмæйы цардæн. Афтæмæй тауæг дæр æмæ хуымгæрдæг дæр иумæ цин кæндзысты.

37 Ам раст уыдзæн ацы æмбисонд: „Иу тауы, иннæ кæрды“.

38 Æз уæ арвыстон, сымах кæй нæ бакуыстат, уый кæрдынмæ. Иннæтæ куыстой, сымах та сын сæ фæллойæ пайда кæнут».

39 Цы митæ фæкодта, æппæт уыдæттæ йын Йесо кæй загъта, сылгоймаг уый тыххæй куы радзырдта, уæд уыцы сахары цæрæг самариæгтæй Йесойыл бирæтæ баууæндыдысты.

40 Самариæгтæ Йæм куы æрцыдысты, уæд Ын лæгъстæ кодтой, куыд сæм афæстиат уа, афтæ. Баззади сæм дыууæ боны.

41 Æмæ Йын Йæхимæ куы байхъуыстой, уæд Ыл ноджы фылдæр адæм баууæндыди.

42 Уыцы сылгоймагæн та дзырдтой: «Ныр дæ ныхасæй нал æууæндæм, фæлæ Йæм нæхæдæг байхъуыстам æмæ зонæм, Уый æцæгæй дунейы Ирвæзынгæнæг [Чырысти] кæй у, уый».

Паддзахы æлдары фырт сдзæбæх

43 Дыууæ боны фæстæ Йесо рацыд уырдыгæй æмæ араст Галилеймæ.

44 Йесо Йæхæдæг дзырдта, пехуымпар йæ фыдыбæстæйы æгад у, зæгъгæ.

45 Галилеймæ куы æрцыд, уæд Ыл галилейæгтæ сæмбæлдысты æхсызгонæй, уымæн æмæ уыдон Иерусалимы уыдысты бæрæгбоны æмæ федтой, Йесо уым цы бакодта, æппæт уыдæттæ.

46 Йесо ногæй æрцыд, дон сæн кæм фестын кодта, уыцы галилейаг Канæмæ. Уыцы рæстæг паддзахы æлдæрттæй иуæн йæ фырт Капернаумы уыди рынчын.

47 Æмæ Йесо Иудейæйæ Галилеймæ кæй æрцыд, уый куы фехъуыста, уæд Æм ацыд æмæ Йын лæгъстæ кодта æрцæуыны æмæ, мæлæты къахыл чи лæууыд, йæ уыцы фырты сдзæбæх кæныны тыххæй.

48 Йесо йын дзуапп радта: «Сымах нæ баууæнддзыстут, æвдисæйнæгтæ æмæ диссæгтæ куы нæ фенат, уæд».

49 Æлдар Ын загъта: «Хицау, æрцу, цалынмæ мæ фырт нæ амард, уæдмæ».

50 Йесо йын дзуапп радта: «Ацу, дæ фырт сдзæбæх уыдзæн». Уый баууæндыд Йесойы ныхасыл æмæ ацыд.

51 Фæндагыл йæ цагъартæ фесты йæ размæ æмæ йын загътой: «Дæ фырт фæдзæбæхдæр».

52 Уый сæ бафарста: «Кæцы сахатыл ын фенцондæр?» Уыдон ын загътой: «Знон æвдæм сахатыл йæ тæвд æрхауд».

53 Уæд фыд базыдта, уый кæй уыдис, Йесо йын афтæ куы загъта, дæ фырт сдзæбæх уыдзæни, зæгъгæ, тæккæ уыцы афон. Æмæ баууæндыд йæхæдæг дæр, æмæ йæ хæдзаронтæ иууылдæр.

54 Афтæ Йесо дыккаг хатт, Иудейæйæ Галилеймæ æрцæугæйæ, скодта диссаг.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.