Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Иоанны Евангели. Сæр 3

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Йесо æмæ Никодим

1 Фарисейты æхсæн уыд иу адæймаг, йæ ном Никодим, иудейаг хицæуттæй иу.

2 Уый æхсæвы æрцыд Йесомæ æмæ Йын загъта: «Равви, Ды Хуыцауæй æрцæугæ Ахуыргæнæг кæй дæ, уый мах зонæм. Уымæн æмæ Ды цы диссæгтæ аразыс, уыдон кæнын никæй бон бауыдзæн, Хуыцау йемæ куы нæ уа, уæд».

3 Йесо йын дзуапп радта: «Æцæг, æцæг зæгъын дæуæн: ногæй чи нæ райгуыра, уымæн Хуыцауы Паддзахад фенын йæ бон нæ бауыдзæн».

4 Никодим Ын загъта: «Карджын адæймаг куыд хъуамæ райгуыра? Ау, дыккаг хатт мады гуыбынмæ бацæуын æмæ райгуырын йæ бон бауыдзæн?»

5 Йесо йын дзуапп радта: «Æцæг, æцæг зæгъын дæуæн: дон æмæ Удæй чи нæ райгуыра, уымæн Хуыцауы Паддзахадмæ бацæуын йæ бон нæ бауыдзæн.

6 Адæймагæй райгуыры адæймаг, Удæй та райгуыры уд.

7 Ма дис кæн, Æз дын цы загътон, ууыл: „Ногæй хъуамæ райгуырат“.

8 Уд дымгæйау у: дымгæйы кæм фæфæнды, уым фæдымы, йæ уынæр ын хъусыс, фæлæ кæцæй æрцæуы æмæ кæдæм ацæуы, уый нæ зоныс. Афтæ вæййы йæ хабар, Удæй чидæриддæр райгуыры, уымæн».

9 Никодим Æй бафарста: «Уымæн гæнæн куыд ис?»

10 Йесо йын дзуапп радта: «Ды Израилы адæмы ахуыргæнæг куы дæ, уæд æй нæ зоныс?

11 Æцæг, æцæг зæгъын дæуæн: Мах цы зонæм, ууыл дзурæм, æмæ цы федтам, уый тыххæй æвдисæн лæууæм, сымах та Не ’вдисæнадыл не ’ууæндут.

12 Зæххон цы у, Æз уын уый тыххæй загътон, æмæ уæ нæ уырны; уæларвон цы у, уый тыххæй уын куы дзурон, уæд та уæ куыд бауырндзæн?

13 Уæларвмæ ничима ссыди уырдыгæй æрцæуæг Адæймаджы Фырты йеддæмæ.

14 Æмæ Моисей æрхуыйæ калмы æдзæрæг бæстæйы уæлæмæ куыд систа, афтæ уæлæмæ ист хъуамæ æрцæуа Адæймаджы Фырт дæр,

15 Чидæриддæр Ыл æууæнды, уымæн мыггагмæйы цард куыд уа, афтæ.

16 Уымæн æмæ Хуыцау афтæ бауарзта дуне, æмæ радта Йæ Иунæг Фырты, цæмæй Йыл чидæриддæр æууæнды, уый ма фесæфа, фæлæ йын уа мыггагмæйы цард.

17 Уымæн æмæ Хуыцау Йæ Фырты дунейæн тæрхон рахæссынмæ нæ рарвыста, фæлæ Йæ фæрцы дуне фервæзын кæнынмæ.

18 Чи Йыл æууæнды, уымæн тæрхон нæй, чи нæ Йыл æууæнды, уый та ныридæгæн тæрхонгонд у, уымæн æмæ нæ баууæндыд Хуыцауы Иунæг Фыртыл.

19 Тæрхон та уый мвдæг ис, æмæ рухс æрцыд дунемæ, фæлæ адæм рухсы бæсты талынг бауарзтой, уымæн æмæ сæ хъуыддæгтæ хæрам уыдысты.

20 Йæ хъуыддæгтæ хæрам кæмæндæриддæр сты, уый рухсæй йе сæфт уыны æмæ рухсмæ нæ цæуы, цæмæй йæ хъуыддæгтæ ма раргом уой.

21 Фæлæ æцæгадмæ гæсгæ чи цæры, уый та цæуы рухсмæ — йæ хъуыддæгтæ æргом куыд уой, уымæн æмæ уыдон Хуыцауæн фæндон сты».

Йесо æмæ Аргъауæг Иоанн

22 Уый фæстæ Йесо Йæ ахуыргæнинæгтимæ æрцыд иудейаг зæхмæ. Уым семæ бафæстиат иуцасдæр æмæ аргъуыдта.

23 Дон дзы бирæ кæй уыд, уымæ гæсгæ Иоанн дæр аргъуыдта Эноны, Салиммæ хæстæг. Æмæ йæм адæм цыдысты саргъауынмæ.

24 Уæд Иоанны ахæстоны нæма бакодтой.

25 Иоанны ахуыргæнинæгтæн иу иудейимæ рауад быцæу хи ссыгъдæг кæныны фæдыл.

26 Уæд æрцыдысты Иоаннмæ æмæ йын загътой: «Равви, Иорданы иннæ фарс демæ Чи уыд æмæ ды Кæй тыххæй дзырдтай, Уый аргъауы æмæ адæм иууылдæр Уымæ цæуынц».

27 Иоанн сын дзуапп радта: «Адæймагæн йæ бон ницы кæнын у, уæларвæй йын лæвæрд куы нæ уа, уæд.

28 Æз цы загътон, уымæн уæхæдæгстутæвдисæнтæ: „ÆзЧырысти нæ дæн, фæлæ æз Йæ разæй дæн æрвыст“.

29 Усаг кæмæн ис, уый сиахсаг у. Сиахсаджы хæлар та лæууы сиахсаджы фарсмæ, хъусы йын йæ хъæлæс æмæ цин кæны. Афтæ нæй кæрон мæ цинæн.

30 Уымæн рæзын æмбæлы, мæнæн та — къаддæрæй-къаддæр кæнын.

31 Уæларвæй Æрцæуæг алкæмæй дæр уæлдæр у; зæххæй чи у, уый зæххон у æмæ зæххонау дзуры. Уæларвæй Æрцæуæг алкæмæй дæр уæлдæру.

32 Уый цы федта æмæ цы фехъуыста, уыдæтты тыххæй лæууы æвдисæн, фæлæ Йын Йæ ныхасыл ничи æууæнды.

33 Йæ ныхасыл ын чи æууæнды, уый та уымæй равдисы, Хуыцау Йæ дзырд кæй нæ сайы, уый.

34 Хуыцау Кæй рарвыста, Уый Хуыцауы ныхæстæ кæны, уымæн æмæ Хуыцау Йæ Удæй бæрцæй нæ дæтты.

35 Фыд уарзы Фырты æмæ Йын æппæт дæр радта Йæ къухмæ.

36 Фыртыл æууæндæг схайджын мыггагмæйы цардæй, Фыртмæ чи нæ хъусы, уый та цард нæ фендзæн Хуыцауы фыдæх æй баййæфта».

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.